Царды адæймаджы амондыл табуйаг æмæ тæссонд рæстæджытæ скæны. Уæлдайдæр та, лæппу кæнæ чызг йæ амонды къахыл куы ныллæууы, уæд. Чызгыл йæ ныййарджыты хæдзары Бынаты бардуаджы бын хыз дæр уымæн æркæнынц. Æмæ цы рæсугъд, хъæлдзæг æмæ мидисджын хъуыддаг у чызгæй чындз аразын, йæ чындздзон аив уæлæдарæс ыл кæнын. Афтæ хъуамæ уа чындзæн йæ хызисыны рæстæг дæр. Уымæн нын хъуыдыджын æмæ аив æгъдæуттæ ныууагътой нæ куырыхон фыдæлтæ.
Сывæллон райгуыры æмæ бахъомыл вæййы йæ ныййарджыты хæдзары. Уымы фарнæй фæхайджын вæййы, Бынаты бардуаг ыл фæауды. Лæппу æдзухдæр ис уыцы аудындзинады бын. Чызг та куы бахъомыл вæййы, уæд æй йæ мойы хæдзармæ ацæуын бахъæуы. Йæ райгуырæн къона йын свæййы цæгат, йæ мойы хæдзар та — хурæргом, йæ царды фылдæр хай кæм арвиты, цот кæм скæны, хорзæй кæм базæронд вæййы, ахæм. О, фæлæ йыл йæ чындзыцæуæн бон хыз цæмæн æркæнынц? Нæ фыдæлтæ сæ цардфæлтæрддзинадæй куыд раиртæстой, афтæмæй адæймаджы алыварс æдзухдæр зилдухæн кæнынц хæлар æмæ хæрам тыхтæ. Хæлар йæ зын царды йæ æнцой æрбалæууы, хæрам та йын йæ размæ цæлхдуртæ æвæры, цæмæй фæкæла, фæтыхса, цæмæ тырны, уый йæ къухы ма бафта. Адæймаг та, дам, йæ тæккæ лæмæгъы вæййы йæ амонд агургæйæ. Уыцы рæстæг Сафа, Сæрзæд æмæ Бынаты бардуаг йæ фарсмæ æнгом æрбалæууынц æмæ йæм хæрам тыхтæ æввахс нæ фæуадзынц. Лæппу уыдоны æвджид баззайы, фæлæ чызджы йæ чындздзон уæлæдарæс скæныны размæ йæ ныййарджыты хæдзары уыдонæй ракурынц, æмæ йæм ницыуал бар фæдарынц. Уыцы рæстæг, йæ чындздзон фæндаджы рæстæг, йæ амонды фæндаг вæййы æппæты тæссондæр. Æмæ йын цæмæй йæ ныййарджыты къæсæрæй ахизгæйæ, сæ Бынаты бардуаджы аудындзинадæй фæиппæрдуæвгæйæ æдде йæ амондæн мацы ратых кæна, уый тыххæй йыл, кæй аудындзинады фæрцы бахъомыл, уыцы Сафайы, Сæрзæды, Бынаты бардуаджы бын хыз æркæнынц. Уыдонæй йæ ракурынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын йе ’фсымæры барлæвæрдæй. Сæ фарн, сæ хъомыс сын ууыл бафтаугæйæ. Æмæ хыз свæййы йæ хъахъхъæнæг, цалынмæ йæ мойы, йæ хурæргом хæдзары Бынаты бардуагмæ йæ сæр бакъул кæны, уæдмæ. Хъахъхъæны йæ, мах кæй нæ уынæм, афтæмæй нæ алыварс цы амондсафæг тыхтæ ис, уыдоны фыдæхæй, цæстдзыдæй. Йæ хызисыны агъоммæ та йæ хистæртæ бафæдзæхсынц, йæ сæр цы къонамæ æркъул кодта, уый фарныл, æмæ йæ хызы сæр нал фæхъæуы. Йæ ног хæдзары Сафа, Сæрзæд æмæ Бынаты бардуаг свæййынц йæ хъахъхъæнджытæ. Уыдоны бын ын Хызисæг сисы йæ хыз.
Ам, йæ æцæг цæрæн хæдзары, йын хъуамæ байгом кæной йæ мыдыкъус — йæ ног бинонтæм адджындзинад бахæссыны нысанимæ. Æххуырст агъуыстыты, бинонты фарнæй иппæрд, дзæгъæл дымгæйау æнæнамыс, фылдæр хатт æнæуаг æмæ зæрдæриссæн хъуыддæгтæ кæм æрцыд, ахæм бынаты та уыцы æгъдæуттæ вæййынц фæзмæгой митæ, фарн сæ нæй æмæ сын ницы нысан ис, никæуыл, ницæуыл ахадынц. Ницы ахадындзинад сын ис. Уымæн æмæ дзæгъæл бынаты табуйаг нæ вæййынц.