Грецийы националон сæрибаргæнæг тохты
хайадисæг æвзонг поэт Я. Фотула ныртæккæ
эмиграцийы ис Советон Цæдисы. Ахуыр ксгны
Тбилисы университеты. 1957 азы фæззæджы уыд
Ирыстоны.
Грецийыл куы рыфтауæм ныхæстæ,
Уæд æнкъард цæмæн вæййыс, Фотула?
Чи зоны, рæхджы, мæ хо, дæ бæстæн
Йе ‘фхæрæг йæ сау туджы фæтула!..
Акæсыс нæ Иры стыр бæрзæндтыл,
Цикъæйау ныффæлурс дæ мæ цуры;
Райгуырæн та ‘рбалæууы дæ зæрдыл
Æмæ мын æрхæндæггъуызæй дзурыс:
Йе уæнгтæ, дам, баст ысты рæхыстæй,
Амонд, дам, дзы ракодта хылкъахæн,
Стæй, дам, ыл æхсины лæджы ‘ххуысæй
Мистер Джон ныллæууыди цъыфкъахæй.
Хи удау адджын кæмæн у Греци,
Уыдон, дам, цæрынц ныр уым æмбæхстæй
Æмæ, дам, рæстæгмæ эмиграци
Бахъуыди рæстдзинады мæ бæстæй...
«Кæд фæтагъд йæ зæрдæйыл йæ цæссыг,
Йе ‘фхæрд риуы тохы арт æрнымæг», —
Грецийыл дæ сонт зæрдæ ныккæрзы —
О, зын у, зын у, мæ хо, — уырны мæ...
Фæлæ ма бафт сау æнкъард хъуыдытыл,
Ма мæт кæн, дæ риуæй сагъæс асур.
Кæд æцæг Элладæйы къуылдымтыл
Тугхæццæ цæссыджы мал нæма ссур,
Мигътæ йын йæ хуры рухс кæд байстой,
Кæд ызгæ хъадаманты тыхсы ныр,
Прометейы ногæй кæд ныббастой,
Сынт та йын йæ игæр кæд æхсыны;
Кæд дæ бæстыл ралæууыд хъызт зымæг,
Никъосыл дзы уалдзæг саутæ дары,
Тохы артæн нæй уæддæр æрнымæг,
Зон, рæстдзинад йе стыр фæндаг ары!
Дуне ‘мткæй лæджы бартыл ысдзырдта,
Рухс фидæн — йæ фарсхæцæг дæ бæстæн.
Тагъд Элладæ тугхъæлæс лæгсырдтæм
Райсдзæнис фæстаг тохы йæ гæрзтæ.
Байроны зæрдæйы туджы ‘ртæхтæ
Растдзысты сæрибары салдæттæй,
Тохвæдисы рацæудзысты хæхтæ,
Прометей ысрæдувдзæн йæ бæттæн...
Грецийыл куы рыфтауæм ныхæстæ,
Ма-иу у уæд, ма, æнкъард, Фотула!
Хъуамæ ныр рæхджы, мæ хо, дæ бæстæн
Йе ‘фхæрæг йæ сау туджы фæтула!...