Къæйтæ тъизынц... Арв æваст ныннæры.
Мигъты ‘хсæн ныдздзортт-дзортт кæны мæй...
Дымгæ систа зæххы цъар йæ сæрыл:
Ахсæв хохæн ‘нæ ракæлгæ нæй.
Басыгъд, цыма, хин æмæ кæлæнæй, —
Дуне у сынты базырау сау.
Иу хæдзары рудзынгæй ма, мæнæ,
Рухс æрттивы бирæгъы цæстау.
Донхæссæг ирон усы ныв къулыл,
Къуымгæрон — зæронд хъæдын сынтæг;
Хиды ‘ртæхтæ, ставд фæрдгуытау, тулынц
Рынчыны фæтæн ныхыл сындæг.
Артау судзынц ирд цæхæр цæстытæ, —
Царырдæм æдзынæгæй сæ каст,
Сæрымагъзы зилынц тар хъуыдытæ,
Цæстæнгасыл мигъау бады маст...
Дымгæ знæтæй дыуæрттæ ныххойы,
Рудзынгæй æрбадзыназы уад...
Зæрдæйы мæлæт æваст рæхойы, —
Риуы тагъд ныссадздзæнис йæ фат...
Удисгæйæ чи хуыссы уый уатыл?..
‘Нафоны кæмæ фæкарз мæлæт?..
Удхæссæг йæ дæлфæдтæм куы бады,
О, уæд ма кæй мæт кæны, кæй мæт?
Хъуыдыты хъæуи-хъæу зилы хæхтыл,
Сидзæртæн сæ цæссыгтæ сæрфы;
Слæууын кæны рынчынты сæ къæхтыл,
Бабуц кæны мæгуыртæн сæ фын;
Хуры тынау зæрдæтæм ныккæсы,
Сау хъуыды фæсуры риутæй дард;
Талынг къуымтæм арвы рухс ныххæссы,
Тар æхсæвыл сындзары цъæх арт...
Зæрдæйы ныццæвы низ æвирхъау,
Уазал ныхыл тугдадзин тæлфы,
Зилы, зилы уый уæддæр хъæуи-хъæу, —
Сидзæртæн сæ цæссыгтæ сæрфы...
Уæлæ мигътæй раленк кодта дзаг мæй;
Рынчыны зæгъын фæнды цыдæр.
Удхæссæг, æлгъыст фæуай мыггагмæ,
Иу уысм ма фæгæдзæ кæн ды дæр!..
Сфæраза фæстаг ныхас йæ былалгъ,
Й’ адæмæн фæстаг «хæрзбон» зæгъа...
Уад нынниудта... ахуыссыдис цырагъ...
Дардæй райхъуыст сау сынты цъæхаст...
Зæхх ныррызт йæ мидбынаты ‘вирхъау...
Терчы сæрмæ рафæлдæхтис хох...
Сау мæйдары, тугæй ахуырст цирхъау,
Арв нырттывта... Мигътæн сытынг тох...
Чи цы зыдта, ‘рбабонмæ ма цас хъуыд?
Чи зоны, сæуæхсид нал уыд дард: —
Уыцы ‘хсæв Къостайы зæрдæ аскъуыд,
Уыцы ‘хсæв Къоста фæцис йæ цард...
Адæмы ‘хсæн уый уæддæр нæ марди, —
Алы ран æй удæгас хуыдтой;
Мадæлтæ, Къоста зæххыл кæй царди,
Уый тыххæй сæ сабитæн дзырдтой:
Уый, дам, хæхтыл рухс кæны цырагъау,
Размæ, дам, рæсугъд цардмæ тырны.
Иры хæхты афтæ райгуырд аргъау, —
Афтæ дзурынц, афтæ сæ уырны...
Кады ном, зæгъынц, уæлæуыл зайы, —
Чи рымысыд аргъæутты дзæнæт? —
Лæг куы цæра дзыллæйы зæрдæйы,
Уæд нæ дары уымæ бар мæлæт!
Сыгъд поэт мæнг дуджы тары, артау,
Й’ алы дзырд цæхæр æхсидав уыд.
Раст ныхас йæ къухы ‘рттывта, кардау,
Иудадзыг рæстдзинадыл хæцыд.
Æмæ ‘рмæстдæр иу мæнг ныхас загъта, —
Тагъд, дам, адæм нал кæндзæн мæ дзырд;
Ингæнæй æвзист талатæ суагъта, —
Уый кæны æнусты ‘мдзу йæ цырт.
1956 аз