Æхсæв цъититыл батад, йæ сау дон,
Ронгау, комы хъæлæсмæ лæдæрсы.
Хæхты срæмыгъта рухс царды суадон,
Хур сыгъзæрин уылæнтæй æнхъæвзы.