Арв — мæ цинау чъиллæттæ,
Арв — ызмæст...
Мигътæ згъорынц иурæттæм —
Сыстдзæн хæст...
Ферттывта, ныннæрыди,
Их хæссы.
Уæлмигъ, цыма, Неруда
Стихкæсы...
Худгæ-кæугæ ыссæдзæм
Карз æнус,
Тары макуы ныссæдзæм, —
Дар нæм рухс.
30.03.1977