Айс-ма, чызг, дæ цъæх цæстытæ — риссаг, —
Зæрдæйыл ныдзæвы, цыма, сындз;
Чызджытæ нæхимæ — хохы — диссаг,
Зæдтимæ нын ивддзæгтæ кæнынц.
Уым цы ‘нкъард дыууæ цæсты ныууагътон,
Уым цы уд æнхъæлмæ мæм кæсы,
Уый æрттивгæ стъалы у мæ цардæн,
Иунæг уый мын хуры тын хæссы.