Иу бон галуанæй нæхимæ фæсцæл бацыдтæн, куы 'рбадин.
Чызджы мысыдтæн, йæ сурæт цæстыл, хурзæринау, уади.
Уыд мæ ныфсы хох йæ чиныг, уд æхсызгон цинæй ради.
Кæртгæс цагъармæ фæсидти, систой сусæг хъус-хъус уадид.
Йе 'ххуырст, дам, фæзынд Асматæн. Зæгъын, ракæнут æй цырддæр.
«Сиды дæм дæ хур», — фыста мæм, зæрдæ фырцинæй фæкуыддæр,
Хур мыл ракасти, мæ уды тарæн нал аззад йæ цъыртт дæр.
Уайтагъд æххуырстимæ иумæ чызджы мæсыгмæ ныццыдтæн.
Кæрты ничи уыд ызмæлæг, зынд æдзæмæмырæй мæсыг.
Уалынмæ кæсын: Асмат мæм худгæ разтыргъæй фæлгæсы,
Дзуры: «Сластон дын дæ удæй мæнæ сагъæсы хъæстæ сындз,
Рацу уардийы къуыбырмæ, фен — æнхъæлмæ дæм куыд кæсы».
Чызг уæззау гауызыл хъавгæ иуварс ахæцыд, фæкастæн,
Лал, æргъæувæлыст тæрхæгмæ уайтагъд хингондау ныббастдæн:
Бадт ыл ме стъалы фæлурстын, рухсдзыд хурзæринау, растдæр,
Сау дыууæ стыр цады ме 'рдæм каст æдзынæгæй, æмдзастæй.
Афтæ цавддурау лæууыдтæн, бадт æдзæмæмырæй зæд дæр.
Æмæ хиуонау, хæларау, каст мæ цæстытæм узæлгæ.
Басвдт йе 'нувыд Асматмæ, дзурынц аивæй цыдæртæ,
Уый мын «ацу, дам», куы загъта, — суагъта пиллон арт мæ зæрдæ.
Уатæй рахызтæн, мæ фæдыл рацыдис Асмат нымдгæнгæ.
«Уастæн бастъæлай, — æлгъыстон, — амонд, федтай мæ дæ уæнгæл.
Уæдæ рухс цинæй мæ уды ног цæмæн кæныс фыдæнхъæл!»
Сагъæс зæрдæйыл æртыхсти — масты судзагæй ныддæнгæл.
Нал зынд дидинæгдон хъæлдзæг, хур æнкъард уыдис, æгъуызтын,
«Уæгъды ма мæт кæн, — Асмат мын дзуры, — хъуыддæгтæ рæвдз ысты,
Бакæн зæрдæйы дуар цинæн, ауигъ къух дæ маст, дæ рыстыл:
Уый æфсæрмы кæны уæртæ, стæй æнæрцæф у, сæрыстыр».
Загътон: «Хорз, мæ хо, мæхи уал фидар дардзынæн дæ ныфсæй.
Ис, Хуыцауыстæн, дæ фæрцы ацы судзагæн ныххуыссæн.
Курын, тагъд-тагъд-иу мæм афысс; уый мын фаг уыдзæн æххуысæн.
Зонын, алцы мын æргомæй ничи дзурдзæни дæ хуызæн».
Бæхыл абадтæн, нæхимæ 'рцыдтæн, сау цæссыг æзгъалын.
Уаты 'рхуыссыдтæн, йæ бартæм хуыссæг, марадз зæгъ, æвналы!
Цæсгом — цъæх, цыма копрадз дон уади уадулты сырх лалыл,
Бон мæ нал хъуыди, — мæ удæн уыд æхцон, æвдадзау, талынг.