«Паддзах сиды дæм», — мын загътой райсом, уд куы бацыд боны.
Уайтагъд галуанмæ фæуадтæн, — циу, цы хабар у, — нæ зонын.
Паддзах, æхсин æмæ 'ртæйæ бадынц уæздæттæ тæрхоны.
«Абад», — загътой мын, куыд нæ уон разы хицауы фæндоныл!
Дзурынц æхсин æмæ паддзах: «Мах фæцардыстæм нæ рæстæг;
Ныр Хуыцауы фæндæй мæнæ талынг цардизæр æрхæстæг.
Ис нын, зоныс æй, бындарæн иунæг хуры тын æрмæстдæр.
Уый чызгæн æмæ фыртæн дæр хъуамæ баззайа нæ фæстæ,
Æмæ сфæнд кодтам — æркæнæм мой нæ сылбындарæн ардæм,
Чызджы сæвæрæм паддзахæй, раттæм уый къухмæ нæ бартæ;
Фидар бахсвда йæ бывдур ног нæ паддзахад, нæ цардæн.
Кард нæм ма сиса нæ фыдгул æмæ макуы суæм цагъарта».
«Чызджы, — загътон сын, — паддзахæй хъуамæ сæвæрат, — бывдар у.
Хурæн, — зонæм æй, — æрдхæрæн у йæ зонд æмæ йæ хъару.
Мой та... чи нæ уыдзæн разы. Мой зæрдæзæгъгæ ыссарут.
Уый уын, гъе, мæ ныхас! Дарддæр, зонут, — алцы дæр уæ бар у!»
Хъуыддаг райдыдтам æвзарын, æз хъæцын, быхсын куыддæрты;
Нæй ныхмæ лæууæн, — æмбарын, нæй мын ахизæн сæ сæрты.
Парсадан зæгъы фæстагмæ: «Ис Хорезмы шах мæ зæрды,
Уый фырт, уæд, зæгъгæ, фæстæмæ уый цур аздахин хуыздæрты».
Хъуыддаг развæлгъау лыг уыдис Парсадан æмæ йæ къайæн;
Кодта лæджы фæндыл разы ус, бæрæг уыди, — зыдта йæ.
Мæн, сæхийау, разы 'нхъæлдтой, уадз, йæ сонт зæрдæ, дам, райæд.
Бадтæн афтæмæй та семæ саст, уæнгтæдонæй, æррайæ.
Æхсин раппæлыд: «Бæгуыдæр, у Хорезмы шах нымады,
Мах хуыздæр лымæн «нæ хъæуы, кад дзы бафтдзæни нæ кадыл!»
Хæйрæг «нæ» зæгъын ысуæндæд, иугæр" бафæндыди мады!
Æмæ ме сæфты тæрхоны, разы 'вдисæн лæгау, бадын.
Ацыд минæвар Хорезммæ, ханæй ме 'мыджыры куры:
«Нæй нæ паддзахæн фыртбындар, — Парсаданы номæй дзуры, —
Ис ын иунæг чызг, дæ фыртæн кæд аккаг кæныс йæ хуры, —
Лæппу мидæгмой æрцæрæд номдзыд Индийы бындурыл».
Лæг æрыздæхтис Хорезмæй, бирæ хорз хуынтæ дзы 'рхаста;
Ханæн фидиуæн йæ риумæ уыд зæрин хуры ныккастау.
Загъта: «Стыр Хуыцау нын фидæн, уый, нæ фæндиаг куы скарста:
Нæй хуыздæр чындзаг: фæкъул ис не 'рдæм амовды тæраз та».
Ногæй Индийæ Хорезммæ уайы минæвар æхстуадæй,
Хъуамæ сиахсаджы 'ркæной тагъддæр кадæй æмæ радæй.
Фæзæй баздæхтæн, ныххаудтæн уаты уæд æз та фæлладæй,
Маст мын, калмы ссырау, цавта ме 'нкъард сонт зæрдæ йæ фатæй.