Ныр, цы мыл æрцыдис, уый, дын, хъус-ма, радзурон æххæстæй,
Æмæ стæй, мæ хæлар, ракæн уыцы уайдзæфы ныхæстæ!
Бирæ 'нхъæлмæ кæсын бахъуыд мæн мæ лæгæты дæ фæстæ,
Æмæ сфæлмæцыдтæн, загътон: «Быдыр фенон ма мæ цæстæй».
Уæлæ дагъы сæрмæ рагъæй фæзмæ къухаууонæй кастæн:
Уым ыстай æмæ домбайæн дисы бахаудтæн сæ хъазтæй.
Кодтой уарзæтты цин, уый мын уæд бæргæ кайдта мæ мастæй,
Фæлæ схыл ысты фæстагмæ, систой богътæ кæнын тарстæй.
Тох сын бацайдагъ, мæлæтдзаг, иу сæ иннæмæн нæ барста;
Иу сæ иннæйы мæстджынæй уым ызнаджы цæстæй барста.
Сыл ыстай фæчъил фæстагмæ, нæл уæлдай кæд нæ уыд карз та!
Суры знæт домбай ыстайы, уый ма чи зæгъдзæни, — уарзта?!
Æз ысмæсты дæн домбаймæ: «Уый цы ми кæныс дæ сонтæй?
Ау, дæ уарзоны куыд сурыс? Дæлдзæх — де 'гъдау дæр, дæ зонд дæр!
Кард фæцъортт ластон, мæ бæх дын дагъмæ фесхуыстон бæрзондæй:
«Цъыкк» — домбайы сæр фæдыууæ, сырд фæхицæн ис йæ бонтæй.
Фæринк феппæрстон, æрцахстон уыцы иу гæппæн ыстайы:
Уыд мæ хуры 'нгæс, — тыхстæн ыл, фæлæ не сразы мæ пъайыл;
Ныхтæ хæцъæфты ныссагъта, цæнгтыл туглæсæнтæ уайы;
Уый дæр амардтон мæ сонтæй, — уарзæд дæлсыджыт домбайы!
Уæвгæ, исдуг æй рæвдыдтон, — уый ныллæууыди фыдæхыл,
Æз нæ бабыхстон, ыстайы уым тыхдзæф ныккодтон зæххыл.
Æмæ 'рлæууыди мæ зæрдыл уæд мæ хуримæ нæ фæхыл.
Дис цæуылнæ кæныс — ног та де 'рдхорд бабадтис йæ бæхыл?!
Уый дын, гъе, 'фсымæр, мæ хабар, дис мын кæн мæ цард, мæ митыл:
Уадзыг нæ, дзыхъмард куыд нæ дæн, зæгъын, — ме 'намонд æлгъитын;
Цæрдтæй мæрдты 'хсæн куырмæджы, сонтæй, удхаргæнгæ, хитын».
Рустыл тугдзæссыг æркалди, — цыма лал фæрдгуытæ митыл.
Тариелæн йемæ йе 'рдхорд ног фæхъынцъым кодта цасдæр.
«Фаг у, — загъта йын фæстагмæ, — бабыхс, ма тай æмæ ма стъæл;
Дар дæ рыст зæрдæ Хуыцауыл, — у Хуыцауы тæрхон растдæр;
Уый уæ фæхицæн куы фæндид, — иу уæ не скодтаид раздæр.
Уарзт — æнус-æнус нæ мæтаг — у фыдтухитæн, фыдбонтæн.
Домы уарзты цин сæрнывонд, — къухы никуы бафты 'нцонтæй.
Уарзт — нæ фæлварæг — сæ сæттæг не стыр цинтæн æмæ сонтæн —
Зонд куырыхон лæгæй байсы, стæй йæ бацамоны сонтæн».