Цыма дзаг мæй у, фæтæхы лæппу рухскалгæ йæ бæхыл.
Уарзон ауайы йæ цæстыл, — цинæй нал фæхæцы зæххыл.
Куы зæгъы: «Мæ хур, кæм мын дæ? — у мæ хъысмæт лæуд фыдæхыл! —
Ис мæ рысты хос дæ къухы, нæ, уæддæр дæумæ нæ тæхын.
Уæдæ иудадзыг уыраугæ маст цæмæн судзы хъайтары?
Зæрдæ, дуруæвгæ, йæ сæнттæ сусæг сагъæсыл цы хъары? —
Уарзты нæ, фæлæ, цæвиттон, арæх карды цæф æнкъары.
Уый, дæу тыххæй мæ фыдамонд судзгæ хъизæмарæй мары».
Уайы доныбылыл лæппу, йемæ — 'рмæст цыппар цагъары.
Тариелы рисæн удхос у йæ уд, йæ дзæцц ыссарын.
Уары уадултыл йæ цæссыг, бон у, 'хсæв — нæдæр æвзары.
Цард, хъæмпыхалау, хъæллæгъау, уый æрдумæ дæр нæ дары.
Уайы денджызгæрон лæппу, чызгæй бафæрсы — кæй уыны;
Нæй сæдæ боны йæ фенæг ничи хъалы, кæнæ фыны.
Рагъæй акаст æмæ дæлæ дæлвæз теуатæй нæ зыны;
Семæ чырæгæстæ — 'рхæндæг, — бахаудтой цыдæр фыд-зыны.
Лæппу каруантæм ныххæццæ, цыма теуарæгъау бастад:
Размæ нал цæуынц, цыдæр сæ донбыл, хингондау, ныббаста.
Бæлццон бадзырдта уæлбæхæй: «Хорз адæм, уæ фæндаг раст уа!
Кæд аипп нæ уыдзæн, — чи стут?» — хъавгæ, 'гъдауджынæй сæ 'рфарста.
Уыд Усам сæ сæр, сæ хистæр: бакæс, уæд нæ уыд зын зонæн, —
Арфæ ракодта хæларæй, радта 'гъдау дæрддаг бæлццонæн:
«Хур, æрфистæг у дæ саргъæй, де знаг — не 'гъдауæн, нæ бонæн!
Фен-ма, чи зоны, уæд та нын исты схос кæнис нæ сонæн».
Лæппу 'рхызт йæ саргъæй, уыдон загътой: «Мах цæуæм Багъдадæй.
У пысылмон дин нæ дин та, — сæн нæ басгардзыстæм адæй.
Уайæм денджызты паддзахмæ базар бакæнынмæ кадæн;
У йæ сахармæ нæ фæндаг, уæргътæ — семыдзаг бæркадæй.
Фæлæ мæнæ донбыл федтам, иу лæг уадзыгæй хуыссыди,
Мах ын баххуыс кодтам, иугæр йе 'муд дардбæстаг куы 'рцыди,
Уæд фæрсæм, зæгъгæ, кæцон дæ, гъе, цы бæллæх дыл æрцыди?
«Донмæ ма бахизут, — сæфут, — лæг æрчъицгæйæ фæцырд и. —
Хастам теуатыл нæ исбон Денджызты бæстæм Мысырæй.
Доны бахызтыстæм, наутæн кодта уæз нæ мулк, нæ чырæ.
Уым нæ абырджытæ 'рцахстой æмæ райгæ у дæ гуырæй!
Æз куыд фервæзтæн, — нæ зонын, чырæ бабын ис æмгуырæй».
Гъе, 'мæ хурдзæсгом, домбай гуырд, мах дæр уыцы тас æвзарæм,
Размæ нал уæндæм, — ыздæхæм, уæд нæ фæллой доны калæм;
Тохы бацæуæм, — нæ зæрдæ не 'нтыст, не 'хсарыл нæ дарæм
Æмæ 'рхæндæгæй, ныфссастæй уавæр алы хуызы барæм».
Автандил зæгъы: «Кæд уыди тас мæлæты хос, цы ризут? —
Царды 'рцæуинаг — æрцæудзæн, — у фыдбылыз æви низ у!
Уадзут абырджыты ме 'вджид, наумæ рацæут, ысхизут,
Иуварс алæуут-иу тохы, — хи мæ цирхъы цæфæй хизут».
Цинæй байдзаг и сæ зæрдæ æмæ каруангæстæ райынц:
«Ис хъайтары ныфс йæхицæй, махау, фыртæсæй нæ тайы.
Уый нæ бахиздзæн фыдгулæй, зæрдæ дзæгъæлы цы 'хсайы».
Науы сбадтысты уæндонæй æмæ денджызы фæуайынц.
Бон аккаг ыскодта балцæн, — афтæ бафæндыд Хуыцауы.
Автандилы ныфс æмбойны дисыл чырæгæсты 'фтауы.
Разынд абырджыты нау дæр, даргъ йæ тырыса фæйлауы,
Цыргъ уæззау цæджындз дзыргъайау, — разæй наупырхгæнæн науыл.
Райхъуыст абырджытæн се 'мбу, уасы сидæнхъæз ызнæтæй.
Уыцы бирæйæ сæ фенгæ ризынц, каруангæстæ мæтæй.
Лæппу сын зæгъы: «Фæбыхсут, сонтау, ма тæрсут æппæтæй,
Нæй мæнæй уыдонæй иуæн абон фервæзæн мæлæтæй.
Дуне мæм бырсæнт, уæддæр мын нæй æнæбонæмгъуыд марæн.
Кæд мæ бонæмгъуыд æрцыди, уæд уæддæр æрхæстæг арæн.
Уæд мæ бахизын мæлæтæй нæу йæ бон гæнах, æмгарæн.
Уый цы лæг хата — уæндон у, нæй бынат йæ риуы сарæн.
Нæу базаргæнæг хæцынæн, зонын, дардмæ лидзут кардæй;
Науы дуарæхгæдæй бадут, фат уыл ма сæмбæла дардæй.
Фенут иунæгæй домбайæн йе 'рдæхт цирхъæй æмæ уартæй,
Фенут, тугамæхст фыдгултæ тагъд куыд ахицæн уой цардæй.
Лæппу фердæхтис, ыстайау, залдзæг акодта йæ уæлæ,
Кард, болат ыстарц — йæ къухы, ракаст науы фындзæй, уæлæ
Æмæ йе знæгтыл йæ уындæй, цыма, бафтыдта фыдкæлæн,
Уыйау, систа сæ цæгъдынтæ. Саггуырд, ма дын уа ныммæлæн!
Райхъуыст абырджыты богъ-богъ, денджыз сызнæти сæ хъæртæй
Æмæ рауагыой бæрзондæй цæджындз лæппуйы 'рдæм, уæртæ;
Уый нæ фæчъил и, нæ фæтарст, калынц цæстытæ цæхæртæ,
Йе старц цæджындзмæ фæдардта, — бамур, базгъæлæн, ныцъцъæлтæ.
Цæджындз асасти, æвыдæй Автандилиты нау баззад,
Ризынц абырджытæ тасæй, лидзынц, базыртæ сыл базад,
Лæппу баирвæзт сæ наумæ, тохæн ралæууыд йæ хъазуат.
Кард — мæлæтхæссæг домбайæн йе 'ртты, арвæрттывдау, хъазыд.
Кодта 'хсарджынæй сæгъты цагъд лæппу абырджыты 'фсæдты,
Мары, уылæнтæм сæ калы, знæгтæн уысм æнцой нæ дæтты.
Хатт кæрæдзийыл ныххуырсы иумæ фарастгæйтты, стгæйтты.
Цæфтæ мæрдты бын æмбæхсынц науы талынгкъуым кæрæтты.
Ныр куы фæуæлахиз лæппу, тох куы нал уыди йæ карзыл, —
Мах, дам, — де уазæг! — сæ сæртæ цæфтæ 'ркъул кодтой йæ разы.
Уый сын н' аскъуыдта сæ удтæ: федтой, бавзæрстой дзæвгар зын,
Дины минæвар куы зæгъы: «Лæг лæджы тæсмæ фæуарзы».
Ма 'ппæл, лæг, фæнды лæгдыхæй атон, афæлдахай бæстæ.
Тых Хуыцау дæтты, дæ хъару уый цур — иу мисхал æрмæстдæр.
Арты стъæлфæнæй цъæх фæнык фестынц арвæмбæрц бæлæстæ.
Мах — Хуыцау кæны уæлахиз; кард, æхсар — афтид ныхæстæ.
Разынд бирæ хæзна знæгтæм, лæппу хæзнатæй нæ хъауы.
Уайтагъд каруангæстæм басидт, наумæ бамкъул кодта науы.
Тарст, мæрдонвæлурс цæсгæмттыл цин йæ зæрин тынтæ тауы.
Æмæ цонгмæцъис хъайтары хъæлдзæгæй Усам ыстауы.
Мин мæлгъæвзагæн дæр уый кад нæу сæ бон зæгъын ныхасæй, —
Уый куыд фидыдта, куыд айста тохы йе знæгты йæ разæй.
«Табу, Стыр Хуыцау, дæхицæн, ныр нæ балц уыдзæн æдасæй, —
Загътой каруангæстæ — хур ныл ракаст, рухс уылæнтæй разæй».
Чи йæ къухтæн, чи йæ къæхтæн кодтой ризгæ былтæй пъатæ.
Дисæн хастой йын йæ фидыц: хурдзаст, дæндæгтæ — дзæнхъатæ.
Лæг куырыхон дæр, йæ фенгæ, сонтау, кодтаид æрратæ.
«Ды куынæ уыдаис, — дзурынц, — махæн нал уыди сæрфатæй».
Лæппу сын зæгъы: «Хуыцауæй бузныг ут, кæй не стут сары;
Уый — нæ сæрхъызой, йæ бар ныл иунæг уый уæларвæй дары, —
Цард — мæлæтæвæрæг зæххыл алцы сусæг-æргом бары
Æмæ уый фæрцы йæ зæрдæ зондджын фидæныл фæдары.
Ацы рухс бон ма сымах дæр феттат уый руаджы уæ цæстæй;
Æз — йæ къæхты рыг Хуыцауæн, æз — йæ цагъайраг æрмæстдæр.
Абон уый радта уæлахиз а фыдгултимæ мæ хæстæн;
Ныр, хуынау, сæ кад — мæ къухы, се 'ппæт исбоныл фæхæст дæн».
Лæг уæлахизæй фæскъæвда райдзаст, хур бонау, фидауы;
Басгуыхт йе 'мгæртты 'хсæн тохы, — рухсдæр амонд æй рæвдауы;
Адæм — йе 'хсарæй сæрыстыр — кад куы кæной йын æгъдауыл,
Уæд йæ цæф дæр ын нæ риссы, цин йæ зæрдæйæ нæ хауы,
Нау куы басгариккой уайтагъд, цæй, цыма, дам, кæсæм соммæ!
Федтой дунейы хæзнатæ, бафтыд ис сæ ис, сæ бонмæ.
Науæй каруангæстæ райгæ хæзна рафснайдтой сæ онмæ.
Науыл бандзæрстой, йæ сыгъдон калд зынг æгхсидæвтæй донмæ.
Дзуры каруангæсты номæй лæппумæ Усам — сæ хистæр:
«Уый, дæ фæрцы стæм сæрибар, ничи, нал нæ дары джиз дæр.
Ныр дæ бар цæуы нæ науыл, ныр дæу у нæ мулк, нæ ис дæр;
Зæгъ, — цыфæнды нын дзы ратгай, мах хъæцдзыстæм ыл, дæхистæн!»
Автандил Усаммæ: «Уый уæ уæллаг бахызта, мæ фæндæй,
Дард уæларв дунейæ федта уый уæ цæссыгты пырхæнтæ
Æмæ рахæцыд уæ сæрыл, æмæ нал ыстут æрхæндæг,
Науæд мулкæй дæр цы хъавын, иу — мæ бæх æмæ мæхæдæг!
Мæн куы хъуыдаид фæллæйттæ, æз хæлæф куы кæнин исыл,
Уæд мæ дунейы хæзнатыл барвæндæй мæ къух куыд исын!
Æз уæ лæвæрттæй цы хъавын? Абон кæд мæ хъару 'вдисын, —
Мулкыл нæ, хæлæрттæ, скъæфы мæн æндæр сагъæс фæдисы.
Абон абырджыты науыл ам цы бирæ фæллой разынд, —
Айсут, уый дæр ма уæ мулкыл ноджы бафтаут, — нæ хъазын.
Ис æрмæст, мæнæн, уый зонут, сусæг, аив хæс мæ разы:
Курын, бамбæхсут мæ уе 'хсæн, уый уын кæд нæ уаид уа зын.
Мæн уæ кадджын хистæр хонут, аргъуыц ма кæнут мæ карæй,
Цыма хицау уын дæн, уыйау, дзурут, сидут мæм æлдарæй,
Æз ыскæндзынæн уæ дарæс, базар райдайдзынæн барæй,
Фæлæ бавæрут мæ, курын, уым æууæнкджынæй, хæларæй».
Хъуыстой каруангæстæ хъæлдзæг, цинæн радысты йæ тарфæй,
Рæвдз ын акуывтой сæ сæрæй æмæ ракодтой йын арфæ:
«Уый дæхи дзыхæй куы загътай ды нæ фæндиаг, нæ барвæнд,
Хурæн балæггад — нæ бæллиц, — немæ уæд æмæ нæ тавæд!»
Æмæ загътой, зæгъгæ, дарддæр ныр нæ сабыр фæндаг дарæм,
Араст нау, æнцад уыд денджыз, нал сæ знаг уыди хъыгдарæг.
Рухс налхъуыт-налмас фæрдгуытæ хастой уазæгмæ лæварæн, —
Уыд йæ дæндæгты цырен хал се 'нгæс хурдзæсгом хъайтарæн.