Урс ысфæлыстой сырх хъулон чызгæн, лæппуйæн сæ бадæн,
Бур, сырх фæрдгуытæ — йæ уæлæ буц, цытджын уазджыты кадæн.
Автандилы бандон бур-сау, нæу йæ нывæфтыд зынхатæн.
Худгæ 'рбадтысты, сæ цæст сыл уым куы 'рæвæриккой адæм.
Кадджын уазджыты ирхæфсынц номдзыд зарæджы дæснытæ.
Хорз ысцæттæ ис чындзæхсæв æмæ сарæх ысты хуынтæ;
Нурадин — рæдау, æвгъау æм ницы нал кæсы йæ бынтæй.
Чындзы мидбылфæхудт тагъд-тагъд, хурау, айтындзы йæ тынтæ.
Нурадин — фæрныг — æрхаста фынгмæ дунейы лæвæрттæ:
Хъазы айчы стæвдæн фараст рухс налхъуыт фæрдыджы уæртæ;
Иу та 'ндæр фæрдыг, йæ мидæг, цыма, хур калы цæхæртæ.
Ис нывгæнæгæн йæ рухсмæ зæд ыснывгæнæн æхсæв дæр:
Чызгæн, лæппуйæн ма радта хорз фæйнæ фæрдгуыты халы;
Аив — фæрдгуытæ, дæсны конд, судзы рухс цырæгыæ лалы.
Рох кæм фæкодтаид фысым йе 'ннæ тохвæдис хæлары:
Автандилмæ дæр рæдауæй Придон йедзаг тæбæгъ дары.
Тæбæгъ цъупп уыди налхъуытæй æмæ ставд, æрттивгæ лалæй,
Автандилы зæрдæ бабуц йе 'рдхорд Придоны лæварæй.
Хорз дари тыхтæттæ 'рхастой фынгмæ, равæрдтой сæ халæй.
Тариел рæдау фысымæн загъта стыр бузныг хæларæй.
Бадынц, чындзæхсæв ныддаргъ ис, бонтæй ацъыкк ластой аст та.
Нурадин-Придон йæ фынгтæм хуынтæ хуынты фæдыл хаста.
Чанги, чагъанаты 'хцон цагъд зæрдæ 'хсæвæй-бонæй баста.
Хур йæхи 'нгæс хуры ссардта — раст фæрæты хъæдæй барстау.
Тариел Придонæн загъта уым йæ зæрдиаг ныхæстæ:
«Кад мын не скодтаид ахæм никуы ме 'фсымæр, мæ хæстæг.
Автандил æмæ дæуæн мын нал ис бафидæн уæ хæстæн:
Æз мæлæтдзагæй уæ фæрцы ног мæ удхосыл фæхæст дæн.
Автандил йæхи мæ сæрыл хаста, зоныс æй, нывондæн.
Хорзы бацæуын ын исты бауид, чи зоны, мæ бон дæр.
Бацу, бафæрс æй, цы домы, уый мын радзурæд æргомдæр.
Фенон, базонон, — æххуыс ын æз йæ хъуыддаджы цы хъом дæн.
Маст, зæгъ, цас федтай мæн тыххæй, туг, зæгъ, цас ныккалдтай хæсты,
Уый, зæгъ, кæд Хуыцау дæ удæн цинæй бафидид мæ бæсты;
Фæлæ саурæсугъд, зæгъ, дардмæ уайа цалынмæ дæ цæстыл,
Иу, зæгъ, цалынмæ нæ бауат, — æз нæ бафтдзынæн мæ бæстыл.
Зæгъ — цы мæ бон дын у баххуыс ныр дæ хъуыддаджы пайдайæн.
Цом, Аравимæ, зæгъ, иумæ рæвдз нæ саулохтыл ныууайæм,
Кард кæм нæ кæрда, цыргъ æвзаг уым нæ хотыхыл нымайын.
Усджын цалынмæ нæ бауай, — мой нæ уыдзынæн мæ къайæн».
Тариелы номæй фарста Нурадин йæ хорз хæлары.
Автандил фæхудт йæ мидбыл, цæсгом рухс тæмæнтæ калы;
Дзуры: «'Ххуысæй та цы кæнын, мæн кæй дудгæ сагъæс мары,
Уый мын, искæй хурау, исты каджи уацары нæ дары!
Уый Хуыцауы фæндæй кадджын рухс паддзахбадæны бады,
Барджын, хъал æмæ сæрибар, чызг дзырддзæугæ у, нымады,
Хинтæй, каджиты кæлæнтæй уый хызт у 'мæ сæ нæ хаты.
Цæй, цы 'ххуыс кæнынмæ хъавы уæд мæ хæрзгæнæг бæгъатыр?
Ис æххуысгæнæг, — мæ хъуыддаг æз ныффæдзæхстон Хуыцауæн;
Уый куы бафæнда, — хъысмæт мæм мидбыл бахуддзæн рæдауæй,
Цин мæ зæрдæмæ ныххиздзæн, цæсгом барухс уыдзæн, науæд
Ницы рауайдзæн мæ митæй, лæг кæдæмфæнды фæхауæд.
Уæдæ кадджын Тариелæн зæгъ, дæ хорзæхæй, мæ дзырдтæ:
«Паддзах, уанцон нæу, — куыд уыдзæн, курай ды мæнæй хатыртæ!
Рагæй де 'ххуырст дæн, дæ цагъар, — рагæй, гуырд дæр ма нæ уыдтæн,
Дæу куынæ фенон паддзахæй, — хин мæ баййафæд — цыфыддæр.
Ис мæ хуруарзоны фенын, паддзах, — загътой мын — дæ зæрды;
Уый — дæ уæзданæй: фæлгæсыс дард зæрдæдзæстæй, бæрзæндты.
Ма кæн уарзты кой: мæнæн уым ме 'взаг — уад, мæ кард нæ кæрды.
У Хуыцауы 'вджид мæ хъуыддаг, нæу мæ бон тыхæй лæгæрдын.
Иу фæнд, иу бæллиц мæ зæрды ис нырма, мæ хур, æрмæстдæр:
Дæу паддзахбадæны бадгæ фенон Индийы мæ цæстæй;
Бада де стъалы дæ фарсмæ, дардыл барухс кæнат бæстæ
Æмæ уе знæгтæ дзыназой уым уæ къæхты бын ыссæстæй.
Зæгъгæ, сæххæст и мæ бæллиц, уый — мæ зæрдæйы уæццæ фæнд,
Уæд Аравимæ — мæ хурмæ мæн мæ саулохаг ыскъæфæд.
Кæд мæ уарзон мæм фæхуда, — нæй мын аныгуылæн, сæфæн,
Науæд йе 'нхъæлцау быхсдзынæн карз фыдхъысмæты фыддзæфæн».
Автандилы дзуапп, йæ фæндон уайтагъд сæмбæлд амирбарыл;
Загъта: «Нал ын ис ныууадзæн ныр йæхи фæндыл, йæ барыл;
Мæн куыд бафтыдта йæхæдæг уый мæ рухс амонд, мæ халыл,
Афтæ спаспет дæр йæ зæрдæ дарæд йе 'нувыд хæларыл.
Придон, иу хатт ма йæм ноджы бацу, радзур ын мæ бæсты:
«Ростеваны, зæгъ, нæ федтон, — нæй мын бафтæн уæд мæ бæстыл:
Зоныс, паддзахы цагъартæй цъус нæ ныццагътон æрмхæсты, —
Хатыр ракурон, йæ разы дæн уæдæй нырмæ къæмдзæстыг.
Ивгæ нæу мæ фæнд, мæ ныхас, — уæгъды ма схæцæд быцæуыл;
Райсом раджы-ма фæкæсæд! — рæвдз Аравимæ фæцæуын!
Ростеван-паддзахæн бирæ мæн лæгъстæ кæнын нæ хъæуы,
Хъусдзæн разыйæ, куы дзурон: «Тинатины дын куырдæуы».
Загъта Придон Автандилæн: «Не 'рдхорд исы къух мæ цæлыл;
Ма кæ, мауал æм хат уæгъды, уый уæддæр йæ фæнд ыскъæры».
Лæппу сдыгъуырццæг, ыстыхсти, зæрдæ фырæфсæрмæй хæлы;
Афтæ хицауы раз аргъуыц хорз хъазайрагыл æмбæлы.
Бацыд, зонгуытыл æрхауди, уæрджытæн ысхæцыд пъатыл,
Æмæ хъуырыцъар ивазгæ ног йæ хæлармæ ныххатыд:
«Ростеваны раз мæ рæдыд нæу мæнæн нырма дæр хатыр,
Ног фыдракæндыл мæ ма 'фтау, ма, мæ хæрзгæнæг бæгъатыр.
Раст нæ фæкæсдзæн Хуыцаумæ, байсон паддзахæн йæ бартæй.
Нæ, нæ рацæудзынæн никуы æз мæ хицауыл мæнгардæй.
Уый куыд уыдзæни, — мæ уындмæ тайгæ чи дзыназы дардæй,
Уыцы уарзæгой паддзахмæ сыстон, балæбурон кардæй!
Уæд мæ рухс хуримæ знæгтæ мах кæрæдзийæн уыдзыстæм:
Маст æй бадомдзæн, мæ ном ын, уæууа, баззайдзæн æлгъыстæн!
Нал мæм ракæсдзæн йæ цæстæй, дардмæ лидздзæни сæрхызтæй,
Никуы, никуы мæм йæ зæрдæ нал æрыздæхдзæн, зæххыстæн!»
Тариел фæхудт йæ мидбыл, хурау барухс кодта бæстæг
«Сыст-ма, — спаспетыл ысхæцыд, — нæй, нæ мæм хъары дæ лæгъстæ;
Цин цы баййæфтон — дæ фæрцы; мин — дæ лæггæдтæ, дæ хæрзтæ.
Ныр зын утæхсæн куы кæнай, — мæн цæмæн хъæуынц мæ гæрзтæ?!
Æз сæрхызт хæлар нæ уарзын, нæй æмгар, æрдхордæй лидзæн.
Кад лымæнты 'хсæн нæ кæнын никуы хицæнонмæ 'мхицæн,
Лæг мæнæй йæ маст куы 'мбæхса, гъе куы уой йæ фæндтæ хицæн, —
Ме 'муд никæдбон нæ уыдзæн, уый — йæхицæн, æз — мæхицæн.
Зонын — чызг дæ уарзтæй тайы, уæдæ бирæ йыл цы дзурæм, —
Де 'рдхорд дардбæстаджы фенын хъыг нæ уыдзæни дæ хурæн.
Намæ чи дын зæгъы махæй: «Ростеванмæ, цом, лæбурæм?!»
Мах нæ бæллицты Хуыцауæй — уый нын фенын кæ — куы курæм!
Лæгмæ бахатдзынæн, уым мæ кæд лæгъстæ нæ хъæуид бирæ,
Паддзах, ратт, зæгъын, дæ чызджы мæнæ ме 'рдхорд Автандилæн.
Райгæ баиу уат æнусмæ, маст уын ма кæна сæрзилæн,
Тайгæ ма кæнат, йæ тæмæн фенат цардамонды цинæн.
Тариел цæхгæр йæ фæндон иугæр ачъепп ласта кардæй, —
Уæгъды дзурыны сæр нал хъуыд: Автандил ысразы 'нкъардæй.
Йемæ ракодта хæстон бал Придон йе 'взаргæ цагъартæй,
Æмæ рараст ысты мæнæ иумæ хурæнгæс хъайтартæ.