Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 12.12.2010 | прочитано 4333 раз |  Комментарии (3)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Кнут Гамсун. Дыууæ радзырды

Журнал «Мах дуг», 2009, №6 

 

Кнут Гамсун (1859 — 1952) у норвегиаг литературæйы классик, Нобелы премийы лауреат. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд сты сæдæгай æвзæгтæм, йе сфæлдыстадмæ йын сæ хъус дарынц ног æмæ ног фæлтæртæ, уыдоны ’хсæн ис æстайаздзыдтæ дæр æмæ æстдæсаздзыдтæ дæр. 

Кæддæр Кнут Гамсун йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста: 

 

Мæ зæрдæ мын мары æнкъард хъуыды, охх: 

Сæдæ азы фæстæ фæуыдзынæн рох. 

 

Фæрæдыди стыр фыссæг: 100 азы фæстæ XX æнусы номдзыддæр литератортæй бирæтæ загътой, Гамсуны сфæлдыстад сын сæ куысты стыр ахъаз кæй фæци, уый тыххæй. Уыдон уыдысты Джон Голсуорси, Андре Жид, Максим Горький, Герхард Гауптман, Томас Манн, Герберт Уэллс, Стефан Цвейг. Уæдæ Кафкæйы, Гессейы, О’ Нилы, Хемингуэйы, Генри Миллеры куыстытыл дæр хорзæрдæм фæзынди Гамсуны дзырдаивад. 

 

«Гамсун цы фæд ныууагъта, уый уæлдай бæрæгдæрæй зыны дунеон литературæйы, фæлæ йæ райгуырæн бæстæйы дæр иттæг ахады. Гамсуны номимæ ма норвегиаг литературæйы абарæн ис æрмæстдæр иу адæймаджы. Уый у Хенрик Ибсен». 

 

А.Р. Лангслет

 

 

Гамсуны уацмыстæй иу «Махдуг» рауагъта 1998 азы цыппæрæм номыры (радзырд «Царды хъæлæс»). Ам цы дыууæ радзырды бакæсдзыстут, уыдон ирон æвзагмæ раивта Хъодзаты Æхсар. 

 

 

ТАС
 

Уый уыди 1844 азы. Уæд фыццаг хатт афтыдтæн Америкмæ. 

Ам мыл æнахъинон хабар æрцыд. Уый размæ, тас цы у, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Ома стыр æхсары хицау дæн, зæгъгæ, афтæ нæ зæгъын, фæлæ мын уæды онг мæ хъæбатырдзинад бафæлварыны фадат никуы фæци. 

Дард ран, прериты, ис чысыл сахар Мадели. Зæрдæмæдзæугæ бынат нæу, хæдзæрттæ — фыдынд, тротуартæ зылын фæйнæджытæй конд, уæдæ адæм дæр цыдæр æнæуæздан. 

Бирæ фæлтæрæнты фæстæ ацы ран æрцахстой æмæ амардтой Джесси Джеймсы — америкаг гангстертæн сæ тæккæ тугдзыхдæры, сæ тæккæ уæгъуырдæры. Кæддæр кæцæй алыгъд, уырдæм фæстæмæ æрбаздæхт — æбуалгъы фыдгæнæгæн амæй аккагдæр бынат нæ разынд. Ацы фыдбылызы гуырд бирæ азты дæргъы йæ æнæнхъæлæджы лæбурдтытæй, тыхмитæй, лæгмæрдтытæй æнцой нæ лæвæрдта Штаттæн. 

Гъемæ дын æз дæр уырдæм куы бафтин, æрмæст мæм æвзæр исты ракæныны зондæй мур дæр ницы уыди — фæндыд мæ иу зонгæйæн бахъуаджы сахат баххуыс кæнын. 

Иу америкаг, йæ ном Джонстон, ахуыргæнæгæй куыста Висконсины штаты сахартæй иуы астæуккаг скъолайы. Зонгæ дæр уым бадæн йемæ æмæ йæ бинойнагимæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ ахуыргæнæджы куыст ныууагъта æмæ йе ’ргом коммерцийы ’рдæм раздæхта — Маделимæ æрбацыд æмæ хъæдæрмæг уæй кæнын райдыдта. Иу афæдзы фæстæ мæм фыстæг æрбарвыста. Куырдта, кæд, дам, дæ фадат амоны, уæд ардæм рацу æмæ мын мæ дуканимæ дæ хъус фæдар. Ме ’фсинимæ, дам, Скæсæны ’рдæм балцы цæуæм, æмæ не ’рбаздæхынмæ дæхицæн уыцы зын скæн. Мæнæн рæстæг уыдис æмæ сразы дæн. 

Зымæгон талынг æхсæв бахæццæ дæн Маделийы вагзалмæ. Джонстон мæ размæ рацыд æмæ мæ сæхимæ аласта. Ам хибар уаты æрцардтæн. Сахарæй дæрддзæфгомау уыд йæ бæстыхай. Æхсæвы фылдæр хай нын бахардз зондамонæнтыл — Джонстон мын биноныгæй фæдзырдта базар кæныны сусæгтæ. Боныцъæхтыл та мын мидбылты худгæйæ радта йæ ливор æмæ йæ бинойнагимæ араст поездмæ. 

Хæдзары иунæгæй куы баззадтæн, уæд мæ дзауматæ рахастон фысымты уатмæ — уырдыгæй мын æнцондæр уыди бæстыхаймæ хъус дарын. Хуыссæнуатæн та равзæрстон фысымты сынтæг. 

Цалдæр боны рацыди. Фæйнæджытæ æмæ алыхуызон хъæдæрмæг уæй кодтон æмæ-иу алы изæр дæр æхца радтон банкмæ, сæ нымæц та сын-иу къанторы чиныджы ныффыстон. 

Афтæ иунæгæй цардтæн стыр хæдзары. Хæринаг кодтон мæхæдæг, Джонстоны дыууæ хъугмæ зылдтæн, дыгътон сæ, фыхтон дзул. Цæвиттон, хæдзары куыстытæ иууылдæр мæхимæ хаудтой. Дзул фыцыны фыццаг фæлварæнтæ мын нæ фæрæстмæ сты, хыссæйыл ссад æгæр бирæ ныккалдтон, фыцгæ дæр нывыл не скодта — мидæгæй хомæй баззад, дыккаг бонмæ та дуры хуызæн ныхъхъæбæр. Хъæрмхуыпп фыцынмæ дæр нæ сарæхстæн. Фысымты къæбицы разынди голладжы æрдæг замманай хъæбæрхор. Гъемæ дзы, зæгъын, хъæрмхуыпп куы скæнин. Стыр аджы æхсыр ауагътон, хъæбæрхор ыл ныккодтон æмæ дын æй уидыгæй стауын. Уайсахат бамбæрстон, мæ хъæрмхуыпп æгæр бæзджын кæй рауад, уый æмæ ма йыл æхсыр аскъæрдтон. Сызмæстон та йæ. Хъæбæрхор фыхт, йæ сыр-сыр хъуыст, æмæ фæстагмæ йæ нæмгуытæ хохаг хъæдуры йæстæ систы. Ногæй та йæм æхсыр бафтыдтон. Фæлæ хоры нæмгуытæ афтæ тынг нæрстысты, æмæ агæй уæлæмæ бырсын байдыдтой. Æз æй тæбæгътæм, къустæм æвгæнын байдыдтон. Уый уæддæр уæлæмæ бырста æмæ бырста, цыма уæлеисгæ-бынæйахадгæ уыд. Æхсырæй ма цы баззад, уый йыл ауагътон, фæлæ уæддæр хъæрмхуыпп бæзджын касы хуызæнæй баззади. Цы ма акодтаин, уый нал зыдтон, аг фелвæстон æмæ йæ фынгыл æрфæлдæхтон. Касы тæвд саха фæйнæрдæм анхъæвзта, стæй бынтон ныббæзджын æмæ фынгыл афтæмæй бахус. 

Ныр мæм materia prima1 уыдис, æмæ-иу мæ хъæрмхуыпп фыцын куы бахъуыд, уæд-иу касæй иу хай ралыг кодтон, æхсыр æм-иу бафтыдтон æмæ-иу æй ногæй сфыхтон. Гъемæ уын мæхицæй раппæлон: лæгау лæг басгуыхтæн æмæ уыцы æнахъинон хъæрмхуыпп хордтон бон æртæ хатты — райсомæй, сихорыл æмæ изæрæй. Уыцы бонты мæм уыд æрмæстдæр иу бæллиц: касы тъоссайæн йæ бынæй рухс суадз, дæ цæстæй йæ мауал уын. Хуыцауæй уын ард хæрын, уый æнцон хабар нæ уыди, фæлæ мын æнæхъæн сахары иунæг зонгæ дæр нæ уыд æмæ æххуысмæ кæмæ фæдзырдтаин? 

Боныфæстагмæ мæ къухы бафтыд уæлахиз — искæй æххуыс мæ нал бахъуыд, æмæ æхсызгонæй сулæфыдтæн. 

Ссæдзаздзыд лæппуйæн ахæм стыр хæдзары, ай-гъай, зын цæрæн уыд. Æхсæвтæ — сатæг сау, цæсты къух куы атъыстаис, уæддæр æй ничи равзæрстаид. Æввахсдæр сыхæгтæ та уартæ кæм æмæ кæм цардысты — сахары сæ агурын хъуыди. Фæлæ, раст куы зæгъон, уæд тæрсын мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Æмæ фæд-фæдыл дыууæ æхсæвы мæ хъустыл цавæрдæр уынæртæ куы ’рцыди — чидæр цыма цæлгæнæны дуары гуыдыримæ архайдта — уæддæр æй ницæмæ æрдардтон. Ливор дæр-иу нæ райстон, æрмæст-иу цырагъ рахастон æмæ-иу дуармæ дыууæрдыгæй дæр æркастæн. Фæлæ-иу ницы раиртæстон. 

Уалынджы ралæууыди, мæ уд æвирхъау тас куы бавзæрста, уыцы æхсæв. Ахæм удаисты уавæры нæдæр уый размæ бахаудтæн, нæдæр уый фæстæ. Абоны онг дæр, æнхъæлдæн, мæ чемы нæма ’рцыдтæн. 

Иуахæмы мæ райсомæй изæрмæ мæ сæр схъил кæныны бон нæ фæци — куыстыты мæ хъуырмæ аныгъуылдтæн. Куы сæ фервæзтæн, уæдмæ тынг æрталынг и, банк сæхгæдтой. Цы ’хца мæм æрбафтыд, уыдон радтын мын нал бантыст æмæ сæ мемæ рахастон, хæдзары сæ ногæй банымадтон: уыдысты 700–800 доллæры бæрц. 

Иннæ хæттытау та фыссыныл æрбадтæн, æнафон уыди, фæлæ уæддæр фыстон æмæ фыстон. Æхсæвы дыууæ сахаты уыдаид, афтæ мæ хъус æрцахста цыдæр уынæртæ, чидæр цыма цæлгæнæны дуаримæ архайы. 

Циу, цы хабар уа? 

Хæдзарæн уыди дыууæ æддаг дуары: иу —- цæлгæнæнмæ, иннæ та — уазджыты уатмæ бацæуæны тыргъмæ. Ацы дуар рагацау сæхгæдтон мидæджырдыгæй. Уаты рудзынгæмбæрзæнтæ дæр æнгом æхгæд, зыхъхъыр дзы — нæ, мидæмæ бакæсæн никæуылты уыди. 

Фæлæ цымæ цæлгæнæны дуаримæ чи архайы? 

Цырагъ райстон æмæ дуары цурмæ бацыдтæн. Æдде, бæлвырд чидæр ис — хъуысы сабыр сусу-бусу, къæхты хъæр. Лæмбынæгдæр ныхъхъуыстон, сусу-бусу нал и, къæхты уынæр дардæй-дарддæр кæны. Сыбыртт нæ цæуы. 

Фæстæмæ уатмæ бацыдтæн æмæ та фыссыныл æрбадтæн. 

Рацыдаид сахаты ’рдæг. 

Мæ мидбынаты фестъæлфыдтæн: уазджыты уаты ’рдыгæй дуар æрбатындæуыди — канд гуыдыр нæ, фæлæ мидæджырдыгæй æхгæнæн дæр. Къахуынæр мæм хъуысы мæ дуары тæккæ цурæй. Æрмæстдæр къорд адæймаджы æрбахæстæй уыд æрбатонæн æддаг дуарæн: йæ мидæггаг æхгæнæн тынг фидар уыди. 

Мæ зæрдæ гуыпп-гуыпп нал кодта, фæлæ риуыгъгæ. Хъæр нæ, фæлæ сыбыртт скæнынхъом дæр нал уыдтæн. Мæ уд мæ хъуырмæ схæццæ æмæ улæфын нал фæрæзтон. Афтæ тынг фæтарстæн, æмæ кæм дæн, уый дæр нал æмбæрстон. Æваст мæ сæры фæмидæг иу хъуыды: æхца бахъахъхъæнын хъæуы. Хуыссæнуатмæ бацыдтæн, мæ дзыппæй чыссæ систон æмæ йæ хуыссæнты бын фæцавтон. Стæй уазджыты уатмæ раздæхтæн. 

Дуары æддейæ хъуысти сабыр ныхас. Гуыдыр сæттынмæ бавнæлдтой. Æз Джонстоны ливор сластон, æркастæн æм — ифтыгъд у. Мæ къухтæ тынг зыр-зыр кодтой, мæ къæхтæ та цыма бæмбæгæй уыдысты — æрлæмæгъ сты. 

Мæ цæст дуарыл æрхастон, уыди тынг фидар — канд дæргъырдæм нæ, фæлæ йыл фæрсырдæм дæр фæйнæджытæ хуыд. Дуар фидар кæй у, уый мын ныфсы хос фæци, тых мæ бауагъта æмæ хъуыдытыл фæдæн — уый размæ хъуыды кæнынхъом нал уыдтæн. Дуар æддæрдæм гомгæнгæ у, уымæ гæсгæ йын æрбатонæн нæй. Æдде тыргъ цыбыр — нæ дзы разгъордзынæ. Уыдæттæ куы бамбæрстон, уæд мæ ныфс бацыд æмæ мæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр ластон, куыддæр, зæгъын, исчи йæ сæр æрбадара, афтæ зæххыл йæ тъæпп фæцæудзæн æмæ нал сыстдзæни. Мæхи афтæ хорз æрæмбæрстон, æмæ суанг норвегиагау кæй дзурын, уый дæр рахатыдтон. Уый æдылы ми кæй у, уый дæр ацахста мæ сæр æмæ англисагмæ рахызтæн. Дзуапп мын ничи радта. Мæ цæстытæ цæмæй талынгыл ацахуыр уыдаиккой — цы нæ вæййы, мыййаг рудзгуытæ куы ’рбатоной æмæ цырагъ куы ахуысса — уый тыххæй цырагъыл бафу кодтон. Ныр лæууыдтæн талынджы, мæ къухы ливор, мæ цæстæнгас рудзгуытæй нæ исын. Рæстæг мыл ныддаргъ. Мæ ныфсыл æфтыди, мæхи æхсарджынæй кæй равдисдзынæн, ууыл гуырысхо нал кодтон æмæ фæхъæр ластон: 

— Цæй, цы уынаффæ уæм и? Уæхи дзæбæхæй айсдзыстут æви нæ? Мæн хуыссæг ахсы! 

Исдуджы фæстæ æдде бæзджын хъæлæс æрбайхъуысти: 

— Цæуæм, куыдзы хъыбыл. 

Айхъуыстон, чидæр тыргъæй куыд ахызт, уый. Митыл къахуынæр дардæй-дарддæр кодта. 

«Куыдзы хъыбыл» Америчы, стæй Англисы дæр нымад у национ æлгъыстыл, æмæ мæхинымæр загътон, ахæм æфхæрд куыд ныббарон, зæгъгæ. Цæй, дуар фегом кæнон æмæ ацы æнаккæгты æрфæлдахон! Фæлæ мæм фæстагмæ æндæр зонд æрцыди: чи зоны, сæ иу ацыд, иннæ та дуары æдде æнхъæлмæ кæсы, æмæ куы бакæнон, уæд мыл йæхи андзара. Рудзгуытæй иумæ бахъуызыдтæн, æмбæрзæныл хæрдмæ схæцыдтæн æмæ акастæн. Митыл цыма цыдæр сау æндæрг зыны. Рудзынг байгом кодтон, ныхъхъавыдтæн сау æндæрджы ’рдæм. Мæнгвæдæгæн йæ къæрцц фæцыди. Ногæй та йыл æрбахæцыдтæн. Ногæй та — къæрцц. Мæ маст сабухта, æмæ гилдзыты агъуд иууылдæр равдæлон кодтон. Æппынфæстаг иу æнæбары гæрах райхъуысти, фæлæ салд уæлдæфы афтæ тынг сахадыдта, æмæ ма мæм фæндагæй иу хъæр æрбайхъуысти: «Лидзгæ!» 

Тыргъæй ма иу лæг алиуырдта, митыл азгъордта æмæ тары æрбайсæфти. Мæ сæр, æвæдза, хорз æрцахста. Фæлæ мын иу хабар хъыг уыди: тыргъы ма чи бамбæхст, уымæн мæ бон фæндараст зæгъын нал сси — ливоры иунæг гилдз йеддæмæ нæ разынд æмæ йæ уый размæ схардз кодтон. 

Ногæй цырагъ ссыгътон, æхца райстон æмæ сæ мæ дзыппы бафснайдтон. Мæ тарст æххæстæй нæма ссыди, хуысгæ дæр нал бакодтон, боныцъæхтæм банхъæлмæ кастæн, стæй мæ пъалто скодтон, саст дуар куыддæртæй бафидæрттæ кодтон, сахармæ ацыдтæн æмæ фысымуаты дуар бахостон... 

Цъаммар къæрныхтæ чи уыдысты, уый нæ базыдтон. Профессионалтæ нæ уыдаиккой, уыййеддæмæ дуæрттæ цæмæн састой, кæд æмæ дыууæ рудзынгыл æнцонæй бабырæн уыди. Фæлæ ацы стигъджытæ дæр сæ тæппудтæй нæ разындысты, иугæр сæм гуыдыр æмæ мидæггаг æхгæнæн басæттыны ныфс разынд, уæд. 

Уый фæстæ мæ ахæм æвирхъау тасы азар никуыуал басыгъта. Джесси Джеймсы хæдзарæй куы рацыдтæн, Маделийы сахарæн хæрзбон куы загътон, уæддæр ма цалдæр хатты уыдтæн тыхст уавæрты, мæ уд-иу фыртарстæй мæ хъуырмæ схæццæ, фæлæ уый уымæн афтæ уыд, æмæ-иу уыцы æнахъинон мæйдар æхсæвы цаутæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты. 

Тас йæхи ахæм æнахуыр хуызы равдисдзæн, уый æнхъæл никуы уыдтæн. 

___________________________ 

 

1 Фыццаг æрмæг. 

 

 

САНДЫР ÆМÆ ЛЕОНАРДÆ
 

Нæ хъæуы рæзты иу цæугæдон калди, Глиммæ, зæгъгæ. Цигантæ нæм-иу арæх æрбафтыдысты. Æппæтæй тынгдæр дзы мæ зæрдыл бадардтон Сандыры, йемæ ныхас дæр кодтон Акерсхюсы фидары — уым æй бакодтой, кæйдæр кæй бастыгъта, уый тыххæй. Æрæджы газеты бакастæн, уыцы тæссаг фыдгæнæг, дам, амард — æнуд ахæстоны къуымы йæ зæрдæ аскъуыд... 

Æз йемæ куы сæмбæлдтæн, уæд мын иу хабар ракодта, æмæ йæ хъуамæ йæ сæрæй радзурон. 

Нурланны кæсагахсджытæ дзæвгар цæры, иутæ дзы бонджын сты, иннæтæ мæгуырдæр. Хъæздыг кæсагахсæгæн йæ бон бирæ у, ис æм наулæууæн, зынаргъ хыз, йæ хæдзар — дзаг мыдыкъус. Уæдæ дзаумайæ дæр хъуаг не ’ййафы. Алы бон дæр ыл фенæн и хæрзхъæд хъуымацæй аив хуыд дарæс, æртхуыз-хæрдхуызæй рараст вæййы, сагау бæрзæндты кæсгæ. Сауджынæн хъалон бафидын ын æхсынæн æркъæрцц кæнынæй уæлдай нæу, Цыппурсмæ та спъиртт æнæхъæн боцкъа балхæны. Йæ бæстыхæйттæ иннæты ’хсæн бæрæг дарынц — къултæ фæйнæгæй астæрд, сырх ахуырст, рудзгуыты фæлгæттæ æмæ дуæрттæ та — урс-урсид. Йæ лæппутæ æмæ чызджытæ аргъуанмæ куы бацæуынц, уæд сæ уайсахат базондзынæ — къахæй къухмæ аив фæлыст. 

Енс Олаи дæр ахæм кæсагахсæг уыд. Æмæ дын иу уалдзыгон бон йæ наулæууæны цигантæ куы фæзыниккой. Сæхи бæлæгъы æрбаленк кодтой. Сæ хистæр — зæронд цигайнаг Сандыр, фæсномыгæй йæ Уаддзалх хуыдтой, бакастæй — нæртон гуыппырсар, йæ дæргъ иу æртæ адылийы уыдаид. Бæлæгъæй ноджы рахызт æрыгон лæппу, цыдаид ыл иу ссæдз азы, æмæ Енс Олаийы хæдзармæ бараст и къæбæргур. Уый уыди кæстæр Сандыр. Æз ма уæд саби уыдтæн. Æвиппайды йæ базыдтон — цалдæр азы размæ, къаддæр ма куы уыд, уæд-иу немæ арæх хъазыди, сæрмæ-сæр алыхуызон æрттиваг цæппузыртæ æмæ æфсæйнагæй конд ницытæ ’мæ мацытæ ивтам кæрæдзиимæ. 

Енс Олаи уыди сæрыстыр æмæ уæззау зондыл хæст, никæмæй ницы дардта æмæ цигантыл дæр фæхъæр ласта, адде ут ардыгæй, зæгъгæ. Фæлæ Сандыр нæ бакоммæ каст, уыцы къæйныхæй лæууыд йæ разы. 

— Мæ бон дын куыст радтын у, — загъта фæстагмæ Енс Олаи. 

— Цавæр куыст? 

— Агтæ-йедтæ æмпъуздзынæ. Стæй мæ бинойнаг æмæ мæ чызгæн æххуыс кæндзынæ, мах-иу денджызмæ куы ацæуæм, уæд. 

Сандыр сæ бæлæгъмæ ацыди, бинонтимæ ауынаффæ кæнон, зæгъгæ. Стæй æрбаздæхт æмæ Енс Олаийæн загъта, разы дæн, зæгъгæ. Æвæццæгæн, йæ фыдæн йæ хъусы бацагъта, ацы хæдзарæй исты æфтиаг ратонæн ис, зæгъгæ. 

Цасдæр рæстæджы фæстæ Енс Олаи йæ фырттимæ денджызмæ ацыд, хæдзары ма баззадысты йæ ус æмæ йæ чызг Леонардæ. Чызгыл цыд æрмæст ссæдз азы. 

Æрыгон Сандыр йæхи æгъдауджынæй равдыста. Хъуццытæ æмæ бæхтæм зилын йæхимæ райста, дзæбæх сæ кодта алы низтæй. Кæсагахсæджы ус ыл йæ цæст æрæвæрдта, йе ’ргом æм раздæхта, кæд ыл дыууиссæдз азмæ æввахс цыд, уæддæр. Фæлæ-иу цигайнаг йæхи фæтылиф кодта, усы-иу асайдта, мæ фыды бæлæгъы мæм мæ саурæсугъд æнхъæлмæ кæсы æмæ йыл сайдæй нæ рацæудзынæн, зæгъгæ. Кæсагахсæджы ус фыдæнхъæл куы фæци, уæд йæ чызджы фæдыл зилын райдыдта, тарсти, цигайнагимæ се ’хсæн исты куы рауайа, уымæй. Æмæ куыддæр мит атади, зæхх стæфст, афтæ Сандыры торф къахынмæ æрвитын байдыдта цъымарамæ — хæдзарæй дарддæр куыд уыдаид, афтæ. Цъымарайы йе ’нæбары бонтæ æрвыста лæппу, йæ зарын-иу хъуыст уырдыгæй, фæлæ йын йæ ныхæстæн ничи ницы æмбæрста. Бæрзонд æмæ хъаруджын лæппу йæ тых цы фæкодтаид, уый нæ зыдта. 

Леонардæ йемæ стæм хатт ныхас кодта, йæ цæсты ницы ахадыдта. Рох дзы нæ уыд: йæ фыд Енс Олаи хъæуы дзырддзæугæдæр лæг у. Фæлæ уалдзæг афæдзы афонтæн сæ тæккæ тæссагдæр у, æмæ хур тынгдæр тавын куы байдыдта, уæд Сандыры цæстытæ стъалытау æрттивын байдыдтой, æмæ-иу Леонардæйы рæзты куы фæцæйцыд, уæд архайдта, цæмæй йыл исты хуызы андзæва — цыма йын æнæбары рауад, афтæ. Чызджы чырынæй æнахъинон хуызы сæфын байдыдтой дзаумæттæ, кæд ыл гуыдыр æвæрд уыд, уæддæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй чырынæн йæ бын æрхауд, æмæ Леонардæ аххос Сандырыл ныххуырста. 

— Никуы дзы ницы адавтон, — загъта лæппу. — Фæлæ дын зæрдæ æвæрын, алцы дæр йæ бынаты уыдзæн, æрмæст-иу изæрæй дæ хуыссæнуаты дуар æхгæнгæ ма кæн. 

Чызг æм бакаст æмæ загъта: 

— Æмæ тæккæ райсом нæ хæдзарæй дæхи дзæбæхæй куы айсай, уæд хуыздæр нæ уыдзæни? 

Фæлæ цигайнаг кæд а дунейыл истæмæ арæхсы, уæд курынмæ, лæгъстæтæ кæнынмæ. Йæ сырх былтæ, йæ саулагъз буар æмæ цæхæр цæстытæ кæйфæнды зæрдæ дæр балхæндзысты. Уæдæ рæвдауæн митæй, чызгыл баузæлынмæ дæр йæ разæй никæй ауадздзæн. 

Иуахæмы Леонардæ кæрты бадт æмæ цъында кодта. Сандыр йæ рæзты фæцæйцыд æмæ йæм дзуры: 

— Курын дæ æмæ мæ торфы цъымарайы кусын бауадз. Дæ зæрдæхудты ницæмæйуал бацæудзынæн. 

Чызг æм скаст æмæ рахатыдта: Сандыры ныхæстæ йæ буары иннæрдæм ахызтысты. Лæппу йæ картуз систа, æмæ йын Леонардæ йæ пыхцыл сау сæрыхъуынтæ æмæ аив сырх былтæ ауыдта. 

— Гъемæ афтæ фæуæд, — загъта чызг æмæ йæ цъындаимæ архайын райдыдта. Йæ уадултыл цыма арт сирвæзти — ссыгъдысты йын. 

Цигайнагæн алцы дæр рагацау хъуыдыгонд уыди, торфы цъымарайы кусыны бар мын радт, зæгъгæ, æрыгон чызгæн куы лæгъзтæтæ кодта, уæд. Хорз æй зыдта, хæдзары уынаффæгæнæг мад кæй у, уый, фæлæ йæ фæндыди чызгæн исты цæстмæми акæнын. 

Бонтæ цыдысты. 

Хъæуы иу æрмдæсны цард. Йæ фырт Конрад горæты сахуыр кодта йæ фыды дæсныйадыл. Йæ хæдзар — Глиммæйы фаллаг фарс. Нывæфтыд хорз чырын-иу кæй бахъуыд, уый-иу æм уырдæм бæлæгъы аленк кодта. Иуахæмы Леонардæйы дæр æрфæндыди Конрадимæ ацæуын, æмæ йæ Сандыр иннæ былмæ баласта бæлæгъы. Чызг дзæвгар бафæстиат — иуæй ног чырыны тыххæй тæрхæттæ кодтой, иннæмæй, Конрадимæ рагон зонгæтæ куыд уыдысты, уымæ гæсгæ сын ныхас бацайдагъ. Сандыр йæхи баурæдта, сыстади, хъæддæсныйы хæдзары цурмæ бараст æмæ дын рудзынгæй куы бакæсид. Стæй уыциу зылд фæкодта æмæ, йæ гуцъа мастæй дæнгæл, афтæмæй уаты скуыси. 

Æртæйæ дæр кæрæдзимæ сæ цæстытæ ныдздзагъултæ кодтой. Цигайнаг уыди, дымгæмæ йæ барц кæмæн ныппака вæййы, йæ фындзыхуынчъытæ кæмæн ныддымсынц, ахæм дугъоны хуызæн. — Цæй, хорз, æз цæуон, — загъта Леонардæ. Лæппутæ цæстæй кæрæдзийы сбарстой сæрæй къæхты онг. Сандыр йæ армæй йæ фæсронмæ бавнæлдта, фæлæ йæм кард нæ разынд, æмæ йæ цæстыты цæхæр фæмынæг. Æнæ хæцæнгарзæй цигайнаджы бон ницы у, кард æм куы вæййы, уæд та хъуыды дæр ницæуыл акæны, марыныл дæр нæ бацауæрды. Уый уыди сæ фыццаг фембæлд. 

Къуырийы фæстæ Конрад кæсæгахсæджы хæдзармæ чырын баласта. Ницы аипп æрхæссæн æм уыд, йæ бакастæй зæрдæ рад, йæ гуыдыр дæр — дзыхъхъынног. Леонардæ дзы йæ дзаумæттæ куы æфснайдта, уæд бафиппайдта: зæронд чырыны алцы дæр ис йæ бынаты, цыма дзы æппындæр никуы ницы фæхъуыди. 

— Дæ митæ та сты адон? — бауайдзæф кодта цигайнагæн. 

— Æз дзы мур дæр ницæмæ бавнæлдтон, — ногæй та асайдта Сандыр, йæ ахуыр афтæ уыди. 

Æрмдæсны арæхдæр цæуын райдыдта Леонардæмæ. Уый йын-иу къофи сфыхта. Цигайнаг æй хъахъхъæдта, æмæ-иу чызг куыддæр исчердæм фæзылд, афтæ-иу къофидоны нытту кодта. 

Конрад-иу сæхимæ куы араст, уæд-иу Сандыр йæ фæдыл бафтыди, раст цыма йæ аууон уыди. Кæрæдзимæ-иу туджджынты цæстæй ныккастысты, цигайнаг та-иу йæ карды фистоныл æрхæцыди. 

— Хъус-ма, цигайнаг. Иу ран цæуылнæ æрлæууыс? Мæнæн Леонардæ абон дзырд радта, — загъта Конрад, иуахæмы та куы фембæлдысты, уæд. 

Сандырæн йæ маст рафыхти, кардмæ фæлæбурдта. Фæлæ хъæддæсны уæдмæ бæлæгъмæ басæрттæтт ласта æмæ былæй фæиппæрд. Малмæ куы баирвæзт, уæд ма рахъæр кодта, уæртæ дзæгъæлхæтæг, æз дыл хицæуттæм хъаст ныффысдзынæн, зæгъгæ. 

Рæстæг цыди. 

Мæ фырты нæхимæ аласон, зæгъгæ, иу бон наулæууæнмæ йæ бæлæгъы æрбаленк кодта хистæр Сандыр, Уаддзалх кæй хуыдтой, уый. Фæлæ лæппуйы хъæмæ здæхын нæ фæндыд æмæ лæгъстæтæм фæци, ме ’мгъуыд куы нæма ахицæн, æххæст мæ кæронмæ бауадз, зæгъгæ. Фыдæн алы былдауæн ныхæстæ акодта, афтидармæй, дам, нæ ацæудзынæн ардыгæй. Уаддзалх дæр ыл баууæндыд æмæ йæ хæдзар бацагуырдта. 

Иу хатт æрыгон цигайнаг Леонардæйæн афтæ: 

— Зæрватыччытæ æртахтысты. Цом иумæ наулæууæнмæ — базилон æм, науæд боцкъатæ-йедтæ æмтъеры кæлдтытæ сты — ды мын амондзынæ, кæй кæм æвæрын хъæуы, уый. 

Леонардæ цигайнаджы удыхъæдæн бæлвырд ницыма зыдта æмæ былысчъилхуызæй загъта: 

— Гъемæ хорз. 

Чызг Сандыры дыдзæхсæн ныхæстæм не смæсты, стæй йын дзуапп дæр тызмæгæй нæ радта, кæд зынæрвæссонхуызæй дзырдта, уæддæр. Уыдта: лæппуйы уарзондзинад бонæй-бонмæ кæны цырендæр. 

Наулæууæнмæ нæма бахæццæ сты, афтæ Сандыр чызгыл ныттыхст æмæ йын батæ кæнын райдыдта. 

— Дæ зонд фæцыд? — загъта чызг æмæ йæхи атыдта. Йæ уадултæ сырх-сырхид афæлдæхтысты, хæстулæфт кодта. 

— Цы зæгъыс, райсом уæ хæдзарæй мæхи айсон? 

Ацы хатт ын Леонардæ дзуапп радта фæлмæн хъæлæсыуагæй: 

— Дæхи куыд дардзынæ, уымæй аразгæ у хъуыддаг. 

— Афтæ никуыуал бакæндзынæн. 

Лæппу йæ ныхасæн хицау нæ разынди. Фадат фæуæвгæйæ йæм-иу йæхи баласта, рæвдауæн ныхæстыл, буц митыл нæ ауæрста. Æмæ чызджы зæрдæ сабыргай сæттын байдыдта, йæхи схъæл нал дардта. Кæд æм Сандыр раздæрау фæндаг зынтæй ардта, уæддæр Леонардæ фендæрхуызон — фæфæлмæндæр, йæ цæстæнгас дæр фæфæлмасхуыз. Ацы хабæрттæ æрцыдысты, бæлæстæ сæ тæккæ сыфтæр калгæйæ куы уыдысты, уæд. Ахæм афон Нурланны диссаджы æхсæвтæ скæны — мæйы рухсæй бæстæ ныррайдзаст вæййы. 

Иу хатт Леонардæ Сандырæн цъымарамæ сихор ныххаста æмæ йæм иннæ хæттытæй уæлдай бынтон хæстæг бацыди. Цæмæн, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста. Раздæр-иу хæринæгты дзæкъул цъымарайы кæрон авæрдта æмæ-иу хъæмæ фæраст ис Ныр та лæппу торфкъахæны бæстастæу лæууыд, æмæ Леонардæйы бафæндыд йæ цуры алæууын. Мад фыр катайæ æррайау ссис, архайдта, цæмæй йæ чызг Конрадмæ чындзы ацæуа, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр. Леонардæ разы уыди. Фæлæ йыл цыдæр цин базыртæ басагъта æмæ йæ чындзæхсæв дæр тынг нал æндæвта. Ацы хæтæгхуаг Сандыр лæууыди цъымарайы бæстастæу æмæ къахта торф. Чызг дæр йæ тæккæ цурмæ бацыди — лæппуйы хæрзконд уæнгтæ, æвзыгъд цæстæнгас æй сæхимæ æлвæстой. Ахæм бонтæ дæр-иу скодта, æмæ Леонардæйы зæрдыл Конрад æппындæр кæд не ’рлæууыд. 

Уалдзæджы кæрон кæсагахсæг йæ фырттимæ æрбаздæхти денджызæй — быдыры куыстытæм бавналын хъуыди, цигайнаг дæр сын хъуамæ исты æххуыс фæуа. Фæлæ йе ’мгъуыд хурхæтæнты ахицæн уыдзæни. Ныр ын Леонардæимæ æмбæлын фæзындæр. Æрмдæсныйы ардыдæй лæппутæ дæр сæ хомæ сæ хъус дарын байдыдтой. Уарзондзинады хабар та афтæ у, æмæ йæ размæ цæлхдуртæ куы нæ уа, уæд мынæг кæны. Æмæ Леонардæ æрыгон цигайнагæй тыхсын байдыдта — йæ зæрдæ йæм фæуазалдæр æмæ та Конрадырдæм йе ’ргом аздæхта. 

Иу бон ын Сандыр афтæ: 

— Дæ лымæн æрмдæсны ма ам иунæг хатт дæр куы фæзына, уæд дын æй маргæ кæндзынæн. 

Леонардæ зынæрвæссонхуызæй бахудт æмæ сдзырдта: 

— Æцæг зæгъыс? Æмæ дыууæ хатты куы фæзына, уæд та цы кæндзынæ? 

Яны бæрæгбон хурхæтæнты вæййы. Уыцы бон-иу æрмдæсныйы хæдзары хъазтизæр уыд, æмæ Леонардæ дæр уырдæм цæуыныл ныллæууыди. Цигайнагæн та йе ’мгъуыд ахицæн æмæ хъуамæ изæрæй сæхимæ араст уыдаид. Уæддæр ма йæм Леонардæ бауырдыг: 

— Фаллаг фарсмæ мæ бахæццæ кæн. 

— Цы дзы агурыс? 

— Уый дæ хъуыддаг нæу. 

Сандыр йæ дзаумæттæ сæмбырд кодта æмæ чызгмæ дзуры: 

— Æз цæттæ дæн. 

Чызг æмæ лæппу доны былмæ ныххызтысты æмæ бæлæгъы сбадтысты. Глиммæ раивылд, уылæнтæ афтæ знæт систы, æмæ тынг тæссаг уыди бæлæгъ тæрын. 

Сандыр-иу фыййæгтыл тынг ахæцыд, афтæмæй чызджы афарста: 

— Уæдæ йæм чындзы ацæудзынæ, зæгъыс? 

— О, — дзуапп радта чызг. 

— Дæ дзаумæттæ дын æз нæ давтон, — загъта Сандыр. — Дæ мад уыди. 

Чызг æм бирæ фæкасти, стæй тынг рамæсты: 

— Ныр цы дзæнгæда цæгъдыс! 

— Цæмæй æз æмæ ды фæхыл уæм, уый фæндыди дæ мады, фæлæ æз зыдтон, дæ дзаумæттæ дын кæм æмбæхста, уый. Радавтон сæ æмæ дын сæ фæстæмæ дæ чырыны сæвæрдтон. 

— Гæды ныхæстæ! — загъта Леонардæ — æцæг нæ баууæндыди лæппуйыл. 

Цигайнаг бæлæгъ тардта, фырмæстæй тъæппытæ хаудта, афтæмæй. 

— Æз дын æвзæрæй никуы ницы ракодтон, — сдзырдта бынтон æрæджиау. — Дæу куы бафæндыдаид, уæд раст фæндагыл бæргæ æрлæууыдаин, хæтæгхуаг цардыл дæр мæ къух систаин. 

— Мæнæн та цы уæлдай у? — загъта чызг. Фæндыд æй Сандыры амæстæй марын. — Чердæм тæрыс бæлæгъ? Ныртæккæ къæдзæхыл нæхи скъуырдзыстæм. 

Бæлæгъ уылæнты бар баци. Райхъуысти чызджы хъыллист. 

Сандыр фыййаг тыхриуыгъд акодта. Фыййаг дыууæ дихы фæци. Бынтондæр доны уацары бахаудтой чызг æмæ лæппу. 

— Ды барæй асастай фыййаг, — æцæг мæсты раци Леонардæ. Лæппу йын дзуапп радта: 

— Раст зæгъыс, барæй йæ асастон. Ныр дын аирвæзæн нал и. Уый фæстæ райхъуысти зæрдæхалæн цъæхахст. Бæлæгъ айнæгыл йæхи сцавта. Цигайнагæн айнæгмæ багæпп кæнын бантысти. Леонардæйы гуылфæнтæ цалдæр фæлдæхты фæкодтой, стæй йæ, йæ сæр бынмæ, афтæмæй дæлæмæ аскъæфтой. Зилгæ-тухгæ дон æй зыдгæнгæ аныхъуырдта. 

Былгæронæй сæ уынæг фæцис, æмæ цигайнаджы къæдзæхæй раргъæвтой. 

Æрыгон Сандырмæ аххос ничердыгæй хауди. Фыййаг асаст, æмæ ма цы акодтаид — бæллæхæн æнæрцæугæ нал уыд. 

Æз ацы хабæрттæ Сандырæн йæхицæй фехъуыстон. Кæйдæр кæй бастыгъта, уый тыххæй йæ Акерсхюсы фидары ахæстоны бакодтой. 



<==    Комментарии (3)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»