== ЧЕДЖЕМТЫ ГЕОР ==
Едзиты Сослæнбег æмæ цъæх айнæг
Цъæх дурмæ цадæг байхъуыста æрмдæсны,
Йæ къух ыл хъавгæ-узæлгæ хæссы:
«Йæ мидæг чи уыдзæн? — Хуыцау йæ дæсны,
Фæлæ мæнæн йæ базонын хæс у.
Мæ сидтмæ иугæр Уастырджи нæ фæзынд,
Уæд ис, æвæццæгæн, зын ран.
Цъæх айнæг дур... кæс-ма, куыд хъæрзы...
Æви, мыййаг, нæма райгуырд Сослан?»
Ныр ацы дурæн абон у йæ хуыцау
Зæххон лæг — хъуамæ дурæн ратта цард!
Æртæ хæзнайы рахаста сæхицæй:
Йæ дзæбуг, духъ-æрттигъон æмæ сарт.
Фæскуывд æрмдæсны дурыл сарт æруагъта —
Фæзгъæртæй хауы сау айнæджы фарс.
Йæ къупп-къупмæ æртахти маргъ дæр,
Æрхъуызыд æрхыл Цымты къохæй арс.
Кæсынц æм джихæй хосдзаутæ дæр дардæй:
«Сослæнбег уа? — фæсайдта йæ хæйрæг!»
Кæсынц æм фарны зиууæттæ æнкъардæй
Æмæ фæзæгъынц: «Хорз лæг уыд, хъæлæкк».
«Хъæубæсты ’хсæн бæргæ уыди нымады».
«Куысты, фæллойы раззагдæр — фыццаг!»
Сослæнбег та сæ иуы дæр нæ хаты —
Йæ зæрдæ у уæларвы рухсæй дзаг.
Æрмдæсны дзуры уазал дурмæ: «Чи дæ?
Зæгъ мын дæ ном æмæ цæрай!
Лæгæн йæ дзуар куы нæ зына йæ сидтмæ,
Уæд зон: зын раны и, сæрæй.
Ныллæууыдтæн Цъæх Айнæгæн æвгъæдгæс,
Мæ уды хъарм ын — фарнхæссæг, нывонд.
Фæзынди дурыл аууонау Лæгдзæргæс! —
Хуыцау, нæ Ирæн амонды ныв уæд!
Мæ Сыгъдæг Уарзт нæ дзыллæйæн лæвар у,
Æндæр уæйыгау чи фæлдахы дур?!
Ирыстонæн йæ даргъ фæндаджы фарн уæд! —
Æмæ йыл макуы,
Макуы аныгуылæд Хур».
1986
== ХЪОДЗАТЫ ÆХСАР ==
Дурты сонет
Едзиты Сослæнбегæн
Уый уарзтой дуртæ. Загътой дзы лымæн.
Сæударæй сæм-иу Хурхормæ ыссыдис.
Бæгъæввадæй-иу се ’хсæнты фæзылдис...
Йæ Сарт, йæ Дзæбуг — Хин æмæ Кæлæн,
куыстой, æрттывтой, калдтой-иу тæмæн.
Æгомыг дурæй сусæг хъæлæс хъуыстис:
«Мæ туг дæ, ме стæг, хион дæ мæнæн»1 .
Æмæ-иу лæгыл бафтыди цымыдис.
«Цы куыстай рагъыл,— фарстæуыд æй хъæуы,—
Сослан, Сослæнбег, дурæй гуырд, нæртон? »
Тыххæйты-иу ныуурæдта йæ кæуын:
«Уым дурты ’взагыл дуртимæ дзырдтон».
Ныр дугтимæ нæ бæгъæввад апостол
фæдзуры дуртæй йе ’рдиаг, йæ монцтыл.
31.12.1996
Едзион Сослæнбег
Кæуылдæрты бæхбадт ыскодта Цыт,
сæ удтæ-иу нырмыдул ысты й’ армы...
Цыд Едзион æртæхæхсад нæудзармыл,
бæгъæввад æмæ счъилвадыгæй цыд
йæ кусæнуатмæ — Хурхоры бæрзондмæ.
(Зæронд тæрсы бын рухс кувæндон уыд).
Æнхъæлмæ касти «Уастырджи» нывондмæ,
æмæ йын хаста Едзион... йæ уд.
Æндзæрста чидæр хи гуылы бын арт...
Æндзæрста уый даэр: пиллон уагътой дуртаэ.
Лавдæрсти туг йæ пырх æнгуылдзтæй дудгæ.
Нымæтын ехс-иу басгуыхти йæ сарт...
Æнхъæлмæ касти «Уастырджи» нывондмæ...
Ныр Едзионæн йе ’рцыдмæ цæрут.
Хæцы йæ баэсты Хурхоры бæрзондыл
хæцаг калмимæ «Уастырджи»— цæрдуд.
______________________________
1 Кадæг нын куыд амоны, афтæмæй нарты Сослан райгуырди дурæй. Адæмон скульптор Едзиты Сослæнбег та нæртон Сосланы æмном у: Сослан — Сослæнбег.