Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 01.08.2010 | прочитано 7654 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Пухатæ, Пухтæ – Пухаевы, Пуховы, Пухашвили

ПУХАТЫ МЫГГАДЖЫ ИСТОРИЙÆ
 

 

Пухаты æмæ сæ æрвадæл мыггæгты равзæрды тыххæй баззад ахæм таурæгъ. Раджы кæддæр Особайы дугæй раздæр иу лæг æмæ усæн райгуырдис æртæ лæппуйы æмæ иу чызг. Лæппутыл сæ ныййарджытæ сæвæрдтой нæмттæ Маргъ, Пух æмæ Хъуыса. Хойæн йæ ном бæрæг нæу. Ахæм нæмттæ та сыл сæвæрдтой уымæн, æмæ сæ хистæр фырт уыд маргъы æнгæс, астæуккаг та цæсгомæй уыд нарст сывæллон, пухау фæлмæн. Кæстæр æфсымæр та уыд тынг къæрцхъус. 

Æфсымæртæ куы бастыртæ сты, уæд бинонтæ æркодтой, эæнæг дæр сын фæзынд. Фæстæдæр сын иу хæдзары нал уыд цæрæн, кæй сбирæ сты, уымæ гæсгæ æмæ æртæ æфсымæры байуæрстой, хицæн хæдзæртты æрцардысты фæрсæй-фæрстæм. Кæстæрты-иу исчи куы фарста, кæй фырт дæ, кæй хæдзарæй дæ, уæд-иу дзырдтой Мæргъиты, Пухаты, Хъуысаты. Афтæ æртæ æфсымæры нæмттæй равзæрд мыггæгтæ Мæргъитæ, Пухатæ æмæ Хъуысатæ. Ацы æфсымæрты фæдонтæ нæ ферох кодтой сæ хæстæгдзинад æмæ кæрæдзимæ кæсынц æрвадæлты цæстæй, Æртæ æфсымæры хо та моймæ фæцыд Быценты мыггагмæ, уымæ гæсгæ йæ кæстæртæ ацы æртæ мыггагæн баххæссынц хæрæфырттæ. 

Цхинвалы горæты цæрæг Мæргъиты Алексийы ныхæстæм гæсгæ Мæргъиты, Пухаты æмæ Хъуысаты рагфыдæлтæ цардысты Дæргъæвсы комы Бырнауы хъæуы. Ам цæргæйæ хистæр æфсымæр Маргъ кæйдæр амардта æмæ фæтуджджын. Уымæ гæсгæ йе 'фсымæр Пухаимæ фæлыгъд уыцы комбæстæй. Хъуысайы та, дам, йæ мады æрвадæлтæ акодтой сæхимæ. 

Пухаты мыггаджы тыххæи ма фехъуыстон æндæр таурæгъ дæр. Зæгъгæ, раджы кæддæр Пухаты фыдæлтæ цардысты Уæлладжыры комы Садоны 

хъæуы. Уырдыгæй фæцыдысты хуыздæр цардагур æмæ æрбынат кодтой Гæналдоны комы Тменыхъæу æмæ Хъæнийы æхсæн. 

Уым уыд нæзы хъæд, ныццагътой йæ æмæ дзы сарæзтой цæрæнуæттæ. Иу рæстæджы сæ дон фæласта æмæ уæд сæ иутæ Хъæнимæ слыгъдысты, иннæтæ та Млеты хъæумæ. 

Пухаты мыггагæй иутæ та æрцардысты Стыр Леуахийы комы Тлийы хъæуы, уырдæм та æрлыгъдысты Цæгат Ирыстонæй Садоны хъæуæй. Садоны ма куы цардысты, уæд сæхи иууылдæр хуыдтой Пухатæй. Фæлæ Тлимæ куы æрцыдысты, уæд сæ иу хуынди Мæргъы æмæ йæ цæуæты ном схуыдта йæ номæй – Мæргъитæй. Мæргъитæ Тлийы баззадысты, Пухатæ та ралыгъдысты быдыры хъæутæм: Елтъурамæ, Схлитмæ, Сарабукъмæ. Иу хай та дзы алыгъд Карелы районы Цъуеры хъæумæ. 

Мæздæгмæ дæр дзы алыгъд, æмæ уым цы Пухатæ цæры, уыдон уырыссагау ныффыстой Пуховтæ, иннæтæ та «Пухаевтæ». (Кæс Гаглойты 3. Ирон мыггæгтæ, 133-æм фарс). 

Гæналдоны комы Пухатæ кæм цардысты, уыцы бынат абон дæр зындгонд у, куыд «Пухаты хъæууат». (Цагъаты А. Цæгат Ирыстоны топоними 2-аг хай 56-æм фарс). 

Пухаты мыггаг Хуссармæ кæд рахаудта, уый зын зæгъæн у, Беджызаты Дудары æрмæджытæй иуы таурæгъы дзырдæуы «Мæргъты Саулæг æмæ Пуха лæг кæй амардтой, уый тыххæй рацыдысты Хуссармæ. Фыццаг æрæнцадысты Урстуалты – Едысы хъæуы, фæлæ фæстæдæр сæхи айстой Тлигоммæ. Уыцы рæстæджы уым хъæздыг зæххытæ уыд æмæ дзы æрбынат кодтой». 

Тлигоммæ æрцæугæйæ Пуха йе 'рвадæй æвæццæгæн рахицæн æмæ æрцард комæн йæ цæгатварс – Бадзыгаты хъæуы бын. Уыцы бынат абон дæр ма хуыйны Пухат, Пухаты æрдуз. 

Тлигомы Пухаты мыггагæн йæ фылдæр Гудисгоммæ куыд алыгъдысты, уый тыххæй-иу мæ фыд Тугъанæй æмæ нæ хъæуы хистæр лæгтæ Рутен æмæ Черменæй хъуыстон ахæм таурæгъ. «Пухатæ цалдæрæй ацыдысты цуаны Джермугъы хохмæ, Цуангæнгæйæ афтыдысты Джермугъы фæрстыл Гудисы коммæ. Бирæ фæрахау-бахау кодтой æмæ æппынæрæджийау бамбæлдысты иу сагыл æмæ йæ фехстой. Æгæр кæй баизæр, уымæ гæсгæ æхсæв уым лæууынвæнд скодтой, сæхицæн цатыр æрцарæзтой æхсæв лæууынæн. Арт бандзæрстой æмæ сырды фыдæй хæрзад физонджытæ фæкодтой. Æфсатийы ном дæр ссардтой æмæ стæй æрулæфыдысты сæ цатыры. Райсом куы сбон, уæд бæстыл сæ цæст ахастой, аразил-базил кодтой æмæ ком сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Загътой, цæрынæн ма хуыздæр кæм хъуамæ уа. Фæстæмæ куы раздæхтысты Тлигоммæ, уæд сæ бинонтимæ бауынаффæ кодтой æмæ сфæнд кодтой, цæмæй Гудисгоммæ фæлидзой цæрынмæ. Сæхи барæвдз кодтой æмæ сæ фылдæр хай ацыдысты Гудисгоммæ. Сæ зæххытæ та ныууагътой, Пухатæй ма бынаты чи баззад, уыдонæн». 

Пухаты мыггаг Гудисгомы уыдысты бындурæвæрджытæ сæ хъæуæн. Фæстæдæр сæ иу хай æрбынат кодта Бадаты хъæуы дæр. Пухатæн Гудисгомы уыд сæхи мæсыг дæр. Ныр дæр ма бæрæг сты йæ систы пырхæнтæ. (Къæбулты Зауыры ныхæстæй, горæт Цхинвалы цæрæг). 

Фæстæдæр Пухаты мыггаг Гудисгомы куы ныббирæ сты, уæд лидзын райдыдтой æндæр рæттæм. 

Беджызаты Дудары æрмæджытæй иу таурæгъы дзырдæуы: Пухатæ быдырмæ фыццаг кæдæм алыгъдысты, уым сæ ничи зыдта æмæ-иу сыл дардæй æхситт кодтой. Уымæ гæсгæ сын сæ хъæуы рахуыдтой Æхслиты хъæу 

Æхслиты хъæуæй дарддæр ма Пухатæ æрбынат кодтой ахæм хъæуты, куыд Окона, Елтъура, Ксуисы, Абреу, Знауыр, Отъреуы, Еред, Куатетри, Гобозтыхъæу, Чъимасы, Дзагъина, Алибар æмæ горæт Цхинвалы. (кæс «Иэвестия» ЮОНИИ вып. XI сыфтæ 143-144). 

Пухатæй ма бирæтæ алыгъдысты цæрынмæ Гуырдзыстоны мидæггаг районтæм, куыд зæгъæм Плауисманмæ, Горисдзуармæ, Хелтубанмæ, Агарамæ, Къаспмæ, Абисмæ, Карелмæ, Хосиатъанмæ, Думанисмæ æмæ æндæр хъæутæм (Цхуырбаты Замирæ «Фидиуæг» '91 №11-12 103-æм фарс, Гаглойты Зинæйы чиныг «Ирон мыггæгтæ» 273, 274, 275-æм фæрстæ). 

Хуссар Аланыстоны Епархийы, сыгъдæг Мадымайрæмы чырыстон Аргъуаны сæргълæууæг, Архимандрит Георги Пухаты куыд дзуры, афтæмæй, йæ фыдæлтæ Тлигомæй ралыгъдысты цыппар, фондз фæлтæры размæ. Ома, Пухатæй ма Тлигомы цардис 120-150 азы размæ дæр. 

Пухаты мыггагæй рацыд бирæ зындгонд гоймæгтæ, куыд Архимандрит Георги Пухаты. Фысджытæ Пухаты Александр æмæ Пухаты Пъетро. Историон зонæдты кандидат, культурæйы министр Пухаты Къоста. Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Александр, ахуырады органты бирæ азты кусæг Пухаты Фатимæ. Æссæдзæм æнусты райдайæнты зæхкусæг адæмы бартыл æлдæртты ныхмæ тохгæнæг Пухаты Иликъо. Дыууæ хатты дунейы чемпион, спорты сгуыхт мастер Академион гребляйæ Пухаты Еленæ, юристтæ, дохтыртæ æмæ бирæ æндæртæ. 

 

МÆРГЪИТЫ Ирбег, 

Уанеты 3ахарийы номыл зонад-иртасæн 

институты кæстæр зонадон кусæг 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»