Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 30.07.2011 | прочитано 5797 раз |  Комментарии (2)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ÆФСЫМÆР ÆФСЫМÆРÆН СЫЗНАГ

Журнал «Мах дуг», 2002, № 9, 10 

 

ЦÆЛЫККАТЫ Ахмæты тыххæй
 

Ахмæт райгуырди 1882 азы Пысылмонхъæуы (ныры Ногхъæуы). Бакасти Стъараполы гимназы æмæ Мæскуыйы университеты юридикон факультеты. Студент уæвгæйæ дæр йæ хъус дардта æхсæны хъуыддæгтæм, архайдта политикон æмæ идеологион карз тохты, сси Уæрæсейы социал-демократон кусджыты партийы уæнг æмæ йæ цалдæр хатты æрцахстой. 1905–1907 азты революци састы бынаты куы баззад, уæд радзырдта кусджыты æнæпартион съезд саразыны фарс, æмæ йæ В. И. Ленин скритикæ кодта. Цæлыккаты Ахмæт «кæрæдзиуыл баста УСДКП-йы Терчы-Дагъистаны æмæ Цæгат Кавказы цæдистæ, стæй Дзæуджыхъæуы, Кубаны æмæ Армавиры комитетты куыст. Парахат кодта пысылмæтты национ рæзты хъуыдытæ» (С. М. Исхаков. Политические деятели России. 1917, М., 1993, 336 ф.). 

Империйы бирææнусон историйы Пысылмæтты æппæтуæрæсеон Совет фыццаг хатт фæзынди 1917 азы 11 майы — бæстæйы пысылмон адæмты съезды уынаффæйы фæстæ. Советы (Милли Шуройы) сæрдарæй æвзæрст æрцыди Цæлыккаты Ахмæт. 

Октябры революцийы агъоммæ Ахмæт ссис цыппæрæм Думæйы депутат (уыди пысылмон фракцийы бюройы сæргълæууæг). 1917 азы 25 мартъийы (Ленин эмиграцийæ куы ’рбаздæхт, уымæй раздæр) æргомæй тох кæнын райдыдта хæсты ныхмæ (Рæстæгмæйы хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты министр П. Н. Милюков та хæст кæронмæ ахæццæ кæныны фарс уыд). Июнæй декабрмæ Цæлыччы-фырт куыста «Известия Всероссийского Мусульманского Совета»-йы редакторæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы рæстæг столицæмæ фæцæйцыди, Хъæддаг дивизи кæй хуыдтой, уый — революцийы фарсхæцджыты ныхмæ хæцынмæ. 31 августы, Дно, зæгъгæ, уыцы станцæйы Цæлыккаты Ахмæт сæмбæлди дивизийы командæгæнджытимæ æмæ сæ сразы кодта сæ фæнд аивыныл: горæты цæрджытæй мингæйттæ фервæзтысты мæлæтæй. 

Цæлыччы-фырт арæх дзырдта пысылмæтты Æппæтуæрæсеон æмбырдты. Ш. Манатовы ныхæстæм гæсгæ, В. И. Ленин 1918 азы январы фембæлди Сæрæвæрæн æмбырды уæнгтæ Ш. Манатов æмæ М. Вахитовимæ æмæ загъта, хорз, дам, уаид, Цæлыккаты Ахмæты советон хицаудзинады ’рдæм раздахын. Манатов æмæ Вахитов аныхас кодтой Ахмæтимæ, фæлæ уый йæ зондахаст нæ аивта. 

Ноджы раздæр та (1917 азы 1 декабры) Цæлыччы-фыртимæ фембæлд И. В. Сталин. Ахмæт ын загъта: пысылмæттæ советон хицауады фарс нæ рахæцдзысты. 

1918 азы 22 майы УСФСР-йы Нацадком Милли Шуройы куыст баурæдта, æмæ Ахмæт сыздæхт Ирыстонмæ. Терчы бæстæйы адæмты 4-æм æмбырды йæ равзæрстой Терчы Адæмон Советы ирон фракцийы уæнгæй. Фæстæдæр та æрлæууыди Кавказы адæмты меджлисы сæргъы (Калачы). Гуырдзыстоны советон цардæвæрд куы ’рфидар, уæд Ахмæт йæхи айста фæсарæнтæм. Фыццаг афтыди Константинопольмæ, стæй та Чехословакимæ æмæ Польшæмæ. Чехословакийы Ахмæт уадзын райдыдта журнал «Кавказский горец» (1924 азы). 1926 азы Прагæйы джиппы уагъд æрцыд йæ роман «Брат на брата». 

Ахмæт амарди 1928 азы 2 сентябры Варшавæйы. Йе ’мбæстаг Елехъоты Тамби журнал «Горцы Кавказа»-йы фыццæгæм (нудæсæм) номыры фыста, зæгъгæ, Ахмæт суанг эмиграцийы зындæр азты дæр æууæндыд уырыссаг демократийы хъомысыл, фæлæ йæ фæстæдæр «царды зилдухæнтæ æмæ цæлхъытæ уыцы хатдзæгмæ æркодтой: Кавказы адæмтæн сæ политикон хæдбардзинадыл тохы зæрдæдаргæ никæуыл у сæхицæй дарддæр». 

Номдзыд лæджы амарды тыххæй фехъусын кодтой газет «Курьер Варшавский» (полякаг æвзагыл), Парижы уырыссаг газет «Последние новости», Берлины уырыссаг газет «Руль» æмæ иннæтæ. 

Нæ ныхасы кæрон чысыл скъуыддзаг æрхæсдзыстæм Ибрагим Чуликы уацæй (журнал «Горцы Кавказа», №8 — 9, Париж, 1929): «Стать в качестве друга и брата к близким, быть истинным сыном отчизны и посвятить себя на безвозмездное служение народу — дело великое, требующее воли сильной непоколебимой. Таким был Ахмед». 

 

Салæгаты Зойæ 

 

ÆФСЫМÆР ÆФСЫМÆРÆН СЫЗНАГ 

Роман 

[Уырыссаг æвзагæй Хæблиаты Сафары тæлмац] 

 

I

 

Хид фæсте аззади, æмæ поезды Мыртазатæм бирæ нал хъæуы. Уый фæстæ бахæццæ уыдзæн Æрæфмæ. Ирыстон... 

Уæрæсейы куыд уыди, афтæ тынг нал тыхсы адæймаг. Станцæйы адæм дæр бакастæй æндæрхуызон сты. Салдаты цинел арæх нал фендзынæ. Хохаг синджын кæрцытæ. Ныллæг конд уæлдзарм худтæ. Уæйлаг нымæттæ. Адæмы фезмæлд — сабыр, хиуылхæцгæ. Сæрыстыр æнгæс... Фæлæ ам дæр æппæтæй арæхдæр уыцы фæныкхуыз цинелтæ сты... 

Бæлццæттæй бæлвырд ничи ницы зоны, æрмæст хъус-хъус дзурынц хабæрттæ. Хорзæй ницы фехъусдзынæ. Сагъæссаг цау. Цавæрдæр тугкалæн хъуыддæгтæ цæуы Дзæуджыхъæуы алыварс. Чидæр кæимæдæр хæцы. Ир æмæ мæхъхъæл, хъазахъхъ æмæ цæцæн. Цыма хъазахъхъ, ир æмæ салдæттæ иумæ мæхъхъæл æмæ цæцæнмæ балæбурынмæ хъавынц. Нырма уал судзы Иры стырдæр хъæутæй иу. Арт ыл мæхъхъæл бафтыдтой. Цы уыдзæни дарддæр? Ничи йын ницы зоны. Иууылдæр тæрсынц кæрæдзийæ. Иу иннæйы нымайы знагыл. 

Æз ницы дзурын, æрмæст мæ хъус дарын адæмы ныхæстæм, фæлæ хъуыддагæн бамбарæн нæй, æмæ хинымæр баризын... 

Беслæны станцæйы змæлы æнахуыр бирæ дзыллæ. Кæдæм акæсай, уым гæрзифтонг адæм къордтæй лæууынц. Сæ бакаст — хъуынтъыз. Цæуылдæр тыхсынц. Сæ фондзæхстæттæ куы уæхсчытæм сæппарынц, куы сæ дæлæмæ æрисынц. Сæ цæстæнгас — хъамайы фындзæй цыргъдæр, адæймаджы иннæрдæм хизы. Иууылдæр æмдзырд кæнынц, сæ ныхасæн сын фæрсырдыгæй бамбарæн нæй: иугæндзон гуыв-гуывæй хъæрдæрæй хъуысы: «та-та-та... ту-ту-ту» — хæстæг кæмдæр æхсынц пулеметæй. Цыма станцæйы уæлхæдзар исчи уисхъæдæй хойы, уыйау. Ныннæрыди сармадзаны гæрах. Станцæйы бæстыхæйттæ барызтысты. Рудзгуыты æвгты дзыгъал-мыгъул райхъуысти. Адæм ноджы фæтыхстхуыздæр сты. 

Хæст, æвæццæгæн, йæ тæккæ тынгыл у. 

Чи кæимæ хæцы? Цæй охыл? 

Рæвдздæр, рæвдздæр базонон, мæ алыварс цытæ цæуы, адæм афтæ тыхст цæмæн сты, мæ райгуырæн зæхх адзалхæссæг сармадзаны нæрынæй цæмæн ризы, уыдæттæ. Мæ фæндаггон хызын мæ уæхскмæ сæппæрстон, æмæ поезды æрлæууынмæ дæр нал банхъæлмæ кастæн, цæугæ-цæуын дзы æргæпп ластон. 

О, фыдæлты уæзæг, уый куыд у, уый?! Ам дæр та тугамæст мигъ куы æнхъизы. Хæхтæн се ’нусон фынæй фехæлд. Загътон, ницы сæм никуы бахъардзæн, æмæ мыл сайд æрцыди. Ам дæр адæймаг адæймаджы ныхмæ куы сыстад. Æфсымæр æфсымæры ныхмæ. Фаг нæма ныккалди туг? Æвæццæгæн, нæма. Æвæццæгæн, туджы зæйтæ рауадзинаг сты, дуне бынтон йæ быны кæмæн фæуа, ахæм туджы денджыз. Цы гæнæн ис, нæ гæндзæхтæ цæгъддзыстæм уыцы денджызы. 

Æнæмæт дæн æз. Æнæхъæн дыууæ мæйы дæргъы хæсты быдырæй Кавказмæ æнæкæрон фæндагыл мæ зæрдæ бирæ хæттыты цы сагъæсæй æнкъуысти, уый цыдæр æрбаци. Мæхицæн иу æмæ дыууæ хатты нæ загътон: тæппуд куы нæ дæ, Албег! Ды куы цыдтæ æдæрсгæ нæмгуыты ихуарды бын размæ, адзалы хъæбысмæ. Уæд дыл цы ’рцыди ныр? Дæ буар æмризæджы цæмæн баризы, дæ зæрдæ та, куыйтæ алырдыгæй кæуыл рæйынц æмæ чердæм йæхи фехса, уый чи нал фæзоны, уыцы тæрхъусы зæрдæйау цæмæн хойы риуыгуыдырыл йæхи? «Дæхиуыл хæцын фæраз, дæ бакаст уæлдайхуызон дæр ма фæуæд», — арæх-иу дзырдтон мæхицæн, фыдгулы цæстытæ-иу мæ куы хуынчъытæ кодтой, уæд. Уыдон-иу хъавыдысты мæ зæрдæйы тæккæ арфдæр æвæрæнтæм ныккæсынмæ, базонын сæ фæндыди, чи дæн æз — фыдгул æви хион. Фæлæ мæ цæстæнгасы ницы рахатæн уыди, тар хъæды астæу пыхсы бын чи фæци, æрдæгæмбыд сыфтæр бæзджын фæлтæр кæуыл сæвæрдта, кæрдæгхуыз хъуына кæуыл схæцыд, уыцы зæронд цъымарайы бын куыд ницы фендзынæ, афтæ. Цас дæ фæнды, уыйас æм кæс — ницы дзы раиртасдзынæ... 

Ныр мæнæ мæ фыдæлты зæххыл æрлæууыдтæн... Ам, цыфæнды куы цæуа, уæддæр зæрдæ æнахуыр æнцой ссардта. Перроныл цалдæр къахдзæфы дæр нæма акодтон, афтæ мæ размæ фесты мæ хæстæджытæ æмæ мæ хъæуккæгтæ. Диссаджы æхсызгон сын уыди мæ фенд. Сæ хистæр Асæге, ме ’рвад, бурхил, даргърихи, боцъоджын, йе ’рфгуытæ — къардиуы сæрмæ пыхсыты хуызæн пыхцыл, йæ къæхтыл — сæрак хæдбынтæ. Фæлмæн къахдзæфтæй рахызт иннæты æхсæнæй, мæ разы æрлæууыд. Æгасцуай мын загъта: йæ рахиз къух рæмбыныкъæдзыл фæтасыд, сындæггай йæ схаста цухъхъайы бæрцыты онг æмæ йæ фæстæмæ æруагъта, ноджыдæр-ма иу къахдзæф æрбакодта мæнырдæм. 

— Амондджын сахат сæмбæл, Албег, æмæ нæм алыбоны æгас цу! 

Йæ къух мæм æрбадардта. 

— Алыбоны хорзæхæй хайджын у, — дзуапп ын раттон æз дæр æмæ кæрæдзийы къухтæ фидар æрæлхъывтам. 

Асæге мæм бынтон æввахс æрбацыд æмæ мын ныхъхъæбыс кодта: йæ рахиз къух мæ галиу уæхсчы сæрты æрбайста, галиу та — мæ рахиз дæлармы, армытъæпæнæй мын мæ фæсонтæ цалдæр хатты æрхоста. 

Адæм ныл æрæмбырд сты. 

Иу иннæйы фæдыл мæм цæуынц уæзданхуызæй æмæ мын мæ къух исынц. 

Алчидæр сæ фæзæгъы исты рæвдауæн ныхас æмæ æддæдæр алæууы. 

— Æгайтма дæ сæрæгасæй уынын... 

— Амонды хос нын фæуæд де ’рбацыд... 

— Хорз хабæрттæ ныл куыд ныккæлой амæй фæстæмæ, Хуыцауæй нын ахæм арфæ уæд... 

— Табу иунæг Цытджын Хуыцауæн, дæу фыдыуæзæгыл чи сæмбæлын кодта... 

Кæимæдæрты кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнæм. 

Цины уылæнтæ анхъæвзтой ме уæнгты. Кæс-ма, мæ фенд æхсызгон кæмæн у, ахæмтæ ис нырма а дунейы. Архайын алкæмæн дæр цалдæр дзæбæх ныхасы зæгъыныл. 

— Барысби куы дæ уый! Тыххæйты ма дæ базыдтон: дæ бакаст цæргæс у, цæргæс! Æгас нæм цу, æгас!.. 

— Хæмæтхъан, уый ды дæ? Боцъо рауагътай æмæ дæ базонæн нал ис... 

— Дæ фысты дзуг цы баци, Батыраз? 

— Дæ саулохаг ма дæхимæ ис, Созырыхъо? Бадынæй йыл куы нæ æфсæстæ. 

Æнæзонгæтæ дæр мæм цæуынц æмæ мын салам дæттынц. Афтæмæй мыл дзæвгар рæстæг аивгъуыдта. Кæстæртæй мын чидæр мæ хызын мæ къухæй куыд айста, уый уæвгæ дæр нæ бамбæрстон. Ничиуал ницы дзуры, иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц, цы зæгъдзынæн, уымæ. 

— Хуыцауы хатырæй, ам цытæ цæуы, уый-ма мын зæгъут, — æппынфæстаг сæ бафарстон æз. — Чи уæ кæимæ хæцы? Хуыцауардыстæн, ницы йын æмбарын. 

— Хуыцауы фыдæх нæ баййæфта, — дзуапп ратта Асæге, — æмæ ныл туг ныууарыд. Ир æмæ мæхъхъæл мæлæтдзаг тохы бацыдысты. 

— Цы уаринаг уын разынди? — фæрсын сæ дарддæр. 

— Чи йын цы зоны, — йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста Асæге. — Сæ сæры зонд фæцыди... 

Станцæйы бæстыхайæ рахызт хæстифтонг адæмы къорд, сæ разæй зæронд лæг. Дзæнгæрæджы бын æрлæууыд, йæ лæдзæгæй дуары тарваз цалдæр хатты æрцавта, ома байхъусут, хорз адæм. 

Перроны чидæриддæр уыдис, уыдон зæронды ’рдæм азылдысты. Цыбыргомау къабазджын лæг. Гуыбырфындз. Дæргъæй-дæргъмæ фист боцъо. Йæ сæрыл уæлдзарм худ. Синджын кæрц æнгом æлвæст у ронæй; йæ астæуыл фæтæнком сау хъамайы кæрон уæрджытæм æххæссы. Йæ рахиз къухы — цым лæдзæг сыкъаздыхт хæцæнимæ, лæдзæджы бырынкъыл джебогъ фидаргонд. 

Зæронд æнхъæлмæ кæсы адæмы басабырмæ. Сæ уынæр куыдфæстæмæ бамынæг. Бæлвырддæрæй хъуысы пулеметы «тэк-тэк-тэк, тэк-тэк-тэк»... Хъазтизæры дыууæ бандоныл æвæрд фæйнæг уистæй хойæгау. 

— Мæнæ хорз адæм, Ирыстоны хъæбултæ, — боцкъайы хуылфæй дзурæгау райхъуысти зæронды фæсус бæзджын хъæлæс. — Хъуыддаг аразыны рæстæг куы ралæууыди, уæд æнæпайда дзæнгæда худинаг у. Тепсыхъойыхъæу кæй бабын, уый уæм æгъгъæд нæ кæсы? Тепсыхъойыхъæуы арты амæттаг хæдзæртты æртхутæг ирон адæмы сæрыл кæй хауы, уыцы худинаг фагыл нæ нымайут? Ног худинаг, Татианыхъæуы сæфт уæ сæрмæ æрхæссинаг стут? Фыдгул йæ хъарутæ иууылдæр уыцы хъæуы ныхмæ сарæзта. Сармадзантæ æрбаластой. Балæбурынæввонг сты. Мæхъхъæлы зарын айонг дæр хъуысы, мах та ам дзæгъæл ныхасыл æмæ æнæхъуаджы хабæрттыл схæцыдыстæм. Йæхи лæгыл чи нымайы, сылгоймаджы кæлмæрзæны бæсты йæ сæрыл худ чи дары, йæ дадзинты ирон туг кæмæн æхсиды, знагæн хатыр чи нæ зоны, уый хъуамæ хæсты быдырмæ атындза æмæ нæ маст дывæрæй райса. Ныхас ирон адæмы намысыл цæуы. Рæвдздæр цæугæут Татианыхъæумæ, мауал фæстиат кæнут. Худинаг уæ сæрмæ ма ’рхæссут æмæ ирон адæмы фидæны фæлтæрты дæр фидиссаг ма фæкæнут. Ирон намыс дæлæмæ æрхауын ма бауадзут. 

— Ай-гъай... Ай-гъай... Тынг раст зæгъы... — хъуысы алырдыгæй. — Цæугæут! Ироны номыл къæм абадын нæ бауадздзыстæм! Нæ бауадздзыстæм! Цомут! Иууылдæр цомут! 

Ссыди фондзæхстæтты къыбар-къыбур, сампалты къæрццытæ. Алчи йæ хотыхыл фидардæр æрхæцыд, хъатарайыл къух æрхаста, рон æнгомдæр балхъывта. Зонгæтæм, хиуæттæм хъæр кæнынц, цæугæдон йæ ауæзт куы арæмудза, уыйау иуырдæм агуылф сты. 

Мæнæн дæр бæх æмæ хæцæнгарз раттой. 

Цалдæр минуты атындзыдтон Татианыхъæуы ’рдæм. Ме уæхскыл гилдзытæй йæ тæккæ дзаг дывæр сæрак хъатара уагъд. Бæх згъæллаггомы къæбæлтæ æхсыны. Мемæ ис æхсæз гæрзифтонг барæджы, мæ хæстæджытæ æмæ хъæуккæгтæ. 

Ничи ницы дзуры. 

«Тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахаудтон», — хъуыды кæнын хинымæр. Мæ фыдæлты зæхмæ мæ бæттæнтæ куы тыдтон, уæд ахæм хабармæ не ’нхъæлмæ кастæн, Уырысы нал хъæуыс, мæнæй уый. Дард кæмдæр ис дæ райгуырæн бæстæ, чи зоны, бахъæуай дзы. Кæд æй афицеры æнæнцой царды заман байрох кодтай, уæддæр уым сты дæ адæм; дæ зæрдыл ныр, афицер куы нал дæ, æрмæст уæд, де ’намонды сахат æрлæууыдысты. Чи зоны, иуварс дæ кæд нæ асхоиккой. Хъæмæ, хъæмæ. Сраст кæн дæ рæдыд, балæггад кæн дæ адæмæн. Æмæ куыд балæггад чындæуа? Цæй, уым бæрæг уыдзæни... Ахæм лæггадмæ бæргæ нæ бæллыдтæн: ногæй та хæст. Ногæй та туг кæлы, æмæ адæм кæрæдзи цæгъдынц. Цæй охыл? Нæ зонын. Адæмы намысмæ, дам, фæныхылдæуыд. 

Кæд æмæ хицæн адæймаджы намыс ис, уæд æнæхъæн адæмы намысæн дæр æнæ уæвгæ нæй, нымæцæй цыфæнды чысыл куы уой, уæддæр. Æнæмæнг афтæ. Кæд æмæ уыцы намысмæ фæныхылдæуыди, уæд æз йæ сæрыл тохы бацæудзынæн... Удуæлдайæ кæй тох кæндзынæн, уый мын гуырысхойаг нæу... 

Бæхтæ рог уайынц над фæндагыл. Цæфхад дурыл куы сæмбæлы, уæд йæ зæлланг ссæуы. Разæй разынди обау. Бæрæг ыл дарынц адæмы æмæ бæхты æндæргтæ. Ирон разбадджытæ. Хатгай ссæуы дзæгъæл нæмыджы дыв-дыв. Тынгæй-тынгдæр хъуысы пулеметы «тэк-тэк-тэк»... 

Фæндагыл цæуынц фистæджытæ, барджытæ, адæмæй сæ тæккæ дзаг уæрдæттæ. Иууылдæр фондзæхстæттæй ифтонг, сæ риутыл — хъатаратæ. Цухъхъаты фæдджитæ ронбасты тъыст, зынынц хъаматы кæрддзæмтæ. Ивылынц æмхæццæ гуылфæнæй, сæ бакаст — хъуынтъыз, ныхас никæмæй хауы... 

Фæсте сæ фæуагътам æмæ смидæг стæм Татианыхъæуы фæтæн цæхгæрмæ уынджы. Ам фистæджытæ æмæ барджытæ уæлдай арæхдæр сты. 

Стыр æмæ хъæздыг хъæу. Агуыридурæй конд цъæхсæр хæдзæрттæ. Сæ бырутæ гæнахы къултау фидар. Адæм дæр уыцы цардхуыз, сырхуадул. Дуканитæ рарæнхъ сты, фæлæ се ’ппæтыл дæр æфсæн æвдузæнтæ уæззау гуыдыртимæ... 

Æнхъæлмæ кæсæм, кæд нæ иу хъуыдыгæнæг фæуид, зæгъгæ, алырдæм фæлгæсæм. 

Уынгтæ сты æмызмæлд. Хъæр, хъæлæба. Уæрдæттæ, бæхтæ, фос, адæм — иууылдæр сæмхæццæ сты. 

Хатгай райхъуысы адæмы тыхст æмæ знæт ныхас. 

— Ардæм уæлибæхтæ хæрынмæ æмæ двайно нуазынмæ æрбацыдыстæм, æви! — йæ фондзæхстон æртхъирæнгæнæгау уæлиау систа, афтæмæй рахизырдыгæй иу къорды æхсæнæй хъæр кæны дæргъындзæг лæппу. — Хæрд æмæ нозт нæхимæ дæр разындаид! Рæстæг дзæгъæлы цы сафæм? Мæхъхъæлы æрбабырсынмæ æнхъæлмæ кæсæм? Нæхæдæг сæм ныббырсæм!.. Размæ!.. 

— Дзеудзæлæй, дзеудзæлæй! Цæуыл хъæр кæныс? — сдзырдта йæм æвзалыйæ нывгондау сатæгсау тымбылдзæсгом лæг. 

— Дæу хуызон булкъонтæ ам бирæ ис. Иууылдæр уынаффæгæнæг куы суой... — сфæзмыдта йæ: — «Ныббырсæм, ныббырсæм!» Фæстæмæ хæц, науæд дæ хæлафæн йæ пъæр-пъæр ссæудзæн... Раздæр уал дæ арахъхъы тæф суадз... 

Адæм худынц. 

Иннæрдыгæй чидæр йæхи хъары: 

— Штой! Равняишь! 

Фæлæ йæм хъусæг нæй, коммæ кæсын ахуыр не сты фæсивæд. 

— Штой, тебе говорят рушким яжыком. Вожми мешто! — командир мæстæй фыцы. 

— Какой мешто мне не надо, у меня швой мешто, — фæстæмæ йæм дзуры бынтон æрыгон лæппу, рæнхъы æрлæууын нæ комы. 

Хæстæгдæр кæртæй хъыллист æмæ æхситгæнгæ ракалдысты расыг фæсивæд. Дзæвгар дзы кæй ауагътой, уый сæ цæсгæмтты сырхæй бæрæг у. Уæлдзарм худтæ схъæл сагъд. 

 

... Не плачь ти, Маруша, 

Будешь ти мое... 

 

Æрдæгцъæррæмыгъд уырыссагау чидæр кæны салдаты зарæг. 

 

С прижива вернуша, 

Женю на тебе... 

 

— Раж... Два... Раж... Два... Жа мной, багенджинтæ, жа мной!.. ... Уынын сæ, фæлæ мæ цæстытыл не ’ууæндын... Ау, адон ирон фæсивæд уой? Хæсты цалдæр азмæ сыл цы ’рцыдаид? Расыг фæсивæд сæ сæр, сæ фад нал зонынц, урссæр зæрæдты ницæмæ дарынц, уыдон дæр, мæгуыртæг, къулмæ сæхи нылхъывтой. 

Дæргъæй-дæргъмæ рарæнхъ сты къулрæбын, æппæтæй дæр рох, æппындæр никæй хъæуынц... Сæ цæстытæй рухсы цъыртт нал кæлы. Сæхицæн дзурæгау цыдæртæ дзурынц сабыргай æмæ æнæбары. Искуы-иуæй фæстæмæ иууылдæр лæууынц лæдзæгæнцой. Стæмтæй фæстæмæ лæдзджытæн сæ кæрæттыл джебогътæ фидаргонд. Цард, æнæхъола, расыг цард абухы сæ разы, зæрæдтæ та сты, денджыз былмæ кæй раппæрста æмæ хурмæ чи æмпылы, ахæм æдуидаг бындзæфхæдты æнгæс. 

Мæгуыртæг... 

...Хур уæлиау ссыди æмæ судзын райдыдта. 

Цавддуртау лæууæм дæргъвæтин рæстæг, æнхъæлмæ кæсæм: фиппайæг нæ кæд фæуыдзæн. 

Æппынфæстаг фæсивæд къордæй нæ размæ æрбацыдысты æмæ нæ бафарстой: 

— Чи стут, уазджытæ, æмæ кæцæй æрбафтыдыстут? 

Дзуапп сын раттон: 

— Æз дæн сисыхъæукаг Албег. Поездæй нырма ныр æрхызтæн æмæ, ирон лæгæн куыд æмбæлы, афтæ Татианыхъæумæ батагъд кодтон, кæд, зæгъын, ацы уæззау сахат мæ адæмæн истæмæй феххуыс уаин. 

— Цæмæ æрбацыдыстут?.. 

— Æфсымæр мын дзы чи нæ свæййы!.. 

— Зонæм æй, цахæм æфсымæртæ нын стут, уый! — райхъуыст алырдыгæй. 

— Ницæмæн нæ хъæуы ахæм æфсымæртæ... 

— Уæ фæндаг дарут!.. 

— Гъа-гъа-гъа... — ныммыр-мыр кодта расыг адæмæй кæцыдæр, æмæ æрбайхъуысти мæстæлгъæд цъæхснаг хъæлæс: 

— Пысылмон ирæттыл баууæндыны бæсты фæлтау мæхъхъæлыл баууæнддзыстæм мах. 

Уыдæттæ фехъусын æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ цы сдзурон, уымæ дæр нал арæхсын, хъуаджы кæстытæ кæнын алырдæм. 

— Цы сæ бахъуыд ам?! Тепсыхъойыхъæу бастыгътой. Ныр та ам фæфос кæнын æрæфтыд сæ зæрды, — хъуысынц знæт хъæртæ. 

— Ам сæ къухы ницы бафтдзæн. 

— Фæндараст ут! 

— Кæцæй æрбацыдыстут, уырдæм ахъуытты ут! 

— Махæн æцæг æфсымæртæ ис. Нæ фарсмæ сты. Кæсут, цас гилдзытæ нын æрбаластой. Æнæхъæн гуыффæйыдзæгтæ. 

Æцæгдæр, кæм лæууæм, уырдæм хæстæг, къæнцылары кæрты хъазахъхъ хъахъхъæнынц гуыффæджын уæрдæттæ гилдзыты къоппытимæ. Уæрдæтты фарсмæ ир æмæ хъазахъхъ кæрæдзийы хорз уынынц арахъхъ æмæ бæгæныйæ. 

— Мах дæр æмæ сымах дæр аргъуыд адæм стæм, чырыстæттæ, — хъæр кæны цавæрдæр хъазахъхъаг. — Ацы хъæддæгтæ та цæгъдинаг сты! — Йæ къух æвзидгæйæ фæхъил, фæлæ лæг фæцудыдта. Чидæр ын æнцой фæлæууыд. 

Нæ бæхтæ разылдтам. Мæстæй фыцын. Ехсæй æрцавтон бæхы фарс. Бæх фесхъиудта, йæ сæр уæлиау систа, згъæллаггомы къæбæлтæ æхсыны æмæ йæ мидбынаты кафы... Ноджыдæр-ма йын иу дзæхст. Хайуан ницы аххосджын у, цæфтæ та æгъдаумæ гæсгæ хауынц фысымтæм: кæд уымæй уæлдай нæ зонут уазæгæн æгасцуай зæгъын, уæд сымах ничитæ куы стут!.. 

Цæуæм æдзæмæй. Мит атади. Быдыртæ сау дарынц. Хур æртавта, дæрдты зилын байдыдта, фæлæ йæ тыхы нæма бацыд, рагуалдзæджы уæлдæфы адæй бæрæг у: бонæй-бонмæ тынгдæр тавдзæни. 

Зыдгомауæй улæфын уæлдæф, фæйнæрдæм фæлгæсын, æмæ мæ маст сындæггай сысын байдыдта. Ахæм-ма рæсугъд бæстæ уа! Быдыртæн кæрон нæй. Разæй дард кæмдæр зынынц хъæутæ. Скæсæны, хуссары, хуссар-ныгуылæны — алкæм дæр хæхтæ. Сæ фæлладуадзæг къамбецты рæгъауы хуызæн мæм кæсынц: сæ сыкъатæ уæларвмæ ныббыцæу кодтой. Сыкъаты кæрæттæ та сты æвзист доны тылд. 

Хæхтыл мæ цæст хæссын. Уæлæ Арвыкоммæ уæрæх бацæуæн. Кæм и, кæм, Чырыстийы тæмæнкалгæ цъупп? Агурын æй, агурын, æмæ мæм нæ зыны. Митæмбæрзт хæхты сæртæ сты кæрæдзи æнгæс. Ирыстоны кæмттæ иу иннæйы фарсмæ рарæнхъ сты: Тæгиатæ, Куырттатæ, Уæлладжыр, Дыгургом. Сæ мит нæма сыстади. Цымæ куыдтæ цæрынц комрæбынты та? Татианыхъæуы куыд фехæлдысты адæм, уым дæр афтæ фехæлдаиккой? О, ирон адæм фехæлдысты, фæлæ уырысыл та цы æрцыдаид? Даргъ фæндагыл цытæ федтон, уыдæттæ зæрдыл лæууын байдыдтой. 

Инæлар Корнилов Кубаны быдыртæм куы балæгæрста, раст уыцы рæстæг здæхтæн хъæмæ. 

Дзæуджыхъæумæ фæндагыл Ростовæй Минводмæ станцæтæ иууылдæр уыдысты салдæттæ æмæ кусджыты къухы, удхайраг бонтæ æрвыстой. Æрмæст æртæ раны — Тихорецк, Кропоткин æмæ Армавиры цур æрцыди цыбыр, фæлæ карз хæстытæ. Знæгтæ ахæм знæт систы, æмæ кæрæдзийæн æппындæр хатыр нал зыдтой. Уацайрæгтæн хъæддаг фыдмитæ бакæнынц, стæй сæ ныццæгъдынц. 

Мах, цалдæр кавказаг афицеры, хуыснæджытау цæуæм нæ хæдзæрттæм. 

Нæ поезд арæзт у алы кълæсты вагæттæй, гом платформæтæй æмæ боцкъатæй. Сæрдинаг цæлхыты хъыррыст не ’нцайы, лæсгæртæ æмæ рæхыстæ сæ бынæттæй схаудысты æмæ сæ гыбар-гыбур хъуысы... Поезд хатгай фестъæлфы сæнтдзæфау. Æрлæууы, йæ фæсус ниуын ссæуы. 

Канд вагæтты нæ, фæлæ платформæты, боцкъаты фæрстыл вагæтты сæртыл, буферты — алы ран дæр адæм. 

Махæн нæ хъуыддаг фæрæстмæ — æрхауди нæм фосласæн вагон, йæ рудзгуытæ пырх, дымгæ дзы къуыззитт кæны. 

Къуымы батыгуыр стæм, куыд ничи нæм фæкомкоммæ уа, ууыл хъарæм нæхи. Алы станцæйы дæр фæндаггæттæй иутæ ахизынц æмæ сæ бæсты æндæртæ æрбахизынц. 

Райгуырæн зæхмæ цас хæстæгдæр кæнæм, уыйас нæ зæрдæты ризын тынгдæр ссæуы: мыййаг нæ куы базоной, мыййаг нæ куы æрцахсой... 

Вагоны цары тæккæ бын рудзынггондæй рæстæгæй-рæстæгмæ акæсын æнæрхъæцæй: цымæ хæхты бæллиццаг цъуппытæ нæма разындысты? Нæма! Цæст кæй онг æххæссы, уым ныллæг бады цъæх мигъ. Бæстæ æнкъард. Зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй кæлы. Къуымы батымбыл у, дæ сæр дæ уæрджытæм нылхъив; æрдæгфынæйæ дæ цæстыл цы нæ ауайдзæни... 

Хъæу æрбынатон хохаг хæлхæлгæнаг цæугæдоны былыл, сæ хъæбысы йæ бануæрстой цъæхсыф дыргъдæттæ, йæ алыварс хъахъхъæнджытау цалдæр рæнхъæй бæрзонд фæцыдысты рæхснæг гæдыбæлæстæ. Чъырæйдзагъд урскъул хæдзæрттæ лæууынц сырх дурæй æмбæрзтæй. Бæстæ сабыр... Райхъуыст уæрыччы мæллæг уасын... Уынгты æрцæуы барæг. Дзæбæх хъуысы бæхты къæхты хъæр. Цæфхады зæлланг дурыл ссыди... Бæхы хуыррытт... Дамбацайы гæрахау у ехсы дзæхст, æмæ кæйдæр куыдз рæйгæ ралæбурдта уынгмæ... Бæстæ ногæй ныссабыр... Уæрдоны хъинц. Цыдæр уæззау ласы галуæрдон... «Цоб-цобе»... Цымæ цы ласа?.. Йæ базыртæ сцагъта æмæ æнафоны ныууасыди уасæг... 

Фыдыуæзæг. Тагъддæр, тагъддæр! Поезд ласы уæртджын хæфсау, фæлæ адæймаджы хъуыдытæ йæ разæй дард кæмдæр балæууынц. Багъæц! Дæ хъуыдыты хал дын аскъуыдта расыг салдæтты дзолгъо-молгъо. Бавнæлдтой чумæдантæ, голджытæ, хызынтæ фæйлауынмæ. Бæлццæттæ сæ цæстытæ ныссагътой. Гуырысхойаг сæм чи фæкæсы, уый вагонæй рахизын кæнынц. 

Дымгæ цæгатырдæм скъæфы мигъты. Фескъуыдысты, æмæ арвы цъæх разынди. Хуры цæст ракаст, æмæ дард кæмдæр фæбæрæг сты æддæгуæлæ амад хæхтæ. Мæнæй амондджындæр ма кæм ис! 

Мæнæ сты, мæнæ сты райгуырæн хæхтæ! Тасæфтауæг Уæрæсе фæсте аззади... Мысинæгтæ зилахар самадтой... 

Цымæ куыд сты мæ мад, хотæ, æмгæрттæ, сыхæгтæ? Æнхъæлмæ мæм кастаиккой? Куыннæ кастаиккой! Куыд ныццин кæндзысты, сæрæгасæй мæ куы феной, уæд! Мад! Цас æмæ цас цæстысыг ныккалдтаид мæ зæронд мад. Кæм фесæфт, куыд у йæ хъæбул? Хабар дзы нæй æмæ нæй. Æгас уа? Æви фæмард? Иунæг цытджын Хуыцау йеддæмæ йын чи цы зоны. Хотæ та? Афонмæ чындздзон чызджытæ сты. Чи зоны, моймæ дæр фæцыдаиккой. Валя та?.. Госпитæлы куы хуыссыдтæн, уæд дзы фæстаг хатт цы фыстæг райстон, уый ныхæстæ мæ зæрдæйы арф æвæрд сты: 

«Сæрыстыр дæн дæхицæй дæр æмæ де сгуыхт хъуыддæгтæй дæр. Хуыцауæй курæг дæн, цæмæй дæ уæззау цæфтæ рæвдздæр байгас уой æмæ дзæбæх-æнæнизæй сæмбæлай хæдзарыл. Æз дыл баууæндыдтæн фыццаг бакастæй, дæуæй дарддæр мæ ничи хъæуы а дунейыл. Æрмæст мын иу сагъæс æхсыны мæ зæрдæ: ды пысылмон дæ, æз та — чырыстон. Ууыл никуы ахъуыды кодтай? Æз Хуыцауыл æууæндаг дæн. Папа куыд зæгъы, афтæмæй пысылмонмæ фидæны царды æнхъæлмæ кæсы зындоны удхар»... 

Цыма мæ фидæны царды мæт тынг ис! Пысылмон, чырыстон. Мидбылты бахудтæн. Цæй, куы фембæлæм, уæд аныхас кæндзыстæм уыдæттыл. Цас æмæ цас зæгъинæгтæ мæм бамбырд! 

Хæхтæ кæнынц æввахсæй-æввахсдæр. Цæст кæй онг æххæссы, уым дард кæмдæр баиу сты арвимæ, кæлæнгæнæг æрдз сæ сфæлыста алыхуызон ахорæнтæй. Арвы цъæх цатыр æнцайы урс-урсид къæдзæхтыл. 

Поезд фæзылди хуссар-скæсæнырдæм æмæ разындысты æндæр нывтæ. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма æврæгътæ æзфæраздæронæй тындзынц арвы кæронмæ, нæртон уæйгуытæ митпæлæзы бын кæм бафынæй сты, уырдæм... 

Уыцы уæйгуытæ сты мæ райгуырæн хæхтæ, зымæгон хъызтмæ ныссалдысты, мит лæгæмбæрц ныууарыд. Ирон адæм дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Хохаг хъæпæн мит дæр рæсугъд бæргæ у, фæлæ дзы къæхтæ сийынц». 

Митæмбæрзт кæмтты уазал мæ буарыл цыма сæмбæлдис, афтæ мæм кæсы. Уазалæй адæймаг бандзыг вæййы. Бæргæ, æз дæр куы нындæгъд уаин, æмæ, фæстаг рæстæг цытæ бавзæрстон, уыдæттæ мæм куы нал хъариккой. Сагъæстæ æмæ удхæрдтæ. Тæхуды, æмæ уыцы митæмбæрзт фæскъуымтæм фæцу æмæ уым уæд та фервæз дæ хъизæмарæй... 

Æрæнкъард дæн... 

Ногæй æмæ ногæй мæхицæн дзурын Къостайы ныхæстæ: 

 

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ 

Æхсныфæй нуазынц мæ туг... 

 

Мæ мæстытæ зæрдыл æрлæууыдысты. Цас æмæ цас æфхæрдтытæ бавзæрстон, æвæдза. Цæй тыххæй? Уæрæсейыл иузæрдион кæй уыдтæн, хæсты быдыры мæ туг кæй ныккалдтон, мæ буар нæмгуытæй кæй ныссыхырна, уый тыххæй. Мæ маст æхсиды. Кæмæ? Алкæмæ дæр, йæхицæй дæ чи асхуыста, æгады бынаты дæ чи сæвæрдта, уыцы бæстæмæ... 

Поезд æрлæууыд. Вагонмæ æнæхъæн рæгъауæй æрбалæгæрстой. Дæхиуыл фæхæцын бафæраз, мæнæй уый. 

— Кадет, афицер уæ кæцы куыдзæйгуырд у, уый йыл фæлтау йæхæдæг басæттæд, науæд ын хатыр нæ уыдзæни. Уый фæстæ хъаст ма ракæнæд — аххосджын йæхæдæг разындзæн... 

Ахæм-ма дзы хæмхудтæ уа! Ау, ацы æнæджелбетт адæм намысджын уырыссаг æфсады салдæттæ сты?! Осипов Архиптæ!.. Топпыхъæдæй схуыстытæ кæнынц. Сæхицæй æлгъитынц. Хъæртæ кæнынц. Фæлæ сын сæ хъæртæ ничи ницæмæ дары. 

— Цæй кадетты кой кæныс, æфсымæр? — къæйных дзуапп дæтты гæлдæрджын сæудæджер, йæ уæлæ скъуыдтæ уæлгуыр. Йæ фæтæн боцъо армытъæпæнæй æрсæрфта: — Ам иууылдæр нæхионтæ сты, зæхкусæг адæм. Фæлтау фыццаг къласы вагæтты басгар, чи зоны дзы искуы бандоны бын æмбæхстæй разына кадет. — Хирвæссонæй худы æмæ та дæрзæг æнгуылдзтæй рæвдаугæ æрдаудта йæ боцъо. 

— Ды та дæ бырынкъыл хæц, æввонгхор, науæд дын дæ бæрзæйæн иу ныуудайдзынæн. Ничи йæм кæсы, цы хытъын рауагъта! — фæкомкоммæ йæм хæнкъуытæ, зылынкъах, тæнтъихæг салдат скъуыдтæ цинелы, æмæ гæлдæрджынæн йæ тæккæ боцъойыл бачъыртт ласта. 

Гæлдæрджын хорзау нал фæци. Къуыммæ азылд æмæ егъаугомау чырынтæ къухмæрзæнæй йæ боцъо сæрфыныл фæцис. Йæхицæн дзурæгау мынæг хъæлæсæй дзуры: «Тобæ, Хуыцау, тобæ. Уый куыд у, уый? Искуыдæр-ма афтæ уыди?» Ацæргæ боцъоджын лæджы цæссыгтæ æркалдысты. 

Æз хинымæр бахудтæн. Афтæ мæм кæсы, цыма Уæрæсейы революци æнæхъæнæй дæр ацы фыдцъылыз салдат у: бафæндыд æй, æмæ — чъыртт — æппæт уæрæсейаг уæздан боцъотыл... Чъыртт.. 

Салдæттæ дарддæр алæгæрстой. Аирвæзтæн та. Поезд фенкъуысыди, хуссар-скæсæнмæ йæ ных сарæзта. Гæлдæрджын йæхиуыл дзуар æфтауы. Хиды гуыр-гуыр ссыди цæлхыты бын. Рудзынгæй ракастæн. Калмыздыхтæй дæрдты зилы цæугæдон. Ау, Терк уа?! Æмæ цæй уæзбынæй кæлы йæ уазал дон? Кæдæй-уæдæй дæ ногæй федтон, мæхи Терк! Цы дæн, уымæй хъустæ фестадтæн: йæ абухын нæ хъуысы? Нæй, нæ хъуысы. Æрмæст поезды цæлхыты бын хиды гуыр-гуыр цæуы. Терчы уылæнты уынæры хуызæн аив музыкæ цымæ дун-дунейы искуы разындзæн? Æррайау ралæбурыс Тырсыгомæй, абухыс Дайраны нарæджы, егъау дуртæ фæлдахгæ рахæссыс хæхбæстæй дæлвæзмæ æмæ сæ дæ донвæды цæндтæй ныууадзыс. Зынæрвæссон сылгоймаг йæ дарæс бон цалдæр хатты куыд ива, афтæ ды дæр иудадзыг ивыс дæ донвæдтæ. Хохы дæр æмæ быдыры дæр æнæ бауарзгæ нæй Теркæн. 

Ам, дæлвæзы, Терчы былгæрæттыл кæрæй-кæронмæ зайы пыхсæнгæс дæлæмæдзыд хъæд. Цал æмæ цал хатты цыдтæн ам дыууæхстонимæ цуаны. Тулдз, кæрз, сусхъæд, æхсæр, какон, хъæддаг кæрдо, хæрис æмæ фæрв афтæ бæзджын задысты, æмæ се ’хсæн зынтæй хылдис адæймаг. Хъæдгæрæттæ иууылдæр уыдысты дзедыр æмæ хуымæллæджы бын. Цыдтæн-иу тыхамæлттæй, мæ размæ пыхсытæ хъамайæ цæгъдгæ. Ноджы зындæр цуангæнгæ та уыди, Терк быдыры парахат кæм анхъæвзта, йæ былтæ хъамылæй æмæ пыхсæй æмырæхгæд кæм сты, уым. Уæртджын хæфсытæн дзы ныккæнæн нæй, былгæрон кæнæ фæлдæхт бæлæсты зæнгтыл æмæ уидæгтыл бадынц, сæхи тавынц хурмæ. Мæргъты цъыбар-цъыбур æмæ хъæлæбайæ хъустæ бамыр вæййынц. Кæд кавказаг хуыргарк скуынæг, уæддæр ма йыл арæх ис бамбæлæн. Сагтæ цæуынц рæгъаугай, ссæдзгæйттæй-дæс æмæ ссæдзгæйттæй. Хъамылы æрхæдзарон сты хъæддаг хуытæ. Маргъдзуан кæнынц хъæддаг гæдытæ. Ис дзы хъæддаг куыйтæ дæр... Фыдыбæстæ!.. Терк!.. 

Мæ хъуыдытæ мæ кæд цыфæнды дард ахастой æмæ кæд цыппар азы нæ хæдзары нæ уыдтæн, уæддæр бæхы аразын комкоммæ нæхимæ фæндагыл. Фæндаг цæуы Бæгæныджыныл. Куыддæр хъæугæронмæ бахæстæг стæм, афтæ Асæге йæ бæхы фæурæдта. 

— Цы хабар у? — афарстон æз. 

Асæге иуцасдæр ницы дзуры, йæ даргъ рихи здухы, стæй æрæджиау загъта: 

— Ацы фæндаг нæ фыдæлтæ кæд сарæзтой, уый уæвгæ дæр ничиуал зоны. Иууылдæр ыл сахуыр стæм, ды дæр æй хорз дæ зæрдыл бадардтай. Мæнæ ардыгæй суанг кæронмæ йæ рагон фæдыл цæуы. 

Асæге цыма йæ кæсгон саулохагыл авдæнæй фæстæмæ бады, уыйау фидауы саргъыл; йæ рахиз къух синысæрмæ сарæзта, кæстæр æнгуылдзыл æрзæбул ехс. Æрфгуытæм ныллæг конд худы бынæй дард кæдæмдæр кæсы. 

— Ныронг ацы хъæу зыдтам дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр Бæгæныджынæй, ныр та сси чырыстон Бæгæныджын, æмæ йæ астæуты пысылмонæн фæндаг нал ис, — сдзырдта нæ чъылдыммæ бынтон æвзонг лæппу Азджери. Йæ бæхы æрцавта æмæ нæ разæй фæци. Рагон фæндагæй фæрсырдæм атындзыдта. 

Йæ фæдыл араст дæн, зонгæ фæндаг фæсте кæм аззади, уыцырдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ. 

Ногæй та æрæнкъард дæн æмæ хинымæр тыхсын. 

— Хъус-ма, Асæге. Куыд æмбарын, афтæмæй рагæй фæстæмæ фыдæлты æгъдауыл фидарæй хæст иу Ирыстон нал ис, фæлæ фæзынди пысылмон æмæ чырыстон Ирыстæттæ? — фæрсын Асæгейы. 

— О, — цыбыр дзуапп мын ратта сæргуыбырæй. Стæй загъта: — Бæндæн иу тагæй не ’ххæссыд æмæ, дам, æй дыдагъ кодтой... 

Ехсæй бæхы фарс ныдздзæхст ласта. Саулохаг ныххуыррытт кодта, æмæ йæ хъустæ базмæлыдысты. 

— Уæдæ ды кæцытæй дæ ныр: чырыстон ирæттæй æви пысылмон ирæттæй? — фæрсын та йæ ногæй. 

— Æз хуымæтæджы ирон мæгуыр лæг дæн, мæ дин у фыдæлты фæдзæхст сыгъдæг æгъдау, мæ хуыцау та — мæ сыгъдæг цæсгом. 

Диссаг мæм фæкаст, æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыди хуымæтæг хохаджы дзуапп: мæхи хъуыды дæр ахæм у. Райгондæй кæсын Асæгейы дыууæ цъæх цæстмæ. Куыд кæнон, уый дæр нæ зонын. 

Нæ дуармæ æрхæццæ стæм. Ме ’мбæлттæн мидæмæ табуафси загътон. Нæ бакуымдтой. Алчи сæ йæ хæдзармæ тагъд кæны. 

— Хуыцауы куы бафæнда, уæд та рæхджы нæ зæронд фæндагыл цæуын райдайдзыстæм, фæрсырдæм зилын нæ нал хъæудзæн, — адзырдтон сæ фæдыл. 

— «Дунесфæлдисæджы бафæндæд! 

— Хуыцау зæгъæд! 

— Дæ ныхас Дунедарæгмæ куы фехъуысид, æмæ ахæм бон æцæгдæр куы ралæууид! 

Тигъæй цалынмæ фæаууон сты, уæдмæ сæ фæдыл кæсгæ баззадтæн. 

Дзыларбос бæхбæттæныл — хус бæласы къалиуыл — баппæрстон æмæ бæхы бæрзæй рæвдаугæ æрхостон. Ахъаззаджы бæх. 

Бæхбæттæны акомкоммæ кауы рæбын — цалдæр егъау дойнаг дуры. Цалынмæ мæ хызын саргъæй æфтауын, уæдмæ мæ цæстытыл æнахуыр бæлвырдæй ауадысты рагон нывтæ. Цал æмæ цал азы сты ам уыцы дуртæ! Куыд хъуамæ ферох уой мæ сабибонтæ! Мæ зæронд фыд уарзта ацы дуртыл бадгæ йæхи хурмæ тавын. Мæ фыд хохæгтæм стыр лæгыл нымад уыди йæ заманы — милицæйы прапыр... Афтæмæй æгæрмæгуыр кæсын æмæ фыссын дæр нæ зыдта, æрмæст йæ къух æвæрыныл сахуыр куыддæрты. Йæ фарсмæ-иу рабадтысты нæ сыхæгтæ — йæхи хуызæн зæронд лæгтæ — æмæ сын-иу дæргъвæтин ныхас бацайдагъ: мысыдысты незамантаг хабæрттæ æмæ хъуыддæгтæ. Уæлдай арæхдæр мысыдысты Донайы хæст; искуы-иуæй фæстæмæ дзуæрттимæ æмæ майдантимæ сыздæхтысты уырдыгæй. 

Ацы дурты уæлæ бадгæйæ бавзæрстон мæ царды фыццаг удхайраг фæлварæн. Нæ сыхæгты зæронд лæг мæ йæ уæрджыты æхсæн балхъывта, хъамайы бын даргæ дæргъæццон цыргъ хæрынкъа систа æмæ мын мæ сæр хусæй дасыныл схæцыд. Чысыл æй уæд та куы бахуылыдз кодтаид. Хъыллист самадтон, мæ цæссыгтæ гæр-гæрæй калдысты, мæ гæндзæхтæ цагътон, фæлæ мæ зæронд йæ уæрджытæй афтæ нылхъывта, æмæ мæ фезмæлæны бон нæ уыд. 

— Ма тæрс, ма тæрс... Æцæг ирон лæппу хъуамæ дастсæрæй цæуа, — зæрдæтæ дæр мын æвæрдта. 

Æппынфæстаг мæ хъизæмарæн кæрон æрцыд. Зæронд мын йæ дæрзæг армæй мæ сæр æрсæрфта, дыууæ æнгуылдзæй мын мæ къæбут ныцъцъыкк ласта, æмæ йæ уæрджытæ феуæгъд сты. Нæмыгау расхъиудтон йæ хъæбысæй. 

— Тæхгæ, æнæнтыст! — радзырдта мæ фæдыл. 

Ацы дурты æхсæн райдыдтой мæ сабибонтæ, ам арвыстон ме ’взонджы бонтæ. 

Цал æмæ цал барæджы æрфистæг ацы бæхбæттæны цур! 

Нæ дуармæ-иу барæг куыддæр æрлæууыд, афтæ-иу æз дæр уынгмæ ратахтæн. Бауадтæн-иу, дзылармæ-иу фæлæбурдтон æмæ-иу бæхмæ рахизырдыгæй бацыдтæн. Дзыларыл хъуамæ рахиз къухæй хæцай, æгъдæнцойыл та — галиуæй, амыдта мын мæ фыд. Барæг куы æрцæйхиза, уæд саргъ фæрсырдæм куыннæ фæбыра, афтæ-иу ыл æрцауындзæг дæн. 

— Хуыцау дæ афицер рауайын кæнæд, — арæхдæр-иу ахæм уыди уазæджы арфæ. 

Бæхы алыварс мæ рауай-бауайæ уазæг бамбæрстаид: йæхицæй тынгдæр йæ бæхыл у мæ цин. 

— Абад ыл, абад! 

Æз дæр æнхъæлмæ кастæн. Бæхы рагъыл февзæрдаин, растдæрæй та йæм схылдаин. Мæ къæхтæ æгъдæнцæйттæм не ’ххæссынц æмæ сæ æхтæнгты бын атъыссын. 

— Кæс-ма уыцы æнæнтыстмæ, бæхыл та куы февзæрди! — сдзурдзæни мæ фыд. 

Бæх сабыр у, хивæнд оцани у, тæрсаг у — мæ фыд æй фыццаг бакастæй базоны æмæ йæ зæрдæ æхсайы: мыййаг дзы куы асхъиуон æмæ бæрзæйсаст куы фæуон, фæлæ дын кæйдæр раз ма равдиса йæ мидкатай. Йæ мæт цыма бæхыл у, уыйау мæ фæстæ хъæр кæны: 

— Сабыргай тæр! Уазæджы бæх тæригъæд у — дард фæндагыл фæцыди... 

Æмæ æцæгдæр сабыргай араст дæн хæдзары цурæй: искуыдæр-ма фыды коммæ æнæ бакæсгæ вæййы. Фæлæ куыддæр тигъы фале фæдæн, афтæ бæхы фæрстæ зæвæттæй хойын байдыдтон, хъæугæрон та йæ йæ тых-йæ бонæй аскъæрдтон. 

Дугъы уайынæй стырдæр амонд уæвгæ та цы хъуамæ уа? 

Быдыр мæ алыварс зилы. Бæлæстыл цæст нæ хæцы, уайтагъд фæсте аззайынц. Риуыдзаг улæфын æмæ фырцинæй хъыллист кæнын. 

Мæ размæ чи фæвæййы, уыдон мидбылты бахудынц. 

— Аскъæр, аскъæр, фенæм дæ, цымæ дæ цавæр барæг рауайдзæни. Дæ фыд хорз барæг уыди, ма йæ фæхудинаг кæн. Ехсæй æрцæв! — хъæр кæнынц мæ фæдыл. 

Фæлæ ехсæн къæрццы бæсты йæ тъупп ссæуы бæхы гуыбыныл. Ехх, æцæг барæджы къæрцц иунæг хатт уæд та куы ныккæнид. 

Мысинæгтæ мæ рагбонтæм фæхастой, афтæмæй сындæг къахдзæфтæй бацыдтæн кулдуары цурмæ. Зыхъхъырæй мидæмæ бакастæн. Змæлæг дзы нæ зыны, иу уынæр дзы нæ хъуысы. Уæртæ сарайы рæбын нæ иузæрдион куыдз Домбай. Йæ сæр раззаг дзæмбытыл æвæрдæй хуыссы. Бахостон. Домбай фæгæпп ласта æмæ кулдуарыл йæхи ныццавта. Рæйы. Базæронд, мæгуырæг, ныффæсус. 

Хæдзарæй ничи зыны, рудзгуытæ æмыр æхгæд, дуæрттыл — гуыдыртæ. Мæ зæрдæ æрбауазал — марды фесты, æви? Тынгдæр бахостон. Домбай лæбуры, хæмхудтæ кулдуары фæйнæджыты бын фæцæвы, фырмæстæй йæ ниуын ссæуы... 

Дуары хойынмæ æмæ куыдзы знæт рæйдмæ рахызти нæ сыхаг зæронд хъомгæс. Æрбацыд мæм, йæ хъæбысы мæ ныккодта. 

— Табу Дунедарæгæн, æгайтма дæ сæрæгасæй фыдыуæзæгыл сæмбæлын кодта. Фæлæ нæм хорзæй ницы сæййæфтай, — йæ цæссыгтæ æркалдысты. — Ирон адæмæн сæ зонд фæцыди. Пысылмæттæ æмæ чырыстæттыл фæдих сты, æмæ æфсымæр æфсымæрæн знаг фестади... Кæсыс, дæ хæдзар сындзæрхæй лæууы, иннæ хæдзæрттæ дæр афтæ сты. 

Зæронд хуыфы — хъыххы... хъыххы... Иуварс азылд, ату кодта æмæ цухъхъайы скъуыдтæ дысалгъæй йæ дзых æмæ боцъо æрсæрфта. 

— Хъыххы... Хъыххы... Бæгæныджын æмæ иннæ чырыстон хъæутæ нæм кæд æрбалæбурдзысты, уый бæрæг нæу. Сылгоймæгты, сывæллæтты, рынчынты — гарз райсынхъом чи нæу, уыдоны хохмæ арвыстам. Хъыххы... хъыххы... Уым æдасдæр у. Æрмæст хæстхъом лæгтæ баззадысты ам. Хъыххы... Ныртæккæ мæзджыты кæрты сты, сходы... 

Зæронды хуыфæг йæ быны скодта, йæ хурсыгъд æнцъылдтæ уадултыл згъорынц цæссыгтæ. 

Бæхы зæрондæн бафæдзæхстон, мæхæдæг хабар базонынмæ атындзыдтон мæзджыты ’рдæм. 

Куыд æмбарын, афтæмæй ирон пысылмæтты æмæ чырыстæтты æхсæн бæгуы тох нæ бацайдагъ. Суанг ма бинонты хохмæ æрвитын дæр бахъуыди. Цæмæн афтæ æнæуынон фæцадаиккой кæрæдзийæн? Иу адæмы хъæбултæ кæрæдзийыл чи сардыдтаид? Татианыхъæу зæрдыл æрбалæууыд, æмæ мæ масты дзæкъул адæнгæл. Уæлдзарм худ дæлиау æрсагътон æмæ фæтæн санчъехтæй араст дæн. 

Чидæр мын мæ дысыл æрхæцыд æмæ гуым-гуым кæны. 

Чи у, уый нæма базыдтон, афтæмæй ме ’рвад, гоби Умары хъæбысы февзæрдтæн. Йæ цин дзыхæй зæгъын йæ бон нæу, фæлæ йæ цæсгомыл бæлвырдæй зыны: дæндæгтæ базыхъхъыр сты, æрфгуытæ уæлиау систа. Йæ зæгъинæгтæ кæмдæр риуыгуыдыры сагъдæй лæууынц, хæрдмæ сæ нæ фæразы æмæ йæ гуым-гуымæй не ’нцайы. Цымæ цы зæгъинаг у? Цыппар азы дæргъы уæлдайхуызон нæ фæцис Умар, æрмæст тæнæггомау зайæгхал рауагъта йæ уадултыл. Фæрсæй-фæрстæм цæуæм, къухтæй мын цыдæртæ амоны, фæлæ йæ æз, иуæй, не ’мбарын, иннæмæй та, дзурынтыл нæ дæн. Æмæ уæд Умар дæр ныхъхъус. Размæ лæгæрдæм, алчи йæхи сагъæстимæ. 

Умар иуцасдæр фæцыд æнæуынæрæй, стæй мын æвиппайды мæ цонгмæ фæлæбурдта. Фестъæлфыдтæн. Гуымгуымгæнæг иу къухæй хæцы мæ цонгыл, иннæмæй хæрдмæ амоны. Йæ цæстытæ æрттивынц. Тымбылкъухæй кæмæдæр æртхъирæн кæны. Йæ цæсгом у мæстджын, хæрдмæ кæсы. Куыд æй æмбарын, афтæмæй зæгъы: ды мын æвдисæн фæлæуу — æппындæр райгонд нæ дæн зæххы æмæ уæларвы хицауæй. 

Мæзджыты фæз адæмæй нæ зыны. Хъæубæстæ иууылдæр, æвæццæгæн, ардæм æрæмбырд сты. Умар адæмы куы федта, уæд æрсабыр, арф ныуулæфыд æмæ мын йæ сæры базмæлдæй бамбарын кодта, рæвдздæр цом, зæгъгæ. 

Сходы адæмæн мæ уынд æхсызгон у, фæлæ йæ цин æргом ничи равдыста, иунæг дæр мæм дзы нæ бахудти. Æмбарын æй: цинты æмæ арфæты бынат нæу ам. Хистæрты къордæй чысыл æддæдæр хицæнæй лæууынц фæсивæд. Мæхи сæм байстон. 

Ныллæггомау обаугондыл лæууы хъæуы хистæртæй иу — бæрзонд, гуырвидауц Темболат. Йæ нарæг астæу æвзист ронæй æнгом æлвæст. Роныл — æвзист хъама; рахиз фарсыл сæрак хуымпъырæй зыны дамбацайы хъæд, галиу фарсыл — æхсаргард æвзист фистонимæ. Фæтæн риуыгуыдырыл иу кæронæй иннæмæ — урс бæрцытæ. Йæ сæрыл — фæныкхуыз бухархуд, худы бынæй зыны бæрзонд тæрных. 

Дымгæ йын фæйлауы йæ сауæмхæццæ даргъ урс боцъо, йæ фæтæн тыхджын уæхсчы сæрты йæ аппары. Йæ бæзджын æрфгуытæ тæмæнкалгæ цæстыты сæрмæ сты тарæлхынцъ. 

Зæронд йæ ныхас куыддæр райдыдта, афтæ бахæццæ дæн æз дæр. 

— Урссæр буц хистæртæ, сымахæй хатыр курæг дæн, уæ разы мæм мæ дзых схæлиу кæныны ныфс кæй разынди, уый тыххæй. Кæстæртæ, сымах та цы стут, уымæй хъустæ фестут æмæ уе ’взонг зæрдæты арф сæвæрут, Кавказы хохæгты ном чи хæссы, уыдоны æгуыдзæгдæр — мæнæ æз цы зæгъдзынæн, уыдæттæ, — æхсаргарды фистоныл йæ къух æвæрдæй дзуры Темболат; йæ хъæлæс у зæлланггæнаг, алы ныхас дæр хъуысы бæлвырдæй. — Знаг нын нæ цæргæсы ахстæттæ куы ныффалгæрон кодта æмæ нæ фыдæлты зæххыл æгомыг фосау куы схæтæнхуаг стæм, уæдæй нырмæ мæ райгуырæн бæстæ агурæг дæн ныр æртиссæдз азы дæргъы æмæ йæ мæ бон ссарын нæу. Æмæ абон нæ сахъ фæсивæд ацы кувæн бынатмæ хонæг куы æрзылдысты хъæууынгты, уæд мæ сæрыл бæрзонд схæцыдтæн. Уыйбæрц хъарутæ æмæ ныфс мæм сæвзæрди, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Æнхъæлдтон, ныронг мæ мæхи зæххыл мæ райгуырæн бæстæ ссарын чи нæ уагъта, уыцы джауыры мын ам бацамондзысты. Æнхъæлдтон, уыцы джауыримæ тугкалæн хæсты мæ утæхсæнæн кæрон æрцæудзæн æмæ мæ зæронды бонтæ рæсугъдæй арвитдзынæн. Уымæ гæсгæ æрбалвæстон абон мæ астæуыл фыдæлты фæринк, уымæ гæсгæ ауыгъд у мæ роныл дæсгай азты размæ ифтыгъд фыдæлтыккон дамбаца. Фæлæ куыд кæсын, афтæмæй мæхи кæдæм ифтонг кодтон, уырдæм не ’рбафтыдтæн. Цы фыдгулимæ схæцинаг уыдтæн, уый нæ уынын ам. 

Иуцасдæр æдзæмæй алæууыд æмæ дарддæр дзуры: 

— Ирон лæджы фыдгулы ирон адæмы æхсæн нæ, фæлæ æндæр ран агуырдтон. Æмæ ныр цы раргом? Куыд бамбæрстон, афтæмæй ирон лæджы фыдгул ирон лæг у. Æз та ахæм хъуыдыимæ никуы сразы уыдзынæн. Мæнæ ацы марæнгарз, — æхсаргард æмбисмæ никуы сласта кæрддзæмæй æмæ йæ фæстæмæ нысхуыста, — знæгтæн-джауыртæн хатыр нæ зыдта, фæлæ æфсымæры туг никуы ныккалдзæн... 

Фæстæрдæм иу къахдзæф акодта зæронд; цы йæ зæрды ис, уымæн ничи ницы бамбæрста, афтæмæй арвæрттывдау йæ къухы ферттывта фыдæлтыккон фæринк. 

Адæм ныссабыр сты. Хъуысы æрмæст дымгæйы æхситт гæдыбæлæсты быгъдæг къалиуты æхсæн, стæй дæрддзæф кæмдæр уасынц халæттæ. 

Зæронд цы уыди, уымæй ноджы бæрзонддæр цыма сырæзыд обаугондыл, афтæ мæм кæсы. Йæ цæстæнгас сындæггай хæссы адæмыл. 

— Иугæр фыдæлтыккон фæринкæн знаджы сæрау кæд ироны сæр къуыринаг у, уæд ын, æвæццæгæн, æндæр тæрхон рахаста Хуыцау, — йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта Темболат. 

Æхсаргард йæхимæ дæр æмæ сæ хæдзарвæндагмæ дæр мыггаджы тæккæ стырдæр хæзнайыл нымад уыди. Темболат ын дыууæ къухæй йæ фистоныл æмæ кæроныл æрхæцыд, йæ былтæм æй схаста, узæлгæ йын аба кодта, стæй æхсаргарды тæккæ астæу йæ уæрагыл æрцавта. Ниуæгау ныккодта фæринк æмæ дыууæ дихæй зæхмæ æрхауд. 

Сæдæгай адæймæгтæ æмуынæргъд ныккодтой: 

— Æллæх-æллæх!.. 

Æмæ та сыбыртт никæцæйуал хъуысы. Адæм зæрдæдзæф фесты зæронд Темболаты ныхæстæй æмæ фæринчы састæй. 

Сæргуыбырæй иуцасдæр алæууыди Темболат, сæргуыбыр æмæ æдзæмæй æрхызт обаугондæй, хистæртæм йæхи байста. 

Ничи ницы дзуры. 

Уалынмæ зæрæдтæ банкъуысыдысты. Чидæр ын йæ цонгыл хæцы, афтæмæй обаугондмæ лæдзæгæнцæйтты фæцæуы хъæубæсты хистæр Хъуыдæберд; азты уæзæй ныггуыбыр, йæ къах тыххæйтты исы. Йæ синджын кæрц зæххыл хафгæ цæуы. Алы къахдзæфæн дæр йæ тæнæггомау боцъо базмæлы, цæстыты дон лæдæрсы, уынгæ дæр, æвæццæгæн, дзæбæх нал кæны. Хъæрзгæ æмæ тыхулæфт кæны Хъуыдæберд. Кæйдæрты æххуысæй тыхамæлттæй схызт обаугондмæ æмæ дзойдзойгæнгæ æрлæууыд. Йæ лæдзæг зæххы æрсагъта æмæ йыл йæ риуæй æрæнцой. 

Бынтон базæронд Хъуыдæберд, фæлæ йæ хъæлæс зæлланггæнагæй баззади. Йæ ныхас алкæмæ дæр хъуысы: 

— Темболатæн иууылдæр арфæйаг стæм йæ ныхæсты тыххæй. Æрмæстдæр ирон лæгæй фехъусæн ис ахæм ныхæстæ æмæ æрмæстдæр ирон зæрдæмæ бахъардзысты. Мæнæн мæхи риуы мидæг зынгау судзынц Темболаты ныхæстæ. 

Лæдзæгæнцой лæууы Хъуыдæберд, йæ боцъо асæрф-асæрф кæны, дарддæр цы зæгъа, уый цыма нал зоны, уыйау. Бынтон базæронд Хъуыдæберд, фæлæ ма йæ зонд æххæстæй дæр йæхимæ ис нырма. 

— Бирæ ныхæстæ дзы цæмæ хъæуы?! — дзуры дарддæр. — Иунæг зæгъинаг йеддæмæ мæм нал ис: мæнæ ацы фæринчы — сæ хæдзарвæндаджы тæккæ стырдæр хæзнайы — сæстытæ нын æвдисæн фæуæнт Хуыцауы раз, Темболаты амынд фæндагыл кæй ацæудзыстæм, уымæн. Уæлиау Чи бады, алцыдæр Чи уыны æмæ зоны, алкæмæн дæр æнæхæрам тæрхон Чи рахæссы боныфæстагмæ, Уый фыдæх нæ баййафæд, æндæр фæндагыл куы ацæуæм, уæд... 

Хъуыдæберд уæлиау систа йæ лæдзæг æмæ дзы æвзиды. 

— Ард хæрæм! Ард хæрæм! — иу адæймагау хъæр кæнынц фæзы адæм иууылдæр. 

— Ард хæрæм! Ард хæрæм! — хъæр кæнын æз дæр, кæмæдæр тымбылкъухæй æвзидгæйæ. 

Райгонд дæн мæхицæй — æгайтма æмвæнд разындтæн мæ адæмимæ. Уымæй стырдæр амонд ма цы вæййы! Мæ сагъæстæ цыдæр æрбаисты, цыма ме уæхсчытæй уæззау уаргъ ахауд, уыйау. 

Йæ хæдзармæ йæ къах никæй хæссы. Цинæйдзаг, райдзаст цæсгæмттæ. Хуры фæстаг тынтæ хъазынц мæзджыты сызгъæрин доны тылд ног мæйыл. Арвы æмбис сырххъулон дары. Уæлиау кæмдæр цæст зынтæй æвзары сау стъæлфытæ — тæхгæмæргътæ тагъд кæнынц цæгатырдæм. 

Фæсивæд мыл æрæмбырд сты. Æгасцуай мын зæгъынц, хъæбыстæ кæнынц. Хъазæн ныхас... Ахæм балхонимæ, дам, никæмæйуал тæрсæм. Кой дардмæ хъуысы — райгуырæн хъæуы дæр мæ хъæбатырыл банымадтой... 

Хъæугæсты хицау йæ бартæ дæтты мæнмæ, фæлæ йын нæ бакуымдтон, сразы дæн хъæуæн æрмæст йæ хуссайраг хай хъахъхъæныныл. Фæсивæды къордимæ ацыдтæн, нæ бынат кæм ис, уырдæм — уæлмæрдты фарсмæ. 

Хур аныгуылд. Талынгæй-тылынгдæр кæны, фæлæ цæст нырма æвзары уæлмæрдты цыртытæ — хохаг хуымæтæджы лæгъзгонд къæйдуртæ. Алыхуызон фыстытæ æмæ нывтæй аивгонд, рæнхъæй лæууынц тохвæллад хæстонтау. Цыртытæй бирæтæ афæлдæхтысты кæнæ æрфæлдæхынæввонгæй фæрсырдæм фефсæрстой. Цыртытыл нывгонд сты кæм бæрцытæ, хъаматæ, кæм та хæсгæрдтæ, судзинтæ, сылгоймаджы риуыгънæджытæ — ингæны нæлгоймагæй, сылгоймагæй чи ныгæд у, уымæ гæсгæ. Нывты сæрмæ та араббаг æлхынцъ фыстытæ: марды ном, кæд райгуырди, кæд амард. 

Хъæугæстæй йæ бынат кæмæн кæм ис æмæ кæмæн цы кæнгæ у, уый сын бацамыдтон, мæхæдæг мæ фыды ингæны цурмæ байстон мæхи. Нымæт зæххыл æрытыдтон, басылыхъхъ нывæрзæны сæвæрдтон æмæ æрхуыссыдтæн. Дыууæ мæйы дæргъы фæндагыл рахау-бахауæй афтæ бафæлладтæн, æмæ мæ къæхтæ мæ быны дыдæгътæ кæнынц. Тарф фынæй куыд адæн, уый уæвгæ дæр нæ бамбæрстон. 

Цас фæфынæй кодтаин, нæ зонын, фæлæ иуафон кæйдæр сагъæсхуыз ныхас ауад мæ хъустыл. 

— Райхъал æй кæнут, хъазахъхъ æмæ æрыдойнæгтæ æрбабырсынц! 

Фæгæпп ластон: 

— Цы хабар у? 

— Уартæ уыныс? Стæй хъусыс? — ехсыхъæдæй мын цæгатырдæм амоны хъæугæсты хистæр. 

Кæдæм амоны, уым бонивайæнты фæлмы цæст иртасын райдыдта Даргъ-Быдыры хæдзæрттæ. 

Хур нæма сзынди, фæлæ йæ фыццаг тынтæ фæбæрæг сты арвгæроны. Зæхх æртæхæй бауымæл, мигъы тæнæг фæлм ыл æрбадти. Дымгæ йæ тæры цæгатæй хуссарырдæм, хæхты ’рдæм. 

Цæгатырдыгæй мигъ сыстад, æмæ дзы разынди рацубацугæнæг æндæргтæ. Сæууон уæлдæфы æрбайхъуыст æфсæйнаджы гыбар-гыбур æмæ цæлхыты хъинц. 

Бинокль никæмæ ис, фæлæ æнæуи дæр цæст иртасы бæхджын æфсад иу полчъы бæрц. Фæлæ уыцы гыбар-гыбур та цы амона? 

— Кæд сармадзантæ сты, — зæгъы фæсивæдæй чидæр. 

— Сармадзантæ?! — нæ йыл æууæнды иннæ. — Æмæ сæ гыбар-гыбур афтæ тынг цæмæн цæуы? 

— Сæ сæмæнтæ балвасинаг сты, æвæццæгæн. 

Куыд мын радзырдтой, афтæмæй ирон адæммæ ис дыууæ сармадзаны. Æфснайдæй сæ дардтой Алагиры, фæлæ ныр, æвæццæгæн, бахъуыдысты æмæ сæ раластой? Æмæ сæ кæдæм ласой? Кæм дзы ис сæ зæрды æхсын? Сармадзантæ ис мæхъхъæлмæ дæр. Уæдæ хъазахъмæ та алы станицæйы дæр ис. Хæст цы вæййы, уый у. Суанг сармадзантимæ. Мæлæты хæстмондаг систы адæм. Ныххудынмæ мæ бирæ нал хъуыди. Фæлæ мæ алыварс фæсивæд уыдысты тыхстхуыз, æвæццæгæн, тарстысты, уыцы сармадзантæй нæхи хъæуыл ныккалынæй. Æнæ базонгæ йын нæй — цы хабар у, цавæр æфсад сты, стæй кæмæ ныхъхъавинаг сты сармадзантæй. 

Уæ хотыхтæ цæттæйæ дарут, зæгъгæ, бафæдзæхстон лæппутæн, мæхæдæг цалдæримæ фæндаггæронмæ æрхызтæн. Фæндаг цæуы донбылты. 

Бæхджынтæм æцæгдæр ис иу сармадзан æмæ цалдæр уæрдоны, æрбаввахс нæм сты. Сæ фæндаг махырдæм нæ барынц, фæлæ скæсæнырдæм, Бæгæныджынмæ. Сæ ныхас нæм хъуысын райдыдта, æмæ бамбæрстам, ир æмæ хъазахъхъ кæй сты æмхæццæйæ. 

Махæй рох нæу мæзджыты кæрты нæ ардбахæрд æмæ фæрсырдыгæй кæсæм бæхджынты къордмæ. Нæ рæзты сивгъуыдтой... 

Æвиппайды дард кæцæйдæр райхъуыст уадындзы хъæлæс. Ныннæрыд иу гæрах, дыккаг, æртыккаг. Фæдис... 

Мæ адæм сæ бынæттæм азгъордтой. Зæххыл æрхуыссыдысты. 

Æз æнцад лæууын æмæ хъусын: кæцырдыгæй цæуынц гæрæхтæ, чи кæй æхсы? 

Куыддæр уадындз райхъуыст, æмæ гæрæхтæ сарæх сты, афтæ барджыты къорд фæхæлиу æмæ уæртæ быдыры фæтæхы. Бæхтæрджыты бæхтыл ралæууыдысты. Уæрдæттæ æмæ сармадзан гыбаргыбургæнгæ стырындз сты. 

Уадындзы уасын цы амоны, æмæ чи гæрæхтæ кæны, уый базонынмæ атындзыдтам доныбылмæ — уырдыгæй хъуысы уадындз. 

Фæндаггæрон иу къардиуы къутæры бын бады нæхи Гогос æмæ æфсæнвæндаджы кусæджы уадындзæй уасы æмæ уасы. 

Мах куы ауыдта, уæд фырхудæгæй йæ тæнтыл ныххæцыд, йе ’нгуылдзæй быдыры ’рдæм амоны, ома кæсут, хорз куы фæтарстысты, сæ сæр сæ кой ссис. 

— Хъазын дæм куыд цæуы, — бауайдзæф кодтам Гогосæн. 

Æрбабон. Ме ’хсæвы рад ахицæн. Цалдæр хъахъхъæнæджы баурæдтон, иннæтæн бузныг загътон æмæ сæ ауагътон сæ хæдзæрттæм. 

Хъæумæ æрбаздæхтæн. 

Уынгты æрзилын мæ фæнды. Æвæдза, куыд тырныдтон фыдыуæзæгмæ! Схæццæ дæн æмæ дзы хорзæй цы сæййæфтон? Уæрæсейы æгъатыр æмæ карз уадтымыгъ ардæм дæр схæццæ. Мæ хæстæгдæр къабæзтæ фæхæтæнхуаг сты. Нæ кæрт сындзæрхæй лæууы, змæлæг дзы нæй. 

Хæдзары дæгъæлтæ разындысты нæ хæстæджытæм. Уатмæ куы бахызтæн, уæд ахæм заууатхуыз разынд, æмæ мæ зæрдæ бамæгуыр, уайтагъд феддæдуар дæн. 

Кæдæм фæцæуон? 

Адæм фылдæр кæм ис, сæ уынæр æмæ ныхас кæм хъуысы, иунæг кæм нæ уон æмæ мæ зæрдæйы тугтæ кæм нæ кæлой, уырдæм. 

Къæнцылары ’рдæм араст дæн. Хæстæг нæм у: дыууæ-æртæ тигъыл фæзил æмæ йæм бахæццæ уыдзынæ. Цæй æдзæллаг ныццис! Йæ сæрст æрызгъæлд, æмæ хъæдын къултæ разындысты. Йæ дуары сæрмæ тасмачъийы гæбазыл фыст зынтæй равзæрстон: