Паддзах Петр хъæды музуккагыл фембæлд. Музуккаг сугтæ лыг кодта.
— Хуыцау дын æххуысгæнæг фæуæд! — дзуры йæм паддзах.
— Бæргæ æвзæр нæ уаид йе ’ххуыс, — загъта музуккаг.
— Бирæ бинонтæ дын ис? — фæрсы йæ паддзах.
— Дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы.
— Уыдон бирæ не сты. Æмæ афтæмæй уæд де ’хца цы фæкæныс?
— Æртæ раны сæ æвæрын: хæс дзы фидын, хæс дзы дæттын, доны дзы калын.
Паддзах ахъуыды кодта музуккаджы ныхæстыл, фæлæ йæ сæр нæ ахсы, хæс фидын, хæс дæттын, доны калын цы амонынц æмæ, уымæй музуккаг цы зæгъынмæ хъавы, уый.
— Хæс фидын, уый, ома, мæ мад, мæ фыды дарын; хæс дæттын — ома, мæ фыртты хæссын; доны калын, уый та мæ чызджыты хъомыл кæнын, — бамбарын кодта музуккаг паддзахæн.
— Æвæдза, зондджын дæ, зæронд, — загъта паддзах. — Уæдæ мæ ныр быдырмæ ахæццæ кæн, æз фæндаг нæ зонын.
— Базондзынæ йæ. Ам фалæмæ куы ацæуай, уæд рахизырдæм фæзил, уый фæстæ — галиуырдæм, стæй та ноджы — рахизырдæм.
— Æз уыцы разил-базилтæн ницы æмбарын, — загъта та паддзах, — дæхæдæг мемæ цом.
— Мæн, мæ хæдзар, цæуынтæм не ’вдæлы. Кусæг адæймагæн алы бон дæр зынаргъ у.
— Гъемæ дын æз фидын, æндæр ма дзы исты ис!
— Уæд цæуын.
Уæрдоны сбадтысты æмæ фæцæуынц.
Фæндагыл паддзах музуккаджы фæрсы:
— Дард рæтты искуыты уыдаис?
— Кæмдæрты уыдтæн.
— Æмæ уæд паддзахы нæ федтай?
— Нæ федтон, фæлæ йæ фенын, хъæлæкк, æвзæр нæ уаид.
— Гъе, уæдæ мæнæ куыддæр быдырмæ ахизæм, афтæ йæ фендзынæ.
— Æмæ йæ куыдæй базондзынæн?
— Куыд куы зæгъай, уæд паддзахæй фæстæмæ иннæтæ се ’ппæтдæр лæудзысты худаистæй.
Уалынмæ быдырмæ бахæццæ сты. Адæм паддзахы фенгæйæ сæ худтæ исынмæ фесты. Музуккаг цымыдисæй алырдæм ракæс-бакæс кæны, фæлæ паддзахыл йæ цæст нæ хæцы.
— Кæм ис уæдæ паддзах? — фæрсы музуккаг.
— Кæсыс, мах йеддæмæ йæ сæрыл худ никæмæн ис, гъемæ, æвæццæгæн, нæ дыууæйæ иу у паддзах.