Царди æмæ уыдис иу зæронд лæг йæ зæронд усимæ. Цот сын нæ уыдис. Иухатт зæронд лæг быдырмæ ацыди хуым кæнынмæ. Зæронд ус та хæдзары баззад æмæ лауызтæ фыхта. Ус сцæттæ кодта лауызтæ æмæ загъта:
— Ехх, æвæдза, гъеныр нын фырт куы уаид, уæд уый йæ фыдæн быдырмæ лауызтæ ахæссид; ныр та цы бакæнон, чи мын сæ ахæсса!
Уæд дын æваст бæмбæгæй къаннæг лæппу рабырыд æмæ дзуры:
— Дæ бон хорз уа, нана!
Зæронд ус æй фæрсы:
— Кæцæй фæзындтæ, нанайы хъæбул, æмæ дæ ном цы хуыйны?
— Ды, нана, балвыстай бæмбæг, къоппы йæ нывæрдтай, æмæ æз гъе уыцы ран равзæрдтæн. Мæ ном та хуыйны Уылынг, — дзуры йæм къаннæг лæппу. — Æри, нана, лауызтæ, æз сæ ахæсдзынæн бабайæн.
— Ау, æмæ сæ афæраздзынæ, Уылынг? — бадис кодта зæронд ус.
— Афæраздзынæн, нана.
Зæронд ус лауызтæ батыхта æмæ сæ лæппумæ радта. Уылынг райста лауызтæ æмæ хуымтæм фæцагайдта.
Хуымтæм фæндагыл йæ размæ иу къуыбар фæци, æмæ лæппу ныхъхъæр кодта:
— Баба, уæ баба, баргъæв-ма мæ къуыбары сæрты! Æз дын лауызтæ æрбахастон.
Зæронд лæг фехъуыста, чидæр æм кæй дзуры, уый æмæ рацыдис йæ размæ. Æрбайста йæ къуыбары сæрты æмæ йæ фæрсы:
— Кæцæй фæдæ уый, гыццыл лæппу?
— Æз, баба, бæмбæджы хуылфы равзæрдтæн, — загъта лæппу æмæ йæ фыдмæ лауызтæ радта.
Зæронд лæг æрбадтис лауызтæ хæрыныл. Уæд æм лæппу дзуры:
— Баба, цæй æмæ уал æз ахуым кæнон, цалынмæ ды аходæн хæрай, уæдмæ.
— Дæумæ уыйбæрц хъару нæ разындзæн, æмæ хуым кæнай, — загъта йын зæронд лæг.
Фæлæ Уылынг æрхæцыд дзывырыл æмæ хуым кæнын райдыдта. Хуым кæны Уылынг зарджытæгæнгæ.
Хуымты рæзты фæцæйцыд иу æлдар. Кæсы, æмæ зæронд лæг бады, аходæн хæры, бæх та иунæгæй хуым кæны. Æлдар æрхызти йæ къаретæй æмæ дзуры зæронд лæгмæ:
— Зæронд лæг, уый дæ бæх иунæгæй куыд хуым кæны?
Зæронд лæг ын дзуапп радта:
— Уый мæ лæппу хуым кæны, заргæ дæр уый кæны.
Æлдар хæстæгдæр бацыди, фехъуыста зарæг æмæ федта Уылынджы дæр.
— Зæронд лæг! Рауæй мын кæн дæ лæппуйы, — бахатыдис æм æлдар.
— Нæ, уый гæнæн нæй, мæнæн æрмæстдæр гъе уыцы иунæг лæппу ис.
Уæд Уылынг бадзырдта зæронд лæгмæ:
— Ауæй мæ кæн, баба, æз дзы уæддæр фæстæмæ ралидздзынæн.
Хуымгæнæг лæг æлдарæн дæс туманыл ауæй кодта Уылынджы. Æлдар ын радта æхца, райста лæппуйы, батыхта йæ йæ къухтыкæлмæрзæны æмæ йæ йæ дзыппы нывæрдта. Æлдар сæхимæ куы æрбахæццæ, уæд йæ усмæ дзуры:
— Диссаджы лæвар дын æрбахастон.
— Равдис-ма, цы у уагæры? — цымыдисæй йæ бафарста ус.
Æлдар йæ дзыппæй къухтыкæлмæрзæн систа, райхæлдта йæ, фæлæ кæлмæрзæны ницыуал уыд. Уылынг раджы алыгъдис йæ фыдмæ.