Бæройты-Бигъуылаты Чабæхан
Мæ фыд Бæройты Дзабойæн бирæ хæлæрттæ уыди. Уазæгджын хæдзар уыдыстæм. Уазæг — хуыцауы уазæг. Уазæг — фарнхæссæг. Æнæуазæг хæдзар ирон адæммæ кадджын никуы уыдис. Дзабомæ та канд джызæйлаг уазæг нæ цыд, фæлæ ма Ирыстоны бирæ æндæр рæттæй дæр.
Коцойты Арсен не ’мхъæуккаг уыдис, фæлæ ма нæм уæды нымад лæгтæй уазæгуаты уыдысты Гæдиаты Секъа, Хетæгкаты Къоста, Æмбалты Цоцко æмæ сæ ном кæмæн нал хъуыды кæнын, ахæм ирон интеллигенттæ.
Мæ фыды уазджыты æхсæн уæлдай æхсызгондæр уазæг махæн, сывæллæттæн, уыдис, рæсугъд, цингæнаг чи уыдис, уыцы донгъуыз цухъаджын лæг. Хуыдтой йæ Цоцко. Канд нæ бинонтæ нæ, фæлæ-иу æппæт хъæуккæгтæ дæр цин кодтой уыцы уæздан адæймаджы фæзындыл. Раст цыма алкæмæн дæр йæ тугхæстæг уыди, ахæм цæстæй йæм кастысты. Мах, сабитæ, зæрдæйæ æнкъардтам уæлдай хъарм цыдæр циндзинад Цоцкойы æрбацыды. Стыр диссæгтæ дзы нæ зыдтам, фæлæ нæ-иу истæмæй æнæмæнг барæвдыдта.
Мæ зæрдыл бадардтон, иу хатт та нæм уазæгуаты æрбацæугæйæ мын цы цъæх кърандас балæвар кодта, уый. Мæ цинæн ма кæрон кæм уыди! Иннæтæн къафеттытæ радта, мæнæн та æнæхъæн кърандас! Уыдон сæ къафеттытæ уайтагъд ахордтой, æз та мæ рæсугъд тигъджын ставдаппджын цъæх кърандасæй мæ зæрдæйы дзæбæхæн хæххытæ кодтон. Æхсæз азæй мыл фылдæр нæма цыди æмæ дамгъæтæ нæма зыдтон, фæлæ Цоцкойы лæвар кърандасимæ мæхимæ æнахуыр цыдæр кастæн. Ме ’мбæлттæ мæм хæлæг куыд нæ кодтаиккой.
Уыцы кърандасы фæрцы мæхицæй æнахуыр буц ныддæн, раст цыма Чабæхан дæр нал дæн, фæлæ стыр чидæр, æмæ мæ хъус адардтон хистæрты зондджын ныхасмæ. Уыдон дзырдтой, рæстæг куыд аивта, уый тыххæй. Дзырдтой, фæсивæдæн ныр ахуырмæ фæндæгтаз кæй байгом сты, цард кæй фæнывыл уыдзæн, æмæ ма ног хицауадимæ тохмæ чи хъавы, уыдонæн дзы кæй ницы рауайдзæн.
Зæхбын хæдзары астæу даргъ фæйнæджытæй арæзт стъолы уæлхъус бадтысты цалдæрæй. Ныхас кодтой кæрæдзийæн нымд кæнгæйæ, уæздан æмæ уæзбын. Иу цасдæр фæныхас кодтой Голиаты Ванойы тыххæй. Уый уыдис паддзахы офицер æмæ ныртæккæ æмбæхст Джызæлы сæрмæ хъæды. Йæ зæрды ма уыдис атох кæнын ног советон хицаудзинады ныхмæ æмæ нæ уазджыты зæрдæмæ уый æппындæр нæ цыди.
— Æгъгъæд ын у Ванойæн дæр. Мæнæ æрцæуæд йæ хæдзармæ æмæ адæм куыд цæрынц, афтæ æнцад-æнцой цæрæд хъæубæсты астæу. Бамбарын афон ын у, — дзырдтой нæлгоймæгтæ.
Æцæгæй дæр бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Голиаты офицер æрцыд хъæдæй æмæ царди хъæуы. Йæ бинойнаг уыдис Дзанайты Иваны хо — Нигеры хо Саса. Куыста ахуыргæнæгæй. Уыдис нымад, кадджын адæймаг хъæубæсты ’хсæн. Вано дæр æрæнцад йæ фыдуаг митæй.
Уæды рæстæджы мæ фыд куыста кадетты корпусы подрядчикæй. Ласта уырдæм суг, хъæдæрмæг. Цы уæрдонджынты-иу баххуырста, уыдонæн иннæтæй хъауджыдæр фыста дыууæ суарийы фылдæр. Уæды рæстæджы уыдон дзæбæх æхца уыдысты кусæг лæгæн, æмæ-иу сугласджытæ архайдтой Дзабоимæ кусыныл. Разы уыдис кадетты корпусы разамынд дæр, уымæн æмæ куыст къуылымпы нæ кодта. Дзабойы фæсномыгæй хуыдтой «скорый подрядчик».
Нæ зонын, Æмбалты Цоцко æмæ мæ фыд афтæ хæлар цæмæн уыдысты, фæлæ сæм æз сывæллоны цæстæй кæсгæйæ ардтон иу хорз миниуæг: адæмæн сæ цæст уарзта хорздзинад æмæ сæ бон цæмæй уыди, уымæй алкæмæн дæр хорзы цыдысты.
(Педагогон куысты ветеран Бæройты-Бигъуылаты Чабæханы мысинæгтæй)
Ист сты у чиныгæй:
Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».
Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.)