«Мардæн хæлар кæнынц, цы хойраг ын æрцæттæ кæнынц, уый, фæлдисгæ та-иу кодтой бæх. Уæд йæ дзаумæттæ, чырын æмæ ингæн та?» — фæфæрсынц арæх адæм. Æмæ ма сæм, дзуапп фехъусгæйæ, сæвзæры æндæр фæрстытæ дæр. Уымæ гæсгæ мæ дзуапп уыдзæн биноныгдæр.
Ирон адæммæ мардæн кад кæнын фыдæлтæй баззад. Мæнæ куыд зæгъы нæ рагфыдæлтæ скифты паддзах Иданфирс, йæ зæхмæ йын чи æрбабырста, уыцы тыхгæнæг Дарийæн: «Æз раздæр дæр никуы лыгъдтæн искæй тасæй æмæ ныр дæр дæуæй нæ лидзын. Ныр дæр мæхи дарын, сабыр царды куыд вæййын, афтæ. Уайтагъд демæ кæй не схæцыдтæн, уый дæр дын бамбарын кæндзынæн. Махмæ нæдæр сахартæ ис, нæдæр хуымгонд зæххытæ. Æмæ сын нæ тæрсæм ныппырх кæнынæй, фæгæныстонæй. Фæлæ дæ кæд тынг фæнды цыфæндыйæ дæр немæ схæцын, уæд нын ис фыдæлты ингæнтæ. Ссарут-ма сæ æмæ бафæлварут сæ фехалын. Уæд базондзыстут, уыцы ингæнты тыххæй схæцдзыстæм, æви нæ, уый». Мардæн кад кæнын, мысын æй удыбæстæйыл нымайынц абон ирон адæм дæр. Хуымæтæджы нæ фæзæгъæм: «Дзуары аудындзинадæй марды аудындзинад фылдæр у» æмæ «Дзуары фыдæхæй марды фыдæх карздæр у».
Гъе уыцы уагыл мысы æмæ аргъ кæны ирон адæймаг йæ мæрдтæн. Алы сабат дæр сын скодта сæ мысæн бон, ног халсар, дыргъ куы фæзыны, уæд дзы фыццаджыдæр ныххæлар кæны уыдонæн. Нæ сæ рох кæны комдарæны рæстæг дæр, йæхæдæг цы хæры, уымæй дзаджджындæр фынг сын ныххæлар кæны Лауызгæнæнты. Куадзæны йæ ком куы суадзы, уæд дыккаг бон та вæййы Мæрдты куадзæн — комуадзæн. Афтæ — Цыппурсы дæр. Афæдзы алы афоны дæр сын зилы сæ уæлмæрдтæм.
Æрдзæн ис афæдзы цыппар афоны: уалдзæг, сæрд, фæззæг, зымæг. Ирон цардæн та йæ афæдзы афонтæ сты æртæ — цыппæргай мæйтæй. Уыдонæй иу у Цыппурсæй Куадзæнмæ, дыккаг — Куадзæнæй Майрæмы куадзæнмæ, æртыккаг — Майрæмы куадзæнæй Цыппурсмæ. Куадзæн, Майрæмы куадзæн æмæ Цыппурс. Ацы æртæ бæрæгбонæй алкæй агъоммæ дæр ирон адæм дардтой æмæ ныр дæр чидæртæ фæдарынц ком. Куадзæны агъоммæ — авд къуырийы, Майрæмы куадзæнмæ — цыппæрдæс боны. Цыппурсмæ — цыппор боны. Цыппурс дæр уымæн хуыйны. Ком дарай, æви нæ дарай, ирон адæмæй алчидæр йæхицæн хæсыл фæнымайы ацы бæрæгбæтты агъоммæ æнæмæнг йæ мæрдты ном ссарын, сæ уæлмæрдтæ сын бафснайын. Афтæмæй нæ уæлмæрдтæ афæдзы дæргъы зылдхъуаг никуы вæййынц. Куадзæнмæ сæ зымæджы «фæлхæрдтæй» ссыгъдæг кæнæм, Майрæмы куадзæнмæ — сæрдыгон кæрдæгæй, Цыппурсмæ — фæззæджы рыг æмæ хæтæлтæй. Æмæ мæрдтæ дæр хæрзаудæн кæнынц удæгæстыл.
Уыцы æгъдæутты размæ та сын бирæвæрсыгæй срæсугъд кæнæм сæ мæрдтæм фæндаг. Адæймаг цардæй куы ахицæн вæййы, уæд фыццаджыдæр бацархайæм йæ цынайыныл, уæлæдарæс ыл скæныныл. Афтæмæй ма иу æхсæв баззайы йæ хуыссæны. Дыккаг бонмæ цæттæ вæййы йæ чырын (табæт). Чырыны æвæрыны агъоммæ йын æй хъæуы ныффæлдисын. Уыимæ йæ уæлæдарæс дæр. Куыдæй? Йæ сынтæджы раз ын чырын йæ сæримæ æрæвæрын кæн. Сæ фарсмæ чысыл стъолыл — хойраг æмæ нозт. Стæй дыууæ хистæры æмæ цалдæр кæстæрмæ фæдзур. Хистæр нæлгоймаг ын йæ уæлæдарæс æмæ чырын ныффæлдисдзæн ахæм ныхæстимæ: «Махæй цæуыс æмæ, цы бæстæм цæуыс, уым рухс дзæнæты бад. Мæнæ дыл цы уæлæдарæс скодтой, уый дын, уæлæуыл æнцондæрæй, æхцондæрæн цы уæлæдарæс фæдардтай, уыйау уæд. Абон ивыс дæ хуыссæн дæр. Дæ фæлмæн сынтæгæй, дæ хъарм хуыссæнæй хизыс сау, уазал чырынмæ, æмæ дын дзы къуындæг ма уæд, дæхи у, æмæ дæ дзы мацы хъыгдарæд. Фæлдыст дын уæнт дæ уæлæдарæс æмæ чырын».
Кæстæртæ марды йæ чырыны сæвæрынц, сылгоймæгтæ йæ бадзæбæхтæ кæнынц. Марды чырын уаты æмæ кæрты дæр æвæргæ у, марды æргом, йæ къæхтæ æрбацæуæджы ’рдæм куыд уой, афтæ.
Марды номыл цыдæриддæр хойрагæй, адджинагæй, хæлцæй, халсарæй, дыргъæй, нозтæй, донæй æрцæттæ кæнынц, уыдон ын кæнынц хæлар. Хæлар кæнынц, адæймаг хæргæ æмæ нуазгæ цы кæны, уыдон. Фæлдисгæ та бæх, уæлæдарæс, чырын, ингæн, машинæ, фæндыр æмæ æндæр дзаумæттæ, кусæнгæрзтæ, мард удæгасæй иузæрдион цæуыл уыд, уыдон.
Ирон адæммæ сывæллоны авдæны бастой йæ райгуырдæй æртыккаг бон, марды дæр ныгæнынц йæ амардæй æртыккаг бон. Уымæй йын ингæн къахынц йæ ныгæнæн бон. Раздæр нæ фæтчы. Ингæн къахтæй æхсæвы куы баззайа, уæд, дам, æй хæйрæг йæхицæн æрцахсы, æмæ дзы афтæмæй мард куы баныгæнай, уæд, дам, æй æнцад хуыссын нæ уадзы. Ингæн цæмæй йæхи уа, уый тыххæй йын æй баныгæныны размæ хъæуы ныффæлдисын: «Де ’нусон хæдзар дын фæлдыст уæд, мачи дын æм мацы бар дарæд. Чи дын æй сарæзта, уыдоныл хæрзмæ ауд. Цæрæн хæдзæрттæ аразæг уæнт».