Адæм фæрсынц: «Мардæн цы хойраг ныххæлар кæнынц, уый карддзæф цæмæн кæнæм?», «Марды баныгæныны размæ ма йын уæлмæрды йæ дзаума чырынмæ зынгхъæстæ цæмæн кæнæм?», «Ног мардæн цырт æвæргæйæ, йæ уæлмæрдмæ куы æвналай, уæд цы æгъдау хъæуы?».
Ирон адæймаг иудадзыг йæ мардæн кæны кад, æгъдау ын дæтты цыфæнды зынæй дæр. Æмæ йын йæ ном цæмæй мысы: хæлар ын, фæлдисгæ йын цы кæны, уыдон цæстыгагуыйау хъахъхъæны хæрам тыхтæй, архайы, цæмæй йын сæм мачи мацы бар дара, сыгъдæг, табуйаг ын сты. Мардæн хæларæн фынгыл цы хойраг, фыдызгъæл, адджинæгтæ, дыргътæ, халсартæ, нозт æрæвæры, уый хæлары фæстæ карддзæф фæкæны, цæмæй сын сæ бæркадæй фæхъæуынæн хæйрæджытæм мацы бархъомыс уа. Таурæгътæм гæсгæ куыд зонæм, афтæмæй уыдон адæймаджы фыдæбоны бæркад ахæссынмæ цæттæввонгæй лæууынц. Нæ фыдæлтæ «нал»-ы бæсты «дзаг у» хуымæтæджы нæ дзырдтой, ома, нал куы зæгъæм, уæд ын йæ бæркад хæйрæджытæ аскъæфынц. Хæйрæджытæ тæрсынц цыргъагæй, æмæ уымæ гæсгæ хæларгонд хойраг фæкæнæм карддзæф, стæй йыл бакалæм цæхх. Ома, кæмæн æй ныххæлар кодтам, уымæй, уыдонæй дарддæр æм бар мачиуал дара.
Уыцы уагыл æххæстгонд цæуы, уæлмæрдты баныгæныны размæ йын чырынмæ йæ дзаума зынгхъæстæ кæй фæкæнæм, уыцы æгъдау дæр. Цæмæй йын сæм хæрам тыхтæй мачи мацы бар дара, уымæн зынг у йæ хос. Зынгæй тæрсгæ кæнынц.
Зиан куы баныгæнынц, уæд, уæлмæрдæй фæстæмæ цæугæйæ, кæуын нал фæтчы. Чи кæуа, уымæн ног мастмæ цæуы. Уæлмæрды, хъæуы ’рдæм кæсгæйæ дæр, кæуын нæ фæтчы. Зиан мардласæн машинæйы куы бавæрынц, уæд, цалынмæ машинæ азмæла, уæдмæ мæрддзыгойæн фæстæмæ здæхын дæр нæ фæтчы.