Адæймаг куы амæлы, уæд йæ талф-тулф цардæй фæлладæй æрæнцайы зæххыл, йе ’нусон бынатыл. Æмæ йæ хъыгдарын нæ фæтчы — мардæн хъыг у, фæлмæцгæ кæны. Уæлдай зындæр та йын вæййы иу ранæй — иу ингæнæй иннæ ранмæ — иннæ ингæнмæ ласын. Уыцы хъуыддаджы, марды æвастæй, æгъдау ын не скæнгæйæ, чи балæууы, уыдоны, дам, йæ фыдæх цыдæр хъуыддæгты æрсуры. Ацы хъуыдыйы бындурыл æнцой кæны ног мардæй, цырт ын æвæргæйæ, йæ уæлмæрдмæ бавналыны размæ дзы хатыр ракурын. Уым бирæ хардз нæ хъæуы, дæ къух куыд амоны, уый бæрцæй йын йæ уæлмæрды йæ ном ссар æмæ дзы йæ уæлмæрдмæ бавналыны бар ракур.
Ацы æгъдау иудадзыг кæнынц ирон археологтæ сæ куысты. Зындгонд ахуыргонд, археолог Козаты Петр афтæ зæгъы: «Мах искуы рагон, фыдæлтыккон ингæн ракъахын куы сфæнд кæнæм, уæд ын раздæр рухсаг фæзæгъæм, стæй дзы хатыр ракурæм, йæ ингæнмæ йын кæй æвналæм, уый тыххæй». Ингæн къахджытæ дæр мардæн йæ зæххы хай раздæр ныффæлдисынц, стæй бавналынц къахынмæ.
Мард ныгæнгæйæ, бел иу къухæй иннæмæ дæттын та уымæн нæ фæтчы, æмæ нæ фыдæлтæ цæрæн хæдзæрттæ, галуантæ, мæсгуытæ, аразæн æрмæг æрмийæ-æрмимæ дæтгæйæ, амадтой, сæ куыст фæлтæрты бастдзинадау æнæаскъуыйгæйыл нымад уыд. Марды æгъдæуттæ кæнгæйæ та нæ фæфæнды, фæстаг хатт нын куы уаид. Хуымæтæджы кæрæдзийæн арфæйы хуызы нæ фæзæгъæм: «Абонæй фæстæмæ рæсугъд хъуыддæгты лæггад кæн». Мард ныгæнгæйæ дæр нæ бел зæххыл куы æрæппарæм, уæд уый нысан кæны. Ома, тагъд рæстæджы нæ ахæм хъуыддаджы куыд нал бахъæуа...
Ног марды уæлмæрдыл фыццаг хатт мит куы æруары, уæд æй æнæмæнг хъæуы асыгъдæг кæнын. Уый фæстæйы миттæм, дам, мард æвналын нал фæуадзы, мæ мит дæр, дам, мæхи хъæуы. Уæлмæрдтæм иудадзыг зилын та у удыбæстæ мæрдтæн æмæ удæгæстæн дæр.