Зонæм: зианы фынгыл ирон адæм кувгæ нæ кæнынц, фæлæ — Стыр Хуыцауыл фæдзæхсгæ, стæй рухсаджы рæгъытæ. Кæрæдзимæ сидгæ дæр нæ кæнынц. Фынджы фæйнæфарс уадзынц рæгъытæ. Цины фынгыл кæрæдзимæ сидынц фыццаг фынджы сæрты, стæй та — дæ фарсмæ бадæгмæ. Кæнæм сидтытæ. Уæд гаджидау та цы у? — бафæрсынц афтæ дæр.
Ирон цины фынг æрмæст гуыбыны домæнтæн нæу, фæлæ у зонды, монцы, кады æмæ рады æнкъарæнтæ схъауæн дæр. Уыцы уаг дзы куы нæ уа, уæд фынг зæрдæйыл нæ сæмбæлы, нæ йыл сахады, фырнозт æмæ хæрдæй та сæр фæриссы, буар æлдыгъы уагъдау вæййы. Гъе уымæ гæсгæ æгъдауæй фидауы. Æгъдауыл та йæ æвæрынц, гуыбыныл фæстæмæ хæцгæйæ, рæсугъд сидтытæ, нуазæны аккаг чи у уазæгæй, хионæй, уыдонæн кад скæнын.
Нуазæнæй хуыздæр æгъдау нæй ирон фынгыл. Йæ кад, йæ нысан стыр у. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, ирон адæммæ ордентæ æмæ майдантæ нæ уыд, уыдоны бæсты сгуыхт адæймæгтæн куывды æмæ чындзæхсæвы бирæ дзыллæйы цур лæвæрдтой Кады нуазæн. Нуазæнау кадджын у Гаджидау дæр. Рæсугъд фынгыл æй рауадзынц намысджын адæймаджы кæнæ хорз уазæджы, цытджын уазæджы цæрæнбоны тыххæй.
Гаджидау у иу адæймаджы, кæнæ уазджыты скадджын кæныны тыххæй сæрмагонд сидт. Фæлæ разыны ахæм хистæр, Гаджидауы кад чи æрдæлæмæ кæны. Куыдæй? Цы сидтытæ кæна, уый нæ фæзоны æмæ хъæуа-нæ хъæуа фынджы бадты алкæй цæрæнбоны тыххæй дæр гаджидæуттæ фæуадзы. Хуымæтæджы нæм нæ баззад ахæм ныхас: «Цы гаджидæуттæ уадзут?» Ома, æгæр бирæ цæмæн бадут, дæ цæрæнбон, мæ цæрæнбоны сидтытæ цы кæнут? Ирон фынджы æгъдау цæмæн халут?
Гаджидауы тыххæй мæ хъуыды бафидар кæндзынæн Плиты Грисы кадæг «Гаджидау»-æй скъуыддзагæй:
Мах, фæлтæрд æфсæддон адæм,
А фæрныг хæдзары бадæм
Ныр — нæ Уæлахизы бон.
Кæд фынгыл нæ зонын дзурын,
Æз уæддæр дзырды бар курын,
Хъуамæ гаджидау зæгъон
Æмæ гаджидау та цавæр,
Йе цы хуызы, йе кæуыл?
Раздæр ахæм уыдис уавæр,
Æмæ бадыс ды фынгыл
Йе чындзæхсæвы, йе хисты,
Йе хуымæтæджы хуынды,
Йе кæхцгæнæны дæу исты
Гаджидау зæгъын фæнды —
Алкæддæр хъæуа-нæ хъæуа,
Кувын дæм цæуа, нæ цæуа, —
Хъуамæ зæдты нæмттæ ды
Мысай кадджындæр куывды.
Æз ныр уыдоныл нæ дзурын, —
Иу хуымæтæджы зæххон:
Уый æппæлын дæр нæ домы,
Æмæ уымæн æз йæ номыл
Хъуамæ гаджидау зæгъон.
Æмæ дарддæр райхалы кадæджы мидис, йæ сæйраг архайæг Мырза Гаджидауы аккаг цæмæй у, уый.