Кувгæ алчидæр кæны, суанг Хуыцауыл, диныл чи нæ æууæнды, уыдон дæр сæхи, сæ хорз хъуыддаджы райдайæн уæларвонтыл ма бафæдзæхсой, уый зын бауырнæн у, стæй, кæд ахæмтæ ис, уæддæр — тынг стæмтæ. О, фæлæ бæрæгбоны, чындзæхсæвы, чызгæрвысты, ноггуырды куывды, райгуырæн боны, бæлццоны, рынчыны фынгыл та æртæ чъирийæ чи хъуамæ скува? Чи сарæхса, уый, æви кувæг лæгмæ æндæр домæнтæй кæсынц ирон адæм?
Кувæг лæг дзуарылæгау у бæрнджын æмæ уазджын. Алчи дзуарылæгæн куыд нæ бæззы, афтæ — кувæг лæгæн дæр. Дзыхæй æмæ удыхъæдæй чъизи чи у, æвзæр дзыхæй чи дзуры, æнæуаг митæ чи кæны, адæмы хъыджы чи бацыд, давæг æмæ марæг чи у, йæ ныхасыл æууæнк кæмæн нæй, адæмы чи сайы, уыдонæн сæ кувын нæдæр Стыр Хуыцаумæ хъуысы, нæдæр йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм. Ахæмтæн раджы дæр æмæ ныр дæр йæ æртæ чъирийы ничи скувын кæндзæн. Кувæг лæг хъуамæ уа сыгъдæг удæй, буарæй æмæ уæлæдарæсæй дæр. Йæ зæрдæйы хæрамдзинад хъуамæ ма уа, йæ зонд адæмы æхсæн тауа хæлар æмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ, уа рæсугъд хъуыдытыл хæст. Уæлдайдæр та — кувгæ-кувын. Цы дзуры, ууыл йæхæдæг фидарæй æууæнда. Афтæмæй, æрмæст афтæмæй исынц Иунæг Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ адæймаджы куывд.
Дзуарылæг, Кувæг лæг — сæ ном сæ уæлæ ис — нæлгоймæгтæ хъуамæ уой. Фæлæ сылгоймаг дæр вæййы кувæг. Хи хæдзары! Бинонты хистæр нæлгоймаджы фæстæ куы баззайы, уæд. Æрмæст Ногбоны æхсæвы æмæ Бынаты бардуаджы фæдыл фынджы уæлхъус. Уæд дæр фыццаг ракуывд бакæны кæстæр нæлгоймæгтæй искæй бар. Ахæм у ирон æгъдау, нæ фыдæлты фæтк. Сылгоймаг кувæгæй нæ Хуыцау бахизæд — уыд æмæ у абон дæр нæ арфæ кæрæдзийæн. Уымæн æмæ нæлгоймаг у бинонты, хæдзарвæндаджы бындур, бындар, мыггаг аразæг. Æмæ, æнæлæг хæдзар дæр уыцы арфæмæ йæхи ивазгæйæ, нымд дзы кæнгæйæ, бæрæгбоны йын йæ æртæ чъирийæ чи скувдзæн, ахæм хорз æмæ æфсармджын лæг йæ сыхæгты æхсæн йæхинымæры рагацау фæагуры. Ахæм курдиатæн нæ зæгъын не ’мбæлы.
Кувæг лæг у фынджы хистæр, йæ хæс вæййы фынгæн, бинонтæн æгъдау радтын. Бæрнон хъуыддаджы балæууын æнцон нæу. Гъе уымæ гæсгæ йын бинонтæ бон раздæр фехъусын кæнынц, бахатынц æм. Уый дæр æгъдау у. Æгъдау та талф-тулфы митæ нæ быхсы, уæззау зонд домы.
Фынджы хистæрыл бирæ хæстæ æвæрд ис æмæ сæ æххæст кæны дыккаг æмæ æртыккаг хистæримæ. Уæлдайдæр фыццаг æртæ сидты фæстæ. Уыдон та сты Стыр Хуыцауы, Уастырджи æмæ цины фынг кæй, цæй фæдыл у, уыдон номыл. Уыдон фæстæ сидтытæ æмæ æгъдæуттæ хистæрæй домынц сфæлдыстадон хъуыды. Фæлæ иуæй-иу хистæрты фыццаг æртæ сидтыл дæр ныггæлиртæ вæййынц. Уæлдайдæр, фынгыл уæлдæр хицæуттæй исчи куы фæбады, уæд. Цы хуызы йын козбау ракæной, уый нал фæзонынц æмæ ма, дам, ахæм цаутæ дæр уыд, адæм сæ дисæн дзурынц, дыккаг сидт Уастырджийы тыххæй нæ, фæлæ хицауы цæрæнбонæн кæд ракодтой. Ахæм хистæр кувæг лæг фынгмæ уадзинаг дæр нæу.