Адæм кæрæдзийæн æнцой сты царды алы хъуыддаджы дæр. Зонд базонынæн дæр. Чи фæрсы, уый зоны. Ног азæй цалдæр боны куы рацыд, уæд нæм æрбадзырдта æрыгон журналист Гасанты Валери: «Ног азы Назбæлас иуæй-иутæ Зазбæлас цæмæн хонынц? Заз мардæгъдауимæ баст куы у, Ног аз та цин æмæ ныфс куы хæссы йемæ? Стæй æвгъау не сты, цалдæр боны рæсугъддзинады тыххæй цы бæлæстæ ныццæгъдынц, уыдон? Æрдзæн фыдми нæ кæнæм?»
Раст сты Валерийæн йæ хъуыдытæ, йæ фæрстытæ. Ног азы Назбæлас фæлындыны æгъдау Уæрæсемæ æрбахастой Германæй, æмæ сæм тынг зынæй ныффидар. Уæрæсейæ æрхæццæ махмæ дæр. Æмæ талайæ егъау бæласы онг наз бæлæстæй ног азы къæсæрыл цъæх-цъæхид фестынц нæ базартæ æмæ уынгты тигътæ. Фæрæт æмæ хырхы азарæй сар фæвæййы сæ сæр. Уæд цæмæн? Цалдæр боны сыл сывæллæттæ бацин кæныны тыххæй цæмæн тырнæм алы хæдзары дæр Назбæлас сфæлындынмæ? Горæтты егъау фæзты, скъолаты, кусæндæтты æмæ куыстуæтты æвæрд æмæ фæлыст иумæйаг Назбæлæстæ сын фаг не сты сæ алыварс фæкафын, фæзарынæн? Æрдзы раз адæймаг йæхи аххосджынæй фенкъары, Ног азы фæстæ сæ бирæгæйттæй бырондæттæм калын куы райдайынц, уæд. Тугтæригъæд вæййы уыдонмæ бакæсын. Уыцы уавæры сæ уынгæйæ цæстытыл ауайы, куы нæ сæ ныццагъдтаиккой, уæд зæхх цас цъæхдæрæй зындаид арвмæ, æнæуи дæр æй цъæх планетæ куы хонынц. Уæдæ уæлдæф та цас сыгъдæгдæр уыдаид! Уый не ’гъдау куы нæ уыд, уæд æй мах карздæрæй цæмæн æххæст кæнæм?
Уæдæ, Назбæлас та иуæй иутæ Зазбæлас цæмæн хонынц, зæгъгæ. Заз уырыссагау ель, елкæ нæу. Ирон-уырыссаг дзырдуаты комкоммæ амынд цæуы: заз — тис, негной; наз — ель, елкæ, нæзы — сосна; соцъи — пихта. Адон иууылдæр Ирыстоны хъæдты зайынц. Уый нæ, фæлæ ма горæт Сочийы ном дæр арæзт у ирон дзырд соцъийæ. Ацы бæласы мыггаг дзы бирæ кæй зад, уымæ гæсгæ. Абхазæгтæм дæр хуыйны соцъи — сочи.
Заз бæлас ирон адæм мардæгъдауимæ цæмæн бабастой, уый зын зæгъæн у. Кæд, мыййаг, асæй къаддæр кæй вæййы, уый тыххæй йæ равзæрстой, зымæг дæр цъæх чи дары, уыцы бæлæсты æхсæнæй. Бæлвырд у иу хъуыддаг, ирон адæм сæ ног мæрдты фæдыл кæнынц марды кæнд Зазхæссæн.
Зазхæссæн у мардæгъдау. Кæнынц æй Куадзæнæй дыууæ къуырийы раздæр сабат боны, афæдзы дæргъы чи амард, уыдоны рухс ном ссарын,æрымысынæн. «Зазхæссæны бон мыггаг, сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ марды ном ардтой мархойы хæринæгтæй, — фыста Хозиты Федыр йæ чиныг „Ирон фынджы æгъдæутты“. Фынгыл æвæрдтой арахъхъ, бæгæны, бæзджын æмæ тæнæг къуымæл, суары къус, доны къози, кæфы фыд æмæ цæхджын кæсæгтæ, æнхъизæнджынтæ, цуанитæ, тыппырæттæ, задынтæ, лакъамитæ, скъудаджынтæ, хъæдурджынтæ, нартхор, мæнæу æмæ хъæдуры дзæрнатæ, ихын æмæ хуымæтæджы сæкæртæ — цыбыр дзырдæй, мархойы хæринæгтæй къухы цы уыди, уыдон се ’ппæт дæр. Семæ-иу фынгыл æнæмæнг æрæвæрдтой цæхх æмæ кард дæр. Хæлар сæ кодтой ацæргæ лæгтæ æмæ зæронд устытæ. Фæйнæ сыкъайы-иу банызтой хæдзарвæндаг æмæ сыхаг лæгты къорд».
Уыцы бон-иу, стæй ныр дæр иуæй-иу хъæуты зазы стыргомау къалиу сфæлындынц алыхуызон дыргътæ æмæ адджинæгтæй. Сауыгътой-иу ыл къафеттæ, дыргъты хустæ, æнгузтæ æмæ æндæр хæрзад хæринæгтæ хæлттæгондæй. Хуыдтой йæ æлæм. Зазы къалиу-æлæм-иу мардæн куы ныххæлар кодтой, уæд æй хастой уæлмæрдмæ. Ацы марды фæдыл бæрæг бон Зазхæссæн дæр уымæн хуыйны. Зазы къалиу — æлæм уæлмæрдмæ хаста барæг, нырта — устытæ. Фæндагыл ын йæ дыргътæ, адджинæгтæ байуарынц сывæллæттæн. Хæларгонд хæринæгтæй сывæллæтты барæвдауын ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ мардæн мæрдты бæсты æхцон у. Зазы къалиуыл ма цы чысыл муртæ аззайы, уыдонимæ йæ уæлмæрдмæ бахæццæ кæнынц. Уым дæр та мардæн æлæм æмæ сæ хæссинæгтæй, рухсаг у, фæзæгъынц. Стæй йын зазы къалиу йæ цырты фарсмæ ныууадзынц.