Ныхъхъус у, æрдз, æз дæм дзурын — зæххон лæг.
Дæ коммæгæс цагъар чи уыд кæддæр,
Дæ арвы нæрдæй адæргæйæ чи рызт,
Йæхи нывæндтæ чи кодта дæ хурæн,
Куырмæй чи ‘ууæндыд ‘рымысгæ хуыцæуттыл,
Æмæ сæ тæсæй бархийæ йæ цæнгтыл
Цагъары згæ хъадаман чи фæхаста...
Æрвферттывды цæхæрзынг ис мæ къухы.
Хæлбурцъ мигъты ард — ме ‘рфгуыты æлхынцъы.
Дунеты рухс — мæ мидбылхудт, мæ цины...
Мæ бардзырдæй арв фескъуындзæн йæ нæрын,
Ныххуысдзысты цæхæркалæг вулкантæ,
Цæстыныкъуылдмæ айсысдзæнис денджыз,
Ныссур уыдзысты ‘нæбын океантæ,
Ивылд фурдтæ, тыгъд быдырты самумтæ
Æрвдзæвдтытау фæкæндзысты дзыхълæуд!..
О, хурзæрин, — дунесфæлдисæг рухс хур,
Кæддæр, кæддæр дæуæн æз кодтон табу,
Фæлæ мæ ды нæ батавтай дæ хъармæй,
Мæ цæстæн мын нæ хай кодтай дæ тынтæй.
Æнусты тары рухсагур фæхаттæн
Æмæ йæ арвæй раскъæфтон лæгдыхæй.
Ныр дæм тызмæгæй, комкоммæ куы скæсин, —
Мæ цæсты рухсæй акуырм уаис уайтагъд
Æмæ цъæх арвыл аззаис мæрдцъындæй...
Æрвон дуне, мæн дисы ‘фтыдта рагæй
Дæ цæхæркалд, дæ ‘нæкæрон цъæх тыгъдад;
Куы ирд вæййыс, рæсугъд чызджы цæсгомау,
Хур мидбылхудтау ферттивы дæ уæлæ,
Куы саудалынг, мæстæлгъæд æнгас райсыс,
Тæссаг сабыр ныввæййыс тар ингæнау,
Стæй мин хъæлæсæй иу богъ-богъ ныккæныс.
Сабырдзинад гæппæлгæй дард фæхæссыс,
Нызгъæлæн кæныс къæдзæхты дæ хъæрæй,
Æмдзæхæр фестыс æмæ уæд дæ быны
Гæдыхъæд рындзыл адæргæй фæризы:
Кæддæр æз дæр рызтæн дæ тæсæй афтæ,
Уыдтæн уæд саби, сонт, фæлæ цымыдис.
Дæ риуæй-иу куы расхъиудта ыстъæлфæн,
Уæд-иу æрхаудтæн зоныгуылæй зæххыл.
Мæйрухс æхсæвты де стъалытæм кастæн, —
Ыскъæфтой мæ сæм рогбазыр бæллицтæ
Æмæ-иу куы уæлхур, уæларвмæ тахтæн,
Куы та-иу авддæлдзæхмæ дæр ныххызтæн.
Фæлæ уый уыд рæсугъд фынфендау, аргъау,
Ныр уыцы аргъау рацæг кодтон, мæнæ,
Æмæ уæвгæ куы фениккой мæ митæ, —
Фæхæссиккой сæ царцйатæ дæр дисæн:
Æхситгæнгæ дын де ‘гæрон тыгъдадмæ
Мæхи арæзт зынг ыстъалытæ фехстон,
Æмæ мæ фидар базыртæ ысцагътон
Дæ тымыгъджын цъæх æрфæнты тæхынмæ.
Хуыцау! Куывтон дын зоныгуыл, сæркъулæй,
Мæ хидвæллой, мæ хойрагæй, мæ цæххæй;
Куырдтон дæ амонд, амонд мын нæ радтай, —
Ыссардтон уый мæ тых æмæ мæ зондæй,
Дæу дард ивгъуыд æнусты тармæ фехстон
Æмæ цæуын сæрыстырæй, уæндонæй
Æнæмæлæты ‘нæкæрон фæндагыл —
Æппæтаразæг, агурæг зæххон лæг...
Æрвферттывды цæхæр зынг ис мæ къухы,
Хæлбурцъ мигъты ард — ме ‘рфгуыты æлхынцъы,
Дунеты рухс — мæ мидбылхудт, мæ цины...