(...-мæ)
Дæу куы фенын, мæ амонды стъалы, —
Цинæй сабийау сырæзын æрвмæ,
Æмæ рухс сæнтты ‘нæкæрон малæн
Уарзтæй судзгæ фæхауын йæ арфмæ.
Уæд фæкæсын æз цардмæ цыбæлæй,
Æмæ химид бæлгæйæ фæдзурын:
Ехх, цæрынæн мæм азтæй цы ‘мбæлы,
Уыдон афтæ куы тонин дæ цуры!..
Дæу куы фенын, уæд аззайын сагъдæй,
Исдут ме уæнгтæн нал вæййы стæлфæн.
Кæд фæхудыс дæ мидбылты дардæй,
Уæд дæ цæстытæй фесхъиугæ стъæлфæн
Арты пиллон ысуадзы мæ риуы
Æмæ спæртт кæны, ссудзы мæ зæрдæ,
Уæд ныфсджынæй ысхæцын мæхиуыл,
Уæд фæтырнын æз царды бæрзæндтæм,
Уæд мæ разы нæ фæлæууы хох дæр,
Уæд ныммарын мæ зивæджы хурхæй
Æмæ ‘рбалвасын фидар йæ рохтæ
Рог, зынгбазыр уæлтæмæн æфсургъæн;
Урс, æгъуыссæг æхсæвтæ æртæхынц
Æмæ ‘рынцой нæ вæййы мæ сисæн...
Хур куыд ысхъазы райсомы ‘ртæхыл,
Афтæ арвмæ нæргæ зарæг сисын...
Дæу куы фенын, уæд хъыг æмæ мастæй
Мур, бындзыг дæр нæ баззайы риуы,
Мæн фæфæнды мæ цинæй, мæ уарзтæй
Адæм хайджын куы уаиккой иууыл.
Мæн фæфæнды куы бахæрин пъатæй
Де ‘нгас дидинты, ‘гомыг нæзыты,
Алкæй риуæй куы фæсурин катай,
Гъе куы рæвдауин алкæй йæ зынты.
Уæд нæ бацæуин калмæн йæ хъыджы,
Уæд цыфæнды ыстыр маст ныббыхсин;
Зæгъгæ, фембæлдтæн ме знагыл уынджы,
Баууæнд, ууыл дæр цинæй ныттыхсин...
У дæ номæй мæ ардбахæрд, ме ‘ппæлд,
Цæй, дæ фендæй куыд нæ судзон арты,
Адæм афтæ куы уарзиккой се ‘ппæт,
Уæд хæрамдзинад фесæфид царды...
Иу дæ мидбыл фæхудтæй, дæ фендæй
Уад æхситгæнгæ сысты мæ риуы,
Æмæ стайы ‘внæлд фесты мæ февнæлд,
Хохаг цырд зæйы ракъуырд — мæ риуыгъд.
Нæй дæ уарзтæн мæ зæрдæйæ рафтæн, —
Уый ныфссастдзинад ме уæнгтæй суры;
Адæм се ‘ппæт куы уарзиккой афтæ,
Уæд æрисиккой арвæй зынг хуры!..
1958 аз