Аргъæуттæй дæм рухс цырæгътæ дардта,
Ферттывта-иу йе ‘рцъыкмæ дæ зæрдæ.
Дæу уырныдта, — уыцы Нарты кардау,
Кодтаис дзæнгæлтæ.
(Кард нæ уыдис, — уый алантæ хастой
Намысы тырысайæн сæ сæрмæ; —
Радтой-иу сæ цард, фæлæ нæ хастой
Уый номыл рыг абадын сæ сæрмæ...)
Хъуыст æнусты йе ‘ндон зæлланг Ирæй,
Сыгъд фыдæхсæв йе стъæлфæнты артыл,
Уый тыхы бын никуы зад гæлирæй, —
Асаст-иу фæлтау фыдгулы уартыл.
Хатт, дам-иу сæрбахъуыды фæтасыд, —
Кæд хъандзалау абадтаид растдæр;
Кæс, æмæ та хуры тынты хъазы,
Цъыкк, — æмæ фæтулы знаджы даст сæр...
Уый хынцмæ хæрам ныхас нæ барстай,
Ницы дæм каст намысæй зынаргъдæр.
Худти хур, нæртон фæринкау, карстай,
Уæд уыдтæ рæстдзинады цырагъдар...
Хурбоны цырагъ дарын æнцон у.
Арв йæхæдæг ирд тæмæнтæ калы,
Фæлæ тары рухс кæнын кæй бон у,
Саудалынджы чи басгуыхт ыстъалы?
Дзырд куы цыд æнаххос коммунисттыл,
Фарст цæхгæр куы ‘рывæрдтой дæ разы, —
Ралæууыдтæ ‘лвæст фæринкау исты,
‘Рывæрдтай дæ цард тæссаг тæразыл?!
Нæ, дæумæ рæстæвзарæн фыдтасы
Уыцы кардæй мисхал дæр нæ разынд,
Тасмачъийау де згæ уд фæтасыд, —
Балæууыдтæ талынджы дæлбазыр...
Рæстæг — карз — йæ къухы дардта хъама,
Уалдзæг арв хъæрæй нæрын нæ уæндыд.
Дуг уыд ахæм, ахæм уыди заман,
Ныр истори бамбæрста йæ рæдыд...
Æмæ дуджы скъуыд тæгтæ ныхасы
Арæхстгай алæмæттаджы сасмæй...
Ды, кæддæрау, дзыллæты ныхасы
Ралæууыс, дзырддзæугæ лæгау, размæ.
Адæмæн куыд фæнды уæд сæ тæрхон, —
Нæу дæ мæтаг, — развæлгъау ыл разы дæ,
Æмæ ‘рмæст лæууыс æдзух къæппæввонг, —
«Хистæр раст у!» — мачи зæгъа раздæр...
Не суæнддзынæ, — «Мæнæ уый нæ хъуыди»...
Хъахъхъæныс, тæрсыс дæ кадæн авгау.
Кæд фæкъул, тæбæгъы донау, хъуыды,
Уæд ды дæр дæ къух ысдарыс хъавгæ...
Ды нæ фæдæ Нарты кардæн й’ аккаг, —
Йе стъæлфæн дæ талынг уды бабын,
Уыцы кардыл, цауд бындары гаккау,
Бады рыг дæ чъизи номæй абон.
1962 аз