Хъуырдухæнæмхиц, — уадау,
Тымыгъвæдджи тыгъдæттæ,
Алайнаджы æхситтæй, тæхгæ фатау,
Нысанагур æнусæмдзу фæндæгтæ
Кæддæр, мæ райгуырдæй дæр раздæр,
Тыфылмонц фæнд мæ туджы ‘ртæхты ссыгътой.
Нæ уыд бæллиц æвæдджиагдæр, уаздæр,
Сæ тохсидтмæ куы тахтаин æвзыгъдæй.
Фæлæ зæхх æмæ арвы фыдæх иумæ
Ныццыхцыр ысты заманты мæ сæрмæ,
Мæ зæрдæ мын фыдгултæ систой мидмæ,
Уæддæр нæ састæн м’ адзалы къæсæрмæ...
Фæлæгæрстон зындоны пиллон арты,
Фæлæ нæ федта мæн хъысмæт тыхстгъуызæй.
Фыддутты талынг райгæрстон мæ кардæй,
Фæстейæ баззад тугуарæн, тыгъдызæй...
...Уыдис мæ сæрмæ арвы тыгъдад уаддымд,
Нæ кодтой мигътæ змур зилахар, цъахтау,
Æмæ мæ царды æз фыццаг хатт радтæн:
Æрдзæ уадындзæй царды уалдзæг цагъта.
Йæ базыртыл мæ диссаджы тых систа,
Мæ цин тыдта йæ бæттæнтæ, рæдывта:
Мæ хиды ‘ртæхтæй судзгæ цырагъ сыстад
Æмæ мæ развæд айдæнау арттывта...
Гуыргъахъ цæуæнты тас, уæд рис нæ зыдтон:
Æрвгъуыз фæлммæ йæхи мæ фæндаг дардта,
Уым арвæмбæрц æвзист хохы бæрзæндыл
Мæ сæнтты мæсыг ирд тæмæнтæ калдта.
Йæ сæрмæ сыгъд мæ цардамонды стъалы,
Мæ дойны уд йæ алдзæн рухсыл бафтыд:
Зыдæй нуазгæ рæсут суадоны малы
Лæг фендзæнис фæллад сæгуыты афтæ...
Æваст, хъуына къæдзæхджыны, мæ разы
Хъуынджынзæрдæ уæйыджы аууон растад:
Хæлбурцъæй рацыд саувадыг мылазон,
Нырттывта арв, сæртæг къæр-къæр нылласта.
Æркалдысты сæ базыртæ мæ сæнттæн,
Уый сæрсæфæны асхъиудта мæ фæндаг, —
Йæ нысанæй фæивгъуыйгæ зынг фатау,
Тъымы-тъымайы талынг цъассы атад.
Æрнымæг и æхсæвдзырагъ дæр мигъы,
Зына-нæзына мæй æрттивы уæлæ.
Дæлимон-хъысмæт ралæууыди тигъыл,
Æмæ ныххудт йæ дзыхыдзаг кæл-кæлæй...
Æрмæст ныфсы рухс н’ ахуыссыд мæ риуы,
Æрмæст мæ уд нæ фæтасыд фыд-зыны:
Æвæд æврæгъты хур дæр-ма фæчиуы,
Фæлæ та ноджы ирддæрæй фæзыны;
Фыд-их æрцæуы малусæгыл уалдзæг, —
Фæскъæвда хурмæ царды цинæй худдзæн;
Ыстоны уад йæ зæнг быныл цъæх тулдзæн. —
Цæрдхъом мæры ыставддæр тау ысуадздзæн...
Мæнмæ бæллиццаг фидæн азтæ худынц
Æмæ мæм амонд фидиуæг æрвиты;
Мæ буарæй мæ ивгъуыд бонтæ дудынц,
Æмæ мæм царды знæт уæлтæмæн сиды...
Мæнмæ фæстейæ ‘рвдзæф мæсгуытæ дзурынц:
Фæцырд кæн, аййаф тугæй æлхæд азты.
Æнуд цъæхахст мæ ивгъуыд бонтæй куры:
Фæрæвдз у, рацахс хурзæрины уаз тын...
Æмæ мæ зæрдæ — тохвæдисы стъæлфæн, —
Æгуыппæг бонты баппары фыдтасы,
Фæтъæбæрттæввонг уадтымыгъ — хæстæлвæст —
Кæны мæ кæрты къахындзæг, ныууасы...
Гъе-гъей!.. Мæ туджы алы ‘ртах ыссудзы.
Æмæ мæ конды алы нуар рæмудзы:
Ызнæт, æгъуыссæг тар æхсæвтæ хъуамæ
Мæнæн æрттивгæ рухс цырагъ ыссудзой!..
1960 аз