(З.А.-йæн)
Федтон диссаджы дидинæг,
Хох æй батыдта «‘взæрдæ»-йæ.
Мæнæ уалдзæджы фидиуæг
Бацыд рухстаугæ зæрдæйы...
Уый чъызгæ-ризгæ дуры бын
Байрæзт цъæх нæууæй миты ‘хсæн,
Уæ, тæхуды ф’ уай, хуры тын, —
Ууыл алы бон чи тыхсы!..
Цины ‘видигæ суадонау,
Уымæй байрайы чидæрид.
Уæлæ, сау айнæг, бадон уай, —
Ууыл тар аууон чи дары.
Райсом рухс хуры ‘взист тагыл
Афтæ ‘фсæрмгъуызæй фембæлы,
Цыма дунейы цинагæй
Уымæ мисхал дæр не ‘мбæлы.
Мигъ ын ку’ адары арвы дон,
Уддзæф ыл цинæй ку’ атыхсы, —
Цæй, цæмæй, дам, сын бафидон
Ныр сæ лæггæдтæ, — батыхсы...
Хъоппæг циу, кæнæ малусæг, —
Бацыд уый хуызы уарзты зæд.
Уалдзæг, бакæн æй де уазæг,
Хæхты Галæгон ма схъызæд...
Федтон диссаджы дидинæг, —
Хох æй бадомдта «‘взæрдæ»-йæ;
Мæнæ уалдзæджы фидиуæг
Бацыд рухстаугæ зæрдæйы.
Амæттаг бæллиц
(З. А.-йæн)
Уæртæ залйаг калм анкъуыст, фæлæсы;
Хохыл ахылд, фæуайы цæрдæг.
Уыцы калмæн йæ хъæстæ хъæлæсы
Ис цыкурайы ‘рттивгæ фæрдыг.
Нæ, — уый уадæг мæ хуры фæхæссы,
Æмæ м’ алфæмблай бæстæ ныхъхъус.
Хур æмбисбон, цырагъау, фæхуыссы,
Æмæ тайы мæ цæстыты рухс.
Уайынц цæлхытæ, — тагъддæр, дам, тагъддæр.
Фæсвæд къæвдамæ телхъæд ныджджих...
Нæ, уый зæххыл нæ сæмбæлд æртах дæр, —
Уый мæ зæрдæйы уары тæрк-их.
Дардмæ фехстон мæ цардамонд барæй,
Ныр йæ фæдыл дзыназгæ кæсын:
Рухс бон баивтон млазон фыдтарæй,
Æмæ байхæлд мæ сæнтты мæсыг...
Гъеныр дам-думтæй бафсæдут уе ‘ппæт, —
Кодта судзгæ мæрдтæм фыд кæй дзых:
Фæтк, æгъдаумæ гæсгæ, дам, цы не ‘мбæлд,
Уый, дам, бакодта уыцы къæйных...
Дам тæвд нæмыгау ацæуы ниугæ, —
Уый нæ ныккæны маргъы пæррæст:
Дам дыл хъус-хъусæй ацыдис иугæр,
Уæд æнæууæнк у адæмы цæст...
Уый æппæрстой уæ цæстытæ тасы, —
Алкæд кодтой йæм сусæг зыдкаст,
О, æдзухдæр уыдысты йæ разы
Уынд»жы, дзуарæвæрд хъаматау, раст.
Уый уæ дам-думтæм тадис уæлхъæдæй,
Уый æнаххосæй домдта фыдмаст;
Зæххæй сисинаг чи нæу йæхæдæг,
Уый дæр уымæ былысчъилæй каст.
Уæд цы уыдис йæ фыдракæнд, уагæр,
Гъе йæм фауæй цы ‘рхастаид цæст?!
Уарзтæн рухс цырагъ дардта дæндагæй,
Иу цæстмæми нæ зыдта æрмæст.
Мæн йæ амонды стъалыйыл барста:
(Хур мæм мигъæй чъызгæ-ризгæ каст);
Уый йæ хивæнд зæрдæйæн нæ барста
Риуы дуарæхгæд сусæггаг уарзт.
Уый нымадта йæхицæн æвгъауыл, —
Æз уыдаин йæ царды æмбал.
Афтæ хурзæрин зæххы рæвдауы,
Фæлæ зæххæй нæ домы лæвар...
Æз мæ цæстытыл кодтон æнæууæнк,
Æз æнхъæлдтон — рæсугъд фыны дæн.
Уый — мæ дуне, мæ удæн йæ лæууæн,
Уыд æвидигæ цины гуырæн.
Æмæ судзгæ, кæлæнгæнæг уарзтæн
Арф нымбæхстон мæ зæрдæйы й’ арт;
О, мæ фынæн, сывæллонау тарстæн, —
Зæгъын, маргъау мын ку’ атæха дард...
Атахт м’ амонд дæр, йемæ фæтары,
Уый фæхицæн æнустæм мæнæй...
Бон йæ къухы æхсæвдзырагъ дары, —
Уæлæ арвыл мæрдонвæлурс мæй.