Дард Ирыстонæй, хæхты дæлвæдджи
Алазаны дон хъусы алайнаг ныхæстæм.
Хæхтæн бар кæд нæй æрдзæй, — сыбыртт сын нæ фæччы,
Науæд уыдон иронау кæддæрид куы ‘мбæрстой.
Алазан цыма нал у хатиаг:
«Цъ»-тæ, «хъ»-тæ ирон мыртæй раивта, —
Хъус-ма: дзуры иронау йæ уды фæндиаг,
Хъус-ма: сцагъта йæ уадындз, Ацæмæзау, аивтæй...
Хъæубын зары хъуытаззæл тæлтæг дон,
Хъæусæр — булæмæргъ тулдз хъæды тар къохы;
Абон Къахет куывд кæны, бæрæгбон,
Абон, Уастырджиау, кувынц Къостайæн Аргохы.
Бæстæ — бур-бурид, цыма йыл хурзæрин батад,
Судзы агуывзæйы мыдадзгъуыз сæны цырæгътæ.
Уæртæ фынджы сæр колхозы сæрдар — Иракъли рабадт.
Уæвгæ, цы рæгъытæ уадзы, цы рæгъытæ!
Уынгæй хъуысы ирон цагъд, ныффæсус и фæндыр,
Уынгæй хъуысы æмдзæгъд æмæ зарын;
Цал уым чызджытæй сусæг бæллицтæ нывæнды,
Цал лæппуйы йæ цæсты зул чызджытæм дары...
Уæртæ фалдæр хъæбысæйхæст сытынг ис гъæйттæй,
Ис дзы бирæ сыхаг хъæутæй, — гуырдзы, зæгъ, мæхъæл.
Ахæм чи уыдзæн иры богæлттæй, —
Абон хъæуы фæкæна фыдæнхъæл!
Хъазынц фæсивæд фат æмæ ‘рдынæй,
Хъазынц фæсивæд хъилыл бырынæй;
Ахæм рагон хъæзтытæ ракетон æнусы фидауынц;
Абон Къахет ыскодтой бæрæгбон нæ нæртон æгъдауыл.
Абон Къахет хуыцауы ‘мсæр поэт — Къостайæн кувынц.
Къоста рæсугъд нæртон æгъдæуттыл уыдис æнувыд...
Бон ныффæлладис, аууæттæ, расгуытау, цудынц,
Алазаны дон зары иронау,
Хæхтæ, урсхил зæрæдтау, сæ мидбылты худынц,
Хæхтыл анхъæвзт зæрæхсид сыгъзæрин донау.
Тагъд та дунейы ‘взист мæй рæвдаудзæн, —
Хæхтыл, фæзтыл фæлмæн цыллæ таудзæн.
Алкæй абырсдзæн хуыссæг
Æмæ хъæубæстыл рухсфын æртыхсдзæн.
Фыны фендзæни саби — къуыпуадул:
Цыма Хетæджы сахъ фырт Къахетмæ ‘рцыди:
Уæртæ зæронд лæгты ‘хсæн цухъхъайы бады,
Йæ риуыл — рæгъ-рæгъы бæрцытæ.
Райы, йе ‘мирон адæмæй бабуц.
Дзуры: «Бæстæ куыд райдзаст у абон!
Дуне срухсгæнæг ног дугæн табу, —
Не ‘взаг — н’ адæмы намыс нæ бабын!
Уый фæхатти дунейы уæзгуытыл.
Уыд йæ фæстаг, йæ фидæн — йæ катай.
Уый нæ бартхутæг судзгæ мæсгуыты,
Уый нæ басастой кард æмæ фатæй.
Абон а-зæххыл алчи æмбар у,
Æмæ равдис, Ирыстон, дæ хъару:
Адæм цалынмæ се ‘взæгтыл дзурой, —
Макуы фесхъиуæд де ‘взаг сæ цурæй.
Уый куы уæй кæна ‘хсины лæг кадыл, —
Сыст, æлвæст кардау, рахъыз йæ сæрыл.
Дæу æнæуый нымайдзысты мардыл, —
Лæг æнæ ‘взаг нæ цæры...
Дард Ирыстонæй хæхты дæллагхъуыр
Къахет аныгъуылд рухс фынты малы.
Мæй, нæртон уартау, атылдис, акъул,
Алазаны дон «А-лол-лай» зары.