Нæ Ирыстон, ивгъуыд æнусты тары
Дæ истори къæхты бынæй уынæргъы,
Дæ цардамонды тугхъулон ыстъалы,
Зыны, цыма цъæхæйрæгъæд мæнæргъы.
Æхситгæнгæ тæхы, тымыгъау, рæстæг,
Æгъатырæй æппæт дæрæн кæны.
Ызнон дæр ма зæххыл цы уыд бæллиццаг,
Уый абон рохуат бамбæрзта йæ рыгæй...
Нынныгуылди тыхджын нарты зынг хур, —
Ныххуыссыди цæхæркалгæ кæмдæр
Зæрæхсиды сырх-сырхид туджы малы.
Нæртон адæм ныр аргъæутты цæрынц...
Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау,
Пæр-пæргæнгæ тæхынц æнустæ цырд...
Кæмдæр та дугтæ бондзир-дзур кæнынц,
Ыскæсæны сæуæхсид туджы зилы.
Сырх-сырхид арвыл сау уадздзæгтæй мигътæ,
Сынтытау, хъомпал, зилахар кæнынц.
Кæцæйдæр дардæй тохы хъæртæ хъуысы,
Уæззау кæрдты къуырма дæнг-дæнг цæуы.
Тæхæг æнусты базырты пæр-пæры
Æрбаивылы зарæджы уылæн,
Фæлæ та — «цъызз!» — ныхситт кæны зынг фат
Æмæ кæмдæр лæгдзинады нымд зарæг,
Фæндыры тагау, аскъуыйы дзыназгæ.
Уый нарты дард, тыхджын фæдон алан
Историйы атагъаты кæмдæр
Фыдхъысмæтимæ бацыдис æрмхæсты,
Йæ сæрмæ мигътæ змур хæлбурцъ кæнынц.
Ызнæтæй сысты рæстæджы тыхдымгæ.
Цымæ та йæ кæдæм хæсса йæ адзал:
Дунейы даргъ, æнæкæрон уæзгуыты —
Китайæ дард Европæйы кæрæттæм,
Цæгат зæххытæй хуссармæ, — Мысырмæ —
Тъымы-тъыматы цардагур хæты...
Сæ хъару хаста хурæмдзу аланты,
Сæ быны зæхх æмризæджы рызти,
Зын мæлæтæй нæ фæтарстысты никуы,
Зыдтой æрмæстдæр худинаджы тас.
Фæлæ цы лæууы рæстæгæн, цы фидар?!
Алантæн дæр сæ туг цъыртгай фæцыд,
Ныйихсыдысты се ‘хсаргæрдтæ тохты,
Сæ хурæмбæрц ном зæххы ‘мбуар ыссис.
Кæмдæр æбæрæг мигъæмбæрзт быдырты
Сæ урс сæры зыхъхъырдæндаг къуыдыртæ
Былысчъилæй æнæмæлæтыл худынц.
Сæ байзæддаг — ирон адæм ныууагътой
Сæ сойдзыхъ зæхх, фæлыгъдысты фыд гуннтæй.
Цагъармæ, дам, нæ ратдзыстæм нæхи.
Æрцардысты бæрзонд хæхты — мæсгуытау,
Зынвадаты, зындзæуæнты, — æрмæстдæр
Сæрибаруарз цæргæс кæм тахт уæндонæй.
Фæлæ, дам, зæхх у адæмæн сæ дарæг
Æмæ кæм ис гæмæх къæдзæхты зæхх!..
Цагъары къæлæт не ‘рхастой сæ сæрмæ, —
Мæгуырдзинад сыл ‘рывæрдта æфсондз...
Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау,
Пæр-пæргæнгæ тæхынц æнустæ цырд...
Æлгъыстаг дугты тар замантæ ивынц,
Ирыстоны мæйдар æхсæвы ‘рттивы
Мæрдоних уазал цъититы мæнг рухс.
Фыд-замантæ лæджы къухтыл, фæллойыл
Æнусты дарынц сау ызгæ хъадаман.
Зæххы хъæбул къæхты бынæй уынæргъы. —
Йæ урскъух æмæ саузæрдæ æлдар ын
Йæ тугвæллой, кæрæф цъулберау, цъиры.
Фæлæ нæртон сæрыстыр лæг нæ быхсы
Тыхы бын нымд, сæргуыбырæй цæрын.
Æмæ та-иу, гигант вулканау, тарæй
Чермены зарæг рухскалгæ ыстыдта,
Æмæ та-иу тыхы фидар йæ цæлхъæй
Йæ бындуртæм къæс-къæсгæнгæ нынкъуысти.
Фæлæ йæ цъуппыл тугдзых уари ‘рбадти, —
Дысæрон маргъ, — æндонæй конд йæ ныхтæ.
Йæ къæдзил тилгæ, уарийæн, куыдзау,
Æхсины лæг йæ чъизи дзæмбы сдæрдта,
Ныттари тынгдæр уарийы дæлбазыр,
Ныхъхъус и зарæг, уадындзы зæл аскъуыд.
Æрмæст ма Терк иронвæндæгтæ кодта
Æмæ уыраугæ судзгæ додой хъуысти.
Фæлæ зæххыл æфхæрд лæджы цæстытæй
Цы цæссыджы ‘ртах рахъардта фыццаг,
Уый, — хохæй цыма миты къуыбар фенкъуыст, —
Æнус-æнус ыстырæй кодта стырдæр,
Фыдæй-фыртмæ, гуылф-гуылфгæнгæ тылдис...
Мысыры пирамидæтæ уæларвмæ
Кæй уæзæгæвæрд ризгæ къухтæ систой,
Патрициты ирхæфсынæн кæрæдзи
Цы римаг гладиатортæ æргæвстой,
Иры сагъæс, сæ цæстысыг ныхъуыргæ,
Уæззау уаргъæн цы сау адæм фæхастой, —
Æппæт, æппæт æфхæрдты маст, уыраугæ,
Сæрæмбæрзтæй, ызнæт денджызау, фыхт
Æмæ ныккодта иу дуджы æмцæлхъ,
Æваст фæкъæртт ис æхсæвæн йæ тæн,
Ныггуыпп ласта æнæнтау рухс, фантанау,
Æмæ ыссыгъд Октябры сæухсид,
Историйы мæйдар æхсæв ысбон...
Ирыстоны бæрзонд хæхты сæрмæ,
Пæр-пæргæнгæ, тæхынц фæллад æнустæ,
Сæ фæстæ растад, фарнхæссæг бæлонау,
Октябры зæринбазыр æнус.