(Монолог)
Нæртон фæсивæд, амовдыл хæст ут, —
Æнус-æнус зæххы фарнæй æфсæст!
Зæрин хур уæм йæ хæлар цæстæй худæд,
Йæ цæссыг уын мигъ ма кæнæд æвгъау,
Фæскъæвда ‘рттивæд арвы рон уæ сæрмæ!
Хæрзамонды цыкурайы фæрдыг
Куыстдзагъд лæджы ныхæй æртагъд кæддæр.
Ныддур æмæ дзы царды фидыц худы.
Уæ ныхæй калæд уыцы фæрдыг рухс, —
Фæрныг æмæ хъæзныг куыд уат æнус,
Æрдзæ сæдæ — уæ рæгъæуттæ, уæ дзугтæ!
Уæ къæбицты ныккæнæн ма уæд хорæн,
Мыдгъуыз суадæттæй абузæд æлутон!..
Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут.
Ис амондмæ зæххыл фæндæгтæ бирæ,
Цæуынц æм — зонут, — се ‘ппæт дæр æрмæст
Лæгæн йæ бæстæ, й ‘адæмы зæрдæйыл.
Уæ дзыллæ искуы царæфтыд куы уа,
Æнæуый уæ куы бæлла исчи цинмæ, —
Уæд баззайæд нæ фидæны фæлтæртæм
Йæ ном цылгъагдæр фидисæн зæххыл.
Нæ зæххы сой нæ фыдæлты туг у! —
Уый бацыдис уæ буары, уæ магъзы:
Уæ дзыллæйы цæрдхъом къабæзтæ стут,
Æмæ фыдамонд макуы фæут ахæм, —
Зын уын куыд уа йæ сæрвæлтау мæлын!
Фидауынц адæм се ‘гъдауæй, сæ уагæй, —
Нæртон æгъдау уæ фæдзæхст уæд, мæ хуртæ!
— Сæ фæтк, сæ ныхас — адæмтæн сæ ис, —
Цзесты гагуыйау хъахъхъæнут нæртон дзырд, —
Нæй фидæнмæ афтидармæй цæуæн!
Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут!
Хæрамы охыл макуы сласут кард.
Фыццаг-фыццаг æхсаргард æмæ фат
Фыдæхзæрдæйæ чи райста йæ къухмæ,
Уый туджы зæйтæ фенкъуыста зæххыл,
Æмæ ивылынц абон дæр нæ сæрты.
Кæд уыдис маст мæрддзаг хæдон мæлæтæн! —
Фыдмаст у ног фыдбылызы æхсидав.
Фæлæ фыдгул уæ уæзæгмæ куы бырса, —
Ныккалут туг сæрибары сæрыл:
Фыццаг-фыццаг æхсаргард æмæ фат
Хæрамы ныхмæ чи райста йæ къухмæ
Уый цины денджыз рауагъта зæххыл...
Æмæ ныр дæр нæ зæрдæтыл ивылы...
Нæртон чызджытæ, рухс амонд уæ хай!
Зæххыл æппæт ысфæлдисæг у мад, —
Нæртон мады ном фарнимæ хæссут.
Сымахæй цæудзæн уарзт æмæ хæрам дæр,
Зæнæг уын ахæм рацæуæд, фæлтæртæм
Фыдыуæзæджы судзгæ уарзт, лæгдзинад,
Нæртон æгъдау, нæртон кад æмæ намыс,
Тырысайау, куыд адæттой сыгъдæгæй!
Нæртон кæстæртæ, цардамонд уæ хай!..