Уыдтæн мæгуырыкурæг æз,
Цыбыр — мæ къух, афтид — мæ къæс.
Нæ мын уыд цард, уыдис мын уарзт
Æмæ мыл амонды хур каст.
Уыдис тæхудиаг мæ хал.
Уыдтæн æнæфæныкæй хъал.
Ныр дæн паддзахуæвгæ сæркъул:
Ныххуыссыд уарзтамонды хур.
16.09.1972