Ды мæнæй, сæрыстыр зæд, фæлыгъдтæ,
Ныр мæ разы — сæрсæфæны рындз;
Ныр хъызт зымæг, ихуазал тымыгътæ
Урс æфсургътыл зæрдæмæ бырсынц.
Урс сагъæсы ме ‘нхъæлцау ныссуйтæ,
Бады мигъ мæ сау цæстыты — урс,
Урс митыл сæ туг лæдæрсы цъуйтæн,
Салд къалиуыл булæмæргъ ныхъхъус.