Куыд зындзард дæ, сагъæс, —
Мæ талынг мæрдадз!
Мæ уд дæр мын ахæсс,
Æрмæст мæ ныууадз!
Æрра дæн, — цы дзурын,
Нæ раивыс, цы,
Мæ удлæууæн хуры
Фыдæхсæвау ды?..
Мæ цæстыты дарыс
Дæ базыр тыгъдæй,
Уый, — зоныс, æнкъарыс, —
Хур ме ‘мгæрон нæй.
2.10.1969