Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 27.12.2010 | прочитано 2309 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Бургъустан

Фрагменттæ кадæгæй 

 

ЧИНЫГКÆСÆГМÆ 

 

Æз цæуын Бургъустаны хæстмæ, 

Чи зоны мæ не ‘мбарыс рæстмæ, 

Уæд, мæ хæлар, хъус: 

 

Æз цæуын Бургъустаны хæстмæ, 

Ма мын айс ме ‘нахуыр ми цæстмæ; 

Нæй мæнæн æнус. 

 

Æз — поэт, рæстдзинады салдат, 

У мæ тох, мæ цæрыны бынат 

Ивгъуыд, абон, сом. 

 

Замантæ мæ зæрдæйы фыцынц, 

Кардæлвæст æнустæ дзы хæцынц 

Туджджынтау æргом. 

 

Искуы скиф, кæнæ хъæддаг сармат 

Фехста кæд æнаххос лæгыл фат, — 

Уæд мæ риуы сагъд; 

 

Карз тохы сæрибары салдат — 

Цардцыбæл алайнаг-иу куы ‘рхауд, — 

Туг мæ риуæй тагъд. 

 

Уый æхста рæстдзинады знаг мæн: 

У мæ зæрдæ фатдоны хуызæн, — 

Хъаматы кæрддзæм. 

 

Судзы ныр мæ удæн заман буд. 

Ацу ды, — куыдфæнды дæр мыл худ, — 

Нæй мæ дзырдты къæм. 

 

Зонын æз мæ карз рæстæгæн й’ аргъ, — 

Хуры й’ армы, раст цыма — цырагъ, 

Рухскалгæ хæссы. 

 

Гъе, фæлæ тæрктахт куы скæны хатт, — 

Сысты знæт йæ дæлбазыртæй уад, 

Хурзæрин хуыссы. 

 

Уæд мæ уд — гипнозгондау æндзыг — 

Атомон ракетæйы фындзыл 

Баззайы тыгъдæй... 

 

Гъе, фæлæ дзæнгæдадзагъд ысси 

Ме ‘нусæн йæ номхæссæн æфсин, — 

Баууæндæн ыл нæй, — 

 

Хъæр кæнын — æппæтæмбарæг лæг: 

Раттут мын мæ зæрдæйæн æууæнк, 

Ма хилон куырмæй!.. 

 

Сомбонмæ ныцъелф ласы мæ уд, 

Ног дуне неон рухсæй ныххудт 

Риуыдзаг зыдæй. 

 

Цинæй — рухс, лæджы мæтæй — хъæдгом, — 

Фесты уым мæ зæрдæ космодром, — 

Сагъæсты тæхæн... 

 

Гъеныр мæ кæд бамбæрстай рæстмæ, 

Уæд цæуын Бургъустаны хæстмæ, 

Базырджын бæхыл. 

 

А зæххыл йæ равзæрдæй нырмæ 

Туджы лæг куы лæгæрды хъуырмæ, 

Уæд Бургъустан циу? 

 

О, нæ домы йе стырæй уый дис. 

Уымæ ахæм сусæгдзинад ис... — 

У ныгæд æниу. 

 

Уыцы тугкалд фæзилæны ‘рцыд, 

Цардвæндагæн тохы зынджы уыд 

Ахизæн æрмæст. 

 

Уый уыдис историйæ нывгонд, 

Домдта дуг чырыстонæй нывонд 

Æмæ ‘рцыди хæст. 

 

Уым мæнмæ мæ тохы хай кæсы. 

Уым рæстдзинад дæлсыджыт хъæрзы, 

Зæхх кæны дыз-дыз. 

 

Ахæм хъуамæ басгуыха мæ дзырд, — 

Рухскалгæ куыд сыста зæххæй цырт, — 

Раст зæрдæйы ныфс. 

 

Цыртытæ, чысыл уой æви стыр, — 

Цардвæндаджы раст нысæнттæ сты — 

Фæзилæнты сагъд. 

 

Алы ран-иу каликкой цæхæр! — 

Зæрдæ тары нал кæнид дзæгъæл, 

Хурмæ уаид тагъд... 

 

Ме ‘нæрцæф чысыл адæмы уд, 

Ды цыртау Бургъустанæй ныххуд, — 

Ууылты цæуы 

 

Дунейы сæйраг фæндæгтæй иу, 

Уым ыслæуу рæстдзинадимæ ‘мриу, — 

Фидæны хъæуы!.. 

 

Æз цæуын Бургъустаны хæстмæ, 

Иу уысм дæр фæлæууæн нæй фæстæ. 

Цæй, хæрзбон уал ныр! 

 

Фод дæуæн тæрхоны хай мæ хæст, 

Макæд бон мын ма фæкæн æрмæст 

Мисхал дæр хатыр. 

 

ЭПИГРАФ 1917—1920 АЗТÆН 

 

Бум! Бум! Бум!.. — 

Æнæфсармæй нылгъиты 

Сармадзан, хæрдмæ сдаргæ йæ фындз. 

Та-та-та-та!.. — 

Пулемет ныссиды, 

Топпытæ сæ тардзæгъдæн кæнынц. 

 

Ми-æ-æ-æ!.. — 

Бæх йæ барц ныттилы, — 

Уасгæ ныр зынгхуыст барæджы скъæф!.. 

Ризы зæхх, æнуд уæддæфы зилы 

Хъарм туг æмæ топпыхосы тæф... 

 

Зæхх, гигант мæлдзыджыты губаккау, 

Сызмæлыд æмхуызон æмæ кæс: 

Къогъодзи бынат æрдомдта й’аккаг, 

Галуантæ быныл кæнынц къæокъæс. 

Уды бартыл тохмæсидт, уырысау, 

Хæхты дæр ныййазæлыд æваст. 

Цъититы ‘хсæн тугамæхст тырыса 

Дидинау сырх-сырхидæй ыскаст. 

 

Цард ивылы лакъонæй, ызмæстæй, 

Гамхуды нымбæхста знаг йæ хуыз. 

Алчи — ‘ххуыс рæстдзинадæн ныхæстæй, 

Чи йын уа хъуыддагæй цымæ ‘ххуыс? 

 

Балбирæгъ йæхи фысдзармы стыхта, 

Хъæр кæны, уæрыкк, дам, дæн æз дæр. 

Скъæфæг сырдтæ бамбæхстой сæ ныхтæ, 

Лæг нæ зоны, чи сæ у хуыздæр. 

 

Не ‘взары цырагъау судзгæ тигъыл 

Хаттæй-хатт сырх тырысайы рухс, 

Æмæ хиты сау мæйдары, мигъы, 

Фæндагмæ йæ цæсты тигъ ныуурс. 

 

Алчи домы хай æрцæуæг дугæй, 

Чи кæй фарс у, — 

Нæу бæрæг æххæст, 

Æмæ хъавы адæймаджы тугæй 

Зæххы дойны басæттынмæ хæст. 

 

ПРОЛОГ 

 

Басыгъд Хуссар Ир, нывзалы. 

Йе ‘хсæв саудалынг — сынтау, 

Нал — æвзист мæй, нал — ыстъалы, — 

Алцы фæздæджы ныссау. 

 

Арвмæ, стыр мæрдрох ингæнау, 

Тар æгуыппæгæй кæсы, 

Исчи иу хъыпп-сыпп куы скæна, 

Уымæй тынг, цыма, тæрсы. 

 

Хатт ма скæуынц куыйтæ ‘мбуйæ,- 

Ниуынц уæзгуытыл дзæгъæл. 

Дымгæ, урс пыхцыл дзыккуйау, 

Тилы фæздæджы фæдзæл... 

 

Уый йæ бæрзæйæ хæххон лæг 

Иу бон ку ‘аппарид æфсондз. 

Уæдæ нал кæсыс мæ коммæ?! — 

Æмæ знаг ыссардта ‘фсон: 

 

Зæхх мæн у! 

Куыд дæу у? Зæххæй 

Иумæ равзæрдыстæм мах. 

Æз цы уæлдай уон æнæ хай? 

Ды цы уæлдай дæ паддзах?! 

 

Мах куы райгуырдыстæм, — йемæ 

Не ‘рхаста нæ иу дæр зæхх. 

Намæ не ‘нусон дунемæ 

Чи нæ ц’ ахæсдзæни, — зæгъ?! 

 

Æз æфхæрд æгæрдæр федтон, 

Ныр сæрибары дуг у. 

Фæсрагъ, фæсцæгат советон 

Ис дзæнæт æмæ йæм цу! 

 

Зæхх мæн у, фæлæ мæ дзырдтæ 

Не сты кæд дæуæн æгъгъæд, 

Уæд мæ хъуыдытæ бæлвырддæр 

Мæнæ сармадзан зæгъæд!.. 

 

Ирыл судзгæ цæхæр разæй, — 

Ехх, лæгæй-лæгмæ хæцид! 

Арт æй ахаста йæ разæй 

Æмæ фæсæфцæг фæци... 

 

Цæгат — тохвæллад, фæлмæцыд, 

Фæлæ лæг кæдæм цæуа. 

Уæвгæ фысымтæй кæмæн ц’ уыд, 

Æмæ уазджытæн цы уа! 

 

Тых кæм нæу мæгуырыл алцы! 

Нал и лигъдæттыл хъуын-хъис; 

Тиф хъырттызмæлæг нæ уадзы, 

Сау низ сæ фæкодта ‘мбис. 

 

Хъæдтæй абырджыты балтæн 

Лидзæг адæммæ сæ хъавд. 

Ныр сæ фос, сæ иутай галтæ 

Фесты хуыснæджытæн давд. 

 

Уд уæззау кæны хъуырдухæн, 

Нал и тухитæн фæуæн. 

Нал фæстæмæ ис ыздæхæн, 

Нал дæр размæ и цæуæн. 

 

Домы мастисæг хъæбултæй 

Зæхх — ныййарæг мад — æххуыс, 

Фæлæ мин-мины сты буртæ, — 

Минтæм армыдзагæй бырс! 

 

Уыд, æфхæрд ирон, æдзухдæр 

Ленин де стыр тых, дæ ныфс, 

Фæлæ Ленин дæр йæ къухтæм 

Ныр æмхасæнтæ кæны. 

 

У республикæ уынгæджы, 

Зилы Кремлы сæрмæ сынт. 

Дæлæ денджызæй æрæджы 

Ноджы «сау барон» фæзынд... 

 

Æмæ Ленинимæ ноджы 

У Жорданиа фидыд, 

(Ленин — зондджындæрты зондджын — 

Зоны, — уый кæнын кæй хъуыд.) 

 

Уæдæ мастисыны уаз фæнд 

Арф дæ зæрдæйы нывæр, 

Хæстæн бафæдзæхс дæ развæд 

Æмæ басгуыхай дывæр. 

 

Ратт дæ фæстаг туджы ‘ртах дæр, 

Хæц, дæ быцъынæг ыскъуын, — 

Мигъты сау хъулайæ тагъддæр 

Хурау ратона Мæскуы. 

 

ТОХМÆ СИДТ 

 

Арв ныннæрыд кæмдæр, 

Ног та ферттывта кард. 

Ацыд араугæ хъæр, 

Зæрдæ фестадис арт. 

 

Хойы Врангель йæ риу: 

«Уæдæ фенут сымах, — 

Врангель ма уон, кæд-иу 

Кремлы не суон паддзах!» 

 

Ноджы полыпæйаг пан, 

Алы урскъух уæздан, — 

Се ‘ппæт уымæн æмбал, — 

Иумæ — бирæгъты бал. 

 

Кремль дзæнгæрæг цæгъды, 

Хъуысы тохы фæдис, 

Æмæ Иры хæхты 

Бæстæ змæлæг ыссис. 

 

Дард, Ирыстонæй дард, 

Ессентукмæ хæстæг, 

Урс хъазахъхъаг мæнгард 

Тауы калмы хъæстæ. 

 

«Ног æрцыди паддзах, 

Ныр Уæрæсе — ирвæзт, 

Бæхтыл бадгæут тагъд, 

Революцийæн — хæст!» 

 

Кремль дзæнгæрæг цæгъды, 

Хъуысы тохы фæдис, 

Æмæ Иры хæхты 

Бæстæ змæлæг ыссис... 

 

                * * * 

 

Дзæуджыхъæуы вагзал. Сентябрь. 

Æгас Хуссар мæнæ нымбырд. 

Чыртæ-чыртæ. Чи дзы фыдсабыр, 

Кæуыл та дзы бафтыд фырдзырд. 

 

Чысайнаг цъæхснаг «ц» нæ сысы, 

Къуыдайраг «ш» уыйбæрццæр хъус. 

Цæгатаг уæздан «с» дæр хъуысы, 

Цыхтахуыйæн у, цыма, цъус. 

 

Хæстдзагъд партизантæ — сæргуыбыр, 

Кæсы сæ фырмæллæгæй рухс. 

Кæмæн сæ йæ рихи фæкъуыбыр, 

Кæмæн сæ йæ зачъе фæурс. 

 

Сæ дарæс — кæркæ-мæркæ, скъуыдтæ; 

Хуыздæр сæм цы баззад хæзна! 

Йæ фыды бызгъуыр цухъа скодта 

Къæдзæхыйас лæппу, кæс-ма. 

 

Æнæдаст, пыррыккрихи — ауыгъд, 

Куырисваг пыхцыл бурæрфыг... 

Йæ сæрæй еууы голлаг рауагъд, — 

Нæ дзы ‘рхауид зæхмæ нæмыг. 

 

Ыстæмтыл — бухархуд, æрчъитæ, 

Цъæхбын ызгæ ‘взистæхгæд рон. 

Кæуыл дзы и къогъодзи, чи та — 

Бæгъæмвад, бæгъæмсар бынтон. 

 

Кæнынц сæ фæндараст: кæй — ничи, 

Кæй — йе ‘мкъай, кæй — йе схæссæг мад. 

Æнкъард сагъæс сылтыл ныйичъи, 

Уынгæг хæкъуырцц райхъуысы хатт... 

 

Æваст цыма ‘рбадымдта уынгæй, 

Фæсабыр ис вагзал æваст: 

Пæр-пæргæнгæ фескъæфы дымгæ 

Хæкъуырцкуыд, хъæлæба, ныхас. 

 

Къæхты хъæр. Тырыса цырагъгъуыз: 

Ыстъалытæ цъуппхудтыл — сырх. 

Уый, размæ сæ балхон къорд рахызт, — 

Комбриг Янышевский йæ сæргъ. 

 

Йæ фæллад æхсаргард ысласта 

Мызыхъгонд æвзонг командир: 

«Æз зонын, уæззау тохы бастад, 

Ныттугсур уæ ‘нæрцæф уд, Ир. 

 

Фæлæ-ма фæкæсут: æхсаргард 

Æртасыд, — ысуадз æй, уæд та, 

Хъандзалау, йæ джиппы куыд абадт, 

Къæдз уавæр нæ быхсы, фæлтау 

 

Йæ рæбыныл асæтдзæн хæсты, — 

Нæ уыдзæн тыхы бын къæлæт. 

Уыд ахæм æндон фæтк уæ бæсты, — 

Сæрибар, кæнæ, дам, мæлæт! 

 

Ис абон адзалы тæрæзтыл 

Бæллиццаг сæрибары дуг; 

Фыдгулы джебогътыл лæдæрсы 

Сырхбазыр сæуæхсиды туг. 

 

Æнусон æфхæрды фыдæхæй 

Кæд судзы уæ зæрдæйы арт, 

Уæд зонут: хæст дард у уæ зæххæй, 

Уæ бартæй нæу мисхал дæр дард. 

 

Уæ бартыл уæззау хæстмæ цомут, — 

Ысдардта тырысайау кард — 

Сæрибарæй амæлын ном у, 

Цагъарæй фæцæрын — æгад!» 

 

                * * * 

 

Йæ сидт, тæвд нæмыджы цъыввыттау, 

Нырмæ фæздæгкалгæ нæрыд, 

Фæлæ фæринк кардæй, цæвиттон, 

Æваст ызнæт уылæн фæлыг; 

 

Фæцыди цины хъæр кæмдæрты: 

Нæхи Алыксандр! Кæсут, 

Ис немæ рацæуын йæ зæрды, 

Бæлццон, æфсæддон арæзт у! 

 

Хъандзал, æлвæст кардау сæ разы 

Æдзæм ыслæууыдис уæлвонг, 

Æмæ йæ сау цæстытæй нуазынц 

Ныфсы сæрзилынгæнæг ронг. 

 

Фæлурс, фæтæнтæ ныхыл хъуыды — 

Æнкъард фæллад уылæнтæй бадт; 

Æлхынцъ, æрдынæлвæст æрфгуыты 

Нымбæхсти мастисыны фат. 

 

«Фæнды мæ, Хуссар Ир, зæгъон уын 

Цыбыр уæ ревкомы фæдзæхст! — 

Цыма ныззæлланг кодта ‘ндоныл, 

Дзырд нæ — болат фæринчы дзæхст. — 

 

Уынут æй, уæлдæфы стæм, махæн 

Нæ зæхх нæ къæхты бынæй байст, 

Ингæнтæ уæлдæфы куыд къахæм, 

Кæнæ цы фæкæнæм нæ маст?! 

 

Нæ къуым, нæ фыдæлты уæлмæрдтыл 

Нæ ныфс æртхутæгæй ныппырх, 

Уæддæр ма рахастам нæ кæрдтыл 

Афтид сæрибары быдыргъ. 

 

Сæрибар, — уый ма нæ урæдта, 

Уым нуæрст ныфсы стъæлфæн уыдис, 

Æмæ ныл хур боны куы ныттар, — 

Нæ разæй балхонау цыдис. 

 

Сæрибар, — не ‘нхъæлцау цæстытæн 

Æнус кæмæ уыди сæ каст, 

Нæ зæхх, нæ тугуарæн хæстытæ, 

Ызнагæй райсинаг фыдмаст. 

 

Ныр та сæрибары зæрдæмæ 

Фыдгулы топпы дзых ныккаст; 

Ыздæхæм, нæ, нæ сæфт бæстæмæ, — 

Мæскуы, сæрибарыл у баст. 

 

Сæрибар, — уымæн нæй фæцудæн! 

Уый нал и, байста нæ йæ знаг, — 

Уæд, зонут, — алыг и нæ удæн 

Йæ фæстаг тугдадзины таг! 

 

Нæ зынгхуыст тохæмбæлттæн сыстæн 

Куы уаид сау сыджытæй, уæд 

Нæ хуыссид иу дæр сæ сæрхызтæй, — 

Дыккаг хатт райсиккой мæлæт. 

 

Зæрдæныфс карз хæстæй æвæрут, — 

Ирон хæс фидгæ нал у, цы?! 

Нæ тых нæ мастимæ дывæр у, — 

Нæ бон ма бауыдзæн хæцын!» 

*** 

Йæ дзыллæйæн карз фæдзæхст загъта, 

Ныссабыр и, нал хъуыст йæ хъæр, — 

Фæдисы дзæнгæрæг сын цагъта 

Йæ ныхас сæ туджы уæддæр... 

 

Фæкодта фæсус хъыллист уадæг, 

Ысхъомпал и вагзал æваст. 

Ныггуылф кодтой вагæттæм адæм, 

Ызнæт Терчы уылæнтау раст. 

 

Хæрзбонтæ... Рæвдауæн ныхæстæ: 

«Чысыл ма фæгæдзæ хъæуы; 

Сырх Æфсад уал фервæза хæстæй, 

Кæд уайтагъд нæ фестæм хъæуы!..» 

 

Кремль дзæнгæрæг цæгъды, 

Алчи хæстмæ цæуы; 

Уадæг Иры хæхты 

Бомбæргъæвдау лæууы. 

 

Маст, æнусон фыдæх... 

Рæстæг 

Хæстæй — хуыдуг. 

Ризы, ризы та зæхх, 

Уары, уары та туг. 

 

ФÆНДАГСАР 

 

Уадæг лæгæрды инджынахст мæйдары, 

Ихсæттæг нау цыма денджызы раст. 

Авгау нызгъæлæн йæ рухсытæй талынг, 

Æхсæвмæ топпы кæсæнæй ныккаст. 

 

Уадæг фæтæхы хъыллистгæнгæ, уасгæ, 

Тауы фæдисы хъæр Иры хæхты. 

Фескъæфы быдырмæ зарæг ивазгæ, 

Царды дзæнгæрджытæ тары цæгъды. 

 

Вагæтты хæстонтæ къордгæйттæй бадынц. 

Чи сæ ныхасыл у, чи та мæтыл. 

Рагæй-æрæгмæ Ирыстоны уадындз — 

Цъалагом — зарæгæй мастыл фæтых. 

 

Зарæг ыстæхы пæр-пæргæнгæ маргъау, 

Нарæг зыхъхъыртæй уæларвмæ тындзы. 

Вагоны ферттивы зарæг цырагъау, 

Цæсгæмттыл ахъазы рухсы бындзыг. 

 

Къуымы ныджджих ис Алыксандр уæртæ, 

Æммыст, йæ сæнтты цы бæстæм фæцыд. 

Атахт йæ хæстдзагъд ивгъуыд бонтæм зæрдæ, 

Сачхерет саг Исахъ туджы мæцы? 

 

Æви йæ цæстытыл а уалдзæг уайы... 

Хохаг ивылд фурдау адæм ызнæт, 

Се ‘мбырдтæ — Ручъы, сæхимæ — Сыбайы, 

Сагъæс сæрибарыл... сусæг дывæнд... 

 

Миты чысыл къуыбар фенкъуысти Ручъы, 

Æмæ ныггуыпп ласта Чъребамæ зæй. 

Ферттывта хурзæрин, ахуыссыд туджы, 

Хуссар цъыбырттысыгъд бацис ыстæй. 

 

Гъе ‘мæ та уайдзæфтæм зæрдæ нырхæндæг: 

— Уæгъды нæ чысыл Ир калы йæ туг: 

Искуы сæрибар æрцæудзæн йæхæдæг, 

Ралæудзæн иумæйаг амонды дуг. 

 

Ралæудзæн, о, фæлæ хъуамæ ныккала 

Исчи нæ бæсты йæ туг, æмæ стæй 

Фидæн лæджы сгуыхт тæрæзтыл куы бара, — 

Чъизидзæсгомæй цы зæгъдзыстæм, цæй?.. 

 

Ма дзур: нæ туг нæ ныккалын нæ хъуыди... 

Джихæй Алыксандр бады цыртау. 

Ивгъуыды цауи-цау зилы йæ хъуыды, 

Мигъвæлмы бамбæхсти цæстыты сау. 

 

Мидбылхудт рихитыл халгай фæхъуызы, 

Чи зоны, зæрдæ кæм февзæрд æваст. 

Масты гуылфæнæй ыстахт æмæ мысы 

Уарзон цæстыты къæмдзæстыг фæкаст. 

 

Саулагъз бæрзонд ныхыл рухсы тын симы, 

Цæсгомы тарæй цъæх уалдзæг фæхудт... 

Уайтагъд тæрыстъæлфт фæкодта йæхимид: 

Цинæн фыдохы бон чи дары буд? 

 

Зæрдæ, дæ бон дæ уа, — хивæнд, æдылы, — 

Уый та дæ байрох и де ‘бар сæрæй: 

Хъарæг кæм дзыназы хъисын фæндырыл, 

Уырдыгæй уалдзæгмæ цъелфытæ нæй! 

 

Баззад дæ цины хай Иры сыгъдоны, 

Уырдыгæй Иримæ сыстдзæн æрмæст. 

Саударæг уалдзæг йæ рустæ куыд тоны, 

Уымæ кæсын та куыд хъæцы дæ цæст! 

 

Мæнæ Хъуылайы-фырт бады дæ разы, 

Тары йæ фæтæн ных — мæйау фæлурс. 

Искуы ма фенд æмæ Сикъо нæ хъазы, 

Аскъуыд йæ худындзæг, бамыр, ныхъхъус?! 

 

Уæдæ ма худгæ йæ цæстыты малы 

Чи хæсса стъалыты судзгæ цæхæр! 

Баззад рæхуыстæй сæ царкалд хæдзары 

Лæппуйы сонт зæрдæ — сидзæр, дзæгъæл. 

 

Абон æй уырдæм ыскъæфы йæ сагъæс, 

Уайы фыдфынау йæ цæстытыл ног: 

Хæхты ‘рдæм аивылд ниутæ уæззау хæст, 

Чъребайыл азылди тугхорты ‘рдонг. 

 

Хæдзæртты чи баззад саби, зæрондæй, — 

«Азым» сæм агурынц иунæг æрмæст, 

Чи, дам, дæ, — бафæрсынц, загътай: «Ирон дæн...» — 

Развæлгъау конд у сæ сау тæрхон — æхст. 

 

Уæртæ сырх хъулон кæй урс зачъе дары? 

Сикъо, уый уе схæссæг туджы мæцы. 

Топпы хъæр... тугтæ кæй хæдзарыл уары? 

Сикъо, гæрах та уæ кæртæй фæцыд... 

 

Бабын дæ уарзон æмхæрæфырт уæртæ, 

Хъæрмæ хыссæкъухæй рауад дæ мад... 

Сонт саби — сисмæхуыд судзгæ зæгæлтæй, 

Дамбаца — рондзамæхст риуыл нымад. 

 

— Дæ-дæ-дæй, ма мын æй амарат... сау бон!.. — 

Лæппуйыл айтыгъта Гаглуен йæ риу, 

— Дæнг, дæнг, дæнг! — усæн фæцудыдта й’ аууон, 

Топпы нæрдимæ йæ цъæхахст ысиу... 

 

Райсом сæ туджывдылд, ихуазал буæрттыл 

Кæрчытæ кæрты кæндзысты тыгуыр... 

Чи уа сæ ныгæнæг, чи скæуа мæрдтыл? 

Сабитæ — арф æмбæхст, хæдзар — æмыр... 

 

Де ‘рыгон уарзон хо — Верæ цы кæна? 

Сидзæртæн уый у сæ хистæр, сæ ныфс. 

Уыдон рæвдауа, ‘ви мæрдты ныгæна, — 

Адæргæй, ц’ акæна, — нал зоны чызг. 

 

— Цæй-ма!.. — кæйдæр хъарм къух аныдзэевд уæхскыл, — 

Тохы бон не знаджы хъузон — мæ маст. 

Кинойы лентæйау мысинаг фескъуыд, 

Лæппу дыгъуырццæгæй дзурæгмæ скаст. 

 

Сикъо, йæ фæдзæхст ын ма рафау карзæй; 

Уа йын дæуæй хъауджы, ма зæгъ, æнцон! 

Мин-мин æфсымæры иумæ куыд уарзой, 

Уымæй дæ хойы фылдæр уарзы, зон... 

 

Вагæтты хæстонтæ къордгæйттæй бадынц, 

Чи сæ ныхасыл у, чи та — мæтыл. 

Рагæй-æрæгмæ Ирыстоны уадындз — 

Цъалагом — зарæгæй мастыл фæтых. 

 

Зарæг ыстæхы пæр-пæргæнгæ маргъау, 

Нарæг зыхъхъыртæй уæларвмæ тындзы, 

Вагоны ферттивы зарæг цырагъау, 

Цæсгæмттыл ахъазы рухсы бындзыг. 

 

— Куыд, куыд? Куыд æй хонынц, — чидæр фæхудти, — 

Уыцы куыдзы фырт инæлары, куыд?! 

Хвостиков, ома, дам, Врангелы къуди. — 

Сабийау хъазы Котолийы-фырт. 

 

Чи зæгъдзæн, — уымæн йæ худгæ фæлгонцæй 

Искуы фæиппæрд уа рухс цины тын, 

Райсом йæ дзурæндзых ахгæндзæн рондзæй 

Æмæ мыггагмæ уыдзæнис æмыр?!. 

 

Тедетæй, йе ‘мном Никъаламæ хаты: 

Ракæс-ма, Тути та ‘руагъта йæ фындз. 

Тути Пæррæстон у, немæ кæм бады: 

Атахт арахъдзуан, хынцы йæ сæ чындз. 

 

Хъусы сæм хох-лæппу — Цхуырбаты Габо, 

Се ‘хсæнты радаргъ йæ бæгъæмвад къах. 

Й’ аласа, макуы дæ баййафа сау бон, — 

Чи скъæфдзæн хæсты хæдцæугæ гæнах! 

 

Райхъуысти цæгаты цинуынæр къуымæй, 

Уæртæ сæ къордыл ысхæцыди цæст, 

Се ‘хсæн бухархудджын чи бады ‘рхуымæй, 

Милрихи сау лæппу — кард цыма —’лвæст... 

 

Тогызты зараг Батырбеджы ‘нкъардæй 

Исчи ма искуы дæр федтаид, цы? 

Æви фæтарсти хъазахъхъаджы кардæй, 

Нал уæнды знагимæ ‘хсарæй хæцын? 

 

Æви йæ рæсугъд Тотырдзаны мысы, 

Гъе та йæ цæстытыл уайы йæ мад? 

Дурдзавдау бады, сыбыртт дзы нæ хъуысы, 

Раст цыма йе ‘взаг йæ комы ныууад. 

 

Зæрдæ ныххивæнд и, йе ‘вастæй тъизы, — 

Чи зоны, хаты мæлæты хæстæг, 

Æмæ фырадæргæй афтæ фæризы 

Цардæй мæлæты ‘хсæн ауæдзыл лæг... 

 

Уадæг фæтæхы хъыллистгæнгæ, уасгæ, — 

Сусæг рæхыстæй Ирыстонмæ баст, — 

Фескъæфы дунейы катай ивазгæ, 

Дунейы сагъæстæ, цин æмæ маст. 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»