Радзырд
Мах иу зæрдæйы дыууæ кæрдихы стæм. Нæ раттæг æрдз нæ хъизæмарæн рафæлдыста. Нæ зæрдæйы тæгтæ, нæ уды ризгæ дадзинтæ кæрæдзи агурынц, кæрæдзимæ тындзынц; æмцин, æмхъыг стæм. Нæ гуырæй зæххæй уæлæмæ цы хай ис, уый кæрæдзимæ ивазæм. Нæ къалиутæ, Адам æмæ Еуайы цæнгтау, кæрæдзимæ тыгъдæй дарæм, фæлæ æрмæстдæр стæм хатт аныдзæвынц, цины æмдзæгъд кæнгæ, нæ сыфтæртæ кæрæдзийыл, уый йеддæмæ не ‘хсæн æнусон мæлæты арæн ис.
Нæ астæуæй дæлæмæ æндæр рæтты лæууæм сыджыты, нæ уидæгтæ хицæнтæй афардæг сты арф сау мæры. Уыдон нæ фидæны фæндæгтæ сты: сомбон, нæ гуыртæй уæлион царды цы ‘рдджытæ ис, уыдон дæр уыцы уидæгты фæд-фæд хицæнтæй хъуамæ ныххизой æнусон дæлдунемæ.
Æхсæв нæ къалиуты копрадзгъуыз пыхцыл мигъ куы ныссуйтæ вæййы, уый мигъ нæу, — не ‘нувыд сагъæс у.
Райсом нæ сыфтæртыл сæумæйы налхъуыт-налмас фæрдгуытæ куы ферттивынц, уый фæрдгуытæ нæ, — не ‘нкъард сау æмæ æрвгъуыз цæстытæ вæййынц.
Зымæг ныл мит не ‘рбады, — уый нæ сæры хилты урс у.
Уалдзæг дидинæг куы рафтауæм, — уый нæ уды ‘мбæхст ихуазал ферттивы нæ уарди былты зыхъхъырæй.
Сæрд æрвæрттывды стъæлфæнтæй нæ вæййæм йемыдзаг, — уый нæ масты цæхæр фæкалæм.
Фæззæг зæрин сыфтæртæ не згъалæм, — тугдзæссыг фезгъалæм.
Æрдз нæ хъизæмарæн рафæлдыста, æндæра суанг рагуалдзæджы, дидинæджы гуырдзы мызул хъуамæ уыдаиккам.
Куыд æмуд, æмбуар, æмкъалиу, æмуидаг уыдаиккам, нæ райгуырды агъоммæ нын удты æнусон хиондзинады хæрзамондæй хай нывгонд куы уыдаид, уæд!.. Ехх, куыд бæрзонд фæцыдаиккам уæд арвы рухсы, судзгæ цырæгътау; куыд фидыдтаид нæ уындæй нæ раттæг æрдз.
Ныр та... Ныр та уидагбастæй иу иннæмæ ивазæм нæ цæнгтæ, æндæр нын ницыуал баззад. Уадз, хаттæй-хатт-иу кæрæдзиуыл нæ сыфтæрты æхцон аныдзæвд тызмæг амонды æхцон стъæлфæнтæ акалæд царды бæрзонд нысаны охыл. Уый дæр фидыцы хос у нæ раттæг æрдзæн.
19. IX. 69.