Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 20.12.2010 | прочитано 2670 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ÆХСАРГАРДÆЙ — ЧИНЫГМÆ

(Очерк)
 

Сыгъзæрин доны тылдау бур дардта бæстæ. Уæлдæф йемыдзаг уыди мыд æмæ рæгъæд дыргъы хæрздæфæй. Фæззæг райдыдта, фæлæ æнтæф нæма фæсаст. Хур арвастæу уырдыг ныллæууыд æмæ тыфылтæ калы. Дымгæйы уддзæф никуыцæй ис, — диссаг нæу, кæд уый дæр ахæм æнтæфы искуы тæгæр фынæй ацис. Змæлæг никуы ничи ис, æрмæст дæлæ сæндоны æдде рауай-бауай кæны чысыл хъозидæндаг лæппу. Йæ цæсты зул мидæмæ, сæнæфсирмæ у. Уæртæ æрзæбул сты æрмæрины дæргъæн адджын цупæлттæ, мыдадзау бур дарынц æнгузы стæвдæн гагатæ, фæлурс æрттывд кæны хурмæ сæ лæгъз буар, цыкурайы фæрдгуытау сæ рухс кæсы. Хъозидæндаг йæхи нал баурæдта, иу каст ма фæкодта хъахъхъæнæн бынаты ‘рдæм æмæ фæмидæгæй. 

Сæнæфсиры хæтæлты бын у быгъдæг, иунæг кæрдæджы мур дæр дзы нæй. Лæппу йæ цыппæртыл бабырыд, уæлæмæ ма ахъахъхъæдта, стæй йæ къух бадаргъ кодта цупалмæ, йæ уды гæртт-гæртт цæуы, йæ чысыл тæнæг хъустæ ныссырх сты æмæ сæ рухс кæсы: цупалæй дыууæ ставд гагайы ратыдта æмæ сæ йæ дзыхы куыд хъуамæ фæцавтаид, афтæ йын мæнæ кæйдæр æнахуыр стыр æнгуылдзтæ йæ дæллаг хъусмæ уæззаугай æрбавнæлдтой æмæ йæ æгасæй дæр бамбæрзтой. Лæппу нæ фæзмæлыд, æрмæст йæ уæнгты уазал дон ацыд, йæ чысыл къух æрдыдагъау æмæ дзы сæнæфсиры дыууæ гагайы зæхмæ сæрибарæй ратылдысты. 

— Уæхимæ куы ис, къæбæда, уæд худинаджы ми цæмæн кæныс? 

— Нæхиуæттæ нæма слæгъæд сты æмæ... 

Иугæр ын йæ хъус куы нæ сивæзта сæндонгæс æмæ йæм, куыд æнхъæл уыд, афтæ тызмæг куынæ сдзырдта, уæд ныгъуылдтытæгæнгæ йæхицæн дзурæгау адыгъал-дыгъул кодта хъозидæндаг æмæ тарст цæстытæ сзылдта зæронд лæгмæ. Йæ къухтæм ын фæкомкоммæ — куыд ыстыр ын сты: уæраджы стæвдæн цонджы хъултæ, зæгъгæ, йыл чысыл дæр æрныдзæвд уыцы къухтæй исчи, уæд æй фæнычы дзыгуыр фестын кæндзæн. Лæппу æнхъæлмæ каст зæронды карз тæрхонмæ. Фæлæ Алекси нæ тагъд кодта. Йæ цæстæнгас уыдис сабыр, цæуылдæр хъуыды кодта. Фæстагмæ, саби йæ чысыл къухæй дыууæ гагайы цы цупалæй ратыдта, уый раскъуыдта, æмæ йæ хъозидæндагмæ бадардта. Лæппуйæн йæ цæстытæ ауæрæх сты. Фыццаг сæ фæзынди æнахуыр дис, стæй, цыма сæ дондзаст гагуыты дæсгай азтæ æмцъелф акодтой, æвиппайды уыйау фæкарджын, фæзæндджын сты, æнахуыр æрттывд фæкодтой æмæ, цыма, лæппуйæн исчи йе ‘хсæрфарс ныцъцъыкк ласта, уыйау йæ цæсгом туджы азылд, æфсæрмæй ма цы акодтаид, уый нал зыдта. 

— Нæ мæ хъæуы, — тыхамæлттæй дзы сирвæзт æмæ йæхи æмбонды ‘рдæм айвæзта, фæлæ зæронд лæгæй цупал ма райстаид, уый дæр йæ бон нæ баци, — райста йæ, цыма зынгмæ бавнæлдта, уыйау арæхстгай, æмбондæй цалынмæ ахызтаид, уæдмæ йыл хæцыд, стæй йæ уым кæрдæгыл æрæвæрдта æмæ йæхæдæг, æфсæрмæй судзгæ, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй, уырдыджы фæаууон. 

— Бамбæрста мæ, ацы сæндоны æмгæрон никуал ацæудзæн, —йæхицæн дзурæгау багуым-гуым кодта Алекси, æмæ лæппуйы бур сæр кæм фæаууон, уыцы бырцмæ æдзынæг кæсгæйæ баззад. 

Дæлæ бырцæй схызт хъозидæндаджы цахъхъæн саулагъз лæппу. Йæ мыдгъуыз цæстытæ сæ къуырфыты — арф æмбæхст. Йæ разæй даргъ къахдзæфтæгæнгæ цæуы бæрзондгомау, фæтæнуæхск саурихи лæг. 

— О, æмæ нын, Адто, чи радта уыцы сæнæфсирджын бынат, чи?.. — дисгæнгæ фæрсы чысыл Алекси йæ фыды. 

— Уый хъæздыг лæг у, мæ лæппу. Стæй нын æй лæвар, мыййаг, нæ ракодта. Уыцы зæххы гæппæлмæ йын йæ дардыл зылд сæндæтты цас фæкусын, уый куы зонис. 

Афтæ ныхæстæгæнгæ ныхæццæ сты фыд æмæ фырт Абреуы бынмæ. Уым уыдис Антъоны сæндоны гæбаз. Уæвгæ, куыд цымыдис дæ, сабийы зæрдæ! Чысыл раздæр хъозидæндаг лæппуйы куыд æрбаййæфта, афтæ æрдзуццæг кодта Алекси дæр сæнæфсиры бын æмæ дисгæнгæ йæ къух æрхаста бур рæгъæд цупалыл. Уæды онг никуыма федта Алекси сæнæфсиры къутæр. Сæ хæдзар уæлæ рагъы цъуппыл, хъæды астæу уыдис, куыд æрзадаид уым ахæм уæздан дыргъы мыггаг! Æхсызгон кæм нæ уыд Алексийæн, ахæм сæнæфсирджын зæххы хицау кæй баисты, уый. Æцæг, Адто тынг фæлладис, зæхх сын чи радта, уый сæндон кусынæй, æмæ-иу изæр фæлмаст, фæлмæцыдæй куы ссыд сæхимæ, уæд ын-иу тынг тæригъæд кодта. 

Кæсы Алекси, хъозидæндаг цы бырцы фæаууон, уырдæм æмæ хъуыдыты ныгъуылы. Ивгъуыд азтæ фестадысты сау нымæтджын барджытæ æмæ базырджын æфсургътыл тæхынц, тæхынц ныххал сты кæрæдзи фæдыл. 

Кæмдæр, цыма, судзгæ самыдта уадындзы ризгæ хъæлæс æмæ чидæр схъæр кодта удыл мыдау æндæдзгæ нæртон зарæг: 

 

«Кусæг цагъартæ 

Знаджы базыдтой, гъей. 

Масты цæхæртæ 

‘Лдары басыгътой, гъей». 

 

Судзгæ сыстад Алексийы цæстыты раз 1905 аз. Æхсынцъыйы нæмыгау лæууынц йæ зæрдыл уыцы бонтæ. Ныр цасдæр рæстæг Антъон хæдзары ‘мгæрон нал цæуы. Йæхи хуызæн мæгуыр кусæг адæмы æфхæрджыты ныхмæ растад, йе ‘хсаргард кæрддзæмæй сласта, дамбаца синысæр ныссагъта æмæ йæ хæстон къордимæ цуан кæны тугцъиртыл. Тох кæны, цæмæй мæгуыр хъæздыгæн мауал куса, зæхх æмæ лæджы бартæ æмхуызон уæрст цæуой адæмыл. Арвау нæры Дриаты Антьоны ном Лехурагомы. 

Фæлæ иу бон комæй коммæ тæвд нæмыгау ниугæ ацыдис æвирхъау сау хабар. Уыцы ‘хсæв уыдис Алексийы царды иуыл фыд-фындæр æмæ тардæр æхсæв. Цыдæр стыр фыдбылыз кæй цæудзæн бинонтыл, уый цыма йæ зæрдæ хатыд нанайæн, æризæрæй фæстæмæ сабиты сусæгæй йæ уæрджытæ хоста, йе ‘рфгуытæ æууæрдгæ æддæмæ акæс-акæс кодта. Фæззыгон æгъуыссæг æхсæв ныддаргъ æмæ нал бон кодта. 

Дымгæ зыхъхъыртæй мидæмæ ниудта, рудзгуытыл къæвдайы иугай ставд æртæхтæ хоста, дуармæ бæласы къалиуты кæрæдзийыл хафта æмæ сæ хъыррыст бирæгъы дæндæгты къæс-къæсау хъуыст, æдде куыдз кæугæниуд кодта æмæ зæрдæ хъæрзыдта. Уыцы уазал, тæссаг æхсæвы Алекси йæ сæр хъæццулæй ныттыхта æмæ йæ былтæ ‘хсыдта боны ‘рбацъæхмæ. Йæ райсомы чысыл Алексийыл, уæззау уаргъау, сæвæрдтой сидзæры ном... 

 

«Уæлæ рагъыл мын 

Мигъау ныббадти, гъей. 

Антъон бадзуры: 

Тохы нæмыг мыл 

Ихау ныккалди, гъей...» — 

 

Кæцæйдæр та æрбаивылди нæртон зарæджы уылæн æмæ размæ атахт дымгæйы базыртыл... 

Йæ фыдæй рахаста Алекси цонджы тых æмæ зæрдæйы хъару. Йæ фыды ном легендæ фестадис æмæ йæм сиды рухс нысаныл тохмæ. Сидзæр лæппуйыл мæгуыр, æвадат царды фыдсагъæс æнафоны æртыхст, ныр дæр ма уайынц йæ хъустыл йæ саударæг мады судзгæ хъарæджы зæрдæхалæн мыртæ. Авдаздзыд родгæс саби хурæй хæдон кодта, зæххæй та — дзабыр, йæ хæлц — цæссыг æмæ æнахуыйæн кæрдзыны къæбæр. Арæх хъуыста адæмæй йæ фыды номы зарæг, уыцы зарæг æнахуыр цины уылæн хаста зæрдæмæ, уыцы зарæг тых кодта мады хъарæгыл æмæ лæппуйы, нырма, æбæрæг, рухс бæрзæндтæм хуыдта йæ фæдыл... 

Уæдмæ æрбафæйлыдта Октябры революцийы æхсидгæ уылæн. Фæуæлахиз æфхæрд адæмы сæрибарыл тох. Уыцы тохы, хæстон маршау, хъуыстис Дриаты Антъоны тохы зарæг дæр. Антъоны ном тырысайау бæрзонд систой фæллойгæнæг адæм. 

Революци царды фæндæгтæ байгом кодта мæгуыр сидзæрæн дæр. Алексийæн фæцис ахуыры фадат. Скъолайæ фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн комбæстæм, æмæ, йæ фыд цы рухс царды сæрыл тохы фæмард, уыцы цард сфидар кæныныл хъардта æппæт йæ зонды тых, йæ зæрдæйы хъару. 

Алекси бирæ бакуыста Лехурагомы фыццаг колхозтæ саразын æмæ сфидар кæныны хъуыддаджы. Бирæ хъару, бирæ тых дзы хъуыдис. Иуæндæс азы æрмæст колхозы сæрдарæй фæкуыста Алекси. Цалдæр азы кодта хъæусоветы сæрдары куыст дæр. 

Даргъ æмæ вазыгджын у Алексийы ивгъуыд царды фæндаг. Уыцы фæндагыл афтæ æнцонæй цæугæ нæ уыдис æмæ йын кæд фылдæр æнтыст уыд, уæд-иу хатт рæдыд къахдзæф дæр акодта. Фæлæ стыр хъуыддæгты цур чысыл рæдыд ницы ахады. Ныр Алексийæн йæ царды хурхæтæн фæфале. Йе ‘хсай фондз азы йæхирдыгæй фесты. Æхсидгæ денджызы уадтымыгъ æмæ уылæнтимæ тохы фæстæ наулæууæны нау йæ пæлæзтæ куыд æруадза, уыйау Алекси зæрыбоны æнцой цард кæны. 

Алексийы æз баййæфтон колхозы сæндоны. Уалдзыгон хурбон уыд æмæ ногæхсæст сæнæфсиры къалиутæ цины цæссыг калдтой. Зæронд лæг сыл, чысыл сабитау, узæлыд. Мæнæ дзы иу стыр хæтæлы фарсмæ мих æрсагъта, йе стыр куыствæлтæрд къухтæй къалиуы къæлæттаст æркодта æмæ йæ михмæ, йæ бур къуыбыртæ йын куыннæ фæцагайдтаид, афтæ арæхстгай æрбаста. 

— Хъахъхъæнгæ сæ кæныс, Алекси, фæлæ сæ зилын дæр дæумæ кæсы? — бафарстон зæронд лæджы. 

— Æмæ сæ мæлæтæй нæ хъæуы хъахъхъæнын, мæ хур? — фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсæй мын дзуапп радта сæндонгæс, — зилджытæй хатт искæцы къутæр айрох вæййы, стæй мих афæлдæхын дæр зоны: цæй, куыд нæ йыл хъуамæ схæцон, æхсæвæй-бонæй семæ дæн, се ‘хсæн зилын, мæхи сывæллæттау сæм кæсын. 

Сæнæфсиры хæтæлтимæ архайгæйæ мын Алекси фæкодта йæ царды хабæрттæ. Зæронд лæг райгонд у колхозы къухдариуæггæнджытæй, йæ хъæубæстæй. Зæрыбоны йын колхозы сæндон йæ бæрны бакодтой æмæ йæ хъахъхъæны. 

Алексиимæ ныхасгæнгæ нæ æрбаййæфта иу хæрз æвзонг къæсхуыргомау лæппу. Уый у Алексийы фырт — Барис, бакастæй — уæндон, цырддзаст, йæ рустыл нырма — фæлурс лæппын хъуын, йæ фындзы бын гæзæмæ фæмил. 

— Азылдтæ хъæубæстыл? 

— О, иуылдæр сын фехъусын кодтон, чи сæ цы куыстмæ рацæуа райсом, уый... 

Барис каст фæцис астæуккаг скъола, ныртæккæ колхозы кусы бригадирæй æмæ уый æмрæстæджы йæхи цæттæ кæны уæлдæр скъоламæ бацæуынмæ. 

— Уым, Чъребайы институтмæ фæнды ацы лæппуйы æмæ, нæ зонын, цы бакæндзæн, — йæ фыртмæ фæлварæджы каст кæны æмæ дзуры Алекси... 

Хъусын Алексимæ æмæ мæ цæстытыл уайы æнахуыр фантастикон ныв: афтæ мæм кæсы, цыма æхсæв адæм куы ‘рфынæй вæййынц, уæд уæлæ рагъыл кардæлвæстæй слæууы Антъоны гигант æндæрг æмæ хъахъхъæны бæстæйы æнцойад, бынæй лæнчы йæ фырт — Алекси — йæ цæст дары колхозы исадмæ, æвзонг Барис хуыссы уаты æмæ хъуыды кæны институтыл. Зоны Дриаты хъæбатыр Антъоны фæдон, Ирыстоны развæд раджы æхсаргард рухс кодта, йæ фидæнæн та чиныг уыдзæн цырагъдар. 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»