Уатмæ 'рбацыд æмæ дзуры ме 'ххуырст раст хабар, — нæ сайы.
«Иу чызг хызы бын йæ рæстæг тыргъы де 'нхъæлцау нымайы».
«Уый у!» — фестадтæн, йæ размæ чызгæн удаистæй уайын;
Уайтагъд базыдтон Асматы æмæ сусæг цинæй райын.
Дæн мæрдтыл æфтыд кæй уарзтæй, зонын, уый мæм æй æрвиты
Æмæ уыцы сонтæй чызгæн пъайæ йе.'хцон лæггад фидын.
Йемæ тæрхæгыл æрбадтæн, зæрдæ 'нхъæлцауæй æхсиды;
«Цæй-ма, дзур, — зæгъын, — куыд цæры тасгæ-уасгæ талм гуырвидыц?
Иу мын уый хабæрттæ ракæн, æмæ 'ндæр хорзмæ нæ бæллын».
Загъта: «Зонын æй, æппæт мыл ам æргом дзурын æмбæлы,
Фæлæ знон дзæбæх кæрæдзи федтат иумæ бадгæ цæлы,
Айс-ма, мæнæ дын йæ чиныг, уым æппæт фыст у, — æнхъæлын»
Рухс, алдзæн тынтæ кæй сурæт тауы, уый чиныгмæ 'ркастæн;
Чызг фыста: «Мæ дуне, 'рттывтай ирд, цырен фæрдыгау, растдæр
Æмæ цæсты тигътæ истай тохдзагъд де 'фсургъыл дæ хъазтæй.
Нæ, мæ уадултыл нæ фæцыд уæгъды хъарм цæссыг дæ уарзтæй.
Ме 'взаг н' арæхсы — дæ фвдыц, де 'гъдау равдисын бæрц дзырдтæй.
Цард мын н' ад кæндзæн æнæ дæу, афтæ зæрдæмæ фæцыдтæ.
Домбай, уардидон-цæссыджы — хур — дæуыл мастæй мæцыдтæн;
Æз æрмæст дæу дæн, дæуыстæн, ды мæ ныфс, мæ ном, мæ цыт дæ!
«Зонын, артуадзгæ дæ рустыл уагътой цæссыгтæ сæ фæдтæ,
Ныр дæ зæрдæйы æгъгъæд садз масты маргæйдзаг цыргъ фæттæ.
Адæм дис кæнынц нæ уындыл: «Чи рæсугъддæр сæ у, дæттæй?»
Де 'рдаг, рухс уарзты нысанæн ратт мын д' абоны сæрбæттæн.
Ратт мын д' абоны сæрбæттæн, хорз дзы сфидауа мæ сæр дæр.
Уый дæ уарзоныл куы фенай, — тынгдæр райдзæни дæ зæрдæ.
Айс мæ цонгдарæн йæ бæсты — уа фвдыцджындæр, æвзæрдæр!
Раив де 'гъуыссæг фыдæхсæв цины 'хсæвтæ 'мæ изæртæй!»