Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 19.12.2010 | прочитано 2390 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
АВТАНДИЛ ÆРЫЗДÆХТ АРАВИМÆ

Рацыд лæгæтæй, йæ рустыл цæссыг тугæмхæццæ уайы 

Æмæ фæндагыл йæ фæстæ хъулон арвыронау зайы; 

Бæстæ сызнæт ис, ысхъомпал, тугвæд хъæддаг сырдты сайы. 

Уайы бæх, тæхы, тымыгъау, æмæ фæндаджы дæргъ тайы. 

 

Мæнæ 'рбахæццæ ис, йе 'фсад дард цы ран ныууагъта, уырдæм; 

Федтой, базыдтой йæ, систой цинæй лæппуйыл тыгуыртæ; 

Шермадинмæ дæр хæрзгæнæг батахт иу цæсты ныкъуылдмæ, 

æгъгæ, не спаспет фæзындис æмæ мауал бад ныхкъуырдæй. 

 

Рауад, йе 'фцæджы ныттыхсти, цины хъарм цæссыгтæ калы, 

Мæнæ лæппуйы цæссыгтæй быдыр аныгъуылди малы. 

Дзуры: «Фыны ис дæ цагъар, æви федта ма дæ хъалы? 

Автандил цæра, дæуæн уый никуы фенынæнхъæл нал уыд!» 

 

Йе 'муд, йе 'нувыд цагъарыл Автандил тыхсы, узæлы: 

«А, сæрæгас дæ! — Хуыцауæн табу уый тыххæй æмбæлы». 

Чи куыд барджын у, куыд уæздан, афтæ спаспетыл æмбæлы; 

Райынц хистæрæй-кæстæрæй æмæ цины уынæр зæлы. 

 

Лæппу рухс галуанмæ бараст йе 'фсад, йе 'мсæртæн сæ разæй, 

Æмæ 'рбамбырд ысты уырдæм сахар уайтагъддæр æгасæй. 

Цин, адджын пъатæ фæстагмæ спаспет раивта минасæй. 

Уым цы куывд ысцырын, уымæн нæй ыснывгæнæн ныхасæй. 

 

Хъусы спаспеты ныхасмæ Шермадин — æмыр, æнæсым. 

Уыцы хуры, дам, ыссардтон, фæлæ бавзæрстон цынæ зын! 

Тариелы коймæ цæссыг ризы йе 'рхæндæг хъæлæсы: 

«Нæу мын мур уæлдай, — æнæ уый бадон галуаны, гъе, къæсы!» 

 

Шермадин дæр ын лыстæггай уæд сæ хабæрттæ фæдзырдта: 

«Æз ныссусæг кодтон д' ацыд, хъуыддаг иу лæг дæр нæ зыдта», 

Спаспет æхсæвы йæ фæллад уым адджын фынæй фæсырдта; 

Фестад райсомæй, фæраст и, — хæхтыл хур йæ был куы скъуырдта. 

 

Фынгыл не 'рбадти, цæугæ уал, исдуг йе стонгыл фæхъæцдзæн. 

Шермадин, кæмдæр, йæ разæй цины уацхæссæг фæхæццæ. 

Лæппу 'ртæ бонцауæн атахт, — уыд дæс бонцауы цы дæрддзæг; 

У йæ цинты цин домбайæн хурты хурзæрин тынуæццæ. 

 

Шермадин Ростан-паддзахæн Автандилы номæй загъта, 

Зæгъгæ, де спаспет ныхкъуырд у, йе 'фсад де 'вастæй ныууагъта; 

Фæлæ сайраг уыд, — йæ уд ын уыцы барæджы мæт къахта. 

Ныр зæрдæнцойæ дæ бæстæм ног æрбавæрдта йæ къах та. 

 

Ростеван паддзах фæхудти, цинæй барухс ис йæ зæрдæ. 

Шермадин дæр та йæ разы ног фæуæндон и, фæцæрдæг: 

«Спаспет сæфт барæджы ссардта, тагъд фæзындзæнис йæхæдæг». 

Ростеван зæгъы: «Уæ паддзах гъеныр нал уыдзæн æрхæндæг!» 

 

Бацыд, барухс кодта лæппу Тинатинæн дæр йæ зæрдæ: 

«Раздæхт не спаспет, æрхаста цины, диссаджы хабæрттæ». 

Чызгæн акалдта йæ цæсгом, ирд сæуæхсидау, цæхæртæ. 

Шермадинæн дын æнæвгъау бирæ ракодта лæвæрттæ. 

 

Хъæлдзæг абадтис йæ бæхыл Ростеван — сæрхъал, сæрыстыр, 

Автандилы размæ раЦык — кад у спаспетæн бæгуы стыр. 

Раст, фыдау æмæ хъæбулау, уы.м кæрæдзийыл тыхстысты. 

Семæ — галуаны уæздæттæ-цинæй, расгуытау, уыдысты. 

 

Ростеван-паддзах куыд баввахс, афтæ 'гъдауджын лæппу 'рфистæг. 

Арфæ ракодта, фыдау ыл атыхст райгондæй йæ хистæр. 

Галуан барухс и сæ цинæй, калынц рухс тæмæн йæ систæ, 

Алчи байрадис, æмбойны атар, атадысты ристæ. 

 

Спаспет — домбæйтты домбайдæр кодта хурты хурæн арфæ; 

Лал, хъырмыз былты фæхудтæй айсæфт сагъæсæн йæ тар фæд. 

Чызг алдзæн рухсæй æрттывта, уæд цæй сæраппонд, цæй алфæн? 

Уый зæххон цардæн нæ райгуырд, райгуырд рухстауæй уæларвæн. 

 

Куывд нæртон ысцæттæ, галуан бадынц изæрмæ минасы; 

Ростеваны зæрдæ райы — Автандилы уындæй расыг. 

Мит — сæ иуы сæрыл, иннæ ирд сæууон æртæхы хъазы, 

Уарынц, драхмæтау, сыгъзæрин, налдæр ауæрдынц алмазыл. 

 

Минас балхынцъ ис, йæ хæдзар алчи дзагармæй æрфарста. 

Паддзах йе 'мсæртимæ дарддæр бады, бацайдагъ ныхас та: 

Лæппу радзырдта — йæ балцы зын цы бавзæрста, кæм бастад, 

Уыцы барæджы цæссыгвæд уый цы уæзгуытæм фæхаста: 

 

«Дис уæм ма кæсæд, — йæ коймæ бафта 'нкъард сагъæс мæ удыл: 

Хур зæгъон æмæ уæларвы хур дæр уый хуызæн нæ худы. 

Ууыл чи нæ кæна 'рратæ?! Уымæ кæс æрмæст, — тæхуды! 

Фæлæ уардийæн йæ уды сындз нынныхст æмæ йын дуды». 

 

Лæг куы фæцуда, куы 'ртыхса маст фыдбылызау йæ сæрыл, 

Уарди сбур уыдзæн сафранау, фестдзæн фидыц хъæз æхсæлы. 

Автандилы рустыл цæссыг Тариелы коймæ згъæлы, 

Дзуры хистæртæн лыстæггай æмæ йе 'нкъард хъæлæс зæлы: 

 

«Лæгæт бацахста лæгдыхæй, бацард уæйгуыты хæдзары, 

Уым йæ хуры 'ххуырст чызг йемæ тухи барвæндæй æвзары, 

Федтон лæппуйыл ыстайдзарм, уый сырх даритæ нæ дары, 

Цардæй иппæрд ран ын сагъæс арт йæ сонт зæрдæйы 'ндзары». 

 

Дзырд, нымад куы фæци спаспет йе 'ппæт тухитæ, йæ зынтæ, — 

Хъæды лæгæты куыд байрад хурты рухс хуры фæзындæй, — 

Алчи раппæлыдис уымæн йе 'хсар, йе 'гъуыстаг хæрзуындæй: 

«Диссаг басгуыхтæ, — йын загътой, — дардыл дзæгъæлы нæ зылдтæ». 

 

Цыма хингонд уыд, — æдзынæг Тинатины рæсугъд хъуыста; 

Бадти хъæлдзæгæй йæ цуры, фынгæй изæрмæ нæ сыстад. 

Рацу, фен, дам-иу мæ, — чызг æм фæсбадт йе 'ххуырстæн æрвыста, 

Риу æхцон ыссыгъд, — цыма уа цин æхсызгондæр, æгъуыстаг! 

 

Абадт хуры фарсмæ зæрдæ, лæппу худгæбылæй уайы. 

Лал фæлурсгъуыз у, — фæзынди балц домбæйтты 'мдзу домбайыл. 

Фæлæ бакæс æм, — йæ конды царды 'нусон фидыц райы. 

Зæрдæ — зæрдæйыл æнувыд — сусæг уарзты зынгæй тайы. 

 

Тинатины рæсугъд бады, хурау къæлæтджыны хъазы, 

Цыма Евфратæй æнхъæвзы уаз дон дзæнæты бæласыл. 

Цæсгом — рухсцырен, дзæнхъайау, дзыкку — сатæгсау сынтбазыр; 

Зондджын грекъаг дæр аккаг аргъ уымæн не скæнид ныхасы. 

 

Чызг ын ацамыдта, — 'рбадти лæппу бандоныл йæ цуры; 

Цыма рухс амонд æркодта Хурты хуры фарсмæ хуры. 

Райгæ, хъæлдзæг у сæ ныхас, иу сæ иннæйы мæт суры. 

«Хорз у — де 'нкъард балц наæ фæци уæгъды!» — чызг æм худгæ дзуры. 

 

Автандил зæгъы: «Фæхæст уæд лæг йæ бæллицтыл æрмæстдæр, 

Æмæ нал æмбæлы, мыса ивгъуыд тухиты фыдрæстæг. 

Æз дзæм-дзæмы былыл федтон рухс аза-бæлас мæ цæстæй; 

Уарди 'рттывта, фæлæ бампылд, — масты сау маргæй фæхъæстæ. 

 

Талм — йæ конд, йæ бакаст — уарди, тухи, хъизæмар æвзары. 

Рухс, цыкурайы фæрдыгау, фесæфт йе 'рвон зæд, фæтары, 

Ие 'нкъард ууыл у, мæнау æй, уарзт йæ уацары кæй дары». 

Æмæ радзырдта, куыд фембæлд уыцы хурдзæсгом хъайтарыл. 

 

Тухи цас федта, куыд нал уыд йе 'нкъард сагъæсæн кæрон дæр; 

«Фæлæ Стыр Хуыцауæн табу — фесты хъизæмары бонтæ. 

Уыцы саглæппу фæлыгъди сырдтæм адæмæй бынтондæр 

Æмæ, хъодыгондау, зилы дард æдзæрæг бæсты сонтæй. 

 

Уæвгæ, ма мæ фæрс йæ уындæй, — нæу йæ ныв кæнын мæ хъару; 

Уый цы лæг нæ федта 'рттивгæ, уымæн дун-дуне мæйдар у. 

Исы цæсты тигътæ, хурау, æви судзгæ фæрдыг лал у?! 

Уарди сбур-бурид, сафранау æмæ рухс цырагъау нал у». 

 

Алцы радзырдта, — цы федта, гъе, цы дам æрцыд йæ хъустыл: 

«Бацард тар лæгæты стайау, — хур кæдæм нæ дары рухс тын, 

Йемæ — иунæг чызг, цæссыг ын уый ыссур кæны йæ рустыл. 

Оххай, гъе, хъысмæт, цæмæн у лæг дæ хъазæнхъул æнусты!» 

 

Чызг йæ зæрдæйы фæндиаг цины 'хцон хабармæ хъуыста, 

Æмæ рухскалгæ йæ рустыл мæйæн ирд сæуæхсид сыстад, 

Æмæ бафарста: «Домбайæн уæд куыд кæнгæ у æххуыс та? 

Зæгъ, — йæ зæрдæйы хъæдгомæн хос цы уыдзæнис æгъуыстаг?» 

 

Автандил ын загъта: «Зоныс, — нæй зæрдæдарæн мæнгардыл; 

Уыцы саг лæппу йæ зæрдæ дары ме 'ххуысыл, мæ кардыл... 

Ард ын бахордтон зынг хурæй, — цæй, цы ма йæ дзурон дардыл. 

Тагъд нæ ныздæхтæн, — нымайдзæн мæн цæрдудæгасæй мардыл. 

 

Бахъуыд, уæд хæлар хæларæн хъуамæ 'ргъæу мæсыг уа, фидар; 

Зæрдæ зæрдæйыл — æнувыд, се 'хсæн уарзты фæндаг хидау; 

Уарзон уарзоны рис зона, — рох дзы макуы уа йæхи 'гъдау, 

Цæй цы бакæнон, мæ удыл бадынц сау сагъæстæ мигътау?!» 

 

Хур йæ мидбылты фæхудти: «Зæрдæ 'хсызгон цин æнкъары: 

Иуæй сæфт барæджы ссардтай æмæ сæмбæлдтæ хæдзарыл, 

Иннæ уый æмæ дæ зæрдæ буд нæ судзгæ уарзтæн дары 

Æмæ уыцы буд мæ риумæ, раст æвдадзы хосау, хъары. 

 

Амонд, боныгъæдау, ивы, нæй зæрдæдарæн хъысмæтыл; — 

Куы зæрин хурæй нырттивы, куы тæрккъæвдатæй ныннæты. 

Акса, мæнæ мын куыд ивы ме 'нкъард амонды цыллæ тын! 

Цин йæхи 'гъдауæй куы 'рцæуа, уд ма уæд æфтдзæн цы мæтыл?! 

 

Ды дзырдвидар дæ, зæрдæууæнк, хорз у, бахъахъхъæ дæ сомы; 

Де 'рдхорд де 'нхъæлцау дзыназы — ма 'гъгъæл исчи дæ уромы — 

Хос ын бацагур йæ низæн, аздæх — ардбахæрд дæ домы. 

Фæлæ де 'рцыдмæ куыд лæууон æз æнæ хурæй зындоны?» 

 

«Авд ысфыд кодтон мæхицæн, мæнæ бафтыд ма сыл ыстæм; 

Ихдон чи хъарм кодта фуйæ, уый ми бакодтон, зæххыстæн. 

Уарзт зæххон пъатæм кæд æрхауд? — у уæларвмæ баст рæхыстæй! 

Ам уон, — сайраг дæн, фæцæуон — зæрдæ демæ и рæхуыстæй! 

 

Ныр цæуон æмæ куыд цæуон? — Автандил кæны утæхсæн, — 

Фатæн милмæ 'вæрд — мæ зæрдæ, нæу зынцæфгæнæн, зынæхсæн. 

Цард ысцыбыр ис æртывæр, тагъд мын ралæудзæн фыдæхсæв; 

Лидзын тухитæй, фыдмастæй, фæлæ никуы ис æмбæхсæн! 

 

Уæвгæ 'мбарын дæ, дæ дзырдтæ, зон, мæ сагъæсы сæр систы; 

Сындзы чи ратона уарди, уый хæцын хъæуы йæ ристыл; 

Фæлæ басгуых ма мæ балцæн хурты хурзæрин æвзисттын: 

Тинатин цæра, чысыл мын ратт зæрдылдарынæн исты». — 

 

Афтæ, уд æмæ дзæцц чи уыд, саг, хæларзæрдæ, хæрзæгъдау, — 

Чызгмæ 'хцон æвзагæй хатыд æмæ, хистæрау, фæдзæхста. 

Уый йын лал цонгдарæн радта, лæппу фырцинæй ныргъæфстау, 

Цæй, Хуыцау зæгъæд, — сæ бæллиц тагъд йæ нысаныл фæхæст уа! 

 

Лал, налхъуыт-налмас мызулæй, хурау, цæсты тигътæ исынц; 

Талм, аза-бæлас дæр афтæ — иумæ 'рвон фидыц æвдисынц, 

Бафсæд уыдонмæ кæсынæй циндзаст амондджын цæдисы. 

Уарзон уарзонæй фæхицæн, — бафтдзæн судзгæ рис йæ рисыл. 

 

Хорз фæрæвдыдтой кæрæдзи, фæлæ уарзты монц цы сæтты! 

Рацыд чызджы уатæй лæппу, мысдзæн ацы уысм йæ сæнтты. 

Хурæй судзгæ цæссыг фемæхст, — бафтыд тугæмхæццæ дæттыл: 

«Бафсæд, ба, хъысмæт, мæ тугæй, — мур мын удæнцой нæ дæттыс!» 

 

Цыд æрхæндæгæй сæхимæ спаспет риухойгæ йæ мæстæй: 

Уарзт æгъатыр у, фæцæуы уарзон иудадзыг сыгдзæстæй. 

Хур куыд аныгуылы мигъы, афтæ саудалынджы — бæстæ. 

Нал и спаспетæн рæсугъд бон, ис ын тар æхсæв æрмæстдæр. 

 

Цæссыг уадултыл ивылы æмæ туджы 'ртæхтæ ласы. 

Дзуры: «Хурзæрин мæ сæрмæ арвыл нал тæхы зынгбазыр; 

Диссаг, сау, фæлмæн цæстыхау, — тасы 'ндон зæрдæ дæ разы! 

Амонд, йе 'нæфенгæ, демæ циныл макуы мæ кæ разы! 

 

Раздæр, талм бæласау, худтæн, калдтон рухс тæмæн, цырагъау, 

Ныр — адзалы къухæй фатдзæф — систон дунейы хъыг, уаргъау; 

Бахауд къæппæджы мæ зæрдæ, — хурмæ нал тæхдзæни маргъау 

Æмæ бамбæрстон, — æппæт дæр царды тутт кæй у, мæнг аргъау!» 

 

Афтæ сар кæны, уынæргъы, ниуы, 'рхæндæгæй дзыназы; 

Цыма талм бæлас гуырвидыц уады знæт уылæнты тасы; 

Хурæй ахицæн и, дуды, сагъæс лæппуйы уд ласы. 

Уастæн, бастъæла, — фæстагмæ халон алы лæгыл уасы! 

 

Автандил сæхимæ баздæхт, цæссыг уадултыл нæ сысы 

Æмæ, рухс зæдау, зæрдæскъæф уарзон сау рæсугъды мысы. 

Уарди халасы ныффæлурс, хурæй ахицæн хæрз чысыл 

Æмæ, диссаг у, — йæ рустыл ризгæ царды тын фæхуыссы! 

 

«Зæрдæ 'лгъыст æмæ кæрæф у, зыд, æнус æфсис нæ зоны; 

Мастæн нал бабыхсы, цинмæ рæвдз йæ бæттæнтæ фæтоны; 

Куырм, æдылы зæрдæ, хивæнд — кад, паддзахы бартæ домы; 

Тас, мæлæт зæгъай, зындзинад, — никуы ницы йæ уромы!» — 

 

Афтæ, зæрдæйæн куыд æмбæлд, ахæм карз тæрхон куы скарста, 

Уæд йæ ризгæ былтæм лæппу чызджы цонгдарæн ысхаста, 

У йæ лал фæрдгуыты ферттывд чызджы рухс дæндæгты хъазтау, 

Æмæ судзгæ цæссыг фемæхст, цæссыг хивæнд у, — кæй фарста?! 

 

Райсом раджы йæм сæумилтыл паддзах минæвар æрвиты. 

Автандил фæраст, йæ риуы маст, цæджджинагау, æхсиды. 

Адæм гуылф кæнынц йæ размæ, — се 'гъдау сын æгъдауæй фиды. 

Уæртæ паддзах дæр — пæрзифтонг, гуымсæг цуанвæдисмæ сиды. 

 

Бæхыл абадти, сæуæхсид хицау рахæссы йæ уартыл; 

Уасынц сыкъатæ цъæхснагæй, гуымсæг бацыдис йæ барты; 

Хур сæ уаритæй нытталынг, не 'ххæст цæст сæ бæр егартыл; 

Уайтагъд адардта сырх хъулон быдыр сырдты тугæй дардыл. 

 

Фæсцуан раздæхтысты хъæлдзæг, фæлæ стонг æмæ фæлладæй; 

Галуан хъал уæздæттæй байдзаг, бæстæ — хотыхдар æфсадæй. 

Куывд-минас ысцырын, фынгтæ тасынц паддзахы бæркадæй, 

Æмæ сызмæлыди дуне чанги, чагъанаты цагъдæй. 

 

Спаспет хицауы цур бады, дзурынц, — бакæс сæм, тæхуды! 

Уарди-лал былты зыхъхъырæй рухс дзæнхъа дæндаг фæхуды. 

Бадынц уæздæттæ сæ дæле, дарддæр æфсад æмæ удыл 

Тариелы коймæ сагъæс ног æртыхст, æмæ та дуды. 

 

Лæппу раздæхти сæхимæ, æмæ цæссыджы куыд мæцы! 

Маст ын арауы йæ зæрдæ, уый, йæ уарзоныл нæ хъæцы. 

Уаты 'рхуыссы, фæлæ сысты, цæстъгл цъынд, хуыссæг нæ хæцы, 

Искуы сонт зæрдæ йæ коммæ бакаст, — чи зæгъдзæни, кæцы?! 

 

Дзуры хуыссæны: «Мæ уд мын ай цы дудгæфыд æхсыны?! 

Цæст дæ талм гуырæй фæхицæн æмæ бахаудтæн фыд-зыны. 

Сайраг, додойаг йæ сыгъд сæр, — дæу цы сонт уарзон нæ уыны! 

Хъалы нал бæллын дæ уындмæ, — æммыст фенин ма дæ фыны!» 

 

Афтæ 'рхæндæгæй фæкуыдта Автандил йæ уаты цасдæр, 

Загъта стæй, бецау, йæхицæн: «Бабыхс, ба, мæ зæрдæ, ма стъæл: 

Нæй нæ сагъæсæн хуыздæр хос, — бабын, бартхутæг уæд уастæн! 

Бабыхс, удæн адджын цинау, у Хуыцауы ратгæ маст дæр. 

 

Зæрдæ, сау ингæнмæ ма тындз, уæд нæ бафтдзынæ дзæнæтыл; 

Цардыл амæлын хуыздæр у, — лæг куы фæтых уа мæлæтыл. 

Фæлæ ма равдис, куыд дудыс уарзты судзаггаг кæлæнты; 

Уæвгæ уарзоныл кæд æмбæлд, — дзура искæмæн йæ мæтыл?!» 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»