Тариел сын загъта: «Хатын, уе 'нгæс нæй зæххыл хъайтартæ.
А уæ уынаффæтау, фидар тохы 'вдисдзыстут æхсар дæр.
Хæстмæ хъазынмæ нæ цæут, зонын — сарæхсдзыстут кардæй;
Хи нæ бахиздзыстут никуы карз хъазуат тохы цъæх артæй.
Хорз, хæцут, фæлæ зæгъут-ма, уæд мæныл та дзы цы хæс уа,
Уым мæ удлæууæн уæ тохмæ, хурау, мæсыгæй куы кæса?
Ау, куыд ысхæсдзæн йæ сæрмæ уе 'рдхорд — фæскъæдзæх æмбæхса?
Æви багъгъæлдтат, тæппуд дæн, цауд, æнæнамыс, æнæхсар?
Нæ, фæлтау зæгъон мæ хъуыды, ис мæнмæ, цыма, хуыздæр фæнд:
«Цæй, фæйнæ сæдæ лæгимæ бæхтæ фесхойæм æхсæвæй;
Цъус нæ 'гъгъæлдзысты фыдгултæ, мах фæлæбурæм хæлæфæй
Æмæ 'ртæрдыгæй æмбойны гæнах батонæм æмдзæфæй.
Дыуар рахгæныны фадат хъуамæ ма раттæм фыдгултæн.
Зæгъгæ, баирвæзт нæ иу дæр, — туг сæ сыгъд гæнахы скултæ;
Ам нæ иннæты кæрддзæфтæй каджитæ кæндзысты суртæ.
Афтæ фидарæй фæстагмæ дурыл нал баззайдзæн дур дæр».
Тариелмæ дзуры Придон: «Ма кæ, ма мæ фæсай хинæй:
Фенис, чи бабырсид раздæр, — уаид ме 'фсургъ ма мæхимæ!
Уый куы зыдтаин, — фидауин ам мæ базырджын бæхимæ,
Ды нæ федтаис мæ лæвар, — фау мæ бирæ дæр æлгъинæй».
Нурадины ныхас — хъазæн, маргъау, айтыгъта йæ базыр
Æмæ хъусæй-хъусмæ уайтагъд, цины уацхæссæгау, азылд.
Тагъд-тагъд рæвдз кæнынц сæ гæрзтæ æмæ худгæбылæй хъазынц
Æмæ сагсурты хæстон бал уæртæ згъæрвæлыстæй разынд.
Ноджы хиирхæфсæн, худæн, цины хъазæн ныхас сарæх.
«Тариелы фæндон раст у, — загътой, — бабырсæм æхсарæй».
Уайтагъд се 'фсады фæкодтой уым æртæ хицæны барæй,
Ныр фæйнæ сæдæйæн — раздзог алчи уыцы 'ртæ хъайтарæй.
Уыцы сагсуртæ цæхæркал хуртæ басгуыхтысты тары;
Арвыл Авдхойы — цырагъдар, зæххыл — сахъ æртæ хъайтары.
Тариел йæ сау æфсургъыл — рухс, æлвæст фæринк мæйдары.
Циндзаст, цардæгас — сæ бакаст тасы сау фыдгулы 'ппары.
Æз мæ хъайтарты фынккалгæ хохаг къада доныл барын;
Мигътæ — знæт хъомпал, тыгъдызæй — хæхтыл ралæсæн и уарын,
Къада — сонт, йæхи, цæф сырдау, былæй сæрсæфæнмæ 'ппары;
Фурды нал фæзыны, фурд ын йе знæт мурмæ дæр нæ дары.
Автандил æмæ Придоны нæй лæгдыхæй тохы ивæн,
Фæлæ диссагдæр — куыд дасы Тариелы фæринк — хивæнд!
Уа цыфæнды рухс ыстъалы, — нæй йын хуры цур æрттивæн.
Цæй, цы сыл дзурæм, — хъайтартæн хæсты бакæсæм сæхимæ.
Уым æртæ дуарæй, цæвиттон, равзæрстой фæйнæ фæндонæй
Æмæ тохвæдис ыскодтой сахъ фæйнæ сæдæ хæстонæй.
Тары 'гас æхсæв цыдысты æмæ фидармæ 'ввахс бонæй
Мæнæ 'рцæттæ кодтой уæрттæ карз, хъазуат тохмæ уæндонæй.
Уыд, хуымæтæджы бæлццæттау, сагсуртæн сæ бакаст дардæй,
Мур дызæрдыг сыл нæ кодта ничи хъахъхъæнæг цагъартæй,
Тас сæ ницы уыдис, каст сæм алчи 'нæмæтæй, уæнгмардæй.
Фæлæ фесхуыстой æмбойны размæ тохвæдис хъайтартæ.
Уæлдæф ехсы цъыккæй афаст, калынц цæфхæдтæ цæхæртæ,
Сахар сызмæлыд, сæ хъыррыст хъуысы 'фсæн дуæртты дæгъæлтæн.
Тох æртæрдыгæй ысцырын æмæ бæстæ байдзаг хъæртæй,
Уадындз, сыкъатæ фæдисæй сидынц каджитæм фæйнæрдæм.
Раскъуыд каджитыл Хуыцауæн уæд йæ цæхæры тыгъдызæй,
Кронос, хурзæринау, нал каст худгæ стъалыты рæхысæй.
Хъардта гæнахæн йæ фыдæх арв æлхынцъæрфыг, хъуынтъызæй.
Быдыр мæрдты бынæй нал зынд, баззад тугхъулон мæрдгъуызæй.
Тариелы сидт, йæ хъæрæй кодтой каджитæ тæсмæрдтæ.
Залдзæг нал баззад, йæ цæфæй кодтой сау ызгъæлæн уæрттæ.
Тохы батыдтой лæгдыхæй хины 'фсæн фидары дуæрттæ,
Рæвдз фæмидæг ысты, дасынц сурæй сагсуртæн сæ кæрдтæ.
Автандил æмæ Придоны карз тох иу хæцæнмæ 'рхаста,
Хурхор каджиты ныссæрфтой, мæрдты туджы лæсæн ласта.
Уыд сæ зæрдæтæн сæ фембæлд тары хурзæрины скастау.
Иу сæ иннæйы фæдисæй: «Тариел цы фæци?» — фарста.
Никуы ничи йыл нæ фембæлд æмæ бахаудысты тасы;
«Фенæм æртыккаг дуар», — загътой, уым цы ныв сыстад сæ разы! —
Кæс, — куыдмидæмæ рæгъ-рæгъы цъæл, дæрæн кæрдты цæнд разынд,
Мард дæс мин каджийы уонггай къæйтыл туджы къада ласы.
Кодтой алы ран мæрдвынæй фидархъахъхъæнæг цагъартæ;
Чи — лыстæг къуыхтæ, кæмæн та — лыг йæ сæр, йæ цæнгтæ кардæй,
Саст, рæдывд дуæрттæ сæ уæлæ — уæрттæ къæсæргæрон калдæй.
«Тариелы 'рмдзæф у», — загътой, фæд-фæд атындзыдтой дарддæр.
Рæвдз ысхызтысты уæлæмæ сагсур тохы арт хæлæрттæ,
Федтой: калмы дзыхæй рухс мæй хурмæ раирвæзтис уæртæ.
Тариел йæ танхъа систа, иумæ 'ркъул ысты сæ сæртæ,
Риутæм балхъывтой кæрæдзи, баиу зæрдæимæ зæрдæ.
Пъатæ, цинтæ 'мæ хъæбыстæ... рустыл цæссыгтæ тылдысты.
Рухс Зуал цыма Муштарыл фембæлд, уый хуызæн зындысты,
Хур сыд уардимæ куы 'ркæсы, — дидин худгæбылæй сысты.
Не 'фхæрд уарзæттæм рæдауæй бахудт рухс амонд — сæрыстыр.
Цинæй уарзæттæ нылвасынц ног сæ кæрæдзи сæ хъуыртæм,
Ног кæрæдзийыл ныдзæвынц былтæ — уардийы къуыбыртæ.
Автандил æмæ Придон сæм райгæ бацыдысты уырдæм,
Хурæн акуывтой сæ сæрæй, тынгдæр рарттывтой æмбырдæй.
Хур сыл худгæбылæй сæмбæлд, хъæлдзæг, амондджынæй, хъалæй;
Хур йæ ирвæзынгæнджытæн атыхст се 'фцджыты хæларæй.
Æмæ бузныгæй æппæлыд се 'гъдау, се 'гъуыстаг æхсарæй;
Хъуыста 'хцон ныхæстæ чызг дæр уым дыууæ домбай хъайтарæй.
Арфæ се 'рдхордæн дæр кодтой, зæгъгæ, 'гайтма, нын, дзæбæх дæ!
Зæгъгæ, 'гайтма, дам, ыскодтам удхор каджиты рæдзæгъдтæ! —
Бафтыд хорз гæрзтæ нæ къухы, науæд сын нæ уыд фæцæгъдæн.
Тохы басгуыхæг домбæйттæ скодтой се знæгтæй сæ сæгътæ.
Оххай, банцадысты хæсты се 'фсад иу сæдæ æхсайыл!
Хъыг кæм нæ уыд уый Придонæн, фæлæ иннæмæй та — райы.
Чи 'мбæхст се знæгтæй, — цæгъдынц сæ, ногæй туглæсæнтæ уайы.
Федтой, басгæрстой: лæджы цæст не 'ххæст каджиты хæзнайыл.
Рæвдз æртæ мин уаргъы сбастой фæллой теуатыл, хæргæфстыл;
Лал, налхъуыт-налмас — зынаргъ дур уыйбæрц чи бары тæрæзтыл!
Ныр сыгъзæринæн, æвзистæн кад дæр нал уыди сæ цæсты.
Хур зæрин цатыры сбадтис, æмæ дард балцмæ цæттæ сты.
Фидар хъахъхъæнæг ныууагътой уым æхсай æвзыгъд цагъары.
Хуры рачындз кодтой, — бар æм ничи дунейыл нæ дары.
Номдзыд Денджызты бæстæмæ чырæ йе стыр фæндаг дары;
Ныр хæрзæгъдауæй сæ нысан у Фатманы зæрдæ ссарын.