Ходы Камал
ХУЫНДЫ
Бестауты Гиуæргийæн
Цæуæм, мæ хæлар, бауайæм Къуыдармæ,
Уым бирæ ис парахатзæрдæ адæм.
Дæ фыдгул ма хæсса йæ уд йæ армы, —
Æрбабонмæ цом «Ерцъойы» фæбадæм.
Цæлхъзард фæкæнæм...
Радзурæм нæ хъыгтæ...
Кæрæдзийæн лæджы нуазæнтæ раттæм...
Ирон сыкъатæй арæгъ кæнæм фынгтыл —
Нæртон фидыц куыд басгуыхой нæ бадтæн!
Кæм кæны зæрдæ зонды дзырдæн уисæн!..
Ехх, дунейыл ныр уарзты цæхæр бандзар!..
Кæлдзæн цыхцырæй сыкъамæ зæрин сæн. —
Фæкалд йæ былæй! Ахуыпп дзы кæн, дзагдар!
Кæсдзысты ’дзæмæй цъити ’вронг къæдзæхтæ,
Цыдæр рох зæл сæ айнæг хъустыл уайдзæн,
Æмæ нæрдзæн ирон ныхас — къæрц-цæхгæр,
Йæ нæртон мыртæм зæрдæты их тайдзæн.
Гъестæй фæкæндзæн буц хистæр бæркады сидт,
Ныффæдзæхсдзæн нæ, Уастырджи, дæуыл дæр,
Æмæ куы ссара йе ’гас хæдзар алчи,
Йæ хибар уаты уæд тыхсдзæн цæуылдæр...
1969 азы 21 октябрь
Цæрукъаты Алыксандр
БЕСТАУТЫ ГЕУÆРГИМÆ
Кæуыл фæдзæхсон
Мæ иунæджы сæр?
Кæдæм фæхæссон
Мæ уынгæджы хъæр?
Кæмæ бахъара
Æбон лæджы мæт?
О, чи банкъара
Мæ фыды хъысмæт?..
Мæ мады хъарæг
Кæй риу агайа?
Мæ уынгæг зарæг
Кæй хъусыл уайа?
Мæ кæстæр хæлар
Фæсхохаг лæппу,
Мæ удæнцой дзуар
Дæ уаз ном кæд у!
Дæуæй ныфсджын дæн
Нæ хæхты рæбын!
Дæуæй тыхджын дæн
Нæ цъæх арвы бын!
Кæнын уæндон цыд
Дæ иунæг фендæй.
Дæу зонын номдзыд
Æцæг поэтæй!
Нæ адæмы уаг —
Дæ аив конды.
Æцæг адæймаг
Нæ ныры бонты!
Мæ домд зæрдæмæ
Цы хъару дæттыс!
Æнусбонтæм мæ
Дæхиуыл бæттыс!
1973
Хъодзаты Æхсар
ДИПТИХ БЕСТАУТЫ ГЕУÆРГИЙЫ НОМЫЛ
1
Уый арæзта аргъуан
æргъæуæй, дзындздурæй,
уый хастаид хорз уацтæ
стъалытæй, хурæй.
Хæрамæй хызт уыди,
йæ цинтæ, йæ уарзт та —
æхсинæджы пæррæст,
æхсинæджы хъазтау.
Уый кастаид зæдтимæ
Уазайæ, цьуппæй...
О сонт азты талф-тулф,
о сау дугты цоппай...
Уæ бæхы кьæдзилмæ
уый фидар ныббастат,
фæхоста йæ дуртыл,
сындзытыл æй ласта.
Æвдылдтат æй цъыфы,
уæ лехъа йыл уагътат,
уæ хъыпма, уæ марг-иу
йæ зæрдæйы тагътат.
Тых-зилгæдымгæ йæ
ныссæста, ныууæрста,
уæлæрвты йæ хаста,
дæлдзæхмæ æппæрста.
Æфсымæртæ! Сырдтæ!
Дæлимонтæ! Адæм!
...Цæргæбадæн уарзта —
ыссардта хæфсбадæн...
9.12.90
2
Ды дур дæ ныр, о ме ’фсымæр Бестау1,
дæуæн æнцон у — рухс дуне дыл батар,
нæ хъусыс ницы. Нал уыныс, бецау,
нæ худинаг, кæ сæфты хъæр, нæ азар.
Мæныл йæ бæллæх сæвæрдта Хуьщау:
чындæуы мын мæ Иры бæстæ сатар,
тæхынц йæ сæрты сау халæттæ, сау,
æмæ кæнынц йæ байуарыныл базар.
Куыйдзых замантæ, тугзæйтæ, цæхæр...
Бындзыд æвдиутæ, дзиглотæ — цæй адæм!..
Дæуæн æнцон у: фесæфтай дæ сæр
æцæг дунемæ, хур-дзæнæт — дæ бадæн.
Ды дур дæ, фæлæ хъусын æз дæ хъæр,
дæ удаист хьæр... а зæххы æрратæм.
13.06.91
__________________________
1 Бестауты Георги ныгæд ис Згъудеры къуылдымыл.
Йæ ингæныл — йæ ныв, дзæнхъадурæй конд.
Хостыхъоты Зинæ
БЕСТАУТЫ ГИУÆРГИМÆ
1
Мардмæ цы хауы нæ Хуыцауæй арфæйæ,
Иууыл дæу фесты, нæ мæрдтыбæстаг
æмгар:
Алкæддæр немæ фæбадыс уынаффæйы,
Не ’хсæн фæхъусæм æдзухдæр дæ
дзырды ’хсар.
Бирæ æмгæрттæй æмгæрттæн æгасдæр
дæ...
Фæлæ кæуыл бафтыд сау цин дæ
рухсагæй,
Чи дын фæдардта дæ цыбыр цард
мастхæрдæй,
Уыдон сæ цæссыг ныр асæрфынц сусæгæй.
Чи дæ хуыдуг кодта маргхъæстæ
ныхасæй,
Чи кодта даутæ дæ сыгъдæг æрвон удыл,
Д’ Амыран зæрдæ дын чи ’хсыдта де
’гасæй,
Уыдон дæ уæлмæрды 'рлæууынц сæ
зонгуытыл.
Рухс кувæндонау дæ цырты раз
балæууынц
Абон, куы байдзаг и Хуссар Ир маройæ,
Бамбæрстой, Ирæн дæу хуызæттæ ку’
амæлынц,
Гъе уæд йæ сæрыл ысдзурæг дæр нал
вæййы.
2
Ды урс зæххыл малусæгдзуаны цыдтæ-иу,
Цы цъæх зæхх дын хаста-иу уалдзæджы
цин,
Уый артæфтыд баци, ныззаууат,
ныддæрæн,
Кæны йын тыхы фæрцы чидæр æфсин.
Кæм-иу уагътай гаджидау: «Ир цæра
’дзухдæр»,
Нæ уыцы къона нын къæрныхæй фæхаст,
Нæ гыццыл Ирыстон ныффæллади тохты,
«Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы,» —
хæрдзынæ йæ маст.
Ир сау арты судзы, туг хъары йæ риуæй,
Йæ зæрдæ ныддæвдæг, йæ зæрдæ
нырхуым,
Йæ къуыбар цæссыгтæ йын бануазæм
иумæ,
Æз — ам, ды — уым.
1991 азы апрель–октябрь
Дзуццаты Хадзы-Мурат
БЕСТАУТЫ ГИУÆРГИЙЫ ХЪÆЛÆС
ЙÆ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
Алæ-ма, цæмæн кæнут дзырддаг мæ ингæн?
Æз а зæххимæ æмдзард, æмвæнд, æмдин дæн.
Ам мын — кæддæр, æнусты тары — ауызтой мæ авдæн.
Мæ туг йæхи куы базыдта, уæдæй нырмæ ам дæн.
Кæдæй нырмæ, уый мын чи зæгъдзæн бæлвырдæй,
Æз æндæр зæхх нæ зонын мæ равзæрдæй, мæ гуырдæй,
Ома мæ раг, мæ рагон фыдæлтæй минтæн
Ацы зæхх — сæ авдæн, ацы зæхх — сæ ингæн.
Дзырдтон иронау мæсгуытæм, сæ кæлддзæгтæм,
Иронау — дуртæ, бæлæстæ æмæ æхсæрдзæнтæм,
Дзырдтон тæлтæг цæугæдæттæ æмæ Хъелы цадмæ,
Дзырдтон иронау табугæнгæ Джеры дзуармæ
Æмæ мын йæ хуызæн чи уыд, уыцы сылгоймагмæ,
Дзырдтон иронау хæрзгойаг æмæ фыдгойагмæ,
Уыдысты — æмæ мын сты — зæххон æмæ æрвонау,
Дзырдтон сæм иронау — дзырдтой мæм иронау.
Ныр-ма акæс, а зæхх мын исынц нæ сафтæ,
Израиль араббæгты зæхх куыд байста, афтæ.
Æз а зæххимæ æмдзард, æмвæнд, æмдин дæн...
Ма мын æй байсут, ма мын байсут мæ ингæн!
1990. 15. 02