Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 08.12.2010 | прочитано 7757 раз |  Комментарии (3)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Чъециаг

Чъециаг æмæ йæ алыварс хъæуты топонимтæ æмæ гидронимты дзырдуат
 

 

Плиты Муссæ 

Журнал «Фидиуæг», 2010, №1 

 

Ирон ахуыргæндтæн зонады алы фадыджы, алы къабазы дæр тынг бирæ ахсджиаг фарстытæ раиртасын бантысти. Не ’взаг, нæ культурæ, нæ истори иртасынмæ ма нын цымыдис кодтой зынгæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт дунейыл йæ ном хъуыстгонд кæмæн у, æвзагзонынады йæхицæн фидар, бæрзонд, æрттиваг мæсыг чи самадта, уыцы Абайты Вассойы дзы ничи ма аййæфта. Уымæн æрмæст йæ «Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат» кæуылты диссаджы куыст у. Ацы дзырдуат ирон адæмæн, ирон æвзагæн энциклопедийы бынаты ис. Чысылнымæц ирон адæмæн ахæм дзырдуат кæй ис, уый дунеон историйы, дунеон зонады стыр цау у. Уый æмсæр куыстытæ адæймагады историйы нырма хæрз цъус сты. Вассойы ацы стыр куысты кой æнæхъуаджы нæ ракодтон. Ирон æвзаджы ахуыргæнæг йæ кой алы урокыл дæр куы кæна, уæддæр рæдыд нæ уыдзæни. Афтæмæй та иуæй-иутæ, куы æмбæлы, уæд дæр нæ фæкæнынц йæ кой. Уый дæр, Хетæгкаты Къостайау, ирон рæзгæ фæлтæрæн иттæг хорзы цæвиттон фенын кодта. Бафæзминаг цæвиттон та фенын кодта æрмæст йæ титаникон зонадон куыстæй нæ, фæлæ ма ноджыдæр бирæ цæмæйдæрты. Æгæрыстæмæй, цæмæй адæймаг сæдæ азы фæцæра, æстай азæй фылдæр зонадон куыст фæкæна, уый тыххæй йæ организммæ куыд хъуамæ зила, уымæй дæр. Дыккаг та уый у, æмæ нæ рæнхъон ахуыргæндтæ дæр (алчи Вассойы æмвæзадмæ не схиздзæни) æмæ ахуыргæнджытæ дæр (æгæрæстæмæй студенттæ дæр) хъуамæ сæ хайбавæрд хæссой иумæйаг хъуыддагмæ. Ис нæм ахæм фарстытæ дæр, кæцыты æрбæстон кæныныл уыдон дæр хъуамæ кусиккой. 

Уыдонæй иу у Ирыстоны топонимтыл, Ирыстоны бынæтты нæмттыл кæронмæ бакусын. Кæронмæ уымæн зæгъын, æмæ сыл РХИ-йы зонад-иртасæг институты хистæр зонадон кусæг, филологион зонæдты кандидат Цхуырбаты З. Д. хорз бакуыста — мыхуыры йын рацыди сæрмагонд чиныг. Ис ма æндæр куыстытæ дæр, фæлæ уыдонæй нæ топонимты фарст кæронмæ скъуыддзаггонд не ’рцыди. Уæдæ сыл дарддæр дæр кусын хъæуы. Ирыстоны зæххыл цыдæриддæр топонимтæ ис, уыдон абон дæр æмæ сом дæр ирдæй хъуамæ æвдисой, ацы зæхх ирон адæмы зæхх кæй у, уый. Афон у, дæ зæххыл дæхи культурæйы, æгъдауы æмæ адæмы цардæвдисæг нысæнттæ куы нæ зына, уæд æй гуырдзыйы хуызæн æдзæсгом адæм сæхи хонынц (кæд ма сын сæ алыгъуызон исты адæм схонæн ис...). Ирон æмбисонд, хорзгæнæг, дам, хорз нæ ары, раст у. Æндæра уыдонæн нæ фыдæлтæ æмæ нæхæдæг цæргæ-цæрæнбонты цы стыр лæггад кæнæм, фæлæ куыдзы гуыбыны хъуыр-хъуыр... Куыддæр нæ фыдæлтæ знаджы азарæй фæцудыдтой, уæдæй фæстæмæ ныл хинæй цæуынц, нæ уидæгты нын лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæнынц (кæм сæ бырынкъæй къахынц, кæм та хæцæнгарзæй). Махæн та не ’рдзы конд ахæм у, æмæ знаджы архайд рæстæгыл нæ фæхатæм. Махмæ знаг хинæйдзаг худт куы бакæны, уæд æй хæрзгæнæгыл, хæларыл нымайæм. Диссаг нæу, стыр диссаг! 1920 азы (æмæ уый фæстæ дæр) гуырдзы Хуссар Ирыстоны адæмæн цы фыдмитæ фæкодтой, уыдон фæстæ ма уыдоныл æууæндын хъуыди? Фæлæ, æвæццæгæн, æцæг не ’рдзы конд ахæм у. Хуымæтæджы æцæгдзинад дæр нæ зæрдыл нæ дарæм: дзæргъ хъыбылтæ кæй ары æмæ гадза бирæгъ та йæхи хуызæттæ, уый нæ ферох вæййы. Ам, Зæххыл, рæстмæ тæрхонгæнджытæ нæма ис æмæ сæ Хуыцауы бар бакæнæм... 

Куыд хицæн адæймагмæ, афтæ паддзахадæн дæр йæхимæ цы хауы, уый йæхæдæг куы нæ сараза, уæд ын æй йæ бæсты ничи сараздзæни. Уæдæ мах дæр бавдæлæм æмæ нæ нацийы цæсгомæвдисæг бынæттыл нæхи нæмттæ, сыгъдæг ирон нæмттæ сывæрæм. Науæд гуырдзыйæн фаджысы кæронмæ «и» куы бафтауай, уæд дæр æй сæхи хонынц. Кæсут сæм мæнæ, кæмдæр Чъехы цур нæ, фæлæ цъусгай-цъусгай Ручъы коммæ дæр бахæццæ сты æмæ ирон, сыгъдæг ирон топоним архы был фестади аргебели: ирон дарæс, дам, ыл дзæбæх нæ фидауы. Цæвиттонæн кæд æрмæст иу топонимы хъысмæты тыххæй радзырдтон, уæддæр дзы ахæм уавæры бирæ ис. Æмæ аххосджын фыццаг рады нæхæдæг стæм (æниу нæ æлхъивæг дæр куыннæ уыди фæлæ...). 

Кæд нæ ахуыр (æвзæр ахуыр...) афтæ нæу, уæд нæ абон та чи хъыгдары, чи нæ нæ уадзы, цæмæй нæм цы алыгъуызон дуканитæ, хæрæндæттæ æмæ ноджы бирæ цыдæртæ ис, уыдоныл ирон нæмттæ сæвæрæм. Бирæтæ дзы уырыссаг нæмттæ дæр не сты. Æмæ нæхимæ цас рæсугъд æмæ цас мидисджын нæмттæ ис. Иу скъолайы ахуыргæнинагимæ мын ахæм ныхас рауади: 

— Кæцы скъолайы ахуыр кæныс? 

— Æмæ мын йæ зæгъын зын у. Цыдæр «дитт» æй хонынц æмæ... 

— Мауал тыхс — бамбæрстон дæ. Æмæ йыл ирон ном цæмæннæ сæвæрдтой? Зæгъæм: «Къостайы фæдонтæ», «Фарн», «Нæ ныфс», «Ног фæлтæр», «Размæ» æмæ... 

— Хорз бæргæ сты, фæлæ мах чи фæрсы. Ахæм нæмттæ чи æвæры, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, раст не сты, уымæн æмæ адæмы хъуыды дæр хынцын хъæуы (фыццаг рады). Науæд дын телералæвæрды хъусинæгты ’хсæн цыдæр дуканийы кой ракæндзысты æмæ сæ нæмттæ ирон дзырдуатты нæ, фæлæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгты дзырдуæтты дæр не ссардзынæ. 

Нацийæн йæ топонимтæ нæ, фæлæ æгæрыстæмæй йæ адæм дæр хъуамæ хæссой, хъуамæ сын уа, нацийæн характерон чи у, йæ фыдæлтыккон цæсгом, фыдæлтыккон хуыз ын чи æвдиса, ахæм нæмттæ. Афтæ куы нæ вæййы, уæд йæ бындур, йæ уидæгтæ лæмæгъдæр кæнынц. Нырмæйы рæдыдтытæ раст кæнын хъæуы. Æмæ дарддæр та ахæм рæдыдтытæ æруадзынæн фадат мауал хъуамæ уа. 

Уæдæ æппæт топонимтæн дæр ирон, сыгъдæг ирон хуыз радтыны тыххæй саразын хъæуы сæрмагонд къамис. Уыцы топонимтæн гуырдзы сæ фылдæр хай ирон æвзагæй тæлмац ракодтой. Кæмæдæрты сæ раздæры хуыз, сæ раздæры нæмттæ дæр сты. 

Уыцы къамис цы топонимтæ сфидар кæна, уыдонæй пайда кæнын та алы иронæн дæр хъуамæ уа дзæбæх, раст закъон æххæст кæныны хуызæн. 

Топонимтæн аразын хъæуы дзырдуæттæ дæр, уымæн æмæ фыст куы нæ ’рцæуынц, уæд кæстæрты ферох вæййынц (сæ сусæгдзинæдтæ сын хистæртæ уыцы дунемæ семæ ахæссынц). Уæлдайдæр та, иу кæнæ иннæ топоним афтæ цæмæн хуыйны, уыцы фарстытæ. 

Цæвиттон, абарæм кæрæдзийыл дыууæ топонимы, дыууæ ахойы1 нæмтты равзæрд, сæ нысаниуæг. Абарынмæ хъавын Коцты ахо (бынæттон цæрджытæ йæ иумæ дзурынц) æмæ мæгуыр лæджы ахæйттæ. Хъæздыг лæджы ахæйттæ дзы нæй, фæлæ дзы мæгуыр лæджы номыл ис. Коцты ахойы равзæрд æмбæрстгонд у: Коцтæ йæ сарæзтой æмæ дзы цардысты. Фæлæ уыцы мæгуыр лæг чи уыди, уымæн ницы зонын. Йæ рæстæджы йæм куы бацымыдис кодтаин, зæронд лæгты куы бафарстаин, уæд æй зонин. Ацы топонимтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæуынц æмæ сæ адæймаг зæрондæй куы фехъусы, уæд дæр ын æхсызгон вæййы: уыцы бынæттæ чысылæй фæстæмæ, нæ сабион бонтæй фæстæмæ нæ цардимæ баст сты, не ’взонджы бонтæ нын нæ зæрдыл æрлæууын кæнынц. 

Хъорнисгомы цы бирæ рæсугъд хъæутæ, цы бирæ рæсугъд бынæттæ ис, уыдон равзæрды историмæ сомбон мачи цымыдис кæна, уый мæ нæ уырны. Ацы чысыл куысты стыр нысан дæр уый мидэег ис, ома ахæм егъау куыстмæ чи бавнала, уымæн йæ арм цасдæрбæрцæй фæрогдæр кæнын. 

Ракæнæм уал дзы Чъециаджы хъæуы топонимты кой. Æниу дзы сæ иу хай æнæхъæн Хъорнисгомæн иумæйаг сты. 

Чъециаджы хъæуы историйы тыххæй цалдæр егъау уацы мыхуыры рауагъта РХИ зонад-иртасæг институты хистæр зонадон кусæг, филологион зонæдты кандидат Уанеты Владимир. Ацы æрмæджы авторы нысан та у топонимтæ æмæ гидронимтæн къаннæг дзырдуат саразын. Ахæм дзырдуат саразыны тыххæй ма мæм бахатыди Уанейы-фырт дæр. Бафæлвардзынæн топонимтæн сæ сæйраг нысаниуæг райхалын дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыбыртæй... 

 

Аржийы ахо. Аржи Джиотæй уыди... 

Æнгузджын. Ацы бынаты уыди тынг бирæ æнгуз бæлæстæ. Кæддæр, дам, сын сæ тыллæг фыййагæй æмбырд кодтой. 

Батийы æрдызт. Нæ фыдæлтæ-иу хуымзæхх саразыны тыххæй цагътой хъæд, къахтой кæдзæхтæ, уидæгтæ... Уыцы архайд хуыдтой хъæд æрдузын, ома уый бындурыл нæм фæзынди дзырдбаст хъæд æрдузын. Уый ирайнаг дзырд дзауш, драушел-æй «вырезывать»-æй цæуы... 

Батитæ. Батиты сых. Хауы Чъециаджы хъæумæ. Сты Тасойтæй, абон дæр дзы цæры дыууадæс хæдзары, се ’хсæн æндæр мыггаджы минæвар никуы царди. 

Батиты суадон. Ис хъæумæ бацæуæны. 

Бестаутæ. Афтæ сæ фыдæлты номæй хуыдтой (Бестау Кужайы фыд уыди). Сæ мыггаг Къацтæй у. Дыууæ хæдзары йеддæмæ нæ уыдысты. Къацты Ясонæн æхсæз лæппуйы уыди, фæлæ дзы Чъециаджы иу йеддæмæ не ’рбынат кодта. Афтæмæй куыд хъуамæ сбирæ уа мыггаг дæр æмæ хъæуы цæрджыты нымæц дæр. Ирон адæм сæ Райгуырæн бæстæ æнцонæй ныууадзынц. Æвæццæгæн дзы аххосæгтæ дæр вæййы, фæлæ уæддæр иу хъуыддаг нæ зæрдыл хъуамæ дарæм: кæдæмдæр фæлидзын алкæмæн амонд не ’рхæссы... 

Бестауы ахо. Бестауты адаг. Бестауты бызо. Фæззæг-иу бызойы бынмæ раздæр чи бацыди, уый-иу уыцы хæрзад бызойæ йæ бинонты барæвдыдта. 

Бачелиты ахо. Бачелитæ Тедетæй сты. Сæ къаннæг хъæу афтæ хуыйны (Бачели сæ фыдæлы ном у) ахо Чъециаджы тæккæ фарсмæ ис, фæлæ йæм хъæу дарддæр у. 

Бæхгæпгæнæн. Йæ номæй бæрæг у. 

Борæтæ. Цардысты Къахыры. Афтæ сæ сæ фыдæлы номæй хуыдтой. Уырдæм, дам, Машхарайæ æрлыгъдысты. 

Бурдымтæ. Афтæ хуыдтой Бурдымы байзæддаджы. Уыдон дæр цардысты Къахыры. Уыдысты Козатæй. Ныртæккæ дæр сæ Хъорнисы чидæртæ цæры. 

Гæззаты рагъ. У тынг бæрзонд бынат. Сахар Цхинвал æм дзæбæх зыны. 

Гæззаты уыгæрдæнтæ. Гæззаты суадон. Гæззаты æрыскъæфджын. 

Гишоты цæрæнуæттæ. Гишотæ дæр Гæззатæй уыдысты... 

Гоккойы ком. Гокко Тасойтæй уыди. Созанимæ æфсымæртæ уыдысты. 

Горайы бал. Гора дæр Тасойтæй уыди. Къухджын уыди. Хъæдæрмæгæй канд рæсугъд хæдзæрттæ нæ арæзта, фæлæ ма бирæ æндæр дзаумæттæ дæр. Уыдысты æртæ ’фсымæры (Наниа, Сардо æмæ Гора). Æртæ дæр бирæ фæцардысты. Сæ хистæр æфсымæр Наниа 120 азæй фылдæр фæцарди. Сæдæ азæй фылдæр фæцарди сæ мад Чехуен дæр... Горайы бал-иу раджы срæгъæд æмæ лæггад кодта æнæхъæн хъæуы цæрджытæн. 

Гугуйы бал. Уыди хъæуæн скæсæны ’рдыгæй, дзыхъгонд бынаты. Цыдыстæм йæм сæрибарæй, уымæн æмæ мах рæстæджы Гугу гас нал уыди. Гугу Козатæй уыди. 

Даргъ хуымтæ. Сты хъæуæн цæгаты ’рдыгæй. Раздентæм æввахс. Тынг даргъ дæр не сты, фæлæ... 

Дасетæ. Уыдысты хицæн сых. Цардысты дзы: Джиотæ, Тасойтæ, Гæззатæ, Тедетæ æмæ Цхуырбатæ. Се ’ппæтæй фылдæр Джиотæ уыдысты. Уырдæм æрлыгъдысты Моргойæ (Дзауы районæй). 

Дасеты суадон. Уыди хъæуæн ныгуылæны ’рдыгæй. 

Дасеты ахо. Дасеты уæлмæрд. 

Дауиахо... 

Дыргъджын. Уыдис дзы тынг бирæ дыргътæ (фылдæр кæрдо бæлæстæ). Уыдис ныры уæлмæрдæн йæ хуссарварс. 

Дыргъдон (багъи дæр æй хуыдтой). Батиты сыхæй чысыл куы ’рбауайай, уæд уым уыди. 

Дженетæ. Джене Джиотæй уыди. Нымад уыди, хъæуы фыццаг, раздæр чи æрцарди, уыдоныл. Ацы цæрæнуат дæр уый ном хæссы. 1809-æм азы размæ дæр ам царди. Зæххыты хуыздæртæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, адонмæ уыдысты. Стæй куыстуарзаг уыдысты æмæ хъæздыг цард кодтой. Гуырдзыимæ сын цыдæр хæстæгдзинад уыди, уымæн æмæ уыдон 1920 азы фалæмæ нæ алыгъдысты... 

Дженеты суадон. Афтæ хуыдтой, хъæуæн йæ астæу цы суадон уыди, уый. Суадон ныр дæр йæ куыст кæны: рæвдауы цæрджыты, бæлццæтты. 

Дженеты бал. Уыди сау бал, бæрзонд бæлас. 

Дженеты цад. Тæвд рæстæджы-иу дзы къамбецтæ æхцондзинад истой. 

Джиуиты галахан (галахауæн). Ацы бынаты кæддæр Джиотæй иу мæгуыр лæгæн йæ гал былæй ахаудта. Уæдæй фæстæмæ йæ афтæ хонынц. Фыдæлтæй сæ Джиуитæ хуыдтой. 

Дзуары бын. Нысан æй кæнынц куадзæны фæстæ фыццаг хуыцаубоны. Хъæубæстæ йæм кæд хицæнтæй дæр цæттæ кæиынц, уæддæр бынаты цы иумæйаг куывд скæнынц, уый сын сæйрагдæр вæййы: адæм сæ ног дарæсы, рабадынц дзаджджын фынджы фарсмæ (сау бæгæны, бур физонæг, хæбизджынтæ, адджинæгтæ) æмæ сæ зæрдæйы уаг куы фæдзæбæхдæр вæййы, уæд ма сæ зарын æмæ кафынæй чи бауромдзæни! Нæ дзуары бынат рæсугъд у, фæлæ йæ Козаты Дима ноджы фæаивдæр кодта. Цæрджытæн дæр лæггад кæны æмæ дзы сты бузныг. Ахæмты фæзмын хъæуы. 

Дзыхъхъы хуым. Ис Хаситы уæле, Себоты бынмæ. Æцæгдæр йæ бынат ахæм у. Раздæр хуымзæхх уыди. Йæ ном дæр афтæ уымæн хуыйны. Фæстæдæр дзы сарызтой уыгæрдæн. 

Егра. Рæсугъд бынат у. Ис дзы сыгъдæг цæугæдон, уазал суадæттæ. Раздæр дзы кæй цардысты, ууыл дзурæг сты йæ кувæндон æмæ йæ уæлмæрд. Чъециагæн ис цæгаты ’рдыгæй, Хъæуæй уырдæм уыдзæн дæс километры бæрц. 

Еграйы дон (цæугæдон). Уæллаг Егра (Козатæ). Дæллаг Егра (Къоратæ). Егра, æвæццæгæн, куыд Дзæуæг (Дзæуджыхъæу, афтæ лæджы ном хæссы). 

Еграйы уæлмæрд. Уæллаг Егра æмæ Дæллаг Егра кæд кæрæдзимæ дард нæ уыдысты, уæддæр сын хицæн уæлмæрдтæ уыди. Кувæндон дæр Дæллаг Еграйы уæлмæрды цур ис. 

Зæнг. Бæрзонд бынат у. Афтæ йæ цæмæн схуыдтой, уый бæрæг нæу. Цæрджытæ-иу кæрæдзийы фарстой: 

— Фос кæм ысты? 

— Уæлæ зæнгыл хизынц... 

Иосебы ахæйттæ. Иосеб уыди Уанетæй. 

Козатæ (Козаты сых). Дыууæ хæдзары дзы цæры Джиотæй, иу — Теккатæй, иннæтæ иууылдæр Козатæй сты. Ардæм, дам, Мугутæй æрлыгъдысты. Канд Козаты сыхæн нæ, фæлæ æппæт хъæуы цæрджытæн дæр сæ царды уавæртæ æнцондæр кæны Козаты Дима. 

Коцты ахо. (Кошты ахо). Ацы бынатмæ æрбалыгъдысты Чеселтæй XIX æнусы дыккаг æмбисы. Хорз бынат у, фæлæ фæстæдæр, æвæццæгæн, хуыздæр бынат ссардтой æмæ уырдæм фæлыгъдысты. 

Коцты кувæндон. 

Куырæйттæ. Чъециаджы хъæуæн ацы бынаты уыди дыууæ куыройы. Хъæумæ дард уыдысты, цæуын сæм хъуыд цæгаты ’рдæм. Æвæрд уыдысты Еграйы цæугæдоныл. Куыройгæстæй дзы куыстой, ацы дæсныйад дзæбæх чи зыдта, ахæм лæгтæ. Æмæ уыцы зын рæстæджы æнæпайда куыст дæр нæ уыди. Аразгæ та сæ скодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы. Иу куыройдзауы дзы мæхæдæг дæр хъуыды кæнын. Уый уыди Тасойты Сардо. Куыройдзауы куыст дæр æнцон куыстытæй нæу: Сардойыл стæгниз фæзынди æмæ йæ нал суæгъд кодта. 

Калмантæ. Ацы бынаты фыццаг æрцарди Джиоты Сосойы фырт Калман. Æмæ бынат дæр афтæ уымæн хуыйны, уый ном ыл баззади. Хъорнисæй Чъециагмæ уæлхъæуыл куы цæуай, уæд фыццаг уыдонмæ бахаудзынæ, стæй та — Батитæм. Калманты фыдæлтæй ма хъуыды кæнын Уасилы. Къухджын уыди. Уæды рæстæджы уæрдон абоны машинæйы бынаты уыди. Æмæ сæ Уасил хорз арæзта. Цыма æфсæйнаджы куыст дæр кодта. Сæндон дæр ацы хъæуы фыццаг уымæ фæзынди. 

Калманты уыгæрдæн. 

Къахыр. Чъециагмæ дæрддзæф у. Ис цæгаты ’рдыгæй. Иу хæдзарæй дарддæр (Къоратæй) дзы цардысты Козаты мыггаг. Уыдис сæм дзырддзæугæ æмæ дзырдарæхст лæгтæ. Сæ зынгæдæр, сæ раззагондæр уыди Козаты Джиуæр. Сæ хъуыддæгтæ-иу сын уый арæзта, хъæумæ культурæ уый хаста. Къахыр йæ номæй дæр бæрæг у. Ацы бынаты куы фæкъахыр кодтой, ахæм ном уæдæй фæстæмæ хæссы. Козатæ Къахырмæ Машхарайæ æрлыгъдысты. 

Къахыры рагъ. Къахыры суадон. Къахыры уæлмæрд. Къахыры уæллаг фæндаг (астæуккаг, дæллаг). 

Къæбыргæ «скалистый выступ». Ис Еграйы фæндагыл. 

Къолайы хуым. Къулахо. Афтæ йæ бынатмæ гæсгæ хуыйны. 

Лæгæт. Вассо йæ йæ равзæрдмæ гæсгæ талынг дзырд хоны. Чи зоны, дам, «лæг» æмæ «уат»-æй конд у, ома лæджы бынат. Æмæ æцæгдæр афтæ у... 

Лæбырд. Аæнтæ. Сæ бынат ахæм у. 

Мæсгуытæ. Хъæумæ сты дард. Сты бæрзонд бынаты. Кæддæр цæрæн бынат кæй уыди, уый абон дæр бæлвырд у... 

Мæсгуыты дон. Ам дзырд цæуы суадоныл. 

Мæсгуыты ком. Куыд мæсгуытæ сæхæдæг, афтæ йæ ком дæр рæсугъд бынат у. Комы уæлдай рæсугъддæр кæны, цы сыгъдæг дон дзы цæуы, уый. Кæддæр-иу хъулон кæсагæй бæз-бæз кодта. Зайы дзы къабузæг дæр æмæ алыгъуызон хæрынæн бæзгæ кæрдæджы мыггæгтæ. Йæ уæлдæфыл та дзырд дæр нæй: адæймаджы æнæниздзинадæн æвдадзы хос у. 

Мыртгæджын. Ис дзы тынг бирæ мыртгæйы бæлæстæ. Куы срæгъæд вæййынц, уæд ацы бынат уæлдай рафидауын кæнынц. Хъæумæ дард нæу. Ис цæгаты ’рдыгæй. 

Пæрæстайы ахо. Хæссы мыггаджы ном. Уырдыгæй хъæумæ куы фæлгæсай, уæд æм дзæбæх зыны. Йæ фæндагыл ын дарддæр куы цæуай, уæд дæ бакæндзæни Коцты ахомæ... 

Пъетъреты ахо. Пъетъре уыди Гæззатæй. Ацы ахо баззади йæ номыл. Сæ мыггагæй зынгæ лæгтæ дæр уыди. Паддзахы заманы тынг зындгонд, кадджын уыди Есе. Цытджын афицерыл нымад уыди. Йæ хæстон арæхстдзинад æмæ стыр æхсардзинады тыххæй йын саккаг кодтой, «Георгиевский крест» кæй хонынц.уыцы стыр кады орден. Уымæйдæр иу хатт нæ, фæлæ дыууæ хатты. Гæззатæн сæ рагъ куыд бæрзонд у, Есейы кад дæр афтæ бæрзонд æвæрдтой, сæрæстыр дзы уыдысты... Ирыстон хъæбатыр гуырдтæй цух никуы уыди... 

Радзамтæ (Ражамтæ). Радзам ацы куысты авторæн уыди йæ фыдыфыд. Уый фыд та хуынди Мирза. Кæй зæгъын æй хъæуы, Мирза ам нæ райгуырди, ам нæ царди, æндæра ацы сых уый ном хæссид. Дзомагъæй ралыгъдысты Чирцъинамæ, уырдыгæй та — Чъециагмæ. Дыууæ хæдзары, дыууæ ’фсымæры йеддæмæ нæ уыдысты (Миша æмæ Антъон), фæлæ хорз зæнæг схъомыл кодтой: Миша æмæ Тасенæн аст кæстæры уыдис (фондз лæппуйы æмæ æртæ чызджы), Антъон æмæ Козианæн та — авд (цыппар лæппуйы æмæ æртæ чызджы). Се ’ппæтдæр сæ райгуырæн бæстæйæн дзæбæх балæггад кодтой... 

Радзамы ахо. Ис хъæуæн ныгуылæны ’рдыгæй. Дзæбæх бынаты ис. Мæргътæ дæр æй бирæ уарзынц: Сæ зарæн бынæттæй иу уый у. 

Радзамты адаг. Радзамтæн ацы адаг ис ныгуылæны ’рдыгæй. Стыр дон дзы нæ цæуы, фæсивæдæн уыди сæ найæн бынат: Кæм-иу дзы цыхцыр авæрдтой, кæм та-иу дзы хуыдым арæзтой. Уазалæй-иу чи нæ тарсти, уый-иу дзы куадзæнмæ йæхи æртæ хатты хъуамæ ныннадтаид. Æгъдау афта амыдта. 

Раздентæ. Фыды номæй сæ афтæ хуыдтой. Сæ мыггаг Джиотæй у. Уыдон дæр ардæм раджы æрлыгъдысты. Куыстуарзаг уыдысты. Æнæхъæн сых абон Хаджумары æвджид баззади... 

Русийы ахо. Руси Козатæй уыди . Хъæуæн ис скæсæны ’рдыгæй. 

Раздены дон (суадон). Тайæн æй хуыдтой. 

Сачинойы ахо. Сардойы бал. Тасойтæй уыдысты. 

Саулæгтæ. Себотæ. Афтæ сæ фыдæлты номæй хуыдтой. Сæ мыггаг Уалытæй уыди. Уыдис сын бирæ æнгуз бæлæстæ æмæ алыгъуызон балтæ. Иуæй-иутæ дзы тынг бæрзонд уыдысты. Хъæуæн йæ ном кæцæй цæуы, уыцы бынатмæ æввахс цардысты. 

Себоты бал. Афтæ хуыдтой бæрзонддæр балы. 

Себоты къулахо. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бынат къул уыди. 

Себоты суадон. 

Симоны хуым. Симон Плитæй уыди. 

Сосоты суадон. Сосо уыди Джиотæй. 

Сосоты цæрæнуат. 

Тæрсджын. Хъæды бынат, тæрс бæлæстæ дзы бирæ ис. 

Теймуразы кæрдо. Уый Къахыры бынмæ. Теймураз Къоротæй уыди. 

Тобатæ. Уыдон дæр Дасетæм цардысты. Сæ мыггаг Тасойтæй уыди. 

Тобаты ахо. 

Тъатъейы ахо.Тъатъе Уанетæй уыди. Иосебимæ æфсымæртæ уыдысты. 

Саукъæдзæхтæ. Сты куырæйттæй мидæгдæр. 

Сергийы тигъ. Ис бæрзонд бынаты. 

Созаны æрдыст. Созан уыди Тасойтæй. 

Сокъоджын. Ис Калманты бынмæ. 

Уæрмытæ. Уыдис дзы картоф æфснайæн уæрмытæ. 

Уæлхъæу. Хъорнисы уæле. 

Уацилла. Ирыстоны популярон дзуæрттæй сæ иу. Хонынц æй Хоры Уацилла дæр (афтæ ма къæвдайы дæр). У хæстæг Гæззаты рагъмæ, Гæззаты ’фцæгмæ. 

Фæдæгъдджын. Æцæгдæр дзы фæдæгъд бирæ ис. Еграйæ бæрзонддæр æмæ дарддæр у. 

Хæдзарæттæ (хæдзаруæттæ). Йæ ном йæ уæлæ ис. Ацы бынат ис Раздентæй уæлдæр, бæрзонддæр. 

Хуссар. Хонынц ма йæ æвæрд хъæд дæр. Уый дæр йæ номæй бæлвырд у. Цæгъдын æй нæ уагътой. Сырæзтис дзы, адæймаджы зæрдæ цæмæй рухс кæны, ахæм тулдз хъæд. 

Хаситæ. (Михатæ æмæ сæ Джыбытæ дæр хуыдтой). Уыдысты цыппар æфсымæры: Гига, Шаликъо, Иликъо æмæ Уасил... 

Хаситы суадон. Æцæг æй Джыбыты суадон арæхдæр хуыдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыдæртæ ма дзы баззади, фæлæ... 

Батитæ — Чъециаджы зылды чысыл хъæу, цæрынц дзы Тасойтæ. Бати фыццаг цард Еграйы, стæй рацыд ацы бынатмæ. Зæхх уыд Джиоты Калманы. Бати йæм æххуырсты фæцис æртæ азы æмæ йын уый фæстæ бар радта уым æрцæрынæн. 

Батийы æрдызт — Бати Еграмæ æввахс хъæды цы æрдуз сарæзта, уый. Байтыдтой-иу дзы æрмæстдæр картоф. 

Батиты адаг — Батиты хъæуæн йе скæсæйнаг фарс цы арф адаг ис, уый. Чысыл дон дзы цæуы Разденты суадонæй. 

Батиты суадон — нуазыны дон. 

Бæхгæпгæнæн — ис Къахыры хъæуы Еграмæ фæндагыл. Иу рæстæджы бæх фæтарст бирæгъæй æмæ тынг дард агæпп кодта. Уæдæй фæстæмæ уыцы бынат хуыйны Бæхгæпгæнæн

Бестаутæ — чысыл сых, цардис дзы æртæ хæдзары, Бестау уыди Къадзтæй. 

Бестауты адаг — Бестаутæн ныгуылæнæрдыгæй цы арф адаг ис, уый. Дон æм цæуы Разденты суадонæй. 

Гæззианы уырыскъæфджын2 — Гæззиан — Хурамзе диссаджы уырыскъæфджын ссардта Фæдæгъдджынмæ æввахс æмæ йæ номыл баззад. 

Гишоты цæрæнуат — Дассеты хъæуæн скæсæны ’рдыгæй хай. Гишо уыдис Гæззатæй. Уыдис ын дыууæ фырты, Микио æмæ Пъарена. Ардæм æрлыгъдысты Гæззаты хъæуæй. 

Гоккойы ком — Гокко уыди Тасойтæй, цардис Еграйы. Уыдис ын дыууæ лæппуйы, Бати æмæ Созан. Бæлас куы калдта, уæд ыл рафæлдæхт, йæ быны фæцис æмæ амард. Йæ номыл баззад ком. 

Горайы бал — Гора уыди Батитæй — Тасойтæй. Тынг къухджын лæг уыди. Ацы бал ныссагъта йæ хуымы кæрон. 

Гугуйы бал — Гугу уыди сылгоймаг, Козатæй. Ацы балмæ зылдис йæхæдæг. Фæстæдæр æд бинонтæ цæрынмæ алыгъдысты Къахетмæ. 

Дасетæ — Чъециаджы зылды чысыл хъæу. Дасе уыд Моргойы Джиотæй. Хъæу йæ ном райста, фæлæ дзы æрцардис цалдæр мыггаджы — Тасойтæ, Тедетæ, Гæззатæ, Цхуырбатæ. 

Дженетæ — Джене уыди Джиотæй. Чъециаджы фыццаг уый æрцардис. Æрбалыгъд чысыл Гуфтайæ. 

Дженеты мус — найгæнæн мус. 

Дженеты суадон — нуазыны дон. 

Дженеты бал — Дженейы фырты фырт Чепкъа (Ясон) кæй ныссагъта, уыцы бал. Уыдис æнгузы бæласæй бæрзонддæр. 

Джиуиты галахан (галхауæн) — раджы уыцы комы ныххауд Джиуиты (Джиоты) чындз æмæ амард, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Джиуиты галахан. 

Дзуары бын — Чъециаджы дзуар, Бæлдæрæны бынат. Уыди дзы стыр кувæндон арæзт, фæлæ цæмæндæр ныппырх. Ис дзы бмрæ фатхъæд бæлæстæ. Хонынц ма йæ Ипнеты дзуар. Козаты Дима йын йæ уавæр фæхуыздæр, фæаивдæр кодта... 

Егра — хъæуы ном Къахырæй æртæ километры бæрц мидæгдæр. Фыццаг дзы æрцард Козаты Гыра æмæ хъæу уый номыл баззад. Ис дæллаг Егра (Козатæ) æмæ Уæллаг Егра. Уым та цардысты Коцтæ, Цхуырбатæ æмæ Къоратæ. Ныр дзы цæрæг нал ис. 

Еграйы дон — цæугæдон, хæццæ кæны суанг Аунеумæ æмæ афтæ дарддæр. 

Еграйы уæлмæрд æмæ кувæндон — кувæндон уыдис Уациллайы номыл, йæ фарсмæ уыд уæлмæрд. 

Зæнг — Къахыры хъæуæй ныгуылæны ’рдæм раст зæнджы хуызæн зæххы хай. 

Иосебы ахо — Иосеб уыди Уанетæй, Дженеты чызг Таучейы лæппу. Хъæды æрдуз сарæзта æмæ йæ номыл баззади. 

Калмантæ — Калман уыдис Джиоты Сосойы фырт, хицæнæй цардис.æмæ йæ байзæддаг йæ ном райстой. 

Калманты уыгæрдæн — Хаситы сыхы фарсмæ уыгæрдæн, уыдис Калманты. 

Коцты ахо — хъæуы ном, ис Чъециаджы сæрмæ кæмтты мидæг. Ардæм æрцыдысты Хъолайы хъæуæй, Чеселтгомæй. Фæстæдæр сын зæхх нал фаг кодта æмæ æндæр рæттæм фæлыгъдысты. 

Коцты ахойы дон — Еграйæ цы цæугæдон цæуы, уый. Куырæйттæ — ис Коцты ахойы. Куырой дзы сарæзтой Стыр Фыдыбæстон хæсты рæстæджы Чъециаджы адæм. Фыццаг куыройгæсæй дзы куыста Батиты (Тасойты) Сардо. 

Козатæ — Чъециаджы зылды чысыл хъæу, цæрынц дзы Козатæ æмæ иу хæдзар та Теккатæй. Фæстæдæр ма сæм Джиотæй дæр дыууæ хæдзары æрлыгъдис. Козатæ ардæм æрлыгъдысты Дзауы Мугутæй. 

Къахыр — хъæуы ном, æрлыгъдысты ардæм Машхарайæ. Бынæй уыдис тархъæдæй æхгæд æмæ дзы кусын куы райдыдтой, уæд хъæд фæкъахыр æмæ йæ Къахыр схуыдтой. Фыццаг æрцæрджытæ уыдысты Борæ, Сохъхъуыр æмæ Бурдым. Бурдым æмæ Сохъхъуырæн сæ æцæг нæмттæ уыдон сты. Сохъхъуырæн йæ цæст ... æмæ йæ Сохъхъуыр хонын райдыдтой, Бурдым та бурфист лæппу уыди æмæ йæ бурцъиуы номæй схуыдтой. 

Къахыры рагъ — Къахырмæ бахизæны цы стыр рагъ ис, уый. Сæ уæлмæрд дæр уым уыдис. 

Къахыры Уацилла — Къахыры сæрмæ бæрзонд бынат хъæды, Уациллайы кувæндон. 

Къахыры суадон — хъæуы нуазыны дон. Ацы дон цæуы Коцты ахойы донмæ. 

Къабузæгджын — Фæдæгъдджыны бынмæ къабузæг тынг бирæ кæм зайы, ахæм бынат. Ис Фæдæгъдджын æмæ Мæсгуыты астæу. 

Мæсгуытæ — иу мæсыг хъæды тæккæ астæу, бæрзонд ран. Чи дзы цардис, уый бæрæг нæу. 

Мыртгæджын — Хæдзæртты бынмæ, мыртгæ бирæ кæм замы, уыцы бынат. 

Пъетърейы ахæйттæ — цæрæнуат Чъециаджы ныгуылæны ’рдыгæй. Пъетъре уыдис Гæззатæй. Ныр дзы ничи цæры. 

Радзамтæ — Радзам уыдис Плитæй. Ардæм æрлыгъдис Чирцъинайæ, уыдис Багаты сиахс. Йе ’мкъай, йæ цардæмбал, Бало уыдис нæлгоймаджы (сæрæн нæлгоймаджы) æмсæр сылгоймаг. Уыдис ын дыууæ лæппу Миша æмæ Антъон æмæ дыууæ чызджы Сатана æмæ Натъо. Йæ байзæддаджы йын йæ номæй хонынц. 

Радзамы ахо — йæ цæрæн бынатмæ æввахс Радзам цы ахо сарæзта, уый. 

Радзамты адаг — Радзамтæн ныгуылæны ’рдыгæй цы адаг ис, уый. Дон дзы цæуы Разденты суадонæй. Афтæ ма Радзамы ахойы ’рдыгæй дæр. 

Радзентæ — чысыл сых, Радзен уыдис Джиоты Сосойы фырт, уыдис ма йын æфсымæртæ Калман æмæ Алекси. Сæ фыд Сосо ардæм æрлыгъди чысыл Гуфтайæ. 

Радзенты суадон — нуазыны дон, Чъециаджы суадæттæй иууыл хуыздæр. 

Русийы ахо — Дасеты бынмæ чысыл æрдуз. Руси уыдис Козатæй. 

Саукъæдзэехтæ — Коцты ахо æмæ Еграйы ’хсæн сау-сауид къæдзæхтæ. 

Себотæ — иу хæдзар, Уалытæй, ардæм æслыгъдысты Хъорнисæй. Уым дæр сын сæ мыггаг Себотæй хонынц. Себо сæ фыдæл уыдис... 

Себоты къулахо — Себоты сæрмæ тынг къул æрдуз. 

Симоны хуым — Дзуары бынæн йæ ныгуылæны ’рдыгæй стыр хуым. Симон уыди Плитæй, Чирцъинайæ æрлидзæг. Уыдис ын æртæ фырты: Иос, Самсон, Чакана æмæ иу чызг Еленæ. 

Фæдæгъдджын — Егра æмæ Мæсгуыты ’хсæн. Фæдæгъд дзы тынг бирæ кæй ис, уый тыххæй йæ афтæ схуыдтой. Тыдтой-иу дзы картоф æмæ хъæбæрхор. 

Хаситæ — Хажатæ: Хажаты адаг — Хажа уыдис Хаситæй. Цардысты ададжы былыл, уымæ гæсгæ уыцы бынат хуыйны Хажаты адаг. Хажаты къулахо — Хажаты тæккæ ныхмæ стыр æрдуз. 

Хæдзæрттæ — Къахыр æмæ Чъециаджы астæу стыр æрдуз, сарæзтой йæ дыууæ ’фсымæры Уанетæй, Тъатъе æмæ Иосеб. Чысыл хæдзар дæр дзы сарæзтой æмæ йæ уымæ гæсгæ схуыдтой Хæдзæрттæ

Хæдзæртты уæллаг фæндаг — цæуы Хæдзæрттæй суанг Къахырмæ. 

Хæдзæртты астæуккаг фæндаг — цæуы хæдзæрттæй Еграмæ. 

Хæдзæртты дæллаг фæндаг — цæуы Коцты ахомæ. 

Тъатъейы ахо — Разденты сæрмæ егъау æрдуз, сарæзта йæ Уанеты Тъатъе, Дженеты хæрæфырт, йе ’фсымæр Иосебимæ. 

Цæхæрадæттæ — Фæдæгъдджыны сæрмæ бæрзонд ран чысыл æрдуз. 

Созаны æрдызт — Егырайы сæрмæ иу æрдуз, сарæзта йæ Гоккойы лæппу Созан. Ныр схъæд ис. 

Уæрмытæ — Егырайы зæхх, хуссары ’рдæм — тынг къул бынат. Тыдтой дзы картоф, стæй-иу арæзтой уæрмытæ æмæ картоф уым æфснайдтой. Уырдыгæй цæуы йæ ном дæр. 

Хуссар — тулдз хъæд, хонынц ма йæ æвæрд хъæд. Ис Чъециаджы сæрмæ. 

Чъециаг — хъæуы иумæйаг ном, кæны æртæ дихы: Уæллаг Чъециаг (Дженетæ, Радзамтæ, Бестаутæ, Хаситæ) æмæ Дæллаг Чъециаг (Батитæ, Козатæ). Чъециагæй схуыдтой, чъецъийы сыджыт дзы кæй ис, уый тыххæй. 

Чъыпъийы суадон — Чъыпъи уыди Козатæй, царди Къахыры, йæ æцæг ном нæ баззад.Зымæг дæр цыдис, Еграйы фæндагыл цы суадон уыдис, уырдæм. Æндæр ницы дон нуæзта æмæ уыцы суадон йæ номыл баззади. 

Дзыхъхъыхуым — Себоты бынмæ хауд бынат. Фæстæдæр ссис уыгæрдæн, фæлæ дзы раздæр мæнæу тыдтой. 

Хаситæ — Астæуккаг Чъециаджы чысыл сых, цыппар хæдзары, фыдыфыртæй сæ хонынц Михатæ. 

Хаситы (Джыбыты) суадон — Хаситы нуазыны дон. Мæгуырлæджы ахæйттæ — Коцты ахойы сæрмæ чысыл æрдуз. 

Борæтæ — Къахыры фыццаг æрцæрджытæй сæ иу, Козатæй. 

Бурдымтæ — Къахыры фыццаг æрцæрджытæй сæ иу, Козатæй. 

Сахъхъуыртæ — Къахыры фыццаг æрцæрджытæй сæ иу, Козатæй. 

Таймуразы кæрдо — Къахыры хъæуы Къораты Таймуразы зæххы фадыг. Уыдис хъæуы бынмæ, бæрзонд кæрдо бæлас. 

Аржийы ахо (Аржиахо) — Татъейы ахойы сæрмæ чысыл æрдуз. Аржи уыди Джиотæй. 

Даргъ хуымтæ — Иосебы ахо æмæ Разденты сыхы ’хсæн уæрæх хуымзæхх. 

Чъециаг (змис) — чъецийы змис кæм ис, уыцы бынат, рæсугъд бынат, уазæгуарзаг чысыл хъæу. Чъециаг мæр дзы кæй ис, афтæ дæр æй уымæн схуыдтой. 

Сосойы цæрæнуат — Сосо уыди Чъециагмæ æрцæуджытæй сæ иу. Æрлыгъд чысыл Гуфтайæ. Æрцард Козаты сыхы бынмæ, æнгузджыны сæрмæ. 

Дыргъдон — (йæ раздæры ном Багъи), Козаты æмæ Батиты ’хсæн дыргъджын бынат, фылдæр дзы уыдис алыгъуызон кæрдотæ. 

Æнгузджын — (йæ раздæры ном — Укъаноба), ис Чъециаг æмæ Хъорнисы ’хсæн. Тынг бирæ дзы ис фыдæлтыккон æнгуз бæлæстæ. Ис дзы цементæй арæзт тынг рагон цгерæнуат. Дзурынц ... раздæр, дам, ацы бынаты грекъæгтæ цардысты. 

Сосойы суадон — Сосойы цæрæнуаты фарсмæ цы нуазыны дон ис, уый. 

_______________________________________ 

 

1 Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат (Мæскуы, 2007 аз. Фыццаг том, 192-æм фарс): «АХО. Раздæр хъæд чи уыд æмæ стæй ссыгъдæггонд чи æрцыд, ахæм хуымы гæппæл очищенный от леса участок пашни». 

2 Уырыскъæф — æрыскъæф (земляника). 



<==    Комментарии (3)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»