Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 08.12.2010 | прочитано 5014 раз |  Комментарии (2)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ТÆРХОН

МАЛИТЫ Васо 

Иу хай уацмысæй 

Журнал «Мах дуг», 2006 аз, №2 

 

 

Ацы уацмысыл (роман æй схонон æви уацау, уый  

мæхицæн дæр бæлвырд нæма у) кусын 30 азы бæрц.  

Фондз, дæс азы дæргъы йæ ныууадзын, стæй та йæ  

ногæй райдайын фыссын. Цы дзы рауайдзæн, уымæн  

æппындæр ницы æмбарын, ныхъхъуытты йæ уадзин,  

фæлæ мæ йæхæдæг нæ уадзы. 

Дæлдæр мыхуыргонд цы скъуыддзаг цæуы, уый, мæнмæ  

гæсгæ, æмбæрстгонд уыдзæн журналкæсæгæн, кæд,  

уацмысы раздæры цаутæ нæ зоны, уæддæр. 

 

Авторæй 

*** 

Арæхдзауы марды æгъдау æнæ хъаугъайæ нæ аивгъуыдта. Цы бон æй хъуамæ бавæрдтаиккой, уый размæйы бон изæрмæ хæстæг сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ фæстаг хатт ныхас кодтой, конд цы у æмæ ма бакæнинагæй цы баззад марды æгъдауы фæдыл, уыдæттыл. Бонмæ дæр фæдзырдтой: 

— Бон, — загъта мыггаджы хистæртæй иу, — хæдзары бындарæн ды баззадтæ, дæ фыд, не ’фсымæр, рухсаг уæд, цæссыгæй нын æй ничиуал раздахдзæн, адæмæн та æгъдау дæттын хъæуы — марды æгъдау, зын æмæ карз цас у, рæсугъд дæр хъуамæ уыйас уа. Арæхдзау адæмы лæг уыди, хъæубæсты фидыц, æмæ йæ фидыцимæ арвитæм йæ фæстаг фæндагыл. Ды ныр лæг дæ, æнæ дæу махæн дæр ницы кæнæн ис. Æмæ нын нæ уынаффæтæм байхъус, дæ зæрдæмæ дзы цы нæ цæуа, уый та нын æргомæй зæгъ. Хъæргæнджытæ арвыстам æгас Дыгуры хъæутæм, горæтмæ, ирон хъæутæй дæр бирæтæм — иуæй, хæстæгæй къабазджын стут, иннæмæй та — Ирыстоны Арæхдзауы хуызæн цуанон нæ уыди, æмæ йæ тынг бирæ дзыллæтæ зонынц, йæхæдæг та мардмæ цæуаг уыди. Ингæн ын скъахтам йæ мад æмæ йæ фыды фарсмæ, кусæрттæгтæ уæхимæ ис... — Хистæр фæхъус, цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй ногæй райдыдта: — Æвæццæгæн, тынг бирæ адæм æрцæудзæн, æмæ не ’гъдау Арæхдзауы кады аккаг нæ уыдзæн, фæлæ уæддæр ууыл бацархайын хъæуы. Уæхи фосæй гал æмæ хуыскъаг хъуг, мæнмæ гæсгæ, уый фаг уыдзæни марды кæндæн... — Хистæр йæ цæст ахаста уаты йæ алфамбылай чи бадти æмæ лæууыди, уыдоныл, — чидæртæ сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой, — æмæ та хистæр райдыдта: — Гъе, хæстæджытæй, адæмæй та чи цы æгъдау дæтта, уый — йæхи бар, æрмæст махырдыгæй алцыдæр йæ бынаты уæд, æндæр... Нозт уæхимæ ис, мах дæр фæкæсдзыстæм, нæ къух куыд амона, афтæ... Куыд зæгъыс, Бон, исты бафтауинаг, йе аппаринаг ис нæ уынаффæтæй? 

— Ницы, — сабыр, бынтон æдыхст хъæлæсæй загъта Бон, фæлæ, ныхас цæуыл цыди, уый йæ сæр дзæбæх нæ ахста, йæ хуылф уыди афтид, йæ фыд иннæ уаты йæ хуыссæныл мардæй кæй лæууы, уый дæр æм нæ хъардта, сæ хæдзармæ чи æрæмбырд, уыцы адæмы дæр дзæбæх нæ уыдта, цыма йæм бæзджын зæххон мигъы бынæй се ’ндæргтæ зындысты, уыйау. Уыдис æм æрмæстдæр иунæг тыхджын, зæрдæскъуыйæн бæллиц: искæм хибар къуым куы ссарид æмæ куы бафынæй уаид! Фæлæ ныртæккæ уымæн æппындæр амал кæй нæй, уыцы хъуыды йын йæ сæры магъзы чидæр зæгæлау къуырдта дзæбугæй, æмæ уымæй дæр фæстагмæ нал тыхстис — цыма уæлхъæдæй амардис, уыйау ницыуал æнкъардта. 

Чидæр къæсæрæй æрбахызти, адæм фестадысты, æмраст слæууыдысты, сæ сæртæ æруагътой, сæ къухтæ сæ фæрстæм балхъывтой. Хистæр Бонмæ мынæг хъæлæсæй бадзырдта: 

— Дæхи разил тæфæрфæсгæнджытæм. 

Бон йе ’ргом къæсæры ’рдæм раздæхта æмæ федта, сæ директор Владимир Иналы фырт, йæ фæдыл та Гардан уатмæ куыд æрбахызтысты, тарвазæй дуары астæу æмраст куыд слæууыдысты. 

Æнæхъиамæт ут, — размæ ракъахдзæфгæнгæйæ загъта хистæр. — Абонæй фæстæмæ цины хъуыддæгтæм фæцæут, уæ бинонтæ хызт уæнт низ æмæ фыдбылызæй. 

— Арæхдзау рухсаг уæд, — загъта Владимир Иналы фырт. — Цы дунемæ бацыд, уым дзæнæты бадæд. Ацы хæдзарыл, хъæубæстыл, æппæт Ирыстоныл ахæм судзгæ фыд макуыуал æрцæуæд. 

— Уæхи æруадзут, — хистæр бандæттæм ацамыдта. — Мах райсомы хъуыддæгтыл ныхас кодтам, æмæ, Хуыцауæн табу, нæ зиан истæмæйты кæд срæсугъд кæниккам. 

— Бадгæ нæ кæнæм, — загъта Владимир Иналы фырт. — Мæцутæмæ нæ фæстæмæ здæхын хъæуы. Болайæн йæ цæрæнбон бирæ, уый нæ æрбаласта, фæстæмæ дæр нæ уый ласы. 

— Валодя, афтæ тагъд кæнын та худинаг у, — къуымæй æрбадзырдта чидæр. 

Бонæн зонгæ уыди уыцы хъæлæс, фæлæ, кæй уыди, уый æрхъуыды кæнын нæ фæрæзта æмæ фæстæмæ ракаст — ауыдта Борнæфы, айфыццаг хъæдрæбын Гæлæу йæ сугтæ кæмæн байста. Уый фæстæ Борнæфы милицæмæ фæластой, хъæд ныццагътай, колхозы сæрдар дын сæ акалын кодта, фæлæ сæ ды уæддæр æхсæвыгон дæ хæдзармæ æрластай, зæгъгæ. Борнæф сомытæ кодта, мæ сæрæн ницы зонын, мæ кæртмæ куыдæй æмæ кæцæй æрхаудысты, ууыл мæхæдæг дæр дис кæнын, зæгъгæ. Милицæйы кусджытæ йыл худтысты, сæ хицау та йын афтæ: 

— Æз дыл æууæндын, Борнæф, сугтæ дæ кæрты куыдæй равзæрдысты, уый æцæгæй дæр нæ зоныс. Цæуылнæ, уый дæр дын зæгъдзынæн. Туджы бæсты дæ тугдадзинты арахъхъ ис, дæ сæры магъзы артаг дæр арахъхъæй кусы. Æмæ расыг лæг та йæ митæ нал фæхъуыды кæны. Фæлæ дын мах феххуыс кæндзыстæм. Иу—æртæ боны къаланчойы абаддзынæ, æмæ дын фадат уыдзæн дæ цардыл æрсагъæс кæнынæн. 

Бон Борнæфы ахæсты хабар куы фехъуыста, уæд милицæмæ бацæуинаг уыди, зæгъон сын, сугтæ æмбисæхсæв Борнæфы кæртмæ нæхи хæрæгыл æз æрластон сусæгæй, зæгъгæ, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста, уый фæстæ та йæхи хордта, ахæм мæнгæфсон кæй разынди æмæ æвыд лæджы ахæстоны кæй фæбадын кодта. «Цыдæриддæр кæнын, уый мын зылынмæ уайы», — цал æмæ цал хатты-иу дзырдта йæхицæн, æмæ-иу уыцы уысмыты йæхи æппындæр нал уарзта, фидистæ кодта йæхицæн — ницæйаг дæ, тæппуд дæ. 

Бон аныгъуылд уыцы хъуыдыты, фæлæ йæ фæрсæрдыгæй цыдæр сырх хъыгдардта æмæ та фæстæмæ фæкастис. Борнæфы цæсгом уыди сырх, йæ цæстытæ та цъæх æрттывд кодтой. 

— Ницы худинаг ис уым, Борнæф, — загъта Владимир Иналы фырт, — фæстæмæ нæ здæхын хъæуы, фæндаг та даргъ у, стæй нæм Бола дæр æнхъæлмæ кæсы. Райсом та скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытимæ ам уыдзынæн. 

— Болайæн ницы уыдзæни, иу чысыл куы багæдзæ кæна, уæд, — загъта Борнæф. — Арæхдзау фæллойджын уыди, æмæ йын йæ фæллойæ мæрдæхсæвæр кæнæм, фæйнæ рухсаджы зæгъут, стæй — уæ фæндаг раст. 

— Цавæр мæрдæхсæвæры кой кæныс?— сабыр хъæлæсæй бафарста Гардан. 

— Куыд цавæр?— бадис кодта хистæр. — Мæрдæхсæвæр куыд вæййы, афтæ. Фыс аргæвстой кæстæртæ, аг уæларт фæкодтой уæртæ цæхæрадоны. Борнæф раст зæгъы, не ’мбæлы афтæмæй цæуын... 

— Мæгъа, — йæхицæн бахъуыр-хъуыр кодта Гардан. — Мæрдæхсæвæр-иу, марды уæлхъус æхсæв-бонмæ чи бадти, уыцы сылгоймæгтæн кодтой... Æйчытæ, карк... Дыгур кæдæй нырмæ кæнынц мæрдæхсæвæр нæлгоймæгтæн? 

— Мæнæ дæу æмæ дæу хуызæтты Сталин, йæ цæрæнбон бирæ æрбауа, Сыбыры куы балæууын кодта, уæдæй нырмæ, — къуымæй æрбадзырдта Борнæф, йæ ныхæстыл йæхæдæг хъæрæй ныххудти, фæлæ фембæрста, кæм ис, уый, æмæ фæхъус. 

— Бахатыр кæнут, — загъта Владимир Иналы фырт æмæ къæсæрæй æддæмæ рахызти, йæ фæдыл — Гардан сæргуыбырæй. 

— Валодя! — йæ фæдыл рахъæр кодта Борнæф.— Ды дæр адæмы знаг уыдтæ, Бырсæг дын дæ къуæдæнтæ1 дзæгъæлы нæ хъавта лыг кæнынмæ! Фæлæ сæ фервæзын кодтай, дæ кæнгæ æфсымæр Гарданы кæй ауæй кодтай, уый фæрцы! 

Чидæртæ сæ худæг нæ баурæдтой æмæ сæ къухтæй сæ дзыхтæ ахгæдтой. 

— Сабыр! — загъта хистæр. — Кæм стут, уый уæ ферох? 

— Махæй ницы ферох, — дзуапп ын радта Борнæф мæстыйæ, — фæлæ кæмæйдæрты та цыдæртæ ферох, æмæ ма рох кæнæнт! Адæм æдылы не сты, æмæ ничи никæй асайдзæн! — Борнæфы ныхас хылмæ рахызти. — «Сталин», «Сталин» кæнынц, куыйтæ дæр æй нал хæрынц. Сæ кæрæдзи уæй кодтой адæмы знæгтæ, æмæ сæ Сталин дæр ахста æмæ цагъта. Хуыцауыстæн, цагъта. Æрра куыйты цагъд! Уæдæ йын æндæр цы гæнгæ уыди? 

— Борнæф раст зæгъы, — загъта, йæ фарсмæ чи лæууыди, уыцы гуыбынджын лæппулæг. — Уæллæй, Сталин куы нæ уыдаид, уæд нæ афонмæ немыц сæ цырыхъхъы бын ныцъцъист кодтаиккой, æмæ уæд мæрдæхсæвæр нæ, фæлæ мард баныгæнæн дæр нал уаид. 

— Сталин иунæг рæдыд æруагъта, — арф ныуулæфыд колхозы парторг Сæлафыр, рæстæмбис кары лæг, интеллигентарæзт. 

— Цавæр рæдыд? — бафарста гуыбынджын. 

— Адæмы знæгты кæронмæ нæ ныццагъта. 

— Уымæй раст зæгъыс, — сразы гуыбынджын. 

— О, раст дзурут, фæлæ, кæм цы дзурын хъæуы, уый ма рох кæнут! — сбустæ сыл кодта хистæр. — Абон мах марды ’гъдау кæнын хъæуы. 

— Мах дæр марды ’гъдау кæнæм, уæдæ цы кæнæм?— бустæхуызæй загъта Борнæф дæр. — Æз Ирыстоны ахæм марды æгъдау никуы федтон, æмæ Сталинæн дæр рухсаг ма зæгъой. Хистæр куы нæ фæцарæхсы, уæд та мæхæдæг фестын æмæ йын йæ ном ссарын кæнын хисты бадджытæн. 

— Ныууадз, Борнæф, дæ дзæгъæл дзæнгæда!— бадзырдта йæм ныллæггомау къæсхуыр лæг — цыдаид ыл дыууиссæдз азы. Йæ сабыр, æнцойхуыз хъæлæсы уыд цыдæр фидар зæл, хъус зынтæй кæй ахста. — Мæлæты лæг, хисты мын адæмы йæхимæ æрыхъусын кæны! Фыррасыгæй дæхи куы нал фембарыс алы хисты дæр, уæд сталинтыл вæййыс? Дæу хуызæттæн Сталин хорз уыди, æцæгæйдæр, сымах, фосы хуызæн, дзырд не ’мбарут, ставд лæдзæг уын дарын хъæуы. Алы хатт кæдæм рагæпп кæныс де Сталинимæ, нæ хъулон хъугæй фылдæр куы ницы ’мбарыс, уæд? Кæнæ уыцы хъæбатырæй кæм уыдтæ, Гæлæу дын дæ сугтæ куы иста æмæ дæ уырды над куы кодта, уæд? Гъе, ахæм хицæуттæ хъæуы сымах. 

— Æ, тæллæхсыдз!— фæхъæр кодта Борнæф. — Ды та мæнмæ куыд уæндыс? 

— Тæллæхсыдз та кæй хоныс?— ноджы сабырдæр хъæлæсæй бафарста къæсхуыр лæг, цыма йæ ныхасæн фехъусынæй тарсти. 

— Дæу, æндæр кæй! 

— Гъа, уæдæ дын мæнæ, абонсарæй цы агурыс, уый, — зæгъгæ, къæсхуыр лæг йæ тымбылкъухæй тыхджын бакъуырдта Борнæфы былтæ. Борнæф фæстæмæ фæцæйхауди, фæлæ йæ фæстелæуджытæ баурæдтой. Йæ армытъæпæнæй йæ былтæ асæрфта æмæ, туг куы федта, уæд нырдиаг кодта: 

— Æ, куыдзы тугæй æхсад, ныртæккæ дын æз дæ хурх куы нæ ахауын кæнон! — Борнæф йæ дзыппæй стыр хæрынкъа фелвæста, фæлæ йын йæ фарсмæлæуджытæ йæ цæнгтæ ацахстой. 

— Мачи мыл хæцæд, зæгъын уын, сымах дæр мæстæйдзаг бакæндзынæн, æз мæ туг никæмæн ныххатыр кæндзынæн! — йæхи тыдта иргъæвджыты къухтæй, фæлæ йыл уыдон, æвæццæгæн, афтæ фидар нæ хæцыдысты, æмæ феуæгъд. — Дæ мæлæт æрцыд, Æвзырæджы фырт! 

Борнæф йæ хæрынкъайы æвзаг куыддæр фæцæйгом кодта, афтæ йын æй къæсхуыр лæг йæ къухтæй скъахта, йæ дзыппы йæ нывæрдта æмæ загъта: 

— Борнæф, искуы куы æрæрвонг уай, уæд дын æй фæстæмæ ратдзынæн, — æмæ феддæбыл

Борнæф та йæхи тыдта иргъæвджыты къухтæй, ауадзут мæ, æз ын, лæг цы у, уый фенын кæнон, зæгъгæ, фæлæ йыл сæ хæст не суагътой, йæхи змæлд дæр уыйас карз нæ уыди. 

— Нæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн æнæхъæн Ирыстоныл! — йæ сæр гуызавæ тылд кодта мыггаджы хистæр. — Æгъдау æмæ фæтк нал ис Дыгуры, æндæр уæ хыл мах зианмæ цæмæн æрхастат, Хуыцау уæ разыйæ ма баззайа! 

— Æмæ дзы æз цы аххосджын дæн? — мæстæй цæхæртæ калдта Борнæф, фæлæ йæ уахъæр2 фæсабырдæр, æвæццæгæн, æнæнхъæлæджы цы цъысымы смидæг, уый йæм бахъардта, йæ нозт æрбайсæфт, йæ худинаг ын йæ зæрдæ карз сыгъдæй судзын райдыдта. 

— Уæллæй, Алыксандыр, — хистæрмæ йе ’ргом раздæхта гуыбынджын лæппулæг, — Борнæф ницы аххосджын у... 

Борнæф ын йæ ныхас райста: 

— Æз Сталины тыххæй мæхи сывæллæттыл дæр нæ бацауæрддзынæн! 

— Уæллæй, æз ын дыууæ сау минутмæ йæ сыдзæгæй парашут сарæзтаин! — загъта гуыбынджын. 

— Æмæ дæ чи нæ уагъта? — бафарста йæ чидæр. 

— Чи мæ нæ уагъта? Æгъдау, æндæр чи! Марды æгъдауы стæм! — мæстыйæ бакаст гуыбынджын йæ бафæрсæгмæ. 

Уый йæ сæр æруагъта æмæ йæ мидбылты бахудти: 

— Ницы йын бакодтаис. Арсенæн йæ къæсхуырмæ ма кæс, сайд бирæтыл æрцыд. Ахæстоны сæркъуыртæн цы митæ бакодта, уый никуы фехъуыстай? Колхозы станы род акусарт кодтой, æхсæвы та йын чидæр йæ фæстаг базыг адавта. Гæлæу ныллæууыди: Арсен уыди! Уый дын фехъуса Арсен. Гæлæуы дзæбæх ракъæрццытæ кодта, фæлæ йын йæхи та ахæстоны сбадын кодтой. Уый фæстæ æцæг давæг сæргом, уæхæдæг дæр æй зонут. 

— Ды та йын адвокатæй кусыс, Аслæнбег? — бафарста гуыбынджын. 

— Арсен æнæ адвокатæй дæр нæмынмæ хорз арæхсы, — Аслæнбег та йæ мидбылты сусхудт бакодта. 

— Уæдæ дын æз та афтæ зæгъын: гæбæтнад дын ракæнин дæ Арсены, æгъдау мæ куы нæ уромид, уæд! 

— Æгъдау дæ куы уромид, уæд дæ дзыхыл хæцис, — загъта Аслæнбег. 

Уыцы уысм дуарæй æрбакаст Боны цахъхъæн лæппу æмæ загъта: 

— Алыксандыр, мæрдæхсæвæры фынг цæттæ у. 

— Уæ хъиамæт не ’фсымæрæн хæлар уæд, — раарфæ кодта Алыксандыр, сыстад, йæ цæст ахаста уаты бадæг æмæ лæууæг адæмыл: — Сымахæй та Хуыцауæй курæгау курын, нæ мард нын рæсугъдæй бавæрын бауадзут, ныууадзут уæ политикæ. Цомут, нæ дыгурон æгъдау бакæнæм, марды номыл цы фæрзиу3 ис, уый йын ныххæлар кæнæм. 

Адæм базмæлыдысты, сæ сæртæ æруагътой, гъома, зын хъуыддаджы стæм, фæлæ æндæр гæнæн нæй, зæгъгæ, чидæр арф ныуулæфыд. Бон ницы уыдта æмæ хъуыста, æрмæст æй цыдæр тыхсын кодта, фæлæ уый цы уыди, уый дæр не ’мбæрста: йæ алфамбылай лæууæг адæмы сайд митæ æмæ кæнгæ æнкъардхуыз цæсгæмттæ йæ æрхуымæй мардтой. 

Мард куы бавæрдтой, ууыл æртæ боны рацыди, æмæ зианджын кæртмæ уыйас цæуæг нал уыдис. Бон ныццыди Цыколамæ. Стыр уынджы тигъыл лæууыди йæхи цахъхъæн цалдæр лæппуйы, цæуылдæр хъæрæй быцæуныхас кодтой. Бон сæ иувæрсты ацæуынмæ хъавыди, фæлæ йын лæппутæй иу йæ раз ацахста, æмæ йæм куыдзы смыстытæ кæнын райдыдта. 

— Уайтагъддæр æй зыдтон, — йе ’мбæлттæм йæ цæст фæныкъуылдта, — а бæлццон горæтаг у. 

— Нæхи горæтаг? Нæ зынаргъ уазæджы нын æфхæрынвæнд скодтай, Солтан? — тызмæгæй йæм сдзырдта дыккаг лæппу. — Ай Мæскуыйы цæры. Йæ фыд уым министрæй кусы. 

— Ныр æппындæр куы ницы æмбарыс, хуырхли, уæд алы хатт дæхи хъуыддаг лыггæнæг цы скæныс? — æрбамæсты æртыккаг. — Ацы дуду цъиу Парижæй æртахт, йæ фадыварцмæ йын нæ кæсут? 

Бон ногæй сæ иувæрсты ахизынмæ хъавыд, фæлæ йыл лæппутæ æрбатымыгъ сты æмæ йæ сæ астæу фæкодтой. Солтан кæй хуыдтой, уый дæр æм басмыстытæ кодта æмæ барæй æрæхснырста. 

— Йæ сæнары смаг кæлы! Мæхæмæт, дзæбæхдæр-ма йæм басмуд! 

Мæхæмæт æм ногæй басмыста: 

— Хъуыраныстæн, раст зæгъыс Уæдæ Мæскуыйы дæр, Парижы дæр нырма сæнарæй æндзарынц, нæ? Ды та куыд зæгъыс, Ермак. 

— Гъей! — Боны хъусы бахъæр кодта Ермак. — Гæр, гæлæхха, хохæй цыдтæ æмæ демæ иу уисойы зæронд нæ рахастай? 

Лæппутæ ныххудтысты. 

— Ныр цытæ дзурыс, Ермак! — сбустæ йыл кодта Солтан. — Цæмæй Цыколайы йæ къах макуыуал æрæвæра, уый дæ фæнды? Хохаджы уынын дæ куы нæ фæнда, уæд дзы уисой ракур, æмæ йæ дæ цæсты кæронæй дæр никуыуал фендзынæ. 

Бон æрчъицыдта, йæ мидбылты бахудт æмæ хъæрæй загъта: 

— Гъей, мæнæ цыколайаг хъæдындзхортæ! Уæ хъæдындзы тæф уæ хъæлæстæй кæлы, æмæ мæм хæстæг ма лæуут. Цæй, нæ иннæ фембæлдмæ хæрзбон! 

Бон лæппуты астæуæй рацæуынмæ хъавыд, фæлæ йын сæ иу фæсте йæ къубал ацахста, иннæ дыууæ йын йæ дыууæ къахыл фæхæцыдысты æмæ йæ зæххæй фелвæстой. 

— Иу чысыл дæ аузæм, кæд лолотæ акæнис, гуысситæ, æгæр бафæлладтæ дæ даргъ фæндагыл, дæ сæнары смаг калгæйæ! — дзуры йæм, Мæхæмæт кæй хуыдтой, уый, мад авдæнмæ йæ сабимæ куыд рæвдаугæ фæдзуры, афтæ, æмæ йæ æцæгæйдæр дыууæрдæм тилын райдыдтой. 

Бон йæ къæхтæ йæ риумæ æрбалвæста, стæй сæ йæ тых, йæ бонæй размæ рариуыгъта, æмæ йын сыл чи хæцыди, уыдон фæуæлгæмттæ сты, йæ хурх ын чи æлхъывта, уый дæр æй нал баурæдта, æмæ Бон йæхæдæг дæр йæ фæсонтæ сосамæ æрхаста. Фæлæ тагъд фæгæпп кодта, æмæ, цалынмæ цыколайæгтæ стадысты, уæдмæ уый йæ рыгтæ цæгъдыныл фæци. 

Лæппутæй йæм иу йæхи батардта, фæлæ йын йæ къубалыл чи хæцыди, уый йæ размæ фæци. 

— Мæхæмæт, ныууадз æй, нæхи аххос уыди, лæг йæ фæндагыл цæуы, ницы нæ хъыгдары, — йæхæдæг Бонмæ йе ’ргом раздæхта: — Цæй, базонгæ уæм. Мæ ном — Ермак, мæнæ ай — Мæхæмæт, уæртæ иннæ та — Солтан, — æмæ йæм йæ къух бадаргъ кодта. 

— Бон, — загъта Бон æмæ йын йæ къух райста. Æвиппайды йын Ермак йæ цонг ацахста, йæ сынæг æм фæхатта æмæ йæ йæ сæрты фехсынмæ хъавыд, фæлæ Бон фæцарæхст, йæ зæнджы рагъ ын батинкæйы счъилæй тыхджын ныццавта, æмæ Ермак размæ бахаудта, йæ уæлæ — Бон. Бон ын йæ сæр сосамæ нылхъывта æмæ йæ бафарста: — Уисой ма дæ хъæуы? 

— Суадз мæ, науæд дын ныртæккæ ахæм митæ бакæндзынæн æмæ!.. — бынæй йæм æртхъирæн кæны Ермак, йæхæдæг та хъуырдухæнгæнгæ архайы йæхи суæгъд кæныныл. 

— Дзæгъæлы ма тъыбырттытæ кæн, — дзуры йæм æнцойхуызæй Бон. — Уисой ма дæ хъæуы æви нæ, уый мын цалынмæ зæгъай, уæдмæ дæ не суадздзынæн. 

— Адде йæ кæнут мæ рагъæй, зæгъгæ, уын зæгъын! — йе ’мбæлттыл схъæр кодта Ермак. 

Уæлгоммæ чи ахаудта, уыцы дыууæ лæппуйы багæппытæ кодтой æххуысмæ, фæлæ сын сæ раз ацахста, ныронг хъаугъамæ иуварсæй куыдфæндыйы цæстæй чи касти, уыцы бæрзонд бæзæрхыг лæппу. 

— Лæгæй-лæгмæ сæ бауадзут, — загъта уый. — Иу лæджы æнæхъæн хъæуæй нæмынмæ хъавут, æви Цыколайы фæхудинаг кæнын сымахмæ кæсы? 

— Суадз мæ, кæннод куы сыстон, уæд дын туг фæомын кæндзынæн! — Боны бынæй æрдиаг кæны Ермак. 

— Йæ бæллæх дæр уым ис, æмæ дæ сыстын кæй нæ уадзы, — загъта бæрзонд бæзæрхыг лæппу æмæ бахудти. — Гадзрахатæй рацыдтæ уазæгыл, æмæ дæ гадзрахат дæхиуыл æрцыди. Ныр дæ цæуыл фæрсы, ууыл дын дзуапп дæтгæ у. 

— Дæумæ дзурын, — дзуры та Бон, йæхæдæг йæ къухтæй, йæ уæраджы сæрæй зæхмæ æлхъивы йæ амæттаджы. — Уисой ма дæ хъæуы? 

— Нал! — йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта Ермак. 

Лæппутæ ныххудтысты. Йæ дыууæ æмбалы дæр сæ худæг нал баурæдтой, фæлæ сæ цæмæй Ермак ма бафиппайа, уый тыххæй сæхи иннæрдæм разылдтой. 

Бон суагъта Ермачы. Сæ дыууæ дæр сæ рыгтæ сæрфынмæ фесты. 

— Хъуыраныстæн, цæуылдæрты куы нæ хъуыды кæнин, уæд... — Ермак цы загътаид, уый нæ зыдта: æгæр карз дзырд куы срæдийа, уæд ногæй ацы хохаг лæппуйы бын куы скуыси уа, уымæй тарсти, æгæр тæнзæрдæйæ дæр æй нæ фæндыди йæхи равдисын. Стæй æнæуынон цæстытæй бакасти бæрзонд бæзæрхыг лæппумæ: — Ды дæр хохаджы фарс дæ, Дзарасы -фырт, дæхи хъæуккæгты уæй кæныс? 

— Æз никæй фарс дæн. Фæлæ иу лæджы цалдæрæй нæмын та нæ бауадздзынæн ме ’фсымæртæн дæр. 

— Дзæбæх ут! — загъта Бон æмæ йæ фæндагыл араст. Рынчындоны агъуыст кæм уыди, уыцы цæхгæрмæ уынджы тигъмæ йæ бирæ нал хъуыди, афтæ йæ хæд фæстæ райхъуысти къахдзæфты уынæр. Фæстæмæ ракаст æмæ федта æрдæбоны бæрзонд бæзæрхыг лæппуйы. Бон æрлæууыд, фæлæ йын уый йæ сæрæй рынчындоны ’рдæм ацамыдта, цом, зæгъгæ, йæхи фæразæй кодта, фæзылди цæхгæрмæ уынджы. Бон дæр æй баййæфта, фæрсæй-фарсмæ иу чысыл ауадысты, стæй йæ Бон бафарста: 

— Æмæ кæдæм цæуын, уый цæмæй зоныс? 

— Цæуыс рынчындонмæ. Дæ фыдыусы бæрæггæнæг. Базонгæ уæм: мæ ном Валодя, Дзарастæй, — Валодя йæ къух радта Бонмæ. 

— Мæ ном — Бон. 

— Зонын дæ. Арæхдзауы фырт. 

Бон ницы сдзырдта. 

— Кæцæй дæ зонын, ууыл мæ цæуылнæ фæрсыс? — дисгæнгæ йæм бакасти Валодя. 

— Кæцæй? — æнæбары бафарста Бон. 

— Уæ зианы рæстæг æз мæ фыдимæ Дзынагъайы уыдтæн нæ хæстæджытæм. Мæ фыд Арæхдзауы зыдта, хорз лæг, дам, уыди, Ирыстоны уый хуызæн цуанон не ссардтаис. Æмæ уæм тæфæрфæсмæ бацыди, мæн дæр йемæ акодта, ныр, дам, лæг дæ, æмæ æгъдæуттæ кæнын хъæуы.... Уым дæ федтон. 

Бон та ницы сдзырдта, æмæ æнæдзургæйæ цыдысты кæйдæр зæронд каурæбынты рынчындонмæ. Валодя æваст æрлæууыди, Боны уæхскыл йæ арм æрæвæрдта, уый дæр æрлæууыди, фæстæмæ йæм ракасти. 

— Марды бон дæ куы федтон, — райдыдта Валодя, — уæд мæ бафæндыд демæ базонгæ уын... Лымæнтæ куы уаиккам, уый дæр мæ фæнды. 

Бон касти Валодямæ комкоммæ, йæ цæстæнгас æвдыста æнахуыр иппæрд æнцойдзинад, нæдæр дзы дис уыди, нæдæр цымыдис, нæдæр æндæр исты æнкъарæн. 

— Мæйы ’рдæг ма баззади экзаментæм, тагъддæр куы ’рхæццæ уаиккой! Аттестат куы райсон, уæд, æвæццæгæн, Мæскуымæ цæудзынæн, МГУ-йы экономикон факультетмæ, нæ хистæр æфсымæр уым кусы ахуыргæнæгæй, экономикон наукæты кандидат у, ныр кусы докторы диссертацийыл. Кæд дæ фæнды, уæд иумæ цæуæм Мæскуымæ, кæм æрфысым кæнæм, уый нын уыдзæн, уæдæ экзаментæй дæр тæрсын нæ хъæуы. 

Валодя æнхъæлмæ касти дзуапмæ. Фæлæ Бон ницы дзырдта, раздæрау комкоммæ касти Валодямæ. 

— Мемæ дæ, æвæццæгæн, ныхас кæнын нæ фæнды? — бахудти Валодя. 

— Фæнды, — загъта Бон. — Иннæ хатт куы фембæлæм, уæд нæ ныхас дарддæр кæндзыстæм. 

Бон рацыди, Валодя ма иу уысм алæууыди йæ бынаты, стæй йе ’ргом раздæхта стыр уынджы ’рдæм. 

Бон рынчындоны фойемæ куы бахызти, уæд йæ цæст никæуыл æрхæст. Чердæм цæуа, уый нæ зыдта æмæ лæууыди дуаргæрон. Уæдмæ иу урсхалатджын ус фæзынди. 

— Кæй агурыс, лæппу? — цæугæ-цæуын бафарста ус. 

— Йед... Сыгъзæр... 

— А-а... Дыккаг уæладзыгмæ схиз, къæридоры рахизырдæм фæзил. Фæндзæм палатæ, — урсхалатджын куыд æвиппайды фæзынди, афтæ æвиппайды цыдæр æрбаци. 

Фæндзæм палатæйы дуармæ лæууыдысты дыууæ сылгоймаджы æмæ нæлгоймаг. Сеппæт дæр — рæстæмбис кары. Цæуылдæр сабыр ныхас кодтой, сæ цæстæнгас уыди æнкъард. 

— Нæмыгæй цæф куы уыдаид, уæд ын дохтыртæ исты амал кодтаиккой, — дзырдта нæлгоймаг. — Фæлæ цыпхæй4 цæф та æндæр у, буар здыйы лыстæг къæрттытæй дзаг у, иу, дыууæ, гъа æртæ дæр дзы сласдзысты операциты фæрцы, фæлæ иннæтæн та цы хос ис, буар æгасæй куыд ныкъкъуыхтæ кæндзысты? Е-ех... — арф ныуулæфыд лæг. 

— Уыцы цъаммар агъуыд куыдз! — загъта, сылгоймæгтæй иучысыл кæстæрхуыз чи зынди, уый. — Кæй йæ амардта, уый йын фаг нæ уыди... о, Хуыцау, мæ дзырд мын ма фехъус, цæрæг удæй мард куыд зæгъын! Кæд исты амалæй фервæзид. О, æмæ зæгъын, уыцы агъуыд куыдз Сыгъзæры топпæй кæй фехста, уый йын фаг нæ уыди, фæлæ ма йæ æнæхъæн Дыгурыл худинаг дæр фæкодта. Гæлæуимæ, дам, хаттис. Сыгъзæры хуызæн уæздан æмæ сыгъдæг сылгоймаг та дунейыл кæм уыди? Æгæр æвгъау ын уыди, æгæр! Фæлæ, Хуыцау адæймагæн амонд куы нæ дæтта, уæд афтæ вæййы. 

— Бинонты цард хæйрæг дæр нæ равзардзæн æмæ нæ бамбардзæн, — загъта иннæ сылгоймаг, — се ’хсæн цы рауад, мæгъа... Арæхдзау дæр уæдæ сабыр лæг уыди. Дзæбæх æй чи зыдта, уыдон ын йæ хорзы кой кæнынц. Мæгъа... Адæймагæн базоныны фæтк нæй.... — Сылгоймаг Бонмæ фæкомкоммæ. — Гæтæджыстæн, ай Арæхдзауы фырт у. 

Сегас дæр æдзынæг ныккастысты Бонмæ. 

— Емынæйы къæртт, ам дæ цы хъуыддаг ис? — тызмæгæй йæ бафарста кæстæр сылгоймаг. 

— Фæлæуу, Хадизæт, афтæ ма кæ, — бауайдзæф ын кодта иннæ сылгоймаг. — Уый сывæллон у, цы аххосджын у? 

— Уымæ дæр йæ фыды туг ис, Мæдинæ, æмæ у аххосджын, — Бонæй йæ мæсты цæстæнгас нæ иста, афтæмæй загъта Хадизæт. 

— Арæхдзауы фырт дæ? — бафарста нæлгоймаг. 

— О, — йæ сæр батылдта Бон. 

— Рынчынфæрсæг æрбацыдтæ? 

Бон дзуапп нæ радта. 

— Æмæ уæд ам цæмæн лæууыс? — фæлмæн хъæлæсæй бафарста Мæдинæ. — Мидæмæ бацу, фен дæ ма...ды... Сыгъзæры. Мæгъа, куыд дын æй схонон!.. — йæ къух ауыгъта Хадизæт, иуварсмæ азылд, йæ дысæй къухмæрзæн раласта æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта. 

— Иугæр хохæй рацыдтæ, уæд... Фæлæ... — нæлгоймаг йæ зæгъинаг аныхъуырдта. 

— Кæдæм æй цæуын кæнут, йе ’фсымæр Дзамæдин уым кæй ис, уый нæ зонут? — уыцы мæстыхуызæй та сдзырдта, Боны «емынæйы къæртт» чи хуыдта, уый. — Дзамæдинмæ йæ туджджыны æрвитут? 

— Ныууадз, Хадизæт, сывæллоныл туджджыны ном цæмæн ныхасыс? — загъта Мæдинæ. — Худинаг нæу? Дзамæдин уыйбæрц не ’мбары, æмæ ацы лæппу кæй ницæмæй аххосджын у, æви йæ хæргæ акæндзæн? Бацу, бацу, лæппу, — Мæдинæ Боны цурмæ бацыди, йæ уæхскыл ын йæ армытъæпæн æрæвæрдта. — Рынчынфæрсæг рацыдтæ хохæй, æмæ уый лæджы ми у. Дæ фыд æмæ Сыгъзæры астæу цы рауад, уым та ды ницы аххосджын дæ... Сыгъзæрыл дæ зæрдæ кæд не сивтай, уæд уый уды стыр хорз у. 

— Дзамæдины ацæуынмæ уæддæр банхъæлмæ кастаиккат... — бахъуыр-хъуыр кодта нæлгоймаг. 

— Ныртæккæ ам цытæ рауайдзæн, уый уæхæдæг уындзыстут, — цингæнæгау загъта Хадизæт. — Дзамæдин ацы емынæйы къалиуы дардмæ агуырдта, Мæдинæ та йын æй йæ хъæлæсмæ æппары! 

— Ницы йын кæндзæн, — йæ къух ауыгъта Мæдинæ, фæлæ ацы хатт йæ дзырд афтæ фидар нал уыдис — йæ мидгуырысхойæ фæсастдæр. 

Бон лæууыди къæсæргæрон. Палатæйы уыди цалдæр сынтæджы, иуыл хуыссыди Сыгъзæр, иннæтæ уыдысты афтид. Сыгъзæрæн йæ цæстытæ уыдысты æхгæд, йæ уæлхъус бадтис Дзамæдин — Бон æй сывæллонæй нырмæ зоны, куы-иу сæм æрбацыд хохмæ, уæд-иу ын йе исты хъазæн, йе та къафеттæ ма ’рбахæсса, зæгъгæ, ахæм хабар нæ уыди, æмæ йæ Бон йæ сабийы зæрдæйæ бирæ бауарзта. Къæридоры уыцы æнæзонгæ адæм цы дзырдтой, уый йæм нæ бахъардта, цыма ныхас дард кæмдæр æбæрæг цæуылдæр цæуы, æмæ уыцы ныхасæн æрмæст йæ мынæг дыв-дыв хъусы, уыйау. Фæлæ Дзамæдины куы ауыдта, уæд æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыдысты уыцы ныхæстæ бæрæг бæлвырдæй, æнæ иу дзырд хъуагæй, æмæ, йæ фыд йæхи куы фехста, уæд æвирхъау гæрахæй лыстæгпырх чи ныцци, уыцы мæйрухс æхсæвы æрхъизтæ цыргъ æвгтау йæ зæрдæйы ногæй нынныхстысты. 

Дзамæдин, фæтæнуæхск, рæстæмбис кары лæг, фæстæмæ ракаст, æмæ Бон федта Сыгъзæры донхуыз уæрæхзылд цæстытæ — æфсымæр æмæ хойы цæсгæмттæ афтæ æмхуызон уыдысты. Дзамæдин бирæ фæкасти Бонмæ, стæй сыстад, йæ размæ æрбацыд. 

— Ды та ам цы кусыс? — бафарста уый æмæ йæ хъæлæсы уазал ихы къæртт бамбæлди Боны зæрдæйыл. — Дæу фæрсын, ам цы кусыс? 

Бон йæ сæр æруагъта, ницы дзырдта, афтæмæй лæууыди. 

— Уæвгæ, хорз бакодтай, дæхи къахæй кæй æрцыдтæ. Саг — фæрæтмæ. Æз та ма дæ агурынмæ хъавыдтæн. 

— Дзамæдин... — райхъуыст Сыгъзæры фæлмæст хъæлæс. — Дзамæдин... Кæд уын хо дæн, кæд мæ уарзут... — рынчын ницыуал сфæрæзта, ахæм рыстхъæрзт ныккодта, æмæ Боны сæрыхъуынты уидæгтæ бадыз-дыз кодтой. 

Дзамæдин бауад Сыгъзæрмæ, æргуыбыр æм кодта: 

— Сыгъзæр, цы кæныс? Сыгъзæр! 

Сыгъзæр ницы дзырдта, не змæлыд мардау, стæй йæ донхуыз цæстытæ байгом сты: 

— Дзамæдин... 

— Сыгъзæр, хъусын дæм... 

— Дзамæдин, мæ мард срæсугъд кæнын дæумæ кæсы... 

— Цытæ дзурыс, Сыгъзæр? — æфсымæр æм ноджы тынгдæр æргуыбыр кодта йæхи, цыма йын йæ ныхас нæ хъусы. — Сыгъзæр, марды кой цæмæн кæныс? Ныр ма нæ цард разæй ис. Дохтыртæ фидарæй зæгъынц: тагъд адзæбæх уыдзынæ! 

—О, — хъæрзгæйæ сдзырдта Сыгъзæр, йæ цæстытæ цармæ ныццавта æмæ иу уысм афтæмæй хуыссыди. Бон ын фæтарсти — йæ цæстытæ йæм марды цæстыты хуызæн фæкастысты, йæ размæ багæпп кæнынмæ хъавыди, фæлæ йыл уæдмæ рынчыны цæстæнгас сæмбæлд — авджы састы кæд исты æнкъарæн вæййы, уæд — уым дæр. 

— О, — хъæрзгæйæ та райдыдта Сыгъзæр. — Мæ мард срæсугъд кæнын дæумæ кæсы... Мæ мард мын рæсугъдæй бавæр... Рæсугъд та уæд уыдзынæн, æмæ мын дæлæ уыцы лæппуйы, мæ лæппуйы, зæрдæхудт куы никæд райсай, мæн, дæ иунæг хойы лæппуйыл æй куы банымайай... Æнæ зæрдæдзургæйæ мæ ауадз ме ’нусон дунемæ, мæ уарзон æфсымæр. 

Æрдæбон авджы састы хуызæн æнæнкъарæн чи уыди, уыцы стыр донхуыз цæстытæй рахъардта дыууæ ставд цæссыджы, æмæ та Боны зæрдыл æрбалæууыд уыцы æвиллон æхсæв, Сыгъзæры тæвд цæссыг йе уæхскмæ куы ’рхаудта. 

Дзамæдин йæхи сæргъуывта, иуварсмæ разылди, æвæццæгæн, уымæн дæр йæ зæрдæ суынгæг. Схуыфыди, йе ’ргом фæстæмæ Сыгъзæрмæ раздæхта æмæ загъта: 

— Ды цыдæриддæр зæгъай, æмæ æз цы нæ бакæндзынæн, Сыгъзæр! Фæлæ мæлæты кой цæмæн кæныс? Тагъд радзæбæх уыдзынæ æмæ мæнæ... — Дзамæдин йæ сæрæй ацамыдта Бонмæ, — мæнæ ... дæ лæппуимæ иумæ цæрдзыстут... мæнæй йын цæмæй тæрсыс, æви æз та бирæгъ дæн? Дæуæн зынаргъ чи у, уый мæнæн дæр зынаргъ у. 

— Ацу, Дзамæдин, — загъта Сыгъзæр. — Бонимæ мæ ныхас ис. Дуары æдде къæсæрмæ иу чысыл фæлæуу, макæй æрбауадз... 

— Хорз, — загъта Дзамæдин æмæ хъуызæгау сæргуыбырæй рацыди æддæмæ. 

— Бон... — загъта Сыгъзæр, æрмæст æм кæсгæ нæ кодта, йæ цæстытæ ногæй тымбыл æвгтау цармæ сарæзта æмæ джихæй касти. — Мæ цуры сбад. 

Бон сбадти, æрдæбон Дзамæдин цы бандоныл бадти, ууыл. 

— Бирæ адæм æрцыди дæ фыдмæ? 

— О, — йæ сæр батылдта Бон. 

Сыгъзæр ныхъхъус, уыцы джихкаст кодта цармæ, цыма йыл исты лыстæг фыстытæ уыди, æмæ уыдон равзарыныл архайы. 

— Бон... Хъус... — æрæджиау сдзырдта Сыгъзæр æмæ та ныхъхъус. 

— Хъусын дæм, мамæ... 

— Мамæ... — Йæ цæстытæ та бахгæдта рынчын ус, куы сæ байгом кодта, уæд ын уыдысты уымæл. — Мамæйæн дын куы бæззыдаин, бæргæ... Фæлæ ныр ууыл нæ дзурдзыстæм. Æхсæрдæсаздзыд чызгæй сæрды каникулты мæ мадимæ быдыры стантæм рацыдыстæм — мæ мад хæринаггæнæгæй куыста... Иу бон кæм уыди, уым æрбарынчын, йæ ахсæн цыдæр кодта, цалдæр хатты сомдта, фæлæ йæ уавæр хуыздæр нæ фæци. Гæлæу æй йæ машинæйы сбадын кодта, йемæ ма йын нæ сыхæгты усы дæр райста (æртæйæ цардыстæм хицæн уаты) æмæ йæ Цыколайы рынчындонмæ, мæнæ ардæм, æрбаласта. Æз дæр йемæ цæуинаг уыдтæн, фæлæ мæ Гæлæу нæ рауагъта, ма тæрс, дам, дæ мадæн, дохтырты ’рдыгæй цы хъæуа, уый сын бакæнын кæндзынæн, ды та ам хъæуыс, адæм кусгæ кæнынц, æмæ сын хæринаг чи кæндзæн... 

Сыгъзæр банцади, йæ хъæрзын цæмæй ма райхъуыса, уый тыххæй йæ дæндæгтæ афтæ тынг нылхъывта кæрæдзимæ, æмæ йæ мæрдвæлурс уадулты астæу къуырфытæ абадт, йæ ныхыл сæрттывтой хиды лыстæг æртæхтæ. Бон фæгæпп кодта, фыртарстæй йæ дзых бахæлиу, йæ цæстытæ фæхъоппæг сты, фæлæ, цы акæна, уый нæ зыдта æмæ рынчыны уæлхъус рохстæй лæууыди. 

— Сбад, Бон... — иу уысмы фæстæ сдзырдта Сыгъзæр. — Ма мын тæрс. Сбад æмæ хъус. Мæ мады мын рынчындонмæ цы бон аластой, уымæн йе ’хсæвы их æрцыди, их дæр ахæм, æмæ карчы айкæй къаддæр нæ уыдаиккой. Уаты иунæгæй уыдтæн, мæ мадыл сагъæс кодтон, стæй иуафон афынæй дæн, фæлæ ихы къæр-къæрмæ уайтагъд фехъал дæн. Ихимæ рацыд сæфты уарын æмæ нæ уаты царæй алы рæттæй сæх-сæх кодта. Æз хуыссæнтæ, уарын кæдæм нæ хъардта, уыцы къуыммæ хæссыныл куыд фæдæн, афтæ рудзынг æрбайгом. Кæд æй, зæгъын, дымгæ фегом кодта, бауадтæн æмæ йæ ахгæнынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ ауыдтон кæйдæр къух. Æз ныффæдис кодтон, фæлæ уыцы фæдыл чидæр рудзынгæй мидæмæ æрбагæпп кодта, ацахста мæ æмæ мын мæ дзых йæ къухæй ахгæдта, йæхæдæг мæм дзуры: 

— Ысс! Æз Гæлæу дæн, ма тæрс. Хъыпп-сыпп дæр мауал скæн, кæннод адæм фæфæдис уыдзысты, æмæ уæд дæ хæдзарæй райгæ у — æнусмæ фæхудинаг уыдзынæ, зарæг дыл скæндзысты. Ныр дæ суадздзынæн æмæ хъæр кæн, цас дæ фæнды, уыйас! 

Сыгъзæр та йæ карз хъæрзт йæ хуылфы ныххурх кодта, архайдта, цæмæй йæ судзгæ æмæ дудгæ рыст ма равдиса, фæлæ йæ цæсгом уысмæй-уысммæ куыд ныззылынтæ æмæ нынцъылдтæ вæййы, уымæ гæсгæ чи нæ бамбæрстаид, йæ буар здыйы лыстæг пырхæндæгæй дзаг кæмæн у, уыцы сылгоймаджы мæлæтдзаг хъуырдухæн. 

— Бон, лæугæ цæмæн кæныс? — фыццаг хатт йе стыр цæстыты гагуытæ разылдта лæппумæ. — Сбад. 

Бон сбадти, æмæ Сыгъзæр йæ ныхас дарддæр кодта: 

— Гъе, уыцы æхсæв... Уыцы æхсæв уыди ме стыр æнамонд... стæй ме стыр амонд... Ехх, дæ кар нæма æййафы, æмæ мæ нæ бамбардзынæ... Фæлæ, а дунейыл мæ сусæг кæмæн райгом кæнон дæуæй фæстæмæ, ахæм адæймаг мын нæй... Ныххатыр мын кæн, сылгоймагæн, уæлдайдæр та дæ мадæн... фыдыусæн æппындæр цы нæ фидауы, уыдон дын кæй дзурын. Фæлæ сын æнæ радзургæ нал ис... Гæлæу мæ куы суагъта, уæд æз хъæр кæныныл нал уыдтæн. Мæ зæрдæ мын мæ риуы къултæ афтæ карз хоста, æмæ тарстæн, æддæмæ куы рагæпп кæна. Гæлæу мын мæ рустæ даудта йæ уазал къухтæй, мæ дзыккутæ мын фаста йæ армæй. Мæхицæй йæ асхойын мæ бон нæ уыди, уымæн æмæ мæхи дæр афтæ фæндыди. Мæ сусæг бæллицы рагæй царди йæ сурæт, мæхицæй йæ цас тынгдæр тардтон, уыйас ын йæ диссаг тавиц тынгдæр æнкъардтон. Æмæ уыцы æхсæв... Суанг ма йæ уæлæдарæс хуылыдз кæй уыди, уый дæр æй кодта ноджы адджындæр, ноджы зæрдаггондæр... 

Сыгъзæр ацы хатт йæхи нал баурæдта, кæд йе ’фсæртæ кæрæдзимæ æбуалгъ æлхъывд ныккодта, уæддæр йæ хъæрзын се ’хсæнты æддæмæ райхъуыст. Иу уысмы бæрц тагъд-тагъдæй тыхулæфт кодта, стæй йæ улæфт хæр-хæрмæ рахызт. Бон ногæй фæгæпп кодта. Дохтыртæм фæдзурон, зæгъгæ, æддæмæ фæцæйуади, фæлæ та йæ Сыгъзæры хъæлæс баурæдта: 

— Сбад. Ма тæрс... — сылгоймагæн йæ улæфт фæсабырдæр. — Иу дзырдæй... Гæлæуæн уыдтæн хæзгул... Фæлæ ме ’намонд, мæ уавæры æбуалгъ уым нæ уыди... Мæхи дæр афтæ кæй фæндыди, уый уыди мæ худинаг... кæнæ та ме стыр амонд... Нæ зонын... Дæс къласы каст куы фæдæн, уæд ын загътон, мæ зæрдæйы бын уд кæй хæссын... Уый тынг смæсты, фæнадта мæ, æмæ загъта: «Гадздзайыл цас куыйтæ æрæмбырд вæййы, уый никуы федтай? Хъахбай сыл дæр гадздзайы хуызæн у, чи йыл фæлиуырдта — цу æмæ йæ ды равзар! Мæ кой искуы æмæ искæмæн куы скæнай, уæд дæ гуырæй райгæ у!» 

Уыцы бон изæрæй мæхи цынадтон, мæ хуыздæр дзаумæттæ скодтон æмæ Ирæфы былмæ ссыдтæн, бирæ фæкуыдтон, стæй тæккæ сæрсæфæны тигъыл слæууыдтæн. Фæлæ мæм мæхи амарыны тых нæ разынд... Стæй, мæ зæрдæйы бын чи тæлфыди, уыцы сыгъдæг æвыд удæн тæригъæд кодтон. Æддæмæ нал цыдтæн, иунæгæй-иу куы баззадтæн, уæд-иу мæ цæссыгтæ фæкалдтон. Иу бон, хæдзары та иунæгæй куы баззадтæн, уæд нæм Гæлæу фæзынди. Бирæ цыдæртæ фæдзырдта, стæй афтæ зæгъы: 

«Сыгъзæр, дæ худинаг тагъд фæхъæр уыдзæн. Æз нæлгоймаг дæн, мæнæн дæ даутæй ницы уыдзæни, фæлæ дæуæн тæригъæд кæнын — дыгуры æхсæн, дзæгъæлзад чи ныккæна, ахæм сылгоймагæн цæрæн нæй, йе дæ дæхионтæ мардзысты, йе та дыл хъæубæстæ худинаджы зарæг кæндзысты...». 

Æз æй кæронмæ дзурын нал бауагътон, кæцæй мæм разынд ахæм хъару, мæгъа, мæхи йыл ныццавтон æмæ йын йæ цæсгом мæ ныхтæй тыдтон, йæ цæстытæ йын скъахынмæ хъавыдтæн, дæндагæй йын йæ хурх ацахстон, æмæ чысыл ма бахъæуа, гæппæл дзы ма срæдувон... Гъе ахæм сырд разындтæн, мæхи та уæды онг нæ зыдтон. Гæлæу мæ абырста, хуыссæнмæ мæ нылхъывта, мæ къухтыл мын хæцы, йæхæдæг мæм дзуры: 

«Хъус ардæм, мæ иунæг уарзон! Сывæллон дын мæнæй уыдзæн, æмæ йæ æз дæттинаг никæмæн дæн! Суанг дæуæн дæр! Ныппырх уæ кæндзынæн æнæхъæн мыггагæй дæр, фæлæ мæ туджы ’ртах мæхи уыдзæни! Мæ ус хуыскъаг хъуг у, дохтыртæ, дæснытæ æмæ моллотыл ныр авд азы зилы, фæлæ, цы хуыскъ уыди, уымæй хуыскъдæр кæны, мæн та а зæххыл бындар хъæуы. Хъус! Аттестат райстай, ахуыр кæнынмæ Душанбемæ фæцæуыс. Билетæй, фæндаггагæй, уæлæдарæсæй — цæттæ уыдзынæ алцæмæй дæр, кæм æрцæрай, уый дæр бæлвырдгонд у. Мæ хуыскъаг хъуджы дæр уырдæм æрвитын, уым фæиу уыдзыстут. Ам та ахæм кой рацæудзæн, сывæрджын у æмæ Мæскуымæ ацыди». 

Куыд загъта Гæлæу, афтæ рауадысты хъуыддæгтæ... Цыппар мæйы фæстæ йæ ус Мæскуыйæ сыздæхт йæ ноггуырд фыртимæ... 

Бон джихæй касти Сыгъзæры мæрдвæлурс цæсгоммæ, йæ ныхæстæ йын кæрæдзиуыл бабæттын нæ фæрæзта, хицæнтæй райсгæйæ цы нысан кодтой, уый дзæбæх не ’мбæрста, фæлæ иумæ ивылд доны уылæнты æрра зилдух кодтой, æмæ уыдон се ’хсæнмæ бахауæг исты дзаумайы бынмæ куыд фæласынц, афтæ Боны дæр топпæйцæф фыдыусы мæллæг хъæлæс æгъатырæй ласта æвиллон сусæджы арф хъуыммæ, цæмæй фенуд уа. Æмæ йæм æцæгæйдæр афтæ фæкасти, цыма фенуд, йæ зæрдæ нал кусы. Базмæлыди, ныхъхъæрзыдта, раст цыма Сыгъзæры фæзмыдта, фæлæ йæ хъæрзт æддæмæ нæ райхъуыст — йæ хуылфы бамынæг, фæдисхъæр арф саудалынг комы æнæдзуаппæй куыд бамынæг вæййы, афтæ. Гъе стæй цыма удæгас уызын аныхъуырдта, афтæ йæ хъуыры цыргъ сындзытæ нынныхстысты, æмæ йæхæдæг бæлвырд-бæрæгæй фехъуыста йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп. Йæ хуылфы чидæр фæдисхъæр систа: «Тар! Тар! Тар!!» Æрбадти бандоныл, фæлæ, цыма цæмæйдæр фæтарст, уыйау фæгæпп кодта, йæ сæр бæрзонд систа æмæ æнæуынон цæстытæй ныккасти рынчынмæ, æнæуынон худт бакодта: 

— Уæдæ Тар дæу лæппу у... дæ фырт у? 

— О, — дзуапп радта Сыгъзæр. — Тар мæ фырт у. 

— Ныр бамбæрстон... — ныссагъæсы Бон, фæлæ уæддæр æнæуынон мидбылхудт йæ цæсгомæй нæма фесæфт. — Сывæллæттæй-иу иумæ куы хъазыдыстæм, уæд æдзух нæ цурмæ цæмæн цыдтæ, уый бамбæрстон... Къафеттæ, æндæр адджинæгтæ, хъазæнтæ-иу рахастай æмæ-иу сын сæ фылдæр Тарæн радтай. Æз та дыл бустæ кодтон мæхинымæр, сусæгæй-иу кæугæ дæр кодтон, мæ мад дæ... уыдтæ... мæ мад дæ æнхъæлдтон, æмæ, зæгъын, искæй мæнæй фылдæр куыд уарзыс... 

— Хуыцау мын уарзондзинадæй цыдæриддæр радта, — Сыгъзæр йæ хъæрзын тыхурæд нал кодта, — уый бахай кодтон иунæг Тарæн, мæ иунæг сывæллонæн. Дæу та нæ уарзтон... Дæ фыды дæр... 

— Мæ фыд дæу нæ амардта! Мæ фыды мын ды амардтай!! — ныхъхъæр кодта Бон. 

Дуар фегом, æмæ къæсæрыл фæзынд Дзамæдин: 

— Сыгъзæр, цы кæныс? 

— Нæ, ницы... — йæ бон куыд уыди, афтæ йæхи æрсабыр кодта Сыгъзæр. — Мæнæ мæ лæппуимæ хæдзары ныхæстæ кæнæм... Цу, ныртæккæ Бон дæр цæудзæни. 

Дзамæдин иу уысм гуырысхотæгæнгæ касти Бонмæ, стæй æддæмæ рахызт, йæ фæдыл дуар сабыргай рахгæдта. 

— Ды уыдтæ... Ды мын амардтай мæ фыды! — сусæгæй дзурæгау загъта Бон, цæмæй йæ дзырд æддæмæ ма хъуыса, фæлæ йæ хъæр цас фæмынæгдæр, уыйас дзы уазал æмæ æнæуынондзинад фæфылдæр. 

— Æз дæн... Æз дæн дæ фыды марæг, — карз ныхъхъæрзыдта Сыгъзæр, йæ цæстытæ та авджы дыууæ састы фестадысты, æмæ та цармæ джихæй касти. — Æз дæн... Охх, куыд зын у дзурын... Гæлæу мын мæ царды хъару байста, мæ хъæлдзæг уагыл йæ къахæй ныххатти æмæ йæ фенуд кодта. Аууоны хуызæн уыдтæн æнæнкъарæн, æнæмон, ницыуал мæм хъардта, мæсты дæр ницæуыл кодтон, цин дæр... Уыцы рæстæг мæм минæвæрттæ æрбарвыста дæ фыд. Æз ын загътон: «Нæ дæ уарзын, æмæ дæ кæд афтæмæй хъæуын, уæд дæм цæуын». Уый мын загъта: «Алыхуызы дæр мæ хъæуыс, мæн а дунейыл дæу йеддæмæ ничи хъæуы». Æмæ йын уæд радзырдтон, Гæлæуимæ æмудæй сусæг цард кæй кæнæм. Æрмæст ын мæ бæдулы кой не скодтон, Тар мæн лæппу кæй у, уый дзы бамбæхстон... Дæ фыд мæ нæ ныууагъта... Уæд дæуыл цыди афæдз, Таримæ æмгæрттæ стут... 

Бон лæууыди рынчыны уæлхъус, йæ цæстытыл уади, топпы гæрахæй лыстæг пырхытæ чи ныцци, уыцы мæйрухс æхсæв, йæ фыд Арæхдзауы сæрыл куыд хæцыди, уымæн та йæ хурхæй тæвд туг куыд сæх-сæх кодта, Боны дысыл зæхмæ куыд калди, Сыгъзæр сæ цурмæ йæ гуыбыны цъарыл куыд бырыди, йæ фæстæ тугвæд уадзгæйæ.... Уыцы нывтæ уыдта бæлвырд-бæрæгæй, фæлæ йæм нæ хъардтой, нæдæр æм тæригъæд гуырын кодтой, нæдæр маст æмæ фæсмон, афтид тарф æрхуым ивылдис йæ хуылфы, фæлæ, уый кæцæй цæуы, ууыл нæ хъуыды кодта... 

Ныр æм Сыгъзæры ныхас дæр дард кæцæйдæр хъуысын райдыдта, æрдæбон ын йæ зæрдæ чи сæнкъуысын кодта, уыцы хабæрттæ æвиппайды фестадысты æнæмидис, æнæнысан. Æрмæст йæ сæр рысти цъæхснаг рыстæй, йæхи цы фæкæна, уымæн ницы зыдта, йæ хъуыды йæ хаста дуары ’рдæм, фæлæ йæ къæхтыл ахæм æвирхъау уæз æнцади, æмæ пъолæй стонын нæ куымдтой. Йæ цæсгомыл нал хъазыд æрдæбоны æнæуынон мидбылхудт, йæ цæстытæ ныттар сты æнæзæгъгæ тарф æрхæндæгæй. 

— Æз фæцæуын, — æрæджиау сфæрæзта æмæ ноджы тынгдæр банкъардта йæ сæры цъæхснаг рыст. 

— Фæлæуу, — хъæрзгæйæ загъта Сыгъзæр, — бирæ дæ нал уромын... Афтæ мæм касти, цыма зæххыл Тарæй фæстæмæ ничи ис, хур дæр мыл уый хуызы касти, къæвдатæ дæр мыл уый хуызы цыдысты. Афтæ мæм касти, æмæ мын уый нал ис, зæгъгæ, уæд цард мæхицæн аккаг нал скодтаин, мæхи амардтаин. Афтæ мæм касти, æви æцæгæй афтæ уыди, уый абон нал зонын. Æмæ йæ цæй тыххæй нал зонын?.. Хъус, ма ацу, цалынмæ мæ дзырд фæуон, уæдмæ, — Сыгъзæры стыр донхуыз цæстытæ фыццагау æдзынæг кастысты цармæ, агуырдтой йыл, а дунейыл базоныны æмæ бамбарыны фæтк кæмæн нæй, фæлæ адæймаджы хъысмæт æнæуынгæ нывыл чи кæрды, ахæм диссаг цыдæр, фæлæ йæ нæ ардтой, нæ уыдтой, уыцы цыдæр æнæссаргæйæ æмæ æнæфенгæйæ та йын дарддæр цæрæн нал уыди, æмæ уый адæргæй, уый азарæй йæ хъæрзын нал урæдта, хæр-хæр кæнын райдыдта. 

Бон дуары ’рдæм бакаст: куыд тынг æй фæндыд, ныртæккæ исчи куы фæзынид æмæ иунæгæй куы нæ уаид, сывæллонæй нырмæ мамæ кæй хуыдта æмæ бирæ кæй уарзта, ныр ын бынтон æддагон чи фестад, уыцы мæлæг сылгоймагимæ! Фæлæ дуар нæ байгом, ничи цыди сæ цурмæ. Бон фæйнæрдæм акæстытæ кодта, тумбæчкæйыл ауыдта агуывзæ донимæ, фелвæста йæ, Сыгъзæры æнæтуг былтæм æй бахаста: 

— Гъа... Дон схуыпп кæн... — «Мамæ» сцæйдзырдта, фæлæ йæм уыцы дзырд фæкасти нæфæтчиаг æмæ йæ фæстæмæ аныхъуырдта, аззади ма дзы «мм...» 

— Хъус... — Боны дзырдтæ ницæмæ ’рдардта рынчын, йæ цæстытæ дæр царæй нæ фæхицæн сты. — Фæлæ фæстагмæ бамбæрстон... Хуыцау мын мæ зæрдæ æмæ мæ цæстытæ байгом кодта. Мæ хъæбул Тармæ цы уарзондзинад дардтон, уый æвиппайды дывæрæй дæу баци... Гæр, де уæхск нæ судзы мæ тæвд цæссыгæй, фæстаг æхсæв дыл мæ цæстæй чи ’рхауд? Уый размæ æз нæ зыдтон цæссыг, мæ цæстытæ æдзухдæр уыдысты, æнæдонæй хуры тъæпмæ чи ныскъуыдтæ вæййы, ахæм зæххау хус... Фæлæ ды мæ сæрыл куы сдзырдтай, куы мыл баууæндыдтæ, дæ фыдæн куы дзырдтай, мамæ дæ фæливгæ нæ кæны, зæгъгæ, уæд мæ уды дадзинтæ ныззæлланг кодтой, мæ буар барызт, æмæ, мæхи æнæхай кæмæй фæкодтон, уыцы царды суадон срæдывта мæ зæрдæйы бын. Æз æвиппайды бамбæрстон, дæ фыды дын куыд тынг уарзын, Гæлæу та мын цас æнæуынон у... Дæу фæрцы раздæхтæн цардмæ... Фæлæ уый дæ фыд нæ бамбæрста... Аххосджын æй нæ кæнын... Уыцы топпы цæф мæ нывы фыст уыди, нæмыджы хуылфы здыйы къæрттытæ нæ уыди, фæлæ, мæнæй кæддæр чи фæлыгъд, уыцы чызгон цинтæ, уарзондзинад, иу дзырдæй, чызджы цард арæзт цæмæй у, уыдон сеппæт дæр æвæрд уыдысты уыцы нæмыджы, æмæ æнусмæ куыд лæууыдаиккой — иу бон сын æнæ фехæлгæ нæ уыдис... Æмæ ныр мæ буары сты — æппынфæстаг мæ ссардта, хурæй мæм цы тынты хай хауди, уый, æмæ мын мæ уд цъæх арты судзы... Куыд амондджын уыдаиккам... æртæйæ...ды, дæ фыд æмæ æз... Мæн райхъал кодтай ды, фæлæ байрæджы... Дæ фыды дын амардтон... Ды раст зæгъыс... 

Уыцы рæстæг дуар фегом, æмæ Сыгъзæры сынтæгмæ згъорæгау æрбакодта Дзамæдин. 

— Сыгъзæр, — стыр диссаг хабар дзурæгау загъта уый, — горæтæй æрхæццæ хирург, æнхъæлдæн, нæ республикæйы сæйраг хирург у. — Дзамæдин Бонмæ фæкаст, æмæ йæ цыргъ уазал цæстæнгас кæмдæр йæ буары фæныхст Бонæн — зæрдæ йæхимæ ницы иста, ницы уагъта. — Лæппу, ды та ауай ардыгæй, палатæйы хъуамæ мачи уа. 

Бон рацыд къæридормæ сæргуыбырæй. Нæлгоймаг æмæ ма дыууæ сылгоймаджы лæууыдысты дуаргæрон, æмæ сæм кæд Бон кæсгæ нæ кодта, уæддæр сын цыдæр хуызы уыдта сæ цæсгæмттæ — Хадизæты æнæуынон цæстæнгас ын сыгъта йæ бæрзæй, Мæдинæ кæй хуыдтой, уый та йын тæригъæд кæй кæны, уый дæр æнкъардта. Дыккаг уæладзыгæй фыццагмæ асинтыл куыд фæцæйхызт, афтæ фехъуыста Хадизæты дзырд: «Емынæйы къалиу! Йæ цъаммар фыдæй къæртт не ’ппары». 

Бон рынчындоны агъуыстæй уынгмæ куы рахызт, уæд фестъæлфыд, цыма йыл æвиппайды уазал дон æрбасæххæтт кодтой, фæстæмæ фæкаст æмæ федта, æрдæбон Сыгъзæры уæлхъус кæм лæууыд, уыцы палатæйы уæрæхгом рудзынг. Уырдыгæй хъуысти сылгоймæгты цъæхахст æмæ нæлгоймаджы богъ-богъ. 

*** 

Сыгъзæры мард бавæрдтой Цыколайы хъæуы астæу рагон уæлмæрды йæ ныййарджыты фарсмæ. Бон мардмæ нæ фæцыди, ничи йын ницы загъта, йæ фыдыусы йын кæд æвæрынц, уый тыххæй, уæвгæ йын зæгъæг куы фæуыдаид, уæддæр йæхи нæ бавдыстаид адæммæ — æнахуыр пъæззы йæ æрцахста, йæ бон ницы кæнын уыди, æмæ сæ хæдзары бон-сауизæрмæ æвдылди йæ хуыссæны æд дзаумæттæ, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ нæ иртæста. 

Иу райсом, цы уаты хуыссыди, уый дуар сабыргай æрбайгом, фæлæ къæсæрыл ничи фæзынди, æмæ Бон банхъæлдта, дымгæ йæ байгом кодта, зæгъгæ. Йæ цæстытæ фæстæмæ бахгæдта, фæлæ уæдмæ йæ хъустыл ауад кæйдæр фæлмæн дзабырты уынæр. Уый уыди Дофка. Чысыл сывæллоны ас кардзыд ус, йæ цæсгом фырæнцъылдтæ, цыма æдзухдæр кæмæндæр тæригъæд кæны æмæ ныртæккæ скæудзæн, йæ бакаст ын Бон, йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæдæй нырмæ афтæмæй зоны. Уый къæсæргæрон æрлæууыди, йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдз йæ роцъомæ сбыцæу кодта, йæ галиуæй та хæцыди рахизы рæмбыныкъæдзыл. Боны йæ тæригъæддаг каст æрчъицын кодта, фæтарсти, Дофка куы скæуа, уымæй. Æмæ æцæгæйдæр Дофка йæ сау кæлмæрзæны къабазæй сæрфын райдыдта йæ цæстытæ. Бон сынтæгæй рагæпп кодта, хæстæг æм бацыди: 

— Дофка, мидæмæ... 

— Мидæгæй дæн... — загъта Дофка æмæ скуыдта. — Дæ хæдзар куы бабын, уæд ма мæ кæдæм хоныс? 

Бон ницы сдзырдта, нæ йæм бахъардтой йæ ныхæстæ, фæндыдис æй, ацы чысыл зæронд сывæллон тагъддæр куы ацæуид æмæ йæ иунæгæй куы ныууадзид — хуыссæн æй йæхимæ афтæ тынг æлвæста, æмæ, æфсæрмы куы нæ кодтаид, уæд хъæццулы бын арф нынныгъуылдаид, куыд ницыуал дзы зына, афтæ. 

— Уæ фосмæ дæ зæрдæ ма дзурæд, стурты дæр, фысты дæр рæгъаумæ аскъæрын, изæрæй сын холлаг дæр авæрын, фæлæ уæ хæрæг æртæ боны нал фæзынд хизæнæй... Йæ сæр æмæ йын йæ астæуыстæг æхсыдæй ссардтой хъæдгæрон, бирæгътæ йæ бахордтой... 

Дофка æнхъæлмæ касти, Бон цы зæгъдзæн, уымæ, фæлæ, уый куы ницы дзырдта, уæд йæ ныхас дарддæр кодта: 

— Бон, мæ хур, дæхиуыл иу чысыл фæхæц, гормон, хæдзар дæумæ кæсы, хæлын æй ма бауадз... Дæ фыдыус мæ нæ уарзта, Гæлæуы, дам, мыл ды æрымысыдтæ... Æмæ адæмы цæстæй исты ирвæзы? Гъа, æз ыл тугтæ мысын, фæлæ æгас адæм кæй зыдтой, уый бамбæхсæн куыд ис? О, Хуыцау, ныххатыр мын кæн!.. Ныр цытæ дзурын... — Дофка та скуыдта, йæ кæлмæрзæны къабазæй йæ цæстытæ асæрфта. — Æз ницы аххосджын дæн, уæ бинонтæн ницы фыдбылыз ракодтон. Мæ Хуыцау — ме ’вдисæн... Дæ фыд Арæхдзау æцæг лæг уыди, æмæ йæ сæрмæ не ’рхаста йæ худинаг. Æндæр дзы ницы уыди, æз ницы аххосджын дæн... Адæм, стæй Арæхдзау йæхæдæг кæй зыдта, уымæй уæлдай ницы загътон. 

Дофка ныхъхъус, Бон дæр ницы дзырдта, æрмæст йæ сæр сæргъуывта, Дофкамæ комкоммæ бакаст, æмæ йыл сæмбæлд чысыл зæронд усы цъæх цæстыты цыргъ каст — афтæ æдзынæг ма фæкæсынц, истæмæй гуырысхо кæуыл фæкæнынц, ахæм адæймагмæ. 

— Бон, мæ хур, — æрæджиау базмæлыд Дофка, — рауай уæртæ цæлгæнæнмæ, хæбизджын дын æрбахастон. 

— Хæрын мæм нæ цæуы, Дофка, — арф ныуулæфыд Бон. 

— Уый та дын цы ныхас у? Ныр цалдæр боны æххормаг куы дæ! Æви дæхи сыдæй марынмæ хъавыс? Æмæ уый лæгдзинад нæу. Дæ фыды зæрдæ мæрдтæм цæмæн риссын кæныс? 

— Хорз, Дофка, бахæрдзынæн, æрмæст фæстæдæр. 

— Кой дæр æй ма скæн! Цалынмæ бахæрай, уæдмæ æз ардыгæй нæ ацæудзынæн. Рацу, хъармæй дзы ахæр, уазал чъирийы ад нал вæййы. 

Дофка цæлгæнæнмæ бацыд, Бон — йæ фæдыл. Фынгыл стыр тæбæгъы æвæрд уыди тæбæгъæй ноджы стырдæр тæнæг чъири, йæ тæф калди. 

— Сбад, — Дофка бандонмæ ацамыдта. — Æз дæр дæ цуры абадон? 

— Абад, Дофка. Цас дæ фæнды, уыйас бад. 

Дофка æвзонг чызгау рæвдз февнæлдта, кардæй чъири æмхуызон кæрдихтæ фæкодта. Чъирийы цъар уыди гæххæттау тæнæг, йæ хуылфæй калди ивæзгæ царвæмхæццæ цыхт, йæ тæф цыди. Бонæн йæ комыдæттæ æруадысты. Фыццаг сабыргай, стæй тагъд-тагъдæй хæрын райдыдта, йæ цуры ма исчи бады, уый дæр дзы æрбайрох, æмæ цыбыр рæстæгмæ тæбæгъы чысыл муртæ йеддæмæ ницыуал аззад. 

— Уый дын лæг! — бацин кодта Дофка æмге фестад. — Мæ сæр куыд не ’рцахста, ныр æртæ боны æххормаг кæй дæ, уый, æмæ иунæг чъирийæ нæ бафсæддзынæ... Хус, фæздæгдзыд дзидза дæр нæм бæргæ ис. Изæры дын дзы сфыцдзынæн. 

— Нæ, нæ, — Бон дæр фестад, пецы сæрыл æппæрст хæцъил райста, йæ сойæдзаг къухтæ æмæ былтæ ныссæрфта. — Изæры, чи зоны, ам нал уыдзынæн, Мæцутæйæ мæм интернаты директор фæдзæхсы, æрбацу, дам. 

Дофка ницы сдзырдта, æрмæст тæригъæддаг каст кодта лæппумæ, æмæ, зæрдæйы иннæрдæм чи хизы, йæ цæстæнгас ахæм цыргъ куы нæ уыдаид, уæд афтæ банхъæлæн уыди, цыма йæхи мидæг сускуыд кæны. Бонмæ та афтæ фæкаст, цыма йæ сайгæ кæй кæны, уый æмбары чысыл сывæллоны ас зæронд ус, æмæ йæ кæрдæгхуыз цъæх цæстыты каст дæр уымæн фæцыргъдæр. 

— Уæ директор Валодя хорз адæймаг у... Ахæмтæй фæзæгъынц «адæмы лæг», «комы аргъ лæг». Æмæ, цы зæгъа, уый, ай-гъай, кæнгæ у, фæлæ дæхи æххормагæй мауал ныууадз. Дæ фыды уымæй фæстæмæ нал раздахдзынæ. Дæхи æгæр куы ’фхæрай, уæд уымæн дæр зын уыдзæн мæрдтыбæсты. Мардæн йæ къодах дæлсыджыт вæййы, йæ уд та не ’хсæн фæцæры, æрмæст æй мах нæ фенæм, уый та алцыдæр уыны æмæ хъусы... Гъемæ йын, Бон, йæ зæрдæ мауал риссын кæн, цæр æцæг цардæй. Ахуыр кæн, кус, худгæ дæр, хъазгæ дæр кæн де ’мбæлттимæ, о, кæуын кæм хъæуы, уым та кæуын хъæуы, фæлæ æнусмæ ничима фæкуыдта, уый Хуыцауæй дæр æмæ зæххæй дæр тæригъæддаг хъуыддаг у. 

Бонæн ныр цалдæр боны йæ хуылфы цы мæйдар æхсæв бады, уымæ Дофкайы ныхæстæ цыдæр рухсы лыстæг стъæлфæнтау хауынц, æмæ йын уымæй фенцондæр, æви йе стонг кæй басаста, уый хуыздæрырдæм фæзынди йæ мидуавæрыл, уый йæхæдæг дæр дзæбæх не ’мбæрста, фæлæ йæ уæнгтæ фæрогдæр сты. Джихæй та ныккаст æвзыд зæронд усмæ, цыма йæ æцæгæй кæй уыны, ууыл дызæрдыг кæны. Стæй, йæ къухтæ кæмæй ныссæрфта, уыцы хæцъил фæстæмæ пецы сæрмæ баппæрста, æмæ, дзырдтæ йæ хуылфæй тыхластгæнæгау райдыдта: 

— Дофка.. Фондз азы размæ папæ Ростовы хъæдгæсты æмбырды уыдис... — Боны зæрдæ та æвиппайды тарф æрхуым фестад, фæлæ ацы хатт уыцы æрхуымы мидæг уыди цъæхснаг рыст — фæсмон, ахæм æнæбынаты, æдзæсгом ныхас ракъахынмæ кæй хъавы, уый фæдыл фæзынæг фæсмон, æмæ ныхъхъус, йæ сæр йæ риумæ æруадзгæйæ. 

Дофка дæр ницы дзырдта, æнхъæлмæ касти, лæппу дарддæр цы зæгъдзæн, уымæ. Сæ дыууæ дæр стыхстысты сæ æдзæмæй, фæлæ Бон йæхиуыл тынгæй-тынгдæр æнкъардта сыхаг зæронд усы лыстæг цæстыты цымыдис каст. 

— Бон, — æрæджиау загъта Дофка, — цыдæр зæгъын дæ фæнды... Цæмæйдæр мæ бафæрсинаг дæ. Ма ’фсæрмы кæн. Ницы дæ басусæг кæндзынæн. Æцæг, цы у, уый цыфæнды зын куы уа, уæддæр хуыздæр у дам-думтæй. Дæ фыдыусы тыххæй мæ фæрсыс, нæ? О, фондз азы размæ Арæхдзау цыди Ростовмæ. Хорз хъуыды кæнын уыцы бон. Уæ хæдзарæй куы рараст бæлццонарæзтæй, уæд æм æз фæстигъ æнхъæлмæ кастæн, цæмæй мæ дæ фыдыус ма фена — куы дын зæгъын, нæ мæ уарзта, Гæлæуы мыл ды æрымысыдтæ, зæгъгæ. Кæрæдзимæ нæ дзырдтам... Кæй аххос уыди, мæгъа, фæлæ дæ фыдгулы сыхæгтæ кæрæдзимæ ма дзурæнт... Æлгъыст сыхæгтæ. Чи зоны, æмæ мæн аххос тынгдæр уыди, мадæн ын бæззыдтæн, æмæ йæ æрсабыр кæнын хъуыди исты амалæй. Фæлæ мæ йæхимæ хæстæг никуы бауагъта. О, тигъмæ куы ’рбахæццæ Арæхдзау, уæд ын хæбизджын æмæ арахъхъы авг йæ хордзены авæрдтон. Нæ сæ куымдта, фæлæ йын æз бауайдзæф кодтон, нæ хæдзары нæлгоймаг нæй, гормон, æмæ Лæгты Дзуары дуры бын мах тыххæй дæр бакув, зæгъгæ. Уыцы рæстæг дæ фыдыус нæ сæргъы æрбалæууыд. Æппындæр ницы сдзырдта. Нæдæр мæнмæ, нæдæр дæ фыдмæ. Хъæубæстæ йæ мадзура хуыдтой. Фæлæ цы зæгъинаг уыди, уый йæ уындæй загъта. Йæ сæр бæрзонд систа æмæ зынæрвæссон каст кодта дæ фыдмæ. Дæ фыд та йын афтæ: «Ныууадз, Сыгъзæр, фыдæх цардаразæг нæу!» Дæ фыдыус та уыцы сабыр хъæлæсæй загъта: «Лæгты Дзуармæ бакувдзынæ — фыдæх чи хæссы, уый фыдæхæй фесæфæд». Æмæ йе ’лгъыст йæхиуыл æрцыди, мæгуыр... 

Бон сæргуыбырæй лæууыди, фæлæ, Дофка йæ фæстаг дзырдтæй йæхæдæг куыд фестъæлфыд, уый цыдæр хуызы бафиппайдта. 

— Бон, мæ хур, — тагъд-тагъдæй дзурын райдыдта Дофка, — мæ дзыхæй æгæр карз ныхас сирвæзт, æмæ мын бахатыр кæн... Сыгъзæрæн дæр тæригъæд кæнын, кæд ын уæнгæл уыдтæн, уæддæр. Уæвгæ уыдæттæ дæу ницæмæн хъæуынц, æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ, сылгоймæгтæ кæрæдзимæ цæуылты фезнаг вæййынц, уыдæттæ. Æмæ дæ ницæмæн хъæуынц... Бафæрсинаг мæ цæуыл уыдтæ, уыцы хабар та дын радзурдзынæн. Фондз азы размæ æмбисæхсæв сæфты къæвда рацыд, стæй ихмæ рахызти. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Тымбылкъухы йас ихтæ нын нæ хæдзары сæр æнæвгъауæй хостой, ранæй-рæтты нæ агъуысты царæй уарын мизын райдыдта. Æз сыстадтæн, кæм тагъди, уымыты тастæ, кастрункæтæ æвæрдтон. Иуахæмы мæ цыдæр уынæр нæ рудзынгæй сымахырдæм фæкæсын кодта. Уæ цырагъ сыгъди, æмæ афтæ фенхъæлдтон, кæд, зæгъын, их æмæ арвы нæрынмæ сыстад Сыгъзæр дæр, — ныр уæ царæй уарын кæй не ’рхъардтаид, уый та зыдтон: Арæхдзау уæ хæдзары сæр æрæджы раивта. Фæлæ уæ рудзынг байгом, цыдæр æнахуыр уынæр дзы хъуысти, стæй ауыдтон, кæйдæр æндæрг рудзынгæй мидæмæ куыд лæсы, уый. Ай цы диссаг уа, зæгъгæ, мæ уд ме счъилтæй ауад. Мæ сæрыл нæ зæронд бур голлаг æрæппæрстон, мæхи дзы æрбатыхтон æмæ цæхæрдоныл сусæгæй уæ рудзынгмæ мæхи байстон. Мидæмæ бакастæн æмæ федтон... Охх, лæппу, ныр дæ кары сывæллонæн уыдæттæ куыд дзурон... 

Дофка банцад, йæ цъæх цæстыты каст æрлæмæгъ. Æвиппайды загъта: 

— Цæй, æз цæуон, зонын æй, ме ’рбацыдимæ фыдбылыз æрбацыди, — æмæ фæраст дуармæ. 

— Фæлæуу, — йæ фæстæ радзырдта Бон. — Дофка! Æз сывæллон нал дæн! 

Дофка фæстæмæ раздæхт, Бонмæ афтæ хæстæг бацыд, æмæ йын уый хъуыста йæ улæфтимæ йæ риуы хæр-хæр, Сыгъзæры хæр-хæры хуызæн, фæлæ дзæвгар мынæгдæр æмæ фæлмæндæр. «Рынчын у», — ахъуыды кодта Бон, æмæ йын фæтæригъæд кодта, æрмæст йæ цæстытыл та ауад мæлæг рынчын сылгоймаг нарæг сынтæджы. Æмæ Дофкайæн нæ, фæлæ Сыгъзæрæн кæй тæригъæд кæны, уый дæр æм нæ бахъардта. Уыцы тæригъæд фестади, æрдæбон иучысыл кæмæй фервæзт, уыцы уæззау зæрæдæрыст; йæ цæстæнгас агъуысты къуымтыл ахаста, цыма нырма ныртæккæ райхъал æмæ, кæм ис, уый дзæбæх нæма æмбары. Дофка йæ цуры куы нæ уыдаид, уæд хъæрæй ныхъхъæрзыдтаид Сыгъзæры хуызæн, фæлæ ныр йæ былтæ кæрæдзимæ æнгом нылхъывта, нылхъывта йæ зæрдæйы ногæй фæзынæг уæззау рыст йæ мидхъаруйæ, раст цыма æгъатыр лæг, йæ туг кæмæн фæкæлы, ахæм цæф цъиуы йæ тых, йæ бонæй йæ тымбылкъухы æлхъивы, афтæ. Дофка дæр ын, æвæццæгæн, йæ уавæр бамбæрста, хорзау нал уыди, цы кæна, уый нæ зыдта, æмæ уыцы зын фадаты йæ цæсгомы æнцъылдтæ фæфылдæр сты, йæ тæригъæддаг кæуындзаст хуыз ноджы тæригъæддагдæрæй разынд. Бон фæтарсти, куы нырдиаг кæна, зæгъгæ. Йæ бон куыд уыди, афтæ йæхи æрсабыр кодта, стæй загъта: 

— Дофка, бахатыр кæн... Æгæр бирæ дæ лæууын кæнын... Дæ хæбизджын тынг хæрзад уыди... 

— Æмбарын дæ, лæппу... Мæнæй бафæлладтæ æмæ мæ тæргæ кæныс. 

— Нæ, цæмæн афтæ зæгъыс? — Бон фестъæлфыд, Дофка йын йæ хъуыды хуымæтæг дзырдтæй кæй загъта, уымæй. Цы ма ракодтаид, уый йæ сæр дзæбæх нæ ахста, æмæ йын æнæрхъуыдыйæ бандон йæ цуры æрæвæрдта. — Гъа, мæнæ афтæ сбад. 

— Уыцы фыдæхсæв уæ рудзынгыл мидæмæ мах цæхæрадоны ’рдыгæй чи бырыди, уыцы сау æндæргæн йæ уæлæдарæсæй дон куыд сæх-сæх кодта, уый ныр дæр хъусын. Тынг хæстæг æм бацыдтæн, иуахæмы фæнд дæр акодтон, фæхæцон ыл æмæ йæ бынмæ æрæппарон, зæгъгæ. Арæхдзауы бирæ уарзтон... Авд фырты мын уыди æмæ сегасы дæр баныгæдтон... Æмæ йæ уыдоны бæрц уарзтон. Дыууæ хистæрæн сывæллæттæ баззади — хистæрæн æртæ фырты æмæ чызг, кæстæрæн — дыууæ чызджы. Хистæр чындз хæрзуд адæймаг у, йæ сæрыхицауы йæ зæрдæйæ нæ аппæрста йæ мæлæты фæстæ, æмæ мемæ цæргæ баззади сывæллæттимæ. — Дофкайы цæсгом æвиппайды срухс. — Мæ чысыл хуртæ... Кæстæр чындз та уайтагъд йæхицæн лæг ссардта, йæ дыууæ æнахъом сабийы мæнæн фæуагъта æмæ Сындзыхъæумæ ныффардæг иу къуприйы фæдыл. 

Дофка ныхъхъус, сагъæсты аныгъуылд, йæ чысыл цæстыты æрттывд бынтон æрмынæг. 

— Ныр уыдæттæ дæуæн цæмæн дзурын? — æрæджиау йæхи хъæрæй бафарста. — Мæгъа... Адæймаг искæимæ куы нæ дзура, уæд ын цæрæн нæй. 

— Чи уыди? — бафарста Бон. 

— Чи? — йæ сагъæстæй нæма æрчъицыдта Дофка. 

— Нæ рудзынгыл чи балæст? 

— Зоныс æй. 

— Зонын æй, — Бон мæсты каст бакодта Дофкамæ, цыма, сæ рудзынгыл кæддæр чидæр мидæмæ кæй бабырыд, уымæй йæ аххосджын кæны. 

— Зоныс æй, зоныс, — йæ сæр гуызавæ тылд бакодта зæронд сывæллон. — Фæлæ, ды цы нæ зоныс, уый та дын мæнæй фæстæмæ ничи радзурдзæн а дунейыл. Æрмæст мын дзырд радт, цы дын зæгъон, уый кæй ферох кæндзынæ! 

— Дзырд дын дæттын. 

— Нæ, нæ, мæ хур, сомы бакæ! 

— Цæмæй дын басомы кæнон? 

— Дæ фыды ног ингæнæй, йæ уæлæ чи нæма бахус, уыцы нæфæтчиаг сыджытæй. 

Бон джихæй касти Дофкамæ, йæ дзых бахæлиу. 

— Куы нæ мын басомы кæнай, уæд дын ницы зæгъдзынæн. Бон та йæхиуыл банкъардта зæронд усы цъæх цæстæнгасы цыргъ. 

— Цæй, уæдæ, — загъта Дофка. — Æз фæцæуын. 

— Фæлæуу, — тарстхуызæй сдзырдта Бон. — Æнæ басомыгæнгæйæ мыл не ’ууæндыс? 

— Бæргæ дыл æууæндын... — Зæронд усы æнцъылдтæ цæсгом та кæуындзаст хуыз райста, фæлæ йæ цæстытæ æгæр карз æрттывтой, æмæ уый цыдæр тас уагъта Боны уды. 

— Сомы дын кæнын... 

— Хуымæтæджы сомы нæ! — лæгъстæгæнæгау райдыдта Дофка. — Æз дын цы дзурон, уый дзур мæ фæдыл... Сомы дын кæнын, Дофка... 

— ...сомы дын кæнын, Дофка... 

— ...мæ фыды ингæнæй, чи нæма йыл бахус, уыцы сыджытæй... 

— ...мæ фыды ингæнæй, чи нæма йыл бахус, уыцы сыджытæй... 

— ...æз дæ абон цы фехъусон, уый кæй никæмæн ской кæндзынæн... 

— ...æз дæ абон кæй фехъусон, уый кæй никæмæн ской кæндзынын... 

— Гъе, афтæ, — арф ныуулæфыди Дофка. Тæрсгæ кæнын... Мæхицæн нæ тæрсын... Мæ сывæллæттæн тæрсын. Уымæн æмæ мæм уыцы æхсæв бавзыста... Искæмæн, дам, радзырдтай ацы хабар, уæд дæхи мардыл нымай. Æмæ мын мæ хæдзарыдзаг сывæллæттæ чи хæсдзæни, фосмæ чи зилдзæн, нæ чындз дæр рынчындонæй æддæмæ куы нæ цæуы, уæд... 

Дофка йæ тæнæг былтæ кæрæдзимæ нылхъывта æмæ иу уысм афтæмæй лæууыди. Стæй та райдыдта: 

— Уæ рудзынгæй мидæмæ уыцы сæфты ’хсæв чи бырыди, уый дæхæдæг дæр зоныс... Гæлæу... Уæ, Хуыцау, мацы мын кæн, сомы йын бакодтон, кæй йæ не схъæр кæндзынæн. Æмæ, бæргæ, ме ’ууæнк нæ бахæрин, мæ сомы нæ фехалин, фæлæ, уыцы æнамонд æхсæв цытæ æрцыди, уыдон æгæр диссаг сты, мæ зæрдæйы арфдæр къуымы сæ æмбæхстæй дарын мæ бон нал у, мæ сæр мын фæйнæрдæм тонынц. Æмæ сæ дæуæй уæлдай кæмæн радзурон, ахæм адæймаг та а дунейыл æз никæй зонын... Гæлæу мидæмæ куы лæсти, уæд æз йæ хæд фæстæ бæласы аууон слæууыдтæн. Сыгъзæр ын æххуыс кодта, йе ’фцæгготæй йæ мидæмæ ласта. Ныхасгонд уыдысты æви нæ, уый нæ зонын. Фæлæ йыл дæ фыдыус куыд аудыдта, куыд æй рæвдыдта, уымæ гæсгæ та афтæ ахъуыдыгæнæн дæр уыди... Цырагъ ахуыссын кодтой, æз дæр нæхимæ цæуинаг уыдтæн, фæлæ уыцы диссæгтæй зæрддзæфы хуызæн фæдæн, æмæ мæ бон сызмæлын нæ уыди. Ныр мæ их та æнæхатырæй хойы, бæласыл дæр йæ сыфтæртæ æмæ лыстæг къалиутæй ницыуал аззад, æркалдта сæ, цыма сæ исчи цыргъ кардæй æрæхсæста, афтæ. Хорз, æмæ мæ бур голлаг бæзджын уыди, æмæ мæ бахъахъхъæдта, æндæр кæйдæр рудзгуыты бын æмбисæхсæв æгады мард нæ кодтон? 

Дофка фенцади. Йæ цæстыты æдзынæг кастæй хуынкъ кодта Боны. 

— Иу уысмы фæстæ, — ногæй райдыдта зæронд ус, — ме ’муд куы æрцыдтæн, уæд нæхимæ рацæйцыдтæн, уарын дæр фæсабырдæр. Фæлæ уыцы рæстæг уæ гом рудзынгæй æддæмæ рацæйхызти Гæлæу. Йæ къæхтæ зæхмæ нæма æрхæццæ сты, афтæ райхъуыст йæ æбуалгъ æрдиаг: «Æллæх, амардта мæ! Цъаммар гадздза сыл мæ амардта»! Зæхмæ æрхауди, ратул-батул кæны. Цы акодтаин, уый нæ зыдтон, хæстæг бацæуын æм нæ уæндыдтæн, æмæ, уый цъыфы куыд ратул-батул кодта, афтæ æз дæр мæ мидбынаты зылдтæн, цоппай кодтон. Уалынмæ цырагъ ссыгъди, æмæ рудзынгæй æддæмæ йæ сæр радардта дæ фыдыус. Уыцы æнамонд æхсæв уый цæсгом цырагъы рухсмæ куыд рæсугъд уыди, ахæм рæсугъд уый размæ дæр, уый фæстæ дæр нæ федтон. Йæ диссаг та уый уыди, æмæ йæ мидбылты фæлмæн кæй худти. Гæлæумæ бынмæ æркаст æмæ йæм дзуры: «Нæ фыццаг æхсæвы хуызæн æхсæв ма искуы æрцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Хъуыды-ма йæ кæныс: уæддæр арв æмæ зæхх кæрæдзи афтæ хостой, их дæр ахæм карз æмæ ставд уыди. Дæ фæсонты сагъд кард у Арæхдзауы цуанон кард, куыд цыргъ у, уый æгайтма бавзæрстай. Алцæуыл дæр фидын хъæуы, мæ рагон уарзон, дæ хæдзарæй дæр, колхозæй дæр дыууæ гагайы лæвары номæн куы никуы никæмæн радтай æнæ ’хцайæ, уæд адæймагæн йæ царды тавс, йæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг, йæ бæллицтæ æмæ фæндæттæ дæхицæн хъазынæн æмæ хынджылæгæн лæвар цæмæн хъуамæ байсай? Цæмæн мын байстай мæ хъæбулы, мæ уды уидаджы? Æнæзæнæг мæ цæмæн фæкодтай? Гъе, гъе уыдæттæн æмæ бирæ æндæр цæмæндæрты сæ мызд фидыны рæстæг æрцыди. Мæ мызд — Арæхдзауы цыргъ карды цæф. Уый у Арæхдзауы мызд дæр, йе ’мбал уæвгæйæ йын йæ усмæ кæй æрбахъуызыдтæ, уый хыгъдмæ». «Æ, цъаммар гадздза! — зæгъгæ йæм дзуры Гæлæу хъæрзгæйæ. — Джыртмæ цæуæг хъуджы богъ хъæуы, дæ лæг та богъ нæу. Стæй мæ кæд маринаг уыдтæ, уæд ма мæ быны цæмæн æрхуыссыдтæ?» «Дæ быны уымæн æрхуыссыдтæн, — дзуры йæм дæ фыдыус, — æмæ ацы ’хсæв уыцы ’хсæвы хуызæн кæй уыди. Дæ быны уымæн æрхуыссыдтæн, цæмæй, æхсæрдæсаздзыд чызгæй дæу цы уарзтæй уарзтон, уый ме ’цæг уарзон Арæхдзауы карды цыргъимæ баиу кæнон. Æз дæр йæ мызд фидын Арæхдзауæн — йæ сау гуырысхойæ йæ цард йæхицæн кæй сæнад кодта, уый мызд. Мæхи дæр æнæхай нæ фæкодтон, ма тæрс, мæхицæн дæр мызд фидын — райсом дæ ам мæ рудзынджы бын мардæй куы ссарой, уæд мæ ном æнæхъæн Дыгуры фидисæн баззайдзæн, мæхи та мын Сыбыры уазал къæйтыл сæмбæлын кæндзысты. Хуыздæр мызд мæ нæ хъæуы! Æндæр гæнæн нæй, мæ рагон уарзон, хæстæ фидын хъæуы!» — зæгъгæ, рудзынг æнгом бахгæдта дæ фыдыус, цырагъ дæр ахуыссын кодта. Гæлæумæ бацæуон, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ йæхæдæг нæтгæ æмæ хъæрзгæ тыххæйты сыстади æмæ, расыджы хуызæн цудтытæгæнгæ, мæнырдæм æрбацæйцыд. Æз цæхæрадоны бæлæсты аууæтты нæхимæ фæцæйхъуызыдтæн, фæлæ мæ хæд фæстæ райхъуыст Гæлæуы хъæлæс: «Кæцы дæ? А-а, Дофка куы дæ! Æ, хингæнæг, фæкастæ æмæ нæм фæхъуыстай! Хуыцау дæ уæлæмæ хуымæтæджы не суагъта!». Ныр йæхæдæг та куы иуырдæм, куы иннæрдæм акъул вæййы. Æз æм бауадтæн, йæ дæларм фæмидæг дæн, йæ астæуыл ын фидар æрхæцыдтæн. «Фидар фæлæуу! — зæгъгæ йæм дзурын. — Цом». «Кæдæм?» «Махмæ». Гæлæу ныууынæргъыдта, йæхи мæ ратонынмæ хъавыд, фæлæ йæ бон не сси. «Кæс-ма амæ, — худæгау бакодта, — асæй — уылынг, тыхæй — богал. Хъус-ма, хингæнæг, — фæхъæр мыл кодта, — æз сымахмæ куы бацæуон, уæд сывæллæттæ та цы зæгъдзысты? Хур нæма скæсдзæн, афтæ мын мæ хабар хъæуыл ныппырх кæндзысты. Ууыл ахъуыды кодтай? Уæвгæ дæ сæр карчы сæрæй къаддæр у æмæ дзы цанæбæрæг зонд ис!» «Уæдæ дæ афтæмæй дæр ам куыд уадзон? » Гæлæу сагъæсыл фæци, ныр йæхæдæг та тагъд-тагъд улæфы æмæ хъæрзы, æз дæр ыл фидар хæцын, фæлæ мын куы иуырдæм фæкъул вæййы, куы иннæрдæм. Стæй афтæ зæгъы: «Бакæн мæ уæхимæ, æрмæст хæдзармæ — нæ. Скъæтмæ. Уе скъæт дыууæ хатæнæй конд у?» «О», — зæгъын. «Уæдæ мын иу хатæн суæгъд кæн.» «Æмæ, — зæгъын, — нæ хъуг ногзад у, йæ род...» «Æ, цъаммар, æргæвдинаг хингæнæг!» Гæлæу йæхи ратыдта мæнæй æмæ размæ бахауд. Æз ын æххуыс кодтон, афтæмæй йæ къæхтыл тыххæйты слæууыд ногæй. «Кæс-ма ацы кæлæнгæнæгмæ, — нæтгæйæ дзуры. — Лæг мæлгæ кæны, ай та йе ’хсыры цъырттыл мæт кæны!» «Нæ кæнын, нæ кæнын! — зæгъгæ йæм лæгъзæй дзурын. — Æнæрхъуыды ныхас загътон, æмæ мын бахатыр кæн». «Уæдæ хъус. Кæвдæсы мын хуыссæн скæн. Мæ цæф мын дзæбæх кæндзынæ. Кæд фервæзин... Дæ хинтæ æмæ кæрдæгæй хостæ бирæтæн куы фæахъаз сты. Куы мæ фервæзын кæнай, уæд, дæхи дзыхæй цыдæриддæр бацагурай, уый дын уыдзæн. Дæ сывæллæттæ сидзæр нал уыдзысты. Фæлæ, ацы æхсæвы хабар искæмæн куы радзурай, уæд дæ гуырæй райгæ у! Маргæ дæ кæндзынæн. Хуымæтæджы мард нæ! Фыццаг дын де ’взаг ахауын кæндзынæн. Бамбæрстай? Дæ чындз кæм и? «Уый, зæгъын, ныр æртыккаг къуыри Цыколайы рынчындоны сæйы, йæ ахсæны йын цыдæр фыдниз ссардтой». «Рак?» «О, зæгъын, рак, рак». «Уый хорз, тагъд нæ раздæхдзæн, чи зоны, здæхгæ дæр мауал ракæна», — бацин кодта Гæлæу. 

Тыхамæлттæй Гæлæуы нæхимæ æрбакодтон, скъæтмæ бацæуæны йæ нал баурæдтон, размæ мын бахауд, æмæ мæ æнæфсарм ныхæстæй æлгъыста. Æз æй фæстæмæ йæ къæхтыл слæууын кодтон, нæ род æмæ дыууæ уæрыччы кæм дардтон, уыцы хатæнмæ йæ бакодтон. Гæлæуы къуымы сбадын кодтон. Мæхæдæг род æмæ уæрыччытæ сæ мадæлтæм иннæ хатæнмæ бауагътон, сусæгæй хæдзармæ бацыдтæн — хорз, æмæ сывæллæттæй ничи райхъал. Фæтæген цырагъ ссыгътон, хъæццул, тæнæггомау гобан, баз, стæй нæ лæджы рагон кæрц райстон æмæ фæстæмæ скъæтмæ æрбаздæхтæн. Кæвдæсы йын уат бакодтон, схæцыдтæн ыл, æрхуыссын æй кæнон, зæгъгæ, æмæ цырагъы рухсмæ федтон... Ныр дæр мæ зæрдæ баризы, цы федтон, уый мæ цæстытыл куы ауайы, уæд. Йæ дыууæ уæны астæу сагъд уыди хъамайы йас стыр кард... Уый дын мæ дзуринаг... Дæ сомы дæ зæрдæйыл дар, дæ хорз фыды ингæныл чи нæма бахус, уый дын макуыуал бахус уæд... Алыхуызон кæрдæджыты хостæй дзæбæх кодтон Гæлæуы. Дыууæ къуырийы фæстæ хъæубæстыл айхъуыст хабар, Гæлæу, дам, горæты уыди, æмæ йæ хулигантæ кардæй барæхуыстой... Гъе, афтæтæ. Дофка та фæхъус. Йæ цæстыты цъæх æрттывд афтæ карз æмæ æдзынæг уыди, æмæ Боны сæрыхъуынтæ бадыз-дыз кодтой. 

— Мæ сывæллæтты мын ма бабын кæн! — æвиппайды чысыл зæронд усы цæсгом ахæм тæригъæддаг хуызæй разынди, æмæ Боны зæрдæ ноджы тыхджындæр æбæрæг тас ныццавта. — Цы дын радзырдтон, уый демæ ингæнмæ ахæсс! Дæ фыды ингæны сыджыт та дын макуы бахус уæд! Зонын æй, иуахæмы йæ де ’мбæлттæй искæмæн æнæрадзургæ нæ фæуыдзынæ! Æмæ мын мæ лыггæнинаг æвзаг Гæлæу лыг кæндзæни, йæ фæсонты йын дæ фыдыус цы кард ныссагъта, уыцы стыр кардæй! Мæ сидзæртæ цы фæуыдзысты?! 

Æвиппайды Дофка ахæм цъæхахст ныккодта, æмæ Бон зæрддзæфау фæци. Зæронд ус пъолмæ æрхаудта, фыццаг йæ гуыр куыддæр æрбатымбылтæ, стæй, æваст йæ хурх кæмæн ахауын кæнынц, ахæм каркау йæхи зæххыл хойын райдыдта, йæ дзыхæй та калди фынк. Бон, цы кодтаид, уымæн ницы зыдта, йæ бон нæдæр фезмæлын уыди, нæ исты зæгъын. 

Чидæр къæсæрæй æрбагæпп кодта æмæ йæм сдзырдта: 

— Тагъд уидыг! 

Фæлæ Бон цавддурау лæууыди йæ бынаты. 

— Дæумæ дзурын, Бон, тагъд уидыг! 

Бон скъаппы дуар фегом кодта, уидыг райста, чи йæм дзырдта, уымæ йæ радта. Нырма ныр федта, Дофкайы къухтыл чи хæцыди, уый сæ сыхæгты бадæг чызг, фосы дохтыр Дзерассæ кæй у. Уый йæ дзыппæй йæ къухмæрзæн фелвæста, уидыджы хъæдыл æй æрбатыгъта æмæ йæ Дофкайы дæндæгты æхсæн тыхтъыст ныккодта. 

— Мауал тæрс, ныр ын ницыуал уыдзæн, — Дзерассæ скасти Бонмæ. — Суртæгæнджытæ арæх сæ дæндæгты æлхъывдæй се ’взæгтæ ахауын кæнынц. Уæ рæзты фæцæйцыдтæн æмæ, Дофкайы цъæхахст куы айхъуыстон, уæд æй уайтагъд бамбæрстон — йæ низ та йæ æрцахста. Фæстаг азты райдыдта суртæ кæнын. Æмæ уыцы æнамонд низæн та хос нæй. Мыййаг дын Гæлæуы кой кодта? — Дзерассæ та хæрдмæ скасти Бонмæ. 

— Нæ... Ницы... — йæ сæр æруагъта Бон. 

— Фæстаг рæстæг Гæлæуы кой арæх кæны... Æппæлы дзы, мæ сидзæртæн, дам, мын алы аз дæр дзулладжы урс ссады голлаг æмæ стуры къабаз æрбарвиты. Фæлæ адæм афтæ дзурынц, Гæлæуы кой кæнын, дам, куы райдайы, уæд мæнæ ныр куыд басур, афтæ басур вæййы, йæ комы фынк фæкæлы. Мæхæдæг дæр æй къорд хатты афтæмæй федтон. Гæлæу æмæ йæ низы ’хсæн цы бастдзинад ис — мæгъа... Уæвгæ ацы низ цы у, уый ничима сбæлвырд кодта, йæ равзæрды аххоссæгтæ йын стыр ахуыргæндтæ дæр нæ зонынц. 

Дофка уыцы тымбылтæй йæхи хоста пъолыл, йæ дзыхæй зынди цайцымæн уидыг къухмæрзæны тыхтæй. Куы не ’нцади йæ къабæзтæ тилынæй, уæд Дзерассæ йæ зонгуытыл æрбадти, йæ уæхсчытæ йын йе стыр уæззау къухтæй (Дофкайы цур уæйыджы хуызæн зынди) пъолмæ тынг нылхъывта, йæ уæраджы сæрæй йын йæ риуыл æрæнцади, йæхæдæг Бонмæ дзуры: 

— Бон, ды та йын йæ къæхтыл хæц, змæлын æй ма уадз, йæхи бынтон ныппырх кодта. 

Бон ын йæ къæхтæм куыд фæцæйæвнæлдта, афтæ Дофка йæ гæндзæхтæ цæгъдынæй банцад, йæ лыстæг цæстытæ байгом кодта æмæ æрра каст кодта Бонмæ. 

— Кæм дæн? — æрæджиау бафарста æмæ рабадт, стæй сыстад. — Кæм дæн? 

— Мæнæ нæ сыхæгтæм стæм, Дофка, æви Боны нал зоныс? — загъта Дзерассæ. 

Дофка йæ сæр æруагъта æмæ сабыргай рацæйцыд дуары ’рдæм, фæлæ, тарвазмæ нæма бахæццæ, афтæ æрлæууыд, фæстæмæ ракаст, агъуысты къуымтыл йæ цæст ахаста æмæ, йæ цæсгом цы æнцъылдтæ уыди, уымæй та ноджы тынгдæр фенцъылдтæ, йæ былтæ æддæмæ ракъуыпп сты, афтæмæй йæ фындзæй хъæрæй сысмыстытæ кодта: 

— Цыдæр бамбыдис... Æмбыд смаг уæ фындзтæ нæ ахсынц? Æвæццæгæн, искуы аууон ран къуымы уыры ныххæдмæл, йе та мыст... 

— Ницы смаг цæуы, Дофка, уый дæумæ афтæ кæсы. 

— Дзерассæ куы дæ... Цæуы, мæ хур, цæуы, карз смаг мын мæ фындзы хъæлтæ цæвы. Бацагурын хъæуы, кæцæй цæуы, уыцы бынат. Бон, ам пъолы хуынчъытæ никуы ис? 

— Нæ, — йæ сæр батылдта Бон. 

— Мæнæ диссаг! — Йæ фæлурс æнцъылдтæ уадултыл йæ чысыл армытъæпæнтæ авæрдта Дофка. — Уæдæ мæныл мæ сæр зилы? Смаг, æмбыд смагæй мæ бон сулæфын куы нал у! — Дофка йæ рахиз къухы хистæр æнгуылдз æмæ амонæн æнгуылдзæй йæ тæнæг фындзы кæрон нылхъывта, йæхæдæг бацыди уазалгæнæнмæ, байгом æй кодта. Уазалгæнæнæй ракалд æмбийæг дзидзайы смаг — дзаг уыди дзæбидыры фыдæй. 

— Нæ уын зæгъын! — бацин кодта Дофка. Цыма йыл цалдæр минуты размæ æппындæр ницы æрцыд, уыйау йæ чемы абадт. 

— Æвгъауаг фæрзиу дзæгъæлы æмбийы, æмæ уый Хуыцауæй дæр тæригъæд у... 

— Ныртæккæ йæ ракалдзынæн, — загъта Бон. 

— Уый та дын цы ныхас у? Куыд калыс цæттæ фæллой? — Дофкайы лыстæг цæстытæ фæлакъон сты, йæ басуры размæ куыд цыргъ цъæх æрттывд кодтой, уый бынтон æрмынæг. — Дæхимæ уыйбæрц тæригъæд цæмæн исыс, дæ фыд сæрсæфæны тигътыл йæ уд йæ къухы даргæ адон тыххæй фæхатти, ды та сæ æппаргæ кæныс? 

— Уæдæ сын цы кæна? — йæ бæсты дзуапп радта Дзерассæ. 

— Дæхæдæг куы зæгъыс, бамбыдысты, зæгъгæ. 

— Мæхи бар сæ уадзут, — Дофка та басмыста уазалгæнæнмæ. 

— Æмбыд нæма сты. Смаг скодтой, фæлæ уымæн хос ис. Уазал доны сæ ныхсдзынæн, стæй сыл цæхх байзæрддзынæн. Уый фæстæ тохынамæ — фæздæгмæ... Замманайы хус дзидза басгуыхдзæн, комыдæттæ йæм уайдзысты, фыцын дæр æй нæ хъæудзæн. Куыд дæ фæнды, Бон, нæхимæ сæ хæссон? 

— Дæу куыд фæнды, афтæ... Мæн фыхæй дæр, хомæй дæр нæ хъæуынц. 

— Нæ, афтæ та нæ! — йæ къухтæ батылдта Дофка. — Æз сæ æрмæст бакой кæндзынæн, æндæр искæй фæллойæ мæ сывæллæтты хæссон, уый мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн. 

— Дофка, ныр цытæ фæдзурыс? — сбустæ йыл кодта Дзерассæ. — Исчи дæ аххосджын кæны, кæйдæр фæллой хæрыс, зæгъгæ? Бон иунæгæй айбæрц дзидзатæн цы акæна, уæдæ? 

— Хус фыд сæфгæ нæ кæны. Йæ зæрдæ куыд агура, афтæ йын дзы хæринаг кæндзынæн. Сæ дыууæ хъугæй кæй дуцын, уыцы æхсырæй та хæндыджы цыхт кæнын, дæ зæрдæ мацæмæ дзурæд, Бон. 

— Цæй, æз фæцæуын, афонмæ мæ агурынц, — загъта Дзерассæ æмæ ацыди. 

— Дофка, — загъта Бон, — æз Мæцутæмæ цæуын, экзаментæ нæм уыдзæн æмæ тагъд нал æрбацæудзынæн. Дзидзайæн дæр, цыхтытæн дæр цы кæныс, уый сын кæн, æз сæм кæсгæ дæр нæ бакæндзынæн. 

— Афтæ цæмæн дзурыс, мæ хур? — Дофкайы цæсгом та уарын боны хуызæн нынкъард. — Уæдæ цæмæй цæрдзынæ? 

— Интернаты хæрæндон ис. 

Дофка ницыуал загъта, ацыди, стæй иуцалдæр минуты фæстæ фæзынди дыууæ стыр ведраимæ. Уазалгæнæн байгом кодта, дзидзатæ ведратæм ныккалдта. Куы ацыди, уæд Бон фæндон сулæфыди — æппынфæстаг иунæгæй баззад. Фæстæмæ иннæ уатмæ йæ сынтæгмæ баздæхт æмæ йыл йæхи куыддæр æруагъта, афтæ афынæй. Цас фæхуыссыди — Хуыцау йæ зонæг. Куы райхъал, уæд уат уыди талынг. 

Æвиппайды йæ хъустыл цыдæр æнахуыр уынæр ауади, афтæ йæм фæкасти, цыма цæлгæнæны чидæр цыдæр архайы. Цы уыди, уымæй хъус фестади. Цæлгæнæнæй кæйдæр тыхурæд худын райхъуысти. Стæй хæдзар æнæхъæнæй дæр сусу-бусу фестад. Бон ноджы тынгдæр ныхъхъуыста, фæлæ иунæг бæлвырд дзырд дæр нæ ахста. Сынтæгæй рагæпп кодта æмæ тæрсгæ-ризгæ цæлгæнæны дуармæ бацыдис. Хъуызгæ бакаст къæсæрæй мидæмæ æмæ федта стыр диссаг: Арæхдзау æмæ Сыгъзæр фынджы уæлхъус бадтысты кæрæдзи комкоммæ, сæ цуры, Дофка изæрмæ хæстæг цы дзидзатæ фæхаста, уыдон рæдзæгъдтæй лæууыдысты. Се ’мбыд смаг Боны фындзы хъæлтæ ныццавта, йæ зæрдæ схæццæ, кæртмæ рауади, каурæбын йæхи фæгуыбыр кодта, йе ’нгуылдзтæ йæ дзыхы арф ацавта, фæлæ омын не ’сфæрæзта. Иучысыл ын фенцондæр. Рухсы цъыртт никуыцæй зынди, зæххыл бадти бæзджын уалдзыгон хæрæмигъ. Бон сæ рудзгуытæм бакасти — уырдыгæй дæр рухс никæцæй калд, къахт цæстытау уыдысты сау. Фæстæмæ бацыди хæдзармæ, цæлгæнæнмæ та мидæмæ тарвазы аууонæй бакасти, йæ зæрдæйы ныр тасæн йæ аууон дæр нал уыди, фæлæ уыйхыгъд йæ дис фæтыхджындæр: цырагъ дзы куы нæ судзы, уæд рухс цæмæн у? Арæхдзау фынгыл йæ дыууæхстоны топпы пистон хъен æрæвæрдта, йæ дзыппæй систа здыйæ конд хæрз тымбыл лыстæг фæрдгуытæ. 

— Сыгъзæр, ацы фæрдгуытæ дæуæн балхæдтон, дæуæн сæ ауæрстон, дзæбидыртæн æвгъау сты, — дзырдта Арæхдзау, фæрдгуытæ фынгыл æвæрдта, тымбыл зиллак дзы куыд рауайа, афтæ. — Фæлæ мæнæ ацы фæрдыг уыныс? — Арæхдзау астæуæй æвæрд стырдæр здымæ йе ’нгуылдзæй бацамыдта. 

— Уынын æй, — бахудти Сыгъзæр. — Цæстытæ мыл нæй, æви мæ мард æнхъæлыс? 

— Уый зды нæу, уый сыгъдæг сызгъæрин у. 

Æцæгæйдæр, Арæхдзау цы фæрдыгмæ амыдта, уый сызгъæрин фестад, сырх цæхæры къæрттау сæрттывта, йæ рухс уылæнтæ хæлиу кодта уаты. 

— Ды алы хатт дæр афтæ кæныс, — сбустæ йыл кодта Сыгъзæр. 

— Де зды нæмгуыты æхсæн сызгъæрины къæртт кæй æмбæхсыс, уый адæм рагæй зонынц, æз та йæ мæнæ ныр федтон... — Сыгъзæр скуыдта. 

— Æнæ кардæй мæ æргæвдыс! — нырдиаг кодта Арæхдзау дæр. 

— Æз æй æмбæхсгæ нæ кодтон, фæлæ йæ дæуæн ауæрстон. Цас фылдæр рæстæг ыл цæуа, уыйас стырдæргæнгæ цæуы, æмæ, зæгъын, де стыр фæрдгуытæй куы фестырдæр уа, уæд дæм æй бавдисдзынæн. 

— Уæдæ йæ Дофка мæнæй раздæр цæмæн федта? 

— Дофка хингæнæг у, ныр мах ам кæй бадæм, уый дæр уыны, нæ ныхæстæ дæр нын хъусы. 

— Уæдæ ацы здыйы нæмыг мæн у? 

— Здыйы нæмыг нæу, сызгъæрины къæртт у! — æрбамæсты Арæхдзау. — Цæстытæ дыл нæй? 

— Цæстытæ мыл ис, фæлæ сæ уынгæ нæ кæнын. Дæу дæр никуы федтон. Дæ лæппу Боны дæр никуы федтон. Фæлæ ацы зды... сызгъæрины та хорз уынын. Кæд æй мæнæн ауæрстай, уæд мын æй цæуылнæ дæттыс? 

— Охх, не ’фсин, бæргæ дын æй радтин, фæлæ дзы хуынкъ нæй, æмæ йæ дæ фæрдгуыты æндахыл куыд бакæндзынæ? 

— Æмæ йæ æз фæрдыгæн дарынмæ курын? — уайдзæфгæнæгау загъта Сыгъзæр. — Æз уыцы кары нал дæн, æмæ фæрдгуытæ æмæ алы æрттиваг хъазæнтæ мæхиуыл æрцауындзон! 

Сыгъзæр йæ дыууæ стыр риуы æхсæн йæ къух атъыста æмæ йæ ронæй сласта, Арæхдзауы цур хъенæй чи лæууыди, раст ахæм афтид пистон, фынгыл æй æрæвæрдта, уымæн дæр йæ ком хæрдмæ куыд уыдаид, афтæ. 

— Мæнæ йæ ам ныппар, — афтид хæтæлы дзыхмæ амонгæйæ, загъта сылгоймаг. 

— Уым нæ бацæудзæн, æфсин, — йæ сæр батылдта Арæхдзау. — Æгæр бирæ рæстæг ыл рацыд æмæ æгæр стыр сси. 

— Бавзарæм æй, цымæ дзы нæ ныххауид, — фидарæй загъта Сыгъзæр. 

Арæхдзау æнæбары здыйы тымбыл нæмгуыты астæуæй систа сызгъæрины стыр къæртт, æмæ йæ, Сыгъзæр йæ ронæй кæй фелвæста, уыцы хæтæлы хуылфмæ ныппарыныл ацархайдта, фæлæ йын куы нæ куымдта, уæд бацин кодта: 

— Нæ дын зæгъын, æфсин, нæ дзы ныллæсдзæн! Уадз æмæ цæра ацы сызгъæрины къæртт мæ уды æмæ стырдæрæй-стырдæр кæна! 

— Æмæ мæныл ахъуыды кодтай? Дæхи мæтæй уæлдай дæм никæй мæт ис... — Сыгъзæр та скуыдта. 

— Гъомæ, уæдæ цы бакæнон? — стыхсти Арæхдзау. — Дæхæдæг æй уыныс, нæ цæуы пистоны хъæлæсы! Гæр, дæуæй зынаргъдæр мын куы ничи ис ацы зæххыл, уæд дын цыдæр згъæры мур æвгъау кæнын? Цæмæн мæ æфхæрыс? — Арæхдзау бустæхуызæй æдзынæг касти Сыгъзæрмæ. 

— Уæдæ-ма йæ ардæм æри! — загъта Сыгъзæр. Цыма кæугæ æппындæр никуы кодта, афтæ йæ цæстыты уымæл æрбайсæфт, цыдæр сусфæндæй йын æнахуыр æрттывд скодтой, йæ цæсгомыл хъазыди хъæлдзæг, фæлæ фæлывд мидбылхудт. 

Арæхдзау сызгъæрины къæртт йæ тымбылкъухы нылхъывта, æвæццæгæн æй раттынмæ нæ хъавыд, фæлæ йæм йæ ус афтæ æдзынæг æмæ лæгъстæхуызæй касти, æмæ йæ бон «нæ» зæгъын нал баци, æнæбары йæм йæ къух бадаргъ кодта: 

— Гъа, райс æй. Фæлæ, мæхимæ куы баззадаид, уæд хуыздæр уыди, бæргæ — бынтон стыр суыдаид. 

— Ууыл ма тыхс, — хъæлдзæгæй загъта Сыгъзæр æмæ райста сызгъæрины къæртт Арæхдзауы къухæй. — Мæнæн ай дæр мæ фаг у. Адæймагæн бафсис нæй — дæхæдæг куы зæгъыс, фестырдæр уа, зæгъгæ. Æмæ куы фестырдæр уа, уæд дæ ноджы тынгæдæр фæнддзæн, цæмæй ноджы стырдæр суа. Æмæ кæрон никуы ссардзынæ дæ бæллицæн, сызгъæрины къæртт Уазайы цъуппы ас куы суа, уæддæр. Фæлæ, уый пистоны хуылфмæ куыддæр ныххауа здыйы бæсты, афтæ дæ хъынцъымæй фервæздзынæ, дæ цард æрсабыр уыдзæн, — афтæ дзургæйæ сылгоймаг архайдта сызгъæрины къæртт афтид хæтæлы хуылфмæ ныппарыныл, фæлæ йын нæ куымдта — æгæр чысыл ын уыд хæтæлы хъæлæс. 

— Дæхи удхарæй дзæгъæлы марыс, æфсин, — рæвдаугæ хъæлæсæй йæм дзуры Арæхдзау. — Райсом Гæлæумæ фæдзурдзыстæм, æмæ йæ уый ныппардзæн хæтæлы хуылфмæ. 

— Райсоммæ ма йæ цы уадзæм? — райхъуыст Гæлæуы фæсус хъæлæс. 

Бон фестъæлфыд. Цæлгæнæны чысыл уаты къуымтыл йæ цæст ахаста, фæлæ дзы сæ зæронд скъапп æмæ пецæй йеддæмæ ницы федта. 

Уалынмæ дард кæцæйдæр æрбазынд адæймаджы æндæрг, афтæ дардæй æмæ, чи уыди, уый цæст нæ ахста. Бонæн йæ тас фылдæр уыди, æви йæ дис, уый ничи сбарстаид. «Нæ уат къуындæг куы у, йæ къултæдæр куы нæ фехæлдысты, уæд дзы афтæ дард куыд зыны адæймаг?» 

Уæдмæ Гæлæу æрбахæстæг, Арæхдзау æмæ Сыгъзæр цы фынджы уæлхъус бадтысты æмæ æмбийæг дзидзатæ цæндтæкæлдтытæй кæуыл лæууыдысты, уымæ. 

— Уæ бон хорз! — загъта Гæлæу. — Уæвгæ бон нал у. 

— Æгас цу, — æмдзырд скодтой Сыгъзæр æмæ Арæхдзау, сыстадысты. Сæ цæсгæмттыл бæрæг уыди, æхсызгон сын кæй у уазæджы фæзынд. 

— Ныр цæмæн сыстадыстут? — уайдзæфгæнæгау загъта Гæлæу æмæ йæ дыууæ къухы пакагонд æнгуылдзтæ тылдта, раст цыма фæндыры тæнтыл хъазы, уыйау, гъома сбадут, зæгъгæ. — Кæрæдзи рагæй нал федтам æви? 

Арæхдзау æмæ Сыгъзæр райдзастæй лæууыдысты, æнхъæлмæ кастысты, цытджын уазæг кæд сбаддзæн, уымæ. Гæлæу фынджы тигъмæ æрбадти, йæ фæсонтæ Боны ’рдæм фесты. Йæ дыууæ уæны астæу сагъд уыди, Бон сабийы бонтæй нырмæ кæй зыдта, уыцы стыр фыййаугард раст йæ фистоны онг. 

— Æри-ма сæ ардæм, Сыгъзæр, — пистон æмæ сызгъæрины къæртт йæхимæ æрбайста Гæлæу. — Æз æй тыхæй дæр нытътъысдзынæн, æз «комынтæ» æмæ «нæкомынтæ» нæ зонын, цы мæ бафæнды, уый цыфæнды амалæй дæр бакæнын — хинæй, фæлывдæй, тыхæй, гадзрахатæй — хъуыддаг аразынмæ чи бæзза, уыцы мадзæлттæй иуыл дæр былысчъил нæ кæнын. — Гæлæу сызгъæрины къæртт пистоны дзыхыл æрæвæрдта, йæ рахиз къухы хистæр æнгуылдзы алгъæй йыл йæ тых, йæ бонæй бынмæ ныххæцыди, фæлæ кæм! Гæлæу фырмæстæй пистон йæхицæй иуварс акъуырдта, æмæ уый Сыгъзæры размæ батылд, сызгъæрины къæртт та Арæхдзауы цур зды нæмгуыты фæрдыгбыды астæу, фыццаг кæм уыди, уым смидæг. 

— Æри-ма йæ ардæм, — Гæлæу йæ къух бадаргъ кодта Арæхдзаумæ. — Æз ын йæ тигътæ дæ цуанон кардæй, мæнæ мæ дыууæ уæны астæу сагъд чи у, уымæй æркъуырдтытæ кæнон, пистоны хъæлæсы йас ма дзы куыд аззайа. 

Арæхдзау сызгъæрины къæртт систа, фæцæй йæ лæвæрдта Гæлæумæ, фæлæ йын Сыгъзæр йæ къух æркъуырдта, æмæ сызгъæрины къæртт фæстæмæ йæ бынаты абадт. 

— Æрра сдæ, лæг? Уыцы сызгъæрин мæнæн куы ауæрстай ныр æхсæрдæс азы, дæ уды тафсæй йæ куы сыстыр кодтай, уæд æй къахыртæ кæнын цæмæн уадзыс? Кæд æй дæ дыууæхстоны пистоны хуылфмæ æппарæм, уæд — æнæхъæнæй. 

— Сыгъзæр, — загъта Гæлæу æмæ йæм йæ цæст фæныкъуылдта, Арæхдзау æй куыд нæ фена, афтæ. — Æнæхъæнæй йын пистоны хуылфмæ ныппарæн ницы хуызы ис. Фæлтау, æз куыд зæгъын, афтæ бакæнæм, æмæ нæ фæрæдидзынæ. Сызгъæрины къæртты тигътæй цы рахауа, уыдон дæр дæхи уыдзысты. 

— Нæ, мæн мæ амонд æнæхъæнæй æмæ æмхæцгæйæ хъæуы! — фидарæй загъта Сыгъзæр. — Къахырæй мæ нæ хъæуы. 

— Уæдæ уæд æнæ амондæй баззадтæ, — бахудти Гæлæу. — Зæгъын дын: сызгъæрин æгæр стыр у, сармадзаны снаряды хæтæлы дæр нæ ныццæудзæни! Ацы сылтæ диссаг сты, сæ лæгты коммæ никæд кæсынц, æмæ сын гæрзын ехс дарын хъæуы. Цал хатты бацамыдтон нæ колхозы сылтæн: æндах судзины хуынчъы цæмæй бацæвай, уый тыххæй æндахæн йæ кæрон дæ сæтæй ауымæл кæн, стæй йæ де ’нгуылдзты æлгъты астæу алыстæг кæн. Нæ, коммæ нæ кæсынц. Æндах уыцы пыхцылæй судзины хуынкъмæ саразынц, æмæ сæм афтæ фæкæсы, цыма æндах æцæгæйдæр судзины хуынчъы бацæуы. Æмæ æмпъузын райдайынц афтид судзинæй. Арæхдзау, уæртæ дын дæ хæдоны галиу дзыпп дæр Сыгъзæр æнæндах судзинæй бахуыдта. 

Арæхдзау æркасти йæ хæдоны галиу дзыпмæ, бавнæлдта йæм, æмæ дзыпп æнæхъæнæй дæр æрхауди фынгмæ, кæм уыди, уым та хæдоны цыппæрдигъон къæрттæй разынди йæ хъуынджын риу. 

— Уæллæй, раст зæгъыс! — дисгæнгæ загъта Арæхдзау. — Ацы сылтыл æууæнк нæй. 

— Нæлтыл та? — къæйных каст æм ныккодта Сыгъзæр. — Мæнæ мæ номыл дæ уды кæй дардтай, уыцы сызгъæрины къæртт дæр мын куы нæ дæттыс! 

— Куыд дын æй нæ дæттын? — стыхсти Арæхдзау. — Нæ федтай: æртæйæ дæр ыл архайдтам, фæлæ мæ дыууæхстоны пистоны нæ цæуы. 

— Бон ын исты амал кæндзæни, — загъта Сыгъзæр æмæ, æрдæбон Гæлæу кæцæй æрбацæйцыд, уыцы къуыммæ йæ цæстæнгас сарæзта. 

Иу уысмы фæстæ та дардæй æрбазынди æндæрг. Куыд хæстæгдæр кодта фынджы уæлхъус бадджытæм, афтæ бæрæгæй-бæрæгдæр кодтой йæ гуыр æмæ йæ цæсгомы кæндтытæ. Æмæ Бон базыдта йæхи. Фынджы уæлхъус куы æрлæууыди, уæд гуырысхогæнæн нал уыди, уый Бон йæхæдæг кæй у, ууыл. Иу Бон тарвазы аууонæй мидæмæ касти, иннæ Бон та йæ сæрæй фынгыл бадджытæн æркуывта æмæ загъта: 

— Уе ’хсæв хорз, папæ æмæ мамæ... 

Арæхдзау æй сдзурын нал бауагъта: 

— Лæппу, ныр лæг дæ, дæхæдæг та дыгурон æгъдæуттæ нæма базыдтай! Фыццаг уал уазæгæн фæзæгъынц æгас цу. 

— Бахатыр кæн, Гæлæу, — йæ цæсгом асырх фынджы уæлхъус лæууæг Бонæн, — Æгас цу, æмæ де ’хсæв хорз! 

— Æгас цу ды дæр, Бон, — загъта Гæлæу, фестад йæ бынатæй, йæ къух ын райста. 

— Ныр сывæллонæн цæмæн сыстадтæ? — уайдзæфгæнæгау ын загъта Арæхдзау. 

— Диссаг дæ, Арæхдзау, диссаг! Æрдæбон дын лæг уыди, ныр та дын сывæллон фестади, — Гæлæу йæхи цыргъ ныхасыл худæгæй бакъæцæл. Хъæрæй ныххудти Сыгъзæр дæр. Арæхдзау фыццаг йе ’рфгуытæ ныттар кодта, стæй фæстагмæ уыдоны худынмæ уый дæр худын райдыдта. Куы æрсабыр сты æртæйæ дæр, уæд Гæлæу йæ цæст Сыгъзæрмæ сусæгæй фæныкъуылдта: 

— Бон нæ лæппуйы хуыздæр лымæн у, æмæ йæ нæ лæппуйы бæрц уарзын. 

— Мах дæр Тары нæхи сывæллонау уарзæм, — загъта Арæхдзау, йæхæдæг та хæрдмæ скасти Бонмæ. — Лæппу, мæнæ ацы сызгъæрины къæртт, уæртæ дæ мады цуры чи лæууы, уыцы дыууæхстоны пистонмæ здыйы нæмыгау ныппарыныл бирæ фæцархайдтам, фæлæ нæ хъуыддагæй ницы уайы. Гъа-ма, ды бавзар, кæд дæ къухбавнæлд фæрæстмæ уаид. 

Бон æнæдзургæйæ Сыгъзæры цурæй пистон райста, зды нæмгуыты астæуæй та сызгъæрины стыр къæртт систа æмæ йæ пистоны дзыхы ныппæрста. Фынгыл бадджытæ нымдзæгъд кодтой. 

— Нæ уын загътон? — цин кодта Сыгъзæр, — Бонæй уæлдай ахæм стыр сызгъæрины къæртт пистоны нарæг дзыхы ныппарын никæй армы бафтдзæн а дунейыл. Ныр та сызгъæрин мæхи у, никæмæн уал æй ратдзынæн, уынгæ дæр æй ничиуал фæкæндзæн! — Сыгъзæр пистон батылдта æмæ дзы дзæгъ-дзæгъ райхъуыст. — Мæ уарзон лæджы лæвар! Арæхдзау ацы нæмыгæй мæн фехсдзæн æмæ йæ сызгъæрин къæртт мæ тæккæ зæрдæйы нынныхсдзæн æмæ уым æнустæм æрттывтытæ калдзæн! 

— Арæхдзау дæ иу æхст фæкодта, ныр та мæ рад у! — тызмæгæй загъта Гæлæу. 

— Ды та куыд зæгъыс, Арæхдзау? — бафарста Сыгъзæр. Арæхдзау фынджы бынæй раласта дыууæхстон топп, бавæрдта дзы, сызгъæрин кæм уыди, уыцы нæмыг. 

— Цæв, Гæлæу, — æмæ топп бадаргъ кодта Гæлæумæ. Гæлæу топпы дыууæ хæтæлы сбыцæу кодта Сыгъзæры риумæ, алхъывта мæнгвæдæг, фæлæ гæрах нæ фæцыди. Сыгъзæр æмæ Арæхдзау худæгæй бакъæцæл сты. 

— Гæлæу, сызгъæрин нæмыг фехсынæн дын Бырсæгæй бар нæй, — загъта Бон. — Сыгъзæры сызгъæрин нæмыгæй хъуамæ Бон йæхæдæг фехса. 

— Ау, Бон ды дæхæдæг нæ дæ? — бадис кодта Арæхдзау. 

— Мæхæдæг дæн. Фæлæ, уæртæ фæсдуар цы Бон лæууы, уымæй загъта Бырсæг. 

— Гъомæ йæ мидæмæ ракæ! — загъта Сыгъзæр. 

— Цалынмæ Бырсæг æрбацæуа, уæдмæ йын мидæмæ хонæн нæй, — æнкъардæй загъта фынджы уæлхъус лæууæг Бон. 

— Мæн цæуын хъæуы, — цыма æппындæр ницы æрцыди, уыйау загъта Гæлæу. — Арæхдзау, дæ кард дын æрбахастон. 

— Кæм ис? — бафарста Арæхдзау. 

— Мæнæ мæ дыууы уæны астæу сагъдæй лæууы. 

— Уадз уал æй, кæд ма дæ истæмæн хъæуы. Æз дæр ацы къуыри цуаны нæ цæуын. 

— Нал мæ хъæуы. Арфæ дын кæнын. Æрмæст æй сласын хъæуы. Бон, слас æй! 

Боны халдих лæппу фæстæты бацыд Гæлæумæ, карды стыр фистоныл ныххæцыд дыууæ къухæй æмæ йыл йæ тых, йæ бонæй рахæцыд, фæлæ кард змæлгæ дæр нæ кодта. 

— Нæ комы, — æфсæрмхуызæй загъта Бон æмæ фæстæмæ йæ бынаты слæууыди. 

— Уæдæ та йæ фæстæмæ нæхимæ хæссон? — æрбамæсты Гæлæу. — Уæлгоммæ хуыссын мæ нæ уадзы! 

— Дофка! — цыма стыр цинаг хабар йæ зæрдыл æрбалæууыд, уыйау фæхъæр кодта Сыгъзæр. — Дофкамæ фæдзурын хъæуы, уымæй уæлдай дын дæ фæсонтæй Арæхдзауы кард ничи сласдзæн! 

— Фæдзурут æм! — бардзырд дæттæгау загъта Гæлæу. 

— Дофка, о, До-о-офка!!— æмдзыхæй фидиуæджы хъæр кодтой Арæхдзау æмæ Сыгъзæр, æндæргтæ иу кæцæй фæзындысты, уыцы къуыммæ. 

Бон тарвазмæ йæ сæры фахс нылхъывта æмæ æдзынæг касти цæлгæнæны дард къуыммæ. Фæлæ дзы ничи зынди. Уæдмæ йæ хъустыл ауад нæхимæ дзабырты фæлмæн къахуынæр. Йæ рæзты æрбацæйцыд сывæллоны ас зæронд ус Дофка, йæ цæсгом — тындтытæ æмæ кæуындзаст, цыма ныртæккæ йе ’хсызгондæры мардæй æрбаздæхт. Цæлгæнæны къæсæрыл мидæмæ куыд фæцæйхызт, афтæ Бонмæ сусæгæй сдзырдта: 

— Мидæмæ бахиз, дæхи мауал æмбæхс, ам кæй дæ, уый зонынц. 

Дофка комкоммæ æнæдзургæйæ бацыди Гæлæуы чъылдыммæ, карды фистоныл йæ иу къухæй фæхæцыди æмæ йæ æнцонæй фелвæста, йæхæдæг та тугæйдзаг кард Сыгъзæры цур æрæвæрдта, уый та йæ уыцы хъæлдзæгхуызæй Арæхдзаумæ бадардта, йæ фистоныл ын дыууæ æнгуылдзæй хæцгæйæ. Арæхдзау ын йæ иу къухæй йæ фæтæн комыл æрхæцыд, иннæмæй та йæ даудта, цыма йæ цыргъ кæны, афтæ. 

— Ды мæ дуду кард дæ, — сывæллоны рæвдауæгау кардимæ ныхас кодта Арæхдзау, — мæ иунæг хъæбулы бæрц дæ уарзын, дæуæй цы дзæбидыртæ фергæвстон, уыдон ныр иу ран æрæмбырд кæн — иунæг колхозы дæр уыйас фос нæ уыдзæн. 

Куыддæр дзæбидырты кой скодта, афтæ Гæлæуы фæсонтæй, кард сагъд кæм уыди, уыцы хъæдгомæй, туг æддæмæ ныццавта стыр æмæ тыхджын цыхцырæгæй, сæмбæлд, Бон йæхи кæй фæстæ æмбæхста, уыцы тарвазы сæрккаг5 хъæдыл, уырдыгæй та цар пырх кодта, царæй та калди пъолмæ, æмæ уайтагъд, цæлгæнæны чи уыди, уыдонæн сæ фадхъултæм схæццæ. Бон тарвазæй иуварс агæпп кодта, фæлæ къæридоры дæр туг сæрсæргæнгæ раивылд, æрмæст кæм лæууыди, уыцы чысыл гæппæл ма сакъадахау сыгъдæгæй аззад туджы лæсæнты астæу. Цы акæна, уымæн ницы зыдта, фæлæ афтæмæй дæр кæдмæ лæууыдаид? Æвиппайды йын йæ зæрдæ сырхзынг æфсæйнагау асыгъта, йæ сæрыхъуынтæ арц кæмæй сбадтысты, ахæм хъуыды: «Мæ сæрызонд фæцыди, æрра кæнын райдыдтон, цыдæриддæр уынын, уый та у галлюцинаци!» 

Пъолыл кæйдæр уæззау цырыхъхъыты гуыпп-гуыпп райхъуыст, фæстæмæ фæкаст æмæ федта: Бырсæг туджы лæсæнты æрбалæгæрды, йæ къухы сырхæфсæддоны цъупхуд, йæ ныхы тæккæ астæу та æрттывта сырх стъалы. Бон æдзынæг ныккасти уыцы стъалымæ, æмæ та йæ зæрдæ бауазал: уымæй дæр тагъди туджы лыстæг æртæхтæ. 

— Мæ ныхыл мын контрреволюционертæ сырх стъалыйы ныв скарстой, — загъта Бырсæг. — Мæнæ-ма кæс. — Бырсæг йæ дзыппæй сласта, йæ ныхæй йын кæй слыг кодтой, уыцы цармы æмпылдтыты гæппæл, йæ кæрæттæ йын фæйнæрдæм айвæзта — уый дæр уыди фондзтигъон стъалы, æрмæст фæлурс: туг дзы нал уыди. — Цæй, мæ худ арф æркæнон мæ сæрыл, стъалы куыд нал зына, кæннод мæ рафæрс-бафæрс кæндзысты, кæм, цы, куыд æмæ æндæртæй хæрæджы дымджытæ. Æз та лыстфæрстытæ нæ уарзын. 

Бырсæг йæ цъупхуд йæ сæрыл арф æрсагъта, æмæ, æцæгæйдæр, йæ ныхыл ын карды цыргъæй кæй скарстой, уыцы стъалы нал зынди, фæлæ кæм уыди, уыцы ранæй та худæй дæр туг хъардта. 

— Дæхи хæдзары уазæджы лæуд цы кæныс? — Бырсæг бауайдзæф кодта Бонæн. — Цом мидæмæ! 

— Куыд цæуон? — батыхсти Бон. — Мæ алыварс туг хъуымтæй куы лæууы... 

— Ууыл ма тыхс, — загъта Бырсæг, — дæ къахистимæ дæ раз сыгъдæггæнгæ цæудзæнис, туг дæ ницы бахъыгдардзæн. Æрмæст тагъд кæн, кæннод туджы хъуым смæсты уыдзæн, æмæ уæд мæн нал бафæрсдзæн — бакæлдзæн дыл æмæ дзы аныгъуылдзынæ. 

Бон йæ иу къах систа, иу къахдзæф акæнон, цымæ Бырсæг раст дзуры, зæгъгæ, æмæ афтæмæй нындзыг йæ мидбынаты — йæ ныфс нæ хаста туджы лæсæны æрæфсæрынмæ. 

— Тагъддæр, — зæгъгæ йæм дзуры Бырсæг, — мæнæ туджы хъуымтæ змæст уылæнтæй цæуын райдыдтой, уый нæ уыныс? 

Бон алырдæмты акæстытæ кодта, æмæ йæм æцæгæйдæр афтæ фæкаст, цыма йæм туг лæбурын райдыдта, йæ къæхты бынмæ йæ уылæнтæ карздæрæй-карздæр æппарын райдыдта, йæ сæрыл та урс фынк сæрсæргæнгæ æмæ фылдæрæй-фылдæргæнгæ цыди. «Цы уа, уый уæд», — йæхицæн загъта Бон, æмæ йæ къах туджы хъуыммæ æруагъта. Уыцы фæдыл туг цыдæр æрбаци, агъуыст асыгъдæг. Бон цæлгæнæнмæ бакаст — уым дæр пъол уыди сыгъдæг, туджы хъæстæ дзы никуы зынди. 

— Нæ дын загътон? — бустæхуызæй сдзырдта Бырсæг, йæхæдæг цæлгæнæнмæ бацыд. — Фæлæ ныры фæсивæд хистæртæм нал хъусынц. Цæй, мидæмæ æрбахиз, фæсдуар чындзы лæуд кæдмæ кæндзынæ? 

— Кæмæ дзурыс? — бафарста Гæлæу. 

— Бонмæ, — дзуапп радта Бырсæг æмæ фæстæмæ ракаст. — Мæнæ фæсдуар лæууы æмæ уæм хъусы. 

— Бон? — дисгæнгæ йæм бакаст Гæлæу. — Бырсæг, авд дæлзæххы бын дзынгатæ сынæр куы фæцæгъдынц, уæд уыдоны дæр куы феныс, уæд дыл ацы ’хсæв цы ’рцыди? Бон ныр иу сахаты бæрц нæ уæлхъус лæууы, — æмæ йе ’нгуылдзæй ацамыдта, йæ уæлхъус æнæдзургæйæ чи лæууыди, уыцы Бонмæ. 

Бырсæг, Гæлæу ын кæмæ амыдта, фыццаг уымæ бакасти, стæй дуарырдæм. Ницы сдзырдта, йæхицæн бандон райста æмæ Сыгъзæры фарсмæ æрбадт. Фынгыл кæлдтытæ дзидзатæм басмыста. 

— Нæма бамбыдысты, — зæгъгæ, Дофкамæ бакаст. — Цæуылнæ сæ ахæссыс уæхимæ? 

— Иу хаст сæ акодтон, — загъта кæуындзастæй Дофка. 

— Æмæ иу хаст цы у? — бахъуыр-хъуыр кодта Бырсæг. — Хæдзармæ хæссынæй лæг фæллайгæ нæ кæны. Алы минут дæр сæ хæссын хъæуы. Мауал лæуу, дæ ведратæ æрбадав æмæ та сæ ахæсс. Дæ сидзæртæ тæригъæд сты. Ацы хæдзары цæрæг нал ис, Бон дæр ам цæрынмæ нал хъавы, æмæ дзы цы фæллой ис, уый бæркад дæуæн дæттын... 

Бырсæг йæ дзырд æххæст нæма фæци, афтæ Дофка феддæбыл, Бонмæ та фæскъæсæр кæуынхъæлæсæй сдзырдта: 

— Бацу сæм, цæмæй æфсæрмы кæныс дæхи хæдзары? 

Бон йæ бынатæй нæ фезмæлыд, хъуыста Дофкайы дзабырты фæлмæн сыр-сыр, раст цыма симгæ кæнынц. Цыдæр хуызы уыдта, чысыл зæронд ус цæхæрадæтты сæхимæ куыд дугъ кæны. Иу дыууæ-æртæ минуты фæстæ æрбаздæхт хæстулæфтгæнгæ абоны стыр ведратимæ. Боны рæзты та къæсæрæй мидæмæ куыд фæцæйхызт, афтæ сдзырдта: 

— Бацу сæм хæстæгдæр, æнхъæлмæ дæм кæсынц. 

Дофка йæ ведратæ дзидзатæй айдзаг кодта æмæ феддæбыл. Боны зæрдæ та схæццæ æмбыд смагæй, кæртмæ та рауад, авзæрста уомын, фæлæ йæ хуылфæй ницы схауд. Сыгъдæг уæлдæфæй арф ныуулæфтытæ кодта, æмæ йын фенцондæр. Мигъ ноджы бæзджындæрæй йæхи æруагъта кæмттыл æмæ æхсæвы кодта мæрдгуырм. 

Бон фæстæмæ раздæхт, йæ раздæры бынаты слæууыд. Бакаст мидæмæ æмæ йæ цæстытыл нæ баууæндыд: фынг та дзаг уыди æмбыд дзидзайæ, Дофка сæхимæ дыууæ хатты кæй ахаста, уымæй. Фынджы уæлхъус бадджытæ сæм æдзынæг кастысты, Бонæй къæртт чи не ’ппæрста, уыцы лæппу дæр раздæрау сæ сæргъы сагъдау лæууыди. 

— Дофка, дæ ведратæ кæм сты? — бафарста Бырсæг. 

— Мæнæ мæхимæ бæргæ сты, — кæуынхъæлæсæй загъта Дофка. 

— Уæдæ дзы мæнæ ацы дзидзатæ ныккал æмæ сæ дæ сидзæртæн ахæсс, æвгъау сты бамбийынæн. 

— Дыууæ хатты сæ ахастон нæхимæ, æмæ та ам æрбалæууынц, — ныттыхстис Дофка. 

— Хæсс сæ! Хæсс сæ! — схъæр ыл кодта Бырсæг. — Дæуæн тæрхонгонд ис: ацы дзидзатæ дæ хæдзармæ хæсдзынæ, уыдон та фæстæмæ ардæм лидздзысты. Афтæмæй дæ царды æмбыд дзидзатæ хæссынæй йеддæмæ ницыуал баззад. 

Гæлæу Бырсæгмæ бакаст. 

— Бахатыр кæн, Бырсæг, — загъта уый, — фæлæ мæгуыр зæронд усы хъизæмарæй цæмæн марыс? 

— Æз? — йæ риу йæ амонæн æнгуылдзæй барæтъызта Бырсæг. — Æз марын хъизæмарæй Дофкайы? Дзæгъæлы дæ сæвæрдтон райкомы фыццаг секретарæй! Æз дын зондджындæр æнхъæл уыдтæн! 

Бырсæджы ныхас хъæрмæ рахызт, стæй æваст фæхъус, цыма æвиппайды йæ зæрдыл цыдæр æрбалæууыд, уыйау. Хæдзар мæрдсабыр ныцци, цыма дзы чи уыди, уыдон улæфгæ дæр нал кодтой. Иу уысмы фæстæ Бырсæг базмæлыд, йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: 

— Æз та дæуæй æдылыдæр, Гæлæу! Хицæутты бынæттæм зондджынты нæхæдæг нæ уадзæм, æз та дæ зондæй фæрсын! 

Бырсæг хъæрæй ныххудти, йæ худынмæ та иннæтæ дæр худын райдыдтой. Бырсæг куы фæхъус, уæд иннæтæ дæр ныхъхъус сты. 

— Дофкайы хъизæмарæй чи мары, кæд уый нæ зоныс, уæд цæй разамонæг дæ? — Гæлæумæ ныккомкоммæ Бырсæг. — Дофкайы хъизæмарæй мары Сыгъзæр! 

— Æз? — Сыгъзæр дæр йæ риу йе ’нгуылдзæй барæтъызта, йе стыр донхуыз цæстытæ йын дис ноджы фестырдæр кодтой. 

— Æмæ æз Дофкайы куыд марын хъизæмарæй, цы хуызы? 

— Гъе, афтæ, — арф ныуулæфыд Арæхдзау. — Ды Дофкайæн дзидзатæ дæттын нæ уадзыс, æмæ сæ мин хатты куы фæхæсса, уæддæр фæстæмæ ардæм лидздзысты, уымæн æмæ сæ бæркад давд у. 

— Куыд давд у? — ноджы тынгдæр ныддис кодта Сыгъзæр. 

— Мæнæ фынгыл дæр куы нæ цæуынц, фæстаг хатт кæй амардтай, уыцы цæу-бодзойы фыдтæ! 

— Адæммæ ис ахæм æмбисонд: «Цæстæй цы уындæуы, уымæй нæ цардæуы». Махмæ та ис ахæм æмбисонд: «Цæстæй цы уындæуы, уый æцæг нæу», — цæуылдæр гуызавæгæнгæ та арф ныуулæфыд Арæхдзау. — Мæнæ фынгыл цы уынæм, уый у дзидзатæн æрмæстдæр сæ хуыз, сæхæдæг та æд бæркад бамбыдысты, ды дзы Дофкайæн дæттын куы нæ бауагътай, уæд. 

— Сæттын мæ рæдыдыл... — скуыдта Сыгъзæр. — Ау, ме стыр рæдыдæн срастгæнæн нæй? 

— Ис, — загъта Бырсæг. — Баздæх, Сыгъзæр, æмæ дæхи къухтæй Дофкайы ведратæм ацы дзидзатæ ныккал. Уæд сæ бæркад сæхимæ раздæхдзæн, де стыр рæдыд дæр сраст кæндзынæ. 

— Чи? Æз? — Сыгъзæр фæгæпп кодта йæ бынатæй, Дофкайы алыварс æрзылди, стæй йæ комкоммæ æрлæууыди æмæ йæм йæ амонæн æнгуылдз фидисгæнæджы тылд кодта, афтæмæй дзырдта: 

— Мæнæ ацы хингæнæг зæронд лилипутæн мæхи къухтæй йе ’нæфсис дыууæ ведрайы байдзаг кæнон, нæ лæг æртæ боны сæрсæфæны тигътыл кæй фæдыл фæзылди, уыцы цæу-бодзойы кусарт ын æнæхъæнæй радтон? Нæхæдæг дзы аджыдзаг куы нæ сфыхтам! Кæд сæ исы, уæд сæ райсæд, мæхи къухæй та йын емынæ дæр нæ ратдзынæн. Ацы дзæгъæлдзыхæн мæ лæггадгæнæг цæмæн кæныс, Бырсæг? Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уæд дын — рæхуыст! — Сыгъзæр фырмæстæй цæхæртæ калгæйæ фæстæмæ йæ бынаты сбадт. 

— Гъе, гъе, афтæ нæ уарзут кæрæдзи, адæм! — Бырсæг йæ сырхæфсæддон цъупп худ йæ сæрæй систа, фынгмæ йæ дзидзаты сæрмæ баппæрста. Йæ ныхыл ын контрреволюционертæ кæй скарстой, уыцы стъалы тугæй сырх-сырхид дардта, йæ цыргъ кæрæттæй та туджы лыстæг æртæхтæ æрфæд кодтой йæ цæсгомыл. — Æмæ уæд хæйрæджыты аххос фæкæнут уæ хæрам æмæ æвзæр хъуыддæгтæ, уыдон, дам, нæ ардауынц. Æмæ мæнæн мæ ныхы цармæй цыргъ кардæй сырх стъалы чи скарста, уыдоны дæр хæйрæджытæ сардыдтой? Нæ, адæм гуырдзæй сты æнæхатыр, зыд, гадзрахат, фæлывд, хъахбай! — Бырсæг «хъахбай» куы загъта, уæд бакаст Сыгъзæрмæ. 

— Адæмæй æдзæсгомдæр цæрæгой нæй! — цыма кæимæдæр загъд кæны, ахæм хъæлæсы уагæй загъта Гæлæу. 

— Гадзрахат сæ туджы ис... — йæ къух ауыгъта Арæхдзау. 

— Ноджы куыд æнæзонд сты, — йæхицæн дзурæгау сдзырдта дыккаг Бон дæр. — Æцæг пайда цы у, уый не ’мбарынц, фæлæ сæм, сæхимæ гæсгæ, пайда цы кæса, ууыл кæрæдзи фыд дæр бахæрдзысты. 

— Раст зæгъыс, Бон, — йæ сæр разыйы тылд кодта Бырсæг. — Раст зæгъут уеппæт дæр. Адæймаг хицау цæмæй суа, уый тыххæй æппæт дзыллæйы туг дæр ныккалдзæн. 

— Хъахбай... Сылгоймаг хъахбай у... — кæуынхъæлæсæй сдзырдта Дофка. 

— Уый мæнæй зæгъыс? — йæ бынатæй та фæгæпп кодта Сыгъзæр, бауад Дофкамæ, йæ иу къухæй йын, йæ сæрыл æнгом тыхт кæмæй уыди, уыцы сау кæлмæрзæны къабæзтыл фæхæцыди йæ роцъойы бынмæ, иннæ къухæй та — йе ’фцæгготыл æмæ йæ чысыл куклайау фелвæста зæххæй. — Хъахбай мæн хоныс? Æз дæу фæрсын? Зæгъ, кæннод дæ пъолыл ахæм цæф ныккæндзынæн, æмæ де стджытæ мæнæ ацы дзидзаты бæсты дæ ведраты абаддзысты! 

Дофка ницы дзырдта, ауындзæныл ауыгъдау дзедзырой кодта дыууæрдæм Сыгъзæры къухты, йæ цæсгомы тындтытæй та туг рахъардта. 

— Сыгъзæр, æруадз мæгуыр зæронд усы æмæ дæ бынаты сбад! — загъта Бырсæг. 

Сыгъзæр Бырсæгмæ бакаст æмæ сабыргай йæ къæхтыл æрлæууын кодта Дофкайы, йæхæдæг йæ бынаты сбадтис. Бырсæг æм æдзынæг ныккасти æмæ йæ бафарста: 

— Сыгъзæр, ды та адæмæй нæ дæ? 

— Дæн! — дзуапп радта сылгоймаг, йæ цæсгомыл бæрæг уыди, йæ маст кæй нæма ссыди. 

— Уæдæ, адæм сеппæт хъахбай кæм сты, уым ма ды та цы «джын» дæ? Дофкайы бæсты дын дзуапп дæттын: ды дæр хъахбай дæ, уымæн æмæ адæймаг дæ! 

Боны маст афтæ тынг æрбафыхт, æмæ, цæлгæнæнмæ мидæмæ куыд багæпп кодта, уый нæ бамбæрста. Бырсæгæн йæ тымбыл къухæй йе ’фсæр ныццæвынмæ хъавыди, фæлæ йæ цыдæр баурæдта, куыддæр йæ мидбынаты андзыг, цыма йæ æвиппайды пъæззы ацахста, уыйау, æмæ афтæмæй лæууыди Бырсæджы уæлхъус иннæ Боны фарсмæ — раст цыма йæхæдæг йæхи фарсмæ лæууыди. 

— Цæв, цæв! — загъта Бырсæг, йæхæдæг та йæ галифе хæлафы дзыппæй тамакойы стыр дзæкъул систа. Йæ размæ фынгыл лæууыди, фыр зæрондæй чи ныббур, ахæм цыдæр газет — Дофкайы цæсгомы хуызæн æнцъылдтæ æмæ дыдæгътæ. Бырсæг уыцы газетæй нæлгоймаджы къухмæрзæны йас гæппæл раскъуыдта, йæ къухы цæйбæрц цыди, уыйбæрц махоркæ йыл бæзджын айзæрста æмæ йæ стыхта, стæй гæххæтты кæрæттæ, йæ ныхыл карст стъалыйæ цы туг хъардта, уымæй айсæрста æмæ баныхæста. Арæхдзауы бафарста: 

— Зынг дæм нæ разындзæн? 

— Цуанонмæ та зынг куыд нæ разындзæн? — лæгъстæгæнæгау загъта Арæхдзау, æвæццæгæн ын æхсызгон уыди Бырсæгæн исты лæггад бакæнын. Йæ дзыппæй сласта æрцъыккысхон дуры стыр къæртт, дурыл бæмбæг æрæвæрдта, æмæ йæ æрцъыччы æндон тигъæй æрцагъта, æмæ, цæхæрæй бæмбæгыл зынг куы фæхæцыди, уæд æй бадардта Бырсæджы даргъ æмæ ставд тамакойы кæронмæ. 

— Цæй, Бон, бамбарын нын кæн: дæ зæрдæмæ цы нæ цæуы? — бафарста Бырсæг, дзургæ-дзурын йæ хъæлæс æмæ йæ фындзы стыр хуынчъытæй фæздæг бæзджын къуыбылæйттæй уадзгæйæ. 

— Мæ зæрдæмæ алцыдæр цæуы, — хъæлдзæгæй загъта иннæ Бон, ам кæдæй лæууы, уæдæй нырмæ фыццаг хатт бахудти йæ мидбылты, уый дæр афтæ, цыма æфсæрмы кæны. — Дæ алы дзырд дæр Арæхдзауы фаты хуызæн сæмбæлы йæ нысаныл, Арæхдзау та дзæбидыры цæст километрмæ æргъæвы. 

— Дæу нæ фæрсын! — загъта Бырсæг. — Мæнæ, дæ фарсмæ чи лæууы, уыцы Боны фæрсын. 

Боны маст йæ хуылфы нал цыди, дзаг агæй фьщгæ дон куыд скæлы, афтæ æддæмæ лæбурдта. 

— Ды... — райдыдта, фæлæ йын улæфт дзæбæх нæ фаг кодта, æмæ банцади. 

— Æз цы? — бафарста Бырсæг, æмæ та йæ хъæлæс æмæ йæ фындзы хуынчъытæй рауагъта тамакойы фæздæджы стыр къуыбылæйттæ. 

Бон арф ныуулæфыд æмæ та райдыдта: 

— Ды, цъаммар сайтан, мæ хæдзары мæ мард мады фыдгой цæмæн кæныс?! 

— Чи у мард? — бафарста Бырсæг, иннæтæ та Бонмæ дисгæнгæйæ кастысты, гъома, амæн йæ сæрызонд фæцыд, æви цытæ дзуры, зæгъгæ. — А-а, дæхи мады кой кæныс? Бахатыр кæн, нæ дæ бамбæрстон. Дæуæн дæ сæр дзæбæх нæма разынди дæ рухсаггаг мады гуыбынæй, уый та йæ уд систа. Æмæ мах уый кой куы нæ кæнæм. 

— Тынг хорз æй æмбарын, кæй кой кæнут уæ чъизи ’взæгтæй! Мæ дыккаг мад Сыгъзæры кой куыд нал фехъусон, афтæ! Мæрдтæм нæма бахæццæ, сымах та йын йæ ном худинаг кæнут! 

— Дæ фыдыус Сыгъзæры мард хоныс? -— бахудти Бырсæг æмæ йæ тамакойы æртхутæг дзидзатæм æрцагъта йе ’нгуылдзæй. — Уæртæ йæ уыныс дæхи цæстытæй, саг-сырды хуызæн дзæбæх, æнæнизæй бады не ’хсæн. 

— Мард у Сыгъзæр, æмæ йын йæ кой ма кæнут уæ хæрам сайтан æвзæгтæй! 

— Йа, кæннод Хуыцауæн цы загъдæуа, мæн фыдыусы номыл ацы хæдзармæ чи æрбарвыста! — хъарæггæнæгау райдыдта Сыгъзæр, стæй скуыдта. — Фыдыус — фыд рын, фæзæгъынц. Йæ къæхтыл дæр нæма ауад, афтæмæй йын емынæ фестадтæн. Абоны уонг дæр ын æнæуынон дæн... Ныр та мæ мард хоны! Гъай-гъай, æз куы амæлин, уымæ бæллы... — Сыгъзæр йах-йахæй кæуын райдыдта. 

— Ды Сыгъзæр нæ дæ! — сæрыхъуынæй къахы быны уонг йæ буар æнæхъæнæй дæр рызти Бонæн фыр мæстæй. — Ды сайтан дæ! Мæ мард мады фæлгонцы нæ хæдзармæ æрбацыдтæ дæ хæйрæг æмбæлттимæ! 

— Æз сайтан дæн? — йæ кæуын тыхурæд кодта, афтæмæй бафарста Сыгъзæр. — Уынут, цас æнæуынон ын дæн, цас мæ нæ уарзы! Сайтан дæр ма мæ схуыдта! Уыйас æвзæрæй дын цы ракодтон, æмæ мæ де сæфт уынай? 

— Ды сайтан дæ! Мæ мады мын удæнцойæ мæрдтæм бауадз, йæ фæлгоцæй йын ма хынджылæг кæн! 

Сыгъзæр йæ цæстытæ фæхъоппæг кодта. Цыдæр зæрдæрæхойæн дзырд зæгъынмæ хъавыд Бонæн, фæлæ йын Бырсæг йæ къухæй йæ дзых ахгæдта æмæ загъта: 

— Хъыпп дæр нал! Бон базыдта, ды сайтан кæй дæ. Мах неппæт дæр сайтантæ кæй стæм, уый дæр тынг хорз æмбары.. Æмæ, адæм адæм кæй сты, уымæй сæ сæр бæрзæндты куы хæссынц, уæд мах, уыдонæй мин хатты хуыздæр уæвгæйæ, нæхи цæмæн æмбæхсæм, нæ номæй цæмæн æфсæрмы кæнæм? Адæмæн мах стыр хорз ракæныны зæрды стæм — нæхи хуызæн сæ скæнæм, цæмæй сæ гæвзыкк цардæй фервæзой. Куыд æгъдауæй, зæгъыс? — Бырсæг йе ’ргом Боны ’рдæм раздæхта, Сыгъзæры былтæй йæ къух райста. — Адæймаджы уды ис тæккæ фыддæр мæйдарæй-мæйдардæр къуымтæ, уыйас талынг сты, æмæ сæ уд йæхæдæг дæр нæ уыны. Уыдон къуымтæ не сты, уыдон сты æнæкæрон æмæ æнæбын сау лæгæттæ, æмæ сæ мидæг цæуы уыйбæрц хæрамдзинад, хæлæг, гадзрахат, хъахбай хъуыддæгтæ æмæ алыхуызон æлгъаг æвзæрдзинæдтæ, æмæ, уыдон æддæмæ куы аирвæзынц, уæд адæмы туг ивылд донау раивылы зæххыл, райдайынц хæстытæ, адæм кæрæдзи фыдхор свæййынц, талæу, низ, æххормагдзинад æмæ мæнæ ацы æмбыд дзидзаты смагæй дуне йæхиуыл бæзджынхъуынджын кæрц скæны, уый мидæг та сывæллæттæ мæлынц æнæ уæлдæфæй, чи ма дзы аирвæзы, уыдон та вæййынц Хуыцауы низæй низджын, уымæн æмæ сын Хуыцау сæ уды сау лæгæттæ нæ сыгъдæг кæны. Æмæ махæн уæд цы гæнгæ у, Хуыцау йæ куыст куы нæ кæны, уæд? Гъе уый тыххæй цæрæм мах уыцы сау лæгæтты, æмæ уырдыгæй стыр фыййæгтæй æддæмæ калæм чъизи, цалынмæ нын калд фæуа, уæдмæ нын æрæнцой нæй, калд та нын никуы фæуыдзæн, уымæн уæ Хуыцау афтæмæй сфæлдыста — адæймаг мады гуыбынæй рахæссы уыцы сау æнæбын смаггæнаг лæгæттæ. 

Дзæбидыры æмбийæг дзидзаты смаг та ныццавта Боны фындзы хъæлтæ, æддæмæ уомынмæ рауайынмæ хъавыд, фæлæ йæхи ныффидар кодта, цæмæй хæйрæджытæ афтæ ма фенхъæлой, фæтарсти нæ, зæгъгæ. 

Бырсæг йæ тамакойы æртхутæг фынгмæ æрцагъта æмæ та райдыдта: 

— Бон, дæ фыдыусы дæ мад хоныс, æмæ уый хорз у. Йæ фыдгой кæнын ын кæй нæ уадзыс, уый дæр мæ зæрдæмæ цæуы. Фæлæ мæнæ адон фыдтæ не сты? — Бырсæг æмбийæг фыдтæ йæ армытъæпæнæй æрцавта. — Фыд фыд у, æндæр æй уæдæ цы схонæм? Уæдæ хъахбай дæр хъахбай у, æмæ йæ йæ номæй кæй хонæм, уый æппындæр мах аххос нæу. 

— Фесæфут мæ хæдзарæй, сайтантæ! — йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта Бон, фæлæ йæ мид-зæрды æмбæрста, уыцы хъæр ын йе ’нæбондзинад кæй æвдисы, æмæ уый сайтантæн æхсызгон кæй у. Фæлæ та уæддæр йæхи нал баурæдта: — Фесæфут! Фесæфут!!! 

Сайтантæ барæй сæхи тарстхуызæй кæй æвдисынц, æнахуыр хъоппæг цæстытæй йæм фæлывд каст кæй кæнынц, уымæй Боны маст цас тыхджындæр фыхти, уыйас та тыхджындæр æнкъардта, æнæбон кæй у. 

— Фæлæуу, лæппу, — сабыр хъæлæсæй йæм дзуры Бырсæг. — Цæй, хъуыддæгтæ равзарæм лæмбынæг, æмæ нæ раст чи разына, уый фæуæд ацы хæдзар, иннæ та фесæфæд. Ды мæсты кæныс, дæ фыдыусы дын хъахбай кæй хонæм, ууыл. Гæлæу, йемæ хуыссыдтæ æви нæ? 

— Æмæ уый æгас Дыгур куы зонынц! Иу æмæ дыууæ хатты нæ! — Гæлæу йæ риу йæ тымбыл къухæй бахоста. — А лæппу ма ныр дæр бирæ сылтыл лиуыры! 

— Сыгъзæрæн тыхми бакодтай? — бафарста Бырсæг. 

— Цытæ дзурыс? Йæхæдæг мæм йæ былы цъæрттæ хордта! 

— Разы дæ, Бон, Гæлæу цы дзуры, уыимæ? — бафарста Бырсæг. 

— Сымах цыфæнды дзурут, сымах сайтантæ стут! — Фырмæстæй тыхулæфтгæнгæ загъта Бон, хъæр кæныны хъару йæм нал уыди. 

— О, мах сайтантæ стæм, — йæ фындзы сасиры йас хуынчъытæй ацы хатт Бырсæг уæлдай стырдæр тымбыл къуыбылæйттæй рауагъта фæздæг, æмæ иу уысмы бæрц фæздæджы аууон фесты хæйрæджытæ. — Мах сайтантæ стæм, æмæ йæ куы нæ æмбæхсæм. Фæлæ махыл нæ цæуы ныхас. Рæстдзинадыл цæуы нæ тох. Сыгъзæр хъахбай кæй уыди, уый ныртæккæ дæхи цæстытæй фендзынæ. — Бырсæг, æцæг Боны фарсмæ чи лæууыд, уыцы Бонмæ бадзырдта: 

— Кино! 

Сайтан Бон йæхи разылдта цæлгæнæны уæгъд къулмæ, йæ армытъæпæнтæ йæм бадардта, æмæ къул фестад стыр экран, экран та фестад колхозон стан... 

Иу хатæны дзы иунæгæй хуыссы æхсæрдæсаздзыд Сыгъзæр. Мæйдар æхсæв. Дымгæ ниуы, уары, карчы айкæй стырдæр их хойы рудзынджы æвгтæ. Сыгъзæр ихы къæр-къæрмæ уайтагъд фехъал. Уаты царæй алы рæттæй сæх-сæх кæны. Сыгъзæр, хуыссæнтæ, уарын кæдæм нæ хъардта, уыцы къуыммæ хæссыныл куыд фæци, афтæ рудзынг æрбайгом. Сыгъзæр æй ахгæнынмæ куыд хъавыд, афтæ ауыдта кæйдæр къух. Ныффæдис кодта, фæлæ уыцы фæдыл чидæр рудзынгæй мидæмæ æрбагæпп кодта, ацахста йæ æмæ йын йæ дзых йæ къухæй ахгæдта, йæхæдæг æм дзуры: 

— Ысс! Æз Гæлæу дæн, ма тæрс. Хъыпп-сыпп дæр мауал скæн, кæннод адæм фæфæдис уыдзысты, æмæ уæд дæ хæдзарæй райгæ у — æнусмæ фæхудинаг уыдзынæ, зарæг дыл скæндзысты. Ныр дæ суадздзынæн æмæ хъæр кæн, цас дæ фæнды, уыйас! 

Гæлæу Сыгъзæры йæ хъæбысы ныккодта, чызг дæр æм йæхи нылхъывта... 

— Стоп! — йæ армытъæпæнæй фынг æртъæпп кодта Бырсæг, æмæ бакасти, Боны фарсмæ чи лæууыди æмæ йæ цæрмæстыгъд чи бакодта, уыцы лæппумæ. — Дæ кинойы цы равдыстай, уыдон æцæг кæй сты, уый хорз зоны Бон йæхæдæг дæр. Дарддæр цы уыди, уый дæр зоны, æвдисын æй нал хъæуы. — Бырсæг йæхи фæстæмæ рауагъта къæлæтджын бандоныл, йæ тамако та адджын цъырд скодта. — Бон, цы федтай, уым мæнгæй исты ис? 

— Ницы... — загъта Бон, фæлæ йæм афтæ фæкасти, цыма йе ’взаджы бын чидæр бады æмæ йæ бæсты дзуапп уый радта. 

— Дæ цæрæнбон бирæ, — раарфæ йын кодта Бырсæг, йæ сæр иучысыл размæ фæкъул, æмæ йæ бандоны хъыс-хъыс ссыди. — Дæ фыдыусæн йæхи фæндыди Гæлæуимæ... цæй йæ номæй йæ зæгъæм — схуыссын, уымæн æмæ уыди... 

— Хъахбай! Хъахбай! — йæ дзырд ын æмдзыхæй райстой иннæтæ, Дофка та йæ чысыл къухтæй æмдзæгъд кæнын райдыдта. 

— Иу хъуыддаг уал амбылдтам — мах раст разындыстæм. Ныр дæ иннæ хъуыддагыл фæрсын. Уыйбæрц туг кæцæй ракалд, æгас хæдзар чи байдзаг кодта æмæ махæн нæ фадхъултæм чи схæццæ? 

— Уый ракалди... — Бон фæкъуыхцы: Дофка йæм йæ цæстытæ ныйирд кодта дыууæ зынджы лыстæг стъæлфæнау, йæ цæсгом та райста бынтон тæригъæддаг хуыз, ноджы тынгдæр нымпылдтæ, йæ тындтытæй та туг тынгдæр хъарын райдыдта. Æрбауад æм, йæ къæхты фындзтыл слæууыди, йæхи хæрдмæ сивæзта æмæ йын йæ хъусы сусæгæй бадзырдта: 

— Мацы срæди, мæ сусæг мын ма схъæр кæн, дæ мард фыды сау ингæныл цы сыджыт нæма бахус, уымæй мын басомы кодтай! 

Дофка цыма цæмæйдæр фæтарст, афтæ йæ бынатмæ балыгъд, æмæ йæм уырдыгæй дæр йæ чысыл къухтæ тылдта, æмæ, кæд дзургæ ницы кодта, уæддæр ын Бон хъуыста йæ хъæлæс: «Æз дæ фæдзæхст, де уазæг, æз дын цы сусæг радзырдтон, уый ма схъæр кæн сайтантæн! Сомы бакодтай, сомы бакодтай, сомы бакодтай!» 

— Банцай, Дофка! — фæхъæр ыл кодта Бырсæг. — Ды дæр сайтан кæй дæ, уый Бон зоны, стæй йын ды кæй хуызы бацыдтæ, уыцы Дофка цы загъта, уый алчидæр зоны. — Бырсæг та йе ’ргом Бонмæ раздæхта: — Уæ хæдзарыдзаг туг кæцæй ракалдис, Бон? 

— Уый ракалдис Гæлæуы дыууæ уæны астæуæй, мæ мад ын кард кæм ныссагъта, уырдыгæй. 

— Æмæ адæймаджы буары цас туг вæййы, уый дын скъолайы нæ бацамыдтой? Æдæппæтæй цыппар-фондз литры. 

Гæлæуæй та ракалдис æппынкъаддæр дæс тоннæйы. Уый, дæ фыд Арæхдзау кæй фæмардта, уыцы дзæбидырты туг уыдис. Æмæ сæ маргæ дæ фыд кодта, аххосджын та мах. Сайтантæ, стæм, нæ? Уæ хæрæг уын бирæгъты бал бахордта, астæуыстæг æмæ ма дзы сæры кæхц баззади. Æмæ ныр уыцы бирæгътæ иу къуыри æфсæст уыдзысты æмæ ницæмæуал бавналдзысты — зæрдæйы дзæбæхæн фос æмæ иннæ цæрæгойты не ’ргæвдынц. Дæ фыд та-иу æххормаг нæ уыди, бинонтæ дæр ницы хъуаг уыдысты, афтæмæй æвыд дзæбидырты цагъта. Фæрсын дæ: адæймаг хуыздæр у æви бирæгъ? 

Бон йæ сæр æруагъта, йæ бон нæдæр дзурын уыди, нæдæр хъуыды кæнын. Бырсæг æм дзуапп æнхъæл иу уысм комкоммæ касти, стæй та иннæ Бонмæ бадзырдта: 

— Бон, кино æрыздух! 

Æцæг Боныл сау пæлæзау æрхауд, йæ фыд йæхи дæр æмæ йæ усы дæр куы амардта, уыцы æгъуыстаг æхсæв. Фестад талынг уынджы, йæ фыды цурæй рацæйцыд. 

— Фæлæуу, — зæгъгæ йæм фæдзырдта Арæхдзау, æмæ йæ дыууæхстон систа зæххæй. — Мæ цард æлгъыстæй уыдоны тæригъæдæй æрвитын, дæ мад дæр, æвæццæгæн, мæрдтæм æвзонгæй уымæн бацыди. Ды дæр хауæццаг уый тыххæй фæуыдзынæ, сомбон дын нæй, мæ хъæбул, дæ хъысмæт конд у, æмæ хъизæмар кæндзынæ, дæ фыды тæригъæдтæ фидгæйæ. Ныр дæс æмæ ссæдз азы цæуын цуаны. Дæс æмæ дыууиссæдз дзæбидырæй къаддæр никуы амардтон дзæбидыртæй ме ’мбæлттимæ алы аз дæр. Банымай-ма, лæппу цал дзы æрфæлдæхтон дæс æмæ ссæдз азы дæргъы! Банымай æмæ зæгъ: цы мын кодтой уыцы сыгъдæг рæсугъд адæм — адæм сты, уæдæ цы сты? Нæ, адæмæй бирæ хуыздæр сты — æнæхин, æнæхæлæг, давгæ нæ кæнынц, сайгæ нæ кæнынц, хъахбайтæ сæм нæй, иу иннæйы туг нæ нуазы, алчидæр дзы йæхи фæллойæ цæры. Мыййаг, сыдæй куы нæ мардтæн, лæппу, цæй тыххæй сæ мардтон, уыдонæн дæр бæдултæ куы ис, æмæ тæригъæд цæуылнæ зыдтон? Уымæн дæм исты дзуапп ис, лæппу? Нæй. Фæлæ мæнмæ ис, æмæ йæ ныртæккæ фехъусдзынæ... Дыууæ дзуаппы. 

Арæхдзау дыууæхстон Сыгъзæрмæ ныддардта æмæ йæ фехста. Уый æрхауд, иу хъыпп дзы нæ райхъуыст. Бон уымæ фæци. Сыгъзæр ратул-батул кодта зæххыл, йæ гуыбыныл хæцыди дыууæ къухæй, æмæ йе ’нгуылдзты ’хсæнты туг уади. Бон æм æргуыбыр кодта, фæлæ йæ Сыгъзæр йæ тугæйдзаг къухтæй йæхицæй асхуыста æмæ ма сфæрæзта: 

— Дæ фыд... Дæ фыд... Марадз... 

Бон фæкасти Арæхдзаумæ. Уый йæ рахиз къахы туфли феппæрста, йæ цъында раласта, дыууæхстоны хæтæлтæ йæ хурхмæ сбыцæу кодта. Бон æм куыддæр бахæццæ, афтæ райхъуыст æбуалгъ гæрах... 

Бырсæг та стъол æрхоста: 

— Стоп! Бауром дæ кино. Алцыдæр æмбæрст у. Ам дæр фæхæрд дæ, Бон. 

— Сайтан! Сайтан! — фæсус хъæлæсæй æнæбон хъæр кодта Бон. — Мæ фыд йæ тæригъæд бафыста йæ цардæй! Цы ма дзы агурыс?! 

Бырсæг мидбылты бахудти, сывæллоны æнарæхст ныхæстыл куыд бахудынц, афтæ. 

— А-а, мæнæ Чырыстийы чиныджы, фæсмон кæй хонынц, уымæй зæгъыс? Гардан дæ баууæндын кодта уыцы сайд хъуыддæгтыл? Æмæ Гардан йæхæдæг фæсмон нæ кæны, ахæстонæй лидзынмæ чи хъавыд, уыцы цыппæрдæсаздзыд лæппуйыл дзырд кæй бахаста, ууыл? Æмæ уыцы сабийы лагеры æппæт ахæстыты цур куыд æрлæууын кодтой, куыд æй агæрах кодтой, уый дын никуы дзырдта? Цæй, Гардан дæр нæ никуыдæм лидзы, адæймаг цы у, уый у, фæлæ дæ фыд йæхи цæмæн амардта, уый уал лæмбынæг равзарæм. Ды афтæ хъуыды кæныс, æмæ дзæбидырты кæй ныццагъта, ууыл æм стыр фæсмон æрцыди æмæ йæхицæн цард нал садджын кодта. Нæ? — Бырсæг фæкасти Бонмæ, æмæ йæ цæстытæ æнахуыр фæлывд æрттывд фæкодтой. — Хорз. Фæлæ ма мын зæгъ, йæ усы та цæй тыххæй амардта? Уый, мыййаг, дзæбидырты куы нæ цагъта, карк дæр куы никуы аргæвста. 

Боны сæрыхъуынтæ арц сбадтысты, Бырсæджы ныхæсты уыйбæрц рæстдзинад уыди — уый дæр хуымæтæджы рæстдзинад нæ, фæлæ йæ маргæ чи кодта йæ фырбæлвырдæй, ахæм, уымæн æмæ дзы алцыдæр зындис, цъиубæгънæг адæймагæн йе ’фсæрмыгæнинæгтæ æппæтæй дæр куыд фæзынынц. Фæлæ йæ уæддæр цыдæр нæ уагъта уыцы рæстдзинадыл æууæндын, цыдæр нæ фаг кодта уыцы рæстдзинадæн, цæмæй йæ бынтон æцæгау банкъара. 

— Ма дызæрдыг кæн, — йæ хъуыдытæ йын бамбæрста Бырсæг. — Кинойы цы федтай, уыдон дæхæдæг дæр царды федтай. Кæд дзы иунæг мæнг фæзилæн, иунæг мæнг дзырд дæр ссардтай, уæд æй зæгъ. 

Бырсæг æнхъæлмæ касти Боны дзуапмæ, фæлæ уый ницы дзырдта. 

Бырсæг та йæ тамако сдымдта, йæ цæстыты æрттывд та сæмбæлд Боны зæрдæйыл. 

— Дæ фыдыус хъахбай куы нæ уыдаид, уæд æй дæ фыд нæ амардтаид. Уый куы нæ амардтаид, уæд йæхи дæр нæ амардтаид. Хуымæтæджы логикæ! Дзæбидыртæн æртæригъæд кодта, зæгъгæ, уый та дæхæдæг æрымысыдтæ, цæмæй дæ фыды исты хуызы сраст кæнай. Раст зæгъын хъæуы, йæ мæлæты размæ сæнттæ цагъта, дзæбидырты кой дæр кодта, фæлæ дын куы зæгъын, дæ фыд æмæ дæ фыдыусы мæлæт уыди сырдтæн тæригъæдæй нæ, фæлæ хъахбайдзинадæй. Фæлæ дæ мæ ныхас æххæст нæма уырны. Гъемæ фен дæ фыды дæр, цыма иннæ адæмæй истæмæй хицæн кæны. — Бырсæг сайтан Бонмæ йæ къухæй ацамыдта, кино æрыздух, зæгъгæ. 

Бон фестади Дофкаты кæрты. Æхсæв уыди, æмæ цалынмæ йæ цæстытæ талынгыл нæ ацахуыр сты, уæдмæ ницы уыдта. Йæ хъустыл цыдæр уынæр, стæй кæйдæр сусныхас ауади. Уалынмæ æрыгон лæппу, Бонæн йæхицæй аз — дыууæ азы хистæр, æмæ Дофка кæртæй фæцæйцыдысты скъæтмæ. Лæппу йæ къæхтыл дзæбæх нæ лæууыди, æвæццæгæн, расыг уыди, æмæ йын Дофка йæ астæуыл фидар хæцыди йæ дыууæ къухæй дæр, цæмæй ма ахауа. Бонмæ лæппу йæхи хуызæн фæкасти, мæнæ йын йæ фæлгонц чи адавта æмæ йæ фарсмæ чи лæууы, уыцы сайтаны хуызæн, æмæ йæм æдзынæг ныккасти. Уый та дын йæ фыд Арæхдзау куы разынид йæ лæппуйы дуджы! Дофка дæр уыди æрыгон сылгоймаг, цыдаид ыл 30–35 азы, йæ уæлæ бæрæгбоны дарæс, æмæ, ныр цы у, уымæй стырдæр зынди. Бон ын лыстæг ныккасти йæ цæсгоммæ: йæ былтæ дæр, йæ цæсты бынтæ дæр уыдысты ахуырст. 

— Ныр цал сахаты у? — бафарста Арæхдзау. 

— Ныр æмбисæхсæв у, мæ иунæг уарзон, — загъта Дофка æмæ йæ кæвдæсмæ бакодта. — Ус куы ’рхæссай, уæд дын фыццаг æхсæв уыимæ цы хуыссæн бакæной, уый дæр ацы хуыссæны цур дæ цæсты мур дæр нæ сахаддзæн... Фæлмæн хосæй йæ байдзаг кодтон. 

— Дæ лæг Хъамболат кæм и? — хæкъуырцгæнгæ бафарста Арæхдзау. 

— Цал хатты дын загътон, Сырх Дыгуры се ’рвадæлтæ сæ чызджы чындзы æрвитынц, æмæ абон сæумæцъæхæй уырдæм ацыд. Сывæллæттæ та тарф фынæй кæнынц, дæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд... Цæй, дæ дзаумæттæ ралас, мæ уды гага... 

Арæхдзау йæ дзаумæттæ ласта, Дофка йын æххуыс кодта, афтæмæй. Кæвдæсы куы æрхуыссыд, уæд Дофка дæр йæхи цъиубæгънæг акодта... 

Бон йæ цæстытæ бахгæдта, цæмæй ма уына йæ фыды æвирхъау æгад ми, фæлæ йæ цæстытæ цас тынгдæр цъынд кодта, уыйас ирддæрæй уыдта, кæвдæсы цы цæуы, уый, æмæ йæхи нал баурæдта: 

— Бауром, цъаммар, бауром дæ кино! — йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта, йæ сæр разылд, æмæ гъа ныр фæуадзыг уа, зæгъгæ, афтæ Бырсæг фынг йæ армы тъæпæнæй æркъуырдта: 

— Бауром, Бон. Дарддæр ма йын йæ фыд æмæ Дофкайы гадздза хъуыддæгтæ куы равдисæм, уæд йæ зæрдæ ратондзæн — йæ уд нæма бахсыст адæмы чъизи царды, мах та Бон сæрæгасæй хъæуы. 

Кæвдæс Дофка æмæ Арæхдзауимæ цыдæр æрбаци, æмæ Бон ногæй сæ хæдзары сайтантимæ фестад. 

— Гъе, афтæ, — йæ сæр разыйы тылд бакодта Бырсæг æмæ сайтан Бонæн загъта: — Ныр та нын ды бамбарын кæн: дыууæ Боны цæмæн стут, æмæ уæ æцæг Бон кæцы у? 

— Бахатыр кæн, Бырсæг, — фырæфсæрмæй йæ уæхсчытæ кæрæдзимæ фелхъывта сайтан Бон, — тагъд Ленины ардæм хъæуы, æмæ уын æй уый хуыздæр бамбарын кæндзæн. Мæныл куы нæ баууæнда... — æмæ сайтан лæппу Бонмæ бакасти. 

— Уымæй дæр раст зæгъыс, — йемæ сразы Бырсæг, æмæ, фæуæн кæмæн нæ уыди, уыцы тамакойы тыхтæй дæргъвæтин улæфт ныккодта, стæй йæ дзых, йæ фындзы хуынчъытæ æмæ йæ ныхыл карст сырх стъалыйæ мигъы стыр къуыбылæйттау уыйбæрц фæздæг ракалди, æмæ Бон ницыуал уыдта. Кæцæйдæр райхъуыст бирæ адæмы хор-хор, се знæт змæлд, сæ къæхты хъæр. 

Фæздæг йæхи цармæ куы систа, уæд Бон ракаст, знæт уынæр кæцæй цыди, хæдзары уыцы къуыммæ æмæ федта æнæкæрон стыр фæз тъæпæн дурæй астæрд, иуырдыгæй дзы зындысты, сывæллонæй нырмæ чингуыты нывтæ æмæ кинотæй кæй зоны, уыцы Кремлы сырх агуыридурæй амад бæрзонд æмбонды фæстæ цыргъцъупп мæсгуытæ се стыр сахæттимæ, иннæрдыгæй — Рейхстаджы хæлддзæгтæ, бæзджынæй ма сыл бадти артсыгъды ала, æртыккагырдæгæй бæрзонд фæцыдысты Нью-Йорчы сæдæуæладзыгон арвцæвæнтæ, иннæ рæтты лæууыдысты диссаджы рæсугъд галуантæ, фæлæ, уыдон цы сты, уый нæ зыдта. Сæ астæу дурæй астæрд фæзы къах æрæвæрæн нал уыди, уыйбæрц адæм дзы змæлыди. 

Адæмæй иу къорд фæхицæн æмæ æрбацæйцыд фынджы цурмæ. Дард ма уыдысты, фæлæ сын Бон се ’хсæн базыдта Ленин, Сталин æмæ Гитлеры. Иннæтæй никæй зыдта. Фынджы сæргъы куы ’рлæууыдысты, уæд сæм Бырсæг дзуры: 

— Я знаю, ни один из вас не говорит по-дигорски. Это вам чести не делает. Мне стыдно за вас! — Бырсæг йæ тамакойæ ацамыдта Гитлермæ: — Тоже мне ариец! 

— Он говно, а не ариец! — йæ къух хæрдмæ фæхъил кодта Ленин, цыдæр дзуринаг ма уыди, фæлæ йæм Бырсæг тызмæг каст бакодта, æмæ ныхъхъус. 

— Настоящие арийцы живут только в Дигорском ущелье, Адольф, а ты эту общеизвестную истину не знал! — йæ тамакойы æртхутæг дзидзатæм калгæйæ, дзырдта Бырсæг. — Твое невежество погубило тебя, и потому ты проиграл величайшую в истории сатанизма и человечества войну къударцу Сосо! Но сейчас речь не об этом. Товарищ Ленин! Ты основоположник Великого сатанисткого царства. Ты его создал для величия товарища Къоба — вождя всех времен и народов. Но тебя на Западе не признают философом. 

— Это типичный образчик обычных приемов буржуазной печати, — смæсты Ленин. — Да это в тысячу раз подлее и в миллион раз вреднее всех выступлений Плеханова! Мы до сих пор били и будем бить беспощадно колеблющихся за колебания. Я послал телеграммы милому грузинчику Джугашвили и самому выдающемуся деятелю нашей партии Троцкому, — Ленин йæ сæр чысыл фæкъул кодта, йæ фарсмæ сæгъы боцъоимæ сырхæфсæддоны дарæсы чи лæууыди, уыцы къæсхуыр лæгмæ. — Вешать, вешать колеблющихся, а особенно сомневающихся, чтобы на тысячу верст видны были их виселицы! 

— Хватит! — фæхъæр ыл кодта Бырсæг. — Ты лучше объясни: почему одновременно перед нами стоят два Бона? И кто из них настоящий, а кто нет? 

— Оба они настоящие, — загъта Ленин æмæ йæ пиджачы мидæггаг дзыппы йæ къух фæцавта. — Где мои конспекты книги Фейербаха «Лекции о сущности религии»? Вот они! — бацин кодта æмæ бæзджын тетрад сласта йæ дзыппæй. Рафæлдах-бафæлдах æй систа, æвæццæгæн, цы бынат агуырдта, уый нæ ардта. Æвиппайды зæронд скъуыдтæ тетрад рæсугъд чиныг фестади, айфыццаг Бон сæ директор Владимир Иналы фырты хæдзарон библиотекæйы тæрхæгыл æнгом рæнхъæй цы æмхуызон фæлыст томтæ федта, уыдонæй иу. Уыдон уыдысты Ленины 55 томы, сæ хъæбæр тарцъæх цъæрттыл — Ленины къухæвæрд сызгъæринæй: «Ульянов (Ленин)». 

— Нашел это место! Это архиважно! — загъта Ленин æмæ кæсын райдыдта: — «Я» и «НЕ — Я» неразрывно связаны в человеке. Человек не понимает и не выносит своей собственной глубины и раскалывает поэтому свое существо на «Я» без «НЕ — Я», которое он называет богом, в данном случае сатаной, хотя бога жалко, эту сволочь идеалистическую, и «НЕ — Я» без «Я», которое называет природой, в данном случае сатаной. 

— Таким образом, — хатдзæг скодта Бырсæг, — перед нами стоят совершенно настоящие два Бона! Отдать предпочтение одному из них — это покушение на права другого, вообще на права человека, и это означало бы опять отнять свободу слова у народа, как в свое время это блестяще делал наш горный орел Сосо! — Бырсæг йæ тамако сдымдта æмæ æваст Гитлермæ фæкомкоммæ. — А что ты, Адольф, бубнишь себе под нос, прикрыв его платком? Или ты недоволен чем-то? 

Гитлер йæ къухмæрзæн ноджы æнгомдæр нылхъывта йæ фындз æмæ йæ дзыхмæ, афтæмæй бахъуым-хъуым кодта: 

— Аци финст ци ’й? Уой мæхуæдæг дæр нæ лæдæрун? Фал æй финсун! 

— Æз ахæм æвзаг нæ зонын, йæ кой дæр ын никуы фехъуыстон, — Бырсæг дисгæнгæ дзæвгар рæстæг фæкасти Гитлермæ, стæй йæ цæстæнгас ахаста, хæдзары чи уыди, уыдоныл. 

— Ахæм æвзаг дунейыл нæй, — йæ рихийы бын хин худт бакодта Сталин. — Ме ’рдхорд Гитлер уый йæхæдæг йæхицæн æрхъуыды кодта. Мæ хуызæн сахъ фæтæг, дам, кæмæн уыди æмæ афтæмæй Стыр хæсты чи фæхæрд, уышы нишæййаг нацийы æвзагыл, дам, нал журын. Йе ’рхъуыдыгонд æвзаг мæнæн дæр башамыдта. Кæд дæ фæнды, æмбал Бырсæг, уæд æз ратæлмаш кæнджынæн, Гитлер шы загъта, уый. 

Бырсæг йæ сæр разыйы тылд бакодта, æмæ, æмбал Сталины алыварс чи лæууыди, уыдон нымдзæгъд кодтой. 

— Адольф загъта, — райдыдта æмбал Сталин, — зæгъгæ, дам, уирæгты, гъома, жудтыты бирæ уарзын, шыдæр жынаргъ духиты тæф фæкæнынц. 

— Банцай, къуыдайраг! Дæ сæнары смаг кæлы! — фæтъæлланг ласта Гитлер йæхи æрхъуыдыгонд æвзагыл, стæй цы ахъуыды кодта, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ æвиппайды æрсабыр, Сталинмæ бакаст æмæ сыгъдæг уырыссагау сдзырдта: — Сосо, кирюха, зачем обманываешь столь почтенное собрание? 

— Шы дæ сайын, уый мын ма радт, — загъта Сталин æмæ йæ кителы стыр дзыппæй систа йæ лулæ, бадардта йæ Бырсæгмæ, уый та йæ хордзены йас дзæкъулы йæ къух æртæ хатты ацавта æмæ тамако æртæ къухыдзаджы ныккодта лулæйы. Фæлæ Сталин йæ къух нæ иста Бырсæджы фындзы бынæй. Бырсæг æм фæрсæджы каст бакодта. 

— Æмбал Бырсæг, бахатыр кæн, фæлæ кæдæй нырмæ счырыстон дæ? Æртæ уыдон нымæш у — Фыд, Фырт æмæ... — Сталин фæкъуыхцы, къуыдайрагау куыд загътаид æртыккаг ном, уый нæ зыдта. 

— И Святой Дух! — феххуыс ын кодта Гитлер. Бырсæг бахудти æмæ Сталинмæ скасти: 

— Æз дæ къахгæ кодтон, къуыдайраг! Цымæ, зæгъын, æцæг сайтан сдæ, æви нæма. Сдæ! Уæвгæ дæ мады гуыбыны дæр сайтан уыдтæ. — Бырсæг йæ къух ногæй ацавта дзæкъулы, тамако та ныккалдта Сталины лулæйы. — Уый дын цыппæрæм. Цыппæрæмæй чырыстон «æртæ» мард æрцыдысты! Фæлæ чырыстæттæй дæр, пысылмæттæй дæр, Иудæйы цотæй дæр махæн ницы тас у. Сауджынтæн дæр, моллотæн дæр, раввинтæн дæр сæ фылдæр нæхионтæ, хæйрæджытæ, сты. 

Хæдзары чидæриддæр уыди, уыдон, Бонæй фæстæмæ, нымдзæгъд кодтой. 

— Адольф! — Бырсæг фестад æмæ Гитлеры цурмæ бацыди. — Ты почему не говоришь на своем языке? 

— Но ведь мой друг Сталин объяснил мое решение: немецкая нация, которая проиграла Великую войну под руководством величайшего полководца всех времен и народов, каковым является ваш покорный слуга, недостойна того, чтобы я говорил на ее языке. 

— Я не имею ввиду немецкий язык. Я говорю о новом языке в мировой истории, который изобрел ты лично для себя. 

— Вы правы, господин Бирштеен, я должен говорить на этом новом арийском языке, но меня, кроме Сталина, никто в этом мире не понимает. А Сталин неправильно переводит меня, по своей азиатской привычке перевирает мои слова, вкладыя в них смысл, совершенно противоположный тому, что я хочу передать народам всего мира. Я на своем языке сказал о том, что евреи не особенно любят мыться. Меня по крайней мере часто начинало тошнить от одного запаха этих господ в длинных кафтанах. А как мой друг переврал мои слова, это ты сам слышал, Бирштеен. 

— Слышал, — йæ сæр батылдта Бырсæг. — Но ты отказываясь от своего прекрасного родного языка, языка Гете, так чисто и охотно говоришь на языке своего заклятого врага, который не только уничтожил твою империю. Он еще в насмешку над тобой хранит в своем Главном Историческом Музее твои обгоревшие и пропитанные ядом кости, оповещая этим актом всю планету о том, что он, твой враг, непобедим, искоренил коричневую чуму, и новые Гитлеры уже никогда не появятся до скончания века. 

— Это по-моему прикъазу выставили его къости на покъаз всему миру. Пусть все видят, что у великъого полководца къости бывают покрепче, чем твои, господин Шикльгрубер! — Сталин хинæйдзаг худт бакодта йæ рихийы бын, йæ лулæ йæ дзыхæй нæ раласта. 

— Рано радуешься, братан Жугашвайн! — Гитлер дæр æнæбары бахудти. — Наш Великий Поединок еще впереди. Смеется тот, кто смеется последним! И, вообще, что у тебя за азиатская привычка... — Гитлер фæкъуыхцы, стæй æвиппайды дыгуронау сдзырдта: — Федистæ кæнун? Дæуæн ба де стгути хъæзелæ дæр ку нæбал байзадæй — Хрущев дин æй дунгæмæ ниддардта! 

— Так ты знаешь и дигорский язык? — бадис кодта Бырсæг. 

— Немножко, — загъта Гитлер. — Дигорский язык очень похож на немецкий. Но, господин Бирштеен, я отвечаю на твой вопрос: почему я презираю свой родной язык и почему с таким усердием изучил язык своих врагов? Смерть фюрера — это смерть великой немецкой цивилизации. Я никогда не попаду в руки врагов, которые для увеселения своих подстрекаемых масс нуждаются в инсценированном евреями зрелище. Перед смертью я обязал руководство нации и подчиненных прежде всего к неукоснительному соблюдению расовых законов и к беспощадному сопротивлению мировому отравителю всех народов — международному еврейству. 

— Это мы знаем, это из твоего политического завещания, составленного 29 апреля 1945 года в бункере Рейхсканцелярии. Загнали, загнали тебя, фюрер, в бункер твои враги! 

— Народ мой выродился, — цыма ныртæккæ кæуылдæр йæхи ныццæвдзæн, уыйау йæ тымбылкъухтæ йæ роцъойы бын авæрдта Гитлер. — Его победило еврейство, кормя его либерально-демократической китайщиной, а большинство немцев испытывает удовольствие от такой духовной пищи и пытается отыскать жемчужное зерно в еврейских навозных кучах — хотя евреи составляют сотую часть населения моей страны, среди авторов грязнейших произведений девять десятых евреи! — фæстагмæ Гитлер хъæр кæнын райдыдта: — Разве есть на свете хоть одно нечистое дело, хоть одно бесстыдство какого бы то ни было сорта и прежде всего в области культурной жизни народов, в котором не был бы замешан по крайней мере один еврей? Как в любом гнойнике найдешь червя или личинку его, так в любой грязной истории непременно натолкнешься на еврейчика. Я пришел к выводу: победить еврейство может только русский народ. Он, этот народ, хоть и низшей расы и он раболепен, находится до сих пор в крепостном праве. Но как раз в этом и заключается его могучая непобедимая мощь, которая выразит себя в нужный момент в виде бесконечного беспредела и черного бунта, которого так боялся негритенок Пушкин, по разрушительной силе равного миллиону тайфунов. Только такой бунт способен сломать хребет мировому сионизму, развеять прах этого проклятого народа гдето в джунглях для пропитания муравьев. Только одного — последнего! — еврейчика в длиннополом кафтане с черными локонами мы сбросим на крайней точке Антарктиды и заморозим так, чтобы тысячи лет не растаяло это чучело. Русскому народу сейчас как никода нужен великий полководец, и он пойдет за мной без колебаний в силу своего раболепства и крайней нищеты. Уже по всей необъятной России появились мои солдаты с моей свастикой, выжженной моим каленым штыком. Вот потому, господин Бирштеен, я так усердно изучал великий могучий русский язык. 

— Понятно. — загъта Бырсæг. — А куда русский народ денет своего собственного величайшего полководца, вождя мирового пролетариата товарища Сталина? 

— Он нужен только коммунистам-сталинистам-марксистам. А всякий марксист есть сионист. К тому же он не ариец, он грузин. Он похуже меня проиграл Великую войну — посмотрите, во что превратилась его империя — она распалась на множество отдельных средневековых убогих и низших ханств. Результат налицо: мой сгоревший ядовитый череп занял достойное место среди экспонатов в Главном Историческом Музее, а его совсем сожгли — ничего от него не осталось! 

— Ма кæ, ме ’рдхорд, науæд та дын дæ къуди ныххойдзынæн! — цæуылдæр цингæнæгæйæ æмæ йæ мидбылты худгæйæ загъта Сталин, даргъ лулæйæн хæцыди йæ къоболайыл, фæлæ йæ йæ дзыхæй нæ ласта. 

— Разы дæ, æмбал Инæлариссимус, Гитлер цы дзуры, уыдæттыл? — бафарста Бырсæг. 

— Какой он Генералиссимус? — фæхъæр кодта Троцкий æмæ Ленины фæстæ йæхи амбæхста æмæ уырдыгæй сабырдæр дзурын райдыдта: — Кто ему присвоил это звание? Он сам! Да вообще он не кударец, а незаконнорожденный сын Пржевальского. Он его матери оставил огромную сумму на воспитание этого тирана! 

— Помолчи, Троцкий! — бадзырдта йæм Бырсæг. — Ты думаешь, товарищ Сталин не найдет в Дигорском ущелье ледоруб, или по крайней мере кирку? Здесь у него много поклонников! 

— Еще бы, — скуыдта Троцкий, — Сталин систематически развращал аппарат. Понадобились годы тоталитарного всемогущества, чтобы придать его преступным чертам поистине апокалипсические размеры! 

— Æмбал Сталин, дзуапп нæ радтай, — дæ импери, кæд ды куыд дзурыс, ахæм фидар æмæ æнусон уыди, уæд уайтагъд куыд фехæлд? 

— Марг мын бадардтой, — Сталин йæ сæр æруагъта, йæ лулæ тынг сцъырдта. 

— Ау, æмæ йæ бындур иунæг дæхæдæг уыдтæ? Ромы империйы бындур дæр иунæг лæгыл куы лæууыдаид, уæд ын, адæймаг цас цæры, уымæй фылдæр цæрæнбон нæ уыдаид. Уый та мин азы фæцард. 

— Товарищ Сталин никогда не скажет правду, — загъта Гитлер. — Разреши, Бирштеен, я отвечу на твой вопрос. Симптомы катастрофы были заложены еще в отдаленном прошлом, но лишь немногие тогда отдавали себе хоть какой-нибудь отчет в значении этих симптомов. Деятельность так называемой либеральной прессы была деятельностью могилыциков немецкого и русского народов, советского и германского государств. Что уж и говорить о «работе» лживых газет марксистского лагеря. Ведь для них лгать является такой же необходимостью, как для кошки ловить мышей. Ведь их главной задачей и является вытравить всякое подлинно народное чувство из души народной и тем подготовить диктатуру интернационального капитала, диктатуру евреев над всеми нациями. 

— Гитлер раст дзуры, æмбал Сталин? 

— Что касается германского нацистского государства, то его разгромил я, и только я. Тут евреи ни при чем. Уæллæй, мæ уæлахизæй мур дæр никæмæн ратдзынæн! Что же касается нашего советского государства — тут он, пожалуй, прав. 

Æмбал Сталин Сырх Фæзмæ фæцæйцыд. Бырсæг æй баурæдта: 

— Кæдæм цæуыс? 

— Сырх Фæзмæ. Адæм мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц. Ленины фæдзæхстытæ кæй сæххæст кæнджынæн, уый тыххæй та сын хъуамæ ард бахæрон. 

— Он врет! — Ленины аууон йæхи æмбæхсгæйæ тарст цъæхахст фæкодта Троцкий. — Он идет за ледорубом! Останови его, Бирсаг, останови, прошу тебя! Он погубил 60 миллионов человек! 

— Æмæ уым диссагæй шы ис? — бахудти Сталин. — Алчидæр мары. Стæй маргæ та кæнынц алы хуызты. Зæгъæм, мæнæ Троцкий... шы фæци, шы? Йæхи та мæ ахуыргæнæг Ленины фæстæ бамбæхста! Топпæй дæр, кардæй дæр мардта, хъазахъхъы та быншагъд ныккодта, газ дæр-иу сыл ауагъта. Науæд мæнæ ацы æрра фюрер! — Сталин йæ лулæйæ ацамыдта Гитлермæ. — Газы камерæты шас басыгъта! Бакæсут ма йæм, уæртæ сывæллæтты шæрмттæй йæхицæн шы куырæт бахуыйын кодта. Алчи дæр мары, алчи дæр марæг у. Чи жыхы ныхасæй, чи хинæй, чи шæмæй. Мæнæ ашы жæбæх лæппу та, — Сталин йæ лулæйы къоболайæ бацамыдта æцæг Бонмæ, — йæ мады куы амардта! Йæ гуыбынæй нæма рабырыд, афтæмæй йæ амардта. Æз, кæд шыфæнды дæн, уæддæр мæ ныййарджыты никуы амардтон. 

— Хорз, — загъта Бырсæг, — фæлæ цæй тыххæй мардтат адæмы? 

— Я убивал во имя торжества пролетарской революции, — загъта Ленин. 

— Я убивал врагов народа во имя торжества ленинских идей, — загъта Сталин. 

— Какие такие идеи? — бахудти Бырсæг. — Еврей Александр Парвус, организатор финансирования большевиков во главе с Лениным германским правительством — был главным действующим лицом Октябрьского переворота. Это убедительно подтверждается сенсационными документами из западных хранилищ и архивов ФСБ. Ладно. Дальше. 

— Я убивал всех, кто препятствовал торжеству моих собственных идей превращения страны в единый огромный, полутюремный трудовой лагерь, без признаков любых национальных черт и сословий, — загъта Троцкий. 

— Я убивал всех, кто неукоснительно не соблюдал расовые законы и беспощадно не боролся с мировым отравителем всех народов — международным еврейством. О самих жидах и речи нету, — загъта Гитлер æмæ Троцкиймæ мæсты каст фæкодта, йе ’нгуылдз кардау йæ къубалыл ахафта. 

Ахуыргæнæг, йæ урок чи нæ фæзоны, ахæм скъоладзаумæ куыд зæрдмæгуырæй фæхъусы, афтæ сæм хъуыста Бырсæг дæр, йæ сæры гæзæмæ змæлдæй бæрæг уыди, иу дзуаппæй дæр разы кæй нæу. 

— Æри ма уыцы фæткъуы! — бадзырдта сайтан Бонмæ. Сайтан Бон йæ дзыппæй сласта стыр сырхфарс фæткъуы, æмæ уат ныррухси. Бон ахæм рæсугъд фæткъуы никуы федта. 

— Уынут ацы фæткъуы? — бафарста Бырсæг æмæ уаты уæвджытыл йæ цæст ахаста. — Амæй рæсугъддæр зæххы цъарыл цы ис? Ницы. Уый срæсугъд кæныныл æрдз фæкуыста, Зæхх куы равзæрд, уæдæй нырмæ — фондз триллион азы. Адæмы та сæ ахуыргæндтæ афтæ сайынц, Зæххыл, дам, æдæппæтæй 4 миллиард азы цæуы! О, æмæ фондз триллион азы æрдз кæуыл фæкуыста, уый адæймаг иу минутмæ ахæры æмæ дзы фаджыс рауайын кæны. Гъе, уый у адæмы сæйраг æмæ æнæныббаринаг аххос! Гъе уый тыххæй хъæуы марын адæмы. Сымах дæр гъе уый тыххæй цагътат адæмы, кæд æй уæхæдæг не ’мбæрстат, уæддæр. Афтæ уæдæ — адæмæй кæйфæндыдæр æмæ цæйфæнды тыххæй дæр амар, аххосджын кæддæриддæр уыдзæни, мард чи ’рцæуа, уый йæхæдæг. Марæджы та, марæг кæй у, уый тыххæй марын нæ хъæуы, фæлæ æнаххосæй дæр маринаг кæй у, уый тыххæй. 

— Æз дины скъолайы ахуыр кодтон, — загъта Сталин. — Библийы афтæ фыссынч, фыццаг адæймæгтæ Адам æмæ Евæ, дам, жæнæты шардысты. Хуышау сын алы дыргъ æмæ кæрдæджы хал хæрын дæр уагъта, æрмæст сын фæджджæхста, жæнæты тæккæ астæу шы бæлас зайы, уый дыргъæй ма бахæрут. Фæлæ сайтан йæхи калм фестын кодта, Евæйы асайдта, æмæ уый æвæтчиаг фæткъуы æртыдта, йæхæдæг дæр джы бæхордта, Адамы дæр джы фæхъæстæ кодта. Æма? сæ Хуышау жæнæтæй фæсырдта. 

— Æмæ уыцы аргъæуттыл æууæндыдтæ, Сосо? — бафарста Бырсæг æмæ уайдзæфгæнæгау бакасти Сталинмæ. — Хуыцау афтæ сайы адæмы! Адæймаг райгуыры, æппындæр бафсис кæмæн нæй, ахæм гуыбынимæ. Ды, Инæлариссимус, дæхи сæйраг командыгæнæг æнхъæлыс, фæлæ алы адæймагæн дæр йæ сæйраг командыгæнæг йæ гуыбын у. Гъемæ, Адам æмæ Евæ дæр сæ гуыбыны фæдыл цыдысты, ныр æй сайтаны аххос кæнынц. 

Æвиппайды Дофка йæ бынатæй рагæпп кодта, Сталины цур йæ зонгуытыл æрлæууыд, йæ цырыхъхъыты фындзтæн ын батæ кодта æмæ дзырдта: 

— Дæ цæрæнбон бирæ, нæ хурты хур, куыд хорз нæ тавы дæ хъарм, куыд дардмæ хауы дæ рухс тын! 

Арæхдзау дæр йæ бынатæй фæгæпп кодта, æфсæддонау æмраст слæууыд Сталины комкоммæ, йæ цæнгтæ йæ фæрстæм æрбалхъывта, æмæ йæ батинкæты хъæбæр счъилты къæрцц фæцыди: 

— Æмбал Сталин! — загъта докладгæнæгау. — Хъусын дын кæнын: Бон иунæг йæ мæгуыр мады нæ амардта. Бон амардта йæ дыккаг мад Сыгъзæры дæр. Амардта мæн дæр — йæ фыды! 

— Æмæ уый куы нæ зыдтон, — Сталин та йæ лулæ сцъырдта, цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй фæстæмæ ракаст: — Вышинский! 

— Я здесь, товарищ Сталин! — загъта Вышинский æмæ уый дæр æфсæддонау æмраст слæууыди Сталины цур. 

— Товарищ Андрей Януарьевич! — райдыдта Сталин, фæлæ Гитлер сæ размæ æрбагæпп кодта æмæ фæхъæр ласта: 

— Опять еврей! Большевистское государство создали евреи! 

Бырсæг ыл схъæр кодта: 

— На место, фюрер! 

Гитлер цæхгæр фæзылди æмæ йæ раздæры бынаты слæууыди. 

— Дæ куыст кæн, æмбал Сталин, — йæ ныхыл карст сырх съалыйæ тамакойы фæздæг къуыбылæйттæй уадзгæйæ загъта Бырсæг. 

— Товарищ Андрей Януарьевич! — райдыдта та Сталин. — Скажи, ты коммунист, или Генеральный прокурор? 

Вышинскийæн йæ дзых бахæлиу, йæ хид акалд, афтæ фæтарсти ацы фарстæй, уымæн æмæ йын раст дзуапп нæ ардта, æмбал Сталин та, раст дзуапп чи нæ лæвæрдта, уыдонмæ цы цæстæй кæсы, уый Генералон прокурорæн йæхицæй хуыздæр чи зыдта? Тæрсын та йæ кодта, «коммунист» æмæ «генералон прокуроры» тæккæ астæу цыргъ фæрæты комы хуызæн чи ныццæхгæрмæ, уыцы æнæхайыры «или». 

— Товарищ Сталин... — зырзыргæнгæ загъта Андрей Януарьевич. — Разве я врагов народа и ваших личных врагов... недостаточно караю?.. 

— У товарища Сталина нет личных врагов, товарищ Вышинский, — рæвдауæн хъæлæсæй загъта Сталин. — Сколько раз вам надо говорить об этом, неучи? Плохо усваиваете марксисколениско-сталинское учение. А из этого учения вытекает только один единственный вывод: враг народа есть личный враг товарища Сталина. Следовательно, у меня личных врагов нет, и в то же время все враги народа — мои личные враги. А их миллионы. Понял? 

— Да, товарищ Сталин. 

— Объясни смысл сказанного вождем. 

— Личные враги... — Вышинскийæн йæ зæнгтæ зыр-зыр кодтой, афтæмæй райдыдта. — Личные враги... это личные враги вождя мирового пролетариата. 

— Да ты ни хрена не понял! 

— Простите меня, товарищ Сталин... — лæгъстæ кодта Вышинский. — Я... Мне не доступны глубины Вашего мышления... 

— Говно твой Генеральный прокурор, а не юрист! — фæрсырдыгæй æрбадзырдта Ленин. 

— Я согласен с Вами, товарищ Владимир Ильич! — загъта Сталин. — Но когда других кадров нет, то и говно становится кадром. А кадры решают все. 

Сталин, йæ алфамбылай чи лæууыди, уыдоныл йæ цæст сындæггай ахаста, æмæ йæ куыд ничи фехъуса, афтæ йæхицæн бахъуыр-хъуыр кодта: «Ашы жуддаг хъалмыхъ дæр мын йæ фындз кæм нæ атъыссы!» Йæ лулæ сдымдта æмæ Вышинскиймæ хæстæг бацыди, йæ хъусы йын бадзырдта: 

— А почему Ленин до сих пор здесь? Он же психический больной, и должен находиться под домашним арестом. Ты, как я вижу, совсем его не жалеешь. Не жалеешь Создателя Первого Социалистического Государства. Ай-ай-ай... Но ведь по этому вопросу есть тайное постановление Ордена Меченосцев. Почему мой приказ не выполнен? 

— Товарищ Сталин! — æваст бацин кодта Андрей Януарьевич. 

— Ваш приказ выполнен. Ленин находится в железной клетке, в которой в 1836 году Дарвин во время своего плавания на корабле «Бигль» привез самую умную обезьяну из Африки домой. Обезьяна эта помогла ученому обосновать возникновение людей от человекообразных обезьян. Всмотритесь внимательно, товарищ Сталин, и вы увидете Вашего Учителя в этой знаменитой клетке — более знаменитой клетки нет на свете. Ее простым глазом не увидеть — она пропитана особым составом в ядерных реакторах, которые созданы по Вашему указанию под руководством Лаврентия Павловича. Но Ваш глаз, товарищ Сталин, все видит! 

Сталин адæмы ’хсæнмæ ныккаст æмæ йæ сæр батылдта: 

— Вижу. Это хорошо, что мой гениальный учитель находится в столь знаменитой, овеянной исторической славой, железной клетке. Надо загнать в клетки и Черчилля и Рузвельта — они тоже слишком много болтают. Но их клетки должны быть попроще, но и покрепче. 

— Задание Ордена Меченосцев будет выполнено, товарищ Сталин! — разæнгардæй загъта Вышинский. 

— Поступила жалоба. Разберись быстро и прими меры по всей строгости социалистической законности. 

— Сын Арахшауа Бон полностью изобличен, товарищ Сталин. По наущению врага народа Гардана он в возрасте 8 месяцев и 24 дней своими преступными ножками... ногами разорвал детородный орган своей матери, расположенный у нее в полости малого таза между мочевым пузырем и прямой кишкой. 

— Бон — еврей! — хъæрæй загъта Гитлер. — Только евреи способны в таком возрасте убивать своих матерей! 

— Помолчи, фюрер! Ты где находишься? — йæ амонæн æнгуылдзæй йæм бавзыста Бырсæг. — Это тебе не Рейхстаг! Еще одно лишнее слово, и я вынужден буду удалить тебя из зала суда. Продолжай, товарищ Вышинский. 

— Благодарю Вас, — йæ сæрæй йын акуывта Андрей Януарьевич. — Вина Бона в убийстве своего отца и мачехи тоже полностью доказана. В тот трагический для них вечер он блестяще реализовал свой коварный замысел. 

— Что за замысел? — бафарста Бырсæг. 

— Он в полночь собрался уходить из родительского дома. И ушел! Этим самым он погубил своего отца и мачеху. 

— Я протестую, Джо! — дард кæцæйдæр æрбахъæр кодта Уинстон Спенсер Черчилль. — Правосудие невозможно без адвоката обвиняемого! 

— Англисаг хытъын! — йæхицæн бахъуым-хъуым кодта Сталин, хъæрæй та загъта: — Это в вашем прогнившем буржуазном мире, господин Черчилль, невозможно ни правосудие, ни кривосудие без адвоката, потому что суды ваши, как и вы сами, правители терпящего крах под натиском пролетариата мира, продажны. А в нашем социалистическом обществе судебные органы настолько предельно чисты и справедливы, что необходимость присутствия адвоката на судебных процессах сама по себе отпала, как со временем отпадет, согласно гениальному прогнозу Энгельса, необходимость создания семейных ячеек. 

— Тæрхоны цыд ма хъыгдар, æмбал Сталин, — тызмæгæй йæм сдзырдта Бырсæг. — Черчиллы дзæнгæдамæ цы хъусыс? Уый Дыгургомæй тынг дард у, Китайы æмбонды фæстейæ æрбаппары йæ пъæртт. Продолжай, товарищ Вышинский, свою обвинительную речь. 

— Благодарю Вас, Биршаг! — йæ сæрæй та йын акуывта Вышинский æмæ ноджы карздæрæй дзурын райдыдта: — Враг народа, английский шпион, член всемирной тайной масонской организации Гардан познакомил Бона с лженаукой Фрейда, который обосновал теорию психосексуального развития индивида. 

Фрейды коймæ Гитлер пуртийау йæ мидбынаты фесхъиудта, фæлæ йын йæ мæсты цæстæнгас Бырсæг ацахста æмæ йæм йæ тымбылкъух бавдыста, дæ дзыхыл хæц, зæгъгæ. Гитлер хъæр кæнын нал бауæндыд, фæлæ йæхицæн бахъуыр-хъуыр кодта: 

— Опять еврей! Их больше, чем китайцев, а считаются карликовой по численности народностью! 

— Фрейд в формировании характера и его патологии, — йæ ныхас дарддæр кодта Вышинский, — главную роль отводил переживаниям раннего детства. А теперь вспомните, какое страшное злодеяние совершил в раннем детстве Бон, и всем вам станет ясно его зловещий контрреволюционный замысел. Он прекрасно понимал, что если он уйдет в такую позднюю ночь по опасным горным дорогам в аул Мацута, расположенный примерно в 40 километрах от Дзинаги, то это вызовет в психике отца и мачехи непоправимые катострафические, а, самое главное — бессознательные процессы: галлюцинации, бред, полное помрачение сознания. Вот в таком состоянии Арахшау убил свою жену, а потом застрелил себя. Таким образом, настоящим убийцей трех названных людей является враг народа и друг английского шпиона Гардана Бон. Его вина в содеянном следственными материалами Генеральной прокуратуры СССР полностью доказана. Уважаемая Священная Тройка! Я закончил свою обвинительную речь. 

Бонæн йæ фæрстæм æрлæууыдысты дыууæ цыбыр лæджы, сæ иу — Берия, дзаг голладжы хуызæн тыппыр, йæ пенсне уыди капеччы йас, йæ галиу цæсты арфæй иу авг ферттив-ферттив кодта. Иннæ — Ежов, уыди къæсхуыр, къæдз михыл сырхæфсæддоны дарæс скæн, æмæ дын уый — Ежов, цæуылдæр æппынæдзух йæ мидбылты худти. Æртыккаг — Ягода, лæууыди Бонæн йæ фæскъæбут, йæ комæй нурыйы тæф калди, æмæ уый тыхсын кодта Боны. Фæстæмæ йæм ракасти — уый дæр, йæ фæрстæм чи лæууыди, уыдонау уыди бындзыд, æфсæддонау лæууыди æмраст, æрмæст ын цæстытæ нæ уыди, йæ гыццыл сæрыл Сталины къепкæйы хуызæн стыр тасы йас бæрзонд счъилджын къепкæ, гуыр кæй фæхонынц, ахæмæй дæр ыл ницы уыди: йæ роцъойæ уыдисны бæрц дæлдæр — йæ астæу, ууыл та фæтæн гæрзын рон, йе ’ргъæвæгыл æхсырф æмæ дзæбуг, ронæй дæлæмæ та — къæхтæ, къæхтыл та роны онг кирзæ стыр цырыхъхъытæ. 

— Тройка! Зачитай приговор! — сыстад Бырсаег. 

Иннæтæ дæр сеппæтдæр сыстадысты. 

Лаврентий Павлович йæ галифе хæлафы дзыппæй сласта æнцъылдтæ гæххæтт, алæгъз æй кодта йæ армытъæпæнтæй, йæ пенснейы авг йæ цæсты къуырфы арфдæр батъыста, æмæ гъа ныр кæсын райдайон, зæгъгæ, афтæ йæ Сталин йæ къухы змæлдæй баурæдта: 

— Бырсæг, хатыр курын, фæлæ, кæд æмбæлы, уæд зæгъон. 

— Зæгъ, зæгъ, æмбал Сталин! — къуыдайрагау æм сдзырдта Бырсæг. 

— Бырсæг, почему эти двое говнюков — Ягода и Ежов — оказались в составе Священной Тройки? Я же их расстрелял! 

— Но ведь тебя тоже Никита сжег дотла, однако ты здесь, — йæ тамакойы æртхутæг æмбыд дзидзатæм йе ’нгуылдзæй цæгъдгæйæ, загъта Бырсагг. 

— Бырсæг! Ты прекрасно знаешь, что когда я произношу «Великий учитель Ленин», то подразумеваю «Великий учитель Бырсæг»! Когда я говорю «Партия», то всегда подразумеваю тебя. А ты не можешь сделать такую малость для меня. Убери этих говнюков из состава Священной Тройки! 

— На свете есть вещи, дорогой товарищ Сталин, изменить которые пока не в состоянии даже я. Пока ты будешь жить в сердцах народа, эти трое говнюков будут постоянными членами Тройки. Вопросы есть? 

— Да... — йе ’рфгуытæ фæталынг сты Сталинæн. — Если этого несовершеннолетнего врага народа... 

— Разрешите, товарищ Сталин! — йæ дзырд ын айста Лаврентий Павлович. — По Главному уголовному кодексу СССР — статья 58, пункты а, б, в, г, д, е, и другие параграфы, обозначенные китайскими иероглифами — только что разоблаченный убийца своих родителей и мачехи не считается несовершеннолетним. По всей стране осуждено за разные вредительства политического и хозяйственного характера несколько тысяч шестилетних преступников, и они сейчас находятся в ГУЛАГе. Недавно арестован пятилетний преступник. Прости меня, товарищ Сталин, но он твое имя произносил неподабающим, то есть контрреволкщионным образом: вместо «Иосиф Виссарионович» он говорил «Иосиф Вешалионовиц», то есть изменил корень твоего великого отчества на слово «вешать, вешал». Но он все время плачет, поэтому мы арестовали и его мать, дедушку и бабушку и посадили их к нему в камеру. 

— Он врет! — хъæрæй загъта Сталин æмæ йæ лулæйы мæсты фæтылдæй йæхимæ хæстæгдæр фæдзырдта Бериямæ. — Ты что болтаешь, ше виришвило, ше мамадзагъло! Ты разве не знаешь, что Рузвельт и Черчилль притаились прямо за Китайской стеной и следят за судебным процессом? Ты не шеф Госбезопасности, а настоящий сыдзæг! Чатлах! 

— Прикажи, товарищ Сталин, и я привезу тебе их обоих в мешке, как слепых котят! — загъта Берия, йæхæдæг та ахъуыды кодта: «Чысыл фæлæуу, мæнæ мæ химиктæ сусæгæй цы марг скодтой, уымæй дæ дзæбæх куы нæ бафсадон!» 

— Как бы тебя самого в твой же мешок не сунул, как слепого котенка, Скотленд-Ярд! Исчезни! — фæхъæр ыл кодта Сталин, æмæ Берия цыдæр æрбаци. 

— Цы ма дæ фæнды? — бафарста Бырсæг Сталины. 

— Я закончу свою мысль. Если этого убийцу будет судить Тройка, то Рузвельт и Черчилль поднимут хай по всему миру: Сталин задушил демократию, Сталин диктатор, Сталин изверг и так далее. Пусть этого преступника — Сталин йæ лулæйы къоболайæ ацамыдта æцæг Бонмæ, — судит весь народ, чтобы эти империалисты, наконец, поняли, что со дня сотворения мира более демократической демократии, чем в СССР, никогда и нигде не было и не будет! Да и не нужно другой демократии! 

— Демæ разы дæн, — загъта Бырсæг. — Кæм сты дæ адæм? 

— Уæртæ Сырх Фæзы. 

— Фæжур сæм! 

— Журын сæм нæ хъæуы. Мæ лулæ сæм бавдисджынæн. Уыцы рæстæджы цæлгæнæны дард къуымæй фæзындысты цалдæр æндæрджы. Фынгмæ куы æрбахæстæг сты, уæд Бон базыдта Хрущев æмæ Брежневы, фæлæ, семæ чи уыди, уыдонæй никæй зыдта. 

— Никита, — загъта Бырсæг. — Мы тебя не звали. Зачем явился? 

— Я... — батыхсти Хрущев. — Я... У меня список... 

— Что за список? 

— Список казненных товарищем Сталиным военоначальников. 

— Без присутствия самих военначальников суд не может рассматривать этот вопрос. Позовем тебя по окончании этого процесса. А теперь уходи. 

Хрущев йæ сæр æруагъта, фæцæйцыди, Сталин æм йæхи хæстæг байста, йæ лулæйы къоболайæ йын йæ сæр æрцæвынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл Бырсæг фæхъæр кодта: 

— Æмбал Сталин! Дæ бынаты слæуу! Дæхи дарын цæуылнæ зоныс? Ды та, Брежнев, ам цы кусыс? Чи дæм арвыста? Стæй дæ бæзджын æрфгуытæй иу хъуын куы нал ис дæхиуыл, кæм дын сты? 

Бон ныккасти Брежневмæ: æцæгæйдæр йæ бæзджын æрфгуытæ афтæ тынг даст уыдысты, æмæ йæ фæлурс цæсгомыл дыууæ фæтæн урс-урсид тæлмæй зындысты. 

— Вот... — загъта Брежнев æмæ йæ цæссыгтæ йæ дысæй асæрфта, йæ пиджачы мидæггаг дзыппæй цыдæр сисынмæ хъавыд, фæлæ йæ риу хъуырæй суанг астæумæ æмæхгæд уыди сырх стъалытæ, ордентæ æмæ майдантæй, æмæ йæ къух мидæмæ бацæвыны амал нæ ардта. Уæд кæмæдæр йæ сæры змæлдæй фæсидти, æмæ йæ размæ æрбауади æрыгон нæлгоймаг, йæ лæгуын сæр ныхæй чысыл уæлдæр уыди мыстыты ’хсыд. 

— Товарищ Горбачев, — бахатыдта йæм Брежнев, — вытащи из внутреннего кармана моего пиджака бумагу. 

— А почему, Миша, мыши изгрызли твою голову? — бафарста Бырсæг. 

— Мыши в голове Миши ищут новое мышление! — йæ æнæуынгæ къалатийæ æрбадзырдта Ленин. — Не странно ли это — искать новые мысли в голове деревенского парня, а не в моих томах! 

— Не беспокойся, Ильич, твои тома тоже усердно читают мыши! — худгæйæ загъта Бырсæг. — Миша, помоги другому Ильичу. Горбачев Брежневы дзыппæй сласта æнцъылдтæ гæххæтт æмæ йæ æнæдзургæйæ радта йæ хицаумæ, йæхæдæг иуварс ацыд. 

— Вот... мое исковое заявление... — загъта Брежнев. — Мои брови приватизировали младореформаторы во главе с Ельциным... 

— Не «Ельцин», а «Ельцир»! — адæмы æхсæнæй æрбахъæр кодта Гитлер. — Он еврей! 

— Адольф, держи язык за зубами! — фæхъæр ыл кодта Бырсæг. — Ельцин никакой не еврей, он русский мужик. 

— Русский-то русский, но совершенно неграмотный, как и Брежнев, — йæ рихиты бын хин худт кодта Сталин. 

— А в чем выражается моя неграмотность, товарищ Сталин? — бустæхуызæй бафарста Брежнев, йæ зæрдæ бынтон суынгæг. 

— Ты сказал: «Мои брови приватизировали младореформаторы во главе с Ельциным». А надо было сказать: «Мои брови приватизировали младореформаторы на голове Ельцина». Нет, ты не читал, доблестный мой потомок, капитальный труд товарища Сталина «Марксизм и вопросы языкознания». 

— Лаврентий Павлович! — фæдзырдта Бырсæг. Лаврентий Павлович адæмы ’хсæн йæхицæн фæндаг гæрдгæйæ бацыди Бырсæгмæ. 

— Бери исковое заявление Брежнева и проведи следственные мероприятия. Особое внимание обрати на замечание Сталина и выясни: процесс приватизации проходил во главе с Ельциным, или на голове Ельцина. Леонид Ильич, твое присутствие на сегодняшнем судебном процессе необязательно. Понадобишься — позовем. 

Брежнев дæр йæ сæр æруагъта æмæ араст Хрущевы фæдыл. 

Раст тæккæ уыцы рæстæг Сталины размæ æрбахæццæ æнахуыр адæмы къорд: уыдонæй иу — цыдаид ыл 100 азæй фылдæр — йæ уæлæ бур гæлифе хæлаф æмæ куырæт, йæ сæрыл рæмпæгхæрд бухайраг худ, афтæмæй саджилбадт кодта, йæ кары чи бацыд, ахæм хæрзконд сырхцæсгом бæзæрхыг лæджы бæрзæйыл, йæ къæхтæ дзедзырой кодтой йæ хæссæджы риуыл, галиу — бæгъæввад, рахизыл та кæд хæцъил тыхт уыди, уæддæр зынди йæ фадхъул. Семæ чи уыди, уыдонæй йын иу фæсте йæ бæрзæй æрцахста дыууæсыгон хъæдын сагойæ, иннæ йын йæ галиу дæларм бацавта сагой, æртыккаг — йæ рахиз дæлармы, цæмæй сæ зынаргъ уаргъ макæцырдæм фæцуда, стæй — Хуыцау ма зæгъæд! — ма ахауа. 

— Ам мæ æруадзут, — загъта, кæй хастой, уыцы сæдæазыккон цыбыр тымбыл лæг. — Æмбал Сталинмæ æгæр хæстæг ма бацæут, науæд мæ цъулбер фæхондзæн... 

Сырхцæсгом лæг йæхи тынг æргуыбыр кодта, æмæ сæдæазыккон лæг рахызти йæ бæрзæйæ, æмбал Сталины цурмæ бацыди æмæ æфсæддонау æмраст æрлæууыди йæ комкоммæ: 

— Товарищ Сталин! Первый секретарь Обкома партии Первой Осетии Крайнего Севера товарищ Китов Кит Китович по Вашему приказу явился! 

— Товарищ Китов! Какой ты кит? Ты — тъепа, которая водится у вас в Алаханчъурте. И почему ты называешь себя товарищем? Чей ты товарищ? 

— Корто бахъ! — Вышинскийы хъусы сусæгæй бадзырдта Берйя, æмæ йæ къубал йе ’нгуылдзæй ахафта, цыма йæ кардæй лыг кæны. 

— Бак корто! — бацин кодта Вышинский дæр. — Вина Кита полностью доказана, вот только что скажет Хозяин... 

— Я — тъепа... А товарищ Сталин... товарищ всему трудовому народу... — къуызгæ дзырдта Кит, фыртæссæй йæ зæнгтæ зыр-зыр кодтой, йæ дæндæгтæ дæр кæрæдзиуыл хоста, æмæ-иу сæ тыхджын къæрцц-къæрцц райхъуыст. 

— Как идут дела в Осетинской республике Крайнего Севера? 

— Разрешите доложить, товарищ Сталин... — йæ дæндæгтæй къæрцц-къæрцгæнгæйæ дзырдта Кит. — План выполнен на 376,99 %... 

— Какой план? 

— План по уничтожению врагов народа, буржуазных националистов, контрреволюционеров, троцкистов, шпионов и другой швали. По указанию товарища Сталина, чем ближе мы подступаем к коммунизму, тем ожесточеннее становится классовая борьба! На сегодняшний день мы арестовали 14 тысяч 999 с половиной человек. 

— Постой, постой, — бадис кодта Сталин. — Что значит «с половиной»? 

— Один враг народа был без рук и ног... с рождения. Но зато с длинным языком. В списках НКВД он значится как получеловек. 

— Молодец, — раппæлыд дзы Сталин. — Зæгъ-ма, æмбал Киты фырт, дæ зæнгтæ цæмæн зыр-зыр кæнынч? 

— Дыгургомы æхсæв уазал вæййы, æмбал Сталин... 

— Æмæ бæгъæввад шæмæн дæ, шæ? 

— Ды мæм телефонæй куы фæдзырдтай, æмбал Сталин, уæд афтæ тынг фæтарстæн... афтæ тынг бацин кодтон, æмæ мæ цырыхъхъытæ мæ къæхтыл скæнынмæ нал сарæхстæн — мæ къухтæ дæр, мæ зæнгтæ дæр зыр-зыр кодтой. 

— Æмæ дæ цырыхъхъытæ дæ къæхтыл шæуылнæ уыдысты? Æви фынæй кодтай? Æмæ æмбал Сталин йæ къабинеты боныцъæхтæм кæй фæкусы, уый нæ зоныс? 

— Зонын, æмбал Сталин! Уый дун-дунейы æппæт прогрессивон дзыллæтæ дæр зонынц, æмбал Сталин! Æз фынæй нæ кодтон, æз кафгæ кодтон æмбал Сталины проспектыл Сæрибары фæзы, æмæ уым раластон мæ цырыхъхъытæ. 

— Æмæ уæм шы бæрæгбон уыди, шы? 

— Цъеретелийы уынг мæ номыл скодтой. 

— Æмæ Цъеретели та? 

— Уый номыл та, æмбал Сталин, ноджы рæсугъддæр æмæ стырдæр уынг скодтам Заманхъулы... — Киты фырт Сталины уæззау цæстæнгас нæ баурæдта æмæ та къуызгæйæ дзурын райдыдта: — Æмбал Сталин! Кафгæ мæхи тыххæй нæ кодтон... Ды нæ æхсæв дæр хурау кæй тавыс, бур сæртæ æмæ саутæн рæвдыд кæй радтай, уый цинæй скæфтытæ кодтон. Стæй Ирыстоны æппæт фæллойгæнджытæ дæуыл кадæг ныффыстой, æмæ йыл сæ къухтæ сæвæрдтой 10 милуан адæймаджы. 

— Æмæ Ирыстоны уал адæймаджы шæры? — бадис кодта Сталин. 

— Хъуыддаг афтæ рауад, æмбал Сталин, æмæ фæллойгæнджытæн бауромæн нал уыди — кадæгыл сæ къухтæ фырцинæй сæдæгай хæттытæ бафыстой, афтæ бирæ дæ уарзынц. 

— Хорз. Лæвар дын кæнын Мæздæджы район. Фæлæ хъаст æрбашыди Ширхъхæсджыты Орденмæ иу дыгурон лæгæй, не ’взагыл журын, дам, нæ нæ уажынч бынæттон хишæуттæ. 

— Уый у контрреволюцион пропагандæ, æмбал Сталин. Нæ партийыл уыцы цъыфкалæн чи ныффыста, уый агæрах кодтам. Дыгурон æвзаг нæй, æмæ цы нæй, ууыл та дзурæн куыд ис? Уырыссагау æмæ сæ иронау дзурын кæй уадзæм, ууыл цин нæ кæнынц, фæлæ ма сæ хъаст бахастой æппæт рæстæджытæ æмæ адæмты фæтæг Сталинмæ, йæ налхъуыт—налмас сызгъæрин рæстæг ын къахыр кæнынц. 

— Наукон æгъдауæй бæрæггонд æрцыди, дыгурон æвзаг кæй нæй, уый?— бафарста Бырсæг. 

— Куыд нæ, æмбал Бырсæг, — разæнгардæй загъта Киты фырт Кит. — Мæнæ мæ йæ рагъы... нæ фæлæ мемæ чи рацыди, уыдон сты Ирыстоны хуыздæр фысджытæ æмæ ахуыргæндтæ, Къостайы номыл премийы лауреаттæ Хамбохъ, Тæнгъæд, Цъыртмиз æмæ Æрдæбон. — Кит фæстæмæ ракасти æмæ фæдзырдта: — Цъыртмиз! 

Цъыртмиз, йæ бæрзæйыл ын сагойæ чи хæцыди, уый, æрбатахти йæ размæ, фырæфсæрмæй йæ сæр бынмæ æруагъта æмæ ног чындзы лæуд скодта. 

— Амæн та, — загъта Сталин, йæ лулæйæ Цъыртмизмæ амонгæйæ, — йæ хæлаф æмæ йæ шырыхъхъытæ хуылыдж шæмæн сты? 

— Æмбал Сталин! Цъыртмизæн Парти чердæм фæцамоны, уыцырдæм никуы слæууы дымгæбон. Æмæ дын ай йæ пайда! — Кит Цъыртмизмæ ахæм мæсты каст бакодта, æмæ уый йæхи адæмы æхсæн амбæхста. 

Кит фæдзырдта, кæй бæрзæйыл бадти, уыцы сырхцæсгом лæгмæ: 

— Хамбохъ! 

Хамбохъ йæ цурмæ æрбагæпп кодта, йæ сæрæй Бырсæгæн акуывта æмæ райдыдта: 

— Дигорского языка, как такового, не существует. Есть поддиалект неопределенного поднаречия, и вот это дигорские буржуазные националисты называют языком! — Хамбохъ куыд фылдæр дзырдта, афтæ мæстыдæргæнгæ цыдис, æмæ фæстагмæ хъæр кæнын райдыдта: — Международный поэт и ученый Первой Осетии Крайнего Севера и Второй Осетии Крайнего Юга Финал проник в хранилище старинных рукописей Эчмиадзина... 

Хамбохъ, цыма æвиппайды йе ’взаг аныхъуырдта, афтæ йæ хурхы уадындзтæ адымстысты, афæлурс, уымæн æмæ йæ сырх ныхыл къуымых карды фындзау сбыцæу Сталины уазал цæстæнгас. 

— Лаврентъ, что я слышу? Оказывается, в Эчмиадзине гуляют кому не лень, как в парке имени Коста Хетагурова. 

— Товарищ Сталин! Это ложь! Хамбохъ клевещет на органы Госбезопасности, а, следовательно, на ленинско-сталинскую партию. Эчмиадзин охраняется вооруженной до зубов дивизией С-2! 

— Каким образом тогда проник туда международный поэт и ученый Финал? 

— Разрешите обяснить, товарищ Сталин, — йæ сæр бынмæ æруагъта, афтæмæй лæгъстæгæнæгау загъта Кит. — Международный наш поэт и мыслитель надел на свою голову гамхуд. 

— А-а... — йæ сæр банкъуыста Сталин. — Против гамхуда мы пока бессильны. Дæ ныхас кæн, Хамбохъ. 

— Благодарю, товарищ Сталин, — бацин кодта Хамбохъ. — Финал в хранилище древнейших рукописей Эчмиадзина нашел документ, где на староармянском языке черным по белому написано: дигорцы — уираги, то есть евреи. Они спелись с иудейской верхушкой Хазарского каганата. Язык их — это гремучая смесь иронско-кударских, фашистко-немецких и, в особенности, еврейских слов. 

— Идиш, что ли? — бафарста Сталин. 

— Еще хуже! — зæгъгæ, йæ бынатæй фæгæпп кодта Гæлæу. — Мах, дигурæтти, æппиндæр ницæмæн гъæуы ирон... то есть дигурон хъæбæр лæгъуыз æвзаг! В империалистической Америке 95 процентов банкиров составляют евреи! Смерть дигорцам! 

— Я же говорил: Бон — еврей! — фæтъæлланг кодта Гитлер. 

— Немедленно его в газовую камеру! 

— Мы не фашисты, Адольф! — йæ лулæ сцъырдта Сталин. 

— Ты сам свидетель: я упросил Бырсага, чтобы врага народа судил сам народ. Вот этим мы, коммунисты, отличаемся от вас, нацистов. 

Сталин йæ лулæ бæрзонд систа, Сырх Фæзы цы æнæнымæц адæм уыди, уыдон æй куыд федтаиккой. Æмæ йæ æцæгæйдæр федтой. Æвиппайды ныххæррæтт кодтой æзфæраздæронæй Фæтæджы лулæмæ, се ’змæлдæй Сырх Фæз æнкъуысыди, дуне æмроро, хъæрахст æмæ цъæхахст фестади. Уыйбæрц адæмæн фæндон змæлынæн фаг нæ уыди стыр фæз, æмæ кæрæдзи сæ къæхты бын æууæрстой. Дыккаг бон радио «Сæрибар Европæ»-йы уацхæссæг Бирштеен (Бырсæг) хъусын кодта: Сырх Фæзы мæрдтæ æмæ цъæлтæй баззади 40 милуаны, уыдонæн та сæ цыппæрæм хай — сывæллæттæ. Газет «Правда»-йы уацхæссæг Биршагов (уый дæр Бырсæг) уый фæдыл фыста, зæгъгæ, империалисттæн лæггадгæнæг уæййаг фысджытæ æмæ журналисттæ куыд алкæд, афтæ та ныр дæр сайынц: Сырх Фæзы 40 милуаны нæ, фæлæ æдæппæт 20 милуаны фæмард. 

Æнæнымæц адæм куыд хæстæгдæр кодтой цæлгæнæнмæ, афтæ сæ хъæр тыхджындæрæй хъуыст: 

— Мæлæт, адæмы знаг Бонæн! 

— Бон æгас дунейы æнусон фæтæг Сталины марынвæнд кæны! 

— Йæ царм ын бастигъæм æмæ йæ кауы михтыл байтындзæм! 

— Ауындзгæ! 

— Æргæвдгæ! 

Адæмы æрра уылæн тынг куы æрбахæстæг цæлгæнæнмæ, уæд Бырсæг сыстад, бацыди Бонмæ. 

— Хъус-ма, лæппу, — загъта уый. — Фервæзæн дын нал ис. Фæлæ дæ æз фервæзын кæндзынæн, кæд дæ фæнды, уæд. 

— Сайтан! Де ’ххуыс мæнæн сæдæ мæлæтæй фыддæр у! — ныхъхъæр кодта Бон, йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ сæ хæдзарæй уынгмæ ралыгъд. 

___________________________________ 

 

1 Дигорон-уруссаг дзурдуат (дарддæр: ДУДз): къуæдæнтæ — шулята (бычьи яйца). 

2 ДУДз: уахъæр — гонор, тон. 

3 ДУДз: фæрзеу — угощение <...>. 

4 ДУДз: ципхæ, цепхæ — дробь (ружейная). 

5 ДУДз: сæрккаг — верхний. 



<==    Комментарии (2)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»