Изæрырдæм нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, куыд загътам, афтæ нын нæ дуар уæздан æрбахостæуыд æмæ мидæмæ æрбакаст уазæгдоны кусджытæй иу, боцъоджын ас лæг. Йæ къухты змæлдæй йæ бамбæрстам: йæ фæдыл ацæуын хъæуы, бынæй нæ чидæр агуры. Мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта: не ’мзæххонтæ сты. Цыппар нæлгоймаджы разындысты, æцæг ирæттæ — нæ. Базонгæ стæм: Шараф Абазов, дохтыр, абхазаг, амы æхсæнад «Фыдыбæстæ»-йы сæрдар; Амин Арслан, цæцæйнаг, ныртæккге пенсиисæг, зæхкуыстгæнæг; Марвин Четал, инженер, æрæджы Майкопы фыццаг хатт куыд уыди, куыд та ацæудзæн, уый тыххæй зæрдиагæй дзырдта, æмæ Бибарс Хенцерух, абхазаг, бастдзинады хайады кусæг.
Уыдонæн сæ цæстытæм бакæсынæй диссагдæр ницы уыд. Цымыдисдзинад æмæ цины уылæнтæ дзы сæвдылдысты, тыхджындæр кæнæ дзы зæрдиагдæр кæцы уыдис, уый зын равзарæн уыд. Сæхи тыххæй се ’ппæты бæсты Шараф нæ тæлмацгæнæг Анисæн (йæ хæдзармæ йæм телефонæй бадзырдтам, хъазæн ныхас дæр ма загъта, ома, дам, мын ме ’рыгон усы фарсмæ абадын дæр нал бантыст) иугай-дыгай хъуыдыйæдтæ дзырдта, фæлæ йын сæ æз цыбыр монологау ныффыстон, фæстæмæ нæ цæрæн уæттæм куы раздæхтыстæм, уæд.
— Махæн дыууæ райгуырæн бæстæйы ис — уым, Цæгат Кавказы, стæй ам — Сирийы. Цæгат Кавказ — фыццаг райгуырæн бæстæ’ у, Сири та — нæ дыккаг. Фыдæлты зæхх чи нæ уарзы, уый цæрыны аккаг нæу, уый Хуыцауæй дæр æлгъыст у. Ам райгуырдыстæм мах, ам сты нæ хистæрты уæлмæрдтæ, ам ис нæ кæстæрты фидæн. Ацы фæстаг ныхæстæ уымæн зæгъын, æмæ нал æууæндæм, искуыма нæ фыдæлты къонамæ афтдзыстæм, ууыл. Ницыхъуаг стæм, дзæбæх адæмы ’хсæн цæрæм, афтæмæй та нæ фæллад зæрдæты æрцардис, сдзæбæхгæнæн кæмæн нал ис, ахæм мæт: «Цæмæн фæхаудтам зынджы стъæлфæнтау нæ райгуырæн къонайæ?» Афтæ ма банхъæлут, æмæ ам æнæбары цард кæнæм. Уæдæмæ нæ бон зонæм æмæ нæ амы цард цы домы, уый иу адæмæй дæр æвзæрдæр нæ кæнæм. Кусгæ — уæд кусæгау, хæцгæ — уæд хæцæгау. Нæ рагфыдæлтау. Иу æмæ дыууæйæ нæ ныккалдтой сæ туг не ’мзæххонтæй Сирийы зæххы сæраппонд. Иунæг гæдыныхас дæр нæма загътон, ныр дæр нæ зæгъын: иуæй дæр æдзæллагдæр нæ разындысты тохы быдырты амы цæцæйнæгтæ, черкесæгтæ, ирæттæ...
Сымах размæ ам чи уыд, уыдон дæр нæ фарстой, зонын æй, сымах дæр нæ фæрсдзыстут: «Куыд цæрынц иумæ, Цæгат Кавказæй ардæм чи æрбафгыд, уыцы адæм?» Тынг хæларæй! Зыны дæр æмæ цины дæр кæрæдзийы æнæмæнг агурæм. Иу нæ чи кæны, фидар нæ чи бæтты кæрæдзиуыл, ахæм æхсæнад дæр сарæзтам, йæ ном та — «Фыдыбæстæ». Æвзæр ном ын æрхъуыды кодтам? Уæдæ цы ис лæгæн уымæй зынаргъдæр?!
Шараф цас фылдæр дзырдта, уыйас мах та хъуыдыдзастæй-хъуыдыдзастдæр кодтам, æнкъардæй-æнкъарддæр, сæрыстырæй-сæрыстырдæр.