Хинымæры хъуыдытæ (Мæскуыйы сын ныффыстон сæ иу хай, Ирыстоны ма сыл бафтыдтон).
1. Кæдæм тагъд кæнынц цымæ ацы мæскуыйæгтæ? Куы дæ сæ иу скъуырдзæн, куы сæ иннæ. Сæ куыстмæ, æмæ уæд нæ цардыл бæрæг нæ уаид? Дуканитæм, æмæ дзы, кæйдæр загъдау, боныгон цырагъы рухсмæ куы ницы ссардзынæ. Ну даргъ сæрыхъуынджын лæппуйы ныхас мæ зæрдыл бадарын хъæуы: универмаджы дуары цур лæууыд, æмæ мидæмæ чи æрбацæйцыд, уыцы къæсхуыртæ сылгоймагæн афтæ: «Ардыгæй ахæссæн ницы ис, ардæм нæхи исты хæссын хъæуы». Чи йын бамбæрста йæ хъазæн ныхас, уыдон æм мæнау бахудтысты...
2. ГУМ-ы цур. Мæ цæст дарын, мидæмæ чи гуылф кæны, уыцы адæммæ. Иу хъуыддаг æвиппайды бафиппайдтон: размæ исты æнхъæлæй чи бырсы, уыдонæй искуы-иу йеддæмæ рахизырдыгæй Сырх фæз æмæ Кремлы ’рдæм йæ сæр ничи азилы. Цæуылнæ цымæ? Æз та дзы мæ цæстытæ нæ исын.. Æцæг мæ иу хъуыддаг ферох: мидæмæ ГУМ-мæ куы фæцæйцыдтæн (афтидæй дзы раздæхтæн), уæд цымæ мæхæдæг уыцырдæм акастæн?..
3. Карл Марксы номыл проспекты райдиан æнæдаст, боцъоджын, хæмпæлсæр лæппутæ алыхуызон инструменттæй (сæ фæрстыл бæгънæг сылгоймæгты нывтæ) хъыллист цагъд кæнынц, сæ размæ ихсыд чумæданы сæр кефиры афтид къопп. Цæуджытæй сын дзы чи абази ныппары, чи сом, цалынмæ сæ цуры лæууыдтæн, уæдмæ дзы иу расыг лæг æртæ сомы ныппæрста, фæцудыдта æмæ ахауд. Уыдон сæ цагъд нæ ныууагътой, иннæ цæуджытæн лæгъстæйаг уыдысты... Æниу иугай мæгуыргуртæ цас ис Мæскуыйы? Дуканиты цур, метромæ æрдæг талынг ныууайæнты. Мæ зæрдæ сриссы сæ уындæй; нал фæлæууын æмæ та мæ дзыпмæ пывналын, мæ лыстæг æхцатæ иууылдæр уыдоныл фæвæййынц.
Дамаскы æз иунæг мæгуыргур дæр нæ федтон...
Проспектыл Сырх фæзмæ бахызтыстæм, раст уыцы сахат хъахъхъæнæг салдæттæ кæрæдзийы ивтой, адæм сыл сæ цæстытæ æрæвæрдтой. Уалынмæ кæцæйдæр цалдæр урс-урсид бæлоны æрбатахт, Ленины Мавзолейы тарбын лæгъз дуртыл æрбадтысты, урс стъæлфытау бандзыг сты, бынмæ ныджджих сты, сæ сæрмæ та Кремлы æрттиваг цъуппыл фæйлыдта сырх-сырхид тырыса. Мæ цæстытыл ауад Дамаскы нæ бæстæйы минæварады бæстыхай, уæлæ уыцы тырысайы халдих уым дæр хурмæ тыбар-тыбур кæны, сабырдзинадыл зарæгау зæлы йæ сыр-сыр. Æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд. арæх: кæй фехъусын, уыцы ныхас: «Цыфæнды мæгуырæй дæр нын хæст мауал уæд...»
Фæстæмæ нæхи Ирыстонмæ куы сыздæхтыстæм, уымæн йæ дыккаг бон мæ зонгæтæй иуыл амбæлдтæн, кæрæдзиуыл бацин кодтам, стæй не ’хсæн рауад мæнæ ахæм цыбыр диалог:
— Æмæ демæ та цы ’рбаластай, демæ?
Æз æй бамбæрстон, цы дзуапмæ мæм æнхъæлмæ кæсы, уый.
— Мемæ?.. Рæсугъд мысинæгтæ æмæ уыцырдыгон дидинæг.
Уый та ныддис кодта:
— Ау, æмæ рæсугъд мысинæгтæ æмæ хус дидинæгæй фæцæринаг дæ?
Æгæр æрæгмæ йын дзуапп куы лæвæрдтон, уæд мыл йæ къух ауыгъта æмæ ацыд. Æз йæ фæдыл бирæ фæкастæн æмæ йæ... мæхинымæры сраст кодтон, бамбæрстон ын йæ уайдзæф. Æцæгæйдæр, хъæздыг фæсарæнмæ ацу æмæ дзы мацы балхæн?! Раст зæгъгæйæ нын Сирийы журналистты Цæдис стыр лæвæрттæ скодта: æмбисонды æрттиваг стъолæмбæрзæнтæ, чи сæ федта, уыдон-иу хатдзæгмæ æрцыдысты: æрмæст уыцы лæвары тыххæй дæр ацæуæн уыдис ахæм балцы. Æнæ лæварæй нæ нæ рауагътой нæхи ирæттæ дæр. Фæлæ ныхас, кæй ницы балхæдтам, ууыл цæуы. Дамаскы нарæг уынгты стыр хæдзæрттæн сæ фыццаг уæладзгуытæ иууылдæр дуканитæ сты — дзаумайы, хæринаджы. хъуымацы, сызгъæрины, æвзисты... Æхца дæм куы уа, уæд, табуафси, кæйдæр загъдау, цъиуы æхсырæй фæстæмæ дзы — алцыдæр. Махæн та нæ дзыппыты дымгæ зылди. Цæрдæг гыццыл лæппутæ-иу алы тигъыл дæр нæ размæ æрлæууыдысты, нæ къæхтæм нын кастысты, нæ рыгæйдзаг дзабыртæ æдзух сæрфинаг уыдысты. Бæргæ, фæлæ сын цæмæй бафыстаиккам, уый нæ уыди. Ме ’мбæлттæн нæ зонын, фæлæ æз мæхимæ тынг æгад æркастæн, нырма йæ ныр бамбæрстон, раздæр-иу советон адæймаджы фæсарæнтæм цæуылнæ уагътой, уый: амы цард ма феной, дуканиты хъæздыг тæрхæджытæм ма бахæлæг кæной. Ныр уадзынц, фæлæ мамæлайы комдзаджы фаг æхцатимæ. Амбæлдысты ныл ростоваг туристтæ дæр. Иу мын дзы хъаст кодта: «Мемæ фондз водкæйы, дыууæ сахаты æмæ авд хилдасæны раластон, зæгъын, ауæй сæ кæндзынæн æмæ дзы исты балхæндзынæн мæ чызгæн. Никæй хъæуынц ам, япойнаг æмæ сæм канадæйаг дзаумæттæ сты кадджын, махонтыл нал æрвæссынц. Кæд сæ фæстæмæ аласон?»
Фæлæ мах æнæнхъæлæджы бахъæлдзæг стæм. Дамаскы нæ бæстæйæ чи кусы, уырдæм рæстæгмæ чи бацæуы, уыдонæн сæрмагонд дуканитæ ис, асламдæрæй нын уæй кæнынц, æвæццæгæн, нын нæ дзыппыты уавæр фæзонынц, æмæ уымæн. Фæстаг бон нæ минæварады кусæг уырдæм аласта, нæ капеччытæ схардз кæнынмæ. Мах Хадзымуратимæ нæхи æвзагыл куы сдзырдтам, уæд нæм фæстæмæ фæзылд иу æрыгон рæсугъд сылгоймаг, йæ цæстыты — æнæкæрон дис æмæ æхсызгондзинад:
— Ирæттæ стут?
Зæгъын, ирæттæ стæм. Йемæ цы дыууæ нæлгоймаджы уыд, уыдон дæр ныл бацин кодтой. Разындысты Черчесты Лидæ æмæ йæ къай Сергей, стæй сæ фысым Æлбегты Бахадин, Азæмæты æфсымæр, Дзæуджыхъæуæй сæ æрбахуыдта, сæхи «Москвич»-æй æрбацыдысты, Турчы сæрты, фæстæмæ дæр та афтæ хъуамæ рацыдаиккой Ирыстонмæ. Бахадин нæ æфсармы бафтыдта: йæ дзыпмæ нывнæлдта æмæ нын фæйнæ 300 лиры байуæрста. Нæ сæ куымдтам, фæлæ Бахадин ныхъхъæддых, мæ зæрдæхудты, дам, ма бацæут, ныртæккæ, дам, мæ дзыппы фылдæр нæ разынд, æндæра уын уыдон дæр нæ бахæлæг кодтаин, мæлæты стыр æхцатæ куы нæ сты, мыййаг. Амы стыр æргътæм гæсгæ уый æцæгæй дæр афтæ у, фæлæ ма цæмæй уыцы дуканийы афæстиат уыдаиккам, уымæн стыр ахъаз фесты. Нæ иуы зæрдæмæ дзы хъуырыл ауындзгæ æвзист кулонтæ фæцыдысты, мæ чызджытæм, дам, афтидæй куыд бацæуон, цы сын зæгъдзынæн, истæмæ мæм æнхъæлмæ кæсдзысты. Æртæ кулоны фаг ын нæ кодтой 45 лиры ма йæ хъуыд, мах ын сыл Юриимæ æфтыдтам, фæлæ махæй нæ куымдта, уæхи дæр, дам, исты балхæнын хъæуы, йæ хъуыны стыхстис. Фервæзын æй кодта нæ тæлмацгæнæг:
— Паддзахадон дукани нæу, уæйгæнæгæн йæхи дукани у æмæ бафæлварæм йемæ абазар кæнын, кæд нын сæ уыцы æхцатæй раттид...
Бафæлвæрдта араббаг æвзагыл, абазар кодта, фæрæстмæ ис. Уæйгæнæг рихиджын, тымбылдзæсгом нæхи æмгар нæлгоймаг æртæ кулоны æрттиваг гæххæтты батыхта, нæ размæ нын сæ рахаста, æцæг загъта:
— Куыд зонæм, афтæмæй нæм Уæрæсейæ чи æрбацæуы, уыдонмæ æхца фаг никуы вæййы, фæлæ уын æдзухдæр нæ зæрдæтæ гом, мах, сириæгтæ, нæ дыууæ бæстæйы ахастдзинæдтæн стыр аргъ кæнæм...
Æппæт уыдæттæ лæмбынæг уымæн фыссын, цæмæй йæ зонат, хатгай фæсарæнты бæлццон лæг цы уавæрты бахауы, уый. Æнæуи та æппæт уыдæттæ сæ койы аргъ дæр не сты. Мах æлхæнынмæ нæ ацыдыстæм, махæн нæ балцы сæр Хæлардзинад уыдис æмæ йæ ссардтам. Нæ хистæр, дзырдарæхст Гокъоты Хадзымурат стыр уырыссаг æвзагыл дзургæйæ ирон куырыхон лæг басгуыхт, стыр ныхас фæкодтам, стыр фæндæттæ бахастам дыууæ бæстæйы, тынгдæр та Ирыстои æмæ Сирийы журналистты Цæдисты бастдзинæдтæ цæмæй фидардæр кæной æмæ мах руаджы нæ адæмтæ дæр кæрæдзийы хуыздæр æмбарой, уый тыххæй. Уыцы хъуыддаджы мах нæ хæс сæххæст кодтам, уырдæм ацæуынмæ ныл чи баууæндыд, республикæйы уыцы журналисттæн та ма æз иу хатт мæхи номæй арфæ кæнын; лæгæй-лæгмæ.
Афтæ мæ чи фарста, демæ та цы ’рбаластай, зæгъгæ, мæ уыцы цымыдис хæларæн та æцæгæй, æнæхинæй загътон, балцы цæмæй æрбахъæздыг дæн, уый: рæсугъд мысинæгтæ æмæ фæндагыл цæстыгагуыйау кæй хъахъхъæдтон, уыцы фæлмæнсыф дидинæгæй. Уыцы мысинæгтæ, цалынмæ мæхæдæг уон, уæдмæ уыдзысты мæ уды рæбинагдæр æвæрæнты, азæй-азмæ мын зынаргъæй-зынаргъдæр кæндзысты, адджынæй-адджындæр… Дидинæг та... Хъуыды ма кæнут, уæлдæр уын кæй кой кодтон, уыцы хæлд горæт Эль-Кунейтрæйы тыххæй, уый, сириаг адæмы знаджы æгъатырдзинадæн æнусон цыртдзæвæн у. Кæройнаг пырх хæдзæртты цур, æппæтæн хъуыстгонд Галаны бæрзæндтæй сириаг арæнты астæу æз фæкомкоммæ дæн, тæвд дымгæмæ чи змæлыди, уыцы лыстæгзæнг дидинæгмæ. Мæ къух æм куы баивæзтон, уæд мын, нæ фембæлды райдиан, не ’рбацыдыл чи бацин кодта, хъæуккаг лæппу дæн, зæгъгæ, сæрыстырæй чи загъта, уыцы æрыгон лейтенант Мулхан Слайби. аххуыс кодта: сындзтелтыл хæрдмæ схæцыд, куы йæ феуæгъд кодта, уæд йе згæтæ фæндаджы рыгау æрызгъæлдысты. Æз дидинæг мæ армытъæпæны æвджид бакодтон, йæ тæвд сыфтæ райсомы хурмæ нæхи гыццыл тырысатау цæхæртæ скалдтой, мæ цæсгомы рухсыл мын рухс бафтыдтой. Стæй мæ зæрдæйы рухсыл. Уымы фæндæгтыл ме ’мбæлццон чи уыд, уыцы блокноты галиу дзыппы йæ хъавгæ сæвæрдтон, уым ис ныр дæр, арæх æм æркæсын, æмæ та мæ цæстытыл ауайынц зæрдæхæлар æмæ сæрибаруарзаг сириаг адæм, быдираг арты цæхæры стъæлфæнтау уырдæм чи асхъиудта, уыцы сагъæсхуыз ирæттæ: махыл æрхъæцмæ чи нæ хæцыд, уырдыгæй ардæм нын ирон æвзаг хъахъхъæнут, зæгъгæ, чи фæдзæхсы, Дамаскы нарæг уынгты Цæлойты рæсугъды зарæг чи ныззары, уыцы Æлбегты Азæмæты; ме ’рвадæлтæ Суададжы цæрынц, зæгъгæ, æнкъардæй чи загъта, æз æй куыд бамбæрстон, афтæмæй Ирыстоны зæххыл амæлынмæ чи бæллы, уыцы ирон стыр лæг Хъуыбадты Сулейман; йæ фыды фæдзæхст чи сæххæст кодта, мæ фырттыл дыгурон нæмттæ сæвæрдтон, зæгъгæ, чи æппæлыд, уындæй æцæг ироны хуызæн дæн, зæгъгæ, сæрыстыр чи у, уыцы дзæбæх Насредин; мах æрбацыд æппæты фыццаг чи базыдта, хæрзæггурæггаг чи рамбылдта, чъиритæ нын чи рахаста, уыцы рæсугъд чызг Иас... Амæй фæстæмæ сын Хуыцаумæ кувдзынæн, тæхгæ нæргæ Уастырджийыл сæ фæдзæхсдзынæн Хетæджы къохы...