Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 13.08.2011 | прочитано 4750 раз |  Комментарии (6)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ИРОН СЫВÆЛЛÆТТЫ ХЪÆЗТЫТÆ

Журнал «Мах дуг», 1999 аз, № 1, 2 

 

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта Тменаты Дзерассæ
 

 

КИНТИ
 

Гъазунцæ си зумæги ехбæл. Биццеутæ скæнунцæ гæнæ æхситæ, сæ дæргъцæ 1,5 м. Ахирхунцæ кæрзæ, акъаци кенæ æндæр федар гъæдæй къæбæл 5–6 см бæрцæ, ниххуайунцæ си зæгæл, зæгæли фий гъæуама 1 см бæрцæ кæса æндæмæ къæбæлæй, ма си рауайуй кинти. Гæнæ æхсæ ибæл истохунцæ. Æхси иннæ кæрон ба сæ еу къохбæл бабæттунцæ. Уæдта еугурæй дæр еумæ фехсунцæ ехмæ кинти, æхсæ ци къохбæл баст у, уой ба ратъæпп кæнунцæ ма кинти зелунцæ ехбæл. Кинти зелдæн ахъаз æй æхси цæф, никкидæр ма биццеутæ ахид цæвунцæ кинти ма тухгиндæр зелунцæ. 

Хъæбæр цæуй аци гъазт сувæллæнтти зæрдæмæ. 

 

ДЗОДЗАНТÆ
 

Биццеутæ æхсæрæ бæласæй ралух кæнунцæ лæдзгутæ 50–70 см дæргъцæн, йæ еу кæронæ циргъ искæнунцæ. Дзодзæн æй хонунцæ. Рандæ унцæ зæлдæ рауонмæ. Хæлттæ исгæлдзунцæ, ’мæ ке халæ исхауй, е райдайуй игъазт. Бадзубанди кæнунцæ, гъазт кутемæй цæудзæй, уобæл. Фиццаг хай, е æ еу къохæй хуæцуй дзодзæнбæл, хæрдмæ ’йæ сесуй ’ма æ тухæ æ бонæй ниццæвуй зæлди. Дзодзæн гъæуама федар лæууа зæлди. Дуккаги ихæс æй фиццаги дзодзæни рæбуни йæхе дзодзæн уотæ ниццæвун, ’ма æхе дзодзæн уоми куд байдзайа, фиццаг ба куд рахауа. Алке дæр кæнуй еу цæф. 

 

ТЕППИТÆ
 

Сувæллæнттæ зæлдæ хуарз кæми фæууй, уохæн рауæн равзарунцæ. Æхсæрæ бæласæй ралух кæнунцæ 30–50 см дæргъцæ къæдзæ лæдзгутæ ’ма тепп 25–20 см дæргъцæ. Бадзубанди кæнунцæ 100–200 лæдзæги дæргъцæбæл. 

Уæдта искæнунцæ минкъий къагъд. Йæ алфамбулай ин ханх æркæнунцæ. Къагъдбæл ниввæрунцæ тепп. Еу-фондз метри идарддæр æррæстæ ханх искæнунцæ ’мæ еци рауæнæй тепп цæвунцæ. Ка йæ райергъæвуй, уой райдайуй гъазт. 

Нур ба тепп æриварунцæ къагъди кæрони. Гъазæг цæвуй, теппæн къагъдирдæмæ ци кæрон лæууй, уой. Тепп хæрдмæ исхауй, ’ма гъазæг ба гъæуама тепп уолдæфи уогæй æ къæдзæ лæдзæгæй никъкъуæра. Тепп кæми æрхауй, уордæмæ баруй æ лæдзæгæй. Ку бахъæртуй теппи онгæ, уæд бабæй нæуæгæйникъкъуæруй тепп ма бабæй баруй лæдзæгæй. 

Кæд бадзубандигонд нимæдзæ искæнуй, уæд рамбулдта. Райсуй еу къохæй тепп ’ма лæдзæг. Тепп хæрдмæ исгæлдзуй еци къохæй, уæдта ’й лæдзæгæй ниццæвуй. Ке хæццæ гъазуй, уой рагъбæл исбадуй, ма ’й е хæссуй, тепп кæми фæцæй, уой уонцæ. Ку бахъæртунцæ, уæдта æ лæдзæгæй, биццеубæл бадгæй, нæуæгæй ныкъкъуруй тепп. 

Ку нæ бамбæла теппбæл, уæд рахезуй, ’ма иннæ биццеу гъазуй. 

 

ХЪУЛÆЙ ХЪАЗТ
 

Хъулæй хъазджытæй алкæмæ дæр вæййы 10–15 хъулы. Æрхахх кæнынц зиллакк. Йæ мидæг æмраст хахх. Æрæвæрынц ыл хъултæ. Зиллаккæй 5–20 метры дарддæр æндæр раст хахх. Уырдыгæй хъавынц, зиллаччы мидæг цы хъултæ ис, уыдонмæ. Зиллаккæй цы хъул рахауа, уый у, чи йæ ракъуырдта, уый. 

Хъулы алы фарсæн дæр ис ном: 

1) сах — нарæг уырынг фарс (хъул ацы уавæры куы абады, уæд у сеппæтæй хуыздæр, кадджындæр); 

2) тæу — иннæ нарæг фарс, æцæг лæгъз; 

3) фыр — уæрæх фарс (уæлæмæ къуыпп); 

4) цыг — иннæ уæрæх фарс (дзыхъхъ дзы). Хъул арæхдæр хауы ацы фарсыл; 

5) хъен — хъул йæ сыкъатыл куы слæууы, уыцы уавæр; 

6) хъен — уый дæр хъулæн йæ иннæрдыгæй цъупп; 

Хъулæй хъазгæйæ сывæллон кæны цырддзаст, арæхстджын. 

 

ХЪÆБЫСХÆСТ
 

Ирон адæммæ хъæбысхæст тынг кадджын у. Чысылæй фæстæмæ сывæллæтты ахуыр кæнынц уæнгдых æмæ домбай уæвыныл. Хъæбысхæст уыд цалдæр хуызы: 

а) æрмæст цæнгдыхæй хæст; 

б) астæуыл (ронбастыл) хæст; 

в) уæгъдибар хъæбысхæст (къухтæ æмæ къæхтæй дæ бон æмæ дæ амалæй архайгæйæ). 

Цæнгдыхæй хæстыл тынгдæр æфтыдтой 10–14-аздзыд сывæллæтты. Хъуамæ æнæдур ран, нæууыл дыууæйæ ныххæцыдаиккой кæрæдзи мæкъуыстæгтыл æмæ сæ алчидæр архайа йæ ныхмæлæууæджы æрфæлдахыныл. Дæргъвæтин рахæц-бахæцы фæстæ исчи куы фæтасы, йе ’рхауы, уæд уый састы бынаты баззайы. 

Ронбастыл хæсты дæр фылдæр архайынц 10–14-аздзыд лæппутæ. Дыууæ лæппуйы ныххæцынц кæрæдзи рæттыл. Алчидæр сæ архайы æрфæлдахын иннæйы. Уыимæ бардзырдмæ гæсгæ хъуамæ архайой къæхтæй дæр, кæнæ та къæхтæ къуырыны бар нæ вæййы. Уæлахиз вæййы тыхджындæр æмæ арæхстджындæр змæлд чи кæны, уый. 

Гыццылæй-стырмæ се ’ппæтæн дæр уæлдай уарзон у хъæбысæй-хъæбысмæ хæст. Гыццыл лæппутæ къахыл уайын куы райдайынц, уæд сæ райдайынц уыцы хъазтыл ахуыр кæнын. Амонынц сын, куыд æй æрлæууын хъæуы, ома иучысыл фæгуыбыр кæна, йæ гуыр размæ, йæ къухтæ размæ ацахсынæввонг. Къæхтæ иучысыл хæбæцц æмæ аф. д. 

Ацы хæсты ис сæрты æппарæн, къæхтæ æрцахсæн æмæ афæлдахæн, бæрзæй æрцахсæн, къæхтæ къуырæн, къах фæдарæн, кæнæ ныхмæлæууæджы къахыл дæхи къах æртухын æмæ бирæ æндæр гæнæнтæ. 

Хъуыдыгонд цæуы уый, æмæ исты уæнг куыд нæ асæттой, фыдæвнæлд куыд нæ кæной, дæндагæй куыд нæ æвналой æмæ аф. д. 

Хъæбысхæст фидар кæны сывæллæтты уæнгтæ, ахуыр кæнынц цæрдæг змæлдыл, цырддзаст уæвыныл, дæтты сын ныфсхастдзинад. 

 

ЗЫМÆГОН ХЪАЗТ
 

Сывæллæттæ зымæджы æрцыдыл алкæддæр тынг цин кæнынц. Раджы-иу фæлмæн хъæды мыггагæй сæхицæн скодтой зымæджы агъоммæ къæлæттæ, дзоныгътæ, къахдзоныгътæ. Мит рауарыд зæгъгæ, уæд-иу арæзтой бырæн обæуттæ æмæ сыл дон калдтой, кодтой митын чындзытæ, мæсыгтæ. Мæсыгтæ арæзтой ерысæй, бæрзонддæр кæмæн уа, зæгъгæ. Мæсыджы бæстастæу сагътой хъил. Уыцы хъилæн йæ иу кæроныл рагацау фидаргонд цыд 1–1,5 хъæды лыггаг. Йæ дыууæ кæроныл баст цыди даргъ бæндæнтæ. Хъил-иу куы ныссагътой митын мæсыджы, уæд бæндæнтæ хæццæ кодтой зæхмæ, æмæ-иу сæ цæгбаст бакодтой. Сæ иугай къæхтæ-иу цæгты атъыстой, иннæтæй та зæххæй сæхи ассыдтой æмæ митын мæсыджы алыварс зылдысты афтæмæй. 

 

ХУД ФÆСТЕ ÆВÆРЫНТÆЙ ХЪАЗТ
 

Ацы хъазты вæййы къорд лæппуйы, суанг ссæдз æмæ уымæй уæлæмæ. Лæппутæ æрбадынц кæрæдзимæ хæстæг æмæ саразынц зилакк. Иу йæ худ сисы æмæ зиллаккыл зилы. Бадджытæй йæм алчидæр аивæй йæ цæст дары æмæ цырд лæууы. Кæд искæйы фæстæ худ æрæвæра, уæд уый хъуамæ феста, худ йæ къахæй тынг ныкъкъуыра æмæ, цалынмæ худы хицау худмæ згъора, уæдмæ хъуамæ иннæ та лæппуты зиллаччы алфамблай æрзила æмæ йæ бынат бацахса. 

Уæгъд бынаты раздæр чи абады, уый йæ бацахсы, иннæ та худимæ зилы къордыл. 

Вæййы афтæ дæр æмæ худимæ зилæгмæ дæ цæст нæ дарыс æмæ дын æй дæ фæстæ æрæвæрдта, ды та йæ нæ фæхъуыды кодтай,— уæд ды йæ бынаты лæууыс, уый та дæу ивы. 

 

ФÆЛДАХЫНТÆЙ ХЪАЗТ
 

Фæлдахынтæй хъазынц 12–14-аздзыд лæппутæ. Иу йæ сæрыл хъен слæууы, дыккаг бацæуы йæ размæ æмæ йын йæ астæуыл йæ къухтæ æрбавæры æмæ йæ сисы, йæ сæрæй зæхмæ куыд нæ хæццæ кæна, афтæ. Æртыккаг бацæуы хæстæг, йæ чъылдым сæм фæцаразы æмæ, хæрдмæ хъен чи лæууы, уый къæхтыл фæхæцы æмæ йæ йæ сæрты рафæлдахы. Уæд, йзе къæхтыл чи лæууы, уымæн йæ сæр фæбынмæ вæййы. 

Ацы хъазтæй хъазы йæ тыхæй йæ ныфс чи хæссы, уый. 

 

КÆЙ УАСÆН СУАСА?
 

Уалдзæджы хæрис къуыбыр куы раппары, уæд лæппутæ кæнынц уасæнтæ. Хæрынкъа, кæнæ кардæй ралыг кæнынц, æрхытæ кæуыл нæ уа, ахæм къалиу. Йæ иу кæрон ын зул алыг кæнынц, кардæй æрзилынц цъар кæуылты феуæгъд уыдзæн, уыцы ран. Уасæн кæцæй æхситт кæндзæн, уым хæрисы цъарæй чысыл сæппарынц кардæй, стæй йæ карды фистонæй арæхстгай хойынц, куыд нæ асæтта. Лæппутæй иу дзуры: 

Сау цъиу — дыгоппон, 

Æз та дын цы кодтон? 

Цалынмæ хæрисы цъар рахаудтаид, уæдмæ иннæ лæппу дæр хоста йæ уасæн æмæ дзырдта: 

Баби-баби, — бапп-бапп, 

Доны ма мæ баппар! 

Æртыккаг дæр-иу сæм бадзырдта: 

Уызын, уызын, Уызынбег, 

Фæцæуы дæм Хъызылбег. 

Куыддæр-иу уасæны цъар искæмæн рахауд, афтæ иу дзы ныууасыд. Фыццаг-иу чи ныууасыд, уый нымад цыди сæрæндæр, арæхстджындæрыл æмæ иу рамбылдта. 

 

ЦЪЫНДÆМБÆХСЫНТЫ ХЪАЗТ
 

Ацы хъазтæй сывæллæттæ фылдæр хъазынц изæрдалынгты. Хъазт райдайы нымадæй. Нымайгæ та кæны цырддæр æмæ дзыхарæхстдæр. Иумæйаг бадзырдмæ гæсгæ цъынд кæны, æппæты разæй чи рахауы нымадæй, уый, кæнæ та фæстагмæ чи баззайы, уый. Бадзырд ма кæнынц ноджы, дыккаг рады цъындгæнæг чи уыдзæн, ууыл дæр, ома фыццаг кæй ссара, уый кæнæ фæстагмæ кæй ссара, уый. 

Чи бацъынд кæны, уый æнхъæлмæ кæсы, цалынмæ иууылдæр бамбæхсой, уæдмæ. Стæй рацæуы æмæ агуры. Кæй ссара, уый цъынд кæм кодта, уыцы бынатмæ батæхы æмæ фæзæгъы: «Туту (фæзæгъы кæй ссардта, уый ном) дæуæн». 

Сывæллæттæ кæрæдзи дзауматæ дæр акæнынц, цæмæй цъындгæнæг фæрæдийæ æмæ та ног бацъынд кæна. 

Арæхстджын хъазæг арф куы бамбæхсы, æмæ йæ цъындгæнæг куы нæ фæары, уæддæр фæзæгъы: «Сæттын, ног цъынд кæнын, рацу». Кæнæ та æрæгмæ искæй куы ара, фæлæ йæм фæхæстæг кæны, зæгъгæ, уæд, раздæр кæй ссардта, уыдон хъæр кæнынц: «Фæткъуы, фæткъуы», ома хæстæг, дам у æмæ хъуамæ æмбæхст æнцад бада. Цъындгæнæг дæр æмбары, кæй йæм бахæстæг, уый. Кæд æмæ сывæллæттæ хъæр кæной: «Кæрдо, кæрдо», уæд дæрддзæф у нырма æмбæхстмæ. 

 

ТÆБЫНИСЫНТÆЙ ХЪАЗТ
 

Ацы хъазт у рагон хъæзтытæй. Хъазджытæй иу тæбыны кæрæттæ балхынцъ кæны, стæй йæ йæ къухы уæлæрттæй фæйнæрдæм аивазы. Йæ рахиз астæуккаг æнгуылдз уæллаг таджы сæрты айсы æмæ йæ рахизырдæм айвазы, стæй галиу астæуккаг æнгуылдз дæр уæллаг таджы сæрты айсы æмæ йæ галиуырдæм аивазы. Уый фæстæ та фæстæмæ астæуккаг æнгуылдзæй авналы æмæ галиуæй сисы, рахиз æнгуылдзы рæбын цы таг рауад, уый, рахизæй та — галиу æнгуылдзы рæбын цы таг рауад, уый. 

Нывæфтыд уыд ахæм: дыууæ æмраст таджы, дыууæ та — дзуарæфтыд чи рауад, уыдон бæстастæу йæ фæйнæ къухæй æрцахсын, айсын сæ æмæ сæ раст тæгты бынты бакæнын, хæрдмæ сыл схæцын æмæ сæ фæйнæрдæм аивазын. Рауайы дзы æндæр нывæфтыд. 

Уый фæстæ та фыццаг хъазæг (гæнæн ис æмæ æндæр адæймаг) хъуамæ равдиса йæ арæхст æмæ сиса тæбын йæхи къухтæм æндæр орнамент саразгæйæ. Алы хъазæг дæр архайы, цæмæй тæбыны нывæфтыд рауайа вазыгджын æмæ рæсугъд, уыимæ йæ тæбын ма ныссуйтæ уа æмæ ма фехæла. 

Хъазджытæй алчидæр архайы æндæр нывæфтыд саразыныл, цæмæй йын уа рæсугъд, æнæнхъæлæджы цымыдисаг орнамент. Дыууæ къухы æнгуылдзты æхсæн сæвзæры чысыл тæбыны гæппæлæй æнахуыр диссаджы хæццæ-мæццæ геометрион фигурæтæ. 

 

УАРИТÆЙ ХЪАЗТ
 

Сывæллæттæ иуы равзарынц сæхицæн уари, иннæйы та кæркгæс. Кæркгæсы фæдджитыл кæнæ роныл, чи куыд стырдæр у, афтæ разæй ныххæцынц къæдзилæй-къæдзилмæ (иннæ сывæллæттæ. — Т. Дз.). Кæркгæс райсы йæ къухы худ кæнæ рон уарийы цæвынæн. Уари лæбуры кæрчыты фæстагмæ, кæркгæс æй цæвы, карк хæссын æй нæ уадзы. Кæркгæс уарийы худæй куы ныццæвы, уæд уари карчы бынаты æрлæууы, кæрчытæй та искæй уари равзарынц. 

Кæркгæс уарийы цæфмæ куы нæ æрæййафа, афтæмæй уари фæстаг лæппуйыл куы фæхæст уа, уæд лæппу уариимæ ацæуы æмæ йæ хицæнæй сбадын кæны, йæхæдæг та ног райдайы. 

Ахæм цæрдæг уаритæ вæййы, æмæ йæ кæркгæс цæфмæ нæ баййафы. Афтæмæй сывæллæтты йæхирдыгæй фæкæны. Ахæм цæрдæг кæркгæс дæр вæййы æмæ йæ кæрчытæй иу дæр хæссын нæ ауадзы. 

Чи фæуæлахиз вæййы, уый вæййы кадджын æфсæддон. 

Æнгузкъуырынтæй хъазынц сабитæ, уæлдайдæр, æнгузтæ куы фæсатæг вæййынц æмæ сæ цæгъдын куы байдайынц, уæд. 

Хъазджытæ æрцæуынц фæндагмæ, кæнæ лæгъз, хъæбæр бынатмæ, æнгузæн сæрибарæй тулæн кæм уа, ахæм ранмæ. Хъазджытæй иу хæрдмæ сæппары æнгуз, зæхмæ æрхаугæйæ фæрсырдæм куыд атула, афтæ. Цас дарддæр атула, уыйас хъазæгæн — хуыздæр. Æнгуз кæм æрхауы, уыцы ран иннæ хъазæг æвæры йе ’нгуз, амонæн æнгуылдз стыр æнгуылдзæй ракъæрцц кæны, ныццæвы дзы æнгуз æмæ, кæд йе ’мбалы æнгузыл сæмбæлы, уæд æй рамбулы, кæд йæ фарсмæ искуы æрлæууы, кæнæ дарддæр атулы, уæд æй фыццаг хъазæг милмæ сисы, акъуыры йæм йæхи æнгуз, æмæ йыл кæд сæмбæлы, уæд æй рамбулы, кæннод та ахæм хуызы дарддæр кæнынц сæ хъазт. 

Фылдæр æнгузтæ чи фæцæф кæны, уый вæййы уæлахиз. Хъазынæн равзарынц тымбыл æмæ лæгъзцъар æнгузтæ, цæмæй дзæбæх тулой æмæ мачердæм схъиуой. Æнгузкъуырынтæй асфальтгонд тротуарыл арæх хъазынц горæты сывæллæттæ. 

Æнгузкъуырынтæй хъазгæйæ, сабиты цæст кæны рæстдзæвин, фидар кæнынц йæ къухты æнгуылдзтæ, стæй сæ астæуы нуæрттæ æмæ хæцъæфтæ дæр, арæх сæ гуыбыр кæнын æмæ дзуццæджы бадын кæй бахъæуы, уымæ гæсгæ. 

 

КЪÆБÆЛ ЗИЛЫНТЫ ХЪАЗТ
 

Дыууæйæ хæлттæ сæппарынц: иу дзы йæ армытъæпæны исты амбæхсы. Кæд æй базона, уæд уый — къæбæл зилæг, иннæ та тæрхонгæнæг. Сывæллæттæ зиллаккæй æрбадынц, къæбæл зилæг къæбæл ныззилы æмæ къæбæлы бæрæг (цыргъ) фындз кæйырдæм фæуа, уымæн гæрхонгæнæг кæны тæрхон. Тæрхонгæнæг хъуамæ ма уына, кæй хал схауы, уый, йæ чъылдым у хъазджытæм. 

Тæрхон кæны кафын, зарын, исты худæг дзурын æмæ аф. д. Хъазт у хъæлдзæг. Хъазынц дзы авдаздзыдтæй уæлæмæ. 

 

ХЪРИХЪУППЫТÆ
 

Сывæллæттæ æрæмбырд вæййынц. Дыууæйы равзарынц хистæртæй, ома сæргълæуджытæй. Уыдон ныххæцынц кæрæдзи къухтыл. Иннæтæ иууылдæр кæрæдзи фæстæ ныххал вæййынц æмæ заргæ цæуынц: 

Хъупп-хъупп, хърихъупп, 

Дойны мын у, хърихъупп. 

Хал бацæуы, раздæр цы дыууæйы равзæрстой, уыдоны æхсæнты. Уыдон та сæ кæрæдзи къухтыл ныххæцыдысты æмæ сæ хæрдмæ скодтой. Цæг куы ацæуы кæроны уонг, уæд фæстаг хърихъуппы æруромынц æмæ йæ фæрсынц: 

— Хæфсджын цъымара дæ хъæуы æви кæсагджын цад? (Гæнæн ис æмæ æндæр исты фарст дæр радтой). 

Сывæллон цы зæгъа, уымæ гæсгæ æрлæууы иу кæнæ иннæ разамонæджы фæстæ. Афтæ фарст цæуынц цæджы цы сывæллæттæ-хърихъуппытæ ис, уыдон иууылдæр. Куы байуарынц цæг, уæд сæ сæргълæуджытæ фидардæр, тыхджындæр сывæллæтты сæ хæдфæстæ æрлæууын кæнынц, къорды уæнгтæ кæрæдзи астæутыл ныххæцынц. Дыууæ къорды сæргълæуджытæ сæхæдæг дæр кæрæдзи къухтыл фидар ныххæцынц æмæ ивазынц алчидæр йæхирдæм. Домбайдæр æмæ æмвæнддæр къорд рамбулы æмæ та ног райдайынц хъазт. 

 

МÆ БОГАЛ
 

Лæппуты къорд дыууæ дихы фæвæййынц. Алы къордæй дæр рацæуы дыууæ лæппуйы. Æркæнынц тымбыл хахх. Цы дыгай лæппутæ рацыд, уыдонæй фæйнæ сбадынц иннæты уæхсчытыл æмæ бацæуынц. Бинаг лæппутæ фидар хæцынц, чи сыл бады, уыдоны къæхтыл æмæ хаххы мидæмæ дзурынц: «Мæ богал тыхджындæр у!» Уæлейы чи ис, уыдон кæрæдзи цæвынц уæхскæй, архайынц кæрæдзи раппарыныл, хаххæи йæ федде кæныныл. Чи фæхæрд уа, уый бацæуы, чи йæ рамбылдта, уыцы къордмæ. Хъазынц, цалынмæ иу къорд «сихсийы», уæдмæ. 

 

ЧИ УЫДИ?
 

Хъазынц дзы æртæ æмæ фылдæрæй. Иу слæууы астæуæй, йæ дыууæ къухы сæвæры йæ хъусыл. Иннæтæ фæстейы лæууынц æмæ йын ныццæвынц йæ къухтæ, сæ бучъутæ фæхæрдмæ кæнынц, цыма ницы уыдысты, сæхи афтæ дарынц. Кæд æмæ чи уыд, уый базона, уæд уый слæууы астæуæй. Уым чи лæууыд, уый та æрлæууы иннæты æмрæнхъ æмæ цæвы. 

Хъазджытæй фыдцæф чи Кæны, ахæмтæ дæр вæййы. 

 

МЫСАН КЪУЫРЫНТЫ ХЪАЗТ
 

Сывæллæттæ лæдзджытимæ бирæ хъæзтытæ зонынц. Мысантæ къуырынты хъазæн ис иунæгæй, стæй бирæйæн дæр. Иу стыр дурыл сæвæрынц чысыл дур æмæ уымæ хъавынц. Мысан фылдæр фæкъуырынц хæснагыл. 

 

УАСДЖЫТÆ
 

Сывæллæттæ зиллакк æркæнынц. Стæй фæкъордтæ вæййынц. Дыууæйæ бацæуынц зиллаччы. Алчи дæр сæ йæ иу къахыл слæууы, иннæуыл та йæ къухæй хæцы æмæ кæрæдзи схойынц. Раздæр йæ дыууæ къахыл чи æрлæууа, уый фæхæрд. Иннæтæ дæр афтæ. Рамбулы, йæ иу къахыл фылдæр чи фæлæууы, уый. 

 

КАРК ÆМÆ УАСÆГ
 

Иу æрлæууы, дыууæ сывæллоны йыл ныххæцынц йæ фæйнæ къухыл æмæ иу згъоры, иннæ та йæ сургæ кæны. Уыцы рæстæг кæй къухтыл хæцынц, уый сын æххуыс кæны, цæмæй се згъорд къуылымпы ма кæна. Кæд æмæ «уасæг» «карчы» баййафа, уæд хъазджытæ ивынц сæ бынæттæ æмæ та «уасæг» «карчы» сурын райдайы. 

Ацы хъазт хорз у чысыл сабитæ ирхæфсынæн, кæд дзы стырдæртæ хъазынц уæддæр. 

 

ФАДÆ ФÆСТÆ
 

Фадæ фæстæ 

Фæд æлхойнæ! 

Йеци гъастбæл сувæллæнттæ сæ къилдунтæ кæрæдземæ рахатунцæ, сæ кæрæдзей цæнгтæй сæ фæсонтæмæ раргъувæбаргъувæй дзорунцæ: «Фадæ фæстæ, фæд æлхойнæ!» 

 

«ЗОНГÆЙÆ»
 

Куадзæны агъоммæ мæй раздæр сывæллæттæ райдайынц «Зонгæйæ» хъазын. Хъазджытæ дыууæ кæнæ фылдæр, гæнæн ис æмæ къæйттæй, баныхас кæнынц кæрæдзи къухæй куыд ницы исой æппындæр, цалынмæ «зонгæйæ» зæгъой, уæдмæ. Кæд æмæ сæ искæмæй ферох «зонгæйæ» зæгъын, афтæмæй райста исты иннæйы къухæй, уæд æмбылды фæци, фæхæрд. 

Хъазынц æйчытыл. Куадзæнмæ афтæмæй æмбырд кæнынц æйчытæ. Фæхæрд уæвæг куадзæны фиды йæ хæс. 

Куадзæны къуыри сывæллæттæ къуырцц кæнынц ахуырст æйчытæ. Кæй айк басæтты, уый йæ дæтты, чи йын æй басаста, уымæн. Уымæ гæсгæ алчидæр архайы фидардæр, хъæбæрдæр айк равзарыныл. 

 

АЙКТУЛÆНТÆ
 

Куадзæнтæм сывæллæттæ бацæттæ кæнынц хъæбæр фых æйчытæ. Ссарынц уырдыг ран æмæ хæлттæ сæппарынц: чи æвæрдзæн йæ ахуырст æйчытæ уырдыджы кæрон, чи тулдзæн уæлейæ бынмæ æмæ къуырдзæн бынæй æвæрд æйчытæ. Бæрæг хаххыл æрæвæрынц иутæ æйчытæ. Иннæ уæлейæ рауадзы йæхи айк. Рæнхъ чи лæууы, уыдоныл куы æртулы, уæд дзы кæй асæтта, уыдон сты, йæ айк фидардæр кæмæн разына, уый Афтæмæй фидар айчы хицау-иу хъæбысы дзаг сæмбырд кодта æйчытæ. 

 

АЙК КЪУЫРЦГÆНÆНТÆ
 

Куадзæн бонмæ æйчытæ ахуырстой хъæдындзы сыфты, фыхтой хус æнгузы цъæрттæ æмæ уыцы тар донæй кодтой æйчытыл уырынгтæ хæххытæ, стъæлфытæ. Фæстæдæр фæзындысты сырх, цъæх ахорæнтæ. Фæлæ сæ æйчытæ фыхтой цæхджын доны, цæмæй уой хъæбæрдæр. 

Иу саби айк æнгом йæ къухы бакæны, хæрз чысыл куыд зына йæ фындз, кæнæ йæ чъылдым. Иннæ хъазæг уæлейæ дæлæмæ цæвы айк. Кæй айк басæтты, уый йæ дæтты, фидардæр кæй айк разынд, уымæн. 

 

ÆЛДАР
 

Сывæллæттæ еске се ’хсæнæй искæнунцæ æлдар. Æлдар гъæуама амона, кæмæн ци кæнгæй. Фал раздæр биццеутæй дзурд райсуй, ке имæ игъосдзæнцæ, уобæл, æ дзурдбæл ин арази ке уодзæнæнцæ: 

— Уæ биццеутæ? 

— Уой, уой! 

— Цал айтæ? 

— Дæс, дæс! 

— Дæс фуси мин? 

— Ратдзинан. 

— Æз ке зæгъон? 

— Бакæндзинан! 

Æлдар сувæллæнттæн зæгъуй, зæгъгæ, мæ хæссетæ уæ рагъбæл, уой ба (биццеутæй еске. — Т. Дз.) гæлдзетæ, инней ба нæметæ. 

Йеугур сувæллæнтти зæрдæмæ æ амундтитæ нæ бацæунцæ, ма уæдта дууæ къуари фæуунцæ: еуетæ æлдари хæццæ, иннетæ ба сæ нихмæ, ’ма уотемæй тохунцæ, гъазунцæ. 

 

ТОХСИ
 

Лæгъз ран зæххыл æрхахх кæнынц дыууæ зиллаччы кæрæдзи мидæг. Къаддæр зиллаччы рæнхъ æрæвæрынц хъултæ, алы хъазæджы номыл дæр иу. Хъуамæ уыцы хъултæ стырдæр хъулæй (тохсийæ) зиллаччы æддæмæ ракъуырай. Хъазт цыд афтæ: хъул-иу суылдтой æмæ, йæ хъул «сах» кæмæн абадт, уый уыд фыццаг. Уый æрлæууы æддаг (стыр зиллаччы хаххыл) йæ галиу къахæй. Рахиз къах акæны фæстæмæ æмæ бауилы тохси, цæмæй рæнхъ æвæрд хъултæй иу зиллаккæй æддæмæ рахауа. Цы хъул рахауы, уый у, чи йæ раппæрста, уый. Зиллаччы бæстастæуæй цы хъул рахауд, фæлæ æддаг хаххæй чи нæ рахызт, уый хъазæг къуыры, тохси кæм æрлæууыд, уыцы ранæй. Кæд æмæ хъавæг фæивгъуыдта, уæд ын дыккаг цæфы бар нал уыд. Ныр та уыд иннæ хъазæджы рад. Уый лæууыд йæ рахиз уæрагыл æддаг зиллаччы хаххыл æмæ йæ цонг баивазгæйæ рахизæрдыгæй галиуæрдæм йе ’нгуылдзтæй цавта хъул, ома чъепп. 

Зиллаччы хъултæ-иу куы ратардтой, уæд-иу хъазт райдыдта ног. 

 

ГАККЫРИС
 

Сывæллæттæ зиллаккæй сбадынц дзуццæджы. Алчи дæр сæ йæ алфамбылай æрхахх кæны. Сывæллæттæй иу йæ иу къахыл гæппытæ кæны бадджыты алыварс æмæ сæ ссоны. Йæ бынатæй чи фæхауа бадджытæй кæнæ йæ къах хаххæй кæмæн фæбыра, уымæн гæппытæгæнæг йæ бынат бацахсы, уый та слæууы гæппытæгæнæджы бынаты. 

 

СЕЛАЙÆ ХЪАЗТ
 

Селайæ хъазт, æвæццæгæн, фæзынди тынг раджы. Йæ хъазынæн хъæуы æрмæстдæр иу тымбыл дур — гæрры: карчы рæвдуаны йас æмæ дыууæ тъæпæн дуры, сæ фæтæн 20x20 см. бæрц, сæ бæзн та 2 см бæрц. Хъазынц æй фæзбынæтты дыгæйттæй, 7-аздзыдæй 17-аздзыдтæм. Селайæ фылдæр хъазыдысты æфцгуытыл фыййæуттæ, уæлыгæстæ. Цæмæй хъазын райдайой, уый тыххæй алчи дæр ссары йæхицæн села æмæ тымбыл дур — гæрры. Аразынц фезмæлæн бынат (хатт, тымбылæг), фезмæлæнæй къахдзæфтæй абарынц размæ 10 м. бæрц, ацыраи æрæвæрынц гæрры. Баныхас кæнынц, цалмæ хъавынц, уый, зæгъæм, 100 кæнæ 150 къахвæдмæ. 

Села иуæрдыгæй туйæ ахуылыдз кæнынц. Уыцы фарс хонынц «къæвда», селайы иннæ фарс та — «хур». Дыууæ хъазæджы рагацау равзарынц сæхицæн «фæрстæ». Сæ иу «хур» куы равзара, уæд иннæ та сæвзары «къæвда». Стæй сæ иу села æппары хæрдмæ. Зæхмæ куы æрхауа села, уæд, кæд «хур» абада, уæд, «хур» чи равзæрста, уый у фыццаг. Фезмæлæн бынатæй гæррымæ фехсынц сæ селатæ радыгай. Кæд исчи акъуыра гæрры. уæд, цал къахдзæфы атылд, уый абары æмæ акъуырæгæн уал къахдзæфы цæуынц нымады. Стæй та гæрры æхсы иннæ хъазæг. Кæд уый дæр акъуыра гæрры, уæд æй уый дæр нымайы. Кæд гæрры дыууæ лæппуйы дæр нæ акъуырой, уæд та дарддæр хъазты фыццаг æхсты бар вæййы, гæррымæ кæй села æввахсдæр æрхауа, уымæн. Хъазт рамбулы бадзырдгонд къахдзæфтæ (100 кæнæ 150) чи раздæр саразы, уый. Рамбулæгæн йæ бон у иннæйы æккой сбадын, цæмæй йæ ахæсса, кæнæ йын фос æрбаздахын кæна. 

Стæй та хъазт ногæй райдайы. 

 

ГÆЛÆМЫТÆЙ ХЪАЗТ
 

Гæлæмытæй хъазыдысты фæсивæд (фыййæуттæ, уæлыгæстæ), искуы-иу сæрвæты куы ’ртымбыл сты, уæд, кæнæ та бæрæгбонты, куывдты, чындзæхсæвты рæстæджы. Хъазыдысты йæ 7-аздзыд лæппуйæ суанг 40-аздзыд лæгты онг, кæй зæгъын æй хъæуы, хицæнтæй сæ кармæ гæсгæ. Хъазыдысты йæ фæз бынаты. 

Цæмæй хъазын райдайой, уый тыххæй-иу фæсивæд дыууæ æмхуызон къордыл фæдих сты. Алы къордæн дæр уыд йæхи хистæр. 

Ацы дыууæ къорды æппарынц хæлттæ — цæмæй сбæрæг кæной, гæлæмытæй, кæнæ гæпгæнджытæй чи хъуамæ уа, уый. 

Гæлæмытæй цыппарæй слæууынц афтæ: фыццаг гæлæмылæппу йæ уæхск бабыцæу кæны бæласмæ, кæнæ цæджындзмæ, кæнæ къулмæ, дыккаг лæппу хæцы фыццаг лæппуйы астæуыл, æртыккаг лæппу хæцы дыккаджы астæуыл, цыппæрæм лæппу та хæцы æртыккаджы астæуыл — афтæмæй æрдæггуыбырæй лæууынц. Фæндзæм лæппу — сегасæй цæрдæгдæр — у хъахъхъæнæг. Уый йæ цыппар æмбалы алыварс иу стыр зиллакк æрхахх кæны, гæлæмыты лæууæг лæппуты къæхтæй 25 сантиметры æддæдæрты. Ацы хаххæй гæлæмытырдæм гæпгæнджытæн æрбакъахдзæф кæныны бар нæй. Фæлæ кæд гæпгæнджытæй исчи хаххæй байса йæ къах, уæд ын æй хъахъхъæнæг йæхи къахæй æрцæвы, æмæ уæд гæпгæнджытæ фембылд сты. 

Гæлæмыты хæс у, цæмæй фидар хæцой кæрæдзи астæутыл. Гæпгæнджытæ радыгай кæрæдзи фæдыл разгъорынц æмæ бæхбадт акæнынц, гæлæмы чи лæууы, уыдоны уæлæ. Гæпгæнджыты хæс у, цæмæй сæ алчи дæр лæппуты рæгътыл размæ абыра æмæ йæ цæнгты æххуысæй хаххæй агæпп кæна. О, фæлæ, гæлæмы чи лæууы, уыдон архайынц æппæт амæлттæй, цæмæй гæпгæнджыты се рагъæй раппарой. Ноджы ма гæлæмыты лæуджытæ дæр æмæ хъахъхъæнæг дæр цырд фæлæууынц, цæмæй, гæпгæнджытæй йæ къах исчи зæххыл куы авæра, уæд ын æй къахæй æртъæпп кæна. Ахæм рæстæджы гæпгæнджытæ фæхæрд сты æмæ хъазджыты къорд кæрæдзи бынæттæ баивынц. 

Вæййы афтæ дæр, æмæ фыццаг гæпгæнæгæн йæ бон нæ бацис, æппæты разæй цы гæлæмы ис, уый уæхсчытæм багæпп кæнын æмæ абада дыккаджы кæнæ æртыккаджы уæхсчытыл, уæд иннæ гæпгæнджытæн нал баззайы, кæдæм агæпп кæной, ахæм бынат. Ахæм рæстæджы фыццаг гæпгæнæг хъуамæ æрхуысса гæлæмыты чъылдымыл æмæ йæ сæрты гæпп кæной иннæтæ. Кæд æмæ агæпп кæнын никæй бон у, уæд гæпгæнджытæ архайынц, цæмæй ма фембылд уой. Уый сæ бон у æмæ сæ хъахъхъæнæджы уæхскыл исчи абада. Фæлæ гæпгæнджытæ куы фембылды вæййынц, уæд свæййынц гæлæмытæ. 

Гæлæмытæ æмæ гæпгæнджытæ афтæ хъазынц сыгъдæг уæлдæфы. Ацы хъазты фæлтæрынц сæ къæхтæ, сæ уæрджыты нуæрттæ, сæ цæнгтæ, сæ чъылдым æмæ астæуы нуæрттæ дæр. Хуыздæр кæны зæрдæ æмæ рæуджыты куыст. Сывæллон ахуыр кæны гæпп кæнын, цæстæнгасæй абарын, хуыздæр кæны йæ фезмæлд, фæлтæрынц, куыд йæ нуæрттæ, афтæ, йæ риуы æмæ хуылфы дзауматæ дæр. Раст кæны сæ астæуы стæг. 

 

УÆЛÆРМТТÆ ЦÆВЫНТЫ ХЪАЗТ 

(Ацы хъазтæй хъазынц дыууæйæ)

 

Иу йæ къухтæ размæ ракæны, йæ армытъæпæнтæ уæлæмæ. Иннæ йын дæлгоммæ йæ къухтыл æрæвæры йæхи къухтæ. Фыццаг архайы йæ къухтæ дыккаджы къухты бынæй раскъæфыныл æмæ йын дзы йæ къухы уæлæрмттæ ныццæвыныл. Дыккаг хъуамæ йæ къухтæ аскъæфа, ма бауадза сæ ныццæвын æмæ уæд уый рад уыдзæн йæ къухтæ бынæй кæнын, ома уый рад уыдзæн цæвын. Афтæ хъазынц, кæдмæ сæ фæнды, уæдмæ. 

 

ЧИ КÆЙ СИСА?
 

Дыууæйæ æрбадынц тъæпæн, сæ къæхтæ кæрæдзимæ ныббыцæу кæнынц. Стæй кæрæдзи цонджы хъултыл фидар æрхæцынц, æмæ сæ алчидæр архайы йæ ныхмæ бадæджы сисыныл. Йæ бынатæй иу чысыл дæр чи сыста, уый фембылд, састы бынаты баззад. 

 

ÆХСÆР КÆНÆ ÆНГУЗÆЙ ХЪАЗТ
 

Æнгуз кæнæ æхсæрафон сывæллæттæ (арæхдæр фыййæуттæ) скъахынц лыхъхъ. Дыууæ метры æддæдæр æрæвæрынц исты нысан (дур, лæдзæг кæнæ зæххыл æндæр истæмæй æрхахх кæнынц). Хæлттæ æппарынц («хур» æмæ «къæвда»-йы амалæй) æмæ, кæй хал схауы, уый æрлæууы лыхъхъы уæлхъус. Иннæ хъазджытæ æнгузтæ (æхсæртæ) нысан бынатæй æппарынц лыхъмæ. Хъазæг йæ армытъæпæн байдзаг кæны æхсæртæй (æнгузтæй), развæлгъау сæ банымайы, иууылдæр ын къæйттæ куыд уой, афтæ, æмæ сæ баппары лыхъмæ. Кæд се ’ппæт дæр ныххауой лыхъхъы, уæд ын лыхъгæс фиды, цал æхсæры баппæрста, уыйас. Кæд се ’ппæт нæ ныххауой, фæлæ дзы чи ныххауд, уыдон къæйттæ уой (банымайынц сæ иумæ), уæддæр ын фиды, цас дзы ныххауд, уыйбæрц. Кæд, лыхъхъы чи ныххауд, уыдон къæйттæ нæ уой, уæд сæ лыхъгæс йæхицæн сисы. Лыхъмæ чи нæ ныххауа, уыдон вæййынц лыхъмæ æппарæгæн йæхи. 

Гæнæн ис æмæ лыхъмæ баппарай мучъийы дзаг æхсæртæ. Кæд раст нæ банымайай де ’хсæртæ, æнæкъай дын разыной, уæд фæнды ныххауæд лыхъхъы, фæнды ма ныххауæд, уæддæр сæ лыхъгæс исы йæхицæн. 

Æхсæртæ (æнгузтæ) хъазæг лыхъмæ куы феппары, уæд хъæрæй дзуры: «Къæйттæ! Къæйттæ!» (ома, лыхъхъы чи ныххауа, уыцы æхсæртæ кæнæ æнгузтæ къæйттæ рауайæнт), лыхъгæс та дзуры: «Æнæкъай! Æнæкъай!». 

Ацы хъазтæй сабитæ ахуыр кæнынц нысан бынатмæ раст æхсыныл, исты дзаума комкоммæ æипарыныл, бæлвырд кæны сæ цæстбарст сæ уæнгты змæлд, сæ арæхстдзинад. 

 

ÆНГУЫАДЗ АХСЫНТЫ ХЪАЗТ
 

Иу йæ къух размæ ракæны. Иннæтæ сæ амонæн æнгуылдзтæ уый армытъæпæнмæ саразынц. Йæ къух размæ чи ракæны, уый фæзæгъы: «Иу, дыууæ, æртæ». Куыддæр «æртæ» фæзæгъы, афтæ хъуамæ иууылдæр се ’нгуылдзтæ аскъæфой. Дæс хатты кæнæ, цалмæ баныхас кæной, уалмæ куы æрцахсой искæй æнгуылдз, уæд уымæн радыгай йæ ных къуырццытæ кæнынц. 

Ацы хъазты сывæллæттæ сæхи ирхæфсынц, ахуыр кæнынц цырддзинадыл. 

 

МÆ ДЗЫХЪХЪЫ БИЦЪАТÆЙ ХЪАЗТ
 

Сывæллæттæ æртæйæ дæсмæ иумæ хъазынц афтæ: сæ астæу скæнынц стыр дзыхъхъ, йæ диаметр иу метры æртыккаг хайы бæрц. 

Стыр дзыхъхъы алыварс, цал сывæллоны сты (нымайынц иу хъаджджынæй), уалæй фæйнæ дзыхъхъы скæнынц, сывæллон йæ къахы зæвæтæй кæм лæууа, кæнæ йæ къахы риуæй, ахæм. Дзыхъхъæй йæ къах куыд нæ фæхицæн уа, афтæмæй йæ иннæ къахæй та стыр дзыхъмæ куыд басанчъех кæна, лæдзæджы фындзæй та дзыхъмæ куыд аххæссой, афтæ. 

Уый уымæн æмæ хъаздджытæй иумæ вæййы къори, фæхъавы, цæмæй йæ къори стыр дзыхъхъы цæппара, уымæ, уыдон та сæ лæдзджыты кæрæттæ стыр дзыхъхъы дарынц æмæ къорийы уырдæм нæ уадзынц, фæстæмæ къуырынæй йыл нæ ауæрдынц. Афтæмæй æнæсæрæн чи вæййы, уый слæхъхъуг кæнынц къорийы фæстæ разгъор-базгъорæй. 

Сæрæн чи вæййы, уый уайтагъд йæ къори цæппары стыр дзыхъхъы. Уыцы сахат стыр дзыхъхъы алыварс чи фæлæууы, уыдон хъуамæ раивой алчи йæ рахизырдыгæй чи лæууы, уыцы дзыхъмæ, æмæ уыцы сахат къори æппарæг хъуамæ йæхи бакæна уыцы дзыхъхъытæй иу. Уæд æнæ дзыхъхъæй чи аззайы, уый райдайы къори æппарын, йæ лæдзæг ратты, дзыхъхъ чи æрцахста, уыцы фыццаг къори æппарæгæн. 

Хъазгæ-хъазын стыр дзыхъхъы алыварс лæуджытæй æнæ «мæ дзыхъхъы бицъа», зæгъгæ, йæ дзыхъхъæй йæ къах чи фæцух кæна, уымæн ахсæн ис къори æппарæгæн, фæлæ «мæ дзыхъхъы бицъа» куы зæгъа, уæд ын иуварс ацæуæн дæр ис, æрбацæуæн дæр фæстæмæ йæ дзыхъхъы æрлæууынмæ. 

Афтæ фæхъазынц, кæдмæ сæ фæфæнды, уæдмæ. Хъазтæн йæ пайда уый у æмæ къори дзыхъмæ нæ уадзгæйæ сабитæ ахуыр кæнынц цырддзаст уæвыныл, стæй цырдгæпп кæныныл иу дзыхъхъæй иннæ дзыхъмæ. 

 

МУДИКЪОСТÆ
 

Кизгуттæ æримбурдунцæ. Еуи искæнунцæ робас, еуи — мадæ, еуи — кизгæ, иннетæ ба фæуунцæ къостæ ма син хуæруйнаги нæмттæ фæууй. 

Мадæ кизгæн фæзæгъуй: 

— Æз цæун туканмæ, кенæ куройнæмæ. Дуар ма райгон кæнæ макæмæн,— ’ма рандæ уй. 

Кизгæмæ робас æрцæуй «май» басайуй: 

— Дæ мадæн куройни рази æ къах басастæй, кенæ: тукани берæ цидæртæ балхадта ’ма сæ нæ фæразуй ’мæ дæмæ дзоруй. 

Кизгæ рандæ уй. Робас ба мудикъости рафæрсуй: 

— Ду циуавæр къос дæ? 

Йæ зæрдæмæ ка бацæуй, они радавуй (æ хæццæ сæ фæххонуй). Кизгæ мадæмæ нихъхъæртуй. Мадæ имæ фæххилæ кæнуй: 

— Ести ку фæгъгъæуа, уæд дæ нæмгæ кæндзæнæн. 

Æрцæунцæ. Мадæ куы фæйинуй фæгъгъудæй къостæй, уæд кизгæмæ фæххилæ кæнуй, уæдта робасмæ фæццæунцæ. Робас къостæ банимæхсуй. 

— Нæ мудикъостæ дæумæ нæ ’нцæ? 

— Нæ ’нцæ. 

Мудикъостæ нирдзæф кæнунцæ. 

—Етæ ба ци ’нцæ? 

— Миститæ мин мæ тæбæгътæ ракалдтонцæ,— зæгъуй робас. 

— Мадта дæ къæразæ райгон кæнæ. 

Еу къох сесуй, уæдта иннæ. Мадæ ма кизгæ медæмæ бакæсунцæ ’ма сæ фæйинунцæ. 

Къоста сæ къохтæ нилхъевунцæ еумæ. Мадæ ма сæ кизгæ æфтаунцæ. Ке рафтаунцæ, етæ сæхемæ фæххонунцæ, иннет ба — робаси. 

 

ТЫЧЧЫЙÆ ХЪАЗТ
 

Тыччытæ сты чысыл, тымбыл, лæгъз дуртæ, сæ диаметр иу сантиметр. Тыччыйæ хъазынц чызджытæ. Хъазджытæ æппарынц хæлттæ æмæ кæй хал схауа, уый райдайы хъазт. 

1. Тыгъд нымæтыл хъазджытæй иу йæ рахиз къухæй æркалы тыччытæ. Иу тыччы сисы, хæрдмæ йæ уæлдæфы сæппары, цалынмæ уый фæстæмæ хауа, уæдмæ, нымæтыл цы тыччытæ ис, уыдонæй иу фелвасы æмæ уырдыгмæ хауæг тыччы рацахсы. Стæй та йæ къухы цы дыууæ тыччыйы ис, уыдонæй иу сыхсы уæлæмæ, нымæтæй та æндæр тыччы фелвасы æмæ, чи ’рцæйхауы, уый дæр та ацахсы. Афтæмæй йæ иу къухы сæмбырд кæны фондз тыччыйы дæр. 

2. Дыккаг калд ракæны тыччытæ нымæтыл. Иу дзы сæппары хæрдмæ, бинæгтæй дыууæ фелвасы æмæ уыцы иу рæстæг ацахсы хæрдмæ кæй сæппæрста, уыцы тыччы дæр. Уый фæстæ фелвасы иннæ дыууæйы æмæ та йæ къухы æрæмбырд кæны фондз тыччыйы дæр. 

3. Æртыккаг калд акæны тыччытæ. Фыццаг уал фелвасы иу гыччы, стæй та — æртæ иумæ. 

4. Цыппæрæм хатт ракалы. Иу тыччы уæлæмæ сæппары, цыппар иумæ фелвасы æмæ уæлейæ хауæг тыччы рацахсы. Уый фæстæ фондз дæр иумæ æмбырдæй хъавгæ, куыд нæ ныххæлиу уой, афтæ рог хæрдмæ сæппары æмæ сæ йæ уæлармæй ацахсы. Йогæй та сæ сæппары хæрдмæ æмæ сæ ахсы уæлейæ бынмæ йæ армæй. 

5. Хъазæг та ногæй апырх кæны тыччытæ нымæтыл. Йæ галиу къухы хистæр æнгуылдз æмæ амонæн æнгуылдз къæлæтгонд акæны, æрæвæры сæ нымæтыл (цыма дуар у, афтæ). Хъазджытæй исчи бацамоны, хъазæг къæлæтгондыл фæстаг кæцы тыччы батæрдзæн, уый. (Ууыл, хъуамæ, ма бандзæвой иннæ тыччытæ къæлæтмæ цæугæйæ). Тыччытæй иу сисы, хæрдмæ йæ сыхсы, цалынмæ уый фæстæмæ хауы, уæдмæ хъазæг архайы «дуарыл» нымæтыл цы тыччытæ ис, уыдонæй иу фæмидæг кæныныл, уый размæ бæрæггонд тыччы ма бахъыгдаргæйæ, æмæ уæлейæ хауæг тыччы ацахсы. Фæстагмæ цы тыччы тæры, уый «дуарыл» батæрын хъæуы уыцы иу æппæрстæн, æндзæвдæн. 

Ахæм амалæй «дуарæй» бамидæг кæнын хъæуы цыппар тыччыйы дæр. Уый фæстæ тыччытæ мидæмæ тулы дыгæйттæй, стæй та иу хицæнæй, æртæ — иумæ. Стæй та цыппар иумæ. 

Зæгъын хъæуы уый, æмæ хъазджытæ райдианы баныхас кæнынц хъазты уагæвæрдыл: ома исты ивддзинæдтæ дзы уыдзæн, кæй онг хъазынц æмæ а. д. 

Алы хъазæг дæр архайы лæмбынæг хъазыныл, куыд нæ фæкъуыхцы уа, афтæ. Куыддæр фæкъуыхцы вæййы, афтæ хъазын райдайы иннæ. 

 

ЧЫНДЗЫТÆЙ ХЪАЗТ
 

Гыццыл чызджытæ райсынц дыууæ къæцæлы: иу — даргъдæр, иннæ та — цыбырдæр. Дзуарæвæрд сæ æркæнынц æмæ сæ æндахæй бафидар кæнынц. Райсынц æгънæг, урс хæцъилы гæппæлы йæ æрбатухынц æмæ та æндахæй дзуарæфтыд саразйнц, стæй йæ бафидар кæнынц дзуарбаст къæцæлтæй даргъдæрыл. Уыцы æгънæг вæййы цæсгом. Дарддæр райсынц хæцъилы гæппæлтæ æмæ сæ чындзæн саразынц фæлыст. Хуыдтой разгæмттæ, къабатæ, гоппытæ, дзабыртæ. Арæзтой нæлгоймагчындзытæ дæр. Уыдонæн хуыдтой гыццыл бухайраг худтæ, цухъхъатæ, куырæттæ, арæзтой чысыл нымæттæ. 

Хæдзары искæцы къуымы гыццыл чызджытæ сæхицæн арæзтой хистæрты фæзмгæйæ цæрæнуæттæ. Уыди сæм чысыл уæрдæттæ, авдæнтæ, фынгтæ, тъахтинтæ, сынтæджытæ. Чызджытæ сæ хъазæн сынтæджытæн, авдæнтæн хуыдтой гобæттæ, хъæццултæ, базтæ. Аив кодтой сæ чындзы уæттæ. Сывæллæттæ арæзтой «чындзхаст», авдæны бастой сæ чындзыты, зарыдысты сын, сæ хъазæнтимæ ныхас кодтой, сæ митæй, сæ архайдæи фæзмыдтой хистæрты. 

 

ГÆДЫ ’МÆ МЫСТÆЙ ХЪАЗТ
 

Сывæллæтты къорд ныххæцынц кæрæдзи къухтыл, аивазынц сæ æмæ зиллаккæй æрлæууынц. Уыдонæй иу вæййы мыст, иннæ та — гæды. Мыст сывæллæтты къухты бынты разгъорбазгъор кæны, куы зиллаччы мидæг фæвæййы, куы æддæмæ алидзы. Гæды йæ суры йæ фæд-фæд, хъавы йæ ахсынмæ. Куы йæ ’рцахсы, уæд та æндæр дыууæ, кæй рад уа, уыдон рацæуынц æмæ афтæмæй кæрæдзи ивгæ фæхъазынц. 

Кæд сæ зиллакк стыр уа, уæд вæййы цалдæр мысты æмæ уыдон ахсæг гæдытæ. Æгъдау у радыгай, фæлæ, кæй фæнды, уыдон дæр рацæуынц хъазынмæ. 

 

ЧЪОППÆЙ ХЪАЗТ
 

Хъазджытæй алкæмæ дæр вæййы лæдзæг æмæ рæнхъ слæууынц. Алчи дæр дзы йæхицæн иу чысыл дзыхъхъ акъахы, йæ зæвæт кæм нывæра, ахæм. 8–10 сантиметры дæргъæн хъæды лыггаг. 

Рæнхъ лæуджытæ æхсынц хъæды лыггаг. Кæд æй акъуырой, уæд, губакк чи скодта, уый тындзы, лыггаг куыд уыд, афтæ авæрынмæ, æмæ, йæ лæдзæгмæ йæ бынатæй чи разгъордта, уый уæгъд бынат бацахсынмæ. Кæд бынат бацахса, уæд иннæ баззайы лыггаг æвæрæгæй. 

 

УЕСИ СÆРТИ ГÆПГÆНÆНТИ ГЪАЗТ
 

Къуар кизги (гъазунцæ биццеутæ дæр, уæдта еумæ дæр) æрлæуунцæ. Еу еске райсуй идаргъ бæндæн кенæ ба уес. Къуари астæу æ уеси хæццæ ислæууй ма й’зæнхæбæл, сувæллæнттæй еске къæхтæбæл куд фæууа, уотæ зелуй. Сувæллæнттæй алке дæр уес æ размæ ку бахъæртуй, уæд ибæл куд нæ бамбæла, уотæ хæрдмæ исгæпп кæнуй мæ уес æ къæхти буни рандæ уй. Кæд ибæл къахæй ниллæууа, уæд, ка зелуй уес, уой хæццæ сæ лæууæнтæ евунцæ. 



<==    Комментарии (6)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»