Æппæтхъом Хуыцау куыста, Йæ хид Йæ къæхты бынæй калди. Куыста удуæлдайæ, æнæрынцойæ. Талынг æмæ рухс кæрæдзийæ фæхицæн кодта, стæй та зæхх æмæ дон. Цъæх-цъæхид арв æрфæлдæхта дунейыл æмæ йыл стъалытæ байтыдта. Хæхтæ рæдзæгъдтæй самадта æмæ сæ митæй бамбæрзта. Дæлвæзты цæугæдæттæ ауагъта. Кæм æдзæрæг быдыртæ айтыгъта, бурбын змис сыл байзæрста æмæ сæ хуры цæхæрæй басыгъта, кæм та Йæ хъомысæй æнусонцъæх былгæрæттæм тындзын байдыдтой. Уый цард радта дуртæ æмæ зайæгхæлттæн, сырдтæн æмæ цъиутæн, хилджытæн æмæ сасктæн. Уый скодта гæлæбуйы кæркæ-мæркæ базыртæ, бæхы æндон сæфтджытæ, калмы нывæфтыд цъар. Уымæн Йе ’мбисонды армæй равзæрдысты дунейы æппæт ахорæнтæ, æмæ ныр кæттагæй тæмæнтæ калынц æнусмæ, сæ тыбар-тыбурæй рæвдауынц уд æмæ цæст. Æмæ загъта: адæттæ иууылдæр дæ бар уыдзысты, дæ ном та хуыйндзæнис Адæймаг...
Æппæтхъом Хуыцау сфæлдыста адæймаджы.
Иунæг баулæфт, æмæ зонды цырен рухсæй ферттывтой цæстытæ, дадзинты туг схъазыди. Хъал, уæлахиздзау зæрдæйæн риуы йæ гуыпп-гуыпп ыссыди...
Фыргуыстæй куы бафæллад Æппæтхъом Хуыцау, уæд пальмæты бын Йæхи æруагъта...
Æрбацыд Иблис... Хæлæггæнаг, хæрамзæрдæ, мæнгард... Федта зæххыл тыгъдæй адæймаджы буар... Æрлæууыди, хъуыдыты аныгъуылд Иблис. Федта сæр. Афтæ йæм фæкасти, цыма мармæрæй конд у. Хæрзаивæй лæууыди тымбыл, фидар бæрзæйыл... Зæххы паддзахы сæр... Иблис федта риу, айнæгау фидар гуыр, фæйнæрдæм æппæрст цæнгтæ, æндонау фидар хæцъæфтæ. Æмæ исдугмæ банхъæлдта, цыма уыцы къухтæ дуне ныхъхъæбыс кæнынмæ хъавынц. Иблис федта хæрзконд, хъандзалтау хъæддых къæхтæ: куы азгъордтаиккой, уæд сæ, æвæццæгæн, уромæг уромын нæ бафæрæзтаид.
Æмæ фырхæлæгæй йæ зæрдæ пиллæйттæ суагъта Иблисæн, йæ калмы цæстытæ мастæрттывд фæкодтой:
— Æз... Æз хъуамæ уон зæххæн паддзах. Æндæр ничи...
Æмæ Иблис лæгмæ бабырыд. Йæ хъал сæр ын æртасын кодта, мармæр цæсгом йæ армытъæпæнтæй нылхъывта, æмæ фæдæргъæлвæс и. Къухтæ ’мæ къæхтæ балвæста æмæ ныццыбыр ысты. Стæй æррайау бавнæлдта буар гуылмызтæ, цæнкуылтæ кæнынмæ — дæрзæг змисыл ратон-батонтæ, ратул-батултæ, схуыстытæ, рæхуыстытæ.
Иблис йæ æвирхъау фыдмитæй куы бастад, уæд лидзæг фæци — тарстис Æппæтхъом Хуыцауы азарæй...
Хуыцау райхъал... Федта Иблисы фыдракæндтæ. Фæлæ не смæсты... Æрмæст Йæ мидбылты фæлмæн бахудтæй Йæ цæсгом срухс æмæ загъта:
— Хорз...
Æвæджиауы зонды хицау у Æппæтхъом Хуыцау. Адæймаджы гуылмызтæ буары хæйттæ æруыгъта æмæ дзы уд бауагъта. Стæй загъта:
— Адæймаджы хæлар фест.
Æппæтхъом Хуыцау сфæлдыста куыдз...