Адæмты истори дзаг вæййы, бæлвырд арæнтæ кæмæн ис, ахæм бирæвæрсыг цаутæй, райгуыры сæм бирæгъæдон культурæтæ. Ам ирон адæмы культурæйы хи миниуджытæм нæ хъус кæй æрдардтам, уымæн ис уæзгæ æфсæнттæ. Культурæ æгасæй дæр, уæлдайдæр та йæ хицæн хуызтæ, æнæмæнг сæхи равдисынц, адæймаг йæ царды тынджы куы бацæуы, уыцы рæстæг. Уый та ивгъуыд заманты уыди æмæ ныр дæр у сфæлдыстадон цардхъомдзинады ахсджиаг суадон. Бирæ æнусты дæргъы уый уыди нацийы удыхъæд, зынаргъ ын цы у, цы хорз фæтк æм сфидар æмæ йæ дунембарынад цавæр у, уыдæттæ бæрæггæнæг.
Культурæтæн сæхи цæсгом кæй вæййы, дунейы цард алчи йæхирдыгонау кæй уыны æмæ йæ кæй æмбарын кæны, уымæ гæсгæ фенкъарынц кæрæдзи æндæвд. Алы адæмтæ кæрæдзимæ фæхæстæгдæр вæййынц, фæфидар вæййынц сæ хæлар ахастдзинæдтæ, уый сæ бахизы национ хъузджы бадæджы цыбыр зондæй.
Уыцы хъуыдытæ зæрдыл даргæйæ, ацы чиныг ныффыссæг тырныдта культурæйы рæзты Æппæтдунеон дæсазоны домæнты аккаг уæвынмæ. Уымæй йæ размæ ацы вазыгджын темæ кафонмæ райхалыны хæс не ’рæвæрдта, фæлæ уымæн йæ кæцыдæр хуызтæ рабæрæг кæнын, къухы æдзух фаг æрмæг кæй нæ уыди, уый аххосæй. Ныхас фылдæр цыди структурон фæзындтытыл, уыйхыгъд цауты фæд-фæдыл равæрдмæ фаг хъусдард не ’рцыди.
Нырыккон гуманитарон наукæ йæ сæйраг хæстæй иуыл нымайы æрдз æмæ культурæйы ахастдзинæдтæ сбæрæг кæнын. Ацы ран адæймагæн ахсджиаг сты æрвылбоны царды домæнтæ. Хъæууон иугъæдон царды уавæрты бæрæгбæттæ адæмæн уыдысты удæнцой æмæ цинхæссæг, се ’ндзыг уæнгтæ-иу аивæзтой, сæ æмбæхст дзуринæгтæ-иу скалдтой.
Историзмы фæтк хынцгæйæ æмæ алы зонæдты æввахсгæнæг информаци æмæ мадзæлттæй пайда кæнгæйæ, ацы чиныг ныффыссæг бæрæг кодта фыдæлтæй баззайæг цардыуаджы культурæ хæссæг ирæтты дунембарынад. Ивгъуыд заманты адæмы царды кæцыдæр вазыгджын æмæ сусæг къуымтæм бакæсыны руаджы къухы бафтыди, чи ныффидар, ахæм æмбарынæдтæ æмæ цæстæнгастæн аргъ скæнын.
Царды æбар чи уыди, низтæ кæй хордтой, æргом бæллæхтæ æмæ хъæууон зын уавæртæ кæй хъыгдардтой, уыдон, афтæ бирæ рæстæг нæ рацыди, уæд дæр æмæ æрæджы дæр сæ цард æрвыстой тæрсгæ-ризгæйæ, сæ зæрдæ ницæуыл дардтой. Гъе, уыцы уавæрты-иу адæмон бæрæгбон басгуыхти дæсны дохтыры æвдадзы хосау. Бæрæгбоны руаджы адæймаг уæлахиз кодта царды зындзинæдтыл, афтæ адджын сын чи фесты, уыцы хъæзтыты руаджы та-иу сæ удтæ æрсабыр сты, сæ сомбон бæллиццагдæр кæй уыдзæн, ууыл-иу баууæндыдысты. Бæрæгбон уыди, адæмæн сæ туг фидар чи кодта, цыфæнды уавæрты дæр сын ныфс чи лæвæрдта æмæ сæ фæразон чи кодта, ахæм æвдадзы хос. Адæймагæн царды цин дæр æмæ маст дæр йе ’мдзæрин кæй сты, уый тыххæй ахæм æмбисæндтæ баззад: «Цин æмæ маст фæндагыл иумæ цæуынц», «Цин чи нæ фена, уый зын дæр нæ зоны», «Маст æмæ цин — æфсымæртæ»...
Бæрæгбоны руаджы адæмы царды гуырыди æмзæрдæдзинад, фидыц, æмзонд уæвынæй-иу схайджын сты, царды-иу хæрамæй цы бачындæуыд, фарны фæтк цы хæлдта, уыдон-иу аиуварс, айрох сты. Æмæ-иу уæд адæммæ фæзынди, хъысмæты цы фæнды фыдæвзарæнтæн дæр кæй ныффæраздзысты, ахæм ныфс. Ам ныхас хицæн адæймагыл нæ цæуы — цардхъомыс дæттæг ныфс æхсæнадæн иумæйаг уыди.
Уыцы ныхæстæм ма бафтауын æмбæлы уый дæр æмæ бæрæгбоны рæстæг-иу сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ кæй скалдтой, уымæй уæлдай ма сын уыди, утæппæт адæмы хъарутæ иугæнæг, уымæн æмæ сæ бæрæгбоны домæнтæ æмæ фæтк кодтой æмбар, æмзонд, æмархайд, — каф, зар, дæ арæхстдзинад æвдис. Ам-иу сæмбар сты бонджын æмæ мæгуыр цæрæг, хицауы къæлæтджыны бадæг æмæ хуымæтæг кусæг.
Стыр ахадындзинад уыди алы æгъдæуттæ æмæ бæрæгбæтты хъæзтытæн. Ерысы бацæуæг адæм-иу систы уæлахизмæ тырнæг æмæ уый сæраппонд цыфæнды зын фæлварæнтæм дæр цæттæ уыдысты. Лæгæй-лæгмæ ерысты æмæ бæхтыл хъæзтыты чи фæуæлахиз, уыдон-иу систы стырдæр цыты аккаг, æмбисондæн сæ-иу хастой, фæсивæд-иу уыдоны фæзмыдтой. Хъару Хуыцауы лæвар у, зæгъгæ, нымад цыди. Кæд æз дæр фидæны ахæм сгуыхт лæг суаин, зæгъгæ, уыцы ныфс æмæ тырнындзинад уыди бæрæгбæтты хъæзтыты астæумагъз. Гъе, ахæм фарнхæссæг хæстæ æвæрдта йæ размæ ирæтты бæрæгбæтты дуне.
Уарзиаты Вилен
Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ
Ратæлмацгæнæг — Бицъоты Гриш
[Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институт, 1995]