Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 4164 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ХАДЖИ-МУPAT

[Ратæлмацгæнæг — Зæнджиаты Бæбу]
 

Æз фæстæмæ быдыртыл нæхимæ цыдтæн. Сæрд йæ тæккæ тынгыл уыд. Адæм хос бафснайдтой æмæ хор кæрдынмæ бавналыныл уыдысты. 

Уыцы афон диссаджы хорз y барæвзарæй, цыхуызæн дæ фæнда, ахæм дидинджытæ æрæмбырд кæнынæн: сырх, урс, фæлурссырх, хъуынджын, æхсызгон тæфгæнаг тæрхъусгæрдæджы æртæсыфон дидинджытæ; сæнт бур апджын, æнахуыр карзысмаггæнаг æхсырхуыз æхсæнкъмарæн, мыды хуызæн тæфгæнаг цæвæгхосы бур дидинæг; бæрзонд тарбын цъæх æмæ урс, тюльпаны æнгæсæн, къæрцгæнагтæ; тыхсаг хъæдурхос; бур, сырх кæнæ фæлурссырх урсфардзин; тарбын цъæх, аив, чысыл сырхбын пакъуыджын, зына-нæзына адджын тæфгæнаг дугъысыф, лæппынгæрдæгæй æмæ хурмæ сæнтхуыз-цъæх гæлæбуйы бадæнтæ, зæрондæй æмæ изæрырдæм та — арвхуыз цъæх æмæ сырхбынгæнаг, миндалы смаг чи кæны æмæ уайтагъд чи афæлвых вæййы, уыцы бур пысырайы къæбилайы дидинджытæ. 

Æз æрæмбырд кодтон стыр чъина алымыггаг дидинджытæй æмæ нæхимæ цыдтæн, афтæ иу донхæрд æрхы мидæг мæ цæст фæхæцыд, йæ тæккæ дидинæгæппарын афон, диссаджы рæсугъд, мæнæргъыхуыз, къоппаджын хæрæгсындзыл, къæмдзыджыты мыггагæй, уырыс «тæтæйраг» кæй хонынц, ахæм. Хосдзаутæ йын йæ алфамбылай кæддæриддæр арæхстгай ракæрдынц, фæлæ йæ æнæрхъуыдыйæ, æнæбары куы ракъуырынц, уæд æй фæстæмæ искæдæм аппарынц, искæй къахы куы фæныхса, уый тæссæй. 

Мæ зæрдæ мæм сдзырдта, ратонон æй, зæгъгæ, æмæ йæ мæ чъинайы бæрæгастæу ныссадзон. Æз æрхмæ ныххызтæн. Хъуынджын дыдынбындз дидинæджы хуылфы ныббырыд, йæхи ауагъта æмæ æнæмæтæй хуыссыдис. Æз æй асырдтон æмæ дидинæг тонын байдыдтон. Фæлæ йе стонын, куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ æнцон нæ уыд. Æнæгъдау хъæддых æмæ нуарджын разынд, æмæ йæ зæнг фæскъæуттæ кодта. Мæ къух фындзыкæлмæрзæнæй тыхт, афтæмæй йыл иу-фондз минуты фæтухи кодтон. Нуæрттæ иугай-дыгай тыдтон. Æрæджиау тыхтæй-амæлттæй мæ къухы бафтыд. Йæ зæнг ныппырх, ныффæскъæуттæ, дидинæг дæр фыццаджы хуызæн ног æмæ рæсугъд нал уыд. Æнæуый дæр йе ставд кæндтыты тыххæй цыма буц дидинджыты æхсæн нæ фидыдтаид, уыйау мæм фæзынд. Æрæджиау мæм фæсмон æрцыд, дзæгъæлы хуымæтæджы йæ кæй фесæфтон, ууыл. Йæ фыццаг æгъдауыл æй куы ныууагътаин, уæд хуыздæр уыдаид, хуыздæр фидыдтаид, зæгъгæ, загътон мæхинымæр æмæ йæ аппæрстон. «Цы диссаджы хъаруйы хицау уыд, цавæр уды фидар ыл бахæцыд, — ахъуыды кодтон æз, куыд зынтæй мæ къухы бафтыд, уыдæттæ мæ зæрдыл куы æрбалæууыдысты, уæд. — Куыд тыхджынæй хъахъхъæдта йæ уд æмæ куыд зынæй радта йæ цард». 

Фæндаг нæ хæдзармæ цыд ногконд саумæр быдыртыл. Æз цыдтæн зулаив хæрды рыгæйдзаг саумæр фæндагыл. Фæлдæхт быдыр уыд помещичы. Афтæ стыр уыд, æмæ мæ фæйнæ фарсы ’рдыгæй дæр, мæ разæй дæр æрмæст сау, æмхуызон хорз фæлдæхт, æнæпохцийæласт быдыры йеддæмæ ницы зынд. ...Цæвиттон, афтæ хорз конд уыд быдыр, æмæ иу зайæгой хал, иу кæрдæджы цъупп хæснагыл дæр не ссардтаис, — быдыр уыцы иудадзыг сау дардта. «Æвæдза, бæстæхалæг, бæстæбынгæнæг та куыннæ y адæймаг. Цал æмæ цал цæрæг алымыггаг удгоймаджы байсæфта, бацарæфтыд кодта адæймаг халсары мыггагæй йæхи уды царды пайдайæн — æз фæцæроны тыххæй», — ахъуыды кодтон æз, æмæ мæхинымæры агуырдтон иу цæрæг удгоймаджы уыцы æгомыг, мард сау быдыры астæу. Разæй, фæндагæн рахизфарсырдыгæй, бæрæг дардта иу цавæрдæр къудзи. Хæстæгдæр æм куы бацыдтæн, уæд федтон, дзæгъæл хуымæтæджы йæ дидинæг кæмæн байсæфтон æмæ кæй аппæрстон, ахæм хæрæгсындз. 

Хæрæгсындзæн уыд æртæ къабузы. Иу къабузæн йе ’рдæг уыд саст æмæ, хауд цонджы хуызæн, цыма арвмæ хъавыд, уыйау хæрдмæ хъил лæууыд. Иннæ дыууæйæ сæ алкæуыл дæр фæйнæ дидинæджы уыд. Уыцы дидинджытæ кæддæр сырх уыдысты, ныр та ныссау сты. Уыдонæй дæр иуы къабуз саст уыд, æмæ йæ саст æрдæг цъыфæйдзаг дидинæгимæ æрдыдагъ æмæ зæбулæй лæууыд; аннæ та, æфхæрд æмæ цъыфæйдзаг уæвгæйæ, хæрдмæ хъил лæууыд æмæ, хъилбырынкъ æфсирау, уæлвæндæгты каст. Бакæсгæйæ бæрæг уыд, цалх ыл кæй атылд æмæ æрæджиау йæхи уæлæмæ кæй систа, уый. Æцæг иуварсырдæм акъул, фæлæ уæддæр йæхи нал æруагъта — лæууыд хъæддых. Цыбыр ныхасæй, цыма йын йæ буарæй иу карст ратындæуыд, йæ хуылфыдзауматæ йын сфæлдæхтæуыд, йæ цонг ын атындæуыд, йæ цæстытæ йын скъахтæуыд, уый хуызæн уыд, фæлæ уæддæр хъæбæр лæууыд, æмæ йын йæ алыварс йе ’фсымæрты чи ныццагъта, уыцы адæймагæн ком нæ радта, нæ йын басаст. 

«Цы диссаг хъаруйы хицау разынд, — ахъуыды кодтон æз мæхинымæры, — бæстæ басаста адæймаг, кæрдæджы мыггагæй милуантæ фесæфта, фæлæ йын уæддæр ай басæттын нæ комы». 

 

Æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд рагон кавказаг таурæгъ. Уыцы таурæгъы цаутæй кæй мæхи цæстæй федтон, кæй, чи йæ федта, уыдонæй фехъуыстон, кæй та мæхи зондæй æрцахстон. Уыцы таурæгъ мæ зæрдыл цы хуызы бадардтон æмæ йæ мæ зонд куыд ахсы, уый уыд афтæ. 

 

I
 

Уый уыд 1851 азæн йæ фæстаг бонты. Джеоргуыбайы мæйы хъызт бон изæрæй Хаджи-Мурат бараст, уырысимæ чи нæ фидыдта, иу ахæм цæцæйнаг хъæу — Махкетмæ. Хъæуæй сæнары фæздæджы смаг цыд. Уырыс кæм бадтысты, уырдыгæй Махкетмæ уыдаид иу-ссæдз километрмæ ’ввахс. 

Уыцы сахат банцад йæ зарынæй муэдзин 1. Сæнары фæздæджы тæф кæм ахъардта, уыцы сыгъдæг хохаг уæлдæфы дзæбæх хъуыстысты хъуццытæ æмæ фысты уасыны æхсæнæй лæгты хъæлæба, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты хъæлæс дæле, суадоны былæй. Хъуццытæ æмæ фыстæ хæлиуæй згъордтой мыдыкъусджыты хуызæн кæрæдзийыл ныхæст хохаг къуындæг хæдзæрттæм. 

Хаджи-Мурат йе сгуыхт æфсæддон хъуыддæгтæй стыр кадджын æмæ номдзыд хицау уыд Шамилы æфсæдтæн æмæ Авары бæстæн. Æнæ тырыса æмæ æнæ кæстæртæ иу къахдзæф дæр никæдæм кодта. Кæддæриддæр йæ мюридтæ 2 йæ фæдыл бирæйæ цыдысты æд тырыса, бæхтыл хъазгæйæ. Ныр йæ топп йе ’фцæджы, басылыхъхъы æмæ нымæты тыхтæй, куыд ничи йæ æрхъуыды кодтаид æмæ йыл нæ фенæууæнк уыдаид, афтæмæй иунæг мюридимæ бæхыл фæцæйцыд æмæ алы цæуæгмæ, алы æмбæлæгмæ æдзынæг каст йæ цæхæрцæст цырд сау цæстытæй. 

Хъæуæн йæ бæрæгастæу, ныхасы ’рдæм нæ, фæлæ галиуварсы ’рдæм нарæг уынджы, къæдзæхыл чи баныхæсти, уыцы дыккаг хæдзармæ куы бахæццæ, уæд алырдæм йæ цæст ахаста æмæ æрлæууыд. Хæдзарыл æмхæст æмбæрзт тыргъы бын ничи уыд, фæлæ уæлхæдзары æлыгæй ногсæрст ердойы фæстæ, хъуынджын кæрцы бын хуыссыд лæг, Хаджи-Мурат ехсы хъæдæй чысыл фæцагайдта лæджы æмæ йæ ехсы къæдзилæй æрцъыкк кодта. Кæрцы бынæй рахъил зæронд лæг æхсæвхуыссæн худы æмæ лæбырдтæ зæронд куырæты мидæг. Æнæцæстыхау, сырх, чъиуæйдзаг цæстытæй ракæсын нæ фæрæзта æмæ сæ, тъæбæрттытæ кæнгæйæ, тымбылкъухæй аууæрста. Хаджи-Мурат ын æгъдаумæ гæсгæ салам радта æмæ йæ цæсгом райгом кодта. 

«Алейкум салам», — худæнбылæй сдзырдта æнæдæндаг зæронд лæг, Хаджи-Мураты куы базыдта, уæд. Стæй слæууыд йæ мæллæг къæхтыл æмæ сæ ердойы цур хъавгæйæ хъæдынбын басмахъыты атъыста, йе ’мпылдтæ кæрцы зæронд сабыргай йе уæнтыл акодта æмæ уæлхæдзармæ æвæрд асиныл сыдз-мыдзы æрхызт. Дзаума кæнгæйæ æмæ асинтыл хизгæйæ, зæронд лæг йæ лыстæг æнцъылдтæ, хурæй сыгъд бæрзæйæ йæ сæр тылдта æмæ æнæбанцайгæйæ йе ’нæдæндаг дзыхæй йæхинымæры хъуыр-хъуыр кодта. Зæхмæ куы æрхызт, уæд хъæлдзæгæй, худæнбылæй Хаджи-Мураты рахиз æгъдæнцойыл æмæ бæхы рохтыл фæхæцыд, фæлæ Хаджи-Муратæн йæ сахъ лæджыхъæдджын мюрид цæстыфæныкъуылдмæ бæхæй æргæпп ласта, зæронд лæджы аиуварс кодта æмæ йæ бæсты бæхы рохтыл æмæ æгъдæнцойыл фæхæцыд. 

Хаджи-Мурат бæхæй рахызт æмæ, йæ иу къахæй зына-нæзына чиугæйæ, тыргъмæ бараст. Йæ размæ хæдзарæй цырд рауад иу-фынддæсаздзыд лæппу æмæ дисгæнгæ йæ цæхæрцæст æрттиваг сатæг сау, рæгъæд хъæлæрдзыйы хуызæн цæстытæй æнахуыр уазджытæм æдзынæг ныккаст. 

— Згъоргæ мæзджытмæ, дæ фыдмæ фæдзур! — загъта лæппуйæн зæронд лæг, йæхæдæг Хаджи-Мураты разæй йæхи фæкодта æмæ хæдзары хъинцгæнаг дуар байгом кодта. Хаджи-Муратæн хæдзармæ йæ бацыд, афтæ мидæггаг уатæй рацыд ацæргæгомау нарæгастæу, къæсхуыр сылгоймаг сырх куырæты, бур хæдоны æмæ цъæх хæлафы мидæг, йæ хъæбысы — базтæ. 

— Де ’рбацыд амондимæ, — загъта æфсин, къæлæтау æртасыд æмæ базтæ æрæвæрдта раззаг къулы цур уазæгæн бадæнæн. 

— Дæ сывæллæтты цардæй бафсæд, — загъта йын дзуаппæн Хаджи-Мурат, йæ нымæт, топп æмæ кард систа æмæ сæ зæронд лæджы къухмæ радта. 

Зæронд лæг арæхстгай топп æмæ кард, дыууæ стыр æрттиваг тасы æхсæн, лæгъз æмæ сыгъдæг чъырæйдзагъд къулыл, хæдзары хицауы гæрзты цур зæгæлыл æрцауыгъта. Хаджи-Мурат йæ дамбацайыл йæ къух æрхаста, базтæм хæстæг бацыд, йæ цухъхъайы фæдджитæ размæ æрбамбырд кодта æмæ базтыл йæхи æруагъта. Зæронд лæг йæ цуры йæ гом зæвæттыл дзуццæджы æрбадт, цæстытæ бацъынд кодта, йæ армытъæпæнтæ уæлæмæ, афтæмæй йæ къухтæ хæрдмæ схъил кодта. Хаджи-Мурат дæр афтæ бакодта. Стæй сæ дыууæ дæр бакуывтой, сæ цæсгæмттыл сæ къухтæ æрхастой æмæ сæ сæ зачъеты бын баиу кодтой. 

— Цы хабæрттæ уæм ис? — бафарста зæронд лæджы Хаджи-Мурат. 

— Хабар дæр нæ ничи кæны. Ног хабарæй ницы, — дзуапп ын радта зæронд лæг, Хаджи-Муратæн йæ цæсгоммæ нæ, фæлæ йæ риумæ кæсгæйæ. — Æз мыддар вæййын, æрæджы æрбацыдтæн лæппуйы абæрæг кæнынмæ. Уый зондзæн хабæрттæ. 

Хаджи-Мураты цы бамбарын хъуыд, цæй тыххæй йæ къахта, уый зæронд лæг æнæ зонгæ нæ уыдаид, фæлæ йæ нæ фæндыд хъуыддаг раргом кæнын. Хаджи-Мурат чысыл йæ сæр банкъуыста æмæ йæм уымæй уæлдай ницыуал сдзырдта. 

— Хорз хабарæй нæм ницы ис, — байдыдта та дзурын зæронд лæг. — Æцæг уыцы ног хабар нæм ис: тæрхъустæ уынаффæ кæнынц цæргæсты асурыныл. Цæргæстæ та куы иу, куы иннæйы атуаратæ кæнынц. A фæстаг бонты уыцы куыйтæ, уырыс, Мичицкиты хостыл бандзæрстой, Хуыцау сын куы нæ ныббарид, — йæ дæндæгтæй къæскъæсгæнгæ срæцыгъта зæронд лæг. 

Уалынджы Хаджи-Мураты мюрид дæр йæ тыхджын къæхтæй зæхбын хæдзармæ фæлмæн даргъ къахдзæфтæ кæнгæ æрбацыд. Йæ нымæт, йæ топп, йæ кард систа æмæ сæ йæхæдæг Хаджи-Мураты гæрзты цур зæгæлтыл æрцауыгъта. Хъама æмæ дамбаца йæ уæлæ ныууагъта. 

— Ай та дын чи у? — къухæй амонгæйæ, афарста зæронд лæг Хаджи-Мураты ног æрбацæуæг лæджы тыххæй. 

— Мæ мюрид у, Элдар йæ ном, — загъта Хаджи-Мурат. 

— Уый дæр хорз у, — загъта зæронд лæг æмæ уазæджы Хаджи-Мураты цур бинаг нымæтыл сбадын кодта. 

Элдар сбадт, йæ къæхтæ дзуарæвæрд скодта, афтæмæй, æмæ æнæдзургæйæ йæ рæсугъд фысдзаст цæстытæй æдзынæг каст ныхасгæнæг зæронд лæгмæ. Зæронд лæг дзырдта, айфыццаг, уæдæй ардæм дыууæ къуырийы рацыдаид, афтæ сæ сахъ фæсивæд дыууæ салдаты куыд æрцахстой, иуы дзы куыд амардтой, иннæйы та Шамилмæ Веденомæ куыд арвыстой. Хаджи-Мурат æм æнувыдæй нæ хъуыста, йæ зæрдæ æндæр цæмæдæрты æхсайдта — цæстæнгас дуары ’рдæм арæзт уыди, æмæ æддæмæ алы уынæрмæ, алы змæлдмæ йæ хъус дардта. Уалынджы хæдзары раз тыргъæй къахдзæфты хъæр фехъуыст, дуар фæхъинц кодта, æмæ хæдзары хицау æрбалæууыд. 

Садо, хæдзары хицау, уыди 40-аздзыд цыбырзачъе æмæ даргъфындзджын, чи йæм фезгъордта, уыцы фырты, 15-аздзыд лæппуйы æнгæсæн, сауцæст. Фырт йæ фыдимæ хæдзармæ бацыд æмæ дуаргæрон къулæнцой слæууыд. Садо фæсдуар йæ фадыварц, хъæдын басмахъытæ раласта, йæ дардвæд лæгуын уæлдзарм худ йе ’нæдаст хъуынджын сæрыл къæбуты ’рдæм фесхуыста æмæ Хаджи-Мураты раз дзуццæджы æрбадт. 

Зæронд лæг куыд бакодта, афтæ хæдзары хицау дæр йæ къухтæ схъил кодта, армытъæпæнтæ уæлæмæ арæзтæй бакуывта, къухтæ цæсгомыл æрхаста æмæ æрмæст уæд байдыдта ныхас кæнын. Уый радзырдта: «Шамилæй дзырд рацыд, Хаджи-Муратæн ауадзæны мыггаг нæй, æрцахсын æй хъæуы æмæ йæ мæнмæ æрбахæццæ кæнын хъæуы кæнæ удæгасæй, кæнæ мардæй». Йе ’рвыст лæгтæ тæккæ зноны бон дæр ма ам уыдысты æмæ фæстæмæ аивгъуыдтой. Адæм Шамилы сæрты нæ ахиздзысты æмæ йæ коммæ нæ бакæсын нæ бауæнддзысты. Уымæ гæсгæ хи хъахъхъæнын æмæ цæттæ дарын хъæуы. 

— Мæ хæдзары мæ удæгасæй мæ уазæгæн ничи ницы хъомыс бауыдзæн, — загъта Садо, — фæлæ æндæр ран, искуы фæндагыл, кæнæ быдыры та? Уый тыххæй дзæбæх æрсагъæс кæнын хъæуы. 

Хаджи-Мурат æм æнувыдæй хъуыста, йæ сæр-иу банкъуыста æмæ йын уымæй æмбарын кодта, йæ ныхæстыл разы кæй у, уый. Садо ныхасгонд куы фæци, уæд загъта Хаджи-Мурат: 

— Хорз. Ныр иу лæджы æрвитын хъæуы уырысмæ чиныгимæ. Мæ мюрид ацæудзæн, æрмæст æй чегъре æмбал хъæудзæн. 

— Me ’фсымæр Батайы арвитдзынæн. Марадз, Батамæ бадзур! Цырддæр у! — загъта Садо йæ фыртæн. 

Лæппу, цыма хъандзалтыл арæзт уыд, уыйау фæтæррæст ласта йæ рог къæхтыл æмæ уайтагъд, йæ къухтæ тилгæйæ, дуары æдде фæци. Дæс минуты рацыдаид, нæ, афтæ фæстæмæ фездæхт иу хурсыгъд сау, нуарджын, мызыхъарæзт, бæзæрхыг, цыбыркъах цæцæйнагимæ, скъуыдтæ хæрдгæхуыд дысджын бур лæбырдтæ цухъхъа æмæ дæлæмæ фæлдæхт зæнгæйтты мидæг. Хаджи-Мурат ног æрбацæуæг лæгæн йæ къух райста æмæ йын æнæ уæлдай ныхасæй цæхгæр загъта: 

— Мæ мюриды мын уырысмæ бахæццæ кæнынмæ дæ ныфс хæссыс? 

— Цæуылнæ, уый дын мæ быгъдуан, — хъæлдзæгæй загъта Бата. — Лæджы цы бафæнда æмæ цы нæ бакæндзæн. Мæ ныхмæ ныллæууын иу цæцæйнагæн дæр йæ бон нæ бауыдзæн. Иуæй-иу ацæуы, хъуыддаг йæ бæрны бакæны, зæрдæтæ бавæры, кæнгæ та — ницы. Æз уыдонæй нæ дæн. Мæ зæрдæ мæхиуыл дарын. 

— Хорз, мæ хур, хорз. Дæ фыдæбонæн дын арфæ мæнмæ, — загъта Хаджи-Мурат æртæ æнгуылдзы æвдисгæйæ. 

Бата йæ сæр базмæлын кодта, ома, æмбарын дæ, зæгъгæ, фæлæ ма бафтыдта: æхцайы фæдыл нæ, æхцатæ йæ цæсты тынг кадджын не сты, фæлæ номы, йæ сæры кады тыххæй кæддæриддæр Хаджи-Муратæн лæггад æмæ кæстæриуæг бакæнинаг у, уымæн æмæ иу адæймаг нæ хæхбæсты æнæ зонгæ нæу, Хаджи-Мурат уыцы хуыты, уырысы, куыд цагъта, уый. 

— Хорз, иттæг хорз, — загъта Хаджи-Мурат. — Бæндæнæн йæ даргъ хорз у, ныхасæн та — йæ цыбыр. 

— Ницыуал зæгъын, уæдæ, — загъта Бата. 

— Раст Аргъуыны фæзилæны, айнæг къæдзæхы бакомкоммæ, хъæды астæу — æрдуз, дыууæ хосы мæкъуылы дæр дзы ис. Зоныс? 

— Зонын. 

— Уым æртæ бæхджыны мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц, — загъта Хаджи-Мурат. 

— О-о, — йæ сæр тилгæйæ, дзырдта Бата. 

— Бафæрс-иу Хан-Магомайы. Хан-Магома зоны, цы кæнын æмæ цы зæгъын хъæуы, уый. Бахæццæ йæ кæнын хъæудзæн уырысы хицау кънйаз Воронцовмæ. Дæ ныфс хæссыс уымæ? 

— Тынг хорз. 

— Бахæццæ йæ кæндзынæ æмæ йæ фæстæмæ йæ бынатыл сæмбæлын кæндзынæ. Куыд зæгъыс, дæ ныфс хæссыс уымæ дæр? 

— Уый дын ме ’вджид фæуæд, уый æнцон у. 

— Уæдæ афтæ, бахæццæ йæ кæндзынæ æмæ фæстæмæ хъæдмæ раздæхдзынæ. Æз дæр уе ’рбаздæхынмæ уым уыдзынæн. 

— Дæ зæрдæ ма ’хсайæд уый тыххæй, цы мын бафæдзæхсай, уыдон æххæстгонд уыдзысты, — загъта Бата, сыстад йæ бынатæй, йæ риуыл йæ къух авæрдта æмæ дуары æдде фæци. 

— Иу лæг ма Гехамæ арвитын хъæудзæн, — загъта та фысымæн Хаджи-Мурат, Бата куы аивгъуыдта, уæд. 

— Гехайы афтæ бакæнын хъæуы, — байдыдта та дзурын Хаджи-Мурат æмæ йæ бæрцагъуды иу бæрцмæ бавнæлдта, фæлæ уайтагъд йæ къух фæстæмæ æруагъта, дыууæ сылгоймаджы æрбацæйцæугæ куы ауыдта, уæд. Йæхиуыл фæхæцыд æмæ йæ ныхас цæхгæр фæлыг кодта. 

Иу дзы уыд Садойы ус, къæсхуыр ацæргæ сылгоймаг, уыйагъоммæ уазджытæн базтæ чи ’рбахаста. Иннæ та уыд хæрз æрыгон чызг, сырх хæлафы æмæ цыбыр цъæх къандзолы мидæг, йæ риу æмæхгæд згъæрау, æвзист æхцатæй фæлыст. Дыууæ уæны астæу мæллæг фæсонтыл æруагъта йæ цыбыр бæзджын хъисыг сау дзыкку, йæ кæроныл æвзист сом баст. Хъæлæрдзыйы нæмгуыты хуызæн сатæг сау цæстытæ, раст йæ фыд æмæ йе ’фсымæры цæстытау, хъæлдзæгæй æрттывтой йе ’взонг цæсгомыл. Сывæллон-чызг уæвгæйæ йæхи, цыма стыр уыд, уый дард кодта. Уазджытæм нæ каст, фæлæ бæрæг уыд, æфсæрмы сæ кæй кодта, уый. 

Садойы усы къухы уыд ныллæг тымбыл фынг. Фынджы уæлæ цай, сойыфыхтæ, цыхт, кæрдзын æмæ мыд. Чызджы къухы та — тас, хъуывгъан æмæ къухсæрфæн. 

Садо æмæ Хаджи-Мурат æнæдзургæйæ бадтысты, цалынмæ сылгоймæгтæ сæ сырх фæлмæн, æнæуæлхуыйджытæ сæрак дзабырты мидæг сабыргай, уæздан цыд кæнгæйæ, фынг æвæрдтой уазджыты раз. Элдар йæ фысдзаст цæстытæ йæ дзуарæвæрд къæхтæм сарæзта æмæ, гогыз бындзмæ куы кæса, уый каст кодта æнæзмæлгæйæ æмæ цавддурау æнцад-æнцойæ бадт, цалынмæ сылгоймæгтæ хæдзары сæ уæлхъус уыдысты, уалынмæ. Куыддæр сылгоймæгтæ дуары æдде фесты æмæ сæ фæлмæн къæхты хъæр нал хъуыст, афтæ Элдар дæлиауæй зæрдæбынæй ныуулæфыд. Хаджи-Мурат йæ бæрцагъудæй иу бæрц сласта, йæ дзых ын байгом кодта æмæ йæ мидæгæй тымбылтыхт фыст гæххæтт сласта. 

— Нæ лæппуйыл æй сæмбæлын кæ, — загъта Хаджи-Мурат Садойæн æмæ йæм гæххæтт бадаргъ кодта. 

— Дзуапп кæдæм? — афарста Садо. 

— Дæумæ, ды та йæ мæныл сæмбæлын кæндзынæ. 

— Дæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд, сæмбæлын æй кæндзынæн, — æмæ гæххæтт йæ бæрцытæй иуы атъыста. Стæй хъуывгъан йæ къухмæ систа æмæ тас Хаджи-Муратмæ хæстæгмæ бакодта. Хаджи-Мурат йæ куырæты дыстæ фæстæмæ бафæлдæхта йæ нуарджын цæнгтыл йæ урс цонджы хъултæй мидæгдæр æмæ хъуывгъаны цæстысыджы хуызæн сыгъдæг донмæ йæ къухтæ бадардта. Йæ къухтыл ын дон кодта Садо. Сыгъдæг дæрзæг кæттаг кæлмæрзæнæй йæ къухтæ асæрфта æмæ фынгмæ хæстæгдæр бацыди. Элдар дæр афтæ бакодта. 

Садо уазджыты æмвынг сæ комкоммæ бадт æмæ, цалынмæ хæргæ кодтой, уæдмæ сын иукъорд хатты раарфæ кодта, кæй йыл барвæссыдысты æмæ йæ кæй бабæрæг кодтой, уый тыххæй. Хæдзары хицауы лæппу дуаргæрон лæууыд æмæ æдзух æдзынæгæй каст йæ цæхæрцæст сау цæстытæй Хаджи-Муратмæ æмæ йæ мидбылты худт, цыма уымæй йæ фыды ныхæсты æцæгдзинад æвдыста, уый хуызæн. 

Хаджи-Мурат a фæстаг бонты æххормæгтæ баййæфта, фæлæ уæддæр бирæ нæ бахордта — чысыл цыхт æмæ дзул ахордта, стæй йæ хъамайы кард сласта, мыды фæзгъæрæй иучысыл къæртт карды фындзæй фелвæста æмæ йæ дзулы карстыл айсæрста. 

— Нæ мыд хорз у. Ацы аз азты хуыздæр фод. Мыд бирæ, йæ хъæд хорз, — загъта зæронд лæг разыйæ æмæ хъæлдзæгæй, æвæццæгæн ын Хаджи-Мурат йæ мыдæй кæй сахуыста, уый цинæй. 

— Уæ минас бирæ уæд, — загъта Хаджи-Мурат æмæ йæ хæрд фæуагъта. Элдары ма, мæгуыр, бæргæ фæндыд ахæрын, фæлæ йæ мюршидмæ3 гæсгæ æфсæрмæй йæ хæрд фæуагъта, фынгæй иучысыл йæхи дарддæр айста æмæ Хаджи-Муратæн тас æмæ хъуывгъан балæвæрдта. 

Садо зыдта, Хаджи-Мураты кæй суазæг кодта, уый тыххæй стыр тасы мидæг кæй уыд, стыр фыдбылыз æм кæй каст, уый. Хаджи-Мурат æмæ Шамил цы бон фезнаг сты, уымæн йæ хæд уæлвæд Шамилы номæй фехъусын кодтой æгас Цæцæны адæмæн: Хаджи-Мураты йæ хæдзармæ чи бауадза, чи йæ суазæг кæна, уымæн мæлæты йеддæмæ æндæр тæрхон нæ уыдзæн. Садо зыдта, Хаджи-Мурат уымæ кæй бафысым кодта, уыцы хъуыддаг нæ басусæг уыдзæн, хъæубæстæ йæ æнæ базонгæ нæ фæуыдзысты, æмæ йæ, чи зоны æмæ, æрцахсыны уынаффæ дæр скæной. Фæлæ тæрсгæ нæ кодта, йæ зæрдæ фидар æмæ хъæлдзæг уыд. Садо йæхицæн стыр хæсыл нымадта йæ уазæджы бахъахъхъæнын. Йæхиуыл фæстæмæ нæ фæхæцыдаид, йæ уд радтаид йæ уазæджы сæрыл. Ахæм зæрдæ йæм кæй уыд, цы бæззы æмæ цы ’мбæлы, уый кæй кодта, уый тыххæй йæхицæй ныббузныг, йæхи цæсты скадджын. 

— Цалынмæ мæ уд мæ мидæг уа, уалынмæ дын мæ хæдзары ницы тас у, ничи дын ницы хъомыс бауыдзæн, — загъта дыккаг хатт Садо Хаджи-Муратæн. 

Хаджи-Мурат æм комкоммæ бакаст æмæ йæ йæ цæстæнгасæй бамбæрста, зæрдæйæ кæй дзуры, уый æмæ йын раарфæ кодта. 

— Ды ссардзынæ циндзинад æмæ цард. 

Садо æнæ уæлæмæ дзургæйæ йæ къухтæ йæ риуыл авæрдта æмæ йын уыцы ’гъдауæй арфæ ракодта йæ дзæбæх ныхасы тыххæй. 

Уый фæстæ Садо фæрсæгтæ æрбахгæдта, суджы къæцæлтæ тохынайы бавæрдта, иттæг хъæлдзæгæй уазæгдонæй рацыд æмæ, бинонтæ цы хæдзары цардысты, уырдæм бацыд. Устытæ ма бадтысты æмæ сæхимидæг ныхæстæ кодтой сæ тас æмæ фыдбылызджын уазджыты тыххæй. 

 

II
 

Раст уыцы æхсæв Воздвиженскы раззаг фидарæй рацыдысты Шахгирины кулдуарыл æртæ салдаты сæ yнтер-офицеримæ. Хаджи-Мурат æхсæвиуат цы хъæуы мидæг бакодта, уый æмæ Воздвиженскы æхсæн уыдаид, æвæццæгæн, иу-фынддæс версты. Салдæттыл уыд цыбыр кæрцытæ æмæ уæлдзарм худтæ, тыхт цинелтæ ce ’фцæджыты æмæ даргъхъусджын цырыхъытæ сæ къæхтыл. Ахæм фадыварц дардтой уыцы дуджы Кавказы салдæттæ. Сæ топпытæ ce ’фцæджы, афтæмæй салдæттæ райдианы фæндаг-фæндаг дзæвгар уадысты, стæй фæсвæндагмæ азылдысты æмæ хус сыфтæртыл сырсыргæнгæ иу-ссæдз къахдзæфы акодтой рахизфарсырдæм æмæ ныллæууыдысты иу саст тæрс бæласы бын, йæ зæнджы сау æндæрг мæйдары дæр кæмæн зынд, ахæмы. Уыцы тæрс бæласы бын уыд кæддæриддæр разбадæг салдæттæн сæ сусæг бадæн бынат. 

Сонт æрттиваг стъалытæ цæхæртæ калдтой æмæ, цалынмæ салдæттæ хъæды цыдысты, уалынмæ уыдон дæр цыма бæлæсты цъуппытыл згъордтой, стæй цыма ныллæууыдысты æмæ сонт æрттывд кодтой бæлæсты бæгънæг къалиуты æхсæнтæй. 

— Хуыцауæй разы, уæддæр ма хорз рæстæг кæй фæкодта, — загъта унтер-офицер Панов. Йе ’фцæгæй йæ даргъ джебогъджын топп систа, зæххыл æй æркъуырдта æмæ йæ бæласы æнцой æрæвæрдта. Æртæ салдаты дæр афтæ бакодтой. 

— Нæ дын загътон, ахауди мын, — мæстыйæ схъуыр-хъуыр кодта Панов, — кæнæ мæ рох фæци, кæнæ мын хаугæ акодта фæндагыл. 

— Цы та дыл æрцыд, цы агурыс? — хъæлдзæгæй йæм сдзырдта салдæттæй иу. 

— Мæ лулæ, — хæйрæг æй йæхимæ фæхаста. 

— Лулæйы хъæд ма дæхимæ ис? — бафарста та йæ уыцы хъæлдзæг салдат. 

— Йæ хъæд мæнæ ис, хъæлæкк. 

— Æмæ уæдæ цæуыл тыхсыс? Зæхмæ-ма йæ фæцараз. 

— Гъы, уайдзаг бауай кæннæуæдæ. 

— Мæ бар-ма йæ бауадз, æз дын æй ныртæккæ дæр ацараздзынæн. 

Разбадджытæн тамако дымыны бар нæ уыд, фæлæ уыдæттæ-йедтæ та чи хъуыды кодта? Æниу цæй разбадджытæ уыдысты — хуымæтæджы хъахъхъæнджытæ, æндæр ницы. Хæххон адæм-иу сусæгæй сæ сармадзантæ уырысы фидæрттæм хæстæг батардтой æмæ сыл-иу ралæууыдысты. Гъе уыдон хъахъхъæнынмæ сæ æрвыстой. Панов тамакойыл йæ мæрдты къоти бахордтаид, уымæ гæсгæ уайтагъд сразы хъæлдзæг салдаты уынаффæйыл. Хъæлдзæг салдат йæ дзыппæй хæрынкъа сласта æмæ зæхх къахын байдыдта. Дзыхъхъ куы скъахта, уæд æй алæгъзытæ кодта, лулæйы хъæд æм сарæзта, дзыхъхъ тамакойæ байдзаг кодта, æрæфсæрста йæ, æмæ лулæ ацæттæ. Спичкæ ссыгъд, йæ рухсæй, дæлгоммæ чи хуыссыд æмæ лулæ чи арæзта, уыцы салдаты уæрæх цæсгом исдуг срухс кодта. Лулæйы хъæды къуыззитт фехъуыст. Пановæн тамакойы адджын тæф йæ фындзыл ауад. 

— Срæвдз дын? — афарста йæ Панов, уæлæмæ стгæйæ. 

— Уæдæ цы ’нхъæл уыдтæ? Не сцæттæ уыдзæн, йæ мадыстæн, æвзæр лæппуйæн! 

— Æвæдза, саг лæг дæ, Авдейы-фырт, дау дæм нæй. Стæ-ма, ауадз мæ! 

Авдеев иуварсырдæм афæлдæхт æмæ, дзыхæй тамакойы фæздæг уадзгæйæ, Пановæн бынат радта. 

Панов дæлгоммæ æрхуыссыд, салдаты дзыхæйдзаг лулæйы хъæд йæ дысæй асæрфта æмæ тамако æлвасын байдыдта. Тамако дымынæй куы бафсæстысты, уæд салдæттæн сæхимидæг ныхас ацайдагъ. 

— Хъус-хъусты та дзырдтой, цыма та нæ ротæйы хицау не ’хцаты чырынмæ фæныхылдта, йæ къух та йæм бахæццæ, æвæццæгæн та йе ’хцатæ къамæй амбулын кодта, — загъта салдæттæй иу уæззау хъæлæсæй. 

— Бафиддзæн та сæ, тас сын нæу, — загъта Панов. 

— Нæ-æ, гæдыныхас циу, раст зæгъын хъæуы, афицерæй йæм дау нæй, бафауинаг нæу, — æвдисæн алæууыд Авдеев, — æвзыгъд адæймаг у. 

— Хорз, хорз, — загъта талынгæрфыг тызмæгæй, ныхас йæ сæрæй чи байдыдта, уый, — мæнырдыгонау хъуамæ ротæ йемæ баныхас, кæна: кæд райстай, уæд зæгъ, цас æмæ сæ кæд бафиддзынæ. 

— Ротæйы цы бафæнда, уый уыдзæн, — загъта Панов йæ лулæ йæ дзыхæй исгæйæ. 

— Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы бон бирæ у, — фарсласæн кодта Авдеев. 

— Арæби, сысджы балхæнын нæ уæддæр хъæуы; уæдæ уалдзæджырдæм цырыхъытæ æнæ бахуыйынгæнгæйæ дæр хос нæй; æхцатæ бахъæудзысты, фæлæ сæ кæд смарзта, уæд ма цæмæй, — карздæрæй радзырдта, йæ зæрдæ кæмæн худт ротæйы хицауыл, уыцы салдат. 

— Куы уын загътон, ротæйы цы бафæнда, уый уыдзæн, — загъта та Панов, — фыццаг хатт, мыййаг, куы нæ бакодта, — райста æмæ сæ бафиддзæн. 

Уыцы заманы Кавказы алы ротæйæн дæр йе ’взæрст лæгтæ кодтой хæдзарады уынаффæ. Ротæ иста паддзахады хæзнадонæй алы лæджы сæрыл æхсæз сомы æмæ æрдæг, æмæ йæхæдæг йæхи æгъдауæй, йæхи амалæй цард: къабуска кодта, хос карста, уæрдæттæ дардта, йæ хаст хъал бæхтæй йæхицæй æппæлыдис. Ротæйы æхцатæ æвæрд уыдысты чырыны, дæгъæлтæ та — ротæйы хицаумæ. Бахъуаджы сахат-иу ротæйы хицау чырынæй æхца систа йæхицæн æфстауы æгъдауыл. Ныр дæр та афтæ бакодта, æмæ уый дымæгмæ ныхас æрцыд салдæтты æхсæн. Тызмæг салдат Никитины фæндыд ротæйы хицауæй дзуапп бацагурын, Панов æмæ Авдеев та уыцы ’гъдауыл нæ разы кодтой. 

Лулæ радыгай къух-къухы айстой. Пановы хæд фæстæ адымдта Никитин, стæй йæ цинел йæ быны бакодта æмæ бæласы æнцой сбадт. Салдæттæ ныхъхъус сты. Æрмæст дымгæ бæлæсты цъуппытæ змæлын кодта æмæ йæ къуыс-къуыс хъуыст. Æвиппайды уыцы æнæбанцайгæ къуыс-къуысы æхсæнæй фехъуыст бирæгъты ниуын, хъыллист, æрдиаг æмæ кæл-кæл. 

— Хъусыс уыцы æлгъыстытæм, дзæбæх лыстæгæй йæ куы ауадзынц, — загъта Авдеев. 

— Уыдон дæуыл, дæ зылын хæмхудтыл худынц, — загъта цъæхснаг хъæлæсæй цыппæрæймаг салдат. 

Æрсабыр та сты. Æрмæст ма дымгæ змæлын кодта бæласы къалиутæ, æмæ-иу стъалытæ куы къалиуты аууон фесты, куы та-иу ce ’хсæнтæй ракастысты. 

— Антъоны фырт, цымæ ды дæр искуы æнкъард вæййыс? — æнæнхъæлæджы бафарста Пановы хъæлдзæг Авдеев. 

— Цæй тыххæй хъуамæ уон æнкъард? — æвæндонæй йын дзуапп радта Панов. 

— Уæдæ æз та хаттæй-хатт афтæ æнкъард вæййын, афтæ, æмæ мæхи марынмæ дæр æрцæуын. 

— Уый та куыд? — загъта йын Панов. 

— Айфыццаг уæдæ ме ’хцатыл цæмæн амдзæгъд кодтон, æнхъæл дæ? Хъыг кæй кодтон, уый тыххæй. Мæ зæрдæ рыст æмæ мæхинымæры загътон: цæй æмæ дзы ныххырхон, мæ хорз зонд дзы, мыййаг, куы нæ сæфдзæн. 

— Хуыздæр æнхъæл хаттæй-хатт нозтæй адæймаг фыддæр фæвæййы. 

— Афтæ дæр вæййы, фæлæ лæг йæ сæрæн хуыздæр хос куы нæ ара, уæд цы бакæна уæдæ? 

— Æмæ дыл цы ’рцыди, афтæ тынг цæуыл хъыг кæныс? 

— Цæуыл куы зæгъай, — мæ хæдзармæ мæ зæрдæ æхсайы. 

— Дæ хорз цард мысыс? Æвæццæгæн, хъæздыг цард кодтат? 

— Цас хъæздыг, фæлæ, æнæ гæдыныхас, хъуаг ницæмæй уыдыстæм, дзæбæх цардыстæм. 

Æмæ та йын Авдеев дзурын байдыдта, уыйагъоммæ йын иукъорд хатты кæй радзырдта, уый. 

— Æз барвæндонæй ацыдтæн ме ’фсымæры бæсты. Уымæн сабитæ ис, йæхæдæг — фæндзæм. Æз та ног усджын уыдтæн. Нæ мад мын лæгъстæтæ байдыдта. Сразы дæн, уæдæ цы кодтаин, кæд мын мæ дзæбæхдзинад йæ зæрдыл бадарид, зæгъгæ. Æлдармæ бацыдтæн. Хорз адæймаг уыд. Мæ хъуыддаг мын куы бамбæрста, уæд загъта: «Молодец, цæугæ!» Уый дын мæ хабæрттæ. Афтæ ацыдтæн ме ’фсымæры бæсты. 

— Гъемæ цы? Хорз бакодтай, — загъта Панов. 

— Гъеныр, бауырнæд дæ, Антъоны фырт, хъыг кæнын. Æмæ мын никæй аххос у, цæмæн цыдтæн ме ’фсымæры бæсты. Уый ныр йæхицæн æнцад-æнцойæ, æнæмæтæй цæры, æз та ам тухитæ æмæ хъизæмæрттæ кæнын. Цас фылдæр сагъæс кæнын, уыйас — фыддæр. Æвæццæгæн, алкæмæн дæр йæ амонд конд у. 

Авдеев ныхъхъус. 

— Фæйнæ та адымиккам? — афарста Авдеев. 

— Хорз уаид, арæвдз та-ма йæ кæ! 

Фæлæ салдæттæн тамако бадымын нал бантыст. Куыддæр Авдеев фестад æмæ та лулæ ацаразынмæ хъавыд, афтæ фæндагæй, дымгæйы сыф-сыф æмæ къуыс-къуысы фæстæ, къахъдзæфты хъæр æрбайхъуыст. Панов йæ топп райста æмæ йæ къахæй Никитины басхуыста. Никитин фæгæпп ласта, йæ къæхтыл алæууыд æмæ йæ цинел фелвæста. Æртыккаг — Бондаренко дæр фестад. 

— Æз цы фын федтон, уый куы зониккат, æфсымæртæ... 

Авдеев, с-с-с, зæгъгæ, фæкодта Бондаренкойæн. 

Салдæттæ ныхъхъус сты æмæ фæндаджы ’рдæм сæ хъус адардтой. Цæуджыты фæлмæн къахдзæфты хъæр хæстæгæй-хæстæгдæр кодта, æмæ хус къæцæлты къæрццытæ æмæ сыфтæрты сыр-сыр тынгæй-тынгдæр хъуыстысты мæйдары. Стæй æрбайхъуыст, цæцæн цы æнахуыр æвзаджы хаттæй дзурынц, ахæм ныхас. Уалынджы салдæттæ ауыдтой бæлæсты æхсæнты арвы рухсмæ дыууæ цæугæ сау æндæрджы, — сæ иу ныллæгдæр, аннæ та бæрзонддæр. Сау æндæргтæ салдæтты бакомкоммæ куы ’рхæццæ сты, уæд Панов, йæ топп йæ къухы фехсынæввонг, афтæмæй дыууæ æмбалимæ фæндагмæ сæ размæ рауад. 

— Чи стут? — фæхъæр кодта Панов. 

— Чечен мирная4, — загъта ныллæгдæр сау æндæрг. Уый та уыд Бата. — Ружье йок, шашка йок5, — загъта Бата йæхи æвдисгæйæ. — Кинезь надо. 

Бæрзонддæр чи уыд, уый йе ’мбалы уæлхъус лæууыд æнæдзургæйæ. Ууыл дæр гæрзтæй ницы уыд. 

— Дзырдхæсджытæ сты нæ булкъонмæ, — бамбарын кодта Панов йе ’мбæлттæн. 

— Кинезь Воронцов крепко надо, большой дело надо6, — дзырдта Бата. 

— Хорз, хорз, бахæццæ уæ кæндзыстæм, — загъта Панов. — Марадз, — бадзырдта Авдеевмæ, — ды сæ Бондаренкоимæ бахæццæ кæн. Дежурнæйы къухмæ-иу сæ ратт æмæ фæстæмæ раздæх. Хъусут, цырд лæуут, уæ разæй сæ цæуын кæнут. 

— Æмæ уæд мæнæ ай та ма цæмæн у? — загъта Авдеев æмæ йæ джебогъджын топп рæхойæг арæзт фæкодта, — уый йын йæ артæнтæм куы фæцаразон, уæд йæ хæйрæджы ном сдзурдзæн. 

— Æмæ цæмæн бæззы, куы йæ барæтъузай, уæд, — загъта Бондаренко. 

— Гъæй зæгъут, араст кæнут! 

Салдæтты æмæ дзырдхæсджыты къахдзæфты хъæр куынæуал хъуыст, уæд Панов æмæ Никитин дæр фæстæмæ сæ бынагмæ æрбаздæхтысты. 

— Цы хæйрæджы хай сæ æрбахаста æхсæвыгон, — загъта Никитин. 

— Æвæццæгæн, хъæуы уазал кæнын байдыдта, — загъта Панов, йæ цинел райхæлдта, йæ уæлæ йæ скодта æмæ бæласы æнцой æрбадт. 

Дыууæ сахаты рацыдаид, нæ, афтæ Авдеев Бондаренкоимæ фæстæмæ æрбахæццæ сты. 

— Сæмбæлын сæ кодтай? — афарста йæ Панов. 

— Сæмбæлын кодтон. Булкъонмæ ма бадгæ кæнынц, нæма схуыссыдысты. Раст ын сæ йæхимæ бахæццæ кодтам. Фæлæ, ме ’фсымæры хай, уыцы гæмæхсæртæ цы хорз адæм сты, уый куы зониккат, — байдыдта та Авдеев, — æцæг зæгъын, мæ хуыцауыстæн. Æз семæ ныхасыл схæцыдтæн. 

— Зонын, ды та æнæ дзургæ нæ фæлæууыдаис, — тызмæгæй загъта Никитин. 

— Бауырнæд уæ, æцæг зæгъын, æцæг, — раст уæрæсейаг адæмæй уæлдай не сты. Иуæн дзы ус дæр ис. Марушкæ, зæгъын, бар?7 Бар, зæгъы, Барачук, зæгъын, бар? Бар, много. Парочка? Парочка, зæгъы. Афтæ нын ныхас ацайдагъ. Хорз адæм сты. 

— Хорз та ма цы вæййы, — загъта Никитин, — фадат ран дыл иунæгæй куы фæхæст уаиккой, уæд дын дæ уæцъæф, хъæлæкк, федде кæниккой. 

— Æвæццæгæн, бон цъæх кæнын тагъд байдайдзæн, — загъта Панов. 

— О, стъалытæ иугай-дыгай ныгуылын байдыдтой, — загъта Авдеев бадгæ-бадын. 

Æмæ та салдæттæ æрсабыр сты. 

 

III
 

Къазарматы фæрсæгтæй æмæ салдæтты хæдзæрттæй рухс рагæй нал цыд. Фæлæ ма фидары мидæг хæдзæрттæн сæ тæккæ хуыздæрæй рухс цыд алы фæрсагæй. Уыцы хæдзары царди Куринсчы полчъы хицау, Кавказы æфсæдты сæрдары фырт, флигель-адъютант кънйаз Семен Михаилы фырт Воронцов. Воронцов цард ам йæ ус Мария Васильевнæимæ, хуртæ æмæ мæйтæ кæмæй каст, цæст кæй уындæй не ’фсæст, ахæм стыр номдзыд, бетъырбухаг фыдрæсугъд сылгоймагимæ. Стыр хъæздыг, парахат цард кодтой уыцы чысыл Кавказаг фидары, — афтæ дзы никуыма ничи ацард. Воронцовмæ та, уæлдайдæр йæ усмæ, афтæ зынд, цыма стыр мæгуыр царды, стыр фыдæбойнаг, тыхст, алцæмæй хъуаг царды мидæг сты, уый хуызæн. Сæ алфамбылай цæрæг адæм та сыл дисæй мардысты сæ хъæздыг, алцæмæй æххæст, парахат, гуыпцардыл. 

Ныр, æмбисæхсæв, кæрæй-кæронмæ уыцы иу гауызæй æмбæрзт стыр уазæгдоны, дæлæмæ уагъд уæззау дуарæмбæрзæнтимæ, къамæйхъазæнтæ стъолы алыварс, цыппар цырагъы рухсмæ, бадтысты æмæ къамæй хъазыдысты фысымтæ сæ уазджытимæ. Хъазджытæй иу уыд хæдзары хицау, дæргъдзæсгом, бурхил, флигель-адъютанты дзаумайы мидæг, æд вензельтæ æмæ аксельбанттæ. Йе ’мхъазой уыд, Бетъырбухы университет каст чи фæци æмæ æрæджы Воронцовы ус, йæ фыццаг мойæ йын цы гыццыл лæппу баззад, уый тыххæй ахуыргæнæгæн кæй æрхуыдта, ахæм пыхцылсæр лæппулæг. Уыдоны ныхмæ хъазыдысты дыууæ афицеры: сæ иу — фæтæн цæсгомджын, æрæджы гвардийæ чи рацыд, ротæйы хицау Полторацкий, иннæ — полчъы адъютант, схъæлбадæг, рæсугъд æмæ уазал зæрдæ æвдисæг цæсгомимæ. Æхсин, Воронцовы ус Мария Васильевнæ, бæрзонд, стырцæстджын, сауæрфыг, номы рæсугъд, бадти Полторацкийы фарсмæ. Йæ даргъ хъандзалджын къабайы бынтæ Полторацкийы къæхтыл æндзæвыдысты, афтæмæй йын йæ къамтæм бакæс-бакæс кодта. Йæ дзыхыныхасы, йæ цæстæнгасы, йæ мидбылты худты, йæ буары алы змæлды, йæ духиты адджын тæфы, — уыдоны мидæг уыдысты, Полторацкийы зæрдæ æмæ зонд дзæгъæл кæмæй кодтой, уыдон ce ’ппæт дæр. Æрмæст ма, хæстæг æм кæй бадт, уый æмбæрста, уымæй дарддæр ницы, хуыцауыбын. Уыйадыл къамæй хъазгæйæ йæ рæдыд рæдыды æййæфта æмæ йе ’мхъазой æмбалы тынгæй-тынгдæр мæсты кодта. 

— Нæй, ахæм диссаг ма уыдзæн! Арæцыгъта та тъузы æнæхъуаджы! — цæсгом туг фестад, афтæмæй сдзырдта адъютант, Полторацкий тъузы дзæгъæлы куы аппæрста, уæд. 

Цыма Полторацкий йæ фынæйæ райхъал, не ’мбæрста, йе ’мбалы зæрдæ йыл цæмæн худт, цæуыл тæвд кодта, уый, æмæ йæм йæ уарзæгой, кæрæдзимæ дардæвæрд цæстытæй дисгæнгæйæ каст. 

— Цæй, бахатыр ын кæ, — хъæлдзæгæй, худæнбылæй загъта Мария Васильевнæ. — Федтай, нæ дын дзырдтон, нæ, — загъта ус, Полторацкиймæ дзургæйæ. 

— Æмæ мын ды афтæ куы нæ амыдтай, — йæ мидбылты худгæйæ, сдзырдта Полторацкий. 

— Æцæг зæгъыс? — загъта æхсин, æмæ та уый дæр йæ мидбылты бахудт. Уыцы фæстаг бахудт афтæ æхсызгон уыд Полторацкийæн, æмæ, фырцинæй цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта; цæсгом туг фестад, къамтæм фæлæбурдта æмæ сæ цæгъдын байдыдта. 

— Дæ рад нæу, — загъта йын тызмæгæй адъютант æмæ йæ къухдарæнджын урс къухæй уарын байдыдта къамтæ. Мæ сæр ма сæ куы фервæзид, зæгъгæ, загъта йæхинымæры. 

Уазæгдонмæ кънйазæн йæ камердинер æрбацыд æмæ йын бамбарын кодта, дежурнæ йæм кæй сиды, уый. 

— Бахатыр кæнут, господатæ, — загъта кънйаз уырыссагау, англисаг здæхтæй. — Мария, ды уал мæ бæсты хъаздзынæ. 

— Разы стут? — афарста æхсин, цырд æмæ аив фестад йæ мидбынатæй, даритæй сырсыргæнгæ æмæ худгæйæ, цардæфсис, амондджын сылгоймаджы хъæлдзæг худæнбылæй. 

— Æз алцæуыл дæр кæддæриддæр разы дæн, — загъта адъютант цингæнгæйæ, йæ ныхмæ, чи ницы æмбары хъазтæн, ахæм адæймаг кæй баддзæн, уый тыххæй. 

Полторацкийæн фыр цинæй йæ дзыхы дзырд нал бафтыд, æрмæст ма йæ цæнгтæ фæйнæрдæм аппæрста. 

Робберæн8 йæ фæуынмæ бирæ нал хъуыд, афтæ кънйаз дæр фæстæмæ уазæгдонмæ æрбаздæхт тынг хъæлдзæгæй. 

— Æз уын цы зæгъынмæ хъавын, уый зонут? 

— Зæгъ-ма йæ. 

— Фæйнæ шампайнаг сæны баназæм. 

— Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Æз кæддæриддæр цæттæ дæн ахæм хъуыддагмæ, — загъта Полторацкий. 

— Уый, чи бæззы, ахæм хъуыддаг, — загъта адъютант. 

— Басил, рахæсс-ма, — загъта кънйаз. 

— Цæмæн дæм асидтысты? — афарста йæ мойы Мария Васильевнæ. 

— Уыд дежурнæ, ноджы йемæ иу лæг. 

— Цы? Чи? — сонт фарст акодта Мария Васильевнæ. 

— Нæй йын зæгъæн, — йæ сæр тилгæйæ загъта Воронцов. 

— Нæй йын зæгъæн? — дисгæнгæйæ афарста Мария Васильевнæ. — Уый фендзыстæм. 

Уалынджы шампайнаг сæн æрбахастой. Уазджытæ дзы фæйнæ анызтой, стæй сæ хъазт кæронмæ ахæццæ кодтой, алчи йæ хæс бафыста æмæ цæуыныл сысты. 

— Дæ ротæ райсом хъæдмæ цæудзæн? — афарста кънйаз Полторацкийы. 

— Мæ ротæ? Æмæ цы хабар у? 

— Уæдæ райсом кæрæдзи фендзыстæм, — загъта кънйаз æмæ зына-нæзына йæ мидбылты бахудт. 

— Иттæг æхсызгон мын у, — загъта Полторацкий, Воронцовы ныхæстæ дзæбæх æмбаргæ дæр нæ бакодта, афтæмæй. Йæ зæрдæ Мария Васильевнæимæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ныртæккæйы сахат йæ хъуыдыйы æндæр ницы уыд, æрмæст ын йæ къух куыд райсдзæн, уый йеддæмæ. 

Мария Васильевнæ кæддæриддæр куыд кодта, афтæ ныр дæр Полторацкийы къухыл зæрдиагæй ныххæцыд æмæ йын æй тынг ныттылдта. Иу хатт ма йын йæ рæдыд йæ зæрдыл æрлæууын кодта, бубнæтæй куыд ацыд, уый, æмæ та йæм йæ мидбылты бахудт, Полторадкиймæ куыд фæкаст ацы хатт, дзæбæх, рæсугъд зæрдæлхæнæн æмæ зæрдæхсайгæйæ гуырысхойаг худтæй. 

Полторацкий иттæг хъæлдзæгæй йæ хæдзармæ цыд. Уыцы хъæлдзæгдзинад ын æрмæст ахæм адæм бамбардзысты, æмæ, йæхи хуызæн, стыр адæмы æхсæн чи схъомыл, иукъорд мæйы хибарæй нæхстæры цæрæгау æфсæддон царды чи фæци, афтæмæй йæ ахуыр, йе ’мсæр адæмæй сылгоймагыл чи сæмбæлд, уæлдайдæр та — Мария Васильевнæйы хуызæн сылгоймагыл. 

Сæ хæдзармæ куы бахæццæ, дыууæйæ йе ’мбалимæ кæм цардысты, уырдæм, уæд хæдзарæн уынджы ’рдыгæй йæ дуар бахоста, фæлæ дуар мидæгæй æхгæд разынд. Иу цæф ма йæ фæкодта, — уæддæр нæй. Хъыг æм æркаст æмæ æхгæд дуар йæ къахæй æмæ йæ кардæй хойын байдыдта. Дуары фæстейæ къæхты хъæр фехъуыст. Йæ кусджытæй Вавилæ, зæгъгæ, йæ ном, рацыд æмæ дуары къæндзы феппæрста. 

— Цы та æрхъуыды кодтай, цæмæн æй сæхгæдтай? Гуымиры? 

— Æмæ уæдæ æнæхгæдæй дæр куыд, Алексей Владимир... 

— Нозтджын дæ, сæрæй, æз дын бацамондзынæн, куыд... — Ныффæртт ласынмæ йæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, фæфæсмон кодта. 

— Цæй, хæйрæг дæ бахæрæд. Цырагъ ссудз! 

— Ныртæккæ. 

Вавилæ æцæг уыд нозтджын. Каптенармусæн9 йæ гуырæн бон уыд, уым хуынды фæци æмæ дзы, раст зæгъгæйæ, иучысыл анызта. Сæхимæ куы ’рцыд, уæд сагъæсы бафтыд, — йæ цард йæ цæсты ницыуал уыд, каптенармус Иван Матвейы фырты цардмæ куы ’ркаст, уæд. Иван Матвейы фыртмæ пайда дæр хауд, бинонтæ дæр ын уыд, стæй йæ зæрдæ дардта фидæн абонмæ салдаты куыстæй йæхи рацух кæныныл. Вавилæйы та лæппуйæ йæ хæдзарæй акодтой æмæ йæ æлдары къухмæ радтой лæггад, кæстæриуæг кæнынмæ. Ныр ыл дыууиссæдз азæй фылдæр цыд, афтæмæй йын ус дæр нæма уыд, æмæ æфсæддон хауæггаг цард кодта йе ’нæчетар æлдаримæ. Раст зæгъгæйæ, æлдар дзæбæх адæймаг уыд, хылгæнаг нæ уыд, фæлæ уæддæр уый цæй цард уыд! Дзырд мын радта, хъæлæкк, Кавказæй фæстæмæ куы раздæхæм, уæд дæ суæгъд кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ сæрибардзинадимæ дæр кæдæм фæцыдæуа... Куыдзы цард y мæ цард, — загъта йæхинымæры Вавилæ. Хуыссæг ыл тыхджын кæнын байдыдта æмæ, исчи куы ’рбацæуа, мыййаг, æмæ исты куы ахæсса, уый тæссæй баздæхт æмæ дуарыл къæндзы æрæппæрста æмæ бафынæй. 

Полторацкий, йе ’мбал Тихоновимæ цы уаты хуыссыдысты, уырдæм бацыд. 

— Гъы, амбулын та кодтай? — бафарста йæ хуыссæгхъæлдзæгæй Тихонов. 

— Нæ, мæ хæдзар, æз афтæ куы нæ фæкæнын, æвддæс сомы рамбылдтон, иу авг дзы «клико»10 дæр анызтам. 

— Мария Васильевнæйыл дæр дæ цæст ахастай? 

— Мария Васильевнæйыл дæр мæ цæст ахастон, — сфæзмыдта йæ Полторацкий. 

— Тагъд стын хъæудзæн, — загъта Тихонов, — æхсæз сахатыл араст уыдзыстæм. 

— Вавилæ! — бахъæр кодта Полторацкий, — хъусыс, райсом мæ раст фондз сахатыл сыхъал кæндзынæ. 

— Куыд дæ сыхъал кæнон, загъд куы кæныс, уæд? 

— Æз дын зæгъын, сыхъал-иу мæ кæн. Фехъуыстай? 

— Хъусын. 

Вавилæ цырыхъхъытæ æмæ æддаг уæлæдзауматæ йемæ айста æмæ ацыд. Полторацкий схуыссыд, йæхинымæры бахудт, тамако ссыгъта æмæ цырагъ ахуыссын кодта. Талынджы йæ цæстытыл хъазыд Мария Васильевнæйы худæндзаст цæсгом. 

Уазджыты ацыды фæстæ ма Воронцовтæ афæстиат сты, уайтагъд нæма схуыссыдысты. Мария Васильевнæ бацыд, йæ мойы уæлхъус алæууыд æмæ йын карзæй загъта францусагау: 

— Eh bien! vous allez me dire ce que c’est. 

— Mais, ma chere... 

— Pas de ‘ma chere’! C’etait un emissaire, n’est-ce pas? 

— Quand meme, je ne puis pas vous le dire. 

— Vous ne pouvez pas? Alors, c’est moi qui vais vous le dire! 

— Vous? 11 

— Хаджи-Мурат? Афтæ нæу? — загъта æхсин. Уый агъоммæ иукъорд боны фехъуыста, Хаджи-Муратимæ куыд радзур-бадзур кодтой, уый, æмæ афтæ æнхъæлдта, йæ моймæ Хаджи-Мурат йæхæдæг уыд. 

Воронцов нæ басусæг кодта йæ усæй хъуыддаг, фæлæ йæ фæфыдæнхъæл кодта, Хаджи-Мурат йæхæдæг нæ, фæлæ йæ минæвар кæй уыд, уымæй. Хаджи-Мурат райсомбон йæ размæ рацæудзæн, хъæд цæгъдынвæнд кæм кæнынц, уырдæм. 

Фидары уыцы иухуызон царды мидæг Воронцов æмæ йæ усы Хаджи-Мураты хабар бахъæлдзæг кодта. Йæ фыдæн куыд æхсызгон уыдзæн уыцы хабар, уый тыххæй ма аныхæстæ кодтой æмæ, æмбисæхсæвæй æртæ сахаты рацыдаид, афтæ схуыссыдысты. 

 

IV
 

Æртæ æхсæвы Хаджи-Мурат æнæхуыссæг баййæфта, Шамилы фæдисæттæй хи хъахъхъæнгæйæ. Уыйадыл сын куыддæр Садо хæрзæхсæв загъта æмæ къæсæры æдде фæци, афтæ Хаджи-Мурат дæр уайтагъд афынæй. Хаджи-Мурат хуыссыд æд дзаумæттæ, йæ къух йæ нывæрзæны, йæ цонджы рæмбыныкъæдз сырхцъар бумбули базы афардæг, афтæмæй. Йæ цурмæ хæстæг, къулмæ æввахс, уæлгоммæ хуыссыд Элдар, йæ тыхджын домбай лæппуйы уæнгтæ фæйнæрдæм адаргъ кодта, афтæмæй. Йæ ногдаст сæр базæй фæцух, иуварсырдæм азылд, æмæ йæ фæтæн риу, урс цухъхъа æмæ сау бæрцытæй фæлыст, сæрæй бæрзонддæр уыд. Уæллаг гæзæмæ лæппынхъуынæй æмбæрзт счъил был, цыма цымгæ исты кодта, афтæ змæлыдис. Уый дæр Хаджи-Мураты хуызæн хуыссыд æд дзауматæ, йæ хъама йæ фарсыл, йæ дамбаца йæ синыл, афтæмæй. Хæдзары тохынайы мидæг арт сыгъд фæци, æмæ тохынайы къæразгæй цырагъ чысыл рухс дардта. 

Æмбисæхсæв уазæгдоны дуары хъинц фæцыд. Хаджи-Мурат фестад æваст æмæ йæ дамбацамæ февнæлдта. Зæхбын хæдзармæ фæлмæн къахдзæфтæ кæнгæ æрбацыд Садо. 

— Цы дæ хъæуы? — афарста Хаджи-Мурат, цыма æппындæр хуыссæджы хъæстæ нæ фæци, уый хуызæн. 

— Асагъæс кæнын хъæуы, — загъта Садо, йæ цуры бадгæйæ. — Куы æрбацæйцыдтæ, уæд дæ иу ус уæлхæдзарæй ауыдта æмæ йæ йæ мойæн адзырдта. Дæ хабар æгас хъæуыл айхъуыст. Ныртæккæ нæ сыхæгты ус æрбауад æмæ не ’фсинæн радзырдта, зæронд лæгтæ, дам, мæзджыты æрæмбырд сты æмæ дæ бауромынмæ хъавынц. 

— Цæуын хъæуы, æндæр амал нæй, — загъта Хаджи-Мурат. 

— Бæхтæ цæттæ сты, — загъта Садо æмæ хæдзарæй федде. 

— Элдар! — зæгъгæ, фæкодта Хаджи-Мурат. 

Элдар куыддæр йæ ном æмæ йæ мюршиды хъæлæс фехъуыста, афтæ фæсæррæтт ласта, йæ тыхджын къæхтыл алæууыд æмæ йæ худ йæ уæлæ адзæбæхтæ кодта. Хаджи-Мурат йæ гæрзтæ, йæ нымæт йæ уæлæ акодта, Элдар дæр афтæ, æмæ сæ дыууæ дæр æнæдзургæйæ хæдзарæй æддæмæ рацыдысты. Сауцæст лæппу бæхтæ æрбаласта. 

Хъæбæрнад уынджы бæхты къæхты хъæрмæ сыхаг хæдзары дуарæй чидæр йæ сæр радардта æмæ хъæдын басмахъытæй тъæптъæпгæнгæ уæлæрдæм мæзджыты ’рдæм сызгъордта. 

Мæйрухс нæ уыд, æрмæст стъалытæ сонт æрттывд кодтой талынг арвыл. Мæйдары зына-нæзына цæст ахста хæдзæртты сæрты сау æндæрг, уæлдай бæрæгдæр зынд хъæуæн йæ уæллаг кæрон мæзджыт йæ азанхъæргæнæнимæ. Мæзджыты ’рдыгæй хъуыст адæмы уынæр. 

Хаджи-Мурат тагъдгомау йæ галиу къухæй топпы къæдз фесхуыста, нарæг æгъдæнцойы йæ къах ацавта, цырд аив бæхмæ схызт æмæ бæрзонд саргъы базыл йæхи æруагъта. 

— Хуыцауы салам уыл сæмбæлæд, — загъта Хаджи-Мурат хæдзары хицауæн, йæ рахиз къахæй иннæ æгъдæнцой агургæйæ, стæй лæппуйы ехсы дыдагъæй чысыл фæцагайдта, йæхи иуварс цæмæй айстаид, уый тыххæй. Лæппу иуварс алæууыд, æмæ бæх, цыма зыдта, цы йæ кæнын хъæуы, уыйау араст хъæлдзæг сауцыдæй нарæг уынгæг стыр фæндагмæ. Элдар йæ хæд фæстæ гурæй-гурмæ цыд. Садо кæрцы мидæг тагъд-тагъд, йæ цæнгтæ тилгæйæ, згъордта сæ фæдыл нарæг уынджы, гæппытæ кæнгæ уынгæн куы йæ иу, куы иннæ фарсмæ. 

Хъæугæрон сæ тæккæ рацæуæны стыр фæндагыл цæхгæрмæ æрбахызт фыццаг иу сау æндæрг, стæй — иннæ. 

— Чи стут? Цæуæн нæй! — фæхъæр кодта чидæр, æмæ сын иукъорд лæджы сæ развæндаг ацахстой. 

Хаджи-Мурат нæ ныллæууыд, йæ цыды кой кодта, йæ синæй дамбаца фелвæста, бæхы базмæлын кодта æмæ йæ ных комкоммæ, йæ фæндаг ын чи ’рцахста, уыдонмæ сарæзта. Адæм сæхи фæйнæрдæм айстой. Хаджи-Мурат ce ’хсæнты йæ бæх йæ стыр сирдæй ауагъта æмæ æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ афардæг. 

Элдар стыр цапуалæй йæ фæдыл уад. Фæстейæ дыууæ гæрахы фæцыд. Нæмгуытæ сæ сæрты цъуых-цъуых кæнгæ дзæгъæлы афардæг сты, — ницы фыдбылыз скодтой сæ иуæн дæр æмæ ce ’ннæмæн дæр. Хаджи-Мурат йæ цыды кой кодта уыцы иу æгъдауыл. Иу-æртæфондзыссæдз къахдзæфы бæрц куы адард, уæд йæ бæх баурæдта æмæ алырдæм йæ хъус дарын байдыдта. Бæх хæстулæфт кодта. Разæй, дæлейæ комæй, тагъд цæугæдоны хъæр цыд. Фæсте хъæуæй хъуыст уасджыты уасын. Уыдоны æхсæнæй фæсте фехъуыстис куыдфæстæмæ хæстæгдæргæнгæ бæхты къæхты хъæр æмæ адæмы уынæр. Хаджи-Мурат та бæх базмæлын кодта æмæ йæ йæ тыхджын сауцыдæй ауагъта. Фæсте фæдисæттæ цыппæрвадæй уадысты æмæ Хаджи-Мураты уайтагъд æрæййæфтой. Уыдаиккой иу-ссæдз барæджы. Уыдон уыдысты, Хаджи-Мурат кæцæй рацыд, уыцы хъæуккæгтæ. Рацыдысты фæдисы уыцы зæрдæйæ: кæнæ Хаджи-Мураты бауромдзысты, кæнæ, фæдисы уыдыстæм, зæгъгæ, æнæ исты бакæнгæйæ, Шамилы цæсты сæхи сраст кæндзысты. Фæдисæттæ куы æрбаввахс сты, æмæ сæ мæйдары цæст ахсын куы байдыдта, уæд Хаджи-Мурат бæх баурæдта, галиу къухæй топпы къæдз феуæгъд кодта агъдæй æмæ йæ рахизæй фелвæста. Элдар дæр афтæ бакодта. 

— Цы уæ хъæуы? — фæхъæр сыл ласта Хаджи-Мурат. — Мæн бауромын уæ зæрды ис? Æз дæр уын мæнæ дæн, уæдæ. — Æмæ сæм топп фæцарæзта. 

Фæдисæттæ ныллæууыдысты. Хаджи-Мурат, йæ топп йæ къухы даргæйæ, фехсынрæвдзæй уырдыджы æрхмæ араст кодта. Фæдисæттæ дæр дæрддзæфгомау йæ фæдыл цыдысты. Хаджи-Мурат æрхы фаллаг фарс куы фæци, уæд æм фæсте фæдисæттæ ныхъхъæр кодтой: «Байхъус нæм, цы дын хъавæм, уымæ!» Хаджи-Мурат сæм йæ хъус нæ бадардта, тæрсыны æхст сæ фæкодта, йæ бæх фенкъуыста æмæ афардæг. Иудзæвгар ауадаид, афтæ та йæ бæх баурæдта. Фæдисæттæн сæ кой, сæ хъæр нал уыд. Нал хъуыст уасджыты уасын дæр. Æрмæст ма тынгæй-тынгдæр хъуыстис хъæдæй цæугæдоны хъæр æмæ стæммæ уыджы æрдиаг. Хъæды сау æндæрг, амад къулы хуызæн, хæрз хæстæг зынд. Уый уыд, йæ мюридтæ йæм æнхъæлмæ кæм кастысты, уыцы хъæд. Хаджи-Мурат хъæдмæ куы бахæццæ, уæд дæлиауæй йæ риуыдзаг ныуулæфыд, ныхситт кодта æмæ хъусын байдыдта. Иу минуты фæстæ хъæдæй фæстæмæ æхситт фехъуыст. Хаджи-Мурат фæндагæй иуварсырдæм азылд æмæ хъæды ’рдæм араст. Фондзыссæдз къахдзæфы бæрц акодтаид, афтæ бæлæсты зæнгты æхсæнты ауыдта арт æмæ лæгты сау æндæргтæ, æмæ, æмбисæй уæлæмæ арт кæй рухс кодта, ахæм æдсаргъ бæх цыппар къахыл сахсæнимæ. Арты фарсмæ бадтысты цыппар лæджы. 

Арты фарсмæ бадджытæй иу цырд фестад, Хаджи-Мураты размæ разгъордта æмæ йын йæ бæхы рохыл æмæ йе ’гъдæнцойыл фæхæцыд. Уый уыд Хаджи-Муратæн йæ кæнгæ æфсымæр, йæ хæдзары уынаффæгæнæг. 

— Зынг ахуыссын кæнут! — загъта Хаджи-Мурат, бæхæй хизгæйæ. 

Адæм судзгæ æхсидæвтæ фæйнæрдæм зыввыттытæ кæнын байдыдтой æмæ сæ къæхты бын æууæрстой. 

— Бата ам нæ уыд? — бафарста Хаджи-Мурат æмæ тыгъд нымæты ’рдæм йæхи байста. 

— Уыд, раджы аивгъуыдта Хан-Магомаимæ. 

— Кæцы фæндагыл ацыдысты? 

— Мæнæ ацы, — загъта Ханефи æмæ къухæй ацамыдта, Хаджи-Мурат цы фæндагыл æрбацыд, уымæн йæ бакомкоммæ цы фæндаг уыд, уымæ. 

— Хорз, — загъта Хаджи-Мурат, йæ топп йе ’фцæгæй систа æмæ йæ ифтындзын байдыдта. — Нæхи нæ бахъахъхъæнын хъæуы, мæ фæдыл фæдис уыд, — загъта Хаджи-Мурат, арт чи хуыссын кодта, уымæн. 

Уый уыд цæцæйнаг, Гамзало, зæгъгæ, йæ ном. Гамзало бацыд, нымæтыл æвæрд агъудджын топп йæ къухмæ райста æмæ æнæдзургæйæ, Хаджи-Мурат чердыгæй æрбацыд, уыцырдæм æрдузы кæронмæ йæхи айста. Куыддæр æрбахæццæ сты, афтæ Элдар бæхæй рагæпп ласта, Хаджи-Мураты бæх райста, ралас-балас сæ акодта æмæ дыууæйы дæр бæрзонд бæласыл цыбыр бабаста. Уый фæстæ, йæ топп йе ’фцæджы, афтæмæй æрдузæн йæ иннæ кæроны ’рдыгæй слæууыд. Арт ахуыссыд, хъæд фыццаджы хуызæн тар нал зынд, арвыл стъалытæ гæзæмæ рухс кодтой. 

Хаджи-Мурат стъалытæм скаст. Авд хойы бæрзонд ссыдысты æмæ уымæ гæсгæ бамбæрста, æмбисæхсæвæй ивгъуыд кæй y æмæ æхсæвы ламаз кæнын афон кæй у, уый. Ханефийæн хъуывгъан æрбахæссын кодта, æдзух йемæ йæ хордзенты кæй хаста, уый, йæ нымæт йæ уæлæ акодта æмæ доны ’рдæм ацыд. 

Доны был йæ къахыдарæс раласта, æвдæз систа æмæ бæгъæввадæй нымæтыл слæууыд, стæй уæрджытыл æрбадт, йæ къухы хистæр æнгуылдзтæй йæ хъусты хуынчъытæ бахгæдта, цæстытæ бацъынд кодта, йе ’ргом хурыскæсæнырдæм сарæзта æмæ кувын байдыдта. 

Ламазгонд куы фæци, уæд бынатмæ фæстæмæ æрбаздæхт, йæ хордзенты цур нымæтыл æрбадт æмæ, рæмбыныкъæдзæй уæрджытыл æнцайгæйæ æмæ зæхмæ кæсгæйæ, йæхинымæры хъуыдытæ кæнын байдыдта. 

Хаджи-Мураты кæддæриддæр уырныдта, йæ тæссаг хæстон царды мидæг æй йæ амонд кæй никуы сайы, уый. Æмæ æцæг афтæ уыд йæ амонд, йе уæны касти. Искуы иу хаттæн нæ зонын, уый йеддæмæ-иу цы сфæнд кодта, уый-иу ын кæддæриддæр бантыст. Йæ зæрдæ дардта, нырæй фæстæмæ дæр афтæ кæй уыдзæн, ууыл. Йæ хъуыдыты мидæг йæ цæстытыл хъазыд, Воронцов ын цы ’фсæдтæ ратдзæн, уыдонимæ Шамилмæ куыд бафсад кæндзæн, куыд æй æрцахсдзæн, йæ маст дзы куыд сисдзæн, уырысы паддзах ын уыйадыл хæрзиуджытæ куыд ратдзæн æмæ та дзыхъхъынногæй Аварæн хицауад куыд кæндзæн; айдагъ Аварæн нæ, фæлæ æгас Цæцæнæн дæр. Уыцы хъуыдыты мидæг куыд афынæй, уымæн ницыуал базыдта. 

Хаджи-Мурат йæ фыны федта, йæ сахъ æфсæдтимæ Шамилмæ куыд бабырста, заргæйæ æмæ хъæргæнгæйæ: «Хаджи-Мурат фæцæуы!» æмæ йæ афтæмæй куыд æрцахста йæ бинонтимæ. Хъуыста Шамилы устыты кæуын, дзыназын æмæ æрдиаг. Хаджи-Мурат фехъал, зард «Лья иллагъа», хъæр «Хаджи-Мурат фæцæуы!» æмæ Шамилы устыты кæуын æмæ хъарджытæ, уыдон уыдысты хъæддаг куыйты ниуын, кæуын æмæ кæл-кæл; уыдон æй сыхъал кодтой, йæ фын уымæ рацыд. Хаджи-Мурат йæ сæр схъил кодта, бæлæсты цæнгты æхсæнты арвмæ скаст. Бон цъæх кæнын байдыдта. Йæ мюридтæй иу дæрддзæфгомау бадт, æмæ йæ Хан-Магомайы тыххæй афарста. Куы базыдта, фæстæмæ нæма æрбаздæхт, уæд та æркъул кодта æмæ уайтагъд ногæй афынæй. 

Райхъал æй кодта Хан-Магомайы хъæлдзæг хъæлæс, минæвары æгъдау куы баххæст кодтой Батаимæ æмæ фæстæмæ куы æрбацæйздæхтысты, уæд. Хан-Магома куыддæр æрбахæццæ, афтæ Хаджи-Мураты цур абадт æмæ йын раныхас кодта, салдæттæ сын цы ’гъдау радтой æмæ сæ кънйазмæ куыд бахуыдтой, кънйазæн йæхиимæ куыд ныхас кодта, куыд сыл бацинтæ кодта æмæ сын зæрдæ куыд бавæрдта, райсом бон, уырыс хъæд кæм цæгъдынц, уырдæм сæ размæ Мичичы фæстæ Шалинсчы æрдузмæ кæй рацæудзæн, уый тыххæй. Бата йын-иу йæ ныхас хаттæй-хатт фæлыг кодта æмæ-иу дзы чи ферох, уыдон лыстæгæй, бæстондæрæй радзырдта. 

Хаджи-Мурат сæ хынцфарст бакодта æмæ сын сæ номхыгъдæй радзурын кодта, Воронцов цы ныхæстæ кодта, Хаджи-Мурат йæхи уырысы къухмæ дæттынвæнд кæй кæны, уый тыххæй. Хан-Магома æмæ Бата æмдзыхæй дзырдтой, кънйаз сын дзырд куыд радта, Хаджи-Муратæн уазæджы æгъдау кæй ратдзæн æмæ йын цæмæй æнцондæр, хуыздæр уа, ууыл кæй нæ бацауæрддзæн. Хаджи-Мурат ма сæ фæндаджы тыххæй афæрстытæ кодта, æмæ йæ Хан-Магома куы бауырнын кодта, фæндаг хорз кæй зоны æмæ йæ комкоммæ уырдæм кæй бахæццæ кæндзæн, уæд Хаджи-Мурат, Батайæн цы æртæ сомæй зæрдæ бавæрдта, уыдон систа æмæ йын сæ йæ къухмæ радта. 

Уый фæстæ хордзентæй йæ сыгъзæринæй арæзт гæрзтæ æмæ йæ худ æд сарыхъ сисын кодта. Йæ мюридтæн бафæдзæхста, сæхимæ дзæбæх куыд базилой, уырысмæ сæхи сыгъдæгæй, аивæй куыд бавдисой, уый тыххæй. Цалынмæ гæрзтæ, сæргътæ, саргъы дзауматæ æмæ бæхтæ сыгъдæг кодтой, уалынмæ стъалытæ дæр аныгуылдысты, бон æрбарухс, æмæ сæууон дымгæ æрбадымдта. 

 

V
 

Бонивайæны, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты, афтæ дыууæ ротæйы æд фæрæттæ, сæ хицау Полтарацкиимæ, Шахгиринсчы кулдуарæй иу-дæс версты рацыдысты æмæ уым сæ алфамбылай сæхицæй хъахъхъæнджытæ æд гæрзтæ æрæвæрдтой. Куыддæр бон цъæх кæнын байдыдта, афтæ хъæд цæгъдыныл ралæууыдысты. Пыс-пыс æмæ къæрццытæгæнаг арты фæздæг æмæ мигъ æддæг-мидæг сысты — сæмхæццæ сты. Аст сахатмæ мигъ йæхи уæлæмæ исын байдыдта. Хъæд цæгъдджытæ уый агъоммæ кæрæдзи фондз къахдзæфмæ нæ уыдтой, ныр, мигъ йæхи куы систа, уæд зынын байдыдтой æртытæ дæр æмæ калд бæлæстæй дзаг хъæддзауты фæндаг дæр. Хур-иу куы мигъы астæу æрттиваг стъæлфау фæзынд, куы та-иу йæхи фæстæмæ амбæхста. Фæндагæй дæрддзæфгомау, æрдузы, барабантыл бадтысты: Полторацкий йæ кæстæр афицер Тихоновимæ, ноджы дыууæ афицеры æртыккаг ротæйæ æмæ иу кавалергард12, Полторацкийы æмбал, иумæ уæздæтты скъолайы (корпусы) кæимæ каст æмæ дуэлы тыххæй йæ афицердзинад кæмæн систой, ахæм, — барон Фрезе. Барабанты алыварс хæринæгты тухæн гæххæтты гæбæзтæ, бапъирозы сыгъдæттæ æмæ афтид æвгтæ алы ран хæлиуæй лæууыдысты. Афицертæ арахъхъ анызтой, хорз бахордтой æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн уырыссаг сау бæгæны нуæзтой. Барабанцæгъдæг æртыккаг авджы хъуыр гом кодта. Полторацкий, хуыссæгхъæлдзæг уæвгæйæ, йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд, — æнæмæт æмæ иттæг хъæлдзæг. Афтæ-иу уыд кæддæриддæр тас раны, салдæтты æмæ йе ’мбал афицерты æхсæн. 

Афицертæ сæхимидæг зæрдиаг ныхæстæ кодтой фæстаг ног хабар — инæлар Слепцовы марды тыххæй. Уыцы мæлæты мидæг ничи уыдта, ничи æмбæрста цардæн йе стырдæр, йæ сæйрагдæр хъуыддаг: йæ ахицæн, йæ фæуын æмæ фæстæмæ, кæцæй рацыд, кæцæй равзæрд, уырдæм баздæхын, фæлæ æрмæст уыдтой лæджыхъæдджын афицеры сахъдзинад, кард йæ къухы, афтæмæй хъазуат чи скодта хæххон адæмимæ æмæ сæ æдæрсгæйæ чи къуыхтæ кодта. 

Афицертæ ce ’ппæт дæр, уæлдайдæр та хæсты чи фæци, уыдон тынг хорз зыдтой, æнæзонгæ дæр сын нæ уыд, уыцы заманы Кавказы хæсты мидæг, стæй æнæуый дæр никуы никæд æрцæуы, кæй кой фæкæнынц æмæ æнхъæл кæмæн вæййынц, ахæм кардæй хæст. Кæд æмæ искуы æрцæуы ахæм кардæй æмæ арцæй хæст, уæд æрмæст, лидзæг чи фæвæййы, уыдонимæ. Уыцы, чи никуы æрцæуы, уыцы мысгæ мæнг кардæй хæст афицертæ æцæгыл нымадтой, уырныдта сæ æмæ уымæй хъæлдзæг, сæрыстыр æмæ хи цæсты кадджын уыдысты, уымæй-иу сæхицæй ныббузныг сты, сæхиуыл-иу фервæссыд ысты. 

Уыйадыл чи схъæл бадт, чи та сабыр, бонзонгæ бадт кодта барабаныл æмæ тамако дымдтой, нозтой, хъазыдысты. Мæлæт йæ зæрдæйы кæрон дæр никæмæн уыд, афтæмæй та сæ царды уагмæ, сæ царды уавæрмæ гæсгæ ce ’ппæт дæр тасы мидæг уыдысты, уымæн æмæ, Слепцовыл цы ми æрцыд, уый сæ кæуылдæриддæр æрцыдаид. Æмæ, æцæг, цыма барæй уыд, уыйау, цæмæ бæллыдысты, уый сыл æрцыд. Сæ тæккæ ныхас кæнгæйæ, фæндагæн йæ галиуварсырдыгæй фехъуыст топпы нæргæ рæсугъд гæрах. Нæмыг хъæлдзæгæй мигъджын уæлдæфы мидæг цъуых-цъуых кæнгæйæ афардæг æмæ бæласыл йæ къæрцц фæцыд. Салдæттæ дæр иукъорд уæзбын гуыргуыргæнаг гæрахы фæкодтой знæгты æхсты ныхмæ. 

— Гъе-гъе, уый махонты зыввытт у, — фæхъæр кодта хъæлдзæгæй Полторацкий æмæ Фреземæ бадзырдта: — Me ’фсымæр, Костя, дæ хъул сах абадт, дæ амонд æрзылд. Гъæй зæгъ, ротæмæ цæугæ. Max ныртæккæ ахæм хæст самайдзыстæм, æмæ — диссаг. Хæрзиуæгмæ дæр дæ бавдисдзыстæм. — Йæ афицердзинад ист кæмæн æрцыд, уыцы барон фæтæррæст ласта æмæ цырдгомау, фæздæг кæцæй скалд, уыцырдæм йæ ротæмæ ауад. Полторацкийæн йæ кæсгон тарбын бæх æрбаластой, сбадти йыл, йæ ротæ, куыд æмбæлд, афтæ рæнхъ ралæууын кодта æмæ, топпы гæрæхтæ кæцæй цыд, уыцырдæм йе ’ргом радта. Хъахъхъæнæг æфсæдтæ лæууыдысты хъæды дымæгмæ иу быгъдæг æмуырдыг комы сæрмæ. Дымгæ хъæды ’рдæм дымдта. Комæн йæ ныццæуæн нæ, фæлæ ма йæ фаллаг фарс дæр дзæбæх зынд. 

Полторацкийæн уырдæм йæ бахæццæ, афтæ хур дæр мигъы аууонæй йæ был радардта. Комæн йæ фаллаг фарс хицæн тала хъæд уыд. Уыцы хъæды астæуæй иукъорд барæджы зынд. Сæ дыууæты æхсæн уыдаид иу-фондзыссæдз сардзинмæ ’ввахс. Уыдон уыдысты, Хаджи-Мураты фæдыл фæдисы чи рацыд, уыцы цæцæйнæгтæ. Сæ лæуды сæр уыд, Хаджи-Мурат уырысмæ куыд бацæудзæн, уый фенын сæхи цæстæй. 

Цæцæнæй иу уырысы æрбагæрах ласта. Салдæттæ дæр дзы хæсджынæй нæ баззадысты æмæ йæ ныхмæ иукъорд æхсты фæкодтой. Цæцæн сæхи фæстæмæ айстой, æмæ хæст фæсабыр. Фæлæ Полторацкий йæ ротæмæ куы ’рбахæццæ, уæд, æхсут, зæгъгæ, дзырд радта. Куыддæр уыцы дзырд ротæйыл айхъуыст, афтæ алырдыгæй топпыты æнæсцух, хъæлдзæг, ныфсдæттæг къæр-къæр ссыд, йæ фæдыл топпыхосы фæздæг цъупгай рæсугъд хæлиу кодта уæлдæфы мидæг. 

Салдæттæ цин кодтой, дзæбæхау сæм фæкаст, тагъд-тагъд топпытæ ифтыгътой æмæ æхст æхсты фæдыл уагътой. Цæцæн, æвæццæгæн, сæхимæ æгад æркастысты, — уырысы ныфсхастдзинад сæм бахъардта, размæ рагæппытæ кодтой æмæ сæ иукъорд гæрахы фæд-фæдыл фæкодтой. Уыцы гæрæхтæй салдæттæй иу фæцæф. Цæф салдат разынд Авдеев, уый агъоммæ разбадджытимæ хъахъхъæнæг чи уыд, уый. Йе ’мбæлттæ йæм æрбазгъордтой, Авдеев дæлгоммæ хуыссыд, тыхсти, йæхицæн бынат нæ ардта æмæ, йæ дыууæ къухæй йæ гуыбыны цæфыл хæцгæйæ, дыууæрдæм сабыргай цæуæгау кодта æмæ чысылгай хъæрзыд. 

— Куыддæр мæ топп ифтындзын байдыдтон, афтæ цыдæр фæкъæпп кодта, — дзырдта, йемæ чи бадти, уыцы салдат. — Кæсын, æмæ йæ топп йæ къухæй æрхауд. 

Авдеев куыста Полторацкийы ротæйы... Полторацкий салдæтты иу ран æмбырдæй куы ауыдта, уæд уыцырдæм йæ бæх фездæхта. 

— Гъы, мæ лымæн, дæ хай дæ фæци? — загъта Полторацкий. — Кæм сæмбæлд? 

Авдеев æм ницы сдзырдта. 

— Куыддæр ифтындзын байдыдтон, дæ уæздандзинад, — загъта Авдеевы æмбадæг æмбал, — афтæ къæрцц фæцыд. Кæсын, æмæ йæ топп йæ къухæй æрхауд. 

— М-м-м, — æмырдзыхæй загъта Полторацкий, æмæ йе ’взагæй фæцъыкк кодта. — Гъы, риссы дын, Авдеев? 

— Рисгæ нæ кæны, фæлæ мæ цæуын нæ уадзы. Сæн мæ зæрдæ зæгъы, дæ уæздандзинад! 

Кавказы уыцы дуджы салдæттæ нозтой спъирт, уымæ гæсгæ дзы сæн нæ, фæлæ спъирт разынд. Панов талынг æрфыгæй Авдеевы дзыхмæ нуазæн бахаста. Авдеев дзы иучысыл ацахуыста, йæхи фæтигъ кодта æмæ нуазæн йæ къухæй аиуварс кодта. 

— Мæ зæрдæ йæ нæ исы, — дæхæдæг æй баназ, — сдзырдта Авдеев. 

Панов æй ахуыпп кодта, уæдæ цы кодтаид. 

Авдеев та ноджыдæр рахъил кæныныл афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нæ баци æмæ та фæстæмæ йæхи æруагъта. Цинел æрытыдтой æмæ йыл Авдеевы æрæвæрдтой. 

— Дæ уæздандзинад, булкъон бæхыл æрбацæуы, — загъта фельдфебель Полторацкийæн. 

— Хорз уæдæ, дæ бар фæуæд, исты йын бауынаффæ кæ, — загъта Полторацкий, бæхмæ ехсæй февзыста æмæ стыр цапуалæй Воронцовы размæ афардæг. 

Воронцов æрбацæйцыд йæ сыгъдæг англисаг бур уырсыл. Йæ фæдыл цыдысты полчъы адъютант, хъазахъхъаг æмæ тæлмацгæнæг — цæцæйнаг. 

— Цы хабар у? — афарста Воронцов Полторацкийы. 

— Цæцæн нæм æрбабырстой, — дзуапп ын радта Полторацкий. 

— Зонын, зонын, — уыдон та дæ митæ сты. 

— Бауырнæд дæ, кънйаз, мæн аххосæй дзы ницы уыд, — загъта Полторацкий, — сæхæдæг бырстой. 

— Мæ хъусыл афтæ æрцыд, цыма салдæттæй иу фæцæф? 

— О, тынг хъыг мын у, салдатæй йæм дау нæй, хорз у. 

— Исты тас ын у, уæззау цæф у? 

— Æнхъæлдæн æмæ, æвзæр цæф у, гуыбыныл сæмбæлд. 

— Æз кæдæм цæуын, уый зоныс? — афарста йæ Воронцов. 

— Нæ зонын. 

— Æцæг зæгъыс, нæ йæ æмбарыс? 

— Нæ-æ. 

— Хаджи-Мурат æрцыд, йæхи нæ къухмæ дæтты, ныртæккæйы сахат нæ размæ рацæудзæн. 

— Æнхъæл нæ дæн, нæ мæ уырны. 

— Знон минæвар уымæй уыд, — загъта Воронцов, йæхиуыл хæцгæйæ æмæ фыр цинæй йæ худын уромгæйæ. 

— Афонмæ мæм хъуамæ Шалинсчы æрдузы æнхъæлмæ кæсы. Ды баздæх æмæ æдгæрзтæ салдæтты фæпырх кæн æмæ сæ æрдузы онг иугай алæууын кæ, дæхæдæг мыл-иу сæмбæл. 

— Хъусын дæм, — загъта Полторацкий, йæ къух йæ ныхыл авæрдта æмæ ротæмæ фæстæмæ аздæхт. Рахизфарсырдыгæй салдæтты йæхæдæг æрæвæрдта, галиуварсырдыгæй та сæ фельдфебелы бар бакодта. Уымæн йæ хæдуæлвæд цæф салдат Авдеевы йе ’мбæлттæ фидармæ ахастой. 

Полторацкий фæстæмæ Воронцовмæ фæцæйцыд, афтæ фæсте хæстæг барджыты æрбацæйцæугæ ауыдта; йæ бæх баурæдта æмæ ce ’рбахæццæмæ банхъæлмæ каст. 

Барджыты разæй цыд урсбарцджын бæхыл урс цухъхъа æмæ сарыхъджын уæлдзармхуды мидæг, сыгъзæринæй арæзт гæрзтæ йæ уæлæ, барджын, бакастджын адæймаг. Уый уыд Хаджи-Мурат йæхæдæг. Хаджи-Мурат Полторацкиймæ йæ бæх фездæхта æмæ йын сæхи æвзагæй цыдæр загъта. Полторацкий йæ нæ бамбæрста, куыддæр фæджихау æмæ йын дзуапп раттын нæ бафæрæзта, фæлæ йæ къухтæ ахæлиу кодта, ома, нæ дæ бамбæрстон, зæгъгæ, æмæ йæм йæ мидбылты бахудт. Йæ худтмæ Хаджи-Мурат дæр бахудт, æмæ йын уыцы сабийы зæрдæхæлар адджын бахудтæй йæ зæрдæ тынг балхæдта. Полторацкий афтæ æнхъæл никæд уыд, æмæ, арв нæрын кæмæй нæ уæндыд, уыцы тызмæг, карз хохаг лæджы ахæм зæрдæмæдзæугæ хуызы фендзæн. Афтæ æнхъæлдта, Хаджи-Мурат уыдзæн æнтъыснæг, æлхынцъ, хæрамзæрдæ, æцæгæлон адæймаг, афтæмæй та йæ уæлхъус лæууыд æнæсæрыстыр хицон адæймаг. Йæ зæрдæхæлар мидбылты бахудтæй афтæ зынд, цыма адæймагæн йæ рагон хорз зонгæ, хорз хæлар уыд, уый хуызæн. Йæ цæсгомыл, цæсты чи ахадыд æмæ зæрдæйæ чи нæ ферох уыдаид, ахæм бæрæггæнæн уыд: кæрæдзимæ дард æвæрд цæстытæ æмбаргæ, æнцад, æдзынæг æмæ ныфсджын каст кодтой адæммæ. 

Хаджи-Муратæн йемæ уыд цыппар æмбалы. Уыдонæй сæ иу, Хан-Магома, дысон æхсæв Воронцовмæ минæварæн æрвыст чи уыд, уый, — сырхуадул, сау, æнæцæстыхаутæ, æрттиваг цæстджын, тымбылдзæсгом, цард кæй нæ бадомдта, йæ цардæй йæ зæрдæ рухс кæмæн уыд, ахæм зæрдæхъæлдзæг адæймаг. Иннæ — бæзæрхыг, мызыхъарæзт, хъуынджын, æмхæстæрфыгджын. Уый та уыд тавлинаг, Ханефи, зæгъгæ, йæ ном, Хаджи-Муратæн йæ хæдзарады уынаффæгæнæг. Ханефи йемæ кæддæриддæр идадз бæх ласта, йæ уæлæ æфсæрст, дзаг хордзентæ, афтæмæй. Æмбæлтты æхсæн дыууæ лæджы бæлвырд зынгæдæр æмæ бæрæгдæр уыдысты: иу — Элдар, иттæг рæсугъд лæппулæг, нарæгастæу, афтæмæй бæзæрхыг, йæ цæстытæ фысы цæстыты æнгæсæн, гæзæмæ бур хъуынтæ йыл рахæцыд. Иннæ — цæцæйнаг Гамзало, зылындзаст йæ иу цæстæй, йæ фындз æмæ йæ русыл кæрæй-кæронмæ уыцы иудадзыг даргъ нос. 

Воронцов фæндагыл æрбацæйцыд. Полторацкий Хаджи-Муратæн йæ къухæй Воронцовы ацамыдта. Хаджи-Мурат йæ бæх Воронцовы ’рдæм фездæхта æмæ йæм куы бахæццæ, уæд йæ рахиз къух йæ риуыл авæрдта æмæ йын сæхи æвзагæй цыбырæй цыдæр загъта. Тæлмацгæнæг цæцæйнаг ын йæ ныхæстæ ратæлмац кодта: 

— Мæхи уырысы паддзахы бар кæнын, зæгъгæ, зæгъы, — мæхи йыл фæдзæхсын, фæнды мæ уымæн бакусын. Рагæй мæ фæндыд, фæлæ мæ Шамил урæдта. 

Воронцов тæлмацмæ байхъуыста, стæй, зынаргъ æрмкъух йæ уæлæ, афтæмæй йæ къух Хаджи-Муратмæ бадаргъ кодта. Хаджи-Мурат къухмæ бакаст, исдуг фæсабыр, стæй йын йæ къух райста, фидар ыл ныххæцыд æмæ, куы тæлмацгæнæгмæ, куы Воронцовмæ кæсгæйæ, раныхас кодта. 

— Уый зæгъы, — радзырдта тæлмацгæнæг, — никæмæ мæ фæндыд мæхи раттын, æрмæст иунæг дæу йеддæмæ, уымæн æмæ ды дæ сæрдары фырт. Дæуæй мæ ныфс ис. 

Воронцов ын йæ сæрæй акуывта. Уый уыд арфæйы нысан. Хаджи-Мурат йе ’мбæлтты ’рдæм йæ къухæй ацамыдта æмæ та цыдæр загъта. 

— Уый зæгъы, — загъта та тæлмацгæнæг, — ацы адæм сты мæ мюридтæ, уыдон дæр мæ хуызæн зæрдиагæй бакусинаг сты уырысæн. 

Воронцов сæм фæстæмæ фæкаст æмæ уыдонæн дæр йæ сæрæй акуывта. 

Хъæлдзæг саудзаст, æнæцæстыхаутæ цæцæйнаг Хан-Магома дæр ын йæ сæрæй акуывта æмæ, æвæццæгæн, цыдæр хъазæн ныхас загъта Воронцовæн, уымæн æмæ хъуынджын авайраг бахудти æмæ йæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кодта. Бурхил Гамзало йæ дзæбæхдæр рæсугъд цæстæй уыциу каст фæкодта Воронцовмæ æмæ та фæстæмæ æдзынæгæй йæ бæхы хъустæм кæсын байдыдта. 

Воронцов æмæ Хаджи-Мурат, бирæ барджытæ сæ фæдыл, афтæмæй фæстæмæ фидармæ араст сты. Салдæттæ разæй иу ран амбырд сты æмæ сæхимидæг хъус-хъусы дзырдтой. 

— Цал æмæ цал удгоймаджы бацарæфтыд кодта ацы хуыцауы æлгъыст. Ныр-ма сæм-иу кæс, иууылдæр ын хæрзгæнджытæ суыдзысты, — загъта салдæттæй иу. 

— Æмæ уæдæ куыд æнхъæл уыдтæ. Шамилæн йæ рахиз къух уыд, йе ’фсæдты хицæуттæн сæ фæтæг, сæ тæккæ хуыздæр. Ныр... 

— Ныууадз, лæгæй йæм дау нæй, раст зæгъын хъæуы. 

— Уæртæ-ма бурхилмæ бакæсут, уæртæ! Дзæбæх сырддзастæй куы кæсы. Куыдзы тугæй æхсад чи у, ахæм у, æвæццæгæн. 

Ce ’ппæт дæр сæ каст уыцы бурхилмæ скодтой. 

Хъæд кæм цагътой, уым салдæттæй фæндаджы былмæ æввахсдæр чи уыд, уыдон згъордтой Хаджи-Мураты размæ, бакæсæм æм, зæгъгæ. Афицертæй сыл иу схъæртæ кодта, фæлæ йæ Воронцов баурæдта. 

— Уадз сæ, æмæ сæ рагон зонгæйы феной. 

— Зоныс, чи у, уый? — англисаг здæхтæй, даргъ ивазгæйæ, афарста Воронцов, хæстæгдæр æм чи лæууыд, уыцы салдаты. 

— Нæ зонын, дæ бæрзонддзинад. 

— Хаджи-Мурат, — фехъуыстай йын йæ ном? 

— Куыннæ фехъуыстон, куыннæ, иухатт дæр ыл ацыдыстæм. Лæг цы у, уый йын къорд хатты фенын кодтам. 

— Уый дæр нæ, æнхъæлдæн æмæ, хæсджынæй нæ баззад. 

— Æцæгдзинад уыд уый дæр, — загъта салдат, цингæнгæйæ, хицауимæ баныхас кæныны рад æм кæй æрцыд, уый сæраппонд. 

Хаджи-Мурат æмбæрста, йæ кой кæй кæнынц, уый, æмæ худæндзастæй каст. Воронцов иттæг разыйæ, иттæг хъæлдзæгæй баздæхт фидармæ. 

 

VI
 

Воронцовæн тынг æхсызгон уыд, Уæрæсейы знæгтæй, Шамилæй фæстæмæ, сæ тæккæ тыхджындæр æмæ тæссагдæр знаг, æндæр никæй, фæлæ æрмæст иунæг уый къухы кæй бафтыд, уый. Æцæг иу хъуыддагæй чысыл стъæлфыд: Воздвиженскийы цард æфсæдтæн ce ’ппæты хицау инæлар Меллер-Закомельский, æмæ уый сæрты ахизын, æнæ уый бафæрсгæйæ, æгъдаумæ гæсгæ хъуыддаг бакæнæн нæ уыд. Воронцов та уый æвастæй бакодта хъуыддаг æмæ уымæ гæсгæ йæ зæрдæ къæпп кодта, æнæмастæй куы нæ баззайон, зæгъгæ. Уыцы сагъæс ын иучысыл йæ циндзинад хæлдта. 

Сæ хæдзармæ куы бахæццæ, уæд Воронцов мюридты полчъы адъютанты бар бакодта, йæхæдæг Хаджи-Мураты сæхимæ хæдзармæ бахуыдта. 

Æхсин Мария Васильевнæ, Воронцовы ус, хæрз фæлыстæй, къахæй къухмæ бæрæгбонарæзтæй йæ рæсугъд æхсæзаздзыд къæбæлдзыгсæр фыртимæ худæнбылæй Хаджи-Мураты размæ рацыд уазæгдонмæ. Хаджи-Мурат йæ риуыл йæ къух авæрдта æмæ тæлмацæй йемæ дзурын байдыдта. 

— Кънйаз мæ кæм суазæг кодта, — загъта Хаджи-Мурат, — уым æй æз абонæй фæстæмæ мæхицæн стыр хорз хæларыл нымайын æмæ, мæ хæлармæ цы зæрдæ дарын, уый мын куыд зынаргъ, куыд адджын у, йæ бинонтæ дæр мын афтæ зынаргъ æмæ адджын сты. — Хаджи-Мурат йæ уынд, йæ конд æмæ йе ’гъдауæй Мария Васильевнæйы зæрдæмæ тынг бацыд. Мария Васильевнæ йæм йе стыр урс-урсид къух куы радта, уæд Хаджи-Муратæн йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, æмæ йæ цæсгом фæсырх, æмæ йын уымæй йæ зæрдæ тынг балхæдта. Стæй йæ сбадын кодта æмæ йæ афарста, кæд кофе, мыййаг, йæ зæрдæ зæгъы, æмæ кофе æрбахæссын кодта. Хаджи-Мурат кофе нæ бацымдта. Уырыссагау чысылтæ зыдта, фæлæ дзурын нæ фæрæзта. Куы нæ-иу æмбæрста, уæд-иу йæ мидбылты бахудт. Уыцы бахудт, Полторацкийæн куыд æхсызгон уыд, Мария Васильевнæйæн дæр афтæ æхсызгон уыд, Мария Васильевнæйы къæбæлдзыгсæр лæппу Булькæ, афтæ йæ хуыдта йæ мад, Хаджи-Мураты цур лæууыд æмæ йæм æдзынæгæй каст. Лæппу Хаджи-Мураты хабæрттæ бирæ хæттыты фехъуыста, стыр æхсарджын, лæджыхъæдджын æмæ хъазуат æфсæддон адæймаг кæй уыд, уый. 

Воронцов Хаджи-Мураты йæ усы бар ныууагъта, йæхæдæг къæнцылармæ ацыд Хаджи-Мураты хабар хицæуттæн фехъусын кæныны тыххæй. Воронцов Грознамæ, галиуварсы æфсæдты хицау инæлар Козловскиймæ æмæ йæ фыдмæ писмотæ ныффыста Хаджи-Мураты рацыды тыххæй, йæхæдæг бирæ нал афæстиат, фæлæ фæстæмæ сæ хæдзармæ фæтагъд кодта, йæ усæй уайдзæфæй тарст, æцæгæлон, тас, зындарæн адæймаг ын йæ бар кæй бакодта, уый тыххæй. Воронцовмæ гæсгæ, Хаджи-Мураты бабуц кæнын хъуыд, йæ зæрдæ куыннæ фæхудтаид, афтæ, фæлæ йæ æгæр барæвдауын, æгæр скадджын кæнын дæр нæма хъуыд. Фæлæ йæ зæрдæ дзæгъæлы æхсайдта. Хаджи-Мурат бадти фæлмæн къæлæтджын бандоныл, Воронцовы усæн йæ фыццаг мойы лæппу Булькæйы йæ уæрджытыл сæвæрдта, афтæмæй. Лæппумæ йæ сæр хæстæг æруагъта æмæ тæлмацмæ æнувыдæй хъуыста, Мария Васильевнæ йын худæнбылæй цы ныхæстæ кодта, уыдонмæ. Мария Васильевнæ дзырдта: алы хæлары зæрдæмæ цы дзаума бацæуа, уый йын лæвар куы кæна, уæд рæхджы йæхæдæг, адæмы хуызæн, мадард бæгънæгæй баззайдзæн... 

Воронцов куы ’рбацыд, уæд Хаджи-Мурат йæ хъæлдзæг, худæндзаст цæсгом аивта, йæ уæрджытæй лæппуйы зæхмæ æриста, йæхæдæг фестад. Булькæ дисгæнгæйæ йæхи фæтар кодта, хъыг æм фæкаст, йæ уæрджытæй йæ кæй раргъæвта, уый. Цалынмæ Воронцов сбадт, уалынмæ Хаджи-Мурат дæр не сбадт. Мария Васильевнæимæ ныхасгонд нæ фæци æмæ йын йæ ныхасæн фæстæмæ дзуапп радта: «Афтæ y не ’гъдау,— загъта Хаджи-Мурат, — хæлары зæрдæмæ цыдæриддæр бацæуа, уымæн æнæ балæвар кæнын хос нæй». 

Булькæ та фæстæмæ Хаджи-Мураты уæрджытæм сбырыд. 

— Твоя сын кунак13, — загъта æрдæгдзæфтæй уырыссагау Хаджи-Мурат, лæппуйы къæбæлдзыг сæрыхъуынтæм кæсгæйæ. 

— Цы дзæбæх у, цы, дæ абырæг, — загъта францусагау Мария Васильевнæ йæ лæгæн. Булькæйæн Хаджи-Мураты хъама йæ зæрдæмæ бацыд æмæ йæм каст. Хаджи-Мурат йæ хъама йæ ронæй сыхæлдта æмæ йæ лæппуйæн балæвар кодта. 

Лæппу хъама йæ фыдмæ равдыста. 

— C’est un objet de prix!14, — загъта Мария Васильевнæ. 

— Il faudra trouver l’occasion de lui faire cadeau15, — загъта Воронцов. 

Хаджи-Мурат бадти æмæ дæлæмæ, зæхмæ кæсгæйæ, лæппуйы къæбæлдзыг сæр æрсæрф-æрсæрф кодта æмæ йын дзырдта: 

— Джигит, джигит. 

— Иттæг, иттæг хорз хъама у, — загъта Воронцов æмæ болатæндон, нукджын, сæрдасæны хуызæн цыргъ хъама æрдæгæй уæлæмæ сласта. — Арфæ йын ракæ. Бафæрс ма йæ, — загъта Воронцов тæлмацгæнæгæн, — цæмæй йын æй баххæст кæндзынæн? 

Тæлмацгæнæг ратæлмац кодта. Хаджи-Мурат ын уайтагъд дзуапп радта. Ницы йæ хъæуы, зæгъгæ, загъта тæлмацгæнæгæн, æрмæст, кæм бакува, ахæм хибар бынат куры. Воронцов дуаргæсмæ æрбасидт æмæ йын бафæдзæхста, Хаджи-Мураты фæндон куыд сæххæст кодтаид, афтæ. 

Куыддæр Хаджи-Мурат хибарæй уаты баззад, афтæ йæ цæсгомы хатт аивта, йæ хъæлдзæг, рухс, худæндзаст цæсгом фæтар, сагъæс æмæ дзы мæт бацыд. 

Куыд æнхъæл нæ уыд, ахæм хорз æгъдау ын радта Воронцов. Фæлæ йæ цас кадджындæр æмæ цытджындæр кодтой, уыйас æнæууæнкдæр кодта Воронцовыл дæр æмæ йæ афицертыл дæр. Йæ зæрдæ алырдæм æхсайдта: гадзрахатæй йыл куы рацæуой æмæ йæ куы ’рцахсой, хъадамантæ йыл куы бакæной æмæ йæ Сыбырмæ куы арвитой, кæнæ йæ бынтондæр куы амарой, уыдæттæй тæрсгæйæ йæхи цæттæ дардта. 

Элдар æм уатмæ бауад. Хаджи-Мурат æй афарста, кæдæм сæ бакодтой, уый тыххæй, бæхтæ кæм сты, сæ гæрзтæ сын, мыййаг, айстой. 

Элдар загъта: «Бæхты кънйазы скъæты бафснайдтой, сæ гæрзтæм сын нæ бавнæлдтой, сарайы сын бынат радтой, тæлмацгæнæг сæ хорз уыны хæринагæй æмæ цайæ». 

Хаджи-Муратæн ма йæ зæрдæ цæмæдæр æхсайдта, цæуылдæр дызæрдыг æмæ, æнæууæнк кодта, æмæ йæ сæр батылдта. Стæй йæ дзауматæ æмæ йæ къахыдарæс раласта, æвдæз систа æмæ ламаз кæнын байдыдта. Ламазгонд куы фæци, уæд йе ’взист хъама æрбахæссын кодта, йæ дзауматæ скодта, йæ рон бабаста æмæ, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, тъахтиныл æрбадт. 

Фæндзæймаг сахатыл æй кънйазмæ сихор хæрынмæ бахуыдтой. Сихорыл Хаджи-Мурат ницы бахордта, пловы йеддæмæ. Мария Васильевнæ йæхицæн плов систа, Хаджи-Мурат дæр раст гъе уыцы ранæй йæ тæбæгъы плов æркодта. 

— Марг ын куы бадарæм, уымæй йæхицæн тæрсы, — загъта Мария Васильевнæ йæ мойæн, — æз цы ранæй систон, уый дæр уырдыгæй систа. 

Стæй Хаджи-Мураты афарста тæлмацгæнæджы руаджы, кæд та уыдзæн йæ кувыны афон. Хаджи-Мурат йæ фондз æнгуылдзы уæлæмæ сдардта æмæ хуры ’рдæм ацамыдта. 

— Уæдæ йæм бирæ нал ис. 

Воронцов брегет16 сахат сласта æмæ йын йæ хъандзал фелхъывта. Сахат цыппар æмæ иу цыппæрæймаг хай зæлланджы ныккодта. Хаджи-Муратмæ, æвæццæгæн, диссаг фæкаст сахаты æнахуыр цагъд æмæ та йæ ног ныццæгъдын кодта, стæй йæ фенынмæ ракуырдта. 

— Voila l’occasion. Donnez-lui la montre17,— загъта францусагау Мария Васильевнæ йæ мойæн. 

Воронцов уыцы минут сахат Хаджи-Муратæн балæвар кодта. 

Хаджи-Мурат йæ къух йæ риуыл авæрдта æмæ сахат райста. Иукъорд хатты ма йын йæ хъандзал фелхъывта, байхъуыста-иу æмæ-иу разыйæ йæ сæр батылдта, дзæбæхау æм каст. 

Фæссихор кънйазæн фехъусын кодтой Меллер-Закомельскийы адъютанты æрбацыды тыххæй. 

Адъютант кънйазæн бамбарын кодта, Меллер-Закомельский Хаджи-Мураты æрбацыд базыдта, æмæ хъуыддаг уый æвастæй, уый æнæ бафæрсгæйæ кæй бакодта, уымæй разы нæу æмæ зæгъы: «Хаджи-Мураты ныртæккæйы сахат уырдæм куыд сæмбæлын кæнай, афтæ». Воронцов загъта: «Инæлары дзырдæн дыууæ акæнæн нæй, æххæстгонд уыдзæн», — æмæ Хаджи-Муратæн тæлмацæй инæлары фæндон бамбарын кодта æмæ дзы ракуырдта, йемæ инæлармæ куыд ацæуа, афтæ. 

Мария Васильевнæ, адъютант цæй тыххæй æрцыд, уый куы базыдта, уæд æй цы бамбарын хъуыд, йæ мой æмæ инæлар æнæ зæрдæхудтæй кæй нæ баззайдзысты, уый, æмæ семæ инæлармæ цæуынвæнд скодта. Воронцов æй къуылымпы кодта, фæлæ уæддæр ус йæхи фæнд атардта, нæ бакоммæ каст. 

— Vous feriez blen mieux de rester — c’est mon affaire, non pas la votre.18

— Vous ne pouvez pas m’empecher d’aller voir madame la generale!19

— Æндæр хатт хуыздæр уаид. 

— Мæн та ныр фæнды. 

Гæнæн нал уыд. Воронцов сразы, уæдæ цы кодта, æмæ æртæйæ иумæ араст сты. 

Куы бацыдысты, уæд Меллер тардзæсгомæй, фæлæ аивæй Мария Васильевнæйы йæ усмæ бахуыдта, адъютантæн та бафæдзæхста, Хаджи-Мураты уазæгдонмæ куыд бахона æмæ йæ æнæ уый уынаффæ, æнæ уый дзырдæй куыд никæдæм ауадза, афтæ. 

— Курын дæ, мидæмæ, — загъта Меллер Воронцовæн, йæ кусæнуаты дуар гомгæнгæйæ, æмæ Воронцовы разæй бауагъта. 

Уатмæ куы бацыд, уæд кънйазы не сбадын кодта æмæ йын уыцы лæугæйæ загъта. 

— Æз ам дæн æфсæдты хицау, æмæ ме ’вастæй, æнæ мæн бафæрсгæйæ, знагимæ радзур-бадзур æмæ хъуыддаг кæнын никæй бон у. Цæй тыххæй мын нæ базонын кодтай Хаджи-Мураты æрцыды хабар? 

— Мæнмæ æрцыд Хаджи-Мураты минæвар æмæ мын фехъусын кодта Хаджи-Мураты фæндон, — æрмæст мæ къухмæ йæхи раттын æй кæй фæнды, уый, — загъта Воронцов. Мæсты инæлар æм тызмæгæй куы сдзура, уымæй тæрсгæйæ Воронцовæн йæ хуыз фæцыд æмæ йæхæдæг дæр инæлармæ гæсгæ мæсты кæнын байдыдта. 

— Æз дæ фæрсгæ куы кæнын, цæй тыххæй мын нæ базонын кодтай? 

— Уый бакæныны уынаффæ мæм уыд, барон, фæлæ... 

— Æз дын барон нæ дæн, фæлæ «дæ бæрзонддзинад», — æмæ уæд барон йæ маст нал баурæдта æмæ æвиппайды, рагæй цæмæ хъавыд æмæ йæ зæрды цы уыд, уыдон иууылдæр уæлæмæ скалдта. 

— Æз уый тыххæй, мыййаг, нæ кусын 27 азы нæ паддзахадæн æмæ, знонæй ардæм кусын чи байдыдта, уыдон, ce стыр хæстæгдзинады ныфсæй, мæ дыууæ цæсты раз уынаффæ кæной, кæм сæ ницы хъуыддаг ис, уым. 

— Дæ бæрзонддзинад! Æз дæ курын, æмæ цы не ’мбæлы, уый куыннæ дзурай, афтæ, — йæ ныхас ын цæхгæр фæлыг кодта Воронцов. 

— Æз цы ’мбæлы, уый зæгъын, æмæ никæмæн ратдзынæн бар!.. — ноджы тызмæгдæрæй байдыдта дзурын инæлар. 

Уыцы сахат, йæ даритæй сырсыргæнгæ, æрбалæууыд Мария Васильевнæ, йæ фæдыл ныллæггомау бонзонгæ æхсин, Меллер-Закомельскийы ус. 

— Цæй, æгъгъæд фæуæд, барон, Симоны нæ фæндыд дæ зæрдæхудты бацæуын, — загъта Мария Васильевнæ. 

— Æхсин, æмæ æз уый тыххæй куы ницы дзурын... 

— Цæй æмæ, уыдæттæ ныууадзæм. Мæнырдыгонау, æвзæр быцæу хорз хылæй хуыздæр у. Мæ хæдзарыл, цытæ дзурын, цы!.. — æмæ бахудти. 

Адæмæн нæртон рæсугъд сылгоймаджы кæлæнтæгæнæг мидбылты бахудт мæстджын инæлары басаста. Уый дæр йæ рихиты бынæй бахудти. 

— Раст зæгъгæйæ, мæн аххос дæр уыд, сæттын ыл, — загъта Воронцов, — фæлæ... 

— Уæдæ æз дæр ратæвд дæн, — загъта Меллер æмæ Воронцовмæ йæ къух балæвæрдта. 

Ce ’хсæн фидыд æрцыд, æмæ бауынаффæ кодтой, Хаджи-Мурат рæстæгмæ Меллермæ куыд баззадаид, стæй галиуварсы æфсæдты хицаумæ æрвыст куыд æрцыдаид, афтæ. 

Хаджи-Мурат бадти сæ фарсмæ иннæ уаты. Сæ ныхæстæ сын не ’мбæрста, фæлæ быцæу уый тыххæй кæй кодтой, уымæ гæсгæ дзæбæх бамбæрста, æхсызгон æй чи хъуыд, уыдæттæ: Шамилимæ кæй фæерыс æмæ уырысмæ кæй рацыд, уый уырыс стыр хъуыддагыл нымайынц, æмæ йæ кæд никæдæм арвитой, кæд æй нæ амарой, уæд сын амал уыдзæн бирæ цыдæртæ радомын. Уымæй уæлдай ма ноджы бамбæрста: Меллер-Закомельский, хистæр хицау уæвгæйæ, йæ кæстæр Воронцовмæ цы бар æмæ тых ис, уый Закомельскиймæ нæй, æмæ уымæ гæсгæ сæ цæу, сæ сæр Воронцов у, Меллер-Закомельский ницы у. Уый сæраппонд Хаджи-Мурат йæхиуыл фервæссыд, йæхицæй ныббузныг, æмæ йæм Меллер-Закомельский куы басидт æмæ йæ рафæрс-бафæрс куы байдыдта, уæд йæхи сæрыстыр, цыма йыл не ’рвæссыд, уый дард кодта æмæ загъта: 

— Хохæй рацыдтæн æз урс паддзахæн бакусыны ныфсæй æмæ мæ зæрдæйы ныхæстæ радзуринаг дæн æрмæст Кавказы æфсæдты сæрдарæн, кънйаз Воронцовæн, Калачы. 

 

VII
 

Цæф Авдеевы рынчындонмæ ахастой, рынчындон та уыд фидары мидæг, раст йæ тæккæ рацæуæны, иу хъуарийæ æмбæрзт чысыл хæдзары. Авдеевы бахастой æмæ йæ уым иумæйаг цатыры иу уæгъд сынтæгыл сæвæрдтой. Уыцы цатыры мидæг уыд цыппар рынчыны: иу тæвднизæй сад, тарф рынчын, тынг тыхст æмæ йæхи раппар-баппар кодта; дыккаг ризæгæй сад — фæлурс, йæ цæстыты бынтæ цъæх, æдзух зæмбыдта æмæ фæлтæр кæнынмæ хъавыд; иннæ дыууæ-æртæ къуырийы раздæр, хæсты мидæг, знагмæ бырсгæйæ, фæцæфтæ сты — иуæн йæ къух, иннæмæн йе уæхск. Уатон рынчын сæ дыууæйæ дæр ничи уыд. Ce ’ппæт дæр, тæвднизæй сæйæджы йеддæмæ, Авдеевы чи æрбахаста, уыдоны алыварс æрæмбырд сты æмæ сæ рафæрс-бафæрс кодтой. 

— Хаттæй-хатт их уарæгау ныккалынц, æмæ никуы ’мæ ницы, ам та иу-фондз æхсты цыдæр фæкодтой, æндæр нæ, — дзырдта, Авдеевы чи ’рбахаста, уыдонæй иу. 

— Алкæмæн дæр йæ амонд конд у. 

— Уæуу! — фæхъæр кодта Авдеев, йæхи хъæбатыр кæнгæйæ, сынтæгыл æй куы ’рцæйуагътой, уæд. Куы йæ æрæвæрдтой, уæд йе ’рфгуытæ фæтар кодта, йæ хъæрзын фæуагъта, æрмæст ма æппынæдзух йæ къæхтæ змæлын кодта. Йæ цæфыл йæ дыууæ къухæй хæцыд æмæ æнæзмæлгæйæ, æнцад, дзагъыр цæстæй йæ размæ каст. Дохтыр æрбацыд æмæ йæ дæлгоммæ афæлдахын кодта, нæмыг фæсте ахызт æви нæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй. 

— Адон та йын цы сты? — бафарста дохтыр æмæ йæ къухæй йæ фæсонты тулæн фыдтыл æмæ чъылдымыл стыр дзуарæвæрд урс ностæм ацамыдта. 

— Уыдон рагон сты, дæ бæрзонддзинад, — хъæрзгæйæ схъым-хъым кодта Авдеев. 

Уыдон уыдысты нады ностæ, — æхсæны æхцатæ кæй банызта, уый дымæгмæ æфхæрд æрцыд. 

Авдеевы та фæстæмæ уæлгоммæ рафæлдæхтой. Дохтыр ма Авдеевы цæф сгарæнæй бирæ фæрасгар-басгар кодта æмæ, нæмыг кæм банцад, уый сбæлвырд, фæлæ йæ райсын нæ бафæрæзта. Цæф бабаста, æдде йыл æндæдзгæ пластыр баныхæста æмæ ацыд. Цалынмæ йын дохтыр йæ цæф сгæрста æмæ баста, уалынмæ æнцад хуыссыд, дæндæгтæ кæрæдзийыл нындæгъта æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта, афтæмæй. Дохтыр куы ацыд, уæд Авдеев ракаст æмæ, дисгæнгæйæ, йæ алфамбылай йæ цæст ахаста. Цæстытæ рынчынтæм æмæ фельдшермæ сарæзта, афтæмæй сæ уынгæ нæ кодта, фæлæ уыдта цыдæр æндæрг, дис кæуыл кодта, ахæм. 

Æрбацыдысты Авдеевмæ рынчынфæрсæг йе ’мбæлттæ — Панов æмæ Серегин. Авдеев уыцы иу æгъдауыл хуыссыд, джихтæ кодта æмæ дисгæнгæйæ йæ размæ каст. Йе ’мбæлттæм комкоммæ æдзынæг бирæ фæкаст, фæлæ сæ уæддæр æрæгмæ базыдта. 

— Петра, исты, мыййаг, уæ хæдзармæ фæдзæхсыс? — бафарста йæ Панов. 

Авдеев æм фæстæмæ ницы сдзырдта, афтæмæй йын комкоммæ йæ цæсгоммæ каст. 

— Æз афтæ зæгъын, кæд уæ хæдзармæ исты, мыййаг, фæдзæхсыс? — афарста та йæ Панов дыккаг хатт, Авдеевæн йæ уазал уæрæхстæгджын къух агайгæйæ. Авдеев цыма æрномыл, æрчъицыдта, кæнæ йæ фынæйæ райхъал. 

— А-а, Антоныч куы дæ, сæрæй! 

— Абæрæг дæ кодтон. Кæд исты, мыййаг, фæдзæхсыс уæ хæдзармæ? Серегин ныффысдзæн. 

— Серегин, — загъта Авдеев æмæ зынæй Серегины ’рдæм йæ цæстытæ азылдта, — ныффысдзынæ?.. Уæдæ-иу афтæ ныффысс: уæ фырт Петрухæ уæ цардыл ауды. Æфсымæрмæ хæлæг кодтон. Куы дын æй дзырдтон айфыццаг. Ныр мыл хорз æрцыд, мæхицæн дæр æхсызгон у, уадз æмæ цæра. Афтæ-иу ныффысс, мæ хур. 

Уыдæттæ куы радзырдта, уæд исдуг ныхъхъус, Пановмæ æдзынæгæй кæсгæйæ. 

— Йед та, дæ лулæ фæзынд? — æнæнхъæлæджы æваст афарста Авдеев. 

Панов æм ницы сдзырдта. 

— Лулæйæ дæ фæрсын, лулæйæ, ссардтай йæ? — ноджы та йæ бафарста Авдеев. 

— Хызыны разынд. 

— Хорз, хорз. Уæдæ мæм ныр цырагъ раттут. Мæлгæ кæндзынæн, — загъта Авдеев. 

Уыцы сахат æрбацыд Полторацкий йæ рынчын салдаты абæрæг кæнынмæ. 

— Гъы, æфсымæр, дæ гæпп куыд у, тыхсыс, мыййаг? — загъта Полторацкий. 

Авдеев йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ сæр банкъуыста. Йæ фæтæн цæсгом фæлурс æмæ тар уыд. Полторацкиймæ ницы уал сдзырдта, фæлæ та Пановæн дыккаг хатт загъта: 

— Цырагъ æри дын загътон, мæлгæ кæнын, мæлгæ. 

Цырагъ ын йæ къухмæ радтой, фæлæ æнгуылдзтæ нал тасыдысты, цырагъ æнгуылдзты æхсæн саггомы сæвæрдтой æмæ йыл хæцыдысты. Полторацкий ацыд. Йæ фæстæ, иу-фондз минуты рацыдаид, афтæ фельдшер йæ хъус Авдеевы зæрдæмæ бадардта æмæ загъта: «Ахицæн ис». 

Авдеевы амарды тыххæй Калакмæ цы гæххæт арвыстой, уым афтæ фыст уыд: «Джеоргуыбайы мæйы 23 бон Куринсчы полкъæй дыууæ ротæйы фидарæй араст сты хъæд цæгъдынмæ. Раст æмбисбон уыдаид, афтæ хæххон адæм æнæгъдау бирæйæ æваст æрбабырстой хъæд цæгъдджытæм. Махонтæ фæсыдз кодтой. Уыцы сахат сыл дыккаг ротæ йæхи ныццавта æмæ арцæй хæст самадта. Хæххон адæм лидзæг фесты. Уыцы хъуыддаджы мидæг махонтæй дыууæ рог цæфы фæци, иу фæмард. Хæххон адæмæй та фондзыссæдзмæ ’ввахс мæрдтæ æмæ цæфтæ æрцыд». 

 

VIII
 

Петрухæ Авдеев йæ уд цы бон иста Воздвиженскы рынчындоны, раст уыцы бон йæ зæронд фыд, салдат кæй бæсты ацыд, уыцы æфсымæры ус æмæ йæ хистæр æфсымæры чындздзон чызг хъызт заманы мусы сысджы най кодтой. Бон раздæр арф мит æруарыд, æмæ уымæн йæ дыккаг райсом тынг фæхъызыди. Кæрчытæ æртæ уасты ныккодтой, афтæ зæронд лæг йæ хуыссæны рабадт æмæ, салд рудзынгæй мæйы рухс куы ауыдта, уæд пецæй рахызт, йæ дзабыртæ йæ къæхтыл, кæрц, худ йæ уæлæ акодта æмæ мусмæ араст. Дыууæ сахаты куы акуыста, уæд фæстæмæ хæдзармæ æрбаздæхт æмæ йæ фырты дæр æмæ устыты дæр сыхъал кодта. Устытæ æмæ чызг мусмæ рацыдысты æмæ йæ койгондæй, æфснайдæй ссардтой. Хъæдын фыййаг, уисой, йæ хихтæ уæлæмæ, афтæмæй фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты сагъдæй урс ногуард хæмпус миты. Сысджыйы куыристæ, ce ’фсиртæ кæрæдзийы ныхмæ æвæрдæй, адаргъ сты бæндæнау дыууæ рæнхъæй сыгъдæг мусы. Алчидæр дзы найгæнæн рæхыс райста æмæ, æртæйæ æмхуызон кæрæдзи фæдыл риуыгъгæйæ, най кæнын байдыдтой. Зæронд лæг уæззау рæхысы тыхджын цæфæй хъæмп цъæл кодта, чызг рæстæмбис цæфæй уæлæнгæйтты æвнæлдта, чындз та фæлдахгæ кодта. 

Мæй аныгуылд, бон цъæх кæнын байдыдта. Ce ’фтауц фæуынмæ куыд хъавыдысты, афтæ найгæнджытæм хистæр фырт Аким дæр рацыд цыбыр кæрц æмæ худы мидæг. 

— Æфсонмæ-æфсонтæй та дæхи рафæлив-бафæлив куы кæныс, мæ лымæн, — фæхъæр кодта фыртыл фыд, йæ най кæнын фæуагъта æмæ рæхысы хъæды æнцой алæууыд. 

— Бæхтæ бафснайын нæ хъуыд! 

— Бæхтæ бафснайын, — сфæзмыдта йæ йæ фыд. — Зæронд ус сæм базылдаид. Рæхыс райс. Æгæр снард дæ, расыггæнаг. 

— Ды мын, мыййаг, куы нæ бануазын кодтай! — схъуыр-хъуыр кодта фырт. 

— Цы загътай? — йе ’рцæфы рад фæуагъта æмæ йæ тарæрфыгæй, тызмæгæй афарста зæронд лæг. 

Фырт æнæдзургæйæ рæхыс райста æмæ цыппар рæхысæй кæрæдзи фæдыл тъæпп-тъæппæй най кæныныл ралæууыдысты. Æртæ цæфы фæстæ зæронд лæджы уæззау рæхысы къупп бæрæгдæр хъуысти. 

— Йæ бæрзæймæ-ма йын бакæс, мидæг хорæй хаст нæл фысы бæрзæйы хуызæн дзæбæх куы у. Мæнæн та мæ хæлафы комдæл мæ синтыл нал хæцы, дæлæмæ æрхау-æрхау кæны, — загъта зæронд лæг. Йæ цæфы рад фæурæдта, рæхыс уæлдæфы мидæг иу зылд фæкодта, дыккаг риуыгъд йæ рады иннæты хæд фæстæ афойнадыл, æнæ къуылымпыйæ цæмæй æрцыдаид, уый тыххæй. 

Æфтауц найгонд фесты. Устытæ халамæрзæнтæй хъæмп æмбырд кæнын байдыдтой. 

— Æдылы уыд Петрухæ, дæ бæсты салдат чи ацыд, уым дæ сахуыр кодтаиккой, де ’дылы зонд дын дæ сæрæй феддæдуар кодтаиккой. Петрухæ хæдзары куысты мидæг дæу хуызæттæй фондзы аргъ уыд. 

— Цæй, æгъгъæд у, ныууадз æй, нæ фыд, — сдзырдта чындз, куырисы цъæлгонд бæттæн аппаргæйæ. 

— О, мæхæдæг æхсæзæм, афтæмæй уæ хæсс, иу хуызæнæн кусæг та дзы уæвгæ нæй. Петрухæ, мæгуыр, дыууæйы бæрц куыста, цæйнæфæлтау... 

Кæртæй, надмит къахвæндагыл хъысхъысгæнгæ, ног мæцъ къогъодзиты æмæ æнгомбаст фæсмын цъындаты мидæг æрбацыд зæронд ус. Лæгтæ мусы æнæдымгæмæдард хорæй кæри кодтой, устытæ та сæ фæдыл уисæйттæй мæрзгæ цыдысты. 

— Хъæуы ист лæгтæй иу æрбацыд, æлдарæн, дам, агуыридуртæ ласын хъæуы, — загъта зæронд ус,. — Аходæн уын сцæттæ кодтон. Цæугæут, афон у. 

— Хорз, фæцæуæм. Халасы сифтындз æмæ — цæугæ, — загъта зæронд лæг Акимæн. — Хъусыс, фыццаджы ми та ма бакæ, фыдбылыз та мын ма сараз. Петрухæ дын цы уыд, уый бамбардзынæ ныр. 

— Нæ хæдзары куы уыд, уæд æй скæсын нæ уагътай, æлгъыст дæ дзыхæй нæ цух кодта, — схъуыр-хъуыр кодта фырт йæ фыдыл. — Уый куы ацыд, уæд та мæн æргæвдыс. 

— Афтæ дын хъæуы, æвæццæгæн, — тызмæгæй загъта мад. — Уæдæ мын дæхи Петрухæйыл барыс? 

— Уæ, хорз, хорз, — загъта фырт. 

— Ай-гъай y хорз. Не ссад нын смарзтай, акъупп æй кодтай, ныр «хорз-хорз» кæ. 

— Зæронд цырвы кой дыккаг хатт нæ чындæуы, — загъта чындз, лæппуйы ус, хъазгæмхасæн. Ce ’ппæт дæр сæ рæхыстæ æрæвæрдтой æмæ хæдзармæ ацыдысты. Фыд æмæ фырт рагæй нал фидыдтой, Петрухæ салдат куы ацыд, уæдæй фæстæмæ. Зæронд лæг раджы бамбæрста, гæрзæй мæцъ кæй баивта, уый, фæлæ гæнæн нал уыд. Раст зæгъгæйæ, æгъдаумæ гæсгæ зæнæгджыны бæсты æнæзæнæг хъуамæ ацыдаид. Аким цыппарзæнæгон уыд, Петрæн та иу дæр нæ. Фæлæ кусæгæй та ахæм никуы уыд, — раст йæ фыды хуызæн цырд, æмбаргæ, хъаруджын, фæразон, куыстуарзон æмæ куыствæлтæрд. Æгуыстæй цæрын нæ зыдта. Кусæг адæймаджы цурты цæугæйæ, йæ фыд куыд кодта, афтæ-иу уый дæр истæмæ æнæ февналгæ нæ лæууыд, кæнæ дыууæ уисы хос ма ракæрда, кæнæ уæрдон ма балваса, кæнæ искæй бæсты бæлас ма акала, кæнæ суг ма ’рсæтта, æнæ уый йын хос нæ уыд. Зæронд лæг ын, хъæлæкк, тæригъæд кодта, фæлæ цы гæнæн уыд. Салдат ацæуын мæлæтæй хъауджыдæр нæ уыд. Салдат — хæтæнхуаг, сæфт адæймаг, кæнæ æнæхъуаджы скъуыддзагæй уæлдай нæ уыд. Йæ кой кæнын дæр зæрдæнизы хосы йеддæмæ ницæмæн пайда уыд. Æрмæст искуы иу хатт, хистæр фырты цæстмæ, фелхыскъ кæныны тыххæй йын-иу йæ кой ракодта абоны хуызæн. Æцæг мад арæх мысыд йæ кæстæры æмæ рагæй, салдат куы ацыд, уæдæй ардæм лæгъстæ кодта зæрондæн, иучысыл ын æхца цæмæй арвыстаид, уый тыххæй. Фæлæ-иу зæронд йæхи ныхъхъус кодта. 

Авдеевтæ цæрæг хæдзар уыдысты. Зæрондмæ æмбæхст æхцатæ дæр уыд, фæлæ æвæрд æхцатæм бавналын, абабау, фæлтау æй амар. 

Ныр кæстæр лæппуйы кой куы ракодта, уæд зæронд ус фæныфсхаст æмæ йæхинымæры бауынаффæ кодта, ацы хатт лæппуйæн сысджыйы аргъæй иу сомыгæбаз цæмæй арвита, уый дзы æнæ ракургæ нæй. Æмæ æцæг афтæ бакодта. Кæстæртæ æлдары куыстмæ куы ацыдысты, æмæ дыууæ зæронды хибарæй хæдзары куы баззадысты, уæд æргом хатын байдыдта зæронд лæгмæ æмæ йæ цæмæйдæрты сразы кодта сысджыйы аргъæй лæппуйæн иу сом суæлдай кæныныл. Зæронд лæг дымгæмæ дард кæрийæ æхсæрдæс æмæ цыппарыссæдз меркъайы хиконд хъисынты мидæг æфснайдæй æртæ дзоныгъы куы байдзаг æмæ куы æррæвдз кодта, хъисынты кæрæттæ кæрæдзийыл хъæдын къæбæлтæй дзæбæх куы бафидæрттæ кодта, уæд æм ус диакъоны фыст писмо радта. Зæронд лæг ын зæрдæ бавæрдта, горæтмæ куы бацæуа, уæд писмойы хуылфы сом сæвæрдзæн æмæ йæ арвитдзæн адрисмæ гæсгæ. 

Зæронд лæг ног уæлдзæрмтты кæрцы, цыбыр æнæдыстæ куырæты æмæ сыгъдæг, урс фæсмын цъындаты мидæг, Хуыцауæн бакувгæйæ, писмо райста, æхцадоны хуылфы йæ сæвæрдта, раззаг дзоныгъы сбадт æмæ горæтмæ араст кодта. Фæстаг дзоныгъы бадт йæ фырты лæппу. Горæты зæронд лæг дуаргæсæн писмо бакæсын кодта, æнувыдæй йæм байхъуыста, æмæ писмойы ныхæстæ йæ зæрдæмæ бацыдысты. 

Петрухæйы мады писмойы фыст уыд, фыццаджыдæр, мады арфæтæ, дыккагæй, саламтæ хæстæджытæ-йедтæй, уый фæстæ йæ номæвæрæджы марды тыххæй, æрæджиау Петрухæйы ус Аксиньяйы хабæрттæ; хæдзары бинонтимæ цæрын æй кæй нал бафæндыд æмæ куы — кæм, куы — кæм хъæуи-хъæу æххуырстыты куыд цæуы. Хъусæм, цыма дзæбæх, æнæхудинагæй цæры, — æвзæр кой дзы никуыма райхъуыст. Уыцы фыдбоны сомы кой дæр дзы уыд. 

Мад æрæнкъард, йæ цæстытæ доны разылдта æмæ йæ зæрдæбын ныхæстæ диакъонæн ныффыссын кодта: 

— Мæ уарзон саби, мæ хуры тын. Мæ дыууæ цæстæй саугуырм куы бадæн дæ мæтæй, дæуыл кæугæйæ. Мæ чысыл хурыхай, дæ уындæй куы никуы бафсæстæн. Кæмæн мæ ныууагътай... — Ацы ран зæронд усæн йæ зæрдæ суынгæг, сæрхæндæг, йæ цæстысыг нал баурæдта, хæкъуырццæй кæуыныл схæцыд æмæ загъта: 

— Æгъгъæд фæуæд. 

Фæлæ Петрухæйы уыцы амонд нал фæци: нал ыл сæмбæлд йæ мады писмо, нал базыдта йæ хæдзарæй йæ усы ацыд, нал райста уыцы фыдæбоны сом дæр, нал фехъуыста йæ уарзон мады фæстаг зæрдæхалæн ныхæстæ. Писмо æмæ æхца фæстæмæ æрвыст æрцыдысты. Писмоимæ хабар æрцыд: «Петрухæ хæсты мидæг фæмард, паддзахы, Фыдыбæстæ æмæ чырыстон дины сæрыл». Афтæ фыста æфсæддон фыссæг. 

Зæронд усыл йæ зæрдиаджы, йæ ахсджиаг хъæбулы сæфты хабар куы сæмбæлд, уæд, мæгуыр, фæниудта, фæхъарджытæ кодта, стæй бонтæ куы рацыдысты, уæд та куыстыл йæхи бафтыдта. Фыццаг хуыцаубоны аргъуанмæ ацыд, сауджын саргъауын кодта. Петрухæйы ном ссардта æмæ аргъуаны кувæн дзул20 байуæрста адæмæн, Хуыцауы цагъар Петры рухсаджы æмæ удыбæстæйы тыххæй. 

Йæ ус Аксинья дæр фæниудта, фæхъарджытæ кодта, йæ уарзон мойы марды хабар куы фехъуыста, уæд. 

Æрмæст иу афæдз ацардысты иумæ, æндæр нæ. Хъарджыты мидæг-иу æрымысыд Петры бурхил къæбæлдзыг сæр, йæ уарзондзинад æмæ йæ маст, йе ’намонд цард сидзæр Ванькæимæ. Зæрдиагæй йын судзаг уайдзæфтæ кодта, йе ’фсымæры тыххæй йæ усы сæр кæй аппæрста, æмæ ныр уыйадыл рахау-бахау кæй кæны хъæуи-хъæу кæйдæр фæрныг хæдзæртты. 

Йæхинымæры та цин кодта йæ мойы мардыл. Кæмæ цард, уыцы дуканигæсæй та ног басывæрджын æмæ ныр уайдзæфæй æмæ фидисæй нал тарст, уымæн æмæ йæ ныр йæхицæн ус скæндзæн, фыццаг хатт ын йæхи уарзын кæнын куы байдыдта, уæд ын куыд дзырдта æмæ йын цы зæрдæтæ бавæрдта, уымæ гæсгæ. 

 

IX
 

Воронцов Михаил Семенович, уырысы паддзахады минæвары фырт, схъомыл ис Англисы. Уыцы дуджы уырысы стыр адæмы ’хсæн ахæм стыр европæйаг ахуыргонд лæг тынг стæм уыд. Кад æмæ номыл мæлæг. Йæхицæй дæлдæр чи уыд, уыдонимæ дзырдта лæгъз æвзагæй. Цæрынмæ — дæсны, дзыхарæхст, йæхицæй уæлдæртимæ — æгъдауджын. Хицаудзинад æмæ дæлдæртæ, коммæгæсджытæ кæм нæ уыд, уыцы цард цардыл нæ нымадта. Хорзæхтæ æмæ хæрзиуджытæй хъаджджын ницæмæй уыд. Тынг номдзыд æмæ дæсны хæцæг æфсæддон лæгыл нымад уыд. Красныйы бын Наполеоныл дæр фæуæлахиз. 1851 азы йыл дæс æмæ æртиссæдз азæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ цыд, афтæмæй лæппухуыз, уæнгрог, цæрдæг. Йæ зонд нæ фæцудыдта: иттæг æмбаргæ уадзымыс адæймаг, зæрдæмæдзæугæ, цыргъ зонды хицау. Æрмæст уыцы зонд, йæ хицаудзинад фидарæй-фидардæр, йæхæдæг номдзыддæр æмæ кадджындæр цæмæй кодтаид, уыцырдæм арæзт уыд. Стыр мулчы хицау — йæхæдæг дæр æмæ йæ ус дæр, райгуырдæй «графиня Броницкая», уыимæ Кавказы наместник уæвгæйæ, бирæ улупа иста. Æхцатæн сæ фылдæр хай хардз кодта Хъырымы хурыскæсæны ’рдыгæй денджызы был галуантæ саразыныл. 

Изæрæй, 4 декабры 1851 азы, Кавказы наместничы галуаны раз æртæ бæхы ифтыгъд уæрдоны зыв-зыв ссыд. Фæллад, рыгæйдзаг афицер инæлар Козловскийæ гæххæтт æрбахæццæ кодта Хаджи-Мураты рацыды тыххæй уырысмæ æмæ, йе ’ндзыг къæхтæ рæстытæгæнгæ, хъалагъурты фæрсты бахызт Кавказы сæрдары галуаны уæрæх къæсæрыл. Æмбисбонæй æхсæз сахаты рацыдаид, афтæ Ворондовæн, раст сихор хæрын афон, базонын кодтой къулеры æрбацыд. Воронцов æнæбафæстиатæй уыцы сахат къулеры йæхимæ æрбауагъта æмæ уыйадыл иукъорд минуты афæстиат æмæ сихормæ байрæджы кодта. Хæрæндон уаты хуынд уазджытæ иу-30-мæ æввахс уыдысты. Иутæ сгъолы алыварс, Воронцовы ус Елизаветæ Ксаверьевнæ сæ астæу, афтæмæй бадтысты, иннæтæ та къордгæйттæй рудзгуыты цур лæууыдысты. Воронцов куы бацыд, уæд ce ’ппæт дæр сыстадысты æмæ йæм ce ’ргом аздæхтой. Уый уыд йæ уарзон сау æфсæддон сюртучы æмæ æрдæг пъагæтты мидæг, урс крест йæ хъуырыл æфтыд, афтæмæй. Йæ даст, рувасы бырынчъыты хуызæн цæсгом худæнбылæй æмæ цъынддзастæй каст алырдæм æмбырд адæммæ. 

Воронцов фæлмæн, рог къахдзæфтæ кæнгæ тагъдгомау бацыд, æхсинтæй хатыр ракуырдта, кæй афæстиат, уый тыххæй, лæгтæн «æгас цæуат» загъта æмæ гуырдзиаг кънйазы усы, Мананæ Орбелианийы, хæрзхуыз, бæрзонд, номдзыд рæсугъд 45-аздзыд сылгоймаджы йæ цонгыл ныххæцын кодта æмæ йæ стъолмæ хæстæг бахуыдта. Кънйаз Воронцовы ус Елизаветæ Ксаверьевнæ йæ цонг радта бурхил хъæбæрхъис рихиджын инæлармæ. Гуырдзиаг кънйазы цонгыл ныххæцыд Воронцовы усы хæлар графиня Шуазель. Дохтыр Андреевский, адъютанттæ æмæ иннæтæ, чи æхсинтимæ, чи та иунæгæй дыууæ раззаг къайы фæдыл бараст сты. Лакейтæ къандзолты, цъындаты æмæ басмахъыты мидæг уазджытæн лæггад кодтой æмæ стъолмæ бандæттæ, кæм хæстæгдæр, кæм дарддæр æвæрдтой. Метрдотель21, цыма стыр хъуыддаджы бацыд, уыйау схъæларæзтæй фыцгæ æмæ тæфкалгæ бас кодта тæбæгъты æвзист басхæссæнæй. 

Воронцов даргъ стъолы фарсмæ астæуæй сбадти. Йæ бакомкоммæ æрбадти йæ ус инæларимæ. Йæ рахизфарсырдыгæй йе ’мварс уыд инæлары комкоммæ рæсугъд Мананæ Орбелиани, галиуварсырдыгæй та бадти йæ гуырдзиаг æлдары чызг, хæрзконд, гуырвидауц саулагъз, сырхуадул сылгоймаг æрттиваг дзауматы мидæг æмæ æппынæдзухæй йæ мидбылты худти. 

— Къулер цы хабæрттæ æрбахаста? — афарста Воронцовы ус йæ мойы. 

— Excellentes, chere amie!22, — къулер цы хабæрттæ æрбахаста, уый тыххæй йын йæ ус цы фарста радта, уымæн дзуапп лæвæрдта Воронцов. — Simon a eu de la chance!23

Æмæ, ce ’ппæт дæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ сын ног стыр хорз хабары кой ракодта. Раст зæгъгæйæ, Воронцовæн ног хабар нæ уыд, уымæн æмæ номдзыд æхсарджын Хаджи-Мурат, Шамилы рахиз къух, йæхи уырысмæ кæй радта, уый кой рагæй хъуысти æмæ абон-райсом Калачы кæй сæмбæлдзæн, уый йын сусæг нæ уыд. 

Стъолы цур чидæриддæр бадти, уыдон ce ’ппæт дæр, суанг лæппу фæсивæд, адъютанттæ æмæ лыстæг хицæутты онг, сæ хъæлдзæг ныхас фæуагътой, ныхъхъус сты æмæ æнувыдæй хъуыстой. 

— Ды, инæлар, уыцы Хаджи-Муратыл искуы сæмбæлдтæ? — афарста Воронцовы ус йæ сыхаг бур хъæбæрхъис рихиджын инæлары, кънйаз Воронцов ныхасгонд куы фæци, уæд. 

— Куыннæ, куыннæ, æхсин, бирæ хæттыты. 

Æмæ инæлар радзырдта, иухатт, 1843 азы, хæххон адæм уырысæй Гергебил куы байстой, уæд Хаджи-Мурат инæлар Пассечы æфсæдтимæ дзыхæвæрд куыд фæци æмæ сын сæ цæстыты раз булкъон Золотухины мæлæтдзаг куыд фæкодта, уыцы хабар. 

Воронцов инæлармæ худæнбылæй хъуыста, — æхсызгон ын уыд, кæй бахъæлдзæг, уый. Стæй æвиппайды Воронцов йæ хуыз афæлывта, йæ цæсгом фæтар æмæ ныхасмæ йæ хъус хорз нал дардта. 

Инæларæн ныхас ацайдагъ æмæ, дыккаг хатт Хаджи-Муратимæ кæм фæныхæй-ныхмæ, уый хабар ракодта. 

— Уый уыцы Хаджи-Мурат у, — загъта инæлар Воронцовæн, — хъуыды-ма йæ кæндзынæ, кънйаз, — «фервæзын кæнынмæ» цы æфсæдтæ цыдысты, уыдоны размæ чи бабадт Даргины хæсты, уый. 

— Кæм? — цъынддзастæй кæсгæйæ, ног афарста инæлары Воронцов, цыма йæ нæ бамбæрста, уыйау йæхи нæзонæг скодта. 

Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ хъæбатыр инæлар кæй кой кодта, уыцы фыдбылыз, æнамонд Даргины хæсты Воронцов хицаудзинад кодта æмæ хæрзсæфт фæкодтаид йе ’фсæдтимæ, сæ амондмæ гæсгæ сæ ног æрбацæугæ ’фсæдтæ куы нæ фервæзын кодтаиккой, уæд. Æнæзонгæ ничи уыд, Даргины хæст Воронцовы зонд æмæ уынаффæйæ кæй æрцыд æмæ, уыцы хæсты уырысы æфсæдтæ кæй фæфыдном, кæй фæхудинаг сты, уый; иукъорд сармадзаны сæ байстой æмæ сын æнæгъдау цагъд ныккодтой. Уымæ гæсгæ, Воронцовы цур исчи йæ кой куы кæна, уæд æрмæст, Воронцов паддзахæн хъуыддаг цы хуызы бавдыста, уыцы ’гъдауæй: цыма уырысы æфсæдтæ тынг фесгуыхтысты æмæ сæхицæн стыр ном, стыр кад æмæ цæсгом скодтой, уыйау. Афтæмæй та, стыр рæдыд хъуыддаг кæй уыд, бирæ адæм дзы кæй фесæфт, уый æцæгдзинад уыд. Ce ’ппæт дæр бамбæрстой, инæлары ныхæстæ цæмæ цыдысты, уый, фæлæ сæ цыма не ’мбæрстой, уыйау иуæй-иутæ сæхи нæзонæг скодтой, иннæтæ та хорзау нал фесты æмæ, ныхас цæмæ атыхсдзæн, уымæ æнхъæлмæ кастысты. Иуæй-иутæ та сæхинымæры бахудтысты æмæ аивæй кæрæдзимæ бакастысты. Æрмæст бурхил хъæбæрхъис рихиджын инæлар ницы бамбæрста æмæ йæ зæрдæйы фæндоныл ныхас кодта. 

Æмæ инæлар сæрæй бынмæ лыстæгæй радзырдта, Хаджи-Мурат уырысы æфсæдты хъазæгау æнцонæй дыууæ дихы куыд фæкодта æмæ сын алæмæты цагъд куыд ныккодтаид, афойнадыл ног æфсæдтæ куы не ’рбахæццæ уыдаиккой, æмæ сæ уыдон куы нæ фервæзын кодтаиккой, уæд, уымæн æмæ... 

Инæлар йæ ныхас конд нæ фæци, Мананæ Орбелиани хъуыддаг бамбæрста, йæ ныхас ын айста æмæ йæ рафæрс-бафæрс кæнын байдыдта йæ цæрæнбынаты, йæ фадæтты тыххæй Калачы. Инæлар фæджихау, адæмыл йæ цæст ахаста кæрæй-кæронмæ, суанг йæ адъютанты онг. 

Йæ адъютант стъолæн йæ иннæ кæроны ’рдыгæй бадти æмæ йæм æдзынæг каст, кæд мæ мæ цæстæнгасæй бамбарид, зæгъгæ. Куыддæр кæрæдзимæ фемдзаст сты, афтæ йæ инæлар уайтагъд бамбæрста. Кънйаз Мананæ Орбелианийæн дзуапп нал радта, йæ цæсгом фæтар кодта, йæ дзыхæй дзырд нал схауд æмæ тагъд-тагъд хæлæфæй, æнæууилгæйæ хæрыныл ралæууыд, йæ разы тæбæгъы цы æнахуыр буц хæринаг уыд, ууыл. Хуызæй дæр æмæ адæй дæр ахæм хæринаг никуы федта æмæ, цы мæрддаг уыди, уымæн æмбаргæ дæр ницы бакодта. 

Ce ’ппæт дæр фефсæрмыгомау сты, фæлæ, Воронцовы усы комкоммæ стъолæн иннæ фарсы ’рдыгæй цы гуырдзиаг кънйаз бадт, уый сæ бахъæлдзæг кодта. Хæрз æдылы, фæлитой, козбау, гæдывад уæвгæйæ, диссаг дæсны уыд зæгъынмæ, зæрдæлхæнæн гæдымитæм, былæлгъты ныхæстæм æмæ стыр адæмы æхсæн йæхи дарынмæ. Цыма ницы бамбæрста, уыйау хъæрæй дзурын байдыдта, Хаджи-Мурат Ахмет-Хан Мехтулинскийы идæдз усы куыд аскъæфта, уый хабæрттæ: 

— Æхсæвыгон хъæуы смидæг, фæлæбурдта, цы йæ хъуыд, уымæ æмæ фæстæмæ йе ’мбæлттимæ афардæг. 

— Æмæ уæддæр усмæ цæмæн бахъавыд, цæмæн æй хъуыд? — афарста йæ Воронцовы ус. 

— Йæ моймæ йын знаг уыд, йæ фæдыл зылд, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд, фадат ран ыл никуы сæмбæлд æмæ йæ маст, ханы мæлæты фæстæ, йæ идæдз усæй райста. 

Воронцовы ус уыцы хабар радзырдта францусагау йæ зæронд лымæн ус графиня Шуазелæн, гуырдзиаг кънйазы цур чи бадти, уымæн. 

— Мæ бындур ныззылд, уый та куыд! — йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ, йæ сæр тилгæйæ, загъта графиня Шуазель. 

— На-а, — загъта Воронцов худæнбылæй, — æз куыд фехъуыстон, уымæ гæсгæ Хаджи-Мурат йæ уацайрагæн стыр хорз æгъдау лæвæрдта, уæздан лæгæн куыд æмбæлы, афтæ, стæй йæ суæгъд кодта. 

— О, фæстæмæ йæ балхæдтой. 

— Æнæуый та уæдæ куыд, фæлæ уæддæр уæздан ми бакодта. 

Уыцы ныхасмæ гæсгæ уазджытæ бамбæрстой, дарддæр цы æмæ куыд дзурын хъæуы Хаджи-Мураты тыххæй, уый. Цас кадджындæр æмæ бæрзонддæр кæной Хаджи-Мураты, уыйас Воронцовæн æхсызгондæр кæй уыдзæн, уый. 

— Стыр æхсарджын æмæ зæрдæджын адæймаг у! Диссаг у, диссаг. Æвзыгъд, алыпп адæймаг! 

— Куыннæ у, куыннæ, 49-æм азы бон-сихорафон Темир-Хан-Шурамæ бабырста æмæ дуканитæ фæхаста. 

Стъолы кæрон цы сомихаг бадти, уый уыцы рæстæджы Темир-Хан-Шурайы уыд æмæ сын сæрæй бынмæ лыстæгæй радзырдта Хаджи-Мураты сгуыхт лæбурды хабар. Иу цыбыр ныхасæй, сихорыл Хаджи-Мураты койы йеддæмæ æндæр кой нал уыд. Æз дзы исты зæгъоныл сысты. Ce ’ппæт дæр кæрæдзи дзырд истой æмæ æвдыстой Хаджи-Мураты хъæбатырдзинад, зонд æмæ уæздандзинад. Чидæр, 26 уацайраджы куыд амарын кодта, уый хабар ракодта, фæлæ йын уый дæр хорздзинадыл банымадтой. 

— Æмæ уæдæ куыд, хæсты ахæм хъуыддæгтæй фылдæр цы ’рцæуы! 

— A la guerre, comme al la guerre!24 

— Стыр лæг y, раст зæгъын хъæуы. 

— Цæвиттон, Европæйы куы райгуырдаид, уæд, чи зоны, æмæ дыккаг Наполеон уыдаид, — загъта æдылысæр гуырдзиаг кънйаз. Козбау бакæнынмæ уымæн æмбал нæ уыд, — Хуыцауæй лæвæрд ын уыд. 

Наполеоны кæй басаста, уый тыххæй Воронцов хъуырыфтаугæ крест райста, æмæ уымæ гæсгæ гуырдзиаг кънйаз тынг хорз зыдта, Воронцовæн Наполеоны кой иттæг æхсызгон кæй уыдзæн, æмæ йын уымæй йæ зæрдæ алхæдта. 

— Наполеон ма фæуæд, фæлæ дзы тынг сахъ бæхджын инæлар уæддæр рауадаид, — загъта Воронцов. 

— Уæд та Наполены бæсты Мюрат. 

— Хаджи-Мурат кæм рацыд, уым Шамилыл дæр мæгуыры бон бакодта, йæ бонтæ нымад сты, — загъта чидæр. 

— Ныр сæм («ныр» — ома Воронцовы рæстæджы) бахъардзæн, кæй ницыуал скæндзысты, уый, — загъта æндæр чидæр. 

— Tout cela est grace a vous!25, — загъта Мананæ Орбелиани францусагау. 

Козбауы фæйлауæнты бын куы фæуа, уымæй тæрсгæйæ сæ Воронцов йæхæдæг уромын байдыдта. Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн нæй, фæлæ йын уыцы козбаудзинæдтæ æхсызгон кæй уыдысты, уый æцæгдзинад уыд: фæсхæрд тынг хъæлдзæгæй æмæ разыйæ йе ’хсин Орбелианиимæ уазæгдонмæ араст. 

Фæссихор кофе рахастой, Воронцов уазджытæм лæгъздæр дзыхыуаг æруагъта, уæлдай хуыздæр сæ барæвдыдта. Сырх хъæбæрхъис рихиджын инæлармæ йæхи баласта æмæ йын, йемæ ныхас кæнгæйæ, æмбарын кодта, цыма цæмæй фефсæрмы, уый йын нæ бамбæрста, уыйау. 

Уазджытыл ce ’ппæтыл дæр куы азылд, уæд къамæй хъазыныл æрбадт. Воронцов уарзта æрмæст зæронд хъазт, «лом бер», зæгъгæ, — афтæ йæ хуыдтой уыцы хъазт. Йе ’мхъазджытæ уыдысты: гуырдзиаг кънйаз, сомихаг инæлар, камердинерæй чи базыдта уыцы хъазты æгъдау, ахæм æмæ, цыппæрæймаг, номдзыд, дзырддзæугæ æмæ бæрнджын дохтыр Андреевский. 

Воронцов йæ цуры сыгъзæрин тамакодон æрæвæрдта, йæ уæлæ паддзах Александр I ныв фыст кæмæн уыд, ахæм, — атлас къамтæ райхæлдта æмæ сæ ахæлиу кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ камердинер, италиаг Джовани, æвзист цайхæссæн тæбæгъы æвæрдæй писмо æрбахаста. 

— Дыккаг къулер та æрбахæццæ, кънйаз. 

Воронцов къамтæ æрæвæрдта, йе ’мхъазой æмбæлттæй хатыр ракуырдта, писмо райхæлдта æмæ йæ кæсын байдыдта. 

Писмо уыд йæ фыртæй. Уый фыста Хаджи-Мураты рацыды тыххæй æмæ, Меллер-Закомельскиимæ уый сæраппонд куыд абыцæу сты, уыцы хабæрттæ. 

Йæ ус æм бацыд æмæ йæ афарста, сæ фырт цы фыссы, уый тыххæй. 

— Уый дæр Хаджи-Мураты тыххæй. Il a eu quelques desagrements avec le commandant de la place. Simon a eu tort. But ‘All’s well that ends well26, — загъта Воронцов, йæ усмæ писмо дæтгæйæ. Стæй йæм рухс цæсгомæй æмæ зæрдæлхæнæн цæстæнгасæй æнхъæлмæ чи каст, уыцы æмхъазой æмбæлттæн къамтæ сисыны бар радта. 

Фыццаг хатт къамтæ куы райуæрстой, уæд Воронцов тамакодон байгом кодта, йе ’нцъылдтæ урс къухы уырзтæй францусаг тамакойы тæпп систа, йæ фындзмæ йæ схаста æмæ йæ акалдта. Афтæ кодта Воронцов кæддæриддæр, йæ уагыл, йæ зæрдæйы дзæбæхыл-иу куы уыд, уæд. 

 

X
 

Дыккаг бон Хаджи-Мурат Воронцовмæ бацыд. Фæлæууæн уаты адæмæй базмæлæн нæ уыд. Уым уыд зноны инæлар йæ хъæбæрхъис рихитимæ бæрæгбонарæзтæй æд хæрзиуджытæ, — Воронцовæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыд. Уым уыд иу полчъы хицау, йæ хъуыддаг тæрхондонмæ кæмæн цыд полчъы мулчы давды тыххæй, ахæм. Уым уыд иу сомихаг бонджын лæг, дохтыр Андреевский йæ арм кæуыл дардта. Арахъхъ уæй кæныны бар уый къухы уыд, æмæ та йæ ныр ногæй райсынмæ хъавыд. Уым уыд саударæг идæдз, йæ афицер мой хæсты кæмæн фæмард, ахæм; йæ цыды сæр уыд пенси райсын кæнæ йæ сывæллæтты паддзахады хардзæй искæдæм раттын. Уым уыд, йæ бынтæ чи смарзта, ахæм арæзт гуырдзиаг æлдар рæсугъд гуырдзиаг дарæсы мидæг, аргъуаны уæгъд зæххытæй ма истæуыл цæмæй фæхæст уыдаид, ууыл чи зылд. Уым уыд иу пъырыстыф гæххæттыты тыхтонимæ, тыхтоны та уыди, Кавказы куыд басæттын хъæуы, уый тыххæй ног уынаффæтæ фыст. Уым уыд иу хан, æз дæр Воронцовмæ уыдтæн, зæгъгæ, уый ацыд æнæ хъуыддагæй, æрмæст разагъды хи раппæлыны тыххæй. 

Алчидæр дзы йæ радмæ æнхъæлмæ каст. Рæсугъд ирд бурхил лæппулæг адъютант адæмы иугай, иу иннæйы фæдыл Воронцовы кусæнуатмæ хуыдта. 

Фæлæууæн уаты цырд лæппуйы цыдæй, зына-нæзына чиугæйæ, Хаджи-Мурат æрбалæууыд. Адæм иууылдæр сæ каст уымæ скодтой æмæ хъус-хъусы дзырдтой Хаджи-Мураты ном. 

Хаджи-Мурат уыд даргъ урс цухъхъа æмæ нарæг æвзист хæрдгæбыдтæй арæзт æфцæгготджын морæ куырæты мидæг. Йæ фадыварц — сæрак сау зæнгæйттæ æмæ æнгом, æрмкъухты хуызæн, сæрак дзабыртæ. Йæ сæрыл уæлдзарм худ æд сарыхъ, инæлар Клюгенау Хаджи-Мураты Ахмет-Ханы нымыгъдæй цæй тыххæй æрцахста æмæ Шамилы къухмæ йæхи цæй тыххæй радта, уыцы сарыхъ. 

Хаджи-Муратæн йæ иу къах иннæмæй гыццыл цыбырдæр кæй уыд, уыйадыл узгæ цыд кодта фæлæууæн уаты паркетджын пъолыл, йæ нарæг астæу чысыл ратас-батас кæнгæйæ. Кæрæдзимæ дард æвæрд цæстытæ æдæрсгæ кастысты размæ, цыма никæй уыдтой, уый хуызæн. 

Рæсугъд адъютант Хаджи-Муратæн йæ къух райста æмæ йæ бадын кæнын кодта, цалынмæ йе ’рбацыды хабар кънйазæн базонын кæна, уалынмæ. Фæлæ Хаджи-Мурат не сбадт. Йæ къух хъамайы чъима босыл æрæвæрдта, йæ гуыры уæз йæ иу къахыл æруагъта, иннæ чысыл раздæр байста æмæ йæ алфамбылай адæммæ æнæрвæссон, сæрыстыр цæстæнгасæй каст. 

Тæлмацгæнæг, кънйаз Тарханы-фырт, Хаджи-Муратмæ йæхи хæстæг баласта æмæ йемæ ныхас кæнын байдыдта. Хаджи-Мурат ын æвæндонæй цыбыр дзуапп лæвæрдта. Воронцовы кусæнуатæй рацыд иу хъуымыхъхъаг кънйаз, пъырыстыфыл хъаст чи бахаста, ахæм. Уымæн йæ хæд фæстæ адъютант Хаджи-Муратмæ басидт, Воронцовы кусæнуаты дуармæ йæ бакодта æмæ йæ мидæмæ разæй бауагъта. 

Воронцов, стъолы уæлхъус лæугæйæ, æгасцуай загъта Хаджи-Муратæн. Кавказы æфсæдты сæйраг хицауы зæронд урс цæсгом зноны хуызæн фæлмас æмæ хъæлдзæг нал уыд, фæлæ тардæр æмæ карздæр. 

Воронцовы стыр, уæрæх кусæнуаты уыд дынджыр даргъ æмæ уæрæх стъол. Йæ бæрзонд рудзгуытыл уыд кæрдæгхуыз æмбæрзæнтæ ауыгъд. Хаджи-Мурат куыддæр бацыд, афтæ йæ хурсыгъд чысыл къухтæ йæ риуыл йæ урс цухъхъайыл дзуарæвæрд æркодта æмæ, зæхмæ кæсгæйæ, хъуымыхъхъагау загъта: 

— Мæхи кæнын стыр паддзах æмæ дæ уазæг. Дзырд дæттын урс паддзахæн æнæзæрдæхудтæй, мæ уд амæлыны онг бакусыныл. Ныфс мæм ис, нæ иумæйаг знаг Шамилимæ уын хæсты мидæг æнæпайда кæй нæ уыдзынæн. 

Тæлмацгæнæг куы байхъуыста, уæд Воронцов Хаджи-Муратмæ бакаст, Хаджи-Мурат та Воронцовмæ. 

Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн нæй, фæзæгъынц, фæлæ уыцы дыууæ лæджы сæ кæрæдзимæ куы фемдзаст сты, уæд цæстæнгасæй бирæ цыдæртæ загътой кæрæдзийæн. Дзыхæй сын зæгъæн нæ уыд, фæлæ тæлмацгæнæджы ныхæстæ æмæ сæ зæрдæйы хъуыдытæ кæрæдзимæ тынг дард уыдысты. Сæ дыууæ дæр æнæ уæлæмæ дзургæйæ кæрæдзийæн æцæгдзинад раст топпы фаты хуызæн æргом загътой. Воронцовы цæстытæ дзырдтой: Хаджи-Мураты дзыхæй цы ныхæстæ ссыди, уыдонæй иуыл дæр не ’ууæндын. Зоны тынг хорз, Хаджи-Мурат уырысæн знаг кæй у, йе сæфт сæ кæй уыны, кæй сæ нæ уарзы, нырæй фæстæмæ дæр сын знагæй кæй баззайдзæн, стæй йæхи мах уазæг дæр барвæндонæй кæй нæ кæны, фæлæ йын æндæр хуыздæр амал, æндæр хуыздæр фадат кæй нæй, уый. Æцæг афтæ кæй у, уый Хаджи-Мурат дæр тынг хорз æмбæрста, фæлæ уæддæр тыхджынæй æвдыста, уырысы тыххæй цы нæ бакæндзæн йæ уд амæлыны онг, уый. Хаджи-Мураты цæстытæ та дзырдтой: ацы зæронд хæррæгъы, йæ ингæны былыл лæугæйæ, адзалы мæт кæнын хъæуы, уый та ма хæсты кой кæны. Фæлæ кæд зæронд у, уæддæр ыл æууæндын нæ хъæуы, хи дзы хъахъхъæнын хъæуы. Хаджи-Мураты хъуыдытæ топпы фаты хуызæн раст кæй уыдысты, уый Воронцов дæр хорз æмбæрста, фæлæ уæддæр Шамилы басæттынæн цы хуыздæр амæлттæ ис, уыдæттæ Хаджи-Муратæн дзырдта. 

— Зæгъ ын, — загъта Воронцов, — нæ паддзах тыхджын куыд у, тæригъæдгæнаг æмæ хатыргæнаг дæр афтæ y æмæ, æвæццæгæн, æз куы ракурон, уæд ын бахатыр кæндзæн æмæ йæ паддзахады куысты сæвæрдзæн. Загътай йын? — афарста Воронцов тæлмацгæнæджы, Хаджи-Муратмæ кæсгæйæ. — Цалынмæ мыл мæ паддзахы уынаффæ сæмбæла, уалынмæ, — афтæ йын зæгъ, æз æй ме уазæг кæнын æмæ йæ цардæй разы куыд уа, афтæ йын æй сараздзынæн. 

Хаджи-Мурат та йæ риуыл йæ къух авæрдта æмæ хъæлдзæгдæрæй цыдæртæ загъта. 

— Уый зæгъы, — загъта тæлмацгæнæг, — раздæр, 1839 азы, Аварæн хицауиуæг куы кодта, уæддæр æнæсайдæй, зæрдиагæй куыста уырысæн æмæ сыл гадзрахатæй никæд бон рацыдаид, йе стыр знаг Ахмет-Ханы фыдбылыз куы нæ уыдаид, уæд. Ахмет-Хан æм къухгæнæн кодта, фесафынмæ йæ хъавыд æмæ йыл инæлар Клюгенаумæ æвзæгтæ фæхаста, цы уыд, цы нæ уыд, уыдæттæ йыл фæмысыд. 

— Зонын, зонын (кæд сæ зыдта, уæддæр сæ раджы ферох кодтаид). Зонын, — загъта Воронцов, йæхæдæг æрбадт æмæ Хаджи-Муратæн йæ къухæй къулæнцой тъахтинмæ ацамыдта, ома, сбад, зæгъгæ. Фæлæ Хаджи-Мурат не сбадти, загъта: ахæм стыр лæджы цур æм алæууын хуыздæр кæсы, зæгъгæ. 

— Ахмет-Хан æмæ Шамил, сæ дыууæ дæр ме знæгтæ сты, — тæлмацгæнæгмæ кæсгæйæ байдыдта дзурын Хаджи-Мурат... — Афтæ йын зæгъ кънйазæн: Ахмет-Хан амард, мæ цæст ыл никуы æрхæцыд æмæ дзы уымæ гæсгæ мæ маст сисын нæ бафæрæзтон, фæлæ ма Шамил цардæгас y æмæ мын додой йæ сæр кæны, æнæ мæ уд амæлгæ нæ ныууадздзынæн, цалынмæ дзы мæ маст сисон, уалынмæ! — Хаджи-Мурат йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ йе ’фсæртæ æрбалвæста. 

— Афтæ, афтæ, — сабыргай сдзырдта Воронцов. — Уæддæр, куыд æгъдауæй райсынмæ хъавы Шамилæй йæ маст? — загъта та Воронцов тæлмацгæнæгæн. — Зæгъ ын: сбадыны бар ын ис. 

Хаджи-Мурат уæддæр не сбадти æмæ йæ цæмæй фарста, уымæн ын дзуапп радта: йæ рацыды сæр уыд уырысæн баххуыс кæнын æмæ Шамилы ныппырх кæнын, йæ кой, йæ хъæр дæр куыннæуал уа, афтæ. 

— Хорз, хорз. Уый, чи бæззы, уый у. Æмæ цы бакæнынмæ хъавы уæддæр? Бадгæ скæн, бадгæ. 

Хаджи-Мурат сбадти æмæ загъта: хъуымыхъхъы бæстæйы æфсæдтæ кæм бадынц, уырдæм æй куы арвитой æмæ йын æфсæдтæ куы радтой, уæд дзырд дæтты, æгас Дагъистаны самидин æмæ сызмæлын кæндзæн, æмæ Шамилæн уым фæлæууæн нал уыдзæн. 

— Уый бæззы. Уый бакæндзыстæм, — загъта Воронцов. — Æз ахъуыды кæндзынæн. 

Тæлмацгæнæг радзырдта Хаджи-Муратæн Воронцовы ныхæстæ. Хаджи-Мурат исдуг хъуыдытыл фæци. 

— Афтæ зæгъ сæрдарæн, — загъта ноджы Хаджи-Мурат, — мæ бинонтæ ме знаджы къухы сты æмæ, цалынмæ мæ бинонтæ хохы уой, уалынмæ мæ къухтæ баст сты æмæ исты бакæнын мæ бон нæу. Æргом йæ ныхмæ куы ныллæууон, уæд мын амардзæн мæ усы, амардзæн мæ мады, амардзæн мæ сывæллæтты. Кънйаз мын æрмæст мæ бинонты фервæзын кæнæд, уацайрæгтæй сæ баивæд, æмæ уый фæстæ æз кæнæ мæлгæ акæндзынæн, кæнæ æз лæгæн райгуырынæн нæ бæззыдтæн, Шамилæн йæ бындурæй рухс куы нæ суадзон æмæ йæ куы нæ ныппырх кæнон, уæд. 

— Хорз, хорз, — загъта Воронцов. — Уыдæтты тыххæй ахъуыды кæндзыстæм. Ныр у, æмæ уал штабы хицаумæ ацæуæд æмæ йын лыстæгæй, бæстон радзурæд йæ хъуыддæгтæ, йæ уынаффæтæ æмæ йæ фæндонтæ. 

Уыцы æгъдауæй ахицæн Хаджи-Муратæн Воронцовимæ йæ фыццаг сæмбæлд. 

Уыцы бон изæрæй, хурыскæсæны ’рдыгæй цæрæг адæмы цардыуагыл арæзт ног театры италиаг оперæ хъазыдысты. Воронцов бадти йæ бадæны27. Партерты28 мидæг фæзынд къуылых Хаджи-Мураты зынгæ сурæт æд сарыхъ. Хаджи-Мурат æрбацыд Воронцовы адъютант Лорис-Меликовимæ æмæ раззаг рæнхъыл бынат бацахста. Хохаг æмæ хурыскæсæны ’рдыгæй цæрæг адæмæн куыд æмбæлы, афтæ йæхи сæрыстыр, аив æмæ рæсугъд дардта, цымыдис лæгау дис ницæуыл кодта, цыма йын ахæм хъуыддæгтæ æнахуыр нæ уыдысты, уый хуызæн. Фыццаг æвдысты фæуынмæ фæбадт, стæй сыстад, рацыд сабыргай, аивæй адæмыл йæ цæст ахаста æмæ сæ йæхимæ æркæсын кодта. 

Уымæн йæ дыккаг бон уыд къуырисæр. Воронцовмæ йæ царды æгъдау, йæ царды арæзтмæ гæсгæ кæддæриддæр уыцы бон хъазтизæр уыд. Сæнт рухс стыр уаты (залы) мидæг, зымæгон цæхæрадоны, æнæ уæлæмæ зынгæйæ хъазыд музыкæ. Чызг-устытæ æмæ ас ацæргæ сылгоймæгтæ гом хъуыртæ, цæнгтæ æмæ æххæлæгæттимæ зырнау зылдысты, æрттиваг мундиртæй арæзт лæгты хъæбысты кафгæйæ. Дзаг буфеты уæлхъус лакейтæ сырх фракты, цъындаты æмæ басмахъты мидæг шампайнаг сæн нуазæнты кодтой æмæ къафеттæ хастой æхсинтæн. Воронцовы ус, ацæргæ адæймаг уæвгæйæ, иннæ сылгоймæгты хуызæн æрдæгбæгънæгæй рацу-бацу кодта уазджыты æхсæн æмæ сæм каст зæрдæлхæнæн худæндзастæй. Хаджи-Муратмæ бацыд æмæ йын иукъорд лæгъз ныхасы загъта. Хаджи-Мурат знон театры йæхи куыд рæсугъд, аив дардта, афтæ ныр дæр æнцад, æнæдисгæнгæйæ уазджытæм ракæс-бакæс кодта. Хæдзары æфсины фæстæ иннæ сылгоймæгтæ дæр гом риуæй иугай-дыгай цыдысты, æфсæрмы дзы, мыййаг, нæ кодтой сæ гом тæрттæй, йæ цуры-иу алæууыдысты æмæ иу æй худæнбылæй афарстой уыцы иу æгъдауыл ce ’ппæт дæр: куыд æм кæсы, цы уыны, уый, йæ зæрдæмæ цæуынц не ’гъдæуттæ æви нæ? Воронцов дæр йæхæдæг сыгъзæрин пъагæтты æмæ аксельбантты мидæг, хъуырыфтаугæ урс крест йæ уæлæ, инæлары лент йе ’фцæджы, афтæмæй Хаджи-Муратмæ бацыд æмæ йæ уый дæр, иннæтæ цæмæй фарстой, уымæй афарста. Афтæ æнхъæлдта, ce ’гъдæуттæ Хаджи-Мураты зæрдæмæ æнæ бацæугæ нæ фæуыдзысты. Хаджи-Мурат иннæтæн цы дзуапп радта, Воронцовæн дæр уыцы дзуапп радта: махмæ ахæм æгъдæуттæ нæй, фæлæ сæм уыцы æгъдæуттæ кæй нæй, уый хуыздæр y — фыддæр у, уый кой сын нæ кодта, уый сын не ’мбарын кодта. 

Уыцы хъазтизæры Хаджи-Мурат йæхинымæр Воронцовимæ йæ бинонты балхæныны тыххæй аныхас кæнынмæ хъавыд æмæ йын куы ской кодта, уæд Воронцов, цыма йын йæ ныхас. нæ фехъуыста, уыйау йæхи скодта æмæ йæхи айста. Уый фæстæ йын Лорис-Меликов бамбарын кодта, ацы ран хъуыддаджы тыххæй ныхас кæнын æгъдауы нæ цæуы, зæгъгæ. 

Сахат 11 цæфы куы ныккодта, уæд Хаджи-Мурат, Мария Васильевнæ йын цы сахат ралæвар кодта, уымæ æркаст æмæ Лорис-Меликовы афарста: «Ацæуын исты аипп, мыййаг, уыдзæн?» Лорис-Меликов ын загъта: «Аипп нæ уыдзæн, фæлæ хуыздæр уаид, куы баззадаис, уæд». 

Хаджи-Мурат уæддæр нал баззад æмæ йæ файтоны йæ фатермæ адзæхст ласта. 

 

XI
 

Хаджи-Мурат Калачы йе ’рцыдæй фæстæмæ цыппар боны ацард. Фæндзæм бон æм Воронцовы фæдзæхстмæ гæсгæ йæ адъютант Лорис-Меликов бацыд. 

— Мæ сæрæй мæ къæхтæм мæ уд йæ фæхъхъау нæ сæрдарæн, уый тыххæй цы нæ бакæндзынæн, ахæм нæй, — загъта Хаджи-Мурат аивæй, уадзымыс лæгæн куыд æмбæлы, афтæ, йæ сæрæй йын акуывта æмæ къух йæ риуыл авæрдта. — Зæгъ, цæттæ дæн, — загъта та Хаджи-Мурат лæгъз дзыхæй, Лорис-Меликовæн йæ цæсгоммæ фæлмæн, рæвдауæн цæстæнгасæй кæсгæйæ. 

Лорис-Меликов стъолы раз къæлæтджын фæлмæн бандоныл æрбадти. Хаджи-Мурат йæ комкоммæ йæхи ныллæг тъахтиныл æруагъта, йæ къухтæ йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ æнувыдæй хъусын байдыдта Лорис-Меликовы ныхæстæм. Лорис-Меликов тæтæйрагау дæсны уыд æмæ уыцы æвзагæй йемæ дзурын байдыдта. 

— Кънйаз, — загъта Лорис-Меликов, — зоны Хаджи-Мураты хабæрттæ æмæ хъуыддæгтæ, фæлæ йæ уæддæр фæнды Хаджи-Муратæн йæхи дзыхæй фехъусын йæ царды уацхъуыдтæ. 

— Ды мын сæ радзур, — загъта та Лорис-Меликов, — æз сæ ныффысдзынæн, уырыссаг æвзагмæ сæ раивдзынæн æмæ сæ кънйаз паддзахмæ арвитдзæн. 

Хаджи-Мурат исдуг ныхъхъус. Ахæм æгъдау æм уыд æмæ, цæвиттон, адæймаг исты ныхас кæны, уæд ын йæ ныхас ницæй тыххæй фæлыг кодтаид, фæлæ-иу æм кæддæриддæр кæронмæ байхъуыстаид, стæй-иу ныхасгонд куы фæци, уæддæр ма йæм исдуг банхъæлмæ кастаид, кæд ма, мыййаг, исты дзуринаг у, зæгъгæ. Хаджи-Мурат йæ сæр схъил кодта, сæры фезмæлдæй йæ худ йæ къæбутыл авæрдта, йæ мидбылты бахудт, Мария Васильевнæйы зæрдæ цæмæй балхæдта, уыцы зæрдæмæдзæугæ æнахуыр, адджын сабийы худтæй. 

— Уый дын мæ быгъдуан, — загъта Хаджи-Мурат хъæлдзæгæй, æвæццæгæн ын Лорис-Меликов йæ зæрдæ балхæдта, йæ царды хабæрттæ йын паддзах кæй бакæсдзæн, уымæй. 

— Радзур-ма мын сæрæй бынмæ чысылгай, тагъд ма бакæ, — загъта Лорис-Меликов æмæ йæ дзыппæй гыццыл æнæфыст чиныг сласта. 

— Уый æнцон у, — загъта Хаджи-Мурат, — æрмæст мæм бирæ, иттæг бирæ радзуринæгтæ ис. Бирæ хъуыддæгты æмæ тымыгъты фæдæн. 

— Иу бон сæ куы нæ фæуай — дыккаг бон сæ радзурдзынæ, — загъта Лорис-Меликов. 

— Йæ сæрæй байдайон? 

— О, о, йæ тæккæ райдианæй — кæм райгуырдтæ, кæм цардтæ. 

Хаджи-Мурат зæхмæ ныккаст æмæ иудзæвгар афтæмæй фæбадти. Стæй тъахтины цурæй къæцæл систа, йæ хъамайы фарсæй болатæндонæй конд чысыл кард сласта — пылыстæг фистонджын сыгъзæринæй арæзт, цыргъ сæрдасæны хуызæн — æмæ, къæцæл амайгæйæ, ныхас кæнын байдыдта: 

— Ныффысс: райгуырдтæн Цельмесы, чысыл хæрæджы сæры йас хъæуы мидæг, чысыл хъæу нæм афтæ хонынц хъæуы. Хæстæгдæр хъæу нæм уыд Хунзах. Уым цардысты хантæ. Не ’хсæн уыдаид дыууæ æхстбæрцы. Нæ хæдзары бинонтæ хантимæ дзæбæх, æнгом цардысты. Мæ мадæн мæ хистæр æфсымæр Осмæн куы райгуырд, уæд мæ мад схаста йæ дзидзийæ ханы хистæр фырт Абунунцад-Ханы, уый фæстæ та схаста æмæ схъомыл кодта ханæн йæ дыккаг фырт Умма-Ханы, фæлæ мæ дыккаг æфсымæр Ахмæт амард. Мæ мадæн æз куы райгуырдтæн, уæд та ханы усæн дæр лæппу райгуырд, Булач-Хан, зæгъгæ. Me ’фсымæр Ахмæты амарды зæрдæтахтæй æмæ азарæй мæ мады нал бафæндыд дыджызæ бацæуын ханмæ. Мæ фыд æй тыхæрвыст кодта, фæлæ мæ мад уæддæр йæхи фæнд атардта, ком нæ радта. Уый загъта: «Мæ фыртæй та æнæфырт фæуыдзынæн, мæ бон, мæ фадат нæу, нæй мын ацæуæн». Мæ фыд мæстыгæр, цыбырхъуыр, æрмæкъ адæймаг уыд, — хъыг æм фæкаст, йæ маст нал баурæдта æмæ мæ мады хъамайæ барæхуыста. Амардтаид æй, æвæццæгæн, фæлæ йæ баиргъæвтой, йæ къухтæй йын æй байстой. Афтæ, нæ мæ фæцух кодта йæхицæй, æрæджиау мыл зарæг дæр скодта. Уыдæттæ, æвæдза, ницæмæн хъæуынц. 

— Нæ, нæ, хъæуынц. Дзур сæ иууылдæр, — загъта Лорис-Меликов. 

Хаджи-Мурат исдуг хъуыдытыл фæци. Йæ мад йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ цуры йæ куыд хуыссын кодта кæрцы бын уæлхæдзары æмæ дзы куыд куырдта, йæ фарсы хъамайы цæфы нос ын цæмæй равдыстаид, уый. 

— Афтæ. Мæ мад дыджызæ цæуын нал бакуымдта, — загъта Хаджи-Мурат, — æмæ ханы ус йæхицæн æндæр дыджызæ райста, фæлæ уæддæр мæ мадыл стырзæрдæ нæ кодта — бирæ йæ уарзта. 

Нæ мад мах, йæ сывæллæтты, ханы галуантæм арæх хуыдта. Уым-иу ханы сывæллæттимæ иумæ хъазыдыстæм. Ханы ус нæ бирæ уарзта. Хицоны цæстæй нæм каст. Хантæ уыдысты æртæ: Абунунцал-Хан, ме ’фсымæр Осмæны æмцег, Умма-Хан, мæ кæнгæ æфсымæр, æмæ сæ кæстæр Булач-Хан, Шамил айнæджы былæй кæй раппæрста, уый. Уыдоны тыххæй фæстæдæр аныхас кæндзыстæм. Цыдаид мыл иу-фынддæс азы, хъæутыл мюридтæ зилын куы байдыдтой, уæд. Уыдон хъæдын æхсаргæрдтæй дуртæ хостой æмæ хъæр кодтой: «Пысылмæттæ, хазават!» Цæцæн ce ’ппæт дæр сæ фæдыл аздæхтысты, куыдфæстæмæ Авары адæм дæр цæуын байдыдтой. Æз уыцы рæстæджы цардтæн ханы галуаны. Ханимæ дыууæ æфсымæрæй уæлдай нæ уыдыстæм: цы мæ фæндыд, уый кодтон æмæ схъæздыг дæн. Бæх уæд, гæрзтæ уæд, æхца, ницæмæй хъуаг уыдтæн, алцыдæр мæм фаг уыд. Мæ зæрдæйы дзæбæхæн цардтæн, ницæй мæт мæ уыд. Афтæ æнæмæтæй цардтæн, цалынмæ Хъази-Муллайы амардтой æмæ йæ бынаты Гамзат æрбадти, уалынмæ. Гамзат баздæхт æмæ хантæм минæвæрттæ æрбарвыста: хазават куы нæ райсой, уæд Хунзахæн баззайыны мыггаг нæй, ныппырх æй кæндзынæн, дур дзы дурыл нал баззайдзæн. Ам чысыл асагъæс кæнын хъуыд. Хантæ, уырысæй тæрсгæйæ, нæ уæндыдысты хазават райсын. Ханы ус баздæхт æмæ мæн йæ дыккаг фырт Умма-Ханимæ Калакмæ арвыста уырысы сæйраг хицауæй æххуысдзинад ракурынмæ Гамзаты ныхмæ. Сæйраг хицау уыцы рæстæджы уыд барон Розен. Йæхимæ нæ нæ бауагъта мæн дæр æмæ Умма-Ханы дæр. Рарвыста нæм, баххуыс уын кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ кæнгæ ницы бакодта. Æрмæст нæм йæ афицертæ цæуын байдыдтой Умма-Ханимæ къамтæй хъазынмæ. Сæн ын нуазын кодтой, æвзæр рæттæм æй хуыдтой æмæ йын йæ бынтыл æмдзæгъд кодтой, къамæй йын сæ æмбылдтой. Домбайарæзт уыд: буарæй галы хуызæн, хъæбатыр фæранчы хуызæн, зæрдæйæ та — лæмæгъ, доны хуызæн. Йæ фæстаг муртæ — йæ бæхтæ, йæ гæрзтæ дæр амбулын кодтаид, æз æй куы нæ раластаин, уæд. Калачы куы уыдыстæм, уыцы бонæй фæстæмæ мæ хъуыдытæ æмæ мæ зæрдæ аивтон æмæ ханы усæн йæ фырттимæ дзурын байдыдтон, хазават цæмæй райстаиккой, уый. 

— Дæ зæрдæ æмæ дæ хъуыдытæ цæмæн аивтай? — бафарста йæ Лорис-Меликов. — Дæ зæрдæмæ нæ бацыдысты уырыс? 

Хаджи-Мурат исдуг ныхъхъус. 

— Нæ, нæ бацыдысты, — загъта цæхгæр Хаджи-Мурат æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта. — Ноджыдæр ма иу хъуыддаг уыд, хазават цæй фæдыл райстаиккам, ахæм. 

— Цавæр хъуыддаг уыдаид? 

— Цельмесы бын нæ дыууæ, ханимæ, æртæ мюридимæ дзыхæвæрд фестæм. Дыууæ дзы аирвæзт, æртыккаджы æз дамбацайæ амардтон. Хæстæг æм куы бацыдтæн, йæ гæрзтæ йын сисон, зæгъгæ, уæд ма удæгас уыд. Дæлейæ мæм уæлæмæ скаст. «Амардтай мæ, — загъта.— Мæнæн æнцон у. Ды дæ пысылмон лæппулæг, дæ тæккæ тыхыл, райс хазават. Хуыцауы фæндон у». 

— Гъы, æмæ цы бакодтай, райстай? 

— Нæ, нæ райстон, фæлæ сагъæсы бацыдтæн, — загъта Хаджи-Мурат æмæ дарддæр дзурын байдыдта: — Гамзат Хунзахмæ куы ’рбаввахс, уæд ын йæ размæ зæронд лæгты арвыстам æмæ сын бафæдзæхстам: разы стæм хазават райсыныл, æрмæст нæм ахуыргонд лæг æрбарвитæд, хи куыд дарын хъæуы, уыдæттæ-йедтæ нын чи бамбарын кæна, ахæм. Гамзат баздæхт æмæ зæронд лæгтæн сæ рихитæ адасын кодта, сæ фындзы бынты сын цæрдхуынчъытæ акæнын кодта æмæ сыл цæгтæ бакæнын кодта, афтæмæй сæ фæстæмæ рарвыста. Зæронд лæгтæ загътой: Гамзат разы y сихы æрбарвитыныл, хазават нын чи бамбарын кæндзæн, ахæмы; æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ ханы ус йæ кæстæр фырты фидардзинадæн куыд æрбарвита, афтæ. Ханы ус ыл баууæндыд æмæ йæ фырт Булач-Ханы Гамзатмæ арвыста. Гамзат Булач-Ханы бабуц кодта, кад æмæ йын æгъдау радта æмæ та нæм æрбарвыста, хистæр æфсымæрты дæр æм куыд барвыстаиккам, афтæ. Уый загъта: «Фæнды мæ кусын хантæн, мæ фыд куыд куыста, афтæ». Ханы ус, æдылы уæвгæйæ, хивæнд æмæ къæйных сылгоймаг уыд. Афтæ y сæ арæзт сылтæн, уæлдайдæр сын сæ бар сæхи æгъдауыл куы ауадзай, уæд. Дыууæ фырты арвитын нæ бауæндыд, фæлæ иуы, Умма-Ханы, арвыста. Æз йемæ ацыдтæн. Иу верст ма нæ хъуыдаид, афтæ мюридтæ нæ размæ рацыдысты æмæ заргæйæ нæ алфамбылай топпытæй æмæ бæхтыл хъазыдысты. Куы бахæццæ стæм, уæд Гамзат цатырæй нæ размæ рацыд. 

Умма-Ханæн йе ’гъдæнцойыл ныххæцыд æмæ йын ханы æгъдау радта. Уый загъта: «Æз уæ хæдзарæн ницы фыдбылызгæнæг уыдтæн, стæй уын амæй фæстæмæ дæр исты фыдбылыз саразын мæ зæрды нæй. Æрмæст уый курæг дæн, маргæ мæ ма акæнут æмæ мæ хъыг ма дарут адæмы хазаваты фæндагыл аразгæйæ. Æз та уын ме ’фсæдтимæ кусдзынæн, мæ фыд уæ фыдæн куыд куыста, афтæ. Уæ хæдзармæ мæ бауадзут цæрынмæ. Æз уын æххуыс кæндзынæн мæ зонд, мæ уынаффæтæй, сымахæн та уæ бар уæхи, цы уæ фæнды, уый кæнут». Умма-Хан дзыхарæхст адæймаг нæ уыд. Фæстæмæ йын дзуапп раттын нæ бафæрæзта æмæ ныхъхъус. Æз фæцырд дæн æмæ загътон: «Кæд афтæ у, уæд Гамзат Хунзахмæ æрцæ уæд; ханы ус æмæ йын хан æгъдау ратдзысты æмæ йæ кадимæ суазæг кæндзысты». Фæлæ мын мæ ныхас кæронмæ нæ ауагътой. Уыцы ран фыццаг хатт æз Шамилимæ фæныхæй-ныхмæ дæн. Шамил уым имамы уæлхъус лæууыд. «Дæу фæрсæг нæй, ханы фæрсынц», — загъта мын Шамил. Æз ныхъхъус дæн, уæдæ цы кодтаин. Гамзан Умма-Ханы цатырмæ бахуыдта. Йæ хæд фæстæ Гамзат мæнмæ басидти æмæ мæ йæ минæвæрттимæ Хунзахмæ цæуын кодта. Æз сразы дæн æмæ семæ ацыдтæн. Гамзаты минæвæрттæ дзурын байдыдтой ханы усæн, йæ хистæр фырты дæр куыд саккаг кодтаид Гамзатмæ арвитыныл, афтæ. Æз фæдызæрдыг дæн. Гадзрахатдзинад дзы кæй ис, уый мын цы бамбарын хъуыд, æмæ ханы усæн дзырдтон, йæ фырты арвитыныл цæмæй ма сразы уыдаид, уый. Фæлæ, карчы айкыл хъуын цас ис, сылгоймаджы сæры та зонд уыйбæрц ис. Ханы ус сыл баууæндыд æмæ йæ фырты цæуын кодта. Абунунцал-Хан нæ разы кодта, нæ йæ фæндыд. Уæд мад фыртæн загъта: «Тæппуд дæ, тæрсгæ кæныс». Мыдыбындзы уавæрæй уыд, — зыдта, кæм риссагдæр y æмæ кæм фæхæцын хъæуы, уый. Абунунцал-Ханæн йæ туг сфыхт, ницыуал загъта æмæ йæ бæхыл саргъ сæвæрын кодта. Æз дæр йемæ ацыдтæн, уæдæ цы кодтаин. Гамзат махæн Умма-Ханæй ноджыдæр хуыздæр æгъдау радта: сбуц, скадджын нæ кодта. Гамзат йæхæдæг дыууæ æхстбæрц дæлæмæ нæ размæ æрцыд. Йæ фæдыл цыдысты бæхджынтæ тырысатимæ: зарыдысты, топпытæй æхстой æмæ бæхтыл хъазыдысты. Бынатмæ куы бахæццæ стæм, уæд Гамзат ханы йæ цатырмæ бахуыдта, æз та æдде бæхтимæ баззадтæн. Уалынджы Гамзаты цатырæй топпы гæрæхтæ фæцыд. Æз уыцы сахат дæле къæдзæхы аууон лæууыдтæн. Гæрæхтæм цатырмæ базгъордтон. Умма-Хан, дæлгоммæ хуысгæйæ, бæгъдулæнтæ кодта йæ туджы кулы, Абунунцал-Хан та мюридтимæ тох кодта. Йæ уадулы æрдæг ын ахауын кодтой, æмæ дæлæмæ зæбулæй лæууыд. Уый иу къухæй йæ уадулыл фæхæцыд, иннæмæй та; æввахс æм чи цыд, уыдон хъамайæ цъыччытæ ласта. Мæ цæстыты раз Гамзаты æфсымæры уыцы иу цæфæй хъамайæ фæмард кодта, иннæмæ дæр ма куыд хъавыд, афтæ йыл мюридтæ топпытæй ныккалдтой, æмæ ахауди. 

Хаджи-Мурат ныхъхъус. Йæ хурæйсыгъд цæсгом фæсырх, æмæ цæстытæ тугæй айдзаг сты. 

— Гæдыныхас худинаг у: тас мæ бацыд æмæ лидзынмæ фæдæн. 

— Уый та куыд? — загъта Лорис-Меликов. — Æз та афтæ æнхъæлдтон, ды никуы ницæмæй фæтарстæ. 

— Уæдæй фæстæмæ, бæгуыдæр, никуы. Уæдæй ардæм уыцы худинаг мæ зæрдæйæ нæ цух кодта æмæ-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд-иу ницæмæйуал тарстæн. 

 

XII
 

— Ныр æгъгъæд фæуæд. Бакувын хъæуы, — загъта Хаджи-Мурат, йæ риуы мидæггаг дзыппæй Воронцовы лæвар брегет-сахат сласта, арæхстгай йын йæ хъандзал балхъывта, йæ сæр æм иуварсырдæм æркъул кодта æмæ, хинымæры худгæйæ, сахатмæ хъуыста. Сахат дыууадæс æмæ иу цыппæрæймаг хай цæф ныккодта. 

— Кунак Воронцов пешкеш29, — худæнбылæй загъта Хаджи-Мурат. 

— Стыр хæзна сахат у, — загъта Лорис-Меликов. — Цæй, уæдæ, ды уал бакув, æз дæм банхъæлмæ кæсдзынæн. 

Лорис-Меликов иунæгæй куы баззад, уæд Хаджи-Мураты ныхæстæй æхсызгондæр чи хъуыд, уыдон йæ чиныджы фæфыста, стæй бапъироз ссыгъта æмæ уаты мидæг дыууæрдæм рацу-бацу кæнын байдыдта. Хаджи-Муратæн йæ хуыссæнуаты бакомкоммæ дыккаг уаты дуармæ хæстæг куы бацыд, уæд мидæгæй адæмы дзурын фехъуыста: тæтæйрагау рог-рог хъæлдзæгæй цæйдæр тыххæй зæрдиаг ныхæстæ кодтой. Лорис-Меликов бамбæрста, уыдон Хаджи-Мураты мюридтæ кæй уыдысты, уый. Дуар байгом кодта æмæ сæм мидæмæ бацыд. 

Хохаг адæм куыд тæф кæнынц, афтæ уат куыддæр туаг, цæрмтты смаг кодта. Зæххы нымæтыл, рудзынджы цур бадт зылындзаст бурхил Гамзало скъуыдтæ сойæдзаг куырæты мидæг æмæ идон æлхынцъытæ кодта. Лорис-Меликовы агъоммæ Гамзало йæ фæсус, хъæрасæст хъæлæсæй цæйдæр тыххæй зæрдиаг ныхæстæ кодта, фæлæ, Лорис-Меликовы æрбацæйцæугæ куы ауыдта, уæд йæ ныхас фауагъта æмæ, цыма ничи æрбацыд, уыйау йæ куысты кой кодта. Йæ бакомкоммæ лæууыд хъæлдзæг Хан-Магома, йæ сау æнæцæстыхау цæстытæй æрттивгæйæ æмæ йæ урс дæндæгтæ зыхъхъыртæ кæнгæйæ, æдзух уыцы иу ныхас кодта. Рæсугъд, хæрзконд Элдар йæ дыстæ фæстæмæ йæ тыхджын цæнгтыл бафæлдæхта æмæ къулыл ауыгъд саргъы æхтæнгтæ сыгъдæг кодта. Ханефи, сæ хуыздæр кусæг, сæ астæуккаг цæджындз, сæ хæдзарады уынаффæгæнæг, уым нæ уыд. Уый кодта сихор. 

— Цæуыл уыд уæ хъаугъа? — афарста Лорис-Меликов Хан-Магомайы æмæ йæм йæ къух радта. 

— Ай та нын æппынæдзух Шамилæй æппæлы, — загъта Хан-Магома, Лориc-Меликовмæ йæ къух дæтгæйæ. — Афтæ зæгъы: Шамил стыр лæг у. Зондджын дæр у, сих дæр у, стыр лæджыхъæдджын адæймаг дæр у. 

— Æмæ, кæд йæ цæсты афтæ кадджын уыд, уæд йемæ цæуылнæ баззад, цæмæн дзы рахицæн? 

— Дæуæн ма уый загъдæуа, рахицæн, афтæмæй дзы уæддæр æппæлы, — загъта Хан-Магома, йæ дæндæгтæ зыхъхъыргæнгæ æмæ цæстытæй цæхæртæ калгæйæ. 

— Ды та, ды дæр æм уыцы цæстæй кæсыс, сих æй хоныс ды дæр? — бафарста Лорис-Меликов. 

— Уæдæ сих куы нæ уаид, уæд æм адæм афтæ хъуыстаиккой, — рог-рог сдзырдта Гамзало. 

— Сихмæ ма йæ цыдæртæ хъуыд Шамилы. Сих кæд искуы уыд, уæд уый Мансур уыд, Мансур, — загъта Хан-Магома. — Уый æргом сих уыд. Мансур имам куы уыд, уæд йæ заманы адæм хицæн æгъдауыл æвæрд уыдысты. Уый-иу хъæутыл разил-базил кодта. Адæм йæ размæ хæлæфæй згъордтой æмæ йын йæ цухъхъайы фæдджитæн батæ кодтой, сæ тæригъæдтыл фæсмон кодтой æмæ-иу ард хордтой, куыд æвзæрдзинадæй сæхи хъахъхъæндзысты, ууыл. Зæрæдтæ-иу дзырдтой: уый рæстæджы адæм сихты цард кодтой: тамако нæ дымдтой, нозтмæ æмгæрон нæ цыдысты, афойнадыл ламаз кодтой, кæрæдзийæн æфхæрд барстой, туджджынтæн дæр хатыр кодтой. Уæд-иу исчи æхца кæнæ æндæр исты дзаума куы ссардтаид, уæд-иу æй лæдзæджы кæроныл бакодтаид æмæ-иу æй афтæмæй фæндагыл зæххыл ныссагътаид. Уыцы заманы адæмæн Хуыцау дæр æххуыс кодта. Ныр куыд у, афтæ нæ уыд, — дзырдта Хан-Магома. 

— Ныр дæр хохы нозт нæ нуазынц, тамако дæр нæ дымынц, — загъта Гамзало. 

— Ламарой y дæ Шамил, — загъта Хан-Магома, Лорис-Меликовмæ йæ цæст ныкъулгæйæ. 

«Ламарой» уыд æвзæр, фидис ныхасыл нымад хохаг адæммæ. 

— Ламарой — хохаг адæймаг, — загъта йын Гамзало. — Цæргæстæ хохы цæрынц. 

— Уый лæг у, хорз ын загъта, — дæндæгтæ зыхъхъыртæ кæнгæйæ, загъта Хан-Магома, йе ’мбалы арæхст ныхасыл цин кæнгæйæ. 

Хан-Магома Лорис-Меликовы къухы бапъироздон куы ауыдта, уæд дзы иу бапъироз ракуырдта. 

— Сымахæн, сæрæй, тамако дымын уе ’гъдау куы нæ амоны, — ской йын кодта Лорис-Меликов. 

Хан-Магома йæ цæст фæныкъуылдта, йæ сæрæй Хаджи-Мураты уатмæ ацамыдта æмæ загъта: «Цалынмæ нæ нæ уыны, уалынмæ дымæн ис». Йæ тамако ссыгъта, фæздæг мидæмæ рæуджытæм нæ улæфыд, фæлæ-иу йæ сырх былтæ куыддæр æнаив æнцъылдтæ акодта æмæ-иу афтæмæй фæздæг рауагъта. 

— Афтæ хорз нæу, — тызмæгæй загъта Гамзало æмæ уатæй æддæмæ рацыд. Хан-Магома уыйæрдæм дæр йæ цæст фæныкъуылдта æмæ, тамако йæ дзыхы, афтæмæй Лорис-Меликовы рафæрс-бафæрс байдыдта, кæм хуыздæр балхæнæн уыдзæн дари куырæт æмæ урс уæлдзарм худ? 

— Æмæ дæм æхца афтæ бирæ ис? 

— Мæ фаг мæм ис, — йæ цæст ныкъулгæйæ та загъта Хан-Магома. 

— Бафæрс-ма йæ, кæцæй йæм æрцыд æхца? — загъта Элдар æмæ йæ рæсугъд, худæндзаст цæсгом Лорис-Меликовы ’рдæм фæзылдта. 

— Уый мæт дæ цы ис? Рамбылдтон уæд та, — рог-рог сдзырдта Хан-Магома. 

Стæй радзырдта, зноны бон, Калачы рацу-бацу кæнгæйæ, иу ран уырысы æмæ сомихы æхцайæ хъазгæ куыд баййæфта, сæ разы бирæ æвзист æхца æмæ æртæ сыгъзæрины æвæрд уыд. Хан-Магома уайтагъд бамбæрста хъазты æгъдау. Йæ дзыппы сау æхцатæй дзæгъдзæгъгæнгæ ce ’хсæн смидæг æмæ загъта: ce ’ппæтыл дæр æвæрын, зæгъгæ. 

— Ce ’ппæтыл? Æмæ дæм уыйбæрц æхца уыд? — афарста йæ Лорис-Меликов. 

— Æдæппæт мæм уыд 12 капеччы, — йæ дæндæгтæ зыхъхъыргæнгæйæ загъта Хан-Магома. 

— Æмæ уæд афтæмæй куы амбулын кодтаис, уæд та? 

— Уæд мæнæ! 

Хан-Магома йæ къухæй ацамыдта дамбацамæ. 

— Уæддæр куыд, бафыстаис сæ? 

— Бафыстаис та цы хоныс? Афардæг уыдаин. Чи мæ сырдтаид, уый — маргæ. Стæй мын мæ фæдыл цæхх кæнæнт. 

— Уæдæ сæ рамбылдтай, и? 

— Нæ рамбулдзæн æвзæр лæппу, расæрфтон сæ хъæппæрисæгæй æмæ рафардæг дæн. 

Хан-Магомайы æмæ Элдары Лорис-Меликов тынг дзæбæх æмбæрста. Хан-Магома уыд хъазаг, ануазаг, æнæмæт æмæ рог адæймаг, цард хъазæгау кæмæ каст æмæ уымæ гæсгæ йæхи цард дæр, искæй цард дæр æрдумæ дæр чи нæ дардта. Ахæм зæрдæйы уаг æм кæй уыд, уый сæраппонд абоны бон уырысмæ ралыгъд, райсом бон та, чи зоны, æмæ фæстæмæ Шамилмæ бадзæхст ласдзæн. Элдар дæр хæрзæнцон бамбарæн уыд: сабыр, тыхджын, ныфсджын æмæ хивæнд адæймаг, — йæхи нæ раластаид, йæ уд радтаид йæ хицауы сæрыл. Зын бамбарæн уыд Лорис-Меликовæн æрмæст бурхил Гамзало. Лорис-Меликовмæ гæсгæ, уыцы адæймаг Шамилыл æгæр æнувыд уыд æмæ уый сæр никæд аппардзæн. Уырысæй та йе сæфт уыдта, йæ цæстытæ сæ рыстысты, уазал зæрдæ сæм дардта, æлгъагыл сæ нымадта, æмæ уыйадыл Лорис-Меликов йæхинымæры дис кодта, уыцы зæрдæимæ уырысмæ цæмæн рацыд, зæгъгæ. Лорис-Меликов йæхæдæг дæр, стæй иннæ хицæуттæй дæр бирæтæ гуырысхо кодтой Хаджи-Мураты рацыдыл, йæ ныхæстыл æмæ, Шамилимæ кæй фезнаг, ууыл дæр. Лорис-Меликовмæ-иу ахæм зонд æрцыд, цыма сыл Хаджи-Мурат сайдæй цыд, æмæ æрмæст уырысæн сæ хъæнтæ, сæ лæмæгъ рæттæ бамбарыны æмæ сбæрæг кæныны тыххæй уыд йæ цыды сæр. Уыдæттæ куы сбæлвырд кæна, уæд фæстæмæ хохмæ йæхи айсдзæн æмæ йæ тых сараздзæн уырысæн сæ лæмæгъ, æдых æмæ æгуыдзæгдæр рæттæм. Уыцы хъуыдыты æцæгдзинад Гамзалойы æууæлтыл бæрæг уыдис. Хаджи-Мурат æмæ йе ’мбæлттæ сæхиуыл хæцын фæразынц, æмæ сын сæ зæрдæйы бын ничи скъахдзæн, фæлæ a Гамзалойæн уырыс йæ цæстысындз кæй сты, уый йын зæрдæйы хъуыддæгтæ æргом кæны. 

Лорис-Меликов, ракъахон æй, зæгъгæ, йемæ ныхас кæныныл афæлвæрдта. Хъыг, мыййаг, кæны, зæгъгæ, йæ афарста. Гамзало, йæ куыст кæнгæйæ æмæ йæ хъæрæу цæстæй Лорис-Меликовмæ зулмæ кæсгæйæ, йæ фæсус, хъæрасæст, хæрхæргæнаг хъæлæсæй хъуыр-хъуыр кодта: 

— Нæ, ницы кæнын хъыг. 

Афтæ, уыцы æгъдауæй, æвæндонæй дзуапп лæвæрдта йæ алы ныхасæн дæр. 

Лорис-Меликов цалынмæ нукерты30 уаты уыд, уалынмæ цыппæрæймаг мюрид дæр æрбацыд. Уый уыд авайраг, Ханефи, зæгъгæ, хъуынджын цæсгом æмæ уæлдзармы хуызæн хъуынджын къуыприуджын. Ханефи зондæй иуыл тыхджын нæ уыд, фæлæ æнæуый та домбай, куыстуарзон кусæг, æнæфæстæмæдзургæ кæддæриддæр, Элдары хуызæн, йæ хицауы дзырд дыууæ чи нæ кодта, ахæм коммæгæс адæймаг. 

Ханефи нукерты уатмæ пырындзмæ бацыд, Лорис-Меликов æй баурæдта æмæ йæ афæрстытæ кодта, кæцон y æмæ Хаджи-Муратмæ кæдæй ардæм кусы, уымæй. 

— Фондз азы, — дзуапп ын радта Ханефи, — иу хъæуккаг стæм. Мæ фыд ын йæ фыдыфсымæры амардта. Уый тугмæ мæн амарынмæ агуырдтой, — загъта æдæрсгæйæ Ханефи, йæ талынг æмхæст æрфгуыты бынæй комкоммæ Лорис-Меликовмæ кæсгæйæ. — Сæхицæн мæ æфсымæр цæмæй скодтаиккой, мæ сæрæн ма уыцы хос агуырдтон æмæ ууыл кусын байдыдтон. 

— Æфсымæр скæнын та цы хоныс? 

— Дыууæ мæйы мæ сæр нал адастон, мæ къухы ныхтæ нал ракодтон, афтæмæй сæм сæ хæдзармæ бацыдтæн. Уыдон мын сæ мад Фатъимæтмæ бацæуыны бар радтой: Фатъимæт мын йæ дзидзи раттын саккаг кодта æмæ уæдæй фæстæмæ йе ’фсымæр сдæн. 

Сыхаг уатæй Хаджи-Мураты хъæлæс фехъуыст. Элдар уайтагъд бамбæрста, уымæ кæй сиды, уый æмæ, йæ къухтæ æууæрдгæйæ æмæ даргъ къахдзæфтæ кæнгæйæ, уазæгдонмæ бауад. 

— Дзуры дæм, — загъта Элдар, фæстæмæ куы раздæхт, уæд. Лорис-Меликов ма хъæлдзæг Хан-Магомайæн иу бапъироз авæрдта æмæ уазæгдонмæ бараст. 

 

XIII
 

Лорис-Меликов уазæгдонмæ куы бацыд, уæд æм Хаджи-Мурат хъæлдзæгæй, дзæбæх цæстæй ракаст. 

— Цы зæгъыс, байдайæм та? — загъта Хаджи-Мурат æмæ тъахтиныл йæхи æруагъта. 

— Ай-гъай, æнæ уый хос нæй, — загъта Лорис-Меликов. — Дæ нукертæм бауадтæн, семæ аныхæстæ кодтон. Иу дзы диссаг хъæлдзæг адæймаг у. 

— О, уый Хан-Магома у, роггомау адæймаг у, æцæг, — загъта Хаджи-Мурат. 

— Хæрзконд, рæсугъд лæппулæг мæ зæрдæмæ фæцыд. 

— Уый та Элдар у. Лæппу уæвгæйæ, ныфсджын, хиуылхæцгæ æмæ æндоны хуызæн фидар адæймаг у. 

Исдуг фæхъус сты. 

— Байдайæм та? — афарста Хаджи-Мурат. 

— Ай-гъай. 

— Ханты куыд ныццагътой, уый радзырдтам. Амардта сæ. Гамзат ханы галуантæ æрцахста æмæ уым æрцард, — байдыдта та Хаджи-Мурат. — Сæ мад, ханы ус, иунæгæй сæ быныл баззад. Фыдгулы æлгъыст ыл æрцыд — афтидæй сæ аззад. Гамзат æм йæхимæ басидт. Ус ын уайдзæф кæнын байдыдта. Гамзат йæ мюрид Асельдермæ йæ цæст фæныкъуылдта æмæ йæ уый фæсте, чъылдымырдыгæй, ныдздзæхст ласта æмæ, дæ хæраммæ бæллæг афтæ, хъыпп дæр нал сфæрæзта, дзыхъмард фæци. 

— Уый тæригъæды та ма цæмæн бацыд? — афарста Лорис-Меликов. 

— Æмæ уæдæ куыд? Æндæр хуыздæр амал нæ уыд. Иугæр раззаг къæхтæй куы ахизай, уæд фæстæгтæй дæр хъæуы. Сæ мыггаг сын сыскъуынын хъуыд, æмæ, æцæг, афтæ бакодтой. Шамил кæстæры амардта — айнæг къæдзæхы былæй йæ раппæрста. Æгас хъуымыхъхъ Гамзаты къухы бахаудысты, æрмæст нæ дыууæ, æз ме ’фсымæримæ, йын ком нæ радтам æмæ йæ ныхмæ ныллæууыдыстæм. Ханты туг райсын мах нæхицæн хæсыл нымадтам. Нæ зæрдæйыуаг ын не ’мбарын кодтам, фæлæ, цыма уый фæдыл цæуæм, уый фарс стæм, афтæ йæ цуры нæхи дардтам, нæ зæрдæйы та æндæр ницы уыд, — туг райсын. Нæ фыдыфыды афарстам æмæ бауынаффæ кодтам, уымæй хуыздæр фадат нæй, раст ханы галуантæй куы рараст кæна, уæд йæ размæ бабаддзыстæм. Чидæр нæм сусæгæй байхъуыста æмæ йæ Гамзатæн бамбарын кодта. Гамзат нæ фыдыфыдмæ басидт æмæ йын загъта: «Хъусыс, куыд уынын, афтæмæй мыл дæ фырты цот сфæнд кодтой, фыдбылыз саразын фæнд сæм ис. Кæд уый æцæг хабар у, уæд иу сæрхъæдыл дзедзыкка кæндзыстут уе ’ппæт дæр, уымæй уын фæцух нæй. Æз Хуыцауы фæндон æххæст кæнын, æмæ мæн бахъыгдарын, мæн бакъуылымпы кæнын никæй бон у. Цæугæ, æмæ дæ зæрдыл дар, кæй дын загътон, уый, æвæсмондæр уыдзынæ». — Нæ фыдыфыд нæ хæдзармæ куы ’рбацыд, уæд нын Гамзаты æртхъирæн ныхæстæ ракодта. Max уæд бауынаффæ кодтам, фæстиат кæнæн нал ис, фæлæ бæрæгбонæн йæ фыццаг бон мæзджыты мидæг нæ хъуыддаг куыд бакæнæм, афтæ. Не ’мбæлттæ махимæ не сразы сты, сæхи аластой, мах нæ дыууæ, ме ’фсымæримæ, баззадыстæм. Дыгай дамбацатæ синты ныссагътам, нымæттæ нæ уæлæ акодтам æмæ уыцы хуызæнæй мæзджытмæ араст стæм. Гамзат 30 мюридимæ мæзджытмæ æрбацыд. Ce ’ппæт дæр сæ кæрдтæ æлвæстæй, ныццæвын арæзтæй дардтой. Гамзатимæ фæрсæй-фæрстæм цыд йæ уарзон мюрид Асельдер, ханы усы чи ахауын кодта, уый. Куыддæр мах ауыдта, афтæ уыциу хъæр фæкодта: «Уæ нымæттæ сисут!» — æмæ мæнырдæм йæхи æрбаскъæрдта. Æз хъама ластæй ныццæвынæввонг дардтон, уыциу сæрфт æй æркодтон æмæ — дæ балгъитæг афтæ — хъыпп-сыпп нал сфæрæзта. Стæй Гамзатыл мæхи андзæрстон. Me ’фсымæр Осмæн фæцырддæр æмæ йæ дамбацайæ багæрах ласта. Гамзат уыцы цæфæй ме ’фсымæрыл хъамалвæстæй йæхи æрбаппæрста, фæлæ йын æз хъамайæ йæ сæр ныдздзæхст ластон, æмæ — дæ фыдгул афтæ — уыцы ран фæкуырис. Мюридтæ уыдысты 30 лæджы, мах та — дыууæйæ. Me ’фсымæр Осмæны мын амардтой, фæлæ æз мæхи баиргъæвтон, рудзынгыл рагæпп кодтон æмæ афардæг дæн. Гамзаты марды хабар куы айхъуыст, уæд адæм ce ’ппæт дæр сызмæлыдысты æмæ æддæг-мидæг сысты. Мюридтæ лидзæг фесты. Стырзæрдæйæ дзы чи баззад, уыдон та цæгъдгæ ныккодтой. — Хаджи-Мурат фæлæууыд æмæ дæлиауæй йæ риуы æмбæрц ныуулæфыд. 

— Уыдæттæ иууылдæр хорз уыдысты, — байдыдта та ныхас кæнын Хаджи-Мурат, — фæлæ та æрæджиау хъуыддæгтæ сызмæстысты, сæмтъеры сты, Шамил Гамзаты бынаты æрбадт. Мæнмæ минæвæрттæ æрбарвыста, цæмæй æз йемæ уырысы ныхмæ ныллæууыдаин, уый тыххæй. Уыцы хъуыддагыл куы нæ ныллæууыдаин, уæд мæм æртхъирæнтæ кодта, Хунзах дæр ныппырх кæндзæн, стæй мын мæхи дæр амардзæн, зæгъгæ. Æз цæхгæр загътон: йæ лæджыхъæд æмæ йæхæдæг, уæлейы йæ бæхджынтæ, дæлейы йæ фистæджытæ, цæугæ дæр æм нæ акæндзынæн, мæхимæ дæр æй не ’рбауадздзынæн. 

— Цæугæ та йæм цæй тыххæй нæ акодтай? — бафарста йæ Лорис-Меликов. 

Хаджи-Мурат йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ йын исдугмæ дзуапп нæ радта. 

— Нæ уыд гæнæн. Me ’фсымæр Осмæн æмæ Абунунцал-Ханы туг ууыл æвæрдтон, æмæ йæм куыд ацыдаин. Инæлар Розен мын афицеры цин æрбарвыста æмæ мæ æгас Авары хицау скодта. Хъуыддаг, хъæлæкк, дзæбæх фæцæйцыд, фæлæ Розен, цæй дымæгмæ бакодта, Хуыцау дæсны, фыццаг Авары хицау хъуымыхъхъаг хан Мæхæмæт Мырзайы скодта, уый фæстæ та Ахмет-Ханы. Ахмет-Ханимæ не ’хсæн изгарддзинад уыд, æмæ мæм уыйадыл знаджы цæстæй каст. Ханы чызг Салтанеты йæ фыртæн куырдта, æмæ йын æй нæ радтой. Уый мæн аххос кодта, афтæ æнхъæлдта, мæн ардыдæй йæ нæ радтой. Уымæ гæсгæ мæм фезнаг, æмæ мæм йæ нукерты дæр сусæгæй амарынмæ æрбарвыстытæ кодта. Стæй баздæхт æмæ мыл инæлар Клюгенаумæ æвзæгтæ фæхаста: цы уыдтæн, цы нæ уыдтæн, уыдæттæ мыл фæмысыд. Загъта йын, цыма авары адæм сугтæ мæн ардыдæй нæ дæттынц салдæттæн, уыйау. Ахæм ныхæстæ дæр ма йæм бахастæуыд, цыма мæнæ ацы сарыхъ, — загъта Хаджи-Мурат æмæ йæ къухæй йæ худыл конд сарыхъ ацамыдта, — æз Шамилы ’рдæм кæй аздæхтæн, уый фарс кæй ахæцыдтæн, уый нысан у. Инæлар ыл нæ баууæндыд æмæ дзырд радта, куыннæ мæ хъыгдарой, афтæ. Фæлæ инæлар Калакмæ куы ацыд, уæд Ахмет-Хан, йæ зæрды мидæг цы уыд, уый бакодта: æгас ротæ салдæттæ йемæ, афтæмæй мæ æрцахста, хъадамантæ мыл бакодта æмæ мæ сармадзаныл бабаста. Æхсæз боны æмæ æхсæз æхсæвы мæ афтæмæй фæдардтой. Æвдæймаг бон мæ суæгъд кодтой æмæ мæ Темир-Хан-Шурамæ арвыстой. 40 салдаты мемæ æд топпытæ, фехсынрæвдзæй, афтæмæй мæ кодтой баст къухтимæ. Салдæттæн бафæдзæхстой, лидзынвæнд, мыййаг, куы скæна, уæд æй куыд амарат, афтæ... Уый мын цы ’мбарын хъуыд, зыдтон æй. Моксохы цур фæндаг хæрз нарæг уыд, рахизфарсырдыгæй, иу-50 сардзины кæмæн уыдаид йæ ныххауæн, ахæм айнæг был уыд. Ууылты куы фæцæйцыдыстæм, уæд æз салдаты рахизфарсырдыгæй мæхи фæкодтон былгæроны ’рдæм. Салдат мæ ацахсынмæ хъавыд, фæлæ æз мæхи былæй аппæрстон, салдаты дæр мемæ айстон. Уый дзыхъмард фæци, æз та, куыд мæ уыныс, цардæгас дæн. Фæрстæ, сæр, къухтæ ныммур сты. Алæсын исты амæлттæй афæнд кодтон, фæлæ мæ бон нæ баци. Сæр разылд, æмæ бафынæй дæн. Райхъал дæн хуылыдзæй, тугæйдзагæй. Фыййау мæ федта, адæммæ фæфæдис кодта æмæ мæ хъæумæ ахастой. Фæрстæ, сæр сдзæбæх сты, сдзæбæх къах дæр, æрмæст иннæмæй фæцыбырдæр. 

Æмæ Хаджи-Мурат йæ зылын къах радаргъ кодта. 

— Йæ куыст ма кæй кæны, уымæй разы, — загъта та Хаджи-Мурат. — Адæмыл мæ хабар айхъуыст, æмæ мæм рынчынфæрсæг цæуын байдыдтой. Сдзæбæх дæн. Цельмесы æрцардтæн. Авары адæм та мæ сæхицæн хицауæн агуырдтой, — загъта Хаджи-Мурат сабыргай, йæ зæрдæ йæхиуыл чи дары æмæ йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм адæймаджы æгъдауæй. — Æз сразы дæн, уæдæ цы кодтаин. 

Хаджи-Мурат цырд фестад, йæ хордзентæй пъартфел фелвæста æмæ уый хуылфæй сласта, чи сбур, ахæм дыууæ фыстæджы æмæ сæ Лорис-Меликовмæ равдыста. Фыстæджытæ æрвыст уыдысты инæлар Клюгенауы номæй. Лорис-Меликов сæ бакаст. Фыццаг фыстæджы фыст уыд: 

 

«Прапорщик Хаджи-Мурат! Ды мæнмæ куыстай, мæ зæрдæ дыл никуы ницæмæй фæхудти, разы дæ уыдтæн, мæ цæсты кадджын уыдтæ. A фæстаг бонты мыл инæлар Ахмед-Ханæй хабар сæмбæлд, ды ныл гадзрахатæй цæуыс, зæгъгæ. Дæ сæрыл сарыхъ æркодтай æмæ мах æвастæй, сусæгæй Шамилимæ хъуыддæгтæ аразыс. Адæмы ардауыс, цæмæй уырысы хицæуттыл мауал æууæндой æмæ сæм мауал хъусой, ууыл. Æз дзырд радтон, куыд дæ æрцахсой æмæ дæ мæнмæ куыд æрбахæццæ кæной, афтæ. Ды баздæхтæ æмæ алыгъдтæ. Зын зæгъæн у, хуыздæрæн дын фæуыдзæн æви фыддæрадæн, уымæн æмæ нæ зонын, зылын дæ æви раст дæ, уый. Ныр у, æмæ мæм дзæбæх байхъус. Кæд дæ цæсгом сыгъдæг y не стыр паддзахы раз, кæд дæ зæрдæмæ ницы хæссыс, зылын æмæ азымджын ницæмæй дæ, уæд мæм фæзын. Тæрсгæ макæмæй кæн, æз дæ сæрылхæцæг, дæ хъахъхъæнæг. Хан дын ницы хъомыс бауыдзæн, уый йæхæдæг дæр мæ къухы ис. Афтæ уæдæ, цæмæй тæрсай, ахæм хъуыддагæй дзы ницы ис». 

 

Дарддæр Клюгенау фыста, йæ дзырдæн кæддæриддæр хицау кæй y æмæ йæ дыууæ кæй никуы акодта, стæй рæстдзинадыл цæуæг кæй у. Фæстаджырдæм та дзы куырдта, цæмæй йæм æрцæуа, уый. 

Лорис-Меликов фыццаг фыстæг куы бакаст, уæд Хаджи-Мурат дыккаг фыстæг сласта æмæ йæ Лоррис-Меликовы къухмæ нæма радта, афтæмæй йын радзырдта, фыццаг фыстæгæн цы дзуапп радта, уый. 

— Æз æм ныффыстон: «Æцæгдзинадæй, æз сарыхъ дардтон. Шамилы тыххæй, мыййаг, нæ, фæлæ мæ мæрдтæмвæндаг хъуыды кæнгæйæ, мæ удыбæстæйы тыххæй. Шамилы фæстæ ацæуинаг нæ дæн, фæндгæ дæр мæ нæ кæны, уымæн æмæ уый аххосæй, уый ардыдæй æрцыдысты мард мæ фыд, ме ’фсымæртæ æмæ мæ хæстæджытæ. Уырысмæ ацæуинаг дæр нæ дæн, уымæн æмæ мæ фефсæрмы, фæхудинаг кодтой. Хунзахы баст куы уыдтæн, уæд иу цъаммар, иу æнæгъдау, æдзæсгом мæ... Уæ цæстæй дæр мæ нæ фендзыстут, цалынмæ уыцы адæймаг мард æрцæуа, уалынмæ. Стæй, гæдыныхас цы у, уыцы фæлитой, уыцы æдзæсгом Ахмед-Ханæй дæр æдас нæ дæн». — Уый хæд фæстæ мыл инæларæй мæнæ ацы фыстæг сæмбæлд, — загъта Хаджи-Мурат æмæ Лорис-Меликовмæ, чи сбур, ахæм гæххæтты гæбаз балæвæрдта. 

 

«Мæ фыстæгæн мын дзуапп радтай, уый тыххæй бузныг, — бакасти дзы Лорис-Меликов. — Ды фыссыс: махмæ фæстæмæ æрцæуынæй ницæмæй тæрсыс, фæлæ дæ иу æнаккаг, иу джауыр кæй фефсæрмы кодта, кæй бафхæрдта, уый тыххæй дæхиуыл фæстæмæ хæцыс. Æз дæм не ’ууæнк дæттын, уырнгæ дæр дæ бакæнæд, уырысы æгъдау рæстдзинадыл кæй лæууы æмæ, дæу бафхæрынмæ йæ ныфс чи бахаста, уый дæ цæстыты хæд раз æфхæрд кæй æрцæудзæн, уый. Æз дзырд радтон, хъуыддаг дзыхъхъынногæй йæ бындзарæй куыд скъахой, куыд æй сбæлвырд кæной, афтæ, æнæ уый хос нæй. Байхъус мæм, Хаджи-Мурат, мæ коммæ бакæс. Гæдыныхас цы у, разы дæ нæ дæн, уымæн æмæ мыл не ’ууæндыс мæхиуыл дæр, мæ зæрдæйыл дæр, фæлæ дыл уæддæр мæ зæрдæ нæ худы: зонын, хохаг адæм баууæндаг кæй не сты, уый. Кæд дæ цæсгом сыгъдæг у, кæд дæхæдæг дæхиуыл ницæмæй æнæууæнк кæныс, кæд сарыхъ æрмæст дæ «удыбæстæйы» тыххæй, дæ мæрдтæмвæндаг хъуыды кæнгæйæ дарыс, уæд раст дæ, æмæ дæ бон y æнæкъæмдзæстыгæй комкоммæ уырысы хицæутты æмæ мæ цæсгоммæ кæсын. Чи дæ фефсæрмы кодта, чи дæ бафхæрдта, æнæмæнгæй, уый æфхæрд кæй æрцæудзæн, ууыл дын ме ’ууæнк дæттын, уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар. Дæ мулк фæстæмæ дæ къух ссардзæн, æмæ базондзынæ, уырысы æгъдæуттæ æцæгдзинад æмæ рæстдзинадыл лæуд кæй сты, уый. Уырыс хъуыддагмæ æндæр цæстæй кæсынц. Йу цъаммар, иу æдзæсгом дæу æнæгъдауæй бафхæрдта, уый тыххæй ды уырысы цæсты дæхи нæ фегад, нæ фæкъæмдзæстыг кодтай. Æз мæхæдæг гъимринæгтæн сарыхъ дарыны бар радтон, æмæ цы? Уый чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у. Æз иу лæгæй уыцы хъуыддагмæ ахæм цæстæй кæсын. Уымæ гæсгæ та дын ноджыдæр дыккаг хатт зæгъын: цæмæй тæрсай, ахæм хъуыддагæй дзы ницы ис, уый тыххæй дызæрдыг ма кæн. Æрцу нæм, ныртæккæ дæм цы лæджы фервитын, уыимæ. Уый мæныл гадзрахатæй никæд рацæудзæн, мæ сæр никæд аппардзæн. Де знæгты фарсласæг æмæ фæсдзæуин дæр нæу, фæлæ у, паддзахы мидæг стыр æгъдау æмæ стыр æууæнк кæмæн ис, уымæн йæ хорз лымæн». 

 

Дарддæр, Хаджи-Мурат уырысмæ рацæуыныл цæмæй сразы уыдаид, уый дзы Клюгенау куры. 

— Æз нæ баууæндыдтæн уыцы ныхæстыл, — загъта Хаджи-Мурат, Лорис-Меликов гæххæтт каст куы фæци, уæд, — æмæ Клюгенаумæ нæ ацыдтæн. Мæнæн ме ’хсызгондæр хъуыддаг уыд Ахмет-Ханæй мæ маст сисын. Уый бакæнын та уырысы æхсæн, уырысы руаджы мæ къухы нæ бафтыдаид. Уыцы рæстæджы Ахмет-Хан Цельмесы алфамбылай æрбадт. Йæ зæрды уыд мæн æрцахсын, кæнæ мæ амарын. Мæ къухы уыцы сахат бирæ адæм нæ уыд, æмæ уымæ гæсгæ мæ бон нæ бацадаид мæхи бахъахъхъæнын. Раст уымæн йæ хæд уæлвæд мæм Шамилы минæвар æрбахæццæ æд писмо. Шамил мын зæрдæтæ æвæрдта Ахмет-Ханæй мæ бахъахъхъæнын æмæ уый амарыны тыххæй баххуыс кæнынæй. Ноджы мын лæвæрдта хицауы бынат æгас Авары бæстæн. Æз бирæ фæхъуыды, фæсагъæс кодтон æмæ Шамилмæ мæхи радтон. Уæдæй фæстæмæ æз æнæсцухæй, æрвылбон уырысимæ хæцæг уыдтæн. 

Ам Хаджи-Мурат йæ хæстон хъуыддæгтæ радзырдта сæрæй бынмæ. Уыцы хъуыддæгтæ иттæг бирæ уыдысты. Иуæй-иуты дзы Лорис-Меликов дæр æнæ зонгæ нæ уыд. Хæсты мидæг Хаджи-Мурат стыр диссаджы æхсарджын, ныфсджын æмæ зæрдæджын адæймаг уыд. Цырддзинадмæ та уарийæ уæлдай нæ уыд: куы иу ран, куы иннæ ран-иу æнæнхъæлгæ æвиппайды февзæрд æмæ-иу кæддæриддæр знагыл кодта уæлахиз. 

— Лымæндзинад мæн æмæ Шамилы æхсæн никæд уыд, — загъта Хаджи-Мурат, йæ ныхас фæуынмæ куы хъавыд, уæд, — фæлæ мæ тæрсгæ кодта, мæ сæр æй хъуыд, пайда йын уыдтæн. Иухатт мæ кæддæр фыдбылызау бафарстæуыд: «Чи хъуамæ уа имам IIIaмилы фæстæ?» — Æз загътон: «Йæ кард цыргъдæр æмæ хуыздæр кæмæн кæрда, уый, æндæр чи». — Уыцы ныхас Шамилы хъусыл æрцыд, йæхицæн фæтарст æмæ сфæнд кодта, цæмæй мæ фервæза, ууыл кусын райдайын. Цыбыр ныхасæй, бахæрын фæнд мæ скодта. Баздæхт æмæ мæ Табасаранмæ арвыста. Æз ацыдтæн, уæдæ цы кодтон, æмæ мин фысы æмæ æртæфондзыссæдз бæхы байстон. Шамил мæм къухгæнæн кодта æмæ загъта, цыма æз, цы бакæнын хъуыд, уый нæ бакодтон. Уыйадыл мæ наибы бынатæй фæцух кодта æмæ дзырд радта, æхцайæ мæм цыдæриддæр ис, уыдон ын куыд барвитон, афтæ. Æз мин сыгъзæрины барвыстон. Уый фæстæ баздæхт æмæ мæм йæ мюридты æрбарвыста æмæ мын мæ ис, мæ мулк байста, стæй мæм æрбарвыста, йæхимæ йын куыд ацыдаин, афтæ. Æз зыдтон, марынвæнд мæ кæй кæны, уый, æмæ цæмæн ацыдаин, нæ ацыдтæн. Уæд мæ ахсынвæнд скодта. Æз мæхи баиргъæвтон æмæ Воронцовмæ рацыдтæн. Æрмæст мын мæ бинонты рахонын амал нал фæци. Мæ мад, мæ ус, мæ фырт Шамилы ахæсты фесты. Зæгъ сæрдарæн: цалынмæ мæ бинонтæ уым уой, уæдмæ мæ бон ницы бакæнын у, мæ айвазæнтæ мæхи бар не сты. 

— Зæгъдзынæн, зæгъдзынæн, — загъта Лорис-Меликов. 

— Бакой кæн, дæ бон циу, уымæй ма бацауæрд. Мæнмæ чи уа, уый дæу дæр у, æрмæст мын уыцы хъуыддаджы мидæг кънйазы раз баххуыс кæн. Æз баст дæн, æмæ бæндæны кæрон Шамилы къухы ис. 

Уыцы дзырдтæй Хаджи-Мурат фæци ныхасгонд Лорис-Меликовимæ. 

 

XIV
 

Ссæдзæймаг декабры Воронцов фыста Уæрæсейы æфсæддон министр Чернышевмæ ахæм гæххæтт (фыст уыд францусагау): 

 

«Æз дæм фæстаг постимæ ницы ныффыстон, мæ уарзон кънйаз, уымæн æмæ раздæр мæн фæндыд, Хаджи-Муратимæ цы бакæндзыстæм, уый сбæлвырд кæнын. A фæстаг дыууæ-æртæ боны та чысыл нæфæразгæгомау дæн. Мæ фæстаг писмойы дын Хаджи-Мураты æрцыды хабар фехъусын кодтон. Уый æрцыд æстæймаджы. Дыккаг бон кæрæдзи базыдтам. Иу-8–9 боны бæрц йемæ ныхас кодтон æмæ мæхинымæры хъуыдытæ кодтон, сомбон нын цæмæн сбæздзæн, цы ’ххуыс нын фæуыдзæн. Me стырдæр сагъæс та уыд, ныртæккæ йын цы хъуамæ бакæнæм, уый, йæ бинонты мæт тынг кæны æмæ йе ’ууæлтæм гæсгæ, цыма тынг зæрдиагæй зæгъы, цалынмæ йæ бинонтæ Шамилы къухы уой, уæдмæ баст у, йæ бон ницы бакæнын y æмæ йын амал нæй махæн нæ дзæбæхдзинæдтæ баххæст кæнын, кæй йæ бабуц кодтам, кæй йæ суазæг кодтам æмæ йын кæй бахатыр кодтам, уыдæтты тыххæй. Йæ бинонтæй кæй ницы бæрæг хабар хъусы, уый тыххæй стыр мæты бафтыд. Æз æй кæй бæрны, кæй æвджид бакодтон, йæ уæлхъус чи вæййы æмæ иумæ кæимæ цæры, уыдон мын тыхджынæй дзурынц: æхсæв æй хуыссæг нæ ахсы, хæрз чысыл йеддæмæ хæргæ дæр ницы кæны, æдзух кувы æмæ æрмæст уый курæг у, цæмæй йын бæхыл бадыны æмæ рацу-бацу кæныны бар раттæм иукъорд хъазахъхъагимæ, — уыцы хъуыддагыл лæппуйæ нырмæ ахуыр y æмæ æрмæст иунæг уымæй йæхи ирхæфсы æмæ йæ зæрдæ барухс кæны. Æрвылбон æнæ æрбацæугæ æмæ бафæрсгæ нæ фæуыдзæн, йæ бинонты тыххæй ныл ницы хабар æмбæлы, æви цы. Зæрдиагæй куры, мах къухы алырæтты цы уацайрæгтæ ис, уыдон куыд æрæмбырд кæнæм æмæ сæ йæ бинонтæй цæмæй баивæм, уый. Йæхицæй ма уæлæмхасæн дæр дæтты æхцайæ. Уыцы хъуыддаджы тыххæй йæхи чи нæ раласдзæн æмæ йын йе ’хсызгон чи нæ сараздзæн æхцайæ, ахæм адæмтæ ис. Алы бон мын уыцы иу ныхас кæны: „Фервæзын мын кæнут мæ бинонты, стæй мын амал раттут, уæ дзæбæхдзинæдтæ уын цæмæй баххæст кæнон, уымæн“. (Хуыздæр уаид, уыйырдыгонау, хъуымыхъхъы бæсты). Зæгъы: „Мæйы бонмæ мæхи куы нæ равдисон æмæ уын стыр æххуысдзинад куы нæ бакæнон, уæд уын мæ сæр лыгмæ дæттын, — бафхæрут мæ, куыд уæ фæнда æмæ уæм куыд растдæр кæса, афтæ“. 

Æз ын уыцы дзуапп радтон: уыдон æппæтдæр, мæнырдыгонау, иттæг раст сты. Йæ бинонтæ мах къухы куы нæ уой, фидардзинады æгъдауыл, фæлæ хохы куы баззайой, уæд ыл æнæууæнк чи кæндзæн, чи нæ йыл баууæнддзæн, ахæм бирæтæ разындзæн не ’хсæн. Æз, амал æмæ гæнæн цæмæй уа, уымæй нæ бацауæрддзынæн, нæ арæнты мидæг цы уацайрæгтæ ис, уыдон йæ бинонтæ балхæныны тыххæй цы æхца самал кæна, уыдоныл исты бафтауын мæ бон нæу, не ’гъдæуттæ нæ амонынц, фæлæ æнæуый дæр исты æгъдауæй баххуыс кæнын, чи зоны æмæ, базондзынæн. Æвæццæгæн, мæ бон дæр бауыдзæн. Уый фæстæ йын мæ зæрдиаг ныхас æргом загътон: Шамил ын йæ бинонты ницæй тыххæй суæгъд кæндзæн, зæрдæтæ йын бавæрдзæн, йæ рæдыддзинад ын бахатыр кæндзæн æмæ йæ йæ фыццаг бынаты сæвæрдзæн, зæгъгæ, ноджы йæм бартхъирæн кæндзæн, фæстæмæ куы нæ раздæха, уæд ын йæ мад, йæ ус æмæ йын йе ’хсæз хъæбулы амарыныл фæстиат нæ фæуыдзæн. Æз æй бафарстон, — æргом мын куыд зæгъа, — Шамилæй йыл ахæм уацхъуыд, ахæм хабар куы сæмбæла, уæд куыд бакæндзæн, уый. Хаджи-Мурат уæлæмæ арвы ’рдæм скаст, йæ къухтæ схъил кодта æмæ загъта: „Уыдæттæ иууылдæр Хуыцауы къухы сты, фæлæ йæ удæгасæй, барвæндонæй мæхи ме знаджы къухмæ раттон, уый дæ зæрдæйы кæрон дæр ма уæд, уымæн æмæ бæлвырд зонын, мæ дыууæ къухы хуызæн, кæй мын нæ бахатыр кæндзæн æмæ мæ амарыныл фæстиат кæй нæ фæуыдзæн, уый“. Йæ бинонты тыххæй загъта: Шамил ахæм æнæсæрфат, ахæм æнæзонд хъуыддаг нæ бакæндзæн, уымæн æмæ: 

1) æдас мæ нæу, æмæ мæнæй йæхидæн стыр æмæ тас знаг не скæндзæн; 

2) кæмæ байхъуса æмæ аргъ кæй дзырдæн скæна, ахæм барджын, дзырддзæугæ адæмтæ Дагъистаны бирæ ис сæ хæрзæджытæй, уыдон æй нæ бауадздзысты, бакъуылымпы йæ кæндзысты. 

Фæстаджырдæм та мын уыцы иу ныхас къорд хатты ракодта: сомбон цы ’рцæудзæн, уый Хуыцауы фæндон у, фæлæ ныртæккæйы сахат мæ бинонты сагъæс æмæ уыдон фервæзын кæныны йеддæмæ ницæй мæт ис, зæгъгæ. Хуыцауæй курæгау мæ куры æххуысдзинад æмæ Цæцæны бæстæм ацæуыны бар. Уым кæд нæ хицæутты руаджы, уыдон зонгæйæ, йæ бинонты хабар хуыздæр бамбарид: цы ’гъдауы мидæг сты ацы сахат æмæ сын цы хуыздæр амал ис Шамилы къухæй фервæзын кæнынæн. Хаджи-Мураты ныхæстæм гæсгæ, уыцы знаджы бæсты хуымæтæджы адæмæй нæ, фæлæ йын наибты31 æхсæн дæр ис хæрзгæнджытæ, иузæрдион ыл чи y æмæ йын йæ сæр чи нæ аппардзæн, ахæмтæ. Уырыс кæй бацахстой æмæ сæ ныхмæ кæм нæма лæууынц, уыцы бæсты йын æнцондæр æмæ хуыздæр бантысдзæн, цæмæ хъавы æмæ йæ æхсæв уæд, бон уæд, хуыссæг цæй тыххæй нæ ахсы, уыцы хъуыддаг бакæнын. Æмæ, иугæр уый йæ къухы куы бафта, уæд йæ зæрдæ ничердæмуал æхсайдзæн æмæ йе ’ргом иудадзыгдæр махмæ ратдзæн, йе ’ууæнк сфидар кæндзæн æмæ мах пайдайæн кусдзæн. Куры, Грознамæ йæ цæмæй арвитæм иу-дыууын кæнæ æртын хъазахъхъагимæ, знæгтæй йæ чи бахъахъхъæна, махæн та фидардзинадæн æххуыс чи уа йæ уынаффæты æцæгдзинады тыххæй. 

Ды мæ бамбардзынæ, мæ уарзон кънйаз, уыдæттæ мæ хаттæй-хатт сагъæсы бафтауынц, æмæ сдызæрдыг вæййын, уымæн æмæ мыл ис стыр уаргъ æвæрд, æмæ мæ алы къахдзæфæн дæр стыр дзуапп дæттын хъæуы. Цы зæгъын æй хъæуы, стыр рæдыд æмæ æнæсæрфат хъуыддаг уаид, Хаджи-Муратыл æгæр тынг куы æууæндæм, уæд. Фæлæ алидздзæн, зæгъгæ, йæ уый тæссæй акъахдзæф кæнын куы никæдæм уадзæм, уæд æй ахæстоны дарын хъæуы. Афтæ бакæнын та, мæнырдыгонау, растдæр, стæй зондджындæр хъуыддаг нæ уыдаид, уымæн æмæ йæ кой уайтагъддæр æгас Дагъистаныл айхъуыстаид æмæ нын уым нæ хъуыддаг бахъыгдардтаид. Шамилы ныхмæ æргом ныллæууын кæй зæрды ис, уыдон дызæрдыг кæнын байдайдзысты æмæ сæхиуыл фæхæцдзысты, уымæн æмæ Шамилæн йæ тæккæ сæрæндæр, йæ тæккæ лæджыхъæдджындæр æххуысгæнæг йæ сæр бафснайынæн хуыздæрæн мах кæм бацагуырдта, уым ын æгъдау раттын куы нæ базонæм æмæ йæ уацайраджы бынаты куы сæвæрæм, уæд нын уый иннæтæ сæ зæрдæмæ хæсдзысты, æмæ нын хуыздæрæн нæ фæуыдзæн. 

Уымæ гæсгæ æз æнхъæл дæн, æмæ, æз куыд бакодтон, æндæр хуыздæр бакæнæн нæ уыд. Æцæг, мæ зæрдæмæ уый хæссын, — Хаджи-Мурат лидзынвæнд, мыййаг, куы скæна, уæд мын мæ хъуыддаг стыр рæдыддзинадыл банымайдзысты. Куысты мидæг æмæ ахæм зын раиртасæн стыр хъуыддæгты мидæг адæймаг, фæрæдийынæй тæрсгæйæ, йæхимæ куы ницы азым иса, уæд тынг зын y æдзух уыцы иудадзыг æмраст фæндагыл цæуын, фæлæ, мæнырдыгонау, иугæр фæндаг раст куы зына, уæд цæуын хъæуы, æмæ цы уа, уый уæд! 

Курын дæ, мæ уарзон кънйаз, ацы ныхæстæ йе стырдзинад нæ бæрзонд паддзахмæ бахæццæ кæн. Æз мæхи стыр амондджын хондзынæн, мæ хъуыддаг нæ бæрзонд уынаффæгæнæгмæ раст куы фæкæса, уæд. Дæумæ ацы гæххæтты цыдæриддæр ныффыстон, уыдæттæ иууылдæр Заводский æмæ Козловский-инæлæрттæм дæр ныффыстон. Хаджи-Муратæн бафæдзæхстон: Козловский-инæлары æвастæй, уый æнæ базонгæйæ æмæ уынаффæйæ йæ бон нæу хъуыддаг бакæнын æмæ искæдæм ацæуын. Уый дæр ма йын загътон: махæн хуыздæр æмæ æнæзæрдæхсайгæдæр уыдзæн, мах къанвоимæ куы цæуа, уæд, кæннод Шамил атауыс, акой кæндзæн, цыма мах Хаджи-Мураты бастæй дарæм, уыйау. Дзырд дзы райстон, Воздвиженскиймæ, мæ фырт кæм цæры, уырдæм кæй никуы ацæудзæн, ууыл. Бамбарын ын кодтам, мæ фырт йæхицæн æрдхордыл кæй нымайы æмæ æппæты фыццаг йæхи кæй къухмæ радта, йæхи кæй уазæг бакодта, уый уыцы бæсты хицау нæу, æмæ йын уырдæм ацыд фыдбылыз æмæ зæрдæхудтдзинады йеддæмæ кæй ницы ратдзæн, уый. Уæвгæ та Воздвиженскийæн йæ хæд раз не знаг нæ ныхмæ чи лæууы, ахæм стыр хъæу ис, æмæ йын Хаджи-Муратæн йæ бинонты хабæрттæ базонынæн, йæ хæрзгæнджытимæ радзур-бадзурæн Грозна алцæмæй дæр бирæ хуыздæр у. 

Ссæдз хъазахъхъаджы Хаджи-Муратæн кæддæриддæр йемæ уыдзысты æмæ, йæхи фæндонмæ гæсгæ, æнæ уыдон иу къахдзæф дæр никæдæм кæндзæн. Ноджы ма йæ цуры уыдзæн, Хаджи-Мураты хорз чи зоны, ахæм иттæг зондджын, ротмистр Лорис-Меликов. Лорис-Меликов тæтæйрагау тæтæйраг лæгæй уæлдай нæу, æмæ йыл, æз æй куыд æмбарын, афтæмæй Хаджи-Мурат тынг хорз æууæнды. Ам, Калачы, Хаджи-Мурат дæс боны иу агъуысты мидæг Шушайы зылды хицау — кънйаз Тарханы-фыртимæ фæцард. Тарханы-фырт иттæг лæджыхъæдджын æмæ æууæнкджын адæймаг у, лæгæй лæг зæгъын хъæуы. Хаджи-Муратæн Тарханы-фырт йæхи бауарзын кодта æмæ йыл, уымæ гæсгæ, тынг хорз æууæндыд. Тæтæйрагау тынг дæсны дзуры, æмæ уый руаджы Хаджи-Муратимæ нæ зæрдæбыны ныхæстæ, нæ сусæг хъуыддæгтæ-иу кæрæдзийæн æргом кодтам. 

Æз Тарханы-фыртимæ аныхæстæ кодтон, æмæ мемæ разы y алцæуылдæр Хаджи-Мураты тыххæй. Зæгъы: кæнæ æз куыд бакодтон, афтæ бакæнын хъуыд, кæнæ йæ ахæстоны дарын хъуыд, науыйнæй — a бæстæй йæ искæдæм фервитын хъуыд, уымæн æмæ йæм дзæбæх цæстæй куы нæ ракастаиккам, уæд йæ бахъахъхъæнын зын уыдаид. Æвзæр æгъдауы мидæг æй куы сæвæрдтаиккам, уæд нын Хаджи-Мурат æмæ Шамилы знагдзинад пайда нæ, фæлæ фыдбылыз фæцадаид, уымæн æмæ хæххон адæм, уый базонгæйæ, бар-æнæбары дæр Шамилимæ фидыдтаиккой æмæ йæ ныхмæ ныллæууын ничиуал бауæндыдаид. Кънйаз Тарханы-фырт мын загъта, Хаджи-Мурат иудзырдон æмæ æцæг лæг кæй у, уый йæ кæй уырны. Хаджи-Мурат æнæгуырысхойæ тынг хорз зоны, Шамил ын дзырд куы радта, бахатыр дын кæндзынæн, зæгъгæ, уæддæр æй кæй фæсайдзæн æмæ йæ искæдбон æнæ амаргæ кæй нæ фæуыдзæн, уый. Æцæг иу хъуыддаг ис: Тарханы-фырт Хаджи-Муратыл дызæрдыг, гуызавæ цæй тыххæй кæны, ахæм, æмæ йæ сусæг дæр нæ кæны: Хаджи-Мурат диныл æгæр баст, æгæр иузæрдион у, æмæ уымæ гæсгæ тæссаг у, Шамил æй дины æгъдауæй, дины номæй йæхирдæм куы аздаха, уымæй. Фæлæ, æрдæбон кæй загътон, уый та зæгъын: Шамил Хаджи-Мураты ницæй тыххæй бауырнын кæндзæн, цæвиттон, фæстæмæ йæм аздæхт, уæд æй кæнæ уыцы бон, кæнæ искæдбон ма амара, ууыл. 

Гъе уый дын мæ хабæрттæ, мæ уарзон кънйаз, зæгъинаг дын кæй уыдтæн, ам чи ’рцыд, уыцы хъуыддæгты тыххæй». 

 

XV
 

Уыцы гæххæтт æрвыст æрцыд Калакæй 1852 азы декабры 24 боны. Писмохæссæг фæндагыл бæхтæрджыты цæсгæмттæ пырх кæнгæйæ æмæ тыхтардæй бæхтæ цæгъдгæйæ, æнтъæргæ бæхæй, Ногбонæй бон раздæр, гæххæтт æфсæддон министр кънйаз Чернышевыл сæмбæлын кодта 1852 азы. Тъæнджы мæйæн йæ фыццаг бон Чернышев иннæ хъуыддæгтимæ Воронцовы гæххæтт паддзахмæ бахаста. 

Чернышев Воронцовы нæ уарзта, иуæй, тынг кадджын æмæ уарзон лæг кæй уыд адæмæн, уый тыххæй, иннæмæй, стыр мулчы хицау æмæ хæрзмыггаг дæр кæй уыд, Чернышев та кънйаз æрæджиау кæй ссис æмæ уымæ гæсгæ цауддæр кæй уыд мыггагæй, уый тыххæй; фæлæ уæлдай тынгдæр та, паддзах Воронцовмæ дзæбæх цæстæй кæй каст æмæ йæ хъулон уарзт кæй кодта, уый дымæгмæ. 

Уымæ гæсгæ Чернышев Воронцовмæ къухгæнæн кодта æмæ йын амал æмæ гæнæн цас уыд, уымæй нæ ауæрста истæмæй Воронцовы бахъыгдарыныл. Айагъоммæ Чернышев Кавказы хъуыддæгты тыххæй цы радзырдта, уым ын Воронцовы фелхыскъ кæнын бантыст. Никъала-паддзахы зæрдæ фæхудти, хицæутты аххосæй æмæ æнæсæрфатдзинадæй уырысы æфсæдтæй иучысыл къордæн хæххон адæм алæмæты цагъд кæй ныккодтой, уый тыххæй. Ныр дæр йæ зæрды уыд, Воронцовы уынаффæ Хаджи-Мураты тыххæй рæдыды æгъдауыл бавдисын. Уый паддзахæн бамбарын кæнынмæ хъавыд, цыма Воронцов уырысæй иннæ æцæгæлон адæммæ дзæбæхдæр цæстæй кæсы, йæ арм сыл дары æмæ сын фарсласæн кæны, уыйау. Хаджи-Мурат, æвæццæгæн, махмæ рацыд æрмæст нæ хъæнтæ, не ’фсæддон хъуыддæгтæ æмæ нæ хæцæнгарз сбæрæг кæныны тыххæй, æмæ уымæ гæсгæ хуыздæр уыдаид, Хаджи-Мурат Уæрæсейы бæрæгастæумæ æрвыст куы ’рцыдаид, уæд. Цалынмæ йæ бинонтæ нæ къухы бафтой æмæ ныл ныр гадзрахатæй нал рацæудзæн, уый бæлвырддзинад сбæрæг уыдаид, уалынмæ йæ хъуыддагмæ хæстæг уадзын нæма хъуыди. 

Фæлæ Чернышев цы сфæнд кодта, уый йын ацы хатт нæ бантыст, уымæн æмæ тъæнджы мæйæн йæ фыццаг бон Никъала-паддзах йæ уагыл, йæ дзæбæх зæрдæйыл нæ уыд æмæ уыйадыл æрмæст мæ фæндон уа, мæ дзырд суа, уый тыххæй никæмæ байхъуыстаид, никæй дзырдæн аргъ скодтаид, уæлдайдæр та Чернышевы дзырдæн. Никъала Чернышевы нæ уарзта, фæлæ, йæ бæсты хуыздæрæн кæй æрæвæрдтаид, ахæм лæгыл нæ хæст кодта æмæ йæ æнæбары дардта. Декабристты хъуыддаджы мидæг йе ’рвад Захар Чернышевы фесафынмæ кæй хъавыд, йæ бынтыл ын æрхæцон, зæгъгæ, уыйадыл æй паддзах стыр æдзæсгом, æнаккаг, æнахъинон адæймагыл нымадта. Уыцы бон Никъала Хаджи-Мураты амондæн йæ чемы, йæ зæрдæйы дзæбæхыл кæй нæ уыд, уый сæраппонд Хаджи-Мурат баззад Кавказы. Чернышев æндæр бон куы раныхас кодтаид, уæд, чи зоны, æмæ Хаджи-Мурат уыцы æгъдауы мидæг нæ баззадаид. 

Фараст сахаты æмæ æрдæг уыдаид. Фыр хъызтæй арвыл фæлм сбадт. Термометр уазал æвдыста 20 градусы. Стæвдтæарæзт, даргъзачъеджын, Чернышевы бæхтæрæг хораса хъæдабæ тæнæгбыл худы мидæг, паддзах Никъала цы дзоныгъы фæбады, ахæм гыццыл дзоныгъы мидæг разæй бадгæйæ паддзахы Зымæгон цæрæн галуаны дуармæ хъысхъысгæнгæ стæлфыд æмæ йæ хæлар, кънйаз Долгорукийы бæхтæрæгæн йæ сæрæй акуывта. Уымæн йæ хицау дзоныгъæй раджы рахызт æмæ, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, æддейы паддзахы дуармæ лæууыд, йæ бæзджын бæмбæджджын уæлæфтауы бын йæ бози бакодта æмæ йе ’ргъæвст къухтæ аууæрста. 

Чернышев уыд хъуынджын халасхуыз уырддзарм æфцæгготджын цинелы мидæг æмæ æртæдзыхон худы, уасæджы систæй фæлыст йæ сæрыл, æгъдаумæ гæсгæ кондæй. Дзоныгъæмбæрзæн арс дзарм иуварсырдæм аппæрста æмæ арæхсгæйæ йе ’ргъæвст къæхтæ дзоныгъæй раласта. Къалос нæ дардта, æмæ йæм уыцы æгъдау кæй уыд, уый лæгдзинадыл нымадта, уымæй йæхи сæрыстыр кодта, йæ сины сæрыл хæцыд. Йæхи рæстытæ кæнгæйæ, лæппуйы цыдæй, шпорæтæй32 зыланг-мылунг кæнгæ, гауызæй æмбæрзт тыргъмæ бараст. Дуаргæс ын рагацау, стыр адæмæн куыд æмбæлди, афтæ дуар зæрдæлхæнæн конд бакодта. Йæ цинел йе уæнтæй камер-лакейы33 къухтæм æрæппæрста, айдæны цур алæууыд æмæ арæхсгæйæ йæ худ систа йæ къæбæлдзыг кæнгæ сæрыхъуынтæй. Айдæны йæхимæ бакаст, йæ дадалитæ æмæ йæ бецыкк аздыхтытæ кодта, йæ зæронд къухтæй йæ хæрзиуæг34, аксельбанттæ35 æмæ пъагæттæ адзæбæхтæ кодта æмæ лæмæгъ, æндæдзгæ цыдæй, йæ зæронд æгоммæгæсгæ къæхтыл гауызæй æмбæрзт тæссармæ арæзт асинтыл хæрдмæ цæуын байдыдта. Дуары цур лæууыдысты камер-лакейтæ бæрæгбонарæзтæй æмæ Чернышевæн цагъайраджы зæрдæлхæнæн куывд акодтой сæ сæртæй, сæ цурты куы бараст æнхъæлмæгæсæн уатмæ, уæд. Радгæс, æрæджы флигель-адъютанты бынаты кæй сæвæрдтой, ахæм, æрттывдтытæ калгæ йæ ног дарæсы мидæг, æнæихсыд, сырхуадул цæсгом æмæ гыццыл сау рихитимæ æмæ, Никъала Павелы фырт куыд кодта, афтæ размæ, цæстыты ’рдæм фаст гыццыл сау дадалитимæ зæрдæлхæнæн худæнбылæй Чернышевы размæ рауад. Кънйаз Василий Долгорукий, æфсæддон министры хæдивæг, æнкъард æмæ къуымых цæстæнгасимæ Чернышевы къух райста. Долгорукий паддзах Никъалайы хуызæн æмæ уый æгъдауыл рихитæ, зачъетæ æмæ дадалитæ дардта. 

— L’empereur?36 — загъта Чернышев флигель-адъютантæн, йæ цæстытæй паддзахы кусæнуаты дуармæ амонгæйæ. 

— Sa majeste vient de rentrer37, — хъæлдзæгæй, æнувыдæй йæ хъæлæсы ахастмæ хъусгæйæ, загъта флигель-адъютант. Зæххыл нæ хæцыд, афтæ фæлмæн рог къахдзæфтæ кæнгæйæ бацыд дуармæ. Цыма доны агуывзæ йæ сæрыл куы хастаид, уæддæр дзы æртах дæр нæ акалдаид, афтæ рог къахдзæфтæй цыд. Цы бынатмæ фæцæуы, уымæн бирæ кад кæй кæны, уый йыл бæрæг уыд. Дуар бакодта сындæггай æмæ фæмидæг. Долгорукий, дзæгъæл бадты бæсты, йæ пъартфел райгом кодта æмæ, йæ мидæг цы гæххæттытæ уыд, уыдон равзар-бавзар кодта. Чернышев та, йæ къæхтæ раст кæнгæйæ, тарæрфыгæй рацу-бацу кодта æмæ, паддзахæн цы хъуыддæгтæ зæгъинаг уыд, уыдоны тыххæй хъуыдытæ кодта. Чернышев паддзахы кусæнуаты дуары цур куыд лæууыд, афтæ дуар байгом, æмæ мидæгæй рацыд фыццагæй ноджыдæр тынгдæр æрттиваг æмæ уæздандæр арæзт флигель-адъютант æмæ къухы ацамындæй мидæмæ загъта æфсæддон министрæн æмæ йæ хæдивæгæн. 

Паддзахы Зымæгон галуан сыгъды фæстæ ног конд æрцыд, æмæ ма Никъала цард, уæллаг уæладзыджы министртæ æмæ стыр хицæуттимæ цы уаты мидæг ныхас кодта, уым. Уый уыд тынг бæрзонд уат цыппар дынджыр рудзынгимæ. Йæ сæйраг къулыл ауыгъд уыд паддзах Александр I стыр хуыз. Рудзгуыты æхсæн лæууыдысты бæрзондкъахджын дыууæ стъолы. Къулты æнцой æвæрд уыдысты иукъорд бандоны, уатæн йæ бæрæгастæу — дынджыр фыссæн стъол, стъолы раз — Никъалайы къæлæтджын фæлмæн бандон æмæ æнæуи бандæттæ, чи йæм цыд, уыдоны тыххæй. 

Никъала, æрдæгпъагæттимæ, сау сюртучы мидæг, стъолы раз бандоныл йæ хытъынджын æнгомæлвæст гуыр фæстæуæз ауагъта æмæ мæрдон цæстæнгасæй æдзынæг каст, чи йæм цыд, уыдонмæ. Даргъ урс цæсгомыл йæ фæтæн дынджыр къуыпп ных бæрæг дардта йæхи лæгъз фаст дадалиты æхсæнæй. Дадалитæ аив тыхт уыдысты йæ кæнгæ сæрыхъуынтимæ, йæ гæмæх сæр бæрæг куыд нæ уыдаид, куыд нæ зындаид, афтæ. Йæ мæрдон æнтъыснæг цæсгом æмæ йæ тар цæстытæ абоны бон æнæуи бонæй уæлдай тардæр æмæ æнтъыснæгдæр уыдысты. Хæрдмæ здыхт рихиты бын зæронд былтæ, ногдаст нард уадултæ цæджындзау быцæуæвæрд бæрзонд æфцæгготимæ, зормæйы хуызæн рæсугъд тыхт зачъетæ æмæ æфцæгготмæ æлхъывд роцъо — уыдон ын йæ цæсгомы хатт, цы уыд, уымæй йæ ноджы мæстыхуыз æмæ карздæр кодтой, цыма уыцы бон йæхи дæр нæ уарзта, уый хуызæн уыд. 

Афтæ цæмæн уыд куы зæгъай, уæд, цæвиттоны хъуыддагæй, фæллад уыд. Фæллад та уымæн уыд, æмæ уыцы бонæн йе ’хсæвы маскарады уыд. Уым, йæ цъиуджын худ йæ уæлæ, афтæмæй адæмы æхсæн рацу-бацу кодта. Адæм ыл æмбырдтæ кодтой æмæ йын æнæзивæгæй, тæрсгæ-ризгæйæ фæндаг лæвæрдтой йæ дынджыр, стæвдтæарæзт гуыры бакасты тæссæй. Уыйагъоммæ, айфыццаг цы маскарад уыд, уым иу урсбуар, хæрзконд, гуырвидауц, зæрдæмæдзæугæ, буцхъæлæсджын маскæйыл сæмбæлд. Зæронды зæрдæ рæсугъд чызгмæ бахъазыд. Чызг ын зæрдæтæ бавæрдта, иннæ маскарады сæмбæлдзыстæм, зæгъгæ, æмæ фæаууон, йæхи асайдта. Дысоны маскарады та йæм уыцы чызг йæхи баласта, æмæ йæ Никъала ацы хатт йæхицæй никæдæмуал ауагъта, фæлæ йæ йæ бынатмæ бахуыдта. Никъалайæн сылгоймагимæ хибарæй абадын амал цæмæй уыдаид, уыцы бынат сæрмагонд уый тыххæй арæзт уыд. Бынаты дуармæ æнæдзургæйæ бацыд, фæстæмæ фæкаст æмæ йæ цæст алырдæм ахаста, — йæхинымæры дуаргæсы агуырдта, — фæлæ уый уым нæ разынд. Никъала йæхи фæтар кодта, дуар батъæпп ласта æмæ æхсины йæ разæй бауагъта. 

— Il уа dueldu ’un38, — загъта маскæ францусагау æмæ æваст фæлæууыд. Бынат æцæг уыд ахст: хъæдабæйæ æмбæрзт гыццыл диваныл фæрсæй-фæрстæм кæрæдзимæ хæстæг бадтысты иу улайнаг афицер æмæ æвзонг, хæрзуынд, бурхил, къæбæлдзыгсæр сылгоймаг æнæ маскæйæ «Домино»39 дарæсы мидæг. Сылгоймаг Никъалайы мæстыхуыз, карз цæсгом æмæ схъæл гуыры фæлгонц куы ауыдта, уæд йæ маскæ йæ уæлæ акодта. Улайнаг афицер удаист фæци æмæ фыр адæргæй цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Хуызæртау дзы нал баззад, æмæ Никъаламæ дзагъырдзæстæй кæсгæйæ цавддуры хуызæн диваныл уыцы бадгæ-бадын баззад. Никъалайæ тынг кæй тарстысты, уый йæхицæн дæр зындгонд уыд, ахуыр ыл уыд, ноджы йæм уый дзæбæхау каст, фæлæ йæм ахæм æгъдау дæр уыд: хаттæй-хатт, йæ тасæй-иу ризæг кæуыл бахæцыд æмæ-иу мысты хуынкъ туманæй чи агуырдта фыр адæргæй, уыдоны-иу æнæнхъæлæджы дзæбæх, лæгъз, рæвдауæн ныхæстæй бабуц кодта. Ныр дæр афтæ бакодта. 

— Me ’фсымæры хай, — загъта Никъала зæрдæдзæф афицерæн, — ды мæнæй, æвæццæгæн, иучысыл кæстæр уыдзынæ æмæ нын дæ бынат саккаг кæндзынæ. 

Афидер йæ хуыз къорд фæлывды акодта, стæй, йæ уд йæ мидæг куы ’рцыд, куы æрномыл, уæд фæтæррæст ласта æмæ гуыбыр-гуыбыр æнæдзургæйæ, йæ маскæйы фæдыл адзæхст ласта. Никъала иунæгæй йе ’хсинимæ баззад. 

Маскæ разынд ссæдзаздзыд, æнæмоймæдзыд, сывæллæттæм кæсæг40 шведаг усы чызг. Чызг раныхас кодта Никъалайæн, сывæллонæй нырмæ йæ куыд бауарзта йæ нывтæм гæсгæ, йæ хуыцауы хайыл æй куыд нымадта æмæ йæхицæн куыд сныв кодта, исты æгъдауæй йæ мæхимæ куы ’ркæсын кæнин, зæгъгæ. Ныр цæмæ хъавыд, цæмæ бæллыд, уый федта йæ дыууæ цæстæй æмæ Хуыцауæй разы у, йæхи амондджын хоны. Чызджы аластой, Никъала сылгоймæгтимæ кæрæдзи цæсгом кæм уыдтой, уыцы бынатмæ, æмæ уым сахат уыдаид, — фылдæр — иумæ фесты. 

Уыцы ’хсæв фæстæмæ сæхимæ æрцыд. Йæ сины сæрыл цæмæй хæцыд æмæ йæхицæй цæмæй æппæлыд, уыцы нарæг хъæбæр хуыссæнуаты схуыссыд æмæ, Наполеоны худæй диссагдæр æмæ кадджындæр кæй кодта, йæхи сæрыстыр кæмæй кодта, уыцы уæлæфтау дзаумайæ йæхи æрæмбæрзта æмæ тынг æрæгмæ бафынæй. Йæ зæрдыл-иу æрбалæууыд æмæ-иу йæ цæстытыл ахъазыд куы уыцы чызджы тарст хуыз кæнæ йæ хъæлдзæг урс цæсгомы хатт, куы та, рагæй кæимæ цард, йæ зæрдæ кæуыл нæ ивта, уыцы ус, Нелидовты чызджы тыхджын нард уæхсчытæ, æмæ йæхинымæры дыууæйы иу ран æрæвæрдта æмæ сæ кæрæдзийыл абарста. Бинонтæджын адæймагæн хæтын сæрмæ хæссинаг кæй нæу, аипп æмæ худинаг кæй у, уый йæ хъуыдыйы дæр нæ уыди, æрдумæ дæр æй нæ дардта, æмæ йын исчи уыцы æгъдау аиппыл куы банымадтаид, уæд стыр дисы бацыдаид. 

Никъала ахæм хъуыддæгтæм уыцы цæстæй каст, цыма, цы ’мбæлы, уый кодта, уый хуызæн, фæлæ уæддæр цыдæр маст йæ зæрдæмæ хаста æмæ цыдæр изгарддзинад æндæвта. Уыцы маст, уыцы зæрдæйы рис цæмæй ссыдаид, цæмæй бамынæг уыдаид, уый тыххæй кæддæриддæр, чи йын-иу æй басабыр æмæ ферох кæнын кодтаид, ахæм хъуыдытыл-иу фæци. Уыцы хъуыдытæй иу уыд, «стыр лæг» кæй у, уый. 

Уыцы æхсæв æй хуыссæг хорз нæ ахста, æрæгмæ бафынæй, фæлæ уæддæр райсомæй аст сахатыл сыстад, йæ дзауматæ йæ уæлæ акодта, йæхимæ базылд, йæ дынджыр нард буар асæрфтытæ кодта æмæ Хуыцауæн бакуывта. Радзырдта ахуыры æгъдауыл, сывæллонæй нырмæ цы куывдтыл сахуыр, уыдон: «Хуыцауы ныййарæг», «Уырны мæ», фæлæ кувгæйæ цы ныхæстæ кодта, уыдон цы сты, цæмæ цæуынц, уый йæ фæсонæрхæджы дæр, йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Стæй чысылдæр дуарыл йæ къабазджын цинелы мидæг Набережнæйы уынгмæ рацыд. Уынгæн йæ тæккæ бæрæгастæу сæмбæлд йæхи хуызæн стæвдтæарæзт бæрзонд скъолайы лæппуйыл мундир æмæ сгæллад худы мидæг. Мундирмæ гæсгæ базыдта, цавæр скъолайы каст, уый. Уыцы скъола Никъала нæ уарзта, зæрдæвæндон хъуыддаг дзы кæй кодтой, уый тыххæй, æмæ уый сæраппонд йæхи фæтар кодта. Фæлæ лæппуйы бæрзонд гуыр, йæ аив æрлæуд, æгъдауыл чест раттын æмæ, чест дæтгæйæ, рæмбыныкъæдзы схъæл дард Никъалайы зæрдæмæ бацыдысты, æмæ йæ зæрдæ фæтасыд, фæфæлмæндæр. 

— Дæ мыггаг кæмæй у? — бафарста йæ Никъала. 

— Полосатов, дæ паддзахады бæрзонддзинад. 

— Молодец! 

Лæппу йæ бынатæй нæ фезмæлыд, лæууыд уыцы чест дæтгæйæ. Никъала ныллæууыд. 

— Æфсæддон куыстмæ бацæуын дæ фæнды? 

— Нæ фæнды. 

— Æдылы сæр, гуымиры. 

Æмæ Никъала йæхи фæтигъ кодта, лæппумæ йæ чъылдым фездæхта, дарддæр араст æмæ, йæ зæрдыл цы ныхæстæ æрбалæууыд, уыдон хъæрæй дзурын байдыдта. «Копервейн, Копервейн», — къорд хатты кæрæдзи фæдыл сдзырдта зноны чызджы ном. «Хорз нæу, хорз нæу». Цы дзырдта, уымæ йæ хъус нæ дардта, фæлæ йæ зæрдæмæ цы маст хаста, уый цæмæй ферох кодтаид, уый тыххæй æндæр хъуыдытыл ахæцыд æмæ йæхинымæр дзырдта: «Цымæ цы уыдаид æнæ мæн Уæрæсе», — загъта Никъала йæхицæн, йæ маст та йæм хъарын куы байдыдта, уæд. «Цымæ цы уыдаид æнæ мæн æрмæст Уæрæсе нæ, фæлæ æппæт Европæ дæр?» Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ усы æфсымæр, немыцы паддзах, уымæн йæ лæмæгъдзинад, йе ’дылыдзинад, æмæ йæ сæр банкъуыста. 

Фæстæмæ сæ хæдзары дуармæ куы баввахс, уæд Павелы чызг Еленæйы къарет ауыдта, Салтыковы бацæуæн дуармæ куыд æрбацæйхæццæ кодта, афтæ. Никъалайы цæсты Еленæ Павловнæ æнæсæрымагъз, хæрз æдылы сылгоймæгтæй уыд, уымæн æмæ ахуырдзинад, поэзи æмæ, адæмæн куыд уынаффæ кæнын хъæуы, сæ царды уавæр сын куыд саразын хъæуы, уыдæттæ-йедты тыххæй чи хъуыды кодта æмæ афтæ æнхъæл чи уыд, сæхицæн уынаффæ кæнын Никъалайæ хуыздæр базондзысты, зæгъгæ, уыцы фæндоныл хъуыдыгæнæг æмæ хи зондыл цæуæг адæмæй уыд. Никъала зыдта, ахæм адæмы цас фылдæр хъыгдардта, цас тынгдæр сæ æлхъывта, уыйас уыдон дæр æргомæй-æргомдæр æмæ фылдæрæй-фылдæр кæй кодтой, уый, æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ ногмард æфсымæр — Михаил Павелы фырт, æмæ йæ зæрдæ æрæнкъард. Йæхи тынг фæтар кодта æмæ та, йæ дзыхы цы ныхæстæ абадт, уыдон йæхинымæр дзурын байдыдта. Цалынмæ галуаны мидæг фæци, уалынмæ йæ ныхас кæнынæй нæ банцад. 

Сæхимæ куы бацыд, уæд йæ сæры тылыл кæнгæ сæрыхъуынтæ адзæбæхтæ кодта, йæ рихитæ хæрдмæ сыздыхта æмæ æмраст йæ кусæнуатмæ, докладтæм кæм хъуыста, уырдæм бараст. 

Æппæты фыццаг йæхимæ æрбауагъта Чернышевы. Чернышев уайтагъд Никъалайы йæ хуызæй, уæлдайдæр йæ цæстæнгасæй, бамбæрста, a нæхион та абоны бон йæ уагыл, йæ зæрдæйы дзæбæхыл кæй нæу, уый. Йе зноны хабæрттæ йын зыдта æмæ йæ цы базонын хъуыд, цæмæн афтæ уыд, уый. Æвæндонæй, æнæбары æгъдауыл ын Никъала йæ къух райста, сбадыны бар ын радта æмæ йæм йæ мæрдон цæстытæ ныддардта. 

Фыццаг хъуыддаг Чернышевы доклады мидæг уыд, æфсæдты хæдзарады кусджыты хуыснæгдзинад куыд фæхъæр, уый хабар; дыккаг — немыцы арæныл ног æфсæдтæ æрæвæрын, æртыккаг — рохуаты чи баззад æмæ уыйадыл ногбоны лæвæрттæй æнæхай чи фæци, уыдон бавдисын; стæй, уыдоны фæстæ, Воронцовы уацхъуыд Хаджи-Мураты рацыды тыххæй æмæ фæстаг хъуыддаг — дохтырты академийы студент профессоры марынмæ куыд хъавыд, уыцы зæрдæниз, æнамонд хъуыддаджы хабар. 

Никъала æнæдзургæйæ, æмырдзыхæй, йæ урс къухтæй, сыгъзæрин къухдарæн йе ’нæном æнгуылдзыл, афтæмæй йæ разы гæххæтты сыф расæрф-басæрф кодта æмæ æнувыдæй давды хъуыддаджы хабармæ хъуыста, æдзынæгæй Чернышевы ных æмæ бецыкмæ кæсгæйæ. 

Никъала дызæрдыг нæ уыд, тынг хорз зыдта, æфсæдты хæдзары кусджытæ æнæ иу цухæй, ce ’ппæт дæр кæй давынц, бафхæринаг кæй сты, уый, æмæ бауынаффæ кодта ce ’ппæты дæр салдат раттын, фæлæ гуырысхо нæ кодта, сæ фæстæ сын сæ бынæттæ чи бацахста, уыдон дæр та афтæ кæндзысты æмæ æнæдавгæ кæй нæ уыдзысты, уый. Чиновниктæн сæ цардмæ гæсгæ æнæ давæн нæ уыд, Никъалайы куыст та уыд уыдон æфхæрын. Йæ зæрдæ дзы куыд нæ фæхаудаид уыцы куыстæй, фæлæ æндæр амал нæ уыд, æмæ йæ æнæзæрдæхсайгæйæ, æнæзæрдæхудтæй æххæст кодта. 

— Куыд уынын, афтæмæй махмæ, æгас Уæрæсейы, иунæг раст адæймаг йеддæмæ нæй, — загъта Никъала. 

Чернышевæн цы бамбарын хъуыд, уыцы зыбыты иунæг раст адæймаг Уæрæсейы мидæг Никъала йæхæдæг кæй уыди, æмæ йæ мидбылты бахудти разыйы худтæй. 

— Æвæццæгæн, афтæ у, де стырдзинад, — загъта Чернышев. 

— Уадз æй, æз ыл мæ уынаффæ æрæвæрдзынæн, — загъта Никъала, гæххæтт райста æмæ йæ галиуварсырдыгæй стъолгæрон æрæвæрдта. 

Уый фæстæ Чернышев ныхас кæнын байдыдта хæрзиуджытæ раттыны æмæ æфсæдты иу ранæй иннæ ранмæ аивыны тыххæй. Никъала гæххæтмæ æркаст, иукъорд номы дзы ахахх кодта æмæ цыбырæй цæхгæр загъта: немыцы арæнтæм дыууæ дивизийы аппарын хъæуы. 

Немыцы паддзах йæ адæмæн 1848 азы конституци кæй радта, уыцы маст Никъалайæн йæ зæрдæйæ нæ цух кодта æмæ йын уыцы хъуыддаг бахатыр кæнын нæ фæрæзта. Лæгъз дзыхы уаг æруагъта йæ каисмæ, уарзон ныхæстæ йæм æрвыста йæ писмоты, фæлæ уæддæр, — куыд вæййы, цы вæййы... — немыцы арæнтыл æфсæдтæ дарын кодта. Немыцы адæм, мыййаг, куы базмæлыдаиккой æмæ революци куы сарæзтаиккой (Никъалайæн та адæмы змæст йæ цæстытыл хъазыд), уæд уыцы æфсæдты немыцы бæстæм басхуыстаид йæ каисы бынат бахъахъхъæнынмæ. Афтæ Никъала, Австрийы сæрыл хæцгæйæ, венгрты ныхмæ йе ’фсæдтæ батардта. Цæмæй йын немыцы паддзах йæ уынаффæтæн, йæ дзырдæн тынгдæр аргъ кодтаид, æрмæст уый тыххæй дæр хъуыд æфсæдтæ дарын немыцы арæнтыл. 

«Цы баййæфтаид ацы дуджы Уæрæсейы мæгуыр сæр, æз куы нæ уыдаин, уæд?» — ахъуыды та кодта йæхинымæр Никъала. 

— Цы зæгъинаг ма дæ? — афарста Никъала. 

— Кавказæй æрвыст лæг схæццæ, — загъта Чернышев æмæ, Воронцов Хаджи-Мураты тыххæй цы фыста, уыдон ын дзурын байдыдта. 

— А-гъа, — загъта Никъала. — Йæ райдиан хорз у. 

— Уый дæ уынаффæты зыввытт у: дыргъ дæттын байдыдтой, — загъта Чернышев. 

Уыцы раппæлындзинад Никъалайы зæрдæйæн иттæг æхсызгон уыд. Хæстон хъуыддæгты мидæг цыма йæ зонд хорз карста, дæсны уыд, афтæ æвдыста йæхи, йæ мид-зæрдæйы та уыцы хъуыддæгтæн кæй ницы æмбæрста, уый тынг хорз зыдта. Ныр æй æрфæндыд йæхи хъусæй фехъусын бæлвырддæрæй, куыд дзы феппæлынц, уый, æмæ уый дымæгмæ Чернышевы афарста: 

— Дæумæ та куыд кæсы, ды та йæ куыд æмбарыс? 

— Æз æй афтæ æмбарын: де стырдзинады уынаффæ æмæ зондыл раздæр куы ныххæцыдаиккой, — хъæд цæгъдгæйæ æмæ знаджы хор-хос пырх кæнгæйæ, чысылгай размæ куы цыдаиккой, уæд Кавказ раджы уыдаид нæ къухы. Хаджи-Мураты рацыд дæр дæ уынаффæйыл баст у. Куы бамбæрста, бирæ нал фæхиздзæн æмæ йын фæлæууæндон нал уыдзæн, уæд йæхи райста. 

— Уымæй раст зæгъыс, — загъта Никъала. 

Хъæд цæгъдгæйæ æмæ знаджы хортæ-хостæ пырх кæнгæйæ, сындæггай знаджы бæстæм хæстæгæй-хæстæгдæр цæуын, — уыцы хæсты пълан, уыцы зонд æмæ уынаффæ рацыд Ермолов æмæ Вельяминовæй, Никъала та кæддæриддæр йæ риуы æмбæрц цыд æмæ хъуыддагмæ æндæр цæстæй каст. Уый зондмæ гæсгæ, æвиппайды уыциу цæфæй, Шамилы цæрæнбынат бацахсын хъуыд æмæ уыцы абырæгдон, уыцы абырджыты ахстон ныппырх кæнын хъуыд, дур дзы дурыл куыннæуал баззадаид, афтæ. Уымæ гæсгæ æфсад кодтой Даргинмæ. Уый сæраппонд æрдыд, уырысы адæмæн æмбисонды дагъд кæм ныккодтой, уыцы Даргины хæст дæр. Уыцы хъуыддаг Никъала йæхæдæг дæр нæ сусæг кодта. Ермоловы хæсты пъланæй дæр йæхицæй бузныг уыд. Афтæмæй уыцы дыууæ пъланы кæрæдзимæ тынг дард уыдысты, ce ’хсæн ницы уыд. Фæлæ Никъала дыууæйы дæр йæхи хуыдта, дыууæйæ дæр йæхицæй æппæлыд æмæ сæ йæхи сæрыстыр кодта. Йæ алфамбылай хæстæг æм цы адæм лæууыдысты, уыдоны æргом цæстмæхъус былæлгъты ныхæстæ, уыдоны æргом козбау митæ афтæ сдзæгъæл кодтой Никъалайæн йæ зонд æмæ йæ ныхæстæ, йæ хъуыдытæ æмæ йæ хъуыддæгтæ кæрæдзийыл кæй нал бадтысты, уыдæттæ-йедтæ нал æвзæрста, нал ахста. Фæлæ афтæ æнхъæл уыд æнæгуырысхойæ, йæ уынаффæтæ æмæ йæ митæ кæд цыфæнды æнæзонд æмæ æнæгъдау уыдысты, уæддæр, уый сæ кæй кодта, уымæ гæсгæ иттæг хорз æмæ зондджын уыдысты. Хаджи-Мураты хъуыддаджы фæстæ, Чернышев цы студенты тыххæй доклад скодта, уымæн дæр уыцы æнæгъдау, æвирхъау, æнахъинон тæрхон, ахæм зонд æмæ йæм æгъдау кæй уыд, уый сæраппонд скодта. 

Цæмæйдæриддæр, хъуыддаг афтæ уыд: уыцы лæппу-студент дыууæ хатты фæлтæрæн не сфæрæзта. Фæлтæрæн ын чи кодта, уыцы профессор та йæ æртыккаг хатт дæр куы фæкъуылымпы кодта, уæд лæппумæ уыцы хъуыддаг хъыг фæкаст, раст кæй нæ бакодта, уый тыххæй. Низджын куыд уыд, уымæ гæсгæ йæ маст нал баурæдта, стъолæй хæрынкъа фелвæста æмæ профессоры иукъорд уæлæнгай рæхуысты бакодта. 

— Йæ мыггаг кæмæй у? — афарста Никъала. 

— Бжезовский. 

— Поляк у? 

— Поляк y гуырдæй æмæ католик, — дзуапп ын радта Чернышев. 

Никъала йæхи фæтар кодта. 

Бирæ зындзинæдтæ, бирæ фыдбылызтæ сарæзта Никъала поляктæн. Йæхи цæсты раст цæмæй уыдаид æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл цæмæй нæ худтаид, уый тыххæй йæхицæн зæрдæтæ æвæрдта æмæ йæ уырныдта, поляк иудадзыгдæр, æнæ иу цухæй, цъаммар, æнæуаг, æнаккаг æмæ æнæгъдау адæм кæй уыдысты, уый. Ахæм зæрдæ сæм кæй дардта, уымæ гæсгæ сæ нæ уарзта, йæ цæстысындз сæ скодта æмæ сын фыдбылызтæ цас арæзта, фыд-зæрдæ дæр сæм уыйбæрц уымæ гæсгæ дардта. 

— Чысыл багæдзæ кæ, — загъта Никъала, цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ сæр дæлæмæ æруагъта. 

Чернышев зыдта, Никъала-иу исты стыр тæрхон кæнæ уынаффæ кæнынмæ куы хъавыд, уæд æй исдуг йæхи æгъдауыл ныууадзын хъуыд асагъæс кæныны тыххæй. Никъаламæ, йæхи ныхæстæм гæсгæ, уыцы сахат цыма Хуыцауы тæф, Хуыцауы курдиат хæццæ кодта, æмæ-иу æм мидæгæй йæ зæрдæйы бынæй цавæрдæр хъæлæс сдзырдта, цы æмæ йæ куыд бакæнын хъæуы, уый. Ныр дæр ын уыцы студенты хъуыддаг, поляктæм цы маст дардта, уый йæ зæрдыл æрæфтыдта, æмæ, йæ маст хуыздæр цæмæй ссыдаид, йæ маст цæмæй хуыздæр акалдтаид, уый тыххæй хъуыды кодта, æмæ йæм мидæгæй йæ зæрдæ сдзырдта ахæм тæрхон. Чернышевы доклад райста æмæ йын йæ сыгъдæгыл ныффыста ставд дамгъæтæй: 

«Амарын аккаг у, фæлæ, Хуыцауæй разы, амарын не ’гъдæуттæ нæ амонынц. Æз дæр, ахæм æгъдау чи рауадза, уыдонæй нæ дæн, 12 хатты йæ аскъæрын хъæуы мин лæджы æхсæнты. Никъала», — зæгъгæ, йыл ставд фыстæй йæ къух æрæвæрдта. 

Никъала зыдта, цъæхснаг телты цæфæй 12 мины нæ, фæлæ мин цæфæн дæр ничи бафæрæзтаид æнæ амæлгæ, цыфæнды домбай куы фестадаид, уæддæр. Фæлæ дурзæрдæ адæймаг кæм уыд, уым ын æхсызгон уыд, дзæбæхау æм каст искæй зындзинад, искæй тыхст, рис æмæ хъизæмар. Афтæмæй та, Уæрæсейы æгъдæуттæ марыны дзырд кæй нæ амыдтой, уый дæр цыма йæ зæрдæмæ цыд, афтæ хъуыды кодта. 

Студенты тыххæй йæ тæрхон куы ныффыста, уæд гæххæтт Чернышевы размæ хæстæгдæр бакодта. 

— Уый дын мæ тæрхон, — загъта Никъала. — Бакæс ма йæ. 

Чернышев æй бакаст æмæ, стыр диссаг зондджын тæрхон кæй скодта, уый тыххæй йын йæ сæрæй акуывта. 

— Студентты ce ’ппæты дæр лæгъзмæ ракæнын хъæудзæн, æмæ уыдоны раз, уыдоны цæстуынгæйæ куыд æрцæуа æфхæрд, афтæ, — бафтыдта ма Никъала. 

«Уый сын зондæн бæздзæн, пайда сын уыдзæн, — сæ зæрдыл æй хуыздæр бадардзысты. Æз сын уыцы революцион зонд æд уидæгтæ бындзарæй сæ зæрдæйы бынæй, Хуыцауы фæндонæй, срæмудздзынæн», — ахъуыды кодта йæхинымæр Никъала. 

— Хъусын дæм, — загъта Чернышев, исдуг æнæдзургæйæ алæууыд, йæ сæрыхъуынтæ адзæбæхтæ кодта æмæ та Кавказы хъуыддæгты тыххæй дзурын байдыдта: — Уæдæ мын цы фæдзæхсыс, куыд ныффыссон Воронцовмæ? 

— Мæ зондыл фидар хæцæнт, хæдзæрттæ халæнт, цæцæнæн сæ фос, сæ хор сафæнт, хъыгдарæнт сæ, стæры сæм арæх цæуæнт, семæ арæх хæцæнт. 

— Хаджи-Муратæн та цы уынаффæ кæныс? — бафарста йæ Чер нышев. 

— Уый тыххæй Воронцов куы фыста, Кавказы йæ ныууадзын пайдадæр уыдзæн, зæгъгæ. 

— Ницы тæссаг у? Фыдбылызæн нын куы фæуа, — загъта Чернышев æфсæрмы кæнгæйæ æмæ Никъаламæ фемдзастæй тæрсгæйæ. — Воронцов æгæр æууæндаг, æгæр стырзæрдæ у. 

— Ды та цы зæгъыс, куыд дæ фæнды? — къахæгау æй тызмæгæй афарста Никъала, — бамбæрста йын йæ зæрдæйы уаг, Воронцовы уынаффæ аивæй бафтауынмæ æмæ æвзæр хуызы бавдисынмæ кæй хъавыд, уый. 

— Мæнырдыгонау, æдасдæр уаид, Уæрæсемæ æрвыст куы æрцыдаид, уæд. 

— Дæуырдыгонау? — йæхинымæры Чернышевыл худгæйæ загъта Никъала. — Уæдæ мæнырдыгонау та, — æз разы дæн Воронцовы уынаффæйыл. Афтæ-иу æм ныффысс. 

— Хъусын дæм, — загъта Чернышев, уæлæмæ сыстад æмæ йын йæ сæрæй акуывта. 

Долгорукий дæр афтæ бакодта. Докладгæнгæйæ ницы дзырдта, æрмæст иу-дыууæ ныхасы скодта æфсæдты иу ранæй иннæ ранмæ аивыны тыххæй, уый дæр-иу æй Никъала куы афарста, уæд. 

Чернышевы фæстæ йæм бацыд хæрзбон зæгъынмæ хурныгуылæны бæстæйы хицау инæлар Бибиков. 

Зæхкусæг адæмæй хъаугъа чи кодта æмæ барвæндонæй чырыстон дин райсыныл разæнгард чи нæ уыд, уыдоны тыххæй Бибиков цы уынаффæтæ бакодта, ууыл Никъала йæ къух æрæвæрдта æмæ Бибиковæн бафæдзæхста, коммæ чи нæ кæса, уыдонæн æфсæддон тæрхондон сæ хъуыддагмæ куыд кæса, афтæ. Уый та уымæ цыд: дыууæ рæнхъæй-иу салдæтты æрлæууын кодтой, цъæхснаг телтæ сæ къухты, афтæмæй. Уыдон æхсæнты-иу лæджы аскъæрдтой, æмæ йын-иу алы салдат дæр иу цæф фæкодта. Ноджы ма йын бафæдзæхста: иу газеты редакторы салдат куыд раттаид, афтæ, сæрибар зæхкусæг адæмæй, бархъомыс кæмæ ничи дардта, уыдонæй иукъорд мин удгоймаджы паддзахы мыггаджы къухмæ кусæгæн куыд æгъдауæй радтой, уыцы бартæ йæ газеты кæй рауагъта, уый тыххæй. 

— Афтæ мæм хорз кæсы æмæ йæ кæнын, — загъта Никъала. — Уый тыххæй мæм бардзырдхъом мачи уæд. 

Бибиков, хъæлæкк, хорз æмбæрста, униатты41 тыххæй дæр, стæй паддзахады сæрибар зæхкусæг адæмы тыххæй дæр Никъала раст кæй нæ бакодта, æнæгъдау карз уынаффæ кæй рахаста, фæлæ йæ бон цы уыд, — фæстæмæ дзурæн нæ уыд, хъыпп-сыпп кæнын дæр æм ничи уæндыд. 

Ma сразы уæд Никъалаимæ, æмæ уæд, дыууиссæдз азы йæ туг цæуыл фæкалдта æмæ уыцы стыр бынат кæй руаджы бацахста, уыдон уыцы иу бон доныкъусы сæфт фæкодтаиккой. Уыйадыл Бибиков æнæ исты дзургæйæ йæ урсæмхæццæ сау сæр æргуыбыр кодта. Уый та уый уыд, æмæ паддзахы æнæгъдау карз, æнæзонд æмæ æдзæсгом фæндон æнæзæрдæхудтæй сæххæст кæнынмæ цæттæ у. 

Бибиков ацыд. Никъала йæхицæй ныббузныг, йæ хæс рæсугъдæй кæй сæххæст кодта, уымæй. Йæхи аивæзтытæ кодта, сахатмæ бакаст æмæ йæ дзауматæ кæнынмæ ацыд адæмы размæ рацæуыны тыххæй. Йæ мундир æд пъагæттæ, æд хæрзиуджытæ йæ уæлæ скодта æмæ залмæ рацыд, уым бæрæгбонарæзтæй устытæ гом æххæлæгæттимæ, лæгтæ мундирты мидæг, афтæмæй иу-фондзыссæдзæй фылдæр лæууыдысты, кæмæн кæм æмбæлд, уым, æмæ тæрсгæ-ризгæйæ æнхъæлмæ кастысты Никъалайы рацыдмæ. 

Мæлæг уды мæрдон цæстæнгас, бæрзонд къуыпп риу, ронæлвæстæй дынджыр, æддæмæдзыд, ронæй дихгонд гуыбын, — ахæм хуызы рацыд, æнхъæлмæ йæм чи каст катай кæнгæйæ, уыцы адæмы размæ. Адæм сæ каст уый скодтой. Никъала сæ зæрдæлхæнæн цæстæнгас æмæ сæ хуызмæ гæсгæ бамбæрста, стыр тас сæ кæй бацыд, уый, æмæ йæхи барæй ноджыдæр скадджындæр кодта, цыма йæ сæр никæмæ хæссы, уый хуызæн. Зонгæ цæсгомыл-иу йæ цæст куы ’рхæцыд, уæд-иу фæлæууыд, йæхинымæр-иу хъуыдытæ кæнын байдыдта, — ай та цымæ чи уа, кæмдæр æй цыма федтон, — къорд ныхасы-иу загъта кæнæ уырыссагау, кæнæ та францусагау æмæ-иу, уазал цæстæнгасæй кæсгæйæ, сæ ныхæстæм хъуыста. 

Адæм ын арфæтæ куы ракодтой, уæд аргъуанмæ араст. Хуыцау дæр йæ цагъарты, динамонджыты дзыхæй æнæуый адæмы хуызæн арфæ кодта æмæ æппæлыд Никъалайæ. Йæ зæрдæ сæ куыннæ фæхаудаид уыцы козбау æмæ зæрдæлхæнæн митæй, фæлæ уæддæр, цыма цы æмбæлд, уый кодтой, уыйау сæм хъуыста. Æнæ афтæ кæнгæ дæр нæ уыд, уымæн æмæ, Никъала куыд хъуыды кодта, уымæ гæсгæ дунейы амонд, дунейы дзæбæхдзинад ууыл баст уыдысты æмæ, кæд схъыг, кæд йæ зæрдæ сцъæх уыдоны койæ æмæ сагъæсæй, уæддæр дунейыл йæ арм дардта æмæ йын æххуыс кодта. Аргъуыдæн йæ фæуынмæ æввахс хæрзуынд, хæрзконд диакъон йæ хæрзфаст дзыккутимæ «бирæ хорз азтæ» куы ныццæлхъ ласта æмæ зарджытæ сæ рæсугъд хъæлæстæй æмдзыхæй куы ныззарыдысты, уæд Никъала фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ рудзынджы цур æхсин Нелидовайы йæ гом уæхсчытимæ лæугæйæ ауыдта, зноны чызгимæ сæ йæхинымæр абарста, кæцы сæ хуыздæр у, зæгъгæ, æмæ Нелидовайы хуыздæрæн равзæрста. 

Сихоры аргъуыды фæстæ йæ усмæ бацыд æмæ уым бинонты ’хсæн, йæ сывæллæттæ æмæ йæ усимæ хъазгæйæ, иукъорд минуты афæстиат. Стæй Эрмитажыл паддзахы хæдзарадон министр Волконскиймæ бацыд æмæ йын бафæдзæхста, зноны чызджы мадæн, хицæнæй йын цы æхцатæ ис сæрмагонд ахæм хъуыддæгты тыххæй, уыдонæй йын алы аз дæр пенси куыд дæттой, афтæ. Уырдыгæй, йæ ахуыр æгъдаумæ гæсгæ, рацу-бацу кæнынмæ афардæг. 

Сихор уыцы бон арæзт уыд Помпейы стыр уаты. Йæ кæстæр дыууæ фырты — Никъала æмæ Михаилы йеддæмæ ма хуынд уыдысты барон Ливен, граф Ржевусский, Долгорукий, пруссаг минæвар æмæ немыцы паддзахы флигель-адъютант. 

Паддзах æмæ йæ усы рацыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, æвдæлон сахат немыцы минæвар æмæ барон Ливанæн ныхас ацайдагъ, Польшæйæ цы ног тас хабæрттæ æрбацыд, уыдоны тыххæй. 

— La Pologne et le Caucases, ce sont les deux cauteres de la Russie? — загъта Ливен — Il nous faut dent mille hommes a peu pres, dans chcun de ces deux pays.42

Немыцы минæвар цымыдис лæгау йæхи дисгæнæг акодта, уый æцæг афтæ кæй у, уый тыххæй. 

— Vous dites, la Pologne?43 — афарста уый. 

— Oh, oui, c’etait un coup de maitre de Metternich de nous en avoir laisse l’embarras...44 

Уыцы ныхас куыд кодтой, афтæ паддзахы ус æрбацыд йæ тилгæ сæримæ, худгæйæ уазал мæрдон худтæй. Йæ фæдыл Никъала йæхæдæг. 

Фынджы уæлхъус Никъала раныхас кодта Хаджи-Мураты æмæ Кавказы хæсты тыххæй. «Йæ бонтæ нымад сты Кавказы хæстæн, бирæ нал ахæсдзæн, — загъта Никъала, — уымæн æмæ, æз дзырд радтон, хъæд цæгъдгæйæ æмæ фидæрттæ аразгæйæ сæ куыд сфæлмæцын, куыд стыхсын, схъуырмæ кæной, афтæ». 

Немыцы минæвар æмæ флигель-адъютант кæрæдзимæ аивæй бакæстытæ кодтой. Никъала, ницы æмбаргæ уæвгæйæ, йæхи хæстон хъуыддæгтæн стыр дæсны кæй хоны, уый тыххæй сæм a райсом ныхас уыд, æмæ йын уыцы хъуыддаг стыр сахъатыл, стыр æнамонддзинадыл банымадтой. Фæлæ Никъалайы цæстмæ минæвар дзурын байдыдта, æцæгдзинадæй Никъаламæ стыр курдиат кæй æргом, кæй бæрæг кæны, уый тыххæй. 

Фæссихор Никъала балетмæ ацыд. Уым æнгомæлвæст трико дзаумайы мидæг, мадард бæгънæджы хуызы, къорд сæдæ сылгоймаджы хъазыдысты. Иумæ дзы йæ зæрдæ тынг бахъазыд. Никъала балеты хицаумæ æрбасидт, раарфæ йын кодта æмæ йын балæвар кодта налхъуыт-налмасæй арæзт къухдарæн. 

Дыккаг бон Чернышев доклад кодта, æмæ ма йын Никъала ноджыдæр бафæдзæхста, йæ уынаффæ йын Воронцовмæ куыд ныффысса, афтæ, æмæ, ныр Хаджи-Мурат кæм рацыд, уым цæцæны тынгæй-тынгдæр хъыгдарæнт, сæ рацæуæнтæ сын ахсæнт æмæ сæ алырдыгæй æхгæнгæ цæуæнт, цъиу ратæхæн дæр дзы куыннæуал уа, афтæ. 

Чернышев Никъалайы фæдзæхстмæ гæсгæ Воронцовмæ ныффыста, æмæ æндæр æрвыст лæг тæргæ бæхæй, бæхтæ сахъат кæнгæйæ æмæ бæхтæрджыты цæсгæмттæ пырх кæнгæйæ Калакмæ сбалд кодта. 

 

XVI
 

Никъалайы фæндон сæххæст кæныны тыххæй уайтагъд, 1852 азы тъæнджы мæйы, Цæцæнмæ бафсад кодтой. 

Хæстмæ ацæуын цы æфсæдтæн саккаг кодтой, уыдон уыдысты: цыппар батальоны фистæг салдæттæ, дыууæфондзыссæдзы — бæхджын хъазахъхъæгтæ æмæ 8 сармадзаны. Æфсæдтæ адаргъ сты фæндагыл æмæ кæрæдзи фæдыл цыдысты. Сæ фæйнæфæрсты гурæй-гурмæ адæгты æмæ тæрфыты дæлæмæ-уæлæмæ кæнгæ цыдысты топпæй дæсны æхсæг салдæттæ бæрзондхъусджын цырыхъыты, цыбыр кæрцыты æмæ уæлдзарм худты мидæг, сæ топпытæ ce уæхсчытыл, сæ хъатаратæ æд гилдзытæ ce ’фцæджы, афтæмæй. Æфсæдтæ кæддæриддæр куыд фæцæуынц, афтæ ныр дæр цыдысты знаджы зæххыл сусæгæй, æнæхъæлæбайæ. Æрмæст-иу искуы иу хатт, гуыргъахъхъ фæндагыл цæугæйæ, сармадзанты дзæгъ-дзæгъ æмæ зæлланг фæцыд, кæнæ, сабырдзинады тыххæй хицæутты дзырд не ’мбаргæйæ, пыррыччытæ кодта æмæ уасыд сармадзаны ифтыгъд бæх, кæнæ, йæ маст чи нæуал баурæдта, ахæм хицау йæ кæстæртыл сусæгæй фæсус хъæлæсæй, хиуылхæцгæ, æмыр хъæр кодта æфсæдты алыварс хъахъхъæнджытыл, æгæр хæлиу, æгæр дард кæнæ æгæр æнгом кæй цыдысты, уый тыххæй. Æрмæст иунæг хатт сæ сабыр сусæг цыд фехæлди: хъахъхъæнджытæ æмæ æфсæдтæн сæ дыууæты астæуæй сындзы къохæй рагæпп ласта урсгуыбын, цъæхрагъ сыл сæгуыт, йæ фæдыл — раст йæхи æнгæсæн цæу сæгуыт фæстæмæ зылд сыкъатимæ. 

Уыдонæй рæсугъддæр ма лæг цæмæ бакастаид. Сæ раззаг къæхтæ гуыбынмæ æлвасгæйæ æмæ дардмæ гæпп кæнгæйæ тæппуд сырдтæ æфсæдтыл дзыхæвæрд фесты. Салдæттæй иуæй-иутæ худæгæй мæлгæйæ æмæ хъæргæнгæйæ сæ фæдыл згъордтой, сæ зæрдæйæ сæ æрцытæй барæхоинаг уыдысты, фæлæ сæгуыттæ æваст фæстæмæ фæзылдысты, хъахъхъæнджыты æхсæнты асæррæтт ластой, ce ’ргом хохмæ радтой æмæ маргъау цæстыфæныкъуылдмæ фæтар сты. Фæстейæ ма сæ иукъорд бæхджыны æмæ ротæйы куыйтæ сырдтой. 

Зымæг ма уыд, фæлæ хур уæлиæутты цæуын байдыдта. Æфсæдтæ райсом боныцъæхæй араст сты æмæ æмбисбонмæ цыппар версты ацыдысты. Хур афтæ тавта, афтæ æдзынæг каст, æмæ уыд тынг æнтæф. 

Хуры тынтæ афтæ сонт æрттывд кодтой, æмæ цæст нæ лæууыд æндон æрцыты тыбар-тыбурмæ æмæ гыццыл хурты хуызæн сармадзаны бурты ферттывды тæмæнтæм. 

Фæстейы уыд, ныртæккæ кæуыл æрбахызтысты, уыцы сатæг тагъд цæугæдон. Разæй — уæлæнгай кæмтты мидæг конд æмæ койгонд хуымтæ æмæ хосгæрстытæ. Уыдон разæй — талынг, сусæгдзинадæй дзаг хъæдарæхджын сау хæхтæ. Сау хæхты фæстæ — бæрзонд цыргъ къæдзæхтæ. Дарддæр, арв æмæ зæхх кæм баиу вæййынц, уым налхъуыт-налмасау æрттывтой арвы рухсмæ æнусон цъититы бæрзонд урс-урсид цъуппытæ. 

Фæндзæймаг ротæйы разæй цыд сау дзаума æмæ уæлдзарм худы мидæг, кард йе ’фцæджы, афтæмæй, æрæджы гвардийæ чи рахицæн, ахæм бæрзонд, хæрзконд, рæсугъд афицер Бутлер. Йæ зæрдæ хъæлдзæг æмæ рухс уыди ныфсдæттæг царды рæсугъддзинадæй, æндæвта мæлæты тасдзинад дæр, стæй, иу уд уынаффæ кæмæн кæны, уыцы стыр хъуыддаджы хайджын кæй у, йемæ баст кæй у, уый дæр, æмæ йæ æрфæндыд бакусын уыцы хъуыддаджы мидæг йæ хъару равдисыныл. 

Абоны бон Бутлер дыккаг хатт хъуыддаджы бацыд æмæ йæхинымæр хъуыдытæ кодта: ныртæккæ сæ æхсын байдайдзысты, сармадзантæ æмæ топпы нæмгуытæ сæ сæрты тæхдзысты цъыгъгъуыттытæ кæнгæ, уый нæ фæтæрсдзæн, йæхи нæ бафæсвæд кæндзæн, фæлæ йæ цæст дæр нæ фæныкъулдзæн, афтæмæй ныронджы хуызæн ныр дæр йæ сæр ноджы бæрзонддæр дардзæн, худæнбылæй йæ алфамбылай йе ’мбæлттыл æмæ салдæттыл йæ цæст рахæсдзæн æмæ, цыма нæмгуыты ницæмæ дары, хъуыды дæр сæ нæ кæны, уыйау æндæр исты æцæгæлон ныхæстæгæнæг йæхи скæндзæн. Æфсæдтæ хæрзнад фæндагæй иуварсырдæм фæсвæндагмæ аздæхтысты æмæ нартхæртты хуымты астæу æндæр æдзæуæг фæндагыл араст сты. Хъæдмæ сæ бахæццæ, афтæ кæцæйдæр сармадзаны фыдбылызджын нæмыг цъуыхцъуыхгæнгæ æрбатахт æмæ уæрдæттæн сæ тæккæ бæрæгастæу, фæндагмæ æввахс, нартхоры хуымы йæ тъæпп фæцыд æмæ зæххы афардæг. 

— Райдыдтой, — хъæлдзæгæй, худæнбылæй загъта Бутлер йе ’мварс цæуæг æмбалæн. 

Æмæ, æцæг, сармадзаны нæмыджы хæд фæстæ хъæды аууонæй сæ сæртæ сдардтой бирæ цæцæйнаг барджытæ сæ тырысатимæ. Барджытæн сæ тæккæ астæуæй стыр цъæх тырыса бæрæгдæр зынд. Зæронд дæрддзæст фельдфебель хæстæгдзæст45 Бутлерæн бамбарын кодта, уый, æвæццæгæн, Шамил йæхæдæг уыд, зæгъгæ. Барджытæ уырдыгмæ æрцæйцыдысты æмæ рахизфарсырдыгæй хæстæгдæр комы сæрæй исдуг фæзындысты, стæй дæлæмæ уырдыджы комы ’рдæм сæхи ауагътой. Чысыл дæлæмæдзыд инæлар хъарм сау дзауматы æмæ хъуынджын уæлдзарм бæрзонд урсцъарджын худы мидæг йæ сираг бæхыл Бутлеры ротæйы ’рдæм йæхи æрбаскъæрдта æмæ йын дзырд радта, ротæ рахизфарсырдыгæй сæ комкоммæ йæ ных куыд сараза æмæ сын сæ рацæуæн куыд æрцахса, афтæ. Бутлер уайтагъд инæлары дзырдмæ гæсгæ йæ ротæ фездæхта, фæлæ дæлæмæ коммæ нæма ныххæццæ, афтæ фæсте дыууæ сармадзаны гæрахы фæд-фæдыл фæцыд. Бутлер фæстæмæ фæкаст, дыууæ урсбын-цъæх фæздæджы цъуппы сæхи сармадзанты сæрмæ систой æмæ комы адаргъ сты. Барджытæ, æвæццæгæн, сармадзантæ æнхъæл нæ уыдысты æмæ фæстæмæ ce ’ргом адардтой, лидзæг фесты. Бутлеры ротæ гæрæхтæй ралæууыд хæххон адæмыл. Ком æвиппайды топпыхосы фæздæгæй байдзаг. Æрмæст æрхы сæрмæ дзæбæх зынд, хæххон адæм фæстæмæ кæй фесты æмæ сæ фæдыл бырсæг хъазахъхъы куыд æхстой, уый. Уырысы æфсæдтæ дарддæр хæххон адæмæн сæ фæд-фæд ацыдысты æмæ иудзæвгар куы ауадысты, уæд дыккаг комæн йæ фаллаг фарс къулы фахсыл хъæу зынын байдыдта. 

Бутлер йæ ротæимæ хъазахъхъы хæд фæстæ уыциу цæфæй хъæуы балæууыди. Хъæуы цъиуызмæлæг дæр нал уыд. 

Салдæттæн дзырд радтой, хос, хор æмæ хæдзæрттæ куыд судзой, афтæ. Æнæхъæн хъæу фæздæгæй нал зынд. Уыцы фæздæджы мидæг салдæттæ ратæх-батæх кодтой æмæ, цæуыл хæст кодтой, уый хастой, уæлдай æхсызгондæрæй ахстой æмæ мардтой кæрчыты. Лидзæг адæмæн сæ сæр сæ кой сси æмæ ма кæрчытыл чи уыд. Афицертæ, фæздæг кæдæм нæ хæццæ кодта, ахæм фæсвæд ран сбадтысты æмæ аходæн бахордтой, нуазгæ дæр акодтой, уæдæ цы уыдаид. Фельдфебель сын иукъорд мыды фæзгъæры фæйнæгыл æрбахаста. Цæцæнæн сæ кой, сæ хъæр нал хъуыст. Фæссихор уыдаид, афтæ æфсæдтæн фæстæмæ аздæхыны дзырд рацыд. Салдæттæ æгъдаумæ гæсгæ рæнхъ ралæууыдысты, Бутлер сæ разæй, афтæмæй. Куыддæр рараст сты, афтæ та цæцæн дæр кæцæйдæр февзæрдысты æмæ салдæттыл фæсте гæрæхтæй ралæууыдысты сæ фæдыл цæугæйæ. 

Æфсæдтæ тыгъд быдырмæ куы рахызтысты, уæд хæххон адæм дæр ныллæууыдысты. Бутлеры адæмæй цæф-æндæр ничи фæци, æмæ уыйадыл иттæг зæрдæрухсæй æмæ ныфсджынæй фæстæмæ цыд. Æфсæдтæ a райсом цы доны æрбауадысты, уыцы донæн йæ ауайæны, йæ тæнæджы фæстæмæ ахызтысты æмæ нартхоры хуымты æмæ уыгæрдæнты ахæлиу сты. Салдæттæй зарынмæ дæсныдæр чи уыд, уыдон сæхи фæразæй кодтой æмæ зарын байдыдтой. Дымгæ никæцæй кодта, уæлдæф афтæ сыгъдæг уыд, æмæ митджын хæхтæ дард уæвгæйæ фондзыссæдз версты бæрц хæстæг зындысты. Зарджытæ иу сæ зарынæй куы фæхъус сты, уæд-иу æмхуызон, æмист къæхты хъæр æмæ сармадзанты зыланг-мылунг дзæбæх хъуыст, цыма уыдон дæр барæй, амонæгау, зарджыты æмхаст кодтой, уыйау. Фæндзæм ротæйы цы зарæг кодтой, уый скодта иу юнкер полчъы номыл, полчъы кадæн. Йæ зарды æгъдау уыд кафты цагъды хуызæн. 

Бутлер иумæ кæимæ цард, уыцы хæстæгдæр хицау майор Петровимæ бæхтыл фæрсæй-фæрстæм цыдысты цинæй мæлгæйæ, гвардийы йæ куыст кæй ныууагъта æмæ йæхи Кавказмæ кæй райста, уый тыххæй. Тынгдæр цæй æфсонæй ныууагъта йæ куыст куы зæгъай, уæд Бетъырбухы йæ ис, йæ мулк къамæй амбулын кодта, мур дæр æм ницыуал баззад æмæ йын йæ куыст ныууадзын йеддæмæ æндæр хуыздæр амал нал уыд. 

Ныфс æм нæ уыд, йæ зæрдæ йæхиуыл нæ дардта къамæй хъазын ныууадзын, цы ма амбулын кодтаид, уый та йæм уæвгæ нал уыд, хæсты бын фæци, йæ хæстæ йæ сæрыхъуынтæй фæфылдæр сты. Ныр уыдæттæ ахицæн сты, ног царды бацыд, лæджы аккаг царды. Кæй фæмæгуыр, йæ бынтæ кæй фесæфта, уыдон йæ бирæ хæстимæ ферох кодта. Кавказ, хæст, расыггæнаг салдæттæ, афицертæ, майор Петров, — уыдон æм афтæ дзæбæх кастысты, афтæ, æмæ хаттæй-хатт йæхиуыл дæр нал æууæндыд, нæ йæ уырныдта, Бетъырбухы кæй нал ис æмæ, йæ сæр фыр рыстæй гъæппытæ кæм хауд, уыцы тамакойы фæздæгæй дзаг уаты къамты кæрæттæ сæтгæйæ къамтæй кæй нал хъазы æмæ, йæ цæстытæ кæмæй рыстысты, уыцы банкылхæцæг хъазæгмæ кæй нал кæсы, фæлæ ацы диссаг хорз бæстæйы, ацы лæджыхъæдджын кавказаг саг адæмы æхсæн кæй цæры. 

Зарæггæнджытæ полчъы зарæг кодтой. Бутлеры бæх хъæлдзæгæй, тындзгæйæ размæ цыд хъазгæ цыдæй зардмæ гæсгæ. Ротæйы хъуынджын цъæх Трезоркæ, цыма хицау уыд æмæ йæ исты æфсæрм, исты мæт уыд, уыйау йæ дымæг сыздыхта æмæ Бутлеры ротæйы разæй згъордта. 

Бутлеры зæрдæ ныфсджын, æнæмæт æмæ хъæлдзæг уыд. Хæстмæ ахæм цæстæй каст, цыма йæхи тасы бынаты кæй æвæрдта амæлыны онг æмæ уыцы æгъдауæй хæрзиуджытæ дæр кæй иста, стæй уымæй йæхицæн кад æмæ цыт кæй кодта ам йе ’мбæлтты æмæ йæ уырыссаг хæлæртты ’хсæн, уый y хæст. Уый йеддæмæ хæстæн йæ иннæ æгъдæуттæ: мæлæт, цæф салдæттæ, афицертæ æмæ хæххон адæм, гæдыныхас, йæ хъуыдыйы, йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдысты, цыма йæ уыдæттæ-йедтимæ ницы хъуыддаг уыд, уый хуызæн. Хæст йæ рæсугъддзинæдтимæ йæ цæсты цæмæй нæ фегад уыдаид, уый тыххæй цæфтæм æмæ мæрдтæм кæсгæ дæр нæ кодта. Уымæ гæсгæ ныр дæр афтæ бакодта. Уырысæй æртæ мард, дыууадæс та цæфтæ фæци. Уыдонæй иу мард зæххы уæлгоммæ лæууыд. Бутлер йæ цурты фæцæйцыд æмæ цæугæ-цæуын йæ иу цæстæй ауыдта марды мыдадзхуыз къух куыддæр æнахуыр æвæрдæй æмæ йæ сæрыл тарбын стъæлф. Хæстæг дæр æм нæ бацыд, дарддæр йæ цыды куыст кодта. Хæххон адæммæ уыцы цæстæй каст: саг адæм æмæ хорз барджытæ сты, хи хъахъхъæнын, хи иргъæвын кæмæй хъуыд, ахæмтæ. 

— Афтæ, мæ хæлар, афтæ, — дзырдта майор, салдæттæ-иу сæ зарынæй куы фæхъус сты, уæд. — Ам дын Питер нæй: «рахизфарсырдæм, галиуварсырдæм». Фæлæ федтай? Афыдæбæттæ кодтам æмæ ныр нæ хæдзармæ цæуæм. Машуркæ нын афонмæ хорз фыдджын, хорз бас сцæттæ кодта. Уый цард у, мæ лымæн лæг, уый. Куыд зæгъыс? Афтæ нæу? Цæйут-ма, азарут «Хур куыд скаст», — загъта салдæттæн йæ уарзон зарæгæй. 

Майор цард ус æмæ лæджы æгъдауæй фельдшеры чызгимæ — фыццаг Машæ, стæй Мария Дмитриевнæимæ. Мария Дмитриевнæ уыд рæсугъд, бурхил, дзыгъуыр, дæс æмæ ссæдзаздзыд æнæзæнæг сылгоймаг. Йæ фыццаг царды æгъдау кæд цыфæнды зæрдæхсайгæ уыд, уæддæр ныр майоры цæсгом нæ фæчъизи, нæ фефсæрмы кодтаид, хъахъхъæдта йæ æмæ йæм раст дыджызæйы хуызæн зылд. Майоры та æндæр ницы хъуыд, уый тыххæй æмæ афтæ тынг нозта, æмæ-иу фыдрасыгæй хаттæй-хатт йæ сæр, йæ фат нал æмбæрста. 

Фидармæ куы æрцыдысты, уæд, майор куыд æнхъæл уыд, афтæ разынд. Мария Дмитриевнæ сын ce ’рцыдмæ адджын, парахат сихор сцæттæ кодта æмæ сæ хорз федта, семæ кæй æрбахуыдтой, уыцы дыууæ афицеримæ. Майор йæ гуыбыны тæригъæды нæ бацыд, хорз фæминас кодта, нуазгæ дæр, Хуыцау æй базонæд, нæ бацауæрста, афтæ дзы банызта æмæ йæ дзыхæй дзырд нал хауд æмæ уайтагъд хуыссынмæ ацыд. Бутлер дæр, фæллад уæвгæйæ, æвæццæгæн, сæнæй уæлдай анызта æмæ разыйæ йæ уатмæ араст. Куыддæр йæ дзауматæ раласта æмæ йæ къух йæ нывæрзæн йæ рæсугъд къæбæлдзыг сæры бын акодта, афтæ уайтагъд афынæй, йæ къах дæр нал атылдта æмæ, мард куыддæриддæр уа, афтæ фæхуыссыд æнæ фынтæ уынгæйæ, æнæ райхъалæй. 

 

XVII
 

Æфсæдтæ кæдæм бабырстой æмæ цы хъæу фехæлдтой, уый уыд, Хаджи-Мурат йæхи уырысы къухмæ цы бон радта, уымæн йæ фыццаг бон æхсæвиуат æмæ фысым кæм бакодта, уыцы хъæу. 

Хаджи-Мураты фысым Садо йæ бинонтимæ хохмæ йæхи айста, уырысы æфсæдтæ куы ’рбаввахс сты, уæд. Фæстæмæ та хъæумæ куы æрыздæхти, уæд йæ хæдзар хæлдæй æрæййæфта: цар ныккалд, дуар æмæ тыргъы цæджындзтæ басыгъдысты, хæдзар мидæгæй чъизидзинадæй фесæфтой. Садойы фырты, Хаджи-Муратмæ хъæлдзæгæй чи каст, уыцы рæсугъд цæхæрцæст лæппуйы мæзджыты цурмæ мардæй æрхастой бæхыл нымæтæй æмбæрзтæй. Фæсте, чъылдымырдыгæй йæ арцæй барæхуыстæуыд, æмæ арц буары иннæрдыгæй ахызт. Лæппуйы мад, Хаджи-Муратæн æгъдау чи лæвæрдта, лæггад ын чи кодта, уыцы хæрзæгъдау, æфсæрмджын сылгоймаг гомриуæй, зæронд зæбул дзидзитимæ æмæ хæлддзыккуйæ йæ фырты уæлхъус лæууыд æмæ, йæ рустæ тонгæйæ, Хуыцаумæ дзыназгæйæ йæ риу хоста, хъарджытæ кодта. Садо къахæн æмæ бел айста æмæ йæ хæстæджытимæ ингæн къахынмæ ацыд йæ фыртæн. Зæронд лæг, лæппуйы фыдыфыд, хæлд хæдзары сисы æнцой бадт æмæ йæ размæ бæхмæ æнкъардæй æдзынæг каст. Уый мыддар уыд æмæ нырма ныртæккæ æрбаздæхт фæстæмæ. Чыргъæдты цур цы дыууæ цъынайы уыд, уыдонæн сæ кой дæр нал уыд — зынг сыл бандзæрстой. Ныппырх кодтой æмæ басыгътой мыдычыргъæдтæ дæр æд бындзытæ иууылдæр. Устыты кæуын æмæ æрдиаг дардмæ хъуыст. Æнахъом сабитæ хæкъуырццæй куыдтой сæ мадæлтимæ. Стонг фосы богъ-богъ цыд алырдыгæй, — бахæринаг сын нал уыд. Хъомыл сывæллæттæ нæ хъазыдысты, фæлæ тарст цæстæнгасæй кастысты хистæртæм. 

Суадон барæй чъизидзинадæй фесæфтой, æмæ дзы дон сисынмæ нал бæззыд. Уымæй фылдæр — мæзджыт, æмæ йæ молло йæ сохтæимæ сыгъдæг кодта. Адæм чысылæй-стырæй уырысмæ цы зæрдæ дардтой, уымæн зæгъæн дæр нæ уыд. Сæ цæстысындз сæ федтой æмæ сæм туджджынæй фыддæр зæрдæ дардтой. Адæмыл сæ нæ нымадтой, куыйты йеддæмæ сæм æндæр ницæмæй дзырдтой, æлгъаг сæ кодтой. Сæ налат, сæ хъæбæр дурзæрдæйы тыххæй сæм ахæм цæстæй кастысты, æмæ йæхиуыл ничи фæхæцыдаид, йæ цæст ничи фæныкъуылдтаид — ныццагътаиккой сæ, мæнæ адæм уырыты, маргджын хæлуарджыты, бирæгъты æмæ кæлмыты куыд цæгъдынц, афтæ. Адæмы дыууæ барæй бар уыд — кæнæ сæ баззайын хъуыд сæ цæрæн бæсты æмæ тыхтæй-амæлттæй, стыр зынтæй сæ фæстæмæ саразын хъуыд, ацал-ауал азы туг кæуыл фæкалдтой, стыр фыдæбæттæй кæй фæцарæзтой æмæ уырыс æмбойны, æнæчетарæй, æнцон, æдылыйы фæндагыл кæй ныппырх кодтой, уыцы фæллæйттæ, уый дæр тасы бын, катайтæ кæнгæ, сомбон та сын сæ куы фехалой, уымæй тæрсгæйæ. Науыйнæй: сæ дины ныхмæ сæ ныллæууын хъуыд, сæ мастыл сæ ныххæцын хъуыд æмæ æнæбары, æвæндонæй, æлгъагыл кæй нымадтой, уæнгæл сын чи уыд, ce сæфт кæмæй уыдтой, уыцы уырысы къухмæ сæ раттын хъуыд сæхи. 

Зæронд лæгтæ бакуывтой æмæ ce ’ппæт дæр æмхуызонæй, æмдзыхæй бауынаффæ кодтой Шамилмæ минæвæрттæ арвитын, цæмæй сын баххуыс кæна, уый тыххæй, æмæ сæ хæлддзæгтæй фæстæмæ хæдзæрттæ аразыныл ныллæууыдысты. 

 

XVIII
 

Уыцы лæбурды фæстæ, дыккаг бон, Бутлер райсомæй æрæджиаугомау фæстæты кæртыл уынгмæ рацыд; йæ зæрды уыд иучысыл арацу-бацу кæнын æмæ райсомы сыгъдæг уæлдæфæй аулæфын цай бацымыны агъоммæ. Цай-иу цымдта фылдæр хæттыты Петровимæ. Хур хæхты аууонæй йæ был сдардта, æмæ йæ рухсæй цæст нæ лæууыд чъырæйцагъд урс хæдзæрттæм уынгæн йæ рахизфарсырдыгæй, фæлæ кæддæриддæр хъæлдзæг æмæ зæрдæрухсдзинад уыд галиуварсырдæм кæсын хъæдарæхджын сау хæхтæм, дарддæрæй-дарддæр, бæрзонддæрæй-бæрзонддæр чи кодта æмæ рæхысау кæрæдзийыл баст урс цъитиджын хæхтæм, кæддæриддæр сæхи мигъæй сфæлындынмæ чи хъавыд. 

Бутлер каст уыцы хæхтæм, дæлиауæй йæ зæрдæйы бынæй улæфыд йæ риуы дзаг æмæ цин кодта, æрмæст уый кæй цæры ахæм диссаг хорз бæстæйы. Цин кодта æмæ йæхицæй ныббузныг, лæбургæ куы бакодтой, уæд хæсты мидæг йæхи, куыд æмбæлд, афтæ лæджы хуызæн кæй дардта, уæлдайдæр та фæстæмæ цæугæйæ, хæсты тынджы куы бацыдысты æмæ тынг тасы мидæг куы уыдысты. Цин кодта, йæ зæрдыл-иу куы ’рбалæууыд, зноны бон хæстæй куы æрыздæхтысты, уæд сæ Мария Дмитриевнæ, йæ буц номæй Машæ, Петров кæимæ цард, уый сæ хорз куыд федта, ce ’ппæтмæ дæр хицоны цæстæй куыд ракаст, уæлдайдæр та — уымæ. Афтæ йæм фæзынд, цыма уымæн хъулон митæ кодта æмæ йæ иннæтæй буцдæр дардта æмæ йæ тынгдæр рæвдыдта, уый хуызæн. Мария Дмитриевнæ йе ставд дзыккутæй, уæрæх уæхсчытæй, бæрзонд риуæй, зæрдæмæдзæугæ адджын мидбылты худтæй, сау стъæлфытæй дзаг фæлмаст цæсгомæй тыхджын æмæ æнæус лæппу-адæймаг Бутлеры зæрдæ æлхæдта. Бутлер ма афтæ æнхъæл дæр уыд, Мария Дмитриевнæйы зæрдæ йæм æхсайы, æмæ Хуыцауы фæндонæй мæнæ ис. Фæлæ йæ хорз зæрдæхæлар æмбалы сæр хъуыды кæнгæйæ чъизидзинад йæ сæрмæ нæ хаста æмæ уымæ гæсгæ Мария Дмитриевнæмæ хицоны цæстæй каст, йæ разы йæхи рæсугъд, уæздан дард кодта, æгъдау ын лæвæрдта æмæ йæм ахæм хъару кæй разынд, уымæй йæхицæй бузныг уыд. Ныртæккæйы сахат уый тыххæй йæхинымæр хъуыдытæ кодта. 

Уыцы хъуыдытæ кæнгæйæ разæй, рыгæйдзаг фæндагæй, бирæ бæхты къæхты хъæр фехъуыста, цыма къорд барæджы цыппæрвадæй уадысты, уый хуызæн. Бутлер йæ сæр фæхъил кодта æмæ уынджы кæрон ауыдта къорд барæджы сауцыдæй æрбацæйцæугæ. Разæй цыд дыууæ барæджы, сæ фæстæ — иу-ссæдзы бæрц хъазахъхъæгтæ. Барджытæй иу — урс цухъхъа æмæ бæрзонд сарыхъджын худы мидæг, иннæ — афицер, уырысмæ чи куыста, ахæм, саулагъз, гуыбырфындзджын, æвзистарæзт дзаума æмæ гæрзты. Сарыхъджын барæг бадтис сырх, хъæлдзæг, рæсугъд, хъоппæг æмбаргæ цæстджын чысылсæрджын нæл бæхыл, афицер та бадти бæрзонд хъарабахаг бæхыл. Бутлер бæхæн дæсны уыд æмæ уыциу бакастæй фыццаг бæх хуыздæрæн равзæрста. Барджытæ чи сты, цавæр сты, уый бæрæг базоныны тыххæй ныллæууыд æмæ сын ce ’рбахæццæмæ æнхъæлмæ каст. 

— Мæнæ уый æфсæдты хицауы хæдзар нæу? — афарста афицер Бутлеры. Йæ ныхасмæ гæсгæ, йе ’взаджы здæхтæй бæрæг уыд, уырыссаг кæй нæ уыд, уый. Бутлер ын дзуапп радта, уый у, зæгъгæ. 

— Бафæрсын аипп ма уæд, — уый та чи у? — загъта Бутлер. Йæхи афицермæ хæстæгдæр баласта æмæ цæстытæй сарыхъджын барæджы ацамыдта. 

— Уый Хаджи-Мурат у. Ардæм æрбацыд æмæ æфсæдты хицаумæ цæрдзæн, — радта йын дзуапп афицер. 

Бутлер зыдта Хаджи-Мураты хабæрттæ, йæхи уырысы къухмæ куыд радта, уый дæр, фæлæ ам, ацы чысыл фидары йыл сæмбæлдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. 

Хаджи-Мурат æм хицоны цæстæй каст. 

— Æгас нæм цу, — тæтæйрагау ын салам радта Бутлер. 

— Саубул, — дзуапп ын радта Хаджи-Мурат йæ сæрæй кувгæйæ. Бутлеры ’рдæм йæ бæх фездæхта æмæ ехс йæ дыууæ æнгуылдзыл ауыгъдæй, афтæмæй йын йæ къух райста. 

— Хицау ды нæ дæ? — бафарста йæ Хаджи-Мурат. 

— Нæ, æз нæ дæн. Хицау мæнæ ам ис. Ныртæккæ йæм бадзурдзынæн, — загъта Бутлер афицерæн асины къæхтыл хизгæйæ æмæ дуар схойгæйæ. 

Фæлæ бæрæгбоны дуар, — афтæ йæ хуыдта Мария Дмитриевнæ, — æхгæд разынд. Бутлер дуар бахоста æмæ, фæстæмæ дзурæг куы нæ уыд, уæд фæстæты кæртыл бацыд. Салдæттæм бахъæр кодта æмæ, сæ дыууæйæ дæр бынаты куы ничи разынд, уæд хæринаггæнæнмæ бацыд. Мария Дмитриевнæ кæлмæрзæны мидæг, сырх-сырхид цæсгомимæ, йæ дыстæ фæстæмæ фæлдæхт, афтæмæй йæ цард урс, миты хуызæн къухтæй, сæхи хуызæн урс-урсид хыссæйы тымбыл хаттæй-хатт лыг кодта гыццыл хъæбынтæн. 

— Кæм та фесæфтысты салдæттæ? — афарста Бутлер. 

— Нуазынмæ та ацыдаиккой, æндæр сын цы ’нхъæл дæ, — загъта Мария Дмитриевнæ. — Æмæ дæ уыимæ та цы кæсы? 

— Дуар бакæнын хъæуы. Уæ разы дунейы уазджытæ, хохæгтæ. Хаджи-Мурат æрцыд. 

— Ды та истытæ æрхъуыды кæндзынæ, — загъта Мария Дмитриевнæ худæнбылæй. 

— Æцæг зæгъын, æцæг. Нæ дæ уырны? Дуармæ лæууынц. 

— Кæд та хынджылæг кæныс, мыййаг? — загъта Мария Дмитриевнæ. 

— Ницы кæнын. Цу-ма æмæ сæм акæс, кæддæра дуармæ нæ лæууынц. 

— Мæнæ æлгъыст уай! Кæцæй фесты, судзгæ бон сыл бакæна, — загъта Мария Дмитриевнæ, йæ дыстæ фæстæмæ ракодта æмæ йе ставд дзыккуйы мидæг сæрдзæвæнтæ асгæрстытæ кодта. 

— Цон æмæ Иван Матвеевичы сыхъал кæнон. 

— Мæ бар æй уадз. Ды дæ куыст кæн, — загъта Бутлер. 

— Уый дæр хорз, — загъта Мария Дмитриевнæ æмæ фæстæмæ йæ куысты уæлхъус æрлæууыд. 

Иван Матвеевичы хъусыл æрцыд, уыйагъоммæ Хаджи-Мурат Грознайы кæй уыд, уый, æмæ йын йе ’рбацыды хабар куы фехъуыста, уæд ыл нæ бадис кодта, фæлæ хуыссæны рабадти, тамако стыхта, ссыгъта йæ æмæ йæ дзаума йæ уæлæ кæнын байдыдта тынг хуыфгæйæ æмæ хицæуттыл хъуыр-хъуыр кæнгæйæ, уыцы хæйрæджы йæм чи æрбарвыста. Йæ дарæс куы скодта, уæд салдатмæ бадзырдта æмæ йæхицæн хос æрбахæссын кодта. Салдатæн цы бамбарын хъуыд, куыдзы хæстæн йæ хъуын йæ хос кæй у, æмæ йын арахъхъ балæвæрдта. 

«Æмхæццæйæ æвзæрдæр ма цы уа, — схъуыр-хъуыр кодта Иван Матвеевич, иу дзы фæдæле кодта æмæ сау дзулæй ацахуыста. — Уæлдай нозт низ у, æвæдза. Зноны сырх сæнæй æгæр анызтон, æмæ мæ сæр тъæппытæ хауы. Ныр та цæттæ дæн», — загъта йæхинымæр æмæ уазæгдонмæ араст. Уый агъоммæ Бутлер Хаджи-Мураты йæ афицер æмбалимæ уырдæм бахуыдта. 

Хаджи-Муратимæ чи æрбацыд, уыцы афицер Иван Матвеевичæн радзырдта, хицæуттæ йын цы бафæдзæхстой, уый: Хаджи-Мураты суазæг кæнæд, бар ын дæттæд хæххон адæмимæ хъуыддаг кæнын йæ хæрзгæнджыты руаджы, æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ йын фидарæй æнæ хъазахъхъ йемæ рацæуæн куыннæ уа, афтæ. 

Иван Матвеевич гæххæтмæ лыстæг кæсын байдыдта, хуыздæр æй бамбарон, зæгъгæ. Иукъорд хатты куы гæххæтмæ, куы та Хаджи-Муратмæ бакæстытæ кодта, стæй йæ цæстытæ Хаджи-Муратмæ комкоммæ сарæзта æмæ загъта: 

— Хорз, мæ хур, хорз. Цæрæд ам. Афтæ йын зæгъ: хицæуттæй мæм дзырд ис, мæ цæст æм куыд дарон æмæ йæ куыд никæдæм ауадзон, афтæ. Хицæутты дзырдæн та дыууæ акæнæн нæй. Цы зæгъыс, Бутлер? Бынат ын кæм скæнæм? Къæнцылары йæ æрцæрын кæниккам? 

Мария Дмитриевнæ хæринаггæнæн уатæй æрбацыд æмæ дуаргæрон лæууыд. Бутлер Иван Матвеевичæн дзуапп нæма радта, афтæ Мария Дмитриевнæ йæ дзырд фæраздæр кодта æмæ загъта: 

— Цæмæн уым? Мæнæ йын ам скæнут бынат, уазæгдон æмæ йын къæбиц ратдзыстæм. Уæ цæсты раз уæддæр нæ уыдзæн, — стæй Хаджи-Муратмæ бакаст æмæ, кæрæдзимæ куы фемдзаст сты, уæд уайтагъд фæстæмæ фæзылд. 

— Мария Дмитриевнæ раст зæгъы, мæнмæ гæсгæ, афтæ хуыздæр уаид, — загъта Бутлер. 

— Цæугæ, цæугæ, мæ цæст дæ куыннæ уына, афтæ. Ам сылгоймæгты ницы хъуыддаг ис, — тызмæгæй йыл сбустæ кодта Иван Матвеевич. 

Уыцы ныхæстæ куы кодтой, уæд Хаджи-Мурат бандоныл бадт, йæ къух йæ хъамайы чъимайы босыл æруагъта æмæ-иу зына-нæзына йæ мидбылты бахудт æнæрвæссон, æлгъаг, былсчъилтæ худтæй. Стæй загъта: хъауджыдæр ын нæу, кæмæфæнды уæд, кæмдæриддæр фæцæрдзæн. Æрмæст иу хъуыддаг курæг у, сæрдарæй йæм бар лæвæрд дæр ис уый тыххæй: хохы адæм æм æнæкъуылымпыйæ куыд уадзой, афтæ, — уый куы нæ уа, уæд ын ницы хъуыддаг бакæнын амал уыдзæн. Иван Матвеевич загъта, уый тыххæй йæ зæрдæ ма ’хсайæд, уый бакæндзыстæм. Бутлерæн бафæдзæхста: цалынмæ уæттæ æфснайой æмæ сын исты хæринаг æрбахæссой, уæдмæ сæ истæуыл ирхæфсæд æмæ сæ хъыг кæнын ма бауадзæд, йæхæдæг къæнцылармæ ацыд цыдæр æхсызгон гæххæттытæ ныффыссынмæ æмæ уынаффæтæ акæнынмæ. 

Хаджи-Мурат æмæ йæ ног зонгæтæ кæрæдзимæ цы цæстæй бакастысты, кæрæдзимæ цы зæрдæ бадардтой, уый уайтагъд æргом сбæрæг. Иван Матвеевичы фыццаг сæмбæлдæй фæстæмæ Хаджи-Мурат нæ бауарзта æмæ йæм æвзæр, æнæрвæссон цæстæй каст. Мария Дмитриевнæ йын дзæбæх уыд: хæринаг ын цæттæ кодта, хæринаг ын хаста æмæ йын тынг фæадджын. Æнæуый дæр йæ зæрдæмæ цыд Мария Дмитриевнæйы æнæсæрыстырдзинад æмæ йе ’нахуыр æцæгæлон адæмы рæсугъддзинад. Стæй йæм йæ зæрдæ кæй рад, уый дæр Хаджи-Мурат æмбæрста æмæ йын уыд æхсызгон. Хаджи-Мурат æм æфсæрмы кодта. Исчердæм æй куы бамбара, уый тæссæй йæ уд хъардта, цæмæй йæм ма кастаид æмæ йæм нæ дзырдтаид, ууыл, фæлæ йæм уæддæр кæм лæууыд æмæ-иу æм æвæндонæй бакаст йæхимæ дæр æмæ йæ алы фезмæлдмæ дæр. 

Бутлеримæ фыццаг сæмбæлдæй фæстæмæ тынг фæхæлар æмæ йемæ арæх æхсызгонæй зæрдиаг ныхæстæ кодта, рафæрс-бафæрс-иу æй кодта йæ царды хъуыддæгты тыххæй, йæхи царды хабæрттæ дæр ын-иу радзырдта, нæ дзы сусæг кодта, йæ хæрзгæнджытæй-иу ын цы уацхъуыдтæ хастой йæ бинонты тыххæй, уый дæр, фæрсгæ дæр ма-иу æй акодта, цы æмæ куыд хуыздæр бакæнæн ис, уымæй. 

Хæрзгæнджытæ йын цы хабæрттæ хастой, уыдон хорз хабæрттæ нæ уыдысты. Фидары мидæг цы цыппар боны ацард, уыцы цыппар боны йæ дыууæ хатты абæрæг кодтой æмæ дыууæ хатты дæр, зæрдæ цæмæй барухс уыдаид, ахæм хабæрттæй йын ницы æрхастой. 

 

XIX
 

Хаджи-Мурат уырысы къухмæ йæхи цы бон радта, уымæн раст йæ хæд фæстæ Хаджи-Мураты бинонты Веденомæ æрбаластой æмæ, хъахъхъæнджытæ сæ уæлхъус, афтæмæй сæ ахæсты дардтой рæстæгмæ, Шамилы уынаффæ, Шамилы тæрхонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Хаджи-Муратæн йæ зæронд мад Фатъимæт æмæ йæ дыууæ усы сæ фондз æнахъом сабиимæ цардысты ахæстæй сæдæ лæджы хицау Ибрагим Рашиды хæдзары, сæ алыварс хъахъхъæнджытæ æвæрд, афтæмæй. Хаджи-Мураты фырт Юсуф, 18-аздзыд лæппу, бадт ахæстоны авд ахæст æвзæргæнæгимæ, æмæ ce ’ппæт дæр, цы уынаффæ, цы тæрхон сын бакæндзысты, уымæ æнхъæлмæ кастысты. Сæ ахæстон та уыд сардзинæй фылдæр къахт арф уæрм. 

Сæ тæрхоны хъуыддаг бонæй-бон æддæдæр кодта, уымæн æмæ Шамил бынаты нæ уыд, — уырысмæ бафсад кодта. 

1852 азы тъæнджы мæйæн йæ æхсæзæймаг бон хæсты фæстæ Шамил фæстæмæ Веденомæ æрбацæйцыд. Уырыс афтæ æнхъæл уыдысты, уыцы хæсты Шамилы басастой, йе ’фсæдты йын ныппырх кодтой æмæ сæ Веденомæ лидзæг фæкодтой. Шамил æмæ йæ мюридтæм гæсгæ та уырысыл фæуæлахиз сты æмæ сæ антъæрдтой. Уыцы хæсты мидæг Шамил йæхи къухæй топп фехста, кард фелвæста, йæ ных комкоммæ уырысы ’рдæм сарæзта æмæ, хъазуат скæнынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл мюридтæ ныххæцыдысты æмæ йæ баурæдтой, фæлæ мюридтæй уыцы ран сæ мидбынаты Шамилы уæлхъус дыууæ фæмард. 

Æмбисбон уыдаид, афтæ Шамилæн йæ алфамбылай йæ мюридтæ бæхтыл хъазыдысты, топпытæ æмæ дамбацатæй æхстой æмæ æппынæдзухæй зарыдысты: «Ла иллагъа ил аллагъ46», афтæмæй сæ цæрæн бæстæм бахæццæ сты. 

Ведено уыд стыр хъæу. Адæм сæ сæрдары размæ гуылфæнтæ кодтой. Уынгтæ æмæ уæлхæдзæрттæ адæмæй нæ зындысты. Адæм сæ имамы кад æмæ цыты тыххæй топпытæ æмæ дамбацатæй гæрæхтæ кодтой. Шамил бадт урс араббаг бæхыл. Бæх хæдзармæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ размæ хъæлдзæгдæр æмæ тынгæй-тынгдæр тындзгæ цыд. Бæхыл уыд хуымæтæджы сауарæзт, æнæ сыгъзæрины, æнæ æвзисты хъæстæ саргъ, тæнæг, бæстон конд, астæуæй нукгонд сырхахуырст идон, æфсæйнаг урсбын æгъдæнцæйттæ æмæ сырх æфтаугæ саргъы бынæй зынди. Имамыл уыд морæ фæсмынæй цъарджын кæрц, сау уæлдзармæй арæзт тæрттæ æмæ дысæлгътæ, йæ нарæг æлвæст астæуыл сау рон æмæ сау хъама. Йæ сæрыл бæрзонд тъæпæнсæрджын худ сау коцораимæ, худыл урс сарыхъ тыхт, сарыхъы кæрон фæсте фæсонтыл дæлæмæ уагъд. Къæхтыл цъæх сæрак дзабыртæ; йæ зæнджы хæцъæфтæ æлвæст уыдысты сау алдымбыдæй арæзт æнгом сæрак зæнгæйттæй. 

Иу дзырдæй, имамы домбай даргъ раст гуырыл æрттиваг, сыгъзæрин æмæ æвзист дзаумайæ ницы уыд. Йæ алфамбылай йæ мюридтæ та сыгъзæрин æмæ æвзистæй арæзт дзаума æмæ гæрзты бынæй нæ зындысты. Уыцы æгъдауæй Шамил адæмы цæсты тынгдæр ахадыд, бæрзонддæр æмæ цытджындæр кодта æмæ, цæмæ бæллыд æмæ хъавыд, уый йæ къухы æфтыд. Йæ фæлурс цæсгом цыбырæлвыд сырх рихитимæ æмæ æнусмæ цъынддзаст цæстытимæ цавддуры хуызæн æнæзмæлгæ уыд. Хъæуы мидæг бæхыл куы фæцæйцыд, уæд йæ зæрдæ æмбæрста, адæм ce ’ппæт дæр сæ каст уый кæй скодтой, фæлæ йæхи цæстытæ никæуыл æрвæссыдысты, никæмæ кастысты. Хаджи-Мураты устытæ дæр сæ сывæллæттимæ рацыдысты тыргъмæ имаммæ бакæсынмæ. Æрмæст зæронд ус Фатъимæт, Хаджи-Мураты мад, йæ бынатæй нæ фезмæлыд, куыд бадт, афтæ зыбыты иунæгæй зæххыл бадгæйæ баззад йæ хæлд пыхцыл урс дзыккутимæ, йæ даргъ мæллæг цæнгтæй йæ хус уæрджытæ йæ хъæбысы бакодта æмæ йæ цæхæр сау цæстытæй ныкъулгæйæ каст тохынамæ æрдæгсыгъд æхсидæвты зынгтæм. Уый йæ фырты хуызæн цæры нæй хæрынмæ сау зæрдæ дардта Шамилмæ, уæлдайдæр та ныр, йæ уынд дæр ын тых кодта, йæ койæ дæр зæрдæ рыст. 

Нæ федта Шамилы цытджын æрбацыд Хаджи-Мураты фырт дæр. Уый æрмæст йæ талынг смаггæнаг уæрмæй хъуыста топпы гæрæхтæ æмæ мюридты зарын æмæ тыхст, йæ зæрдæ рыст, сæрибарæй цухгонд цардæнхъæл лæппу адæймаджы зæрдæ куыд фæриссы, афтæ. Смаггæнаг уæрмы бадгæйæ æрмæст уыдта, йемæ чи бадт, кæрæдзийæ чи сфæлмæцыд, чи схъыг æмæ Хуыцау кæй ралгъыста, уыцы æнамонд, чъизи, рыст, фыд-зæрдæ адæмы. Уæд тынг хæлæг кодта сæрибар адæммæ, йе уæнгтæ йæ бар кæмæн уыдысты, уæлдæфы æмæ хуры рухсæй фаг чи æфсæст, хаст хъал бæхтыл йæ зæрдæйы дзæбæхæн сæрдары алфамбылай топпæй чи хъазыд æмæ хъæлдзæгæй иумæ æмхуызонæй чи зарыд: «Ла иллагъа ил аллагъ». 

Хъæуæй куы ахицæн, уæд Шамил баздæхт стыр уæрæх кæртмæ. Уыцы кæртæн йе ’мхæст уыд æндæр мидæггаг кæрт, Шамилæн йæ галуантæ кæм уыдысты, ахæм. Дыууæ хъуымыхъхъаджы æд гæрзтæ лæууыдысты Шамилы размæ раззаг кæрты кулдуары цур. Кæрты адæмæй базмæлæнтæ нæ уыд. Уым уыдысты, дард рæттæй чи фæцыд йæхи хъуыддаджы тыххæй, ахæмтæ, уыдысты дзы, исты курæг чи æрбацыд, уыдысты дзы, Шамил йæхæдæг кæмæ æрбасидт йæ хъуыддагмæ æркæсыны æмæ тæрхон рахæссыны тыххæй, ахæмтæ дæр. Шамил куы бараст, уæд, кæрты адæмæй цыдæриддæр уыд, — ce ’ппæт дæр сыстадысты æмæ сæ къухтæ сæ риутыл æвæрдæй цытимæ салам радтой сæ имамæн. Иуæй-иутæ сæ зонгуытыл æрлæууыдысты æмæ, цалынмæ Шамил бæхыл æддаг кулдуарæй мидæггаг кулдуармæ цыд, уæдмæ сæ зонгуытыл фæбадтысты. Æнхъæлмæ йæм чи каст, уыцы адæмы æхсæн Шамил бирæты базыдта, æвзæр цæстæй кæмæ каст, хъыг ын кæй уынд уыд, ахæмты, базыдта бирæ æнкъард тæригъæддаг лæгъстæгæнджыты, баххуыс æмæ фæкæсын кæмæ хъуыд, фæлæ Шамилы дурзæрдæ нæ фæтасыд æмæ цыма никæйы уыдта, уыйау сæ рæзты бараст мидæггаг кулдуарыл æмæ кулдуарæн галиуварсырдыгæй хæдзары цур бæхæй рафистæг. Фæстаг хæсты зындзинæдтæй йæ буар афтæ нæ фæрыст, йæ зæрдæ дзы куыд фæрыст, уымæн æмæ кæд ахæм тауыс, ахæм кой айхъуыст адæмыл, Шамилæн йæ фæндаг фæхорз æмæ уырысыл фæуæлахиз, зæгъгæ, уæддæр æй Шамилы зæрдæ мидæгæй дзæбæх зыдта, уыцы фæстаг хæст ын кæй нæ фæнывыл, кæй нæ фæрæстмæ, уый. Бирæ цæцæйнаг хъæутæ сыгъдæг æмæ пырхгонд æрцыдысты, æмæ уый сæраппонд рогзонд, æнæиузæрдион цæцæн дызæрдыг кæнын байдыдтой æмæ, уырысмæ æввахсдæр чи цард, уыдонæй чидæртæ цæттæ уыдысты уырысы ’рдæм ce ’ргом аздахынмæ. Фæлæ Шамилы зæрдæ ацы сахат æрмæст иу хъуыддаджы йеддæмæ ничердæм æхсайдта, ницæмæ дзырдта. Уый ныр æрмæст бæллыд йæ фæллад суадзын æмæ бинонты рæсугъддзинад, бинонты хъарм хъæбыс æмæ рæвдыд фенын, уæлдайдæр йæ уарзондæр усы рæвдыд, 18-аздзыд, сауцæст, къухарæхст мæхъхъæлон чызг Аминæты. 

Фæлæ уыцы сахат Аминæты феныны амал ницы æгъдауæй уыд. Дард, хъæлæкк, нæ уыд — мидæггаг кæрты устыты æмæ лæгты цæрæнбынæтты æхсæн кауы аууон лæууыд. Шамил гуырысхо нæ кодта, ныртæккæ дæр ма бæхæй куы рацæйхызт, уæд æм йæ иннæ устытимæ кауы хуынкъæй кæй каст. Фæлæ Аминæт уыцы сахат кæй къухы æфтыд. Нæ уыд Шамилæн уымæ бацæуыны амал, йæ рæстæг нæ амыдта. Уый нæ, фæлæ æрмæст бумбули хуыссæны йæхи иу цъусдуг æруадзын æмæ чысыл йæ фæллад суадзын дæр. Уый бакæныны амал дæр ын нæ уыд — афтæ æнæвдæлон уыд. Раздæр-раздæр æй сихоры ламаз скæнын хъуыд. Уыцы хъуыддагмæ ацы сахат йæ зæрдæ, мыййаг, нæ рад, хъуыды дæр æй, хъæлæкк, нæ кодта, ницæмæн æй хъуыд, фæлæ йын æнæ бакæнæн дæр нæ уыд адæмы цæстмæ. Дины сæргъы кæм лæууыд, уым ын йæ бакæнын пайда уыд, æмæ йæ уымæ гæсгæ кæнын хъуыд, алыбон æй хæрын куыд хъуыд, афтæ. Уыйадыл æвдæз систа, ламаз скодта. Ламаз конд куы фæци, уæд, æнхъæлмæ йæм чи каст, уыцы адæммæ æрбасидти. 

Фыццаджыдæр æм бацыд йæ каис, ахуыргæнæг, бæрзонд, хæрзконд, бакастджын, сырхуадул зæронд лæг миты хуызæн урс зачъетæ æмæ сырхбуар цæсгомимæ, Джемал-Эдин, зæгъгæ, йæ ном. Джемал-Эдин Хуыцауæн бакуывта æмæ Шамилы рафæрс-бафæрс кæнын байдыдта йæ фæндаджы, йæ хæсты хабæрттæй. Стæй йын радзырдта, йæ ацыды фæстæ хæхбæсты цыдæриддæр æрцыд, уыдæттæ. 

Иннæ алыхуызон хъуыддæгтимæ, — лæджы мæрдтæ туджджыны æгъдауыл, фосы давд, тарикаты47 æгъдæуттæ халджытæ, тамако дымын, сæн нуазын, — Джемал-Эдин рахабар кодта Хаджи-Мураты хъуыддаджы тыххæй: лæгтæ куыд æрбарвыста йæ бинонты байсыны тыххæй, фæлæ хъуыддаг фæхъæр, æмæ йын йæ бинонты Веденомæ æрбакодтой. Ныртæккæйы сахат ахæсты сты æмæ дæ уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсынц. Уыцы хъуыддæгтæм æркæсынмæ æрæмбырд кодтой мидæггаг уазæгдоны зæронд лæгты. Æнæхъæн æртæ боны дæм æнхъæлмæ кæсын. Ныр у, æмæ дæм кæд аккаг кæсы, уæд сын абоны бон ацæуыны бар раттын хъæуы. 

Йæ хистæр нæуарзон, æнад, цыргъфындз, саулагъз фыдынд ус Зайдет ын сихор æрбахаста. Сихор куы бахордта, уæд æмраст уазæгдонмæ бацыд. 

Æхсæз зæронд тæрхоны лæджы — урс, урсæмхæццæ æмæ сырх зачъетимæ, сæ уæлæ бæрзонд уæлдзарм худтæ, чи сарыхъимæ, чи та æнæ уый, ног куырæттæ æмæ цухъхъаты мидæг, ронбастæй, хъаматимæ Шамилæн сыстадысты. Шамил сæ сæрты каст, — ce ’ппæтæй дæр бæрзонддæр уыд. Иууылдæр æмхуызонæй, Шамилмæ гæсгæ, сæ къухтæ схъил кодтой армытъæпæнтæ уæлæмæ арæзтæй, сæ цæстытæ бацъынд кодтой æмæ Хуыцауæн бакуывтой, стæй сæ къухтæ сæ цæсгæмттыл æрхастой æмæ сæ рихиты бын баиу кодтой. Уый фæстæ ce ’ппæт дæр сбадтысты. Шамил ce ’хсæн астæуæй бæрзонддæр базыл бадт, афтæмæй хъуыддæгтæм кæсын байдыдтой. Æвзæргæнджытæн тæрхон кодтой шариатмæ гæсгæ. Дыууæ лæгæн хуыснæгдзинады тыххæй стæрхон кодтой сæ цæнгтæ алыг кæнын, иуæн та йæ сæр. Лæджы марды тыххæй æртæйæн бахатыр кодтой. Стæй стырдæр, сæйрагдæр хъуыддагмæ æркастысты, сагъæс кæнын байдыдтой, цы бакæнын хъæуы, цы хос, цы амал скæнын хъæуы цæцæны бауромынæн, цæмæй уырысы къухмæ сæхи ма дæттой. Уыцы хъуыддаджы ныхмæ Джемал-Эдин æрхъуыды кодта æмæ ныффыста ахæм уацхъуыд, ахæм хъусинаг: 

«Дунейы дарæг стыр Хуыцау æмæ сымах æхсæн æнусмæ фарн уæд. Хъусын æз, уырыс уæ рæвдауынц, сабырдзинадыл уæ ардауынц æмæ уæ сæхирдæм здахынц. Ma сыл æууæндут æмæ сæм ма хъусут, фæлæ багæдзæ кæнут, бафæразут. Уæ уæлæуыл царды уын уый тыххæй Хуыцау куы нæ баххуыс кæна, уæддæр уын уæ мæрдты фæндагæн æххуыс уыдзæн. Æрхъуыды кæнут, фыццаг цы уыд, уыдæттæ — уæ гæрзтæ уын куы истой, уæд. 1840 азы уын Хуыцау куы нæ баххуыс кодтаид æмæ уын уæ сæры зонд куы нæ бауагътаид, уæд афонмæ дæр ма салдæттæ уыдаиккат, уæ устытæ æнæ хæлæфтæй цыдаиккой æмæ хынджылæггаг фæцадаиккой. Æрсагъæс кæнут æмæ, ныронг цы ’рцыд, уымæ гæсгæ нырæй фæстæмæ цы ’рцæудзæн, уый æмбарут. Гауыртимæ фæцæрыны бæсты уырысимæ знагæй амæлын хуыздæр у. Багæдзæ кæнут, бафæразут, æз уæм фæцæуын Хъуыран æмæ кардимæ æмæ уæ уырысы ныхмæ ныллæууын кæндзынæн. Ныр уæ уый домæг дæн, æмæ уын æй карзæй цæхгæр зæгъгæ дæр кæнын: ма фæтæрсут, уырысæн ма басæттут, ма фæтасут, уæ зæрдæ дæр сæм ма ’хсайæд, уæ хъуыдыйы дæр ма уæд уыдоны къухмæ уæхи раттын». 

Уыцы хъусынгæнинагыл Шамил сразы, хорз æм фæкаст, йæ къух ыл æрæвæрдта æмæ йæ алы ранмæ арвитын кодта. 

Уыцы хъуыддæгты фæстæ æркастысты Хаджи-Мураты хъуыддагмæ дæр. Шамилæн уымæй стырдæр хъуыддаг нæ уыд. Æцæг, æргом æй нæ кодта, нæ йыл саст, йæ сæрмæ йæ нæ хаста, фæлæ йæ йæ мид-зæрды хорз æмбæрста, a фæстаг хæсты йæ сахъ, æхсарджын æмæ зæрдæджын наиб Хаджи-Мурат йемæ куы уыдаид, уæд ныртæккæйы сахат Цæцæны цы ’рцыд, уый, чи зоны, æмæ не ’рцыдаид. Хаджи-Муратимæ бафидауын æмæ та уый руаджы хъуыддæгтæ аразын æвзæр нæ уыдаид. Кæд æмæ уый бакæныны амал не ’рцæуа, къухы нæ бафта, уæддæр уырысæн æххуыс цæмæй нæ кæна, уымæн исты æрхъуыды кæнын хъæуы, исты саразын хъæуы, æнæ уый хос нæй. Уый бакæнынæн та æндæр хуыздæр хос, æндæр хуыздæр амал нæй: кæнæ, чи йæ амара, ахæм лæг Калакмæ аивæй барвитын хъæуы, науыйнæй, — ардæм æй æрбасайын æмæ амарын хъæуы — дыууæйæ иу. Уыцы хъуыддæгтæ къухы бафтдзысты йæ бинонты, тынгдæр та йæ фырты руаджы. Шамил тынг хорз зыдта, Хаджи-Мурат йæ фырты цæрайæ кæй цæры, æнæхъуаджы бирæ йæ кæй уарзы, æмæ уый сæраппонд хъуыддагæн йæ фырты руаджы бакæнæн ис. 

Тæрхоны лæгтæ сæхимидæг уый аххосæй куы аныхæстæ кодтой, уæд Шамил йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ ныхъхъус. Тæрхоны лæгтæ Шамилыл ахуыр уыдысты, зыдтой йын йе ’гъдæуттæ æмæ сын цы бамбарын хъуыд, Шамил ныртæккæ пехуымпары ныхæстæм кæй хъусы æмæ йын пехуымпар, цы бакæнын хъæуы ацы сахат, уыдæттæ кæй амоны, уый. Фондз минуты æдзæмæй фæбадтысты, стæй Шамил йæ цæстытæ байгом кодта, йæ цъынддзаст цæстытæ, цы уыдысты, уымæй ноджыдæр тыхджындæр бацъынд кодта æмæ, загъта: 

— Æрбасидут-ма ардæм Хаджи-Мураты фыртмæ. 

— Мæнæ ам ис, — загъта Джемал-Эдин. 

Æмæ æцæг, Юсуф, Хаджи-Мураты фырт, æддаг кæрты кулдуары цур лæууыд æмæ æнхъæлмæ каст басидынмæ. Фыдхуыз, фæлурс, скъуыдтæ дзауматы мидæг смаг кодта, фæлæ уæддæр гуырыкондæй, цæсгомæй уыцы рæсугъдæй баззад, йæ фыдымады хуызæн æрттиваг цæстытимæ. 

Юсуф Шамилмæ йæ фыды зæрдæ нæ дардта. Уый сын сæ фыццаг царды æгъдауæн ницы зыдта, кæд æмæ зыдта, уæд та йæ йæ зæрдæмæ хæстæг никуы бахаста æмæ уымæ гæсгæ не ’мбæрста, йæ фыд афтæ знаг цæмæн у, ахæм хæрамдзинад Шамилимæ ce ’хсæн цæмæн ис, уый. Лæппуйæн йæ зæрдæ æрмæст иу хъуыддаг агуырдта: наибы фыртæн куыд æмбæлы æмæ Хунзахы куыд цард, нырæй фæстæмæ дæр афтæ æнцон, æнæмæт, хъæлдзæг цард кæнын æмæ уымæ гæсгæ, уыцырдыгонау, æппындæр Шамилимæ знаг кæнын ницæмæн хъуыд. Юсуф, цыма йæ йæ фыды фыддæрадæн кодта, уыйау Шамилмæ хицæн зæрдæ дардта. Дзæбæх, уарзон цæстæй йæм каст, æмæ йын хæххон адæм цы кад æмæ цыт лæвæрдтой, уый йæм тынг хорз æмæ раст каст. Ныр дæр уазæгдонмæ имаммæ сыгъдæг зæрдæимæ бацыд, æфсæрмыгæнгæйæ дуаргæрон слæууыд æмæ фемдзаст Шамилы тыхджын æдзынæг, цъынддзаст цæстæнгасимæ. Юсуф иу цъусдуг алæууыд, стæй Шамилмæ хæстæг бацыд æмæ йын йе стыр даргъæнгуылдзджын урс къухæн аба кодта. 

— Ды дæ Хаджи-Мураты фырт? 

— Æз дæн, бæгуыдæр, имам. 

— Зоныс, цы бакодта, уый? 

— Зонын, имам, æмæ йыл хъыг кæнын. 

— Фыссын зоныс? 

— Æз мæхи цæттæ кодтон молло суынмæ. 

— Уæдæ ныффысс дæ фыдмæ: кæд мæм ныр Байрамы бонмæ фæзына, уæд ын хатыр фод, æмæ та куыд цардыстæм, афтæ хæларæй цæрдзыстæм. Намæ уырысмæ баззад, — Шамил ацы ран йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ дзагъултæгæнгæ загъта: — Æз дын дæ фыдымады, дæ мады хъæуи-хъæу зилæг æмæ хынджылæггаг фæкæндзынæн, дæуæн та дæ сæр ралыг кæндзынæн. 

Юсуф йæ хуыз нæ афæлывта, йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, æрмæст Шамилæн йæ сæрæй акуывта, ома, бамбæрстон дæ, зæгъгæ. 

— Ныффысс, куыд дын загътон, афтæ, æмæ йæ мæ минæвармæ ратт. 

Шамил ныхъхъус æмæ бирæ æнæдзургæйæ фæкаст Юсуфмæ. 

— Ныффысс, æз дын фæтæригъæд кодтон æмæ дæ маргæ нал акæндзынæн, фæлæ дын дæ дыууæ цæсты скъахдзынæн, гадзрахатæй чи цæуы йæ Фыдыбæстыл, йæ дзырд, йæ ард чи сайы, уыдонæн куыд фæкæнын, афтæ. Цæугæ. 

Юсуф Шамилы цур фидар лæууыд, йæхиуыл хæцыд, фæлæ йæ уазæгдонæй куы ракодтой, уæд, чи йæ кодта, ууыл йæхи ныццавта, йæ хъама йын рарæдывта æмæ дзы йæхи амарынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл ныххæцыдысты, йæ къухтæ йын сбастой æмæ та йæ фæстæмæ йæ бынатмæ, уæрммæ акодтой. 

Уыцы бон Шамил изæры ламаз куы скодта æмæ изæрдалынгтæ куы ’рци, уæд йæ урс кæрц йæ уæлæ акодта æмæ, йæ устытæ кæм цардысты, уырдæм кауыл бахызт æмæ Аминæты уатмæ бараст. Фæлæ Аминæт бынаты нæ уыд, бадти Шамилæн йæ хистæр устытимæ. Шамил, куыд ничи йæ федтаид, афтæ дуары аууон слæууыд æмæ Аминæтмæ æнхъæлмæ каст. Фæлæ йæм Аминæт мæсты уыд, зæлдаг къабайаг уымæн нæ, фæлæ йæ хистæр ус Зайдетæн кæй балæвар кодта, уый тыххæй. Шамил æддæмæ уатæй куыд рацыд æмæ та фæстæмæ куыд баздæхт, йæ зæрдæйæ кæд Аминæтыл йæ цæст искуы æрхæцид, зæгъгæ, уыдæттæ Аминæт уыдта, фæлæ барæй, фыддæрадæн йæ уатмæ нæ бацыд. Зайдеты уаты дуары къæсæрыл бирæ фæлæууыд æмæ сусæгæй йæ мидбылты худгæйæ каст Шамилы урс æндæргмæ, уатæй дыууæрдæм, æддæмæ-мидæмæ куыд кодта, уымæ. Шамил дзæгъæлы бирæ фенхъæлмæ каст, стæй дзы йæ бон куы базыдта, уæд фæстæмæ йæ бынатмæ раздæхт æмбисæхсæвы ламаз кæнын афон. 

 

XX
 

Хаджи-Мурат ацард фидары Иван Матвеевичы хæдзары иу къуыри. Мария Дмитриевнæ хъуынджын Ханефиимæ нæ фидыдта, йемæ арæх хыл кодта. Иухатт æй Ханефи, чысыл ма бахъæуа, фæцæймардта, æмæ йæ уый тыххæй Мария Дмитриевнæ хæринаггæнæнæй ратардта. Хаджи-Мурат та йæ цæсты тынг кадджын уыд æмæ йæм хъарм зæрдæ дардта. Мария Дмитриевнæ йын йæхæдæг сихор нал хаста, уыцы куыст Элдары бар бакодта, фæлæ йæм уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууыд. Исты æфсонæй-иу æм бауад æмæ йын-иу зæрдæлхæнæн митæ акодта. Йæ бинонты сагъæсы æмæ мæты дæр-иу бацыд. Зыдта, цал усы йын ис, цал сывæллоны, кæуыл дзы цас цæуы. Хаджи-Мураты хæрзгæнджытæй-иу исчи куы фæзынд, уæд-иу рафæрс-бафæрс кæнын байдыдта. 

Бутлер уыцы къуыри тынг балымæн Хаджи-Муратимæ. Æнæ кæрæдзи нал лæууыдысты æмæ кæрæдзи арæх бæрæг кодтой. Кæм тæлмацæй, кæм сæхи æгъдауæй исты нысæнттæй кæнæ айдагъ бахудтæй кæрæдзийæн сæ зæрдæйы ныхæстæ æмбарын кодтой. Хаджи-Муратæн Бутлер кæй фæадджын, кæй фæхæлар, уый гуырысхойаг нæ уыд, æцæгдзинад уыд. Элдар Бутлермæ цы цæстæй каст, уымæй дæр бæрæг уыд сæ хæлардзинад. Бутлер-иу Хаджи-Муратмæ куы бафтыд, уæд-иу Элдар, цыма йыл стыр хорз æрцыд, уыйау хъæлдзæгæй, цинтæ кæнгæйæ, худæнбылæй йæ разы алæууыд æмæ-иу ын кæстæриуæгдзинæдтæ кодта: йæ быны-иу ын базтæ æвæрдта, йæ кард-иу ын райста. Бутлер фидыдта æмæ балымæн Хаджи-Мураты кæнгæ æфсымæр хъуынджын Ханефиимæ дæр. Ханефи бирæ хохаг зарджытæ зыдта. Хаджи-Мурат, Бутлеры зæрдæ балхæнон, зæгъгæ-иу Ханефимæ æрбасидти æмæ йын йæ уарзон зарджытæ кæнын кодта. Ханефи тынг хъæлæсджын уыд, зарынмæ дæр кæм уыд ахæм, иттæг рæсугъд æмæ аив зарыд. Йæ зарджытæй иу Хаджи-Мураты зæрдæмæ тынг цыд. Уыцы зарæг Бутлермæ дæр диссаг хорз фæкаст, — йе ’нкъарддзинадæй зæрдæ мæгуыр кодта. Бутлер тæлмацгæнæгæй ракуырдта, йæ ныхæстæ йын цæмæй бамбарын кодтаид, уый. Ханефи æмæ Хаджи-Мураты æхсæн цы туджы хъуыддаг уыд, уый сæраппонд скодтой уыцы зарæг. 

Зарæг уыд ахæм: 

«Бахус уыдзæн сыджыт мæ ингæныл, æмæ ферох кæндзынæ ды мæн, мæ иунæг мад. Æрзайдзæн мæ уæлмæрдыл мæрдон кæрдæг, æмæ дын дæ сау рыст зæрдæ басабыр кæндзæн мæ зæронд фыд. Йæ цæстысыгтæ бахус уыдзысты мæ хойæн йæ цæстытыл, æмæ йæ йæ зæрдæйы маст, йæ зæрдæйы низ ферох уыдзæн. 

Фæлæ мæ нæ ферох кæндзынæ ды, мæ хистæр æфсымæр, цалынмæ мын мæ туг райсай, уалынмæ. Нæ мæ ферох кæндзынæ ды дæр, мæ дыккаг æфсымæр, цалынмæ мæ сау ингæны мæ фарсмæ ныгæд æрцæуай. 

Судзаг дæ, топпы нæмыг, мæлæтхæссæг дæр дæ, фæлæ ды нæ уыдтæ мæ коммæгæс цагъар? Мæ мæрдон сау сыджыт, ды мæ бамбæрздзынæ, фæлæ дæ æз нæ надтон, нæ хостон мæ бæхы къæхты бын? Уазал дæ, мæлæт, фæлæ æз уыдтæн де ’лдар, дæ хицау. Мæ буар мын райсдзæн зæхх, мæ уд мын айсдзæн арв». 

Уыцы зарæгмæ хъусгæйæ-иу Хаджи-Мурат кæддæриддæр йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ-иу зарæг куы фæци, уæд-иу сабырæй дзырдта ивазгæйæ, зæрдæуынгæггæнæн хъæлæсæй: 

— Хорош песня, умный песня. 

Рæсугъд, æгъдауджын, ныфсдæттæг хæххон цардыуаг Бутлеры зæрдæ тынгдæр райста, тынгдæр бауарзта Хаджи-Мурат æмæ йæ мюридты æрцыды æмæ уыдонимæ балымæны фæстæ. Йæхицæн куырæт, цухъхъа, зæнгæйттæ сарæзта. Афтæ æнхъæлдта, ныр сыгъдæг хохаг лæгæй рагæпп ласдзæн æмæ, хæххон адæм цы цардæй цæрынц, раст гъе уыцы цардæй цæры уый дæр. 

Хаджи-Мурат цы бон раст кодта, уыцы бон Иван Матвеевич афицерты æрæмбырд кодта Хаджи-Мураты бабуц кæныны æмæ йын фæндараст зæгъыны тыххæй. Афицертæй иутæ цайцымæн стъолы алыварс бадтысты æмæ сын Мария Дмитриевнæ цай кодта, иннæтæ та, хæрд æмæ нозт цы стъолыл æвæрд уыд, уый алыварс бадтысты, афтæ Хаджи-Мурат бæлццонарæзтæй, цырд æмæ фæлмæн къахдзæфтæ кæнгæ, зына-нæзына чиугæйæ уаты æрбалæууыд. 

Ce ’ппæт дæр сыстадысты æмæ йын радыгай, кæрæдзийы фæдыл йæ къух исгæ ацыдысты. Иван Матвеевич æй буцдæрæн тъахтиныл бадын кодта. 

Хаджи-Мурат ын раарфæ кодта æмæ рудзынджы цур бандоныл æрбадт. Йе ’рбауадæй адæм куыддæр фæджихау, фегуыппæг сты, фæлæ Хаджи-Мурат уымæй нæ фефсæрмы. Адæмыл сабыргай йæ цæст рахаста. Хæринæгтæ æмæ самавар цы стъолыл æвæрд уыдысты, уымæ хæрдджын лæджы цæстæй бакаст, цыма йæ цæсты ницы уыдысты, уый хуызæн. Иу роггомау афицер, Петроковский, зæгъгæ, Хаджи-Муратыл фыццаг хатт чи сæмбæлд, ахæм æй тæлмацæй афар ста: куыд æм фæкаст Калак, йæ зæрдæмæ бацыд æви нæ? 

— Бæгуыдæр бацыд, — зæгъгæ, загъта тæлмацгæнæг. 

— Уæддæр дзы йæ зæрдæмæ цы хуыздæр бацыд? 

Хаджи-Мурат ын дзуапп радта. 

— Театрæй тынгдæр ницы, — загъта тæлмацгæнæг. 

— Сæрдары хъазтизæр та йæм куыд фæкаст цымæ? 

Хаджи-Мурат йе ’рфгуытæ фæтар кодта. 

— Алы адæммæ дæр хицæн æгъдæуттæ ис. Махмæ сылтæ уыцы хуызы нæ цæуынц, ахæм дарæс нæ дарынц, — загъта Хаджи-Мурат æмæ Мария Дмитриевнæмæ бакаст. 

— Уæддæр дзы йæ зæрдæмæ цы нæ бацыд. 

— Махмæ иу æмбисонд ис, — загъта Хаджи-Мурат тæлмацгæнæгæн дзургæйæ. — Куыдз хæрæджы дзидзайæ хорз уыдта, хыгъта, хæрæг та куыдзы хосæй, æмæ сæ дыууæ дæр æххормагæй баззадысты. Алкæмæ дæр йæхи æгъдау хорз кæсы, — æмæ йæ мидбылты бахудт. 

Уымæй дарддæр ныхас нал ацайдагъ. Афицертæ чи хæрыныл, чи цай цымыныл фесты. Хаджи-Муратæн цайы агуывзæ бахастой, æмæ йæ йæ разы æрæвæрдта. 

— Æхсырысæртæ æмæ дзул та? — афарста йæ Мария Дмитриевнæ æмæ йын сæ йæ разы хæстæгдæр æрæвæрдта. 

Хаджи-Мурат ын йæ сæрæй акуывта. 

— Цæуыны уынаффæ скодтай, уæдæ, и? — Хаджи-Муратæн йæ уæрагмæ æвналгæйæ афарста худæнбылæй Бутлер. — Хуыцау зоны, кæд ма фендзыстæм кæрæдзи. 

— Хæрзбон, хæрзбон, — худгæйæ уырыссагау загъта Хаджи-Мурат. — Абонæй фæстæмæ æз æмæ ды — дыууæ æфсымæры. Рæстæг цæуы, нæ фæндаг нæ дарын хъæуы, — æмæ йæ сæры фенкъуыстæй ацамыдта, кæцырдæм æй цæуын хъæуы, уый. 

Дуары къæсæрæй Элдар æрбазынд, йе уæхскыл урс нымæт, йæ къухы æхсаргард. Хаджи-Мурат æм йæ къух фæтылдта. Элдар даргъ къахдзæфтæгæнгæ хæстæг бауад Хаджи-Муратмæ æмæ йæм нымæт æмæ кард балæвæрдта. Хаджи-Мурат нымæт райста, йæ цонгыл æй æрдыдагъ кодта æмæ тæлмацгæнæгмæ дзургæйæ нымæт Мария Дмитриевнæмæ радта. Тæлмацгæнæг ратæлмац кодта: 

— Хаджи-Мурат зæгъы: нымæт дæ зæрдæмæ кæм бацыд, уым дын æй лæвар кæны. 

— Уый та куыд, уанцон нæу! — загъта Мария Дмитриевнæ æфсæрмыгæнгæйæ. 

— Афтæ æмбæлы. Хæлар дын уæд, — загъта Хаджи-Мурат. 

— Бузныг, дæ лæвар бирæ уæд, — загъта Мария Дмитриевнæ æмæ нымæт райста. — Зæгъ ын, дæ фырт дæхи фæндиаг уæд, дæ бинонтæ дæ къух цæмæй ссарой, уый Хуыцауы бафæндæд. 

Хаджи-Мурат Мария Дмитриевнæмæ бакаст æмæ йын сæрæй акуывта. Стæй Элдары къухæй кард райста æмæ йæ Иван Матвеевичæн балæвар кодта. Иван Матвеевич кард йæ къухмæ райста æмæ тæлмацгæнæгæн загъта: 

— Зæгъ ын, йæ бур бæх йæхицæн саккаг кæнæд, æндæр ын цæмæй раарфæ кæнон, цæмæй йын æй баххæст кæнон, ахæмæй мæм ницы ис. 

Хаджи-Мурат йæ къух йæ цæсгомы раз батылдта, ома, ницы мæ хъæуы, ницы райсдзынæн. Стæй къухæй зæрдæ æмæ хæхтæ ацамыдта æмæ цæуыныл фæци. Ce ’ппæт дæр йæ фæдыл рацыдысты. Афицертæй ма мидæгæй хæдзары чи баззад, уыдон кард сластой, рауын-бауын æй байдыдтой æмæ æмдзыхæй загътой, æнæмæнгæй сыгъдæг гурда48 кæй у. 

Бутлер Хаджи-Мураты фæдыл дуармæ рацыд. Уым, чысыл ма бахъæуа, æнæнхъæлгæйæ фыдбылыз ма ’рцæуа: гыццылтыл ма баззад, фæцæй йæ мардæуыд Хаджи-Мураты, куы нæ сарæхстаид, уæд. Фæлæ йæ ныфс, йе ’хсар, йæ цырддзинады руаджы фервæзт. 

Хъуымыхъхъаг хъæу Таля-Качуйы цæрæг адæмы æхсæн Хаджи-Мурат стыр номдзыд, стыр цытджын лæг уыд. Бирæ хæттыты уыцы хъæуы адæм фидармæ æрбацыдтытæ кодтой номдзыд, алыпп наибы фенынмæ. Йæ цæуыны агъоммæ йæм, æртæ боны раздæр, минæвæрттæ æрбарвыстой, куыд сæ бабæрæг кодтаид æмæ сæм майрæмбоны сæ мæзджытмæ куыд æрбацыдаид, афтæ. Таля-Качуйы цардысты хъуымыхъхъаг æлдæрттæ, Хаджи-Мураты туджджынтæ. Уыцы хабар сæ хъусыл куы ’рцыд, уæд адæмæн фехъусын кодтой, сæ туджджын Хаджи-Мураты хъæумæ æрбауадзинаг не сты. Адæм схъаугъа сты, æддæг-мидæг сысты æмæ сын æлдæртты фарсласджытимæ хылмæ атыхст æмæ кæрæдзимæ бавнæлдтытæ кодтой, кæрæдзийыл ралæууыдысты. Уырысы хицæуттæ адæмы басабыр кодтой æмæ Хаджи-Муратмæ лæгтæ æрбарвыстой, цæмæй нал æрбацыдаид, уый тыххæй. Хаджи-Мурат баззад, нал ацыд. Адæм æнхъæл уыдысты, уымæй хъуыддаг ахицæн, зæгъгæ. 

Бæхтæ дуармæ цæттæйæ лæууыдысты. Куыддæр Хаджи-Мурат æддæмæ уынгмæ рацыд, афтæ фыдбылызау, кæцæй йæ хуыцау æрбахаста, Хаджи-Муратæн раст йæ тæккæ цæуыны сахат хъуымыхъхъаг кънйаз Арслан-Хан, Иван Матвеевичы æмæ Бутлеры хорз зонгæ, уым æрбалæууыд. 

Хаджи-Мураты куы ауыдта, уæд йæ синæй дамбаца фелвæста æмæ йæ Хаджи-Муратмæ фæцарæзта, фæлæ йæ æхст нæ бафæрæзта, афтæ йыл Хаджи-Мурат гæдыйау йæхи андзæрста. Арслан-Хан ыл дамбаца суагъта, фæлæ йæ фæивгъуыдта. Хаджи-Мурат ын йæ бæхы рохтæ ацахста, хъама йæм фелвæста æмæ йыл тæтæйрагау схъæртæ кодта. Бутлер æмæ Элдар уайтагъд ce ’хсæн фæмидæг сты æмæ сын сæ къухтыл ныххæцыдысты. Дамбацайы гæрахмæ Иван Матвеевич дæр æддæмæ рауад. 

— Куы дын амардаин, фæлтау. Цы бакодтай, гормон, уый, Арслан, уыцы чъизидзинад бакæнын мæ хæдзары дæ сæрмæ цæмæн æрхастай? — загъта Иван Матвеевич, хъуыддаг куы бамбæрста, уæд. — Афтæ хорз нæу, мæ хæлар. Æддейы, искуы быдыры, дæ лæджыхъæд æмæ дæхæдæг, фæлæ ам, мæ хæдзары дын бакæнын не ’мбæлы. 

Арслан-Хан уыд чысыл, саурихи лæг. Хуызы цъыртт дзы нал аззад, ныффæлурс æмæ зырзыргæнгæ бæхæй рахызти хæстулæфтгæнгæ, Хаджи-Муратмæ мæстыйæ, дзагъултæгæнгæ бакаст æмæ Иван Матвеевичимæ уазæгдонмæ бацыд. Хаджи-Мурат фæстæмæ бæхты ’рдæм фæзылд тыхулæфтгæнгæ æмæ йæ мидбылты худгæйæ. 

— Цæуыл дæ мардта уый? — афарста Бутлер тæлмацæй Хаджи-Мураты. 

— Уый, зæгъы, не ’гъдау афтæ у, — ратæлмац кодта тæлмацгæнæг Хаджи-Мураты ныхæстæ. — Арслан-Хан дзы йæ туг агуры, марынмæ дæр æй уымæн хъавыд. 

— Йæ фæдыл куы ацæуа æмæ йæ фæндагыл куы баййафа, уæд та? — бафарста Бутлер. 

Хаджи-Мурат йæ мидбылты бахудт. 

— Хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн. Цæй, хæрзбон уал у, — загъта Хаджи-Мурат, бæхы мæсыгыл фæхæцыд, йæ алфамбылай, йæ фæдыл чи рацыд, уыдоныл йæ цæст ахаста æмæ Мария Дмитриевнæимæ фемдзаст сты хицон, уарзон цæстæнгасæй. 

— Хæрзбон у, мæ мад, — загъта Хаджи-Мурат Мария Дмитриевнæйæн. — Стыр бузныг. 

— Хуыцау дын дæ бинонты дæ къухы бафтын кæнæд, — загъта йын дыккаг хатт Мария Дмитриевнæ. 

Хаджи-Мурат ын йæ ныхæстæ нал фехъуыста, фæлæ Мария Дмитриевнæйы зæрдæ йæ бинонтæм кæй æхсайдта, мæт сыл кæй кодта, уый дзæбæх бамбæрста æмæ йын йæ сæрæй акуывта. 

— Дæ хорз хæларыл стырзæрдæ макуы су, ма йæ ферох кæ, — загъта Бутлер. 

Хаджи-Мурат тæлмацгæнæгæн загъта: 

— Уый тыххæй мыл йæ зæрдæ дарæд, æз, йæ хорз хæлары чи ферох кæна, уыдонæй нæ дæн. 

Кæд зылынкъах уыд, уæддæр, куыддæр йæ къах æгъдæнцоймæ бахæццæ, афтæ цæстыфæныкъуылдмæ бæрзонд саргъыл йæхи æруагъта. Йæ ахуырмæ гæсгæ йæ гæрзтыл йæ къух æрхаста æмæ, æрмæст хæххон лæг куыд рæсугъд, аив бады бæхыл, уыцы рæсугъд, хъал, аив барæджы бадтæй араст Хаджи-Мурат йæ фæрныг фысымты хæдзарæй. Ханефи æмæ Элдар дæр сæ бæхтыл абадтысты, хæрзбон загътой фысымтæн, афицертæн æмæ сæ мюршиды фæдыл сæпп-сæппæй сæ бæхтæ ауагътой. 

Куыд фæкæнынц кæддæриддæр, афтæ ныр дæр бæлццæтты кой кæнын байдыдтой. 

Æвæдза, саг адæймаг та куыннæ у! Бирæгъы лæбурд æм дзæбæх куы бакодта Арслан-Ханмæ. Йæ цæсгомы хатт куыд афæлывта, йæхи хуызæн нал уыд. 

— Фæсайдзæн нæ, æууæнк ыл нæй, æвæццæгæн, стыр фæлитой чи у, ахæм у, — загъта Петроковский. 

— Ахæм фæлитойтæ уырысмæ Хуыцау куы радтаид, — æвиппайды мæстыйæ сдзырдта Мария Дмитриевнæ. — Æгас къуыри махмæ фæцард, æмæ йæм хорздзинады йеддæмæ ницы бафиппайдтон. Уæздан, æмбаргæ æмæ раст адæймаг. 

— Цæмæй йæ базыдтай ды та? 

— Æвæццæгæн æй базыдтон. Куы нæ йæ зонин, уæд нæ дзурин. 

— Йæ зæрдæмæ бацыд, бауарзта йæ, уый æцæг у, — загъта Иван Матвеевич. 

— Æмæ уæд цы? Бауарзтон æй уæд та. Сымах та цы кæсы? Лæгæй лæг зæгъын хъæуы, фыдгой кæнын цæмæн у? Пысылмон у, æцæг, фæлæ бафауинаг нæу, хуыздæрæй ма дзы цы загъдæуа. 

— Æгонгæй, Мария Дмитриевнæ, раст зæгъыс, — загъта Бутлер. — Адæмы хуыздæр фæуинаг, ды ма сдзырдтай йæ сæрыл. 

 

XXI
 

Цæцæны бæсты арæнтыл, раззаг фидæртты цы адæм бадт, уыдонæн сæ цардыуаг фыццаджы æгъдауыл арæзт уыд. Уæдæй ардæм дзы æрцыд дыууæ фæдисы. Уыцы фæдисты уыдысты дыууæ ротæйы салдæттæ æмæ милицæ. Милицæ бæхтыл цыппæрвадæй тахтысты, фæлæ хæххон адæмы бауромын иу хатт дæр сæ къухы нæ бафтыд, — аирвæзтысты сын-иу. Иу хатт Воздвиженскы дондарæнæй хæххон адæм хъазахъхъы бæхтæй аст атардтой, иу хъазахъхъаджы та маргæ акодтой. Галиуварсы æфсæдтæн ног хицау кънйаз Барятинскийы кæй скодтой, уыйадыл Стыр Цæцæнмæ бафсад кæнынмæ хъавыдысты æмæ уымæ æнхъæлмæ кастысты. 

Кънйаз Барятинский, паддзахы фыртæн йæ лымæнты хуыздæр, кæддæр кæсæджы полчъы, ныр та галиуварсы æфсæдты хицау, куыддæр Грознамæ æрхæццæ, афтæ æфсæдты æрæмбырд кодта, паддзах цы уынаффæ бакодта æмæ Чернышев Воронцовмæ кæй фыста, уыдон сæххæст кæныны тыххæй. Воздвиженскы цы æфсæдтæ æрæмбырд ис, уыдон араст сты хæсты арæнтæм, Куринсчы ’рдæм. Уыцы ран æфсæдтæ æрбынат кодтой æмæ хъæд цагътой. Кæстæр Воронцов уым цард стыр зынаргъ сгæллад цатыры мидæг æмæ йæ йæ ус Мария Васильевнæ арæх бæрæг кодта, арæх æм цыд æхсæвæддæйыл. Æнæ зонгæ ничи уыд, сусæг, мыййаг, нæ уыд, Барятинский æмæ Мария Васильевнæйы æхсæн цы æгъдау уыд, уый. Стыр адæмтæ кæуыл не ’рвæссыдысты, ce ’хсæнмæ цæуын аккаг кæмæн нæ кодтой, уыцы афицертæ æмæ салдæттæ Мария Васильевнæйæ разы нæ уыдысты, лагертæм49 кæй цыд æмæ сæ уый сæраппонд æхсæвæддæйыл сусæг рæтты хъахъхъæнæг кæй æвæрдтой, уый тыххæй, æмæ йæ уыйадыл æлгъыстой, алы æвзæр ныхас дзы кодтой. Хæххон адæм-иу æхстбæрц размæ сармадзантæ батардтой æмæ-иу уырысы æфсæдты бадæнтæ æхстой. Уыцы сармадзаны нæмгуытæ фылдæр хæттыты раны не ’мбæлдысты, æмæ сæ уымæ гæсгæ уырыс хъуыды дæр нæ кодтой. Фæлæ хæххон адæм размæ хæстæг сармадзантæ тæрын цæмæй нæ уæндыдаиккой æмæ Мария Васильевнæйы цæмæй нæ тæрсын кодтаиккой, æрмæст иунæг гъе уый тыххæй æхсæвыгон бæрæг рæтты сусæгæй хъахъхъæнджытæ æвæрдтой. Æрвылбон æхсæв бадынмæ цæуын, æрмæст цæмæй нæ тæрса, уый тыххæй, — уыцы хъуыддаг сæхицæн æфхæрд æмæ æгаддзинадыл нымадтой æмæ Мария Васильевнæйæ æвзæр ныхæстæ кодтой — æлгъыстой йæ салдæттæ дæр æмæ, стыр хæрзмыггаг адæм кæуыл не ’рвæссыдысты, уыцы афицертæ дæр. 

Бутлер æмгъуыдмæ йæхи ракуырдта æмæ, цы фидары цард, уырдыгæй ардæм, ацы æфсæдтæм æрбацыд. Полчъы æмæ уæздæтты скъолайы кæимæ ахуыр кодта æмæ куыста æмæ ныр Куринсчы полчъы хицæутты раз адъютанттæй æмæ ординарецтæй чи куыста, уыдон абæрæг кæнын æй æрфæндыд. Йе ’рбацыдæй йæ ацыдмæ хъæлдзæг уыд, йæ цардæй разы уыд. Бутлер Полторацкиймæ бафысым кодта æмæ цатыры æрцард. Уым, йе ’рцыдыл чи бацин кодта, ахæм зонгæтæй бирæтыл сæмбæлд. Воронцовы дæр абæрæг кодта. Кæддæр иумæ иу полчъы куыстой æмæ кæрæдзи чысылтæ зыдтой. Воронцов æм дзæбæх цæстæй ракаст, бабуц æй кодта æмæ йæ кънйаз Барятинскиимæ базонгæ кодта, стæй Барятинскийы агъоммæ, галиуварсы æфсæдты хицау Козловскийы номыл цы сихор сарæзта хæрзбон зæгъыны тыххæй, уыцы сихормæ йæ æрбахуыдта. 

Сихор уыди тынг хорз. Цатыртæ æрбаластой æмæ сæ дæргъæй-дæргъмæ æрцарæзтой. Стъолыл, цы ’мбæлд, уыцы дзауматæ æмæ дзаг æвгтæ æвæрд. Алцыдæр бетъырбухаг гвардийы цард зæрдыл лæууын кодта. Дыууæ сахаты уыдаид, афтæ фынгтыл æрбадтысты. Стъолы цур йæ тæккæ бæрæгастæу сбадтысты: иуырдыгæй фарс Козловский, иннæрдыгæй йæ бакомкоммæ Барятинский. Козловскийæн йе ’мварс, рахизфарсырдыгæй бадт Воронцов йæхæдæг, галиуварсырдыгæй та Воронцовæн йæ ус. Уыдонæн сæ дыууæрдыгæй фарс суанг кæроны онг бадтысты Кæсæджы æмæ Куринсчы полчъы афицертæ. Бутлер бадти Полторацкийы фарсмæ. Сæ дыууæ дæр хъæлдзæгæй ныхæстæ кодтой æмæ нозтой сæ сыхаг афицертимæ. Хъуыддаг шампайнаг сæнмæ куы атыхст, уæд уырдыглæууæг салдæттæ бæрзондкъахджын нуазæнтæ æрыдзаг кодтой. Полторацкий йæхинымæры тыхсгæйæ æмæ зæрдиагæй тæригъæд кæнгæйæ загъта Бутлерæн: 

— Ацы бон нæ «куыд»-æн йæ худинаджы рæстæг æрцыд. 

— Цæй тыххæй зæгъыс? 

— Стыр æфсарм дзы ис, лæджы сæр æй бахъуыд — раныхас кæнын æй хъæудзæн. Дзыхæй та, куыд зоныс, ахæм y æмæ куы нæ сарæхса, куы ныкъкъуылымпытæ уа æмæ куы фефсæрмы уа. 

— Афтæ, æфсымæр, афтæ, уый хæсты быдыры нæмгуыты бын знаджы хæцæнтæ исыны хуызæн нæу. Ноджы ма, фыдбылызау, йе ’мварс æфсин бадт фæци, иннæрдыгæй та, паддзахимæ æмвынг чи фæбады, уыцы стыр гуыппырсартæ. Раст зæгъгæйæ, зын ран ис, мæгуырæг, тæригъæддаг та куыд нæ у, — ныхæстæ кодтой сæхинымæры афицертæ. 

Уыцы цытджын радзырды афон æрхæццæ. Барятинский сыстад, нуазæн йæ къухмæ райста æмæ, Козловскиймæ дзургæйæ, цыбыр ныхас ракодта. Барятинский ныхасгонд куы фæци, уæд Козловский сыстад æмæ ныфсджын хъæлæсæй, æнæкъæзгæйæ байдыдта дзурын: 

— Йе стырдзинад нæ паддзахы бæрзонд фæндонæй æз ардыгæй куыд раст кæнын, хицæн кæнын сымахæй, господа афицертæ, — загъта уый. — Фæлæ мæ нымайут, куыд, сымахимæ цыма дæн, афтæ. Æнæ зонгæ нæ ничи у, куыд, иу арс рыг нæ кæны, иу æфсæддон быдыры хæцæг нæу. Уымæ гæсгæ æз мæ куысты сæргъы, мæ куысты мидæг, куыд, цыдæриддæр хæрзиуæгæй райстон, куыд, цы стыр хорздзинæдтæ мыл ныккалдта йæ рæдау къухæй нæ бæрзонд паддзах, куыд, цы ’гъдауы мидæг дæн, куыд, мæ хорз ном, — æппæтæй дæр, алцæмæй дæр сымахæй бузныг, сымах руаджы... — Ацы ран йæ хъæлæс ныррызт, æмæ кæуын йæ былты æлгътæм схæццæ. — Æз куыд бузныг дæн æрмæст иунæг сымахæй, мæ хæлæрттæ! — Йе ’нцъылдтæ цæсгом ноджы тынгдæр нынцъылдтæ ис, йæ зæрдæ суынгæг, фæсыллыпп кодта æмæ цæстытæ доны разылдта. — Мæ зæрдæйы бынæй уын сыгъдæг зæрдæйæ арфæ кæнын. 

Козловский уымæй дарддæр дзурын нал сфæрæзта, йæ бынатæй уæлæмæ сыстад æмæ афицерты хъæбыстæ кæнын байдыдта. Воронцовы ус йæ цæсгом къухтыкæлмæрзæнæй бамбæрзта. Кънйаз Семен Михайлович Воронцов йæ дзых ныззылын кодта, йæ цæстытæ тъæбæрттытæ кæнгæйæ. Афицертæй бирæтæ сæ цæстытæ доны разылдтой. Бутлер дæр йæхи нал баурæдта, æмæ йæ цæстысыгтæ портийæ æркалдысты, афтæмæй Козловскиимæ кæрæдзийы чысылтæ йеддæмæ нæ зыдтой. Фæлæ йæм уыцы митæ хорз фæкастысты, æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Уый фæстæ гаджидæуттæ уадзын байдыдтой — Барятинскийы, Воронцовы, афицерты æмæ салдæтты тыххæй. Уазджытæ фæссихор хъæлдзæгæй рацыдысты. Сæн æмæ æфсæддон хъæлдзæг, æнæмæт цардæй банозтджын сты, — афтæ уыд сæ арæзт, ce ’гъдау афицертæн. 

Рæстæг диссаг хорз уыд: хурбон, æнæдымгæ; сыгъдæг уæлдæф уæнгтæ рог кодта. Алырдыгæй æртыты къæрццытæ цыди æмæ хъуыстысты зарджытæ. Бæрæг уыд, цыдæр бæрæгбон кæй арæзтой, уый. Бутлер иттæг зæрдæхъæлдзæгæй йæ фысым Полторацкийимæ афардæг. Йæ бацыдмæ Полторацкиймæ афицертæ æрæмбырд сты, сæ астæу къамæйхъазæн стъол æрцарæзтой, æмæ адъютант банчы дæс туманы æрæвæрдта. Бутлер цатырæй иу-дыууæ хатты йæхи æддæмæ расайдта, йæ къухæй хæлафы дзыппы æхцадоныл хæцгæйæ, фæлæ уæддæр æрæджиау йæхи нал баурæдта, йæхицæн æмæ йе ’фсымæртæн цы дзырд радта, уый фæсайдта æмæ къамæй хъазыныл æрбадт. 

Сахат дæр нæма рацыдаид, афтæ Бутлер сырх-сырхидæй, хидæйдзагæй, мелæй ахуырстæй бадти йæ рæмбыныкъæдзтæ стъолыл æвæрдæй, æмæ, састбылтæ, дыдагъгонд къамты бын, алы хатт цас цыд, цас æвæрдта, уыдон фыста. Афтæ бирæ æмбулын кодта, æмæ йæ цæсгом нал хъæцыд, нал уæндыд йæ хæстæ банымайын. Æнæ банымайгæйæ дæр сæ, хъæлæкк, зыдта, — канд, цы улупа ма йæм цыд, уый нæ, фæлæ ма сыл йæ бæхы аргъ куы бафтыдтаид, уæддæр ын йæ хæстæ нæ бамбæрзтаиккой, афтæ бирæ фæхæсджын æнæзонгæ, æцæгæлон адъютантæй. Ахъазынмæ ма йæ зæрдæ бæргæ æхсайдта, фæлæ йæм адъютант тызмæгæй бакаст, йæ сыгъдæг урс къухтæй къамтæ æрæвæрдта æмæ нымайын байдыдта мелæй фыст даргъ «мæсыг:» — Бутлеры хæстæ. Бутлер, мæгуыр, хорзау нал фæци, фефсæрмы, хатыр дзы ракуырдта, — ацы сахат кæй амбулын кодта, уыдон бафидын йæ къухы нæ бафтдзæн, йæ рæстæг нæ амоны, — фæлæ йын дзырд радта, нæхицæй дын сæ æрбарвитдзынæн, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæм гæсгæ йын Полторацкий уæд, иннæтæ уæд, — ce ’ппæт дæр фæтæригъæд кодтой æмæ йæм комкоммæ бакæсын æфсæрмы кодтой. Бутлер дæр сæ бамбæрста. Уыцы бæллæх æрцыд Бутлерыл, цы бон раздæхт фæстæмæ, уымæн йе ’хсæвы. «Ацы фыдбылыз та мæм кæцæй каст, — ахъуыды кодта йæхинымæр Бутлер. — Къамæй хъазыны бæсты Воронцовтæм куы ацыдаин, — хуынд куы уыдтæн уырдæм, — уæд æнæмæт уыдаин. Ныр стыр зын раны дæн, мæ хæстæ мæ сæрæй фæфылдæр сты». 

Me ’мбæлттæ æмæ йæ зонгæтæн хæрзæхсæв загъта æмæ сæ хæдзармæ афардæг. Уым уайтагъд хуыссæны йæхи баппæрста æмæ йæ къах дæр нал атылдта, афтæмæй 18 сахаты æнæ райхъалæй фæхуыссыд. Афтæ фæхуыссынц, къамæй бирæ чи амбулын кæны, уыдон дæр. Мария Дмитриевнæйæ сомырдæг кæй ракуырдта, уымæ гæсгæ, стæй æнæуый дæр йæ уагыл кæй нæ уыд, — йæ хуыз æмæ йæ цыбыр æвæндон дзуаппытæм гæсгæ бамбæрста, кæй амбулын кодта, уый. — Иван Матвеевичмæ баздæхт æмæ йæ куыдзæй фыддæр фæкодта, кæй йæ ауагъта, уый тыххæй. 

Дыккаг бон Бутлер райхъал раст сихорафон дыууадæсæм сахатыл. Фæндыд ма йæ, хъæлæкк, фæстæмæ та куы бафынæй уыдаид, йæ низ, йæ зæрдæйы рис ферох кæныны тыххæй, фæлæ йын уый гæнæн нæ уыд, фадат нæ амыдта. Исты æгъдауæй, исты амалæй йæ ссарын хъуыд авд æмæ дыууиссæдз туманы, æцæгæлон адæймагæй кæй фæхæсджын, уыдон. Уыцы амалтæй сæ иу уыд: йе ’фсымæрмæ писмо ныффыста йæ рæдыдыл фæсмон кæнгæйæ æмæ йын лæгъстæ кодта, сæ иумæйаг куыройы хайы ныхмæ йын фæстаг хатт 50 туманы цæмæй рарвыстаид. Уый фæстæ ныффыста иу мæрддзæст хæстæгмæ, уымæй дæр куырдта, йе ’хсызгон ын куыд сарæзтаид æмæ йын 50 туманы куыд радтаид, йæ дзых йæ тæрхонгæнæг, зæгъгæ, ахæм пайдайыл. Стæй Иван Матвеевичмæ араст кодта. Зыдта, уый, уæлдайдæр та Мария Дмитриевнæ, æнæ ’хца кæй нæ уыдзысты, æмæ дзы куырдта 50 туманы æфстау. 

— Æз дын раттин, — загъта Иван Матвеевич, — фæлæ мæ мæ хæйрæгæй — Машкæйæ ныфс нæй, нæ йæ бафæнддзæн. Нæ сæ зоныс сылты, — сылтæ мæрддзæст сты, ницы сæ рантысдзæн, ницы сæ радомдæуыдзæн. Фæлæ исты амал кæнын хъæуы. Бæллæхы бафтыдтæ. Уыцы æлгъысты маркитантмæ50 та æхца нæ уыдзæн цы? 

Фæлæ маркитанты фæрсын дæр нæ хъуыд. Уымæй исты радомын, исты рафæлгъауын стыр зын хъуыддаг уыд. Æрмæст ма йæ зæрдæ йе ’фсымæрыл æмæ йæ мæрддзæст хæстæгыл дардта — йæ каст уыдонмæ уыд. 

 

XXII
 

Цæцæны ’рдыгæй йæ къухы куы ницы бафтыд, уæд Хаджи-Мурат Калакмæ фæстæмæ раздæхт. Алы бон Воронцовмæ цыд æмæ йын лæгъстæ кодта, хохаг уацайрæгты куыд æрæмбырд кæна æмæ йын уыдонæй йæ бинонты куыд баива, афтæ. Дзырдта: уый куы нæ уа, уæд баст у, йæ айвазæнтæ йæ бар не сты æмæ йæ бон нæу зæрдæйы фæндоныл уырысæн баххуыс кæнын æмæ Шамилы ныппырх кæнын. Воронцов ын бæлвырд-бæрæг ныхас нæ загъта, фæлæ йын зæрдæтæ бавæрдта — йæ бон цы уа, уый бакæндзæн, зæгъгæ, афтæмæй та хъуыддаг фæстæмæ-фæстæмæ кодта, инæлар Аргутинский Калакæй æрцæудзæн, æмæ, йемæ куы баныхас кæна, уæд ын бæлвырд дзуапп ратдзæн, зæгъгæ. Уæд Хаджи-Мурат курын байдыдта Воронцовæй, рæстæгмæ йын Нухамæ ацæуыны æмæ уым ацæрыны бар куыд ратта, афтæ. Хаджи-Мурат æнхъæл уыд, уыцы чысыл сахары мидæг ын æнцондæр уыдзæн йæ хæрзгæнджыты руаджы Шамилимæ радзур-бадзур кæнын йæ бинонты тыххæй. Уымæй æддæмæ ма, Нуха пысылмон горæт кæй y æмæ дзы мæзджыт кæй ис, уымæ гæсгæ йын æнцондæр уыдзæн пысылмон дины æгъдæуттæ æххæст кæнын. Воронцов уый тыххæй Бетъырбухмæ ныффыста, фæлæ йын уæддæр йæхи æгъдауæй Нухамæ ацæуыны бар радта. 

Воронцов дæр, Бетъырбухы хицæуттæ дæр æмæ уырысы адæмæй сæ фылдæртæ, Хаджи-Мураты хабæрттæ чи зыдта, уыдон сæ зæрдæйæ афтæ æнхъæл уыдысты, æмæ Хаджи-Мурат йæхи кæй радта, уый Кавказы хæстыл фæзындзæн, хуыздæрырдæм æй фæзилдзæн, Хаджи-Муратæн йæхицæн та, уæлдайдæр a фæстаг бонты, уыцы хъуыддаг йæ цард фехæлдта — стыр тæссаг фæндагыл æй сæвæрдта. Хаджи-Мурат хохæй йæхи райста, Шамилимæ кæй фæерыс, ce ’хсæн стыр знагдзинад кæй уыд, уый дымæгмæ æмæ йæ сæр бафснайыны тыххæй. Цыфæнды зын ын кæд уыд уыцы рацыд, уæддæр, цæмæ хъавыд, цæмæ бæллыд, уый йæ къухы бафтыд. Райдианы йæ хъуыддаг дзæбæх кæй цыд, ууыл цин кодта, хъæлдзæг уыд æмæ зæрдиагæй, æнæмæнгæй Шамилимæ схæцыны тыххæй хъуыдытæ æмæ уынаффæтæ кодта. Фæлæ хъуыддаг афтæ разынд, æмæ йæ бинонтæ Шамилы къухæй фервæзын кæнын фæзын. Хаджи-Мурат куыд æнхъæл уыд, афтæ æнцон нæ разынд. Шамил баздæхт æмæ йын йæ бинонты æрцахста, ахæсты сæ дардта æмæ æртхъирæн кодта — сылты хъæутыл байуардзæн, фырты та кæнæ маргæ акæндзæн, кæнæ йын йæ цæстытæ скъахдзæн. Хаджи-Муратæн ныр Нухамæ йæ цыды сæр уый уыд: æрфæндыд æй бафæлварын йæ бинонты Шамилы къухæй байсын, Дагъистаны йыл иузæрдион чи у, йæ сæр ын чи æрхъуыды кæндзæн, уыцы лымæнты руаджы лæгъз дзыхæй кæнæ зондæй, уынаффæйæ, хиндзинадæй. Нухайæ йæм фæстаг дзырдхæссæг ахæм уацхъуыд æрхаста: йæ уарзон лымæнтæ йын йæ бинонты байсын æмæ семæ уырысмæ ралидзыны уынаффæ кæнынц, фæлæ уыцы хъуыддагæй йæхи чи нæ раласдзæн, уыдон бирæ не сты æмæ, цалынмæ йæ бинонтæ Веденойы ахæсты уой, уалынмæ йæ ныфс ничи хæссы уыцы хъуыддаг бакæнын, фæлæ йæ бакæнинаг сты, Веденойæ сæ æндæр ранмæ куы ивой, уæд — фæндагыл. Хаджи-Мурат ныстуантæ арвыста йæ хæлæрттæм: æртæ мины раттинаг у, йæ бинонты йын чи фервæзын кæна, уымæн. 

Нухайы Хаджи-Муратæн фондзуатон гыццыл хæдзар цæрынмæ радтой; уыцы хæдзары æрцардысты йæхи йеддæмæ ма йæ хъахъхъæнæг афицертæ, тæлмацгæнæг æмæ нукертæ. Хаджи-Мурат Нухайы мидæг йæ цард æрвыста афтæ: йе ’хсызгондæр куыст дзырдхæсджытæм æнхъæлмæ кæсын æмæ уыдонимæ радзур-бадзур кæнын, стæй, хицæуттæй йæм цы бар лæвæрд уыд, уымæ гæсгæ хи аирхæфсыны тыххæй. Нухайы алфамбылай хæстæг рæтты бæхыл рацу-бацу кæнын. 

8 апрелы Хаджи-Мурат бæхыл фæхатт æмæ фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд базыдта, Калакæй Воронцовы æрвыст лæг æрхæццæ æмæ пъырыстыфимæ йæ æрбаздæхынмæ æнхъæлмæ кæсынц. Уыцы хицаумæ йæ зæрдæ ахсайдта, фæндыд æй базонын, цы хабæрттæ йын æрхаста, уый, фæлæ цалынмæ сихоры ламаз скодта иннæ уаты, уалынмæ сæм нæ бацыд. Ламазгонд куы фæци, уæд уазæгдонмæ уазджытæм бацыд. Калакæй цы хицау æрцыд, статский советник Кириллов, уый Хаджи-Муратæн бамбарын кодта Воронцовы фæндон: апрелы 12 бон Калачы куыд сæмбæла Аргутинскийы фенын æмæ йемæ баныхас кæныны тыххæй. 

— Якши51, — тызмæгæй загъта Хаджи-Мурат. 

Хицау Кириллов йæ зæрдæмæ нæ бацыд. 

— Уый дæр хорз, фæлæ æхца æрласта? Ныр мæм дыууæ къуырийы мызд цæуы, — загъта Хаджи-Мурат æмæ фыццаг дæс, стæй цыппар æнгуылдзы равдыста, — ардæм сæ рахæсс. 

— Ныртæккæ дын сæ анымайдзынæн, — загъта хицау æмæ йæ фæндаггон хызынæй æхцадон сласта. 

— Ай та цымæ æхцайæ цы кæны, цæмæн æй хъæуынц? — загъта Кириллов уырыссагау, Хаджи-Муратæн уырыссагау зонын æнхъæл нæ уыд æмæ, йæ зæрдæйæ, нæ мæ бамбардзæн, зæгъгæ; фæлæ йæ Хаджи-Мурат бамбæрста æмæ йæм тызмæгæй, зулдзæстæй бакаст. Кирилловы фæндыд Хаджи-Муратимæ аныхас кæнын, æрмæст, Воронцовæн цы радзырдтаид æмæ йемæ цæй æфсон аныхас кодтаид, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ æхцатæ куы сласта, уæд æй тæлмацæй афарста — куыд y йæ царды ’гъдау, хъыг, мыййаг, кæны? Хаджи-Мурат уыцы чысыл, фыдцъылыз, ставд æнæпъагæттæ, æнæгæрзтæ лæгмæ зулмæ, æлгъаджы цæстæнгасæй бакаст æмæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта. Кириллов та йæ дыккаг фарст бакодта. 

— Куыд æм кæсын, афтæмæй дзæбæхæй чи бамбара, ахæм нæу, æмæ йын зæгъ — йемæ дзурын мæ нæ фæнды. Æхца сисæд æмæ сæ ардæм æрийæд. 

Æмæ æхцатæ банымайынæввонг стъолы цур æрбадти. 

Кириллов сыгъзæринтæ систа, дæсгæйттæ-дæсгæйттæ сæ кæрæдзи уæлæ амайгæйæ авд мæсыггонды скодта æмæ сæ Хаджи-Муратмæ хæстæгдæр бакодта. Хаджи-Мурат бон иста фондз сыгъзæрины. Хаджи-Мурат сыгъзæринтæ йæ цухъхъайы дысы ныккалдта, йæ бынатæй сыстад æмæ æнæнхъæлгæйæ, æваст статский советникæн йæ гæмæх сæр хынджылæггæнæгау æркъупп ласта, йæхæдæг уатæй æддæмæ рацыд. Статский советник йæ бынатæй хæрдмæ фесхъиудта æмæ йын тæлмацæн зæгъын кодта, — булкъоны цин æм кæм ис, уым æм хъуамæ афтæ ма уæнда. Пъырыстыф дæр йæ фарс фæци æмæ фарсласæн ныхас загъта. Фæлæ Хаджи-Мурат йæ къух ауыгъта, йæ сæрæй размæ акъуырдта, ома, æнæ зонгæ йæ нæ дæн, амонын мын æй нæ хъæуы, æмæ дуары æдде фæци. 

— Цы бакæнæн ис йемæ? — загъта пъырыстыф. — Хъама дын дæ артæнты атъысдзæн æмæ дын хæрзбон зæгъдзæн. Цу, ды йемæ дзур уый фæстæ. Цы сæ хоныс, — хæйрæджыты мыггагæй сты, дзурæн нæй семæ. Куыд æм кæсын, афтæмæй цыма йæ сæрызонд дзæгъæл кæнын байдыдта, афтæ мæм зыны. 

Куыддæр изæрдалынгтæ æрци, афтæ, дыууæизæрастæу, сæ цæсгæмттæ басылыхъхъыты тыхтæй, дыууæ дзырдхæссæджы хохæй æрхæццæ сты. Пъырыстыф сæ уатмæ Хаджи-Муратмæ бакодта. Дзырдхæсджытæй сæ иу уыд фыдджын адæймаг, тавлинаг, аннæ та зæронд лæг. Хаджи-Муратæн йæ зæрдæ цæмæй бахъæлдзæг кодтаиккой, ахæм уацхъуыдæй ницы æрхастой. Йæ бинонты йын Шамилæй байсынмæ чи хъавыд, уыцы хæлæрттæ сæ дзырд фæсайдтой Шамилæй тæрсгæйæ. 

Шамил бартхъирæн кодта: Хаджи-Муратæн æххуыс чи кæна æмæ йæ фарс чи хæца, уыдонæн, — чи фæнды фестæнт, хъауджыдæр нæу, — стыр фыдмитæ бакæндзынæн, зæгъгæ. Дзырдхæсджыты ныхæстæм куы байхъуыста, уæд Хаджи-Мурат йæ дзуарæвæрд къæхтыл йæ рæмбыныкъæдзтæй æрæнцад æмæ, йæ худ йæ уæлæ, афтæмæй йæ сæр æруагъта æмæ æнæдзургæйæ, зæхмæ кæсгæйæ фæхъуыды, фæсагъæс кодта. 

Уый зыдта, абон фæстаг хатт кæй хъуыды кæны, уый, æмæ ракæ-бакæйæ ницыуал, фæлæ хъуыддагæн исты кæрон, исты биноныг уынаффæ скæнын хъæуы. Хаджи-Мурат йæ сæр схъил кодта, дзырдхæсджытæн фæйнæ-фæйнæ сыгъзæрины радта æмæ сын загъта: 

— Цæугæ ут. 

— Цы дзуапп зæгъæм? 

— Дзуапп, Хуыцауы чи фæнда, уый. Уæ фæндаг дарут, фæндараст. 

Дзырдхæсджытæ сыстадысты æмæ цæуыныл фесты. Хаджи-Мурат гауызыл бадгæйæ баззад йæ цæнгтæ йæ уæрджытыл æвæрдæй. Бирæ фæбадт афтæ æмæ хъуыдытæ кодта. 

«Ныр цы бакæнон хъуамæ? Шамилыл баууæндин æмæ фæстæмæ аздæхин? — йæхинымæры сагъæсгæнгæйæ дзырдта Хаджи-Мурат. — Уый рувас у, дæлгоммæгæсæг у, æууæнк ыл нæй, фæсайдзæн. Гадзрахатæй мыл куы нæ рацæуа, уæддæр уыцы сырх фæлитойы бын атулын сæрмæ хæссинаг хъуыддаг нæу, — йæхиуыл фервæсдзæн. Æууæндгæ дæр мыл нал бакæндзæн, уæлдайдæр ныр, уырысы къухы куы ацардтæн, уæдæй фæстæмæ». 

Æмæ тавлинаг уарийы таурæгъ йæ зæрдыл æрбалæууыд: 

«Уари ахсты фæци æмæ исдугмæ адæммæ ацард, стæй иуахæмы хохмæ йæхионтæм атахти, йæ къæхтыл бæттæнтæ æмæ мырмырæгтæ, афтæмæй. Уаритæ йæ сæхимæ нæ бауагътой. Загътой йын: „Атæх фæстæмæ, æвзист мырмырæгтæ дыл кæм бакодтой, уырдæм. Maхыл мырмырæгтæ дæр нæй, бæттæнтæ дæр нæй“. Уари йæ райгуырæн бæстыл уæддæр стырзæрдæ нæ кодта æмæ уым баззад. Фæлæ йæ иннæ уаритæ сæхимæ нал бауагътой æмæ йын сæ бырынчъытæй мæлæтдзаг над фæкодтой». 

«Афтæ бахæрдзысты мæн дæр», — загъта йæхинымæры Хаджи-Мурат. 

«Ам баззаин? Уырысы паддзахæн Кавказ басæттын кæнин мæхи сæры кады, мæхи номы тыххæй, цинтæ æмæ мулчы сæрыл?» 

«Уый гæнæн ис, уый къухы бафтид», — ахъуыды кодта йæхинымæры Хаджи-Мурат, кънйаз Воронцовы зæрдæлхæнæн ныхæстæ æмæ митæ йæ зæрдыл куы ’рбалæууыдысты, уæд. 

«Фæлæ ныртæккæйы сахат хъуыддаг цæхгæр истæуыл алыг кæнын хъæуы, кæннод мæ бинонтæм стыр фыдбылыз кæсы, — амардзæн сæ». 

Æхсæв-бонмæ хуыссæджы хъæстæ нæ фæци, йæ цæст не ’рцъынд кодта — æдзух хъуыдытæ кодта. 

 

XXIII
 

Æмбисæхсæв хъуыддаг алыг кодта æмæ ахæм бындурзондыл ныллæууыд: хохмæ лидзын хъæуы æмæ, йæ зæрдæ кæуыл дары, иузæрдион ыл чи у, уыцы авайрæгтимæ Веденомæ бабырсын хъæуы æмæ дыууæйæ иу, — кæнæ мæлгæ, кæнæ бинонты байсын хъæуы. Бинонтæ къухы куы бафтой, уæд цы бакæндзæн — уырысмæ сæ рахондзæн æви семæ Хунзахмæ алидздзæн, уымæн бæрæг-бæлвырд кæрон не скодта. Фæлæ ацы сахат, уырысæй хохмæ лидзын кæй хъуыд, уый йын лыггонд уыд цæхгæр, уый дзырддаг нал уыд. Æмæ уыцы минут йæхи цæттæ кæнын байдыдта йæ зæрдæйы уынаффæ сæххæст кæнынмæ. Базы бынæй йæ бæмбæджджын сау куырæт систа æмæ нукерты уатмæ бацыд. Сæ дыууæты æхсæн уыд æрмæст тыргъ (сенæ). Куыддæр гомдуар сенæмæ рацыд, афтæ боны хуызæн мæйрухс æхсæвы сыгъдæг уæлдæф æмæ æртæхы уазал бандæвта æмæ хæдзарыл æмхæст цæхæрадонæй фехъуыста булæмæргъы къуыззитт æмæ цъыкк. 

Хаджи-Мурат тыргъыл бахызт æмæ нукерты дуар байгом кодта. Уаты рухс нæ уыд. Æрмæст мæй йæ ногыл уыд æмæ рудзгуытæй уатмæ рухс дардта. Стъол æмæ дыууæ бандоны иуварс лæууыдысты, цыппар нукеры уаты бæрæгастæу зæххы нымæттыл æмæ гауызтыл хуыссыдысты. Ханефи та æддейы бæхты цур хуыссыд. Гамзало дуары хъинцмæ фехъал, йæ хуыссæнуаты рахъил кодта, Хаджи-Муратмæ бакаст, базыдта йæ æмæ фæстæмæ хуыссæныл йæхи æруагъта. Элдар Гамзалойы цур хуыссыд; уайтагъд йæ хуыссæнæй фестад, йæ дзауматæ йæ уæлæ акодта æмæ Хаджи-Муратмæ æнхъæлмæ касти, кæд ын исты йæ бар, мыййаг, кæны, зæгъгæ. Курбан æмæ Хан-Магома сæ хуыссыны кой кодтой. Хаджи-Мурат куырæт стъолыл æрæвæрдта, æмæ цæйдæр хъæбæр хъæр фæцыд. Куырæты мидæг уыд сыгъзæринтæ хуыд. 

— Бахуый адон дæр, — загъта Хаджи-Мурат, фæстаг хатт цы сыгъзæринтæ райста, уыдон дæтгæйæ. 

Элдар сыгъзæринтæ райста, уыцы сахат рухсмæ алæууыд, йæ хъамайы кард йæ кæрддзæмæй сласта æмæ куырæты мидæггаг халын байдыдта. Гамзало йæ хуыссæны рахъил кодта, йæ къæхтæ дзуарæвæрд скодта, афтæмæй сбадти. 

— Ды та, Гамзало, баздæх æмæ лæппутæн зæгъ, сæ гæрзтæм куыд базилой æмæ сæ куыд срæвдз кæной, афтæ. Райсом дард балцы цæудзыстæм, — загъта Хаджи-Мурат. 

— Нæмыг уæд, топпыхос уæд, — хъуаг ницæмæй стæм. Уый тыххæй дæ зæрдæ ма ’хсайæд, алцæмæй дæр цæттæ уыдзыстæм, — загъта Гамзало æмæ ма йæхинымæры цыдæр схъуыр-хъуыр кодта. Гамзалойæн цы бамбарын хъуыд, Хаджи-Мурат цæй тыххæй топпытæ ифтындзын кæны, уый. Рагæй-æрæгмæ æндæр ницæмæ бæллыд: амал, гæнæн цас уа, уыйбæрц ацы куыйты — уырысы ныццæгъд æмæ хохмæ атымыгъ лас. Ныр, Хаджи-Муратмæ дæр ахæм зонд кæй æрцыд, уый бамбæрста æмæ хъæлдзæг уыд, цин кодта. 

Хаджи-Мурат куы ацыд, уæд Гамзало йе ’мбæлтты райхъал кодта, æмæ æхсæв-бонмæ сæ цыппар дæр сæ топпытæ æмæ сæ дамбацатæ рæвдз кодтой: сæхионтæй чи нал бæззыд, уыдон нæуджытæй аивтой, сæ хъусты сын топпыхос ныккодтой, æхстбарæнтæй бæрцытæ топпыхосæй байдзаг кодтой æмæ сын сæ дзыхты сойæдзаг пысулты тыхт нæмгуытæ тъыстой, æхсаргæрдтæ æмæ хъаматæ сцыргъ кодтой æмæ сæ сæрдæнæй байсæрстой. 

Сæударæй Хаджи-Мурат тыргъмæ рацыд æмæ дон æрбахæссын кодта æвдæз сисыны тыххæй. Бонивайæны тыргъмæ булæмæргъты хъæлдзæг зарджыты зæлланг тынгæй-тынгдæр хъуыст. Нукерты уатæй хъуыст хъаматы сыф-сыф æмæ цъыгъгъуытт сигæц дурыл. Хаджи-Мурат мигæнæнæй дон систа æмæ, йæ уаты дуармæ куы бахæццæ, уæд йæ мюридты уатæй фехъуыста Ханефийы лыстæг хъæлæс. Уый кодта Хаджи-Мураты зонгæ æмæ уарзон кадæг. Хаджи-Мурат ныллæууыд æмæ йæм хъусын байдыдта. 

Уыцы кадæджы кодта æхсарджын Гамзаты кой: Гамзат йæ саг фæсивæдимæ уырысы урс бæхты рæгъау куыд ратардта, йæ фæдыл уырыссаг кънйаз фæдисы куыд рацыд, Терчы фаллаг фарс æй куыд баййæфта, йæ бирæ æнæнымæц æфсæдтæ йын йæ алфамбылай йæ ацæуæнтæ куыд æрцахстой. Уый фæстæ кадæджы ракой кодтой: Гамзат бæхты рæгъау куыд ныццагъта, мард бæхты рæдзæгъдты аууонæй уырысимæ хæст куыд самадта æмæ семæ куыд фæтох кодта, цалынмæ сæм топпы нæмгуытæ æмæ сæ астæутыл хъаматæ уыд, сæ тугдадзинты туг цыд, сæ удтæ сæ мидæг уыдысты, уалынмæ. Фæлæ йæ мæлæты агъоммæ Гамзат арвыл цъиутæ ауыдта æмæ сæм ныхъхъæр кодта: «Уæ цъиутæ, цъиутæ, тæхгæ ут нæ хæдзæрттæм, хæрзæггурæггаг фæут нæ хотæм, нæ мадæлтæм æмæ нæ урсдæллагхъуыр чызджытæм: не ’ппæтт дæр хазаваты тыххæй нæ удтæ æрхастам. Зæгъут сын: нæ буæрттæ сæ мæрдон сау сыджыт нал ссардзысты, фæлæ хæлæйфаг фæуыдзысты, не стджытæ нын бахæрдзысты тугдзых бирæгътæ, нæ цæстытæ нын скъахдзысты сау сынтытæ». 

Кадæг фæци. Фæстаг ныхæстæ зæрдæуынгæггæнæн хъæлæсæй, хъарæггæнæгау, ауагъта, æмæ йын Хан-Магома хъæлдзæг лыстæг хъæлæсæй бахъырныдта. Кадæгæн йæ фæуынмæ ’ввахс Хан-Магома фæхъæр кодта: «Ля иллах иль алла» æмæ цъæхснаг хъæлæсæй ныхъхъæр кодта. Стæй æрбамыр сты, æмæ та цæхæрадонæй хъуысын байдыдта булæмæргъты цъыкк æмæ къуыззитт æмæ фæсдуарæй æндоны сыф-сыф æмæ цъыгъгъуытт сигæцыл даугæйæ. 

Хаджи-Муратæн хъуыдыты мидæг йæ зæрдæ адзæгъæл æмæ, хъуывгъаны дзыхæй дон куыд калд, уый дæр нал æрхъуыды кодта. Йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудт, йæ сæр батылдта æмæ йæ уатмæ бараст. Райсомы ламаз скодта, йæ гæрзтæ федта æмæ йæ хуыссæныл æрбадти. Кæсинаг ницæмæуал уыд, цæттæ уыд алцæмæй дæр. Пъырыстыфы æвастæй йын ацæуæн нæ уыд — афæрсын æй хъуыд. Бон æмæ æхсæв кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты, — пъырыстыф ма хуысгæ кодта. 

Ханефийы кадæг ын йæ зæрдыл æрбалæууын кодта йæ мады зарæг. Уыцы зарæджы ныхæстæ æцæг уыдысты. Хаджи-Мурат куы райгуырд, уæд æй скодта йæ мад уыцы зарæг. Хаджи-Мурат дæр æй зыдта йæ мады ныхæстæм гæсгæ. 

Зарæг уыд афтæ: 

«Болатæндон хъама мын мæ урс буар алыг кодта, фæлæ æз мæ чысыл хуры, мæ адджын хъæбулы мæ цæфыл авæрдтон, мæ хъарм туджы йæ сæвдылдтон, æмæ мæ хъæн, мæ цæф буар сдзæбæх æнæ хосæй, æнæ кæрдæджытæй æмæ уидæгтæй, уый руаджы мæ лæппу схъомыл ис æмæ саг лæг сси». 

Уыцы зарæджы фæсномыгæй Хаджи-Мураты фыды кой уыд. Зарæджы ныхæстæ цæмæ цыдысты, уый уыд афтæ: Хаджи-Мурат куы райгуырд, уæд ханы усæн дæр райгуырд йæ дыккаг лæппу Умма-Хан. Ханы усы бафæндыд, йæ лæппуйæн Хаджи-Мураты мад дыджызæ куыд ныллæууыдаид æмæ та уый дæр куыд схастаид, куыд схъомыл кодтаид, йæ фыццаг фырт Абунунцал-Ханы йын куыд схаста, афтæ. Фæлæ Фатъимæты ацы хатт нал бафæндыд йæхи хъæбулы ныууадзын æмæ нæ бакуымдта дыджызæ ныллæууын. Хаджи-Мураты фыдмæ уый хъыг фæкаст æмæ йæ тыххæй цæуын кодта. Фатъимæт цæхгæр куы ныллæууыд, нæй мын ацæуæн, зæгъгæ, уæд Хаджи-Мураты фыд, цыбырхъуыр, æрмæкъ адæймаг, йæхи нал баурæдта æмæ йæ хъамайæ барæхуыста. Амардтаид æй, æвæццæгæн, куы нæ йæ баиргъæвтаиккой, уæд. Афтæмæйты йæ сабийы дзæгъæл нæ ныууагъта, схъомыл æй кодта æмæ уыйадыл зарæг скодта. 

Хаджи-Мурат йæ мады æрымысыд. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, уæлхæдзары йæ йæ мад йæ фарсмæ куыд хуыссын кодта, кæрцы бын æй куыд норста æмæ йын зарджытæ куыд кодта. Æрхъуыды кодта, йæ мадæн куыд лæгъстæ кодта, йæ фарсы цæфы нос ын цæмæй фенын кодтаид, уый тыххæй. Йæ цæстытыл хъазыд йæ мад цæрдудæй, æрмæст, фæстаг хатт æй куыдæй ныууагъта, — зæрондæй, æмпылдтæ, æнхъырдтæ цæсгом æмæ зыхъхъыр иугай дæндæгтимæ, — ахæм хуызы нæ, фæлæ чызгусæй, рæсугъдæй, цардхуызæй, фондзаздзыдæй йæ, уæззау уæвгæйæ, тæсчъы мидæг йе ’ккой куы хаста, уæд. 

Йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ зæронд фыдыфыды æнхъырдтæ цæсгом æмæ йæ урс, миты хуызæн зачъетæ, зæрингуырды куыст куыд кодта, йæ нуарджын къухтæй æвзист куыд къахта æмæ йæ фырты фырты кувын ахуыр куыд кодта. Æрымысыд къæдзæхы бын сатæг суадон дæр, йæ мады фæдджийыл хæцгæйæ æмæ уырдæм дон хæссынмæ куыд цыд. Йæ зæрдыл æрбалæууыд сæ мæллæг куыдз дæр, йе ’взагæй-иу ын рæвдауæгау йæ цæстытæ чи сдæрдта. 

Уæлдай æхсызгондæрæй æрымысыд фæздæджы смаг æмæ æхсыры тæф сарайы мидæг, йæ мады фæдыл-иу кæдæм згъордта, хъуццытæ дуцынмæ æмæ æхсыр фыцынмæ-иу куы цыд уырдæм, уæд. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, фыццаг хатт ын йæ сæр куы адастой æмæ къулыл ауыгъд сыгъдæг æрттиваг бур тасы дисгæнгæйæ йæ тымбыл цъæхбын сæр куыд ауыдта. 

Йæ чысылæй куыд уыд, уыдæттæ хъуыды кæнгæйæ Хаджи-Муратæн йæ уарзон фырт Юсуф йæ зæрдыл æрбалæууыд. Æрымысыд, фыццаг хатт ын йæхи къухæй йæ сæр куыд адаста. Ныр уыцы Юсуф рæсугъд саг лæппу сси. Фæстаг хатт æй цы хуызы, цы ’гъдауы мидæг федта, уыцы хуызы йæ цæстытыл хъазыд. Фæстаг хатт та йæ федта, Цельмесæй цы бон раст кодта, уыцы бон. Фырт фыдæн йæ бæх æрбаласта æмæ дзы ракуырдта, иучысыл йемæ ауайыны бар ын куыд радта, афтæ. Юсуф уыд хæрзарæзт дзаумайæ, гæрзтæй ифтонг, афтæмæй йæ бæх йæ фæдыл идадзæй ласта. Сырхуадул лæппулæг, рæсугъд, хæрзконд, даргъгуыр, нарæгастæу (йæ фыдæй бæрзонддæр уыд), фæтæн уæхсчытæ, цæрдæг, — цæст нæ хæцыд йæ фезмæлдыл, даргъ тыхджын цæнгтæ, йæ бакастæй бæрæг уыд, йæ фыдæн фыртæн кæй бæззы, ныфс, æхсар æмæ йæм зæрдæ кæй уыд. Йæ фыды зæрдæ дзы хъæлдзæг кодта, йæ уындæй никуы бафсæст. 

— Фæлтау куы баззаис, уæд хуыздæр уаид, — загъта Хаджи-Мурат, — хæдзары каст дæумæ у; иунæг ды ма дзы дæ. Дæ цæст фæдар, мæ хур, бахъахъхъæн дæ мады дæр æмæ нанайы дæр. 

— Мæ удæгасæй сæм ничи бауæнддзæн, — загъта Юсуф. 

Хаджи-Мурат нæ рох кодта, хæдзар йæ фыртыл кæй бафæдзæхста, уый фыртæн æхсызгон кæй уыд æмæ йæхиуыл кæй фервæссыд, йæхицæй кæй ныббузныг, уый. Йæ цæсгомыл бæрæг уыд, ныфс, хъару æмæ йæм зæрдæ кæй уыд, уый. 

Юсуф уæддæр йæхи фæнд атардта, йæ бæхыл абадт æмæ йæ фыды доны былмæ ахæццæ кодта. Уырдыгæй фæстæмæ раздæхт, æмæ уæдæй ардæм Хаджи-Мурат нал федта усы, йæ мады æмæ йæ фырты. 

Гъе уыцы фырты цæстытæ скъахынмæ хъавыд Шамил. Йæ ус цы фæуыдзæн, уый мæт æй нал уыд, хъуыды дæр æй нал кодта. 

Уыцы хъуыдыты мидæг Хаджи-Муратæн йæ туг афтæ сфыхт, æмæ цы ракодтаид, уымæн ницыуал зыдта йæ фыр мæстæй. Бадгæ нал, фæлæ уыциу гæпп фæласта йæ бынатæй, цырдгомау, йæ къуылых къахæй чиугæйæ дуармæ бауад, байгом æй кодта æмæ Элдармæ бадзырдта. Хур нæма скаст, фæлæ бон дзæбæх æрбарухс. Булæмæргътæ сæ зарынæй нæма банцадысты. 

— Цæугæ æмæ пъырыстыфæн мæ номæй зæгъ: «Мæхи аирхæфсыны тыххæй мæ зæрдæ зæгъы бæхыл абадын», æмæ бæхтыл сæргътæ æвæргæ ут, — загъта Хаджи-Мурат. 

 

XXIV
 

Бутлер йæ куысты сæргъы йæ царды мидæг иунæг хъуыддагæй йæхи ирхæфста, йæхи рæвдыдта æмæ йæхицæн зæрдæтæ æвæрдта. Уыцы хъуыддаг уыд, чи никуы æрцæудзæн, ахæм æфсæддон поэзи. Кавказаг дарæсы мидæг бæхыл хъазыд æмæ дыууæ хатты знаджы размæ æхсæвыгон Богдановичимæ бадгæ дæр бакодтой, æрмæст кæнгæ ницы бакодтой, никæй амардтой. Йæ хæс дæр цæмæйдæрты амæлттæй бафыста, — иу дзуттагæй стыр пайдайыл æхца æфстау райста, фæлæ уæддæр хæс йе ’ккой баззад, æрмæст ын йе ’мгъуыд фæдаргъдæр кодта. Бонæй-бон тынгдæр нуазын байдыдта æмæ бонæй-бон фыддæр кодта, — æфсæрмы нал кодта, йæ цæсгом бахордта. Ныр Мария Дмитриевнæйы цæсты фыццаджы хуызæн зæрдæмæдзæугæ, хæрзæгъдау, æфсармджын Иосиф нал уыд. Къæйныхæй, æдзæсгомæй Мария Дмитриевнæйы фæдыл зилын байдыдта, фæлæ йын Мария Дмитриевнæ, æнхъæл куыд нæ уыд, ахæм дзуапп радта — йæ фындз ын амарзта, ницы ком ын радта, кой дæр æй не суагъта æмæ йæ фефсæрмы кодта. 

Апрелы фæстаг бонты фидармæ æфсæдтæ æрбацыдысты. Барятинскийы уынаффæмæ гæсгæ уыцы æфсæдтæ хъуамæ æфсады ацыдаиккой цæцæны бæстыл. Уыцы фæндаг уырысы хицæуттæ стыр хъуыддагыл, стыр зындзинадыл нымадтой, цыма ууылты цъиу атæхæн дæр нæ уыд, уый хуызæн. Уым уыд дыууæ ротæйы кæсæджы полкъæй. Куринсчы полчъы чи куыста, уыдон сæ уыцы дуджы æгъдаумæ гæсгæ суазæг кодтой. Салдæтты къазарматыл байуæрстой, афицертæ та афицертæм бафысым кодтой, æмæ фысымтæ сæ уазджыты хорз уыдтой, æгъдау куыд амыдта уыцы рæстæджы, уымæ гæсгæ. Куыд вæййы ахæм ран, афтæ ам дæр хæрд æмæ нозт æрæджиау хъæлдзæгдзинадмæ раивтой, æмæ сыл зарын бацайдагъ. Салдæттæй зараг чи уыд, уыдоны æрбахуыдтой. Иван Матвеевич цæуылнæ банызтаид ахæм ран, æмæ фыдрасыг фæци. Йæ цæсгом фыццаджы хуызæн сырх нал уыд, фæлæ куыддæр æнахуыр цъæхфæлурс хъулæттæ ссис. Бандоныл бæхбадт скодта, кард фелвæста æмæ, йæ алфамбылай йæ цæстытыл цы знæгтæ хъазыдысты, уыдон цъыччытæ кодта æмæ куы худгæ, куы æлгъитгæ, куы хъæбыстæ кодта, куы та-иу кафын байдыдта йæ уарзон зарæгмæ: «Шамил самидин кодта адæмы раджы заманы, уæри-рæ-рирæ, уæри-рæ-рирæ, раджы заманы». Бутлер дæр уым йæ хæд уæлхъус лæууыд. Иван Матвеевичы митæ цыма бафауинаг нæ, фæлæ чи бæззы, ахæм хорз, аив æфсæддон хъуыддæгтæ уыдысты, уыцы цæстæй сæм каст йæхинымæры. Йæ зæрдæйы бынмæ ныккæсгæйæ та йын сæ фаугæ кодта æмæ йын тæригъæд дæр кодта, фæлæ йын бауромынæн ницы амал ардта. Бутлерæн йæ зæрдæ йæхимæ æхсайдта, æмбæрста, нозтджын кæй у, уый, æмæ сабыргай æддæмæ йæхи райста æмæ сæ хæдзармæ афардæг. 

Мæй йæ тæккæ тынгыл уыд. Мæйы рухсмæ боны хуызæн зындысты хæдзæрттæ æмæ фæндаджы дуртæ. Афтæ мæйрухс уыд, æмæ цæст дзæбæх ахста фæндагыл алы гыццыл дур, хъæмпыхал æмæ фосы багатæ. Бутлер хæдзармæ куы бацæйхæццæ кодта, уæд Мария Дмитриевнæ кæлмæрзæны тыхтæй йæ размæ фæци. Мария Дмитриевнæ Бутлерæн йæ фындз куы амарзта, уæдæй фæстæмæ дзы Бутлер, къæмдзæстыг уæвгæйæ, чысыл æфсæрмы кодта æмæ йæхи иуварс ласта. Ныр мæйрухс æхсæв къуылыхнозтджынæй Бутлер бацин кодта уыцы сæмбæлдыл, йæхи йæм баласта æмæ йын исты адджын, буц ныхæстæй йæ зæрдæ балхæнынмæ хъавыд. 

— Кæдæм фæндараст? — афарста йæ Бутлер. 

— Мæ зæронды абæрæг кæнынмæ хъавын, — хицон загъд ын кодта Мария Дмитриевнæ. 

Бутлерæн кæй ницы ком радта æмæ йын йæ ных кæй акъуырдта, уыцы хъуыддаг Мария Дмитриевнæ зæрдиагæй бакодта, фæлæ Бутлер уæдæй фæстæмæ йæхи иуварс кæй ласта, йæхи тигъ кæй кодта, уый та йын æхсызгон нæ уыд. 

— Æмæ йæ цы бæрæг кæныс, ма йын тæрс, ардæм æй хъæуы. 

— Нæ зонын, æрцæуа? 

— Куы нæ æрцæуа — æрхæсдзысты йæ. 

— Æз дæр уымæй тæрсын, æз. Уæд худинаг æмæ кæуинаг. Æмæ уæдæ куыд, мауал цæуон? — загъта Мария Дмитриевнæ. 

— Нæ-æ, цы ми дзы кæныс, цы? Ma цу. Фæлтау цом нæхимæ, хуыздæр уыдзæн. 

Мария Дмитриевнæ фæстæмæ фæзылд æмæ Бутлеримæ иумæ араст сты. 

Мæй афтæ сонт рухс кодта, æмæ фæндаггæрон цæугæ аууоны сæры алфамбылай мæйы рухсы тынтæ тыбартыбургæнгæ йе ’мцыд кодтой. Бутлер мæйы рухсы хъазтмæ каст æмæ йæхинымæры Мария Дмитриевнæйæн зæгъынмæ хъавыд, ныр дæр ма йæм йæ зæрдæ кæй æхсайы, ныронджы хуызæн адджын, уарзон ма йын кæй у, фæлæ йæ куыд зæгъын хъæуы, ууыл нæ хæст кодта. Мария Дмитриевнæ дæр æм æнхъæлмæ каст, кæддæра цы зæгъид, зæгъгæ. Афтæ, æнæдзургæйæ сæ хæдзармæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд æвиппайды уынджы фисынæй цавæрдæр бæхджынтæ фæзындысты. Разæй цыд афицер, йæ фæдыл — хъазахъхъаг. 

— Адон та кæцæй фесты, цымæ? — загъта Мария Дмитриевнæ æмæ иуварс алæууыд. 

Мæй бæхджынмæ чъылдымырдыгæй каст æмæ йæ уымæ гæсгæ Мария Дмитриевнæ, цалынмæ æрбахæццæ, уæдмæ нæ базыдта. Уый уыд Каменев, зæгъгæ, иу афицер. Кæддæр Иван Матвеевичимæ иумæ куыстой æмæ уыйадыл Мария Дмитриевнæйæн зонгæ уыд. 

— Петр Николаевич, уый ды дæ? — афарста йæ Мария Дмитриевнæ. 

— Мæнæй уый у, бæгуыдæр, — загъта Каменев. — Байрай, Бутлер! Куыд æрæгмæ хуыссут уый? Мария Дмитриевнæимæ уæ зæрдæйы дзæбæхæн рацу-бацу кæнут, и? Фæлæуут, фæлæуут, Иван Матвеевич уын бацамондзæн. Кæм и, кæ, хæдæгай? 

— Хъустæ дыл нæй, нæ хъусыс? — загъта Мария Дмитриевнæ æмæ йæ къухæй ацамыдта, музыкæйы хъæр æмæ зарын кæцæй цыд, уыцырдæм. — Гъæйтт кæнынц, сæ бонтæй та иу æрвитынц. 

— Уыдон сымахонтæ сты? 

— Нæ, хасавюртаг уазджытæ сты. Махонтæ сæ хорз уынынц. 

— Уый чи бæззы, уый у. Æз дæр ма сæ, æвæццæгæн, баййафдзынæн. Иван Матвеевичимæ мæ иучысыл хъуыддаг ис. 

— Хъуыддаг, зæгъыс? — афарста йæ Бутлер. 

— О, афтæ иучысыл хъуыддаг. 

— Æмæ цы хабар у, хорз æви æвзæр? 

— Кæмæн куыд уа, уымæ гæсгæ. Махæн хорз, кæмæндæрты та æвзæр. 

Афтæ ныхæстæгæнгæ Иван Матвеевичы хæдзармæ бахæццæ сты Каменев дæр æмæ фистæг адæм дæр. 

— Чихирев! — фæхъæр кодта Каменев хъазахъхъагмæ. — Хæстæгдæр-ма æрбацу. 

Хъазахъхъаг йе ’мбæлтты æхсæнæй уыциу схуыст фæкодта йæ бæхы æмæ йæ уæлхъус алæууыд. Хъазахъхъаг хуымæтæджы донаг хъазахъхъаджы дарæсы мидæг уыд: йæ къæхтыл — цырыхъытæ, йæ уæлæ — цинел, йæ фæсарц — хордзентæ. 

— Марадз-ма, слас уыцы хæзна, — загъта Каменев бæхæй дæлæмæ хизгæйæ. 

Хъазахъхъаг дæр бæхæй рахызт æмæ хордзентæй цæимæдæр голлаг сласта. Каменев хъазахъхъаджы къухæй голлаг райста æмæ дзы йæ къух ауагъта: 

— Уæдæ уын диссаг равдисон? Нæ фæтæрсдзынæ? — бадзырдта Мария Дмитриевнæмæ. 

— Цæмæй хъуамæ фæтæрсон, — загъта Мария Дмитриевнæ. 

— Гъа, уæдæ, мæнæ ис, — загъта Каменев. Голлагæй адæймаджы сæр сласта æмæ йæ мæйрухсмæ адардта. — Базыдтат æй? 

Уый уыд даст сæр, — къуыпп æрфыджы къæлæттæ, æлвыд сау рихитæ æмæ цæхгæрæлвыд зачъетимæ. Цæстытæй иу æрдæг, иннæ бынтон дзагъырæй баззадысты. Тугæйдзаг сæры кæхц дыууæ раны лыг уыд. Фындзыхуынджыты сау туг бацахсти. Бæрзæй уыд тыхт тугæйдзаг кæлмæрзæнæй. Былтæ бацъæх сты. Сæр уал æмæ уал цæфы уæвгæйæ, уæддæр былты æнцъылдтæ сабийы зæрдæхæлардзинад æвдыстой. 

Мария Дмитриевнæ йæм бакаст, йæ дзыхæй дзырд не схауд, æвиппайды фæзылд, фæстæмæ дæр нал фæкаст, уыциу цæфæй сæ хæдзары балæууыд. 

Бутлер уыцы тæссаг сæрмæ афтæ сагъдæй æмæ сæццæйæ баззад. Уый уыд Хаджи-Мураты сæр, æрæджы дæр ма йæ бонтæ кæимæ æрвыста æмæ-иу изæрæй æфсымæры уарзон хъарм ныхæстæ кæимæ кодта. 

— Цы кодта, чи йæ амардта? Кæм? — афарста Бутлер. 

— Лидзынвæнд кодта, æмæ йæ æрцахстой, — загъта Каменев. Сæр фæстæмæ хъазахъхъагмæ радта, йæхæдæг Бутлеримæ мидæмæ хæдзармæ бацыд. 

— Æвзыгъд, саг лæг уыд, æвæдза, лæджы мардæй амард, — загъта Каменев. 

— Радзур-ма, дæ хорзæхæй, куыд æрцыд уыцы хъуыддаг? 

— Ныртæккæ, æххæст-ма Иван Матвеевичмæ банхъæлмæ кæсæм, иууылдæр уын сæ биноныгæй сæрæй-бынмæ радзурдзынæн. Æз сæрмагонд уый тыххæй æрвыст куы дæн. Ралас-балас æй кæнын хъæутыл æмæ йæ ’вдисын. 

Иван Матвевичмæ лæг арвыстой, æмæ уалынджы фыдрасыгæй йæхи хуызæн нозтджын дыууæ афицеримæ æрбахæццæ æмæ Каменевы хъæбыстæ кæнын байдыдта. 

— Æз уын Хаджи-Мураты сæр куы ’рбахастон, — загъта Каменев. 

— Мæнджытæ дзурыс... Амардтой йæ? 

— Уæдæ цы кодтой. Лидзынмæ хъавыд. 

— Нæ дзырдтон, нæ, афæливдзæн нæ! Æмæ йæ сæр та кæм ис? Равдис-ма йæ. 

Хьазахъхъагмæ адзырдтой, æмæ голладжы мидæг сæр хæдзармæ бахаста. Сæр голлагæй систой, æмæ йæм Иван Матвеевич йæ расыг цæстытæй бирæ æдзынæг фæкаст. 

— Цыдæриддæр уыд, уæддæр, раст зæгъын хъæуы, æнæлæг нæ уыд. Лæгæй лæг зæгъын хъæуы, — загъта Иван Матвеевич. — Æри-ма, дæ хорзæхæй, æз ын аба кæнон. 

— Лæгæй та ма дзы цы загъдæуа. Æгæр, æгæр, — загъта афицертæй иу. 

Сæрмæ радыгай фæкастысты, стæй йæ фæстæмæ хъазахъхъагмæ радтой. Хъазахъхъаг æй голладжы сæвæрдта æмæ йæ сабыргай, æнæ æркъуыргæйæ зæхмæ æруагъта. 

— Адæмæн æй куы февдисыс, уæд цы фæзæгъыс? — афарста Каменевы иу афицер. 

— Æри-ма йæ, дæ фыдыстæн, æз ын аба кæнон. Уый мæнæн кард куы балæвар кодта, — хъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг Иван Матвеевич. 

Бутлер хæдзарæй æддæмæ рацыд. Мария Дмитриевнæ æддейы асины къæхтыл бадт æмæ Бутлермæ фæстæрдæм иу каст фæкодта, фæлæ уайтагъд йæхи мæстыхуызæй фæтигъ кодта. 

— Цы дыл æрцыд, Мария Дмитриевнæ? Цыма дыл фæуарыд, уый каст куы кæныс. 

— Марды хурхыл хæцджытæ стут. Me ’цæгæй зæгъын, мæ ныййарджытыстæн. Me сæфт уæ уынын, — загъта Мария Дмитриевнæ æмæ сыстад. 

— Кæй сæр нæ нæ баййафдзæн уыцы хъуыддаг, — загъта Бутлер, — æндæр цы загътаид, ууыл нæ фæхæст. — Хæсты ахæм хъуыддæгтæй фылдæр цы вæййы. 

— Хæст? Цæй хæст? Æргæвдджытæ стут, æндæр ницы. Марды йæ сау сыджытыл бавæрын хъæуы, уыдон та дзы хынджылæг кæнынц. Тугдзых бирæгътæ стут,— загъта та дыккаг хатт Мария Дмитриевнæ. Асинæй рахызт æмæ фæстæты кæртыл сæ хæдзармæ бацыд. 

Бутлер фæстæмæ уазæгдонмæ баздæхт æмæ Каменевæй ракуырдта, хъуыддаг куыд æрцыд, уый йын лыстæгæй кæрæй-кæронмæ цæмæй радзырдтаид. уый. 

Æмæ йын сæ Каменев радзырдта. 

Хъуыддаг уыд афтæ. 

 

XXV
 

Хаджи-Муратæн хицæуттæй бар лæвæрд уыд Нухайы горæты алфамбылай хæстæг рæтты, хи аирхæфсыны тыххæй бæхыл рацу-бацу кæнынæн, æрмæст æнæ хъазахъхъ иу къахдзæф дæр нæ. Нухайы мидæг æдæппæт уыд дæс æмæ дыууиссæдз хъазахъхъаджы. Уыдонæй дæс лæджы хицæуттыл байуæрстой, иннæты, дзырд куыд уыд, уымæ гæсгæ æрвитын хъуыд Хаджи-Мураты фæстæ. Уыйадыл фыццаг бон дæс хъазахъхъаджы арвыстой, стæй бауынаффæ кодтой æрмæст фæндзгæйттæ æрвитын. Хаджи-Муратæй та ракуырдтой, нукерты ce ’ппæт йемæ куыд нæ хуыдтаид, афтæ. 

25 бон апрелы мæйы Хаджи-Мурат йæ нукерты ce ’ппæты дæр йемæ акодта. Хаджи-Мурат бæхмæ куы фæцæйхызт, Нухайы æфсæдты хицау æрмæст уæд бамбæрста, йæ нукертæ се ’ппæт дæр йемæ кæй цæуынц, уый, æмæ йын загъта: «Уыцы бар лæвæрд дын нæй, æмæ дæ нукерты ce ’ппæт демæ ахонай». Хаджи-Мурат æм йæ хъус нæ бадардта, цыма йæ нæ фехъуыста, уыйау, æмæ йæ бæх базмæлын кодта. Æфсæдты хицау дæр æм тыхдзырд нал скодта. Хъазахъхъимæ уыд иу урядник, Назаров, зæгъгæ, йæ мыггаг, крестджын, цæхгæрæлвыд сæрыхъуынтимæ, лæппулæг, хæрзхуыз, сырхуадул, домбай, мызыхъарæзт, бурхил. Уый уыд зæронд дингæнæг хæдзары хистæр зæнæг, йæ фыд раджы кæмæн амард, сидзæрæй чи схъомыл æмæ йæхи фæллойæ йæ мады, йе ’ртæ хойы æмæ дыууæ кæстæр æфсымæры чи дардта. 

— Цырд лæуу, Назаров, дæхицæй сæ дард ма ауадз, — ахъæр æм кодта фæстейæ æфсæдты хицау. 

— Хъусын дæм, дæ уæздандзинад! — радта йын фæстæмæ дзуапп Назаров, йæхæдæг æгъдæнцæйттыл слæууыд, йæ хорз стыр бур бæхы фенкъуысын кодта æмæ йæ цапуалæй ауагъта, йæ галиу къухæй топпы къæдзыл æнцайгæйæ. Цыппар хъазахъхъаджы йæ фæдыл уадысты: иу, Ферапонтов, зæгъгæ, бæрзонд къæсхуыр, хуыснæджытæн сæ тæккæ бынæйласгæтæй, амалджын, Гамзалойæн «къазолнæй» топпыхос чи ауæй кодта, уый: аннæ — Игнатов, йе ’мгъуыдмæ чи бакуыста, ахæм ацæргæ лæг, бæзæрхыгарæзт, æдзух йæ тыхæй чи ’ппæлыд; æртыккаг — бæзæрхыгарæзт, хæрз лæппулæг лæмæгъ, тæнтъихæгарæзт, сæ хъазæнхъул, худгæ-иу кæуыл кодтой, æмæ Петраков, лæппулæг, бурхил, йæ мад æмæ йæ фыдæн уыцы иунæг фырт, уæзданарæзт, цингæнаг, хъæлдзæг æмæ фæлмæн дзыхыуаг кæмæн уыд, ахæм. 

Райсомæй мигъ бадт, фæлæ аходæнтæм йæхи систа. Хур скаст, æмæ йæ рухсæй хъазгææрттывд кодтой ногæфтыд сыфтæртæ, ногдзыд æнæхæрд кæрдæг, хорты æвзар æмæ фæндагæн галиуварсырдыгæй тагъд цæугæдоны фæйлауæнтæ. 

Хаджи-Мурат йæ бæх сауцыдæй ауагъта. Хъазахъхъ æмæ нукертæ йæ фæдыл йе ’мцыд кодтой. Уыцы сауцыдæй фæндаг-фæндаг цыдысты æмæ фидары æдде фесты. Фæндагыл сыл амбæлдысты устытæ, сæ сæртыл тæсчъытæ, афтæмæй, салдæттæ уæрдæтты бадгæйæ æмæ хъинцгæнаг уæрдæттæ къамбецтæ ифтыгъдæй. Иу-дыууæ версты рацыдаиккой, афтæ Хаджи-Мурат йæ урс кæсгон бæх чысыл базмæлын кодта æмæ цырддæр ацыд. Уый сауцыдæй цыд, йæ нукертæ та йæ фæдыл сæпп-сæппæй уадысты. Хъазахъхъ дæр афтæ. 

— Æвæдза, бæхæй йæм дау нæй, — загъта Ферапонтов, — знæгтæй куы фæцаид, уæд æй уыциу фехстæй зæххы бæргæ абадын кодтаин. 

— Уыцы бæхæн, ме ’фсымæры хай, Калачы дæс æмæ ссæдз туманы лæвæрдтой. 

— Æфсургъ куы феста, уæддæр мæ бæхы нæ баййафдзæн. 

— О, мæлæты маргъ, зæгъыны йеддæмæ дæ ницы хъæуы, — загъта Ферапонтов. 

Хаджи-Мурат куыдфæстæмæ йæ цыд тынгæй-тынгдæр кодта. 

— Гъæй, мæ лымæн, афтæ гæнæн нæй. Сындæгдæр цу! — фæхъæр кодта Назаров, Хаджи-Мураты куы баййæфта, уæд. 

Хаджи-Мурат фæстæмæ иу каст фæкодта, йæ дзыхæй дзырд не схауд, фæлæ фыццаджы хуызæн йæ цыды кой кодта. 

— Цыдæр сфæнд кодтой нæ хæйрæджытæ, — загъта Игнатов. — Уынут, размæ куыд схойынц. 

Афтæ уыцы æгъдауæй хæхты ’рдæм иу-верстмæ æввахс ацыдаиккой. 

— Æз афтæ куы загътон, афтæ гæнæн нæй! — фæхъæр та кодта Назаров дыккаг хатт. 

Хаджи-Мурат уый нæ, фæлæ хъуыды дæр ницы æркодта, фæстæмæ дæр нæ фæкаст, йæ цыдыл æфтыдта æмæ æрæджиау йæ бæх цыппæрвадæй ауагъта. 

— Гæды зæгъы, нæ аирвæздзынæ! — фæхъæр кодта Назаров; цыма йæ рæхойгæ фæчынд, уыйау йæхимидæг сфыхт. 

Назаров йе стыр бур бæхы ехсæй ныцъцъыкк ласта, æгъдæнцæйттыл слæууыд, размæ фæгуыбыр кодта æмæ бæхы йæ тых, йæ бонæй аскъæрдта Хаджи-Мураты фæдыл. 

Мигъы цъупп никæцæй зынд. Арв уыцы ирдæй лæууыд. Уæлдæф уыд сыгъдæг, цæстысыджы хуызæн. Назаровæн цардæфсисæй йæ зæрдæ бухъхъытæ кодта æмæ йæ цыма ныхасгæ бачынд, уыйау бæхимæ баиу æмæ бындзы хуызæн фæндагыл тахти Хаджи-Мураты фæстæ. Цы стыр фыдбылыз æм каст разæй, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Йæхинымæры цин кодта, Хаджи-Мураты кæй сцыбыр кодта æмæ йæм алы гæппæн хæстæгæй-хæстæгдæр кæй кæны, ууыл. Хаджи-Мурат бæхы къæхты хъæрмæ гæсгæ бамбæрста, хъазахъхъаг æм йе стыр бур бæхыл æввахсæй-æввахсдæр кæй кæны, æмæ йæ ныртæккæйы сахат кæй æрбаййафдзæн, уый. Йæ рахиз къухæй дамбацамæ бавнæлдта, галиуæй та аивæй йæ тæвд бæхы рохтыл фæстæмæ хæцыд. 

— Æз дын зæгъын, афтæ гæнæн нæй! — фæхъæр кодта, Назаров Хаджи-Мураты куы бацæйæййæфта æмæ йын йæ бæхы рохтыл фæхæцон, зæгъгæ, йæ къух куы бадаргъ кодта, уæд. Фæлæ рохтыл нæма фæхæст, афтæ дамбацайы хъæр фæцыд. 

— Цы бакодтай уый? — ныхъхъæр кодта Назаров йæ хъæлæсыдзаг æмæ йæ риуыл фæхæцыд. 

— Цæвут сæ! — сдзырдта ма Назаров æмæ дзойдзойгæнгæ саргъы гоппыл æрдыдагъ. 

Фæлæ хæххон адæм фæцырддæр сты, гæрзтæм раздæр бавнæлдтой, хъазахъхъыл дамбацатæй ралæууыдысты æмæ сæ кардæй цъыччытæ самадтой. Назаров йæ бæхы бæрзæйыл дзедзыкка кодта, æмæ йæ бæх йе ’мбæлтты алыварс рахæсс-бахæсс кодта. Игнатовæн йæ бæх йæ быны фæмард æмæ йын йæ къах æрцахста. Дыууæ хохаджы кæрдтæ фелвæстой æмæ йын уæлбæхæй хæфтытæй ралæууыдысты йæ сæр æмæ йæ къухтыл. Петраков бæх батардта, йæ зæрды йе ’мбалæн баххуыс кæнын уыд, фæлæ йыл дыууæ нæмыджы сæмбæлд — иу йæ фæсонтыл, иннæ йæ фарсыл æмæ, дæ балгъитæг афтæ, бæхæй расæрбихъуырой кодта æмæ голлагау зæххы абадт. 

Мишкин йæ бæх æваст фæзылдта æмæ фæстæмæ фидармæ лидзынмæ фæци. Ханефи æмæ йæ Хан-Магома фæстейæ асырдтой фæлæ Мишкин æгæр адард æмæ аирвæзт. 

Нал æй баййафдзысты, уый куы бамбæрстой, уæд фæстæмæ сæхионтæм раздæхтысты. Игнатов ма утæхсæн кодта. Гамзатов æй хъамайæ ныдздзæхст ласта, æмæ змæлгæ дæр нал скодта. Стæй Назаровы барæхуыста æмæ йæ бæхæй раппæрста. Ханефи Назаровы бæх йемæ идадзæй айсынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл Хаджи-Мурат схъæртæ кодта, нæ хъæуы, зæгъгæ, йæхæдæг йæ бæх фæцагайдта; йæ мюридтæ дæр йæ фæдыл уадысты æмæ Назаровы бæхмæ æвзыстой, сæ фæдыл куыд нæ уайа, афтæ. Нухайæ æртæ километры бæрц адард уыдаиккой, уадысты пырындзы хуымты, афтæ сæм фехъуыст мæсыгæй гæрах. Уый уыд фæдисы нысан. 

Петраков уæлгоммæ хуыссыд, йæ артæнтæ æддæмæ уагъдæй. Йе ’взонг цæсгом хæрдмæ арвмæ арæзт, афтæмæй йæ уд иста кæсагау йæ дзых фæхæлиу-фæхæлиу кæнгæ. 

— Амæй мардæрцыддæр ма исты уыдзæн, ацы фыдбылыз та мæм кæцæй каст, мæ тæригъæд сæ баййафа! — хъæр кодта йæ сæрыхъуынтыл хæцгæйæ фидары хицау, Хаджи-Мураты лыгъды хабар куы базыдта, уæд. — Мæ сæр мын алыг кодтой. Аирвæзт сын, ауагътой йæ цъаммартæ! — хъарджытæ кодта Мишкины уацхъуыдмæ хъусгæйæ. 

Бæстæ фæдис ссис. Хъазахъхъæй фæсте иу цъиуызмæлæг нал баззад. Канд хъазахъхъ нæ, фæлæ æнæуый адæмæй дæр кæуыл хæст кодтой, — милицæ уæд, æндæр уæд, ce ’ппæты дæр æрæмбырд кодтой. Айхъуысын кодтой: Хаджи-Мурат удæгасæй кæнæ мардæй кæй къухы бафта, уымæн — мин сомы лæвар. Хаджи-Мурат йе ’мбæлттимæ хъазахъхъæй куы аирвæзт, уæдæй фæстæмæ дыууæ сахаты рацыдаид, афтæ дыууæфондзыссæдз барæджы фæдисы пъырыстыфы фæстæ цыппæрвадæй тахтысты Хаджи-Мураты æмæ йе ’мбæлтты агурæг æмæ æрцахсынмæ. 

Хаджи-Мурат иукъорд версты куы ауад стыр фæндагыл, уæд йæ хидæйдзаг урс бæхы фæурæдта. Бæх хæстулæфт кодта æмæ фынкæй цъæх адардта. Фæндагæн рахизфарсырдыгæй хохаг хъæу Беларджичы хæдзæрттæ æмæ мæзджыты азанхъæргæнæн зындысты, галиуварсырдыгæй та зындысты уæлхох быдыртæ æмæ цæугæдон кæроны ’рдыгæй. Хохмæ цы фæндаг цыд, уый рахизфарсырдæм аздæхт, Хаджи-Мурат та цæхгæр иннæрдæм, галиуварсырдæм фæзылд. Фæдфæливæн кодта, афтæ æнхъæл уыд, фæдис рахизфарсырдæм æнæ азилгæ нæ фæуыдзысты. Уымæн та йæ уынаффæ афтæ уыд. Фæсфæдты Алазандоны былмæ бацæудзæн, доны бахиздзæн æмæ стыр фæндагмæ бафтдзæн. Ууылты ацæуын æнхъæл ын ничи уыдзæн, æмæ фæндаг-фæндаг хъæдмæ йæхи байсдзæн. Стæй фæстæмæ Алазандоныл рахиздзæн æмæ хохмæ бафардæг уыдзæн. Уыцы уынаффæ куы бакодта йæхинымæры, уæд галиуварсырдæм йæ бæх фездæхта. Фæлæ донмæ бацæуын, куыд æнхъæл уыд, афтæ æнцон нæ разынд, — цъысымы бахаудысты. Быдыртæ иууылдæр пырындзы хуымтæ разындысты. Кæддæриддæр куыд фæкæнынц рагуалдзæджы, афтæ ныр дæр пырындзы хуымтыл дон ауагътой, æмæ бæстæ иууылдæр цъыфдзаст сси. Хаджи-Мурат йе ’мбæлттимæ дыууæрдæм кодтой, кæд хуыздæр ранмæ бафтиккам, зæгъгæ, фæлæ бæстæ дон сси, æмæ дзы сур гæппæл хæснагыл дæр ничи ссардтаид. Бæхты къæхтæ-иу дзы уæрджыты онг æндæдзгæ æлыг цъыфы афардæг сты æмæ фæстæмæ ласгæйæ къупп кодтой, авджы хъуырæй тъыст пробкæ куы стона, уый хуызæн. Иукъорд къахдзæфы иу куы акодтой бæхтæ, уæд та-иу ныллæууыдысты, лæфлæфгæнгæ. 

Афтæ æнæхъæн бон-сауизæрмæ фæтухи кодтой, уæддæр донмæ нæ бахæццæ сты. Уалынджы галиуварсырдыгæй, æрæджы сыфтæр чи рафтыдта, ахæм сакъадахы хуызæн цъыхырыйы къох разынд. «Ам бахсæвмæ банхъæлмæ кæсдзыстæм, бæхтæ дæр сæ фæллад суадздзысты», — загъта йæхинымæры Хаджи-Мурат æмæ йæ бæх къохы ’рдæм фæзылдта. Уым бæхтæй æрфистæг сты, сахсæнтæ сыл авæрдтой æмæ сæ хизынмæ ауагътой, сæхæдæг сбадтысты æмæ сæ фæндаггаг цыхт æмæ дзул бахордтой. Мæй йæ ногыл уыд æмæ райдианы рухс кодта, стæй хæхты аууон фæци, æмæ цæст ницыуал уыдта, афтæ æрмæйдар. Булæмæргътæ Нухайы бæсты æнæхъуаджы арæх уыдысты. Дыууæ дзы уыцы къохы дæр фæзынд. Цалынмæ змæлыдысты, уалынмæ булæмæргътæ дæр ныхъхъус сты, фæлæ адæм куы ’рсабыр сты, уæд уыдон дæр къуыззитт кæнын байдыдтой. Хаджи-Мурат алы сыбыртмæ, алы уынæрмæ йæ хъус дардта æмæ бар-æнæбары булæмæргътæм дæр хъуыста. 

Булæмæргъты къуыззитт æмæ цъыбар-цъыбур ын йæ зæрдыл æрбалæууын кодтой Гамзаты зарæг, фæстаг æхсæв донмæ цæугæйæ кæй фехъуыста, уый. Гамзат цы зын ран бахауд, ууыл цы мæгуыры бон акодта, ахæм раны бахауынæй йын тас уыд ацы сахат Хаджи-Муратæн дæр. Йæ зæрдæ йæм сдзырдта, Гамзаты саубон ыл кæй бакæндзæн, уый, æмæ сагъæсы бацыд. Нымæт байтыдта æмæ ламаз скодта. 

Куыддæр ламазгонд фæци, афтæ цавæрдæр уынæр йæ хъусыл æрцыд. Уынæр куыдфæстæмæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодта къудзитæм æмæ тынгæй-тынгдæр хъуыст. Уый разынд бирæ бæхты къæхты цъæпп-цъæпп цъыфдзасты мидæг. Цырддзаст Хан-Магома къохы дымæгмæ рауад, хъусын байдыдта æмæ мæйдары ауыдта бæхджын æмæ фистæг адæмы сау æндæргтæ. Ханефи дæр иннæрдыгæй фарс ауыдта æрбацæйцæугæ ахæм бирæ адæм. Уый уыд Карганов, Нухайы зылды æфсæдты хицау йæ милицæимæ. 

«Цы уа, уый уæд, фæлидзæн нал ис! Хæцдзыстæм, Гамзат куыд схæцыд, афтæ», — загъта йæхинымæр Хаджи-Мурат. 

Фæдис куы фæцыд, уæд Карганов хъазахъхъ æмæ милицæйæ фондзыссæдз барæджы йемæ айста æмæ Хаджи-Мураты фæстæ ацыд, фæлæ йын йæхиуыл дæр æмæ йæ фæдыл дæр нæ фæхæст. Карганов йæ хъустæ æруагъта, афтæмæй фæстæмæ сæхимæ æнкъардæй æрбацæйздæхт. Изæрмæ бирæ нал уыд, афтæ йыл иу зæронд лæг фембæлд. Карганов зæронд лæджы афарста ам барджытæ, мыййаг, цы федтаис, зæгъгæ. Зæронд лæг, федтон, зæгъгæ, загъта: æхсæз барæджы пырындзы хуымты дыууæрдæм кодтой æмæ, сугтæ цы къохы æмбырд кодта, уырдæм сæхи байстой. Карганов фæстæмæ аздæхт, зæронд лæджы йемæ айста, æмæ, къудзиты къохмæ куы баввахс, уæд, сахсæнджын бæхтæм гæсгæ бамбæрста, Хаджи-Мурат уым кæй ис, уый. Æхсæвыгон къудзиты алфамбылай æфсæдты æрлæууын кодта, сæ ацæуæнтæ сын бацахста æмæ сбонмæ æнхъæлмæ каст. Йæ зæрдæ дардта: Хаджи-Мурат кæнæ удæгасæй, кæнæ мардæй йæ къухы бафтдзæн. 

Хаджи-Мурат куы бамбæрста, йæ алыварс æфсæдтæ æрбадтысты æмæ йын аирвæзæн нал ис, уæд къудзиты æхсæн иу рагон донхæрд тарф сбæрæг кодта æмæ йæхинымæры бауынаффæ кодта: «Ацы ран нæхи æрфидар кæндзыстæм æмæ хæцдзыстæм, цалынмæ нæ бон, нæ хъару уа, цалынмæ топпыхос æмæ нæмыгæй æххæс сæм, уалынмæ». Йæ уынаффæ йе ’мбæлттæн бамбарын кодта æмæ сын загъта, тарфмæ сæхи куыд ныйисой æмæ сæхицæн хæцæнтæ куыд аразой, афтæ. Нукертæ къалиутæ цæгъдын байдыдтой, хъаматæй зæхх къахтой æмæ хæцæнтæ арæзтой. Хаджи-Мурат дæр семæ куыста. 

Куыддæр æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ фæхицæн сты, æмæ бон цъæх кæнын байдыдта, афтæ къудзитæм хæстæг милицæйы сæдæйы хицау йæ бæх батардта æмæ ныхъхъæр кодта: 

— Гъей, Хаджи-Мурат, дæхи ратт! Max бирæ стæм, сымах — чысыл. 

Куыддæр уыцы ныхас йæ дзыхæй ссыд, афтæ топпы хъæр фæцыд, фæздæджы цъупп фæзынд, æмæ нæмыг бæхыл сæмбæлд. Бæх фестъæлфыд, иуварсырдæм йæхи фехста æмæ æрхауд. Уый фæстæ тохы хæст самадтой. Алырдыгæй топпыты къæр-къæр æмæ нæмгуыты цъуых-цъуых ссыд. Нæмгуытæ сыфтæртæ æмæ къалиутæ цæгъдгæйæ хæцæнтыл æмбæлдысты, фæлæ адæмæн хæцæнты аууон ницы зиан кодтой. Æрмæст Гамзалойы бæх куыддæр мæрддагæй йе ’мбæлттæй фæхибар æмæ фæцæф. Бæхæн нæмыг раст йæ тæккæ тæрныхыл сæмбæлд, фæлæ уæддæр нæ ахауд; йæ сахсæн атыдта æмæ къудзиты æхсæнты къæрццытæ кæнгæ æмæ ногдзыд лæппын кæрдæгыл туг калгæйæ иннæ бæхтæм балыгъд æмæ ce ’мбуар æнгом æрлæууыд. Хаджи-Мурат æмæ йе ’мбæлттæ дзæгъæл æхст нæ кодтой. Исчи-иу милицæйæ йæ сæр куы сдардта, æрмæст уæд æхстой æмæ искуы иу хатт йеддæмæ нæ ивгъуыдтой. Милицæйы æртæ лæджы фæцæф, æмæ иннæтæ размæ бырсын нал уæндыдысты, фæлæ чысылгай сæхи фæстæмæ-фæстæмæ ласын байдыдтой æмæ дардæй зæрдаивæй куыдфæнды гæрæхтæ кодтой. 

Афтæ иу сахатæй фылдæр фæхæцыдысты. Хур чысыл суад. Хаджи-Мурат бавзарынвæнд кодта бæхтыл абадын æмæ доны ’рдæм абырсын, афтæ ногæрбацæугæ бирæ æфсæдты змæлд æмæ уынæр фехъуыст. Уый уыд Мехтулины Хан-Хаджи-Ага, кæддæр Хаджи-Мураты хæлар уыд, йемæ хохы цæргæ дæр акодта, стæй йæхи уырысы къухмæ радта. Уыдонимæ ма уыд Ахмед-Хан, Хаджи-Муратæн йе знаджы фырт. Хаджи-Ага дæр Каргановы ми бакодта. Раздæр Хаджи-Муратмæ бахъæр кодта, йæхи дзæбæхæй, барвæндонæй цæмæй раттаид, фæлæ Хаджи-Мурат уымæн дæр топпы нæмыгæй дзуапп радта. 

— Кардæй хæст, лæппутæ! Хъазуат скæнæм! — фæхъæр кодта Хаджи-Ага æмæ кард фелвæста. Йæ фæдыл цалдæр фондзыссæдз лæджы сонт хъæр кæнгæйæ къудзитæм сæхи баппæрстой. 

Милицæ къудзиты смидæг сты, фæлæ Хаджи-Мураты хæцæнтæй фæд-фæдыл къорд гæрахы фæцыд. Иу-æртæ лæджы дзы æр хауд. Бырсджытæ фæстæмæ сæхиуыл фæхæцыдысты æмæ къудзиты кæронæй æхсын байдыдтой. Хæцгæ-хæцын Хаджи-Мураты бадæнтæм чысылгай хæстæгæй-хæстæгдæр сæхи ластой, иу къудзийæ иннæ къудзимæ згъордтой. Иуæй-иутæн-иу бантыст къудзийы аууонмæ балидзын, фæлæ дзы, Хаджи-Мураты æмæ йе ’мбæлтты рæстдзæф, удхæссæг нæмыг кæй баййæфта, ахæмтæ дæр уыд. Хаджи-Муратæн иугæр йæ цæст æрцахста — фæивгъуыйыны мыггаг ын нæ уыд. Гамзало дæр дзæгъæлы не ’хста — искуы иу хатт йеддæмæ нæ ивгъуыдта. Йæ нæмыг бынаты сæмбæлд, уыимæ, куы бамбæрста, уæд-иу фырцинæй цъæхахст хъæр ныккодта. Курбан тарфы кæроны ’рдæгæй бадт æмæ зарыд: «Ла иллагъ иль алла», — æмæ сабыргай, хъавгæ, æхста, фæлæ йæ нæмыг æмбæлгæ арæх нæ кодта. Элдар фыр мæстæй зырзыргæнгæ йæ былыцъæрттæ хордта, — фæндыд æй хъамалвæстæй хъазуат скæнын, æмæ æппынæдзухæй æнæхъавгæйæ куыдфæнды æхста. Æдзух Хаджи-Муратмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта æмæ-иу хæцæнтæй йæ сæр радардта. Хъуынджын Ханефи ам дæр йæ кæнон нæ уагъта æмæ кæстæриуæгдзинад кодта: Хаджи-Мурат æмæ Курбаны топпытæ ифтыгъта, хъусхосдонæй сын сæ топпыты хъусты хус топпыхос æвгæдта æмæ нæмгуытæ, сойæдзаг пысулы тыхтæй, æнувыдæй æфсæйнаг топпы фатæй къуырдта. Хан-Магома иннæтау хæцæнты нæ бадт, фæлæ хæцæнтæй бæхты ’хсæн ратæх-батæх кодта æмæ бæхты аууонмæ, æдас ранмæ скъæрдта; æнæ саджилæгæй, æрми даргæйæ, æппынæдзух гæрæхтæ кодта сонт хъæр кæнгæйæ. Æппæты фыццаг уый фæцæф. Нæмыг раст йæ бæрзæйыл сæмбæлд. Дзуццæджы æрбадт æмæ йæ хъæлæсæй туг æппаргæйæ æлгъыста. Уый хæд фæстæ фæцæф Хаджи-Мурат йæхæдæг. Нæмыг йе уæхсчы бауад. Хаджи-Мурат йæ бæмбæджджын куырæтæй бæмбæджы цъупп ратыдта, цæфы йæ атъыста æмæ та æхсын байдыдта. 

— Кардæй хæст самайæм, — æртыккаг хатт сдзырдта Элдар. 

Хæцæнтæй йæ сæр радардта, æвæццæгæн, хъазуат скæнын йæ зæрды уыд, фæлæ йыл уыцы сахат знаджы нæмыг сæмбæлд. Лæг бадзой-дзой кодта æмæ уæлгоммæ Хаджи-Мураты къахыл æрхауд. Хаджи-Мурат æм иу каст фæкодта. Йæ рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ цæстытæ Хаджи-Муратмæ зæрдиаг æмæ æдзынæг каст кодтой. Æмырдзыхы уæллаг схъæл был йæхимидæг змæлыд сывæллоны былау. Хаджи-Мурат Элдары бынæй йæ къах раласта æмæ та хъавын байдыдта. Ханефи æргуыбыр кодта æмæ мард Элдары цухъхъайы бæрцагъудтæй æнæ æхст бæрцытæ иугай-дыгай ласта. Курбан заргæ-зарын сабыргай йæ топп ифтыгъта æмæ хъавгæйæ æхста. 

Знæгтæ иу къудзийæ иннæ къудзимæ згъордтой æмæ цъæхснаг хъæлæсæй хъæр кæнгæйæ хæстæгæй-хæстæгдæр цыдысты. Хаджи-Мурат дыккаг цæф фæци, — нæмыг йæ галиу фарсыл сæмбæлд. Къæхæны йæхи æруагъта, йæ куырæтæй та бæмбæджы цъупп ратыдта æмæ дзы йæ цæф ахгæдта. Фарсы цæф мæлæтдзаг цæф разынд. Хаджи-Мурат бамбæрста, йæ мæлæты сахат кæй æрцыд, уый. Бирæ хъуыдытæ, бирæ царды нывтæ кæрæдзи сургæйæ, фæд-фæдыл йæ сæры абадтысты. Куы-иу йæ разы фестад домбайарæзт Абунунцал-Хан, йæ къухæй йæ хауд зæбул уадулыл хæцгæйæ æмæ хъамалвæстæй знагмæ лæбургæйæ; куы та-иу йæ цæстытыл хъазыд лæмæгъ, æнæбон, æнæтуг зæронд Воронцов йæ хинæйдзаг цæсгомимæ æмæ йын хъуыста йæ фæлмæн хъæлæс; куы та-иу ауыдта йæ фырт Юсуфы кæнæ йæ ус Сафиаты, кæнæ йе знаг Шамилы сырхрихиджын цъынддзаст фæлурс цæсгом. 

Уыцы хъуыдытæ, уыцы нывтæ æзраздæрфæуонæй кæрæдзи фæдыл тахтысты йæ сæры мидæг, афтæмæй йæ зæрдæ ницыуал дзырдта, ницæмæуал рад, ницыуал æй æндæвта: нал æмбæрста тæригъæд кæнын дæр, нал æмбæрста маст æмæ уазалдзинад дæр, нал æмбæрста æнæуый фæндондзинæдтæ дæр. Уыдæттæ-йедтæ, ныртæккæ йæ хуылфы йæ дзæмбытæ чи ауагъта, уыцы адзалы цур ницыуал уыдысты. Фæлæ ма уæддæр йæ тыхджын буар йе ’гъдау кодта: йæ фæстаг тых ма æрæмбырд кодта, хæцæнты фæстæ йæ къæхтыл слæууыд æмæ дамбацайæ фехста, чи йæм æрбацæйзгъордта, уыцы лæджы. Нæ йæ фæивгъуыдта. Лæг йæ мидбынаты æрхауд. Уый фæстæ хæцæнтæй рацыд æмæ хъамалвæстæй комкоммæ, тынг чиугæйæ знæгты ныхмæ хъазуатæй бацыд. Иукъорд топпы гæрахы фæцыд. Хаджи-Мурат ныдздзой-дзой кодта æмæ ахауд. Милицæ цалдæр лæгæй хъæлдзæг æмæ фыр цинæй сонт цъæхахст хъæртæ кæнгæ Хаджи-Мураты мардмæ сæхи бакалдтой. Фæлæ, мард æнхъæл кæмæн уыдысты, уыцы буар æнæнхъæлæджы æвиппайды базмæлыд. Фыццаг йæ тугæйдзаг гом, æнæхуд даст сæр схъил кодта, уый фæстæ йæ хъуыр, стæй дыууæ къухæй бæласмæ фæлæбурдта æмæ йæ къæхтыл слæууыд. Йæ цæсгомы хатт, йæ цæстæнгас ахæм тæссаг уыдысты æмæ йæм чи базгъордта, уыдон сæ мидбынаты фыр тæссæй сагъдæй аззадысты. Фæлæ та æвиппайды фестъæлфыд, фæцудыдта, бæласæй фæцух æмæ йын цыма йæ къæхтæ ракъуырдæуыд, уыйау дæлгоммæ ахауд æмæ нал сызмæлыд. 

Уый нал змæлыд, фæлæ ма цыдæртæ æндæвта, æмбæрста. Æппæты фыццаг æм бахæццæ Хаджи-Ага. Дынджыр хъамайæ йын йæ сæр куы ныххафт ласта, уæд æм афтæ зынд, цыма йын йæ сæр дзæбугæй хостæуы, æмæ дис кодта, чи y æмæ цымæ цæмæн афтæ кæны? Уый уыд фæстаг бамбарындзинад, йæ буарæй куы нæма фæхицæн æмæ ма кæрæдзийыл баст куы уыдысты. Уый фæстæ ницыуал æмбæрста, ницыуал æй æндæвта, æмæ йын йе знæгтæ сæ къæхтæй æууæрстой æмæ лыгтæ кодтой, чи ницыуал æмбæрста, æцæгæлон ын чи сси, уыцы буар. Хаджи-Ага йын йæ къахæй йæ сихтыл ныллæууыд æмæ йын дыууæ риуыгъдæй йæ сæр ахауын кодта æмæ йæ иуварсырдæм йæ къухæй атылдта арæхсгæйæ, йæ дзабыртæ тугæй куыннæ сахуырстаиккой, афтæ. Сыгъдæг сырх туг фемæхст, ныппæххæст кодта йæ бæрзæйы тугдадзинтæй сау туг йæ сæры цæфæй, æмæ кæрдæг тугæй нал зынд. 

Карганов уæд, Хаджи-Ага уæд, Ахмет-Хан уæд æмæ милицæ ce ’ппæт дæр, халæттæ холыйыл кæнæ цуанонтæ саджы мардыл куы æрæмбырд вæййынц, афтæ æрæмбырд сты Хаджи-Муратыл æмæ йе ’мбæлтты мæрдтыл. Ханефи, Курбан æмæ Гамзалойы сбастой æмæ топпыхосы фæздæгæй дзаг къудзиты æхсæн, хъæлдзæгæй ныхæстæ кæнгæ цин кодтой, кæй фесгуыхтысты, кæй басастой, ууыл. 

Булæмæргътæ тохы сахат ныхъхъус сты, стæй та сæ зарын, сæ цъыбар-цъыбур ссыд, фыццаг иуæн хæстæгæй, стæй иннæтæн дардæй, кæроны ’рдыгæй. 

 

* * *
 

Гъе уыцы мæлæт мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, цалх кæуыл атылд æмæ кæй ныцъцъист кодта, уыцы хæрæгсындз хуымгонд быдыры астæу. 

__________________________________ 

 

1 Муэдзин — сохтæ. 

2 Мюрид — пысылмон дингæнæг адæймаг, сæрмагонд дины куыст чи кæны, æмæ йæ цард дины сæрыл чи суæлдай кодта. 

3 Mюршид — динамонæг. 

4 Хицон цæцæйнаг. 

5 Топп нæй, кард нæй. 

6 Кънйаз Воронцов нæ æхсызгон хъæуы, стыр хъуыддаг нæ ис. 

7 Ус дын ис? — зæгъгæ, йæ бафарстон. Ис, — зæгъгæ, мын загъта. 

— Сывæллæттæ дæр дын ис? 

— Ис, бирæ. 

— Дыууæ? 

— Дыууæ, — зæгъгæ, загъта. 

8 Иу хъазт къамтæй, зиллаккæй хъазгæйæ. 

9 Салдæтты хæринаг æлхæнæг æмæ койгæнæг. 

10 Шампайнаг сæн. 

11 — Ныртæккæ мын зæгъдзынæ, цавæр хабар у, уый? 

— Фæлæ, мæ хур... 

— Æз дæ хур нæ дæн. Уый дзырдхæссæг уыд. Раст нæ зæгъын? 

— Кæд дзырдхæссæг уыд, уæддæр зæгъын мæ бон нæу. 

— Дæ бон нæу? Уæдæ дын æй мæхæдæг зæгъдзынæн. 

— Цæй-ма. 

12 Кaвaлергaрд — бæхджын гвардион. 

13 Дæ фырт мæ хæлар у. 

14 Ай зынаргъ дзаума у. 

15 Исты æфсон ссарын хъæуы æмæ йæ баххæст кæнын хъæудзæн. 

16 Брегет — хъуыстгонд францусаг мастер Брегеты конд дзыппыдаргæ сахат. Цыдис тынг раст, цал сахаты-иу уыд, уал цæфы иу ныккодта, æвдыста мæйы бонты нымæц. 

17 Уый дын æфсон. Дæ сахат ын балæвар кæн. 

18 Ды хуыздæр бакæнис, куы баззаис, уæд, уый дæ хъуыддаг нæу, мæ хъуыддаг у. 

19 Дæ бон нæу мæн инæлары усы бабæрæг кæнынмæ нæ ауадзын. 

20 Просфорæ. 

21 Лакейты хистæр, хæринæгты æмæ хæрæндоны хицау (уынаффæгæнæг). 

22 Тынг хорз, мæ уарзон къай. 

23 Симоны хъуыддаг хорз цæуы. 

24 Хæст хæсты хуызæн хъуамæ уа. 

25 Уыдон иууылдæр дæ руаджы сты. 

26 Фидары хицауимæ чысыл азæрдæхудт сты. Семен раст нæ уыд. Фæлæ цыдæриддæр хорз у, йæ кæрон хорз цæмæн ацæуа, уый. 

27 Ложæйы. 

28 Театры астæуккаг бадæнтæ. 

29 Мæ хæлар Воронцовы лæвар. 

30 Hyкер — буархъахъхъæнæг (телохранитель). 

31 Haиб — Шамилы рæстæджы хицæн бæстæйы хицау. 

32 Шпорæтæ — бæхджын æфсæдты фадыварцыл вæййынц агайынæн. 

33 Лакейты хистæр. 

34 Крест. 

35 Риуыл даргæ бостæ æмæ æнд. 

36 Францусагау, ома, паддзах. 

37 Йе стырдзинад нырма ныртæккæ æрбаздæхт. 

38 Ам чидæр ис. 

39 Домино — цыппæрдигъон урс гæппæлæй (астæуæй сау стъæлфытæ) арæзт дарæс. 

40 Гувернанткæ. 

41 Чырыстийы динæй католикты динмæ рахизджытæ. 

42 — Польшæ æмæ Кавказ — уыцы дыууæ бæллæхы Хуыцау Уæрæсейыл сæвæрдта. Дарын хъæуы æгæр-мæгуыр 100000 лæджы уыцы дыууæ бæстæйæ алы ран дæр. 

43 — Польшæ загътай ды? 

44 — Цы зæгъын æй хъæуы, уый Метернихы хъуыддæгтæ сты, мах батыхсын кæныны тыххæй. 

45 Дардмæ чи нæ уыны, фæлæ лермæст хæстæгмæ чи уыны, ахæм адæймаг. 

46 Нæй Хуыцау Хуыцауы йеддæмæ. 

47 Тарикат — пысылмон динмæ гæсгæ, ацы дунейы дзæбæхдзинæдтæ кæй нæ хъæуынц, фæлæ мæрдты дзæнæтмæ чи æнхъæлмæ кæсы, ахæм адæм. 

48 Гyрдa — уæлдай хуыздæр гендонæй лемле хорз конд æхсаргард. 

49 Æфсæдтæ сæрдыгон кæм бадтысты, уыцы бынат. 

50 Хæринагдæттæг æфсæдтæн нардуат æгъдауæй. 

51 Хорз. 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»